Текст
                    ДЗУЦЦА ТЫ Хадзы-Мурат
АРБИСТОН
(Фыццаг чиныг)
!
РХИ Мыхуыры хæдзар
Цхинвал
2020


83.3. Осет. Д43 Д 43 Дзуццаты Х.-М. А. Арвистон. - Цхинвал, РХИ Мыхуыры хæдзар, 2020, 304 ф. Ацы чиныгæн йæ дыккаг хай - «Арвистон» - джиппы уагъд æрцыд 1988-æм азы, фæлæ йыл автор куыста æппынæдзух æмæ йæ фыццаг хай мыхуырмæ цæттæйæ баззад Хадзы-Мураты ар- хивы, афтæмæй дзы ис тынг бирæ цымыдисон хъуыддæгтæ æмæ дзурынц цардыл, зындгонд поэт, литературон критик, ли- тературæиртасæг, публицист, тæлмацгæнæг æмæ æхсæнадон архайæджы цард æмæ аивадон фæндаджы райдайæныл. Чиныгкæсæг ыл райгондæй кæй сæмбæлдзæнис, уый ды- зæрдыккаг нæу. © Дзуццати Х.-М. А., 2020 © Оформление. Дом печати РЮО, 2020
1948 аз АЗАР Азар-ма, азар, дæ зарæг, булæмæргъ, райгæ сæумæ. Зæрдæ дæ цинæй у хъæлдзæг, æдзух дæр фæбæллы дæумæ. азар-ма, царды хур хъазы, арвæй тæмæнтæ кæны. азар-ма, а-бæстæ рæзы, рухс коммунизммæ цæуы. Азар-ма, фондзазон рæзы, - уымæй уыдзыстæм хъæздыг. Азар-ма Кремлæй фæлгæсы рухс хур - нæ уарзон фæтæг. Азар-ма, булæмæргъ, хъазгæ - райдзастæй а-бæстыл кæс. Алчи йæ цардæй у райгæ, циндзинад дардмæ фæхæсс. 1948 ОКТЯБРЬ Мæ уарзон буц Ир, æркаст Октябрь дæумæ хæларæй æмæ дæ тавы. Йæ рухс тын тауы йæ фарны армæй. 0, бузныг, бузныг, сæууон рæсугъд тын, - нæ сырх Октябрь!
Ды нын куы радтай, Ды нын æрхастай, Цытджын сæрибар. Нæ рухс, нæ дарæг, æз дæ ныййарæг нанайаууарзын. Октябрь, - рухс бон, дæуыл æз абон кæнын мæ зарæг. 1948 ФÆЗЗÆГ Нал тавы хуры цæст. Даргъ бонтæ ивынц... сæрды тæф байсæфт кæмдæр. Цъæх нæууыл райсомæй халас æрттивы, мæргътæ æфснайынц сæ сæр. Зонынц кæм хъармдæр у уазал хъызт зымæг, - Дард бæстæм къордтæй тæхынц... Колхоз дæр райгондæй ’фснайы йæ тыллæг, дыргътæ рæгъæддæр кæнынц. Фосæн сæ зымæгваг холлаг æрластам, - алкæмæн хъарм бынат ис. Чингуытæ, фыссæнтæ хъæлдзæгæй райстам, - ахуырмæ уайæм цæрдæг, ’гас нæм æрцæуай, фæззæг! 1948
1949аз СТАЛИНЫ МОНУМЕНТ с.СТАЛИНИРЫ Нæ сахары рухс уынгты уайын, Йæ уындæй мæ зæрдæ ныррухс. Йæ фидыц, йæ арæзтæй райын, Æрттивгæ йæм худы зынг хур. Йæ астæу бæрзондæй фæлгæсы Фæтæджы рæсугъд монумент. Йæ фарны цæстæй йæм куы кæсы Нæ Иры зынгзæрдæ поэт. Фæтæджы монумет фæлгæсы, Фарн, амонд хæссæг у йæ каст. Рæудымгæ йæм уддзæф æрхæссы, Йæ бакаст - æнус фендау раст. Нæ зæрдæтæ ноджыдæр - райгæ, Дзыллæйæн - æхсызгон йæ фенд; Фæлгæсы нæ сахарæй дардмæ Фæтæджы рæсугъд монумент! 1949 ФÆСКОМЦÆДИСОН БИЛЕТ Бæллыдтæн рагæй æз, цæмæй Цытджын билет мæ къухмæ райсон. Нæу, уыцы бон нæу рох мæнæй, - Куы фæсидти мæнмæ нæ райком.
Мæхимидæг тыхстæн, зæгъын: Уæд та мæ бафаудтой чысылæй?.. Дæттынц мæм фарстытæ, уæд сын Æз дæр лæвæрдтон дзуапп ныфсджынæй. ...Нывæрдтон зæрдæмæ хæстæг Мæ билет дзыппы æз уæзданæй: - Хæрын дын ард, зынаргъ бæстæ. Кæй йæ фæдардзынæн æз кадæй! 1949
1950 аз НОГЗАРÆГ Дард нæры нæ цины зарæг бæстыл, уайæм размæ - фидæнмæ уæндонæй, хъал бонты мæ райдзаст рухс æхсæвты аразæм нæ хъæздыг цард хæстхъомæй. Æнæкæрон ыстыр ысты нæ тыхтæ! Сахъ фæтæджы хъару æмæ зондæй Басастам цъæх арвы бын нæ зынтæ, - Худы нæм сыгъзæрин хур бæрзондæй. Сомбоны нæ цард, нæ дуг, нæ амонд Калдзысты нæ дунемæ тæмæнтæ! Зарæг дæр у цардмæ гæсгæ абон, Ног зарæг ныззарут, цæй, æмбæлттæ! 1950 БРИГАДИР Сæрттывтой рæсугъд арвы кæрæттæ, скæсæн у, сыгъдæг зæлдагау, ирд. Дыргъдоны, рæуæг исгæ йæ уæнгтæ, Уайы цырд æрыгон бригадир. Уый йæ сæрмæ бæлæстæм æскæсы, Сабыр хъуысы сыфтæрты сыр-сыр. «Рацæуы мæ бригадæ нæ фæзы, кусынмæ та ’рæвналдзыстæм ныр».
Алцыппæтдæр басгæрста йæ разы, Алцы куыст дæр бакæндзæн бæстон. Уый йæ куыст æгæрон бирæ уарзы, - Сомбоны хæрзарæхст агроном. Фæззæгмæ хъæздыг тыллæг æрзайдзæн, Стыр кæритæ ’ртондзæни фæткъуы, Куысты ноджы ног æнтыстмæ уайдзæн, ракæндзæн йæ хорзы кой Мæскуы. 1950 САДЗÆМ ТАЛАТÆ (сывæллæттæн) Мах æмбарæм алкæддæр нæ хæстæ. Æрдз нын ницы ратдзæнис лæвар, уый ыстыр, уæззау тыхтыл нæ бæсты, зон, цæуы кæддæрйддæр нæ бар. Æмæ садзæм талатæ мах райгæ, кæс хæстонтау ныр рæнхъæй лæууынц. Сабитæ, цæй рацæут - та заргæ, фендæр кæнæм зæххы цæсгом-æрдз! 1950 ЭЛЕКТРОСТАНЦ Зæрдæ мæ ног зарæг домы, Айхъуыст нæ хъæубæстыл уац: Хохаг тæлтæг доныл комы сырæзт электры станц. Уымæ бæлгæйæ мах рагæй ерысæй кодтам нæ куыст, алырдæм хъæуæй зæллангæй махæн нæ цины зард хъуыст.
Донæн нылхъывтам йæ рохтæ, Ног фæдыл уымæн - фæндаг. Сарæзтам хуымтæм къанаутæ, аивта хъæуæн йæ уаг: Згъоры дон дзаджджын дыргъдæтты, Худы нæ быдыр, нæ фæз, Райдзаст колхозон хæдзæртты хъуысы Мæскуыйы хъæлæс. Ленины цырагъы рухсмæ амондджын дуджы цæрæм. Стыр коммунизмы æнусмæ иумæ æнгомæй цæуæм! 1950 КЪОСТАЙÆН Мæнгард ызнаг йæ ингæнмæ ныххызти, нæ амонды уæлахиз май æрцыд. Нæ кады зард æгас дунемæ хъуысти, нæ зæрдæты нæ циндзинад нæ цыд. Бæрзонд хæхтыл нæхи Къоста куы фæзынд, йæ цæстыты зæрин стъалытæ сыгъд, йæ цухъхъайы фæджджи сабыр ызмæлыд, сæууон дымгæ йыл хихъæбулау тыхст. Йæ зæрдæйыл æгæрон цин æфтыди, йæ мидбылты уый цадæггай фæхудт: «Мæ Ирыстон, уæлахиз та æрцыди... зæрдæрайгæ, фæрнджынæй мын цæрут!». 1950
1951 аз ФИДЫДАД Нырма ызноны тугкалæн фыдхæстæй нæ рацыди, мыййаг, дзæвгар рæстæг. Нырма æрæджы арты сыгъд нæ бæстæ, йæ сæрмæ, мигъау, бадтис тар фæздæг, фæлæ та ныр фæсденджызаг фыдгултæ æндзарынц ногæй хæсты пиллон арт, цæмæй мæ хуызæн бирæ ’взонг лæппутæ фæуой рæхджы æнафоны æдзард. Рæстдзинад домæм мах - советон адæм, у иу нæ фæнд, ыстæм хæлар, æнгом. Мах не ’ргæмттæ фæсденджызы рдæм дарæм, Гъе, уым ис гъе, хæсткъахджыты хуыкком. Æмæ сын дзурæм: - уæхи нæ дарут хибар, хъысмæтæй уын сау мæлæт æрвыст. Нæ уыдзæн хæст! Нæ уын ратдзыстæм уый бар! Уæлахиз уæнт фидыдад æмæ куыст! 1951 РАЙГУЫРÆН ХЪÆУ Ирд сæрдыгон хъарм изæры дымгæ Урс хæхтæй æрулæфы æнцад... Рацыдтæн зæрдæрайгæ нæ уынгмæ, Хъуысы дардыл радиойы зард.
Райгуырæн хъæу, не ’фсæдын дæ уындæй, Ох, куыд хорз, куыд рæсугъд дæ, уæвгæй! Нал исын мæ цæстæнгас дæ хуымтæй, Байтыгъта сыл йе ’взист тынтæ мæй. Клубы хъазынц ме ’мцахъхъæн фæсивæд, махмæ фаг тых, фаг лæгдзинад ис. Колхозон куыстмæ нæ кæнæм зивæг, У дæ фидæн не ’ппæты бæллиц. Ам фыццаг нæ фыдæлтæ рæстагæй ’рхастой ног дуг, ног советон цард. Мах нæ цудæм уыдон раст фæндагæй, Рухс коммунæ сараздзыстæм тагъд! 1951 ХÆХТЫЛ Райсом. Сæууон дымгæ, уарийау ахъазы, ’рзилы мæ сæрты цæрдæг. Хатт мæ уæнгтæрогæй атæхын бафæнды, Хохаг рæууæлдæф - сыгъдæг. Номхæссæн булæмæргъ зары мæлгъæвзагæй, Хъусы йæм цъитиджын дон. Дидинты адджын тæф зæрдæйы сагайы, Ам мын улæфын - æнцон. Дунейыл райгуырæн, уарзон фыдыбæстæ, Ницы ис, ницы хуыздæр. Гъей, джиди, уымæн йæ риуыл куы фæцæрин Иу æнус, кæнæ фылдæр. 1951
МÆИР Мæ Ир, мæ рухс бæстæ, мæ уарзон, æз дын нæртон поэт нæ дæн, фæлæ дæ ног быдырты абон нæрынц мæ зарджытæ мæнæн. Дæу хонын æз мæ мад, мæ бæстæ, кæнын дæуæн мæ сæр нывонд, дæу тыххæй ратдзынæн æппæт дæр: мæ цард, мæ тых æмæ мæ зонд. 1951 СТАЛИНИР Нæ уарзон сахар Сталинир, дæумæ та нæ хъæуæй æз зæрдæрухсæй æрцыдтæн. Дæ фенын мæн æдзухæйдæр фæфæнды, Йе, афтæ тынг мæ зæрдæмæ фæцыдтæ. Изæрыгон... цæуын æнцад дæ уынгты, дæ комуддзæф мæ цæсгомыл æнкъарын. Цахæмдæр ног тых бацæуы мæ уæнгты, æмæ, фырцинæй, бафæнды мæн зарын. Мæ сæрмæ судзынц Ленины цырæгътæ, Ныхас, хъæлæба, хъæлдзæг худын хъусын. Æрттивынц, авгау, ног арæзт фæзуæттæ, рæудымгæ цадæг наз бæлæсты ’нкъусы. Цъæх арвастæумæ ’взистхуыз мæй ысфардæг, йæ тынты рухсмæ ничи кæсы дисæй, æрмæстдæр уый, хæлæггæнгæ, йæхæдæг нæ сахарæн йæ уындæй баззад джихæй! 1951
1952 аз ХÆЛАРДЗИНАДЫ МОТИВТÆ ИРОН СОВЕТОН ПОЭЗИЙЫ Адæмты ’хсæн хæлардзинадмæ æнусты дæргъы бæл- лыдысты адæймагады хуыздæр фырттæ. Уыцы бæллиц сæххæст Стыр Октябры социалистон революцийы фæстæ. Нæ райгуырæн бæстæ нæ фæтæгтæ В. И. Ленин æмæ И. В. Сталины зондджын националон политикæй фæрцы ссис адæмты хæлардзинады ныфсджын гæнах. «ССР Цæдисы адæмты ’хсæн хæлардзинад, - зæгъы æмбал Сталин, - у стыр æмæ серьезон æнтысындзинад. Уымæн æмæ цалынмæ уыцы хæлардзинад уæвынад кæна, уæдмæ нæ бæстæйы адæмтæ уыдзысты сæрибар æмæ æнæбасæтгæ». Большевикты партийы разамынады бын стыр уырыс- саг адæмы æххуысæй нæ бæстæйы æппæт нацитæн сæ къухты бафтыдис æнæфенгæ уæлахиздзинæдтæ хæдза- радон æмæ культурон арæзтады, уыдон æмудæй æмæ ’нго- мæй цæуынц коммунизмы æрттивгæ бæрзæндтæм. Раздæры Уæрæсейы талынг æмæ мæгуыр къуым, пад- дзахы æфсондзы бын чи хъæрзыдта, уыцы Ирыстон ныртæккæ у дидинæфтауæг, рæзгæ социалистон бæстæ. Ирон адæмæн сæ бон баци нæ Цæдисы адæмты рæгъы ра- цæуын, хъæлдзæг æмæ рухс царды фæндагыл ныллæу- уын, йæ формæйæ националон чи у, йæ мидисæй та - со- циалистон, уыцы ирон культурæ райтынг кæнын. Иры- стоны фæзындис бирæнымæц скъолатæ æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæттæ, культурон-рухсадон уагдæттæ, тынг темптæй сырæзт социалистон хъæууонхæдзарад æмæ бынæттон сæудæджерад. Уыцы æнтыстытæ Ирыстоны фæллойгæнджытæн сæ къухты бафтыдысты æфсымæрон адæмты æххуысæй. Гъе, уымæ гæсгæ æнæнхъæлæджы нæу, ирон советон литературæйы, кæцы органикон æгъдауæй
æнгом баст у нæ адæмы интерестимæ, сæйрагдæр иде- йæтæй сæ иу кæй у адæмты хсæн хæлардзинады идейæ. Ирон литературæйы рагæй фæстæмæ сты патриотикон, адæмты хæлардзинады æмæ æфсымæрдзинады идейæтæ. Суанг Къостайæ райдайгæйæ, ирон литературæйы нæй ахæм раззагон фыссæг, кæцыйæн иудзинад нæ уыдаид, иу кæнæ иннæ адæмимæ, иу кæнæ иннæ адæмы культурæимæ. Ирон адæмы Леонардо да Винчи - Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста стыр уарзондзинады æнкъарæнтæ дардта уырыссаг адæммæ, уый культурæмæ, æвзагмæ, уырыссаг æвзаг уыдис йæ дыккаг мадæлон æвзаг. Йæ уацмысты фылдæр хай дæр фыст сты уырыссаг æвзагыл. Уымæн йæ дунеæмбарынад рæзтис Чернышевский æмæ Добролю- бовы идейæты æндæвдады бын. Къоста ныффыста бирæ зæрдæмæхъарæг æмдзæвгæтæ уырыссаг литературæ, аивад æмæ æхсæнадон архайджыты номыл (Лермонтов, Грибоедов æмæ æндæрты номыл). Уыдон мидæг Къоста æвдисы ирон адæмы уарзондзинад уырыссаг адæммæ, йе стыр хъæбултæм. Йæ зынгæ ралæуды Пятигорскы Лер- монтовы цырт куы байгом, уæд, Къоста, йæ райгуырæн Кавказæн салам дæтгæйæ, Лермонтовы хоны «бæллиццаг сæрибары нысан» «æнусон æнæрхуысгæ рухстауæг», «раст фæндагамонæг æмæ хæлар» æмæ сиды ирон фæсивæдмæ, цæмæй уыдон дæр бауарзой Лермонтовы, уый йæхæдæг нæ тар хæхтæ куыд бауарзта, афтæ. Къоста Грибоедо- вы хоны «диссаджы гени», Островскийы тыххæй та фы- ста, зæгъгæ, «уымæн йе стыр гени йæ ахсджиаг адæмы зæрдæйы никуы амæлдзæн». Къостайæн иудзинад уыдис гуырдзиаг адæм æмæ куль- турæимæ дæр. Уый-иу арæх æрцыдис Гуырдзыстонмæ, гуырдзиаг раззагон адæймæгтæ уыдысты йæ хæлæрттæ, уæлдайдæр та М. Хъипиани. Къоста Хъипианийы амæлæ- тыл цы æмдзæвгæ ныффыста, уым ирдæй зыны поэты уар- зондзинад æппæт гуырдзиаг адæммæ. Къоста уыдис адæмты ’хсæн æмкуысткæнынады фи- диуæг. Æмæ ныр кадджын сталинон дуджы, социализмы бæстæйы адæмтæ сæ къухтæ куы радтой ыстыр уырыссаг адæммæ æмæ æмгуырæй куы сæттынц æппæт ныхдуртæ дæр сæ размæцыды фæндагыл, уæд æхсызгон у Къостайы
ном æрымысын, кæцы уыцы ахсджиаг хъуыддагмæ баха- ста бæркадджын бавæрд. Уырыссаг культурæйыл хъомылгонд сты нæ литера- турæйы классиктæ Гæдиаты Секъа, Брытъйаты Елбыз- дыхъо, Коцойты Арсен, Гæдиаты Цомахъ, Нигер, Хъам- бердиаты Мысост æмæ æндæртæ. Уыдон дæр Къостайау се сфæлдыстады кæддæриддæр уыдысты адæмты ’хсæн фидар иудзинад саразыны фарс. Æвзонг ирон советон литературæ, буржуазон национа- лизмы алы фæзындимæ дæр æгъатырæй тох кæнгæйæ. Къостайы кадджын традицитæ дарддæргæнгæйæ, пат- риотизм æмæ интернационализмæй хотыхджынгондæй фæстаг азты сфæлдыста къорд зынгæ уацмысы адæмты хæлардзинады темæйыл. Поэт Гафез уырыссаг æмæ ирон адæмты хæлардзи- надыл ныффыста сæрмагонд æмдзæвгæты цикл «Уырыс- саг æмбалæн». Ацы циклы поэт цыбыр, фæлæ аив æм- дзæвгæты сныв кодта нæ адæм цахæм хъизæмардзи- нæдтæ бавзæрстой дыууынæм азы гуырдзиаг меньше- виктæ Хуссар Ирыл арт куы бафтыдтой, æлгъаг Джугъе- ли æнæхæцæг адæмы стырæй, чысылæй куы цагъта, уæд. Хуссар Ирыстонмæ меньшевикты чъизи дзæмбыты бын æнхъæлмæ каст гæвзыкдзинад æмæ цагъардзинад. Фæлæ йæ зындзинæдтæй фервæзын кæныны сæраппонд уымæ йе ’ххуысы къух радаргъ кодта стыр уырыссаг адæм æмæ йын сæрибарад æрхаста. Уырыссаг адæмы уыцы зæрдиаг æххуыс ирон адæмæй цæрæнбонтæм никуы фе- рох уыдзæн: Ирыстоиы иронлæджы фырттæ дæуæй ысты, нæуадфидиуæг, бузныг, - зæгъы Гафез «рæнхъон салдат - уырыссаг коммунист- мæ» дзургæйæ. Гафез Уырысы хоны нæ цард, нæ уарзт, дзыллæты «æгайнæг гæнах, сæрибарад хæссæг, фæндаджы цырагъ». Уæрæсеимæ ирон адæмы «иудзинаду туг æмæ ыстæг». Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы Советон Цæ- дисы адæмтæ ноджы тынгдæр стыгуыр сты большевик- ты партийы, уарзон фæтæг æмæ ахуыргæнæг æмбал Ста- лины алыфарс. Тохы арты ноджы тынгдæр сæрыдис æмæ
сфидардæрис адæмон хæлардзинады æнкъарынад. Хæсты быдыры знаджы ныхмæ фæрсæй-фæрсмæ хæцыдысты уырыссæгтæ æмæ украинæгтæ, гуырдзиæгтæ æмæ бело- русæгтæ, хъазахæгтæ æмæ азербайджайнæгтæ, сомихæгтæ æмæ ирæттæ æмæ бирæ æндæр адæмты хъæбултæ. Уы- дон сæрбахъуыды сахаты сæхи кæддæриддæр æнкъард- той иу мады зæнæджы хуызæн. Гъе, уыцы иудзинады æн- къарынад сын лæвæрдта уæлтæмæнон тых дæр гитлерон адæймагхорты кæронмæ ныддæрæн кæныны хъуыдда- джы: Нæ зонын æз, цы нæ хызта мæлæтæй, æрмæст зæгъы ирон æмбисонд афтæ: «хæлардзинад тыхджындæр у æппæтæй», æмæ мæлæт нæ бауæндыди махмæ. Куыд раст æмæ куыд тыхджын аивадон уырнындзи- надимæ зæлынц Гафезы ацы рæнхъытæ! Кадæг «Аминæты» æртыккаг сæры Гафез равдыста украинаг чызг Палинæйы удуæлдай аудындзинад ирон фæцæф уæвæг тæхæг Ауызбийыл. Не ’цæгдзинады ти- пикон чи сты. Ауызби æмæ Палинæйы уыцы ахастытæ кадæджы æвдыст цæуынц, куыд советон адæмы мора- лон - политикон иудзинады æвдисæн. Хæлардзинад! - ахæм у иумæйагæй сисгæйæ поэт Аса- ты Реуазы сфæлдыстады сæйраг темæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ нæ ирон поэттæй Асайы фыртæй фылдæр хæлардзинадыл кæй ничи ныффыста. Иæ чиныг «Зарын Гуырдзыстоны арвы бын», Самгорыл, Къахетыл, Кубаныл, нæ бæстæйы зæрдæ - Мæскуыйыл æмæ Асайы фырты æндæр æмдзæвгæтæй бæрæг у, поэт канд Ирыстоны кæй нæ уыны, фæлæ уый йе сфæлдыстады объектæн кæй систа æппæт нæ адæмты цард æмæ йыл кæй зары мæлгъæвзагæй. Реуаз у адæмты хæлардзинадыл зарæггæнæг. Адæмты хæлардзинад Фидару, æндонау. Карз тохты, зын куысты Райгуырди хæларад, дзыллæты æнтысты сталинон хæларад.
Æгæрыстæмæй ма Реуазæн йе стыр поэмæ «Туджы ’ртахы» бындурыл дæр ис советон адæмты æфсымæр- дзинады идейæ. Поэмæйы хъайтар кубайнаг уырыссаг лæппу Микола бахауд ирон лейтенант Иналььæфсæддон хаймæ. Немыцæгтимæ хъæбатырæй тох кодта æмæ уæз- зау фæцæфы фæстæ бафтыд Сталиниры госпиталмæ. Ам ын ирон чызг Инессæ радта йæ туг, кæцыйы фæрцы Мико- ла раздæхт цардмæ, йæ бон баци Сырх Æфсады рæнхъы- ты слæууын æмæ гитлеронты хуыкком - Берлины басас- ты тохты хайад райсын. Советон адæмы моралон хъæддыхдзинад равдыста поэт Плиты Илья йæ сюжетон æмдзæвгæ «Дыууæ æмба- лы». Уырыссаг хæстон Иван æмæ ирон лæппу Æхсар зна- джы къухмæ бахаугæйæ, мурдæр ницы загътой тугцъир- тæн не ’фсады хæйттæ кæм сты, уымæй, кæд сын фыдми- тæ кодтой, ехсæй сæ надтой, уæддæр. Уыдон æхсынмæ куы ракодтой, уæд мæлæты фæстаг минуты агъоммæ æмдзыхæй сдзырдтой: «Гас цæуæд советон райгуырæн бæстæ!» Фыдыбæстæйон хæст уæлахизæй фæугæйæ, нæ бæстæ стыр куыстадон энтуазиазмимæ æрæвнæлдта йæ цæфтæ æндидзын кæнынмæ. Сталинон цыппæрæм фондзазон нывæзт уæлдайджынтæй сæххæсткæнгæйæ тынг æрæв- вахс ысты фидæны алæмæтон бонтæ. Волга, Днепр, Дон æмæ Аму-Дарьяйыл коммунизмы гигантон арæзтадтæ аразгæйæ, нæ бæстæйы адæмты иууон бинонтæ бонæй- бонмæ кæнынц æввахсдæр æмæ хъомысджындæр. Уыцы бинонты кадджын фынджы сæрæй бады уырыссаг ном- дзыд адæм. Ирыстон рухс цардмæ кæй фæрцы рацыд, уый. Ирон поэттæ дæр ын уымæн кæнынц зæрдæбын зар- джытæ, уымæн ын кад кæнынц сæ хуыздæр уацмыстæй. Мæнæ цахæм уарзондзинадимæ æмæ бузныгдзинадимæ арфæ кæны уырыссаг адæмæн курдиатджын поэт Джусой- ты Нафи йе ’мдзæвгæтæй сæ иуы: 0, бирæ нын цæрат, Уырысы сахъхъ фырттæ, Ныфсджын ыстæм мах дæруæ хъару,уæ ныфсæй. Нæ тохы æрдхæрдтæ, нæ куысты хæлæрттæ. Ирыстону бузныгуæ нæртон æххуысæй.
Æмæ дарддæр: Ирыстоиы рухс цард мах сарæзтам уемæ, Уæуæигдых æнкъарæм куысты дæр, хæсты дæр. Маххонæм Уырысы иæхистæр æфсымæр! Уырыссаг адæмы тыххæй зары æвзонг поэт Мæргъиты Къоста дæр йе ’мдзæвгæтæ «Донбассаг 'мбалмæ»; «Хæлар- дзинад», «Уырыс» æмæ æнд. Æмдзæвгæ «Уырысы» Къоста фыссы: 0 Уырыс, нæ ахсджиаг Уырыс, бирæуæд дæ цардамоид, дæ ныфс! Махæн дæхæлар, æфсымæр,уарзон. Айхъуысти дæ фæрцы дард нæ ном. Мах дæуимæ стыр фæндагыл абон уайæм размæ, фидæнмæ, æнгом. 0 Уырыс, нæ ахсджиаг Уырыс! Нæ адæмты кæрæдзи æмбарынады хъуыддагæн стыр ахъаз кæны æфсымæрон литературæты хуыздæр уац- мысты тæлмацкæнын ирон æвзагмæ. Китайаг стыр адæммæ нæ арф симпатийæн æвдисæн у китайаг поэттæ Сяо Сун-Ю, Ху Бей Жен, Ван Ши-Тян æмæ æндæрты æм- дзæвгæты ирон æвзагыл мыхуыры фæзынд. Журнал «Фидиуæг» систематикон æгъдауæй йæ фæрстыл мы- хуыр кæны ирон поэтты æмдзæвгæтæ, кæцыты æвдыст цæуы Корейы сæрибаруарзаг адæмы хъайтарон тох Ан- глис-Америкайаг рынхæссæг æмæ тугцъир абырджыты ныхмæ. Поэт Гафез ныммыхуыр кодта æмдзæвгæты цикл «Хæстæндзарджытæ-лæгмарджытæ», кæцыран адæмы раз æргом кæны Трумен æмæ уый цъаммар салдæтты фыдмитæ корейаг зæххыл. Корейы тыххæй сæрмагонд æмдзæвгæтæ ныффыстой Цхуырбаты И., Гæбулты М., Нартыхты М., æмæ æндæртæ. Æмдзæвгæ «Хъуыдытæ Ко- рейыл», зæгъгæ, уым поэт Плиты И. зæгъы йæ уырнын- дзинад, тагъд Корей йе знæгты кæй ныппырх кæндзæн æмæ уæлахизад кæй райсдзæн, уый тыххæй: Зонын, æз зонын:уæ бæстæйы сæрмæ Ног хур ыскæсдзæн,уый дард, мыййаг, нæу.
Фæстаг азты уæрæхæй рапарахат нæ Цæдисы æфсы- мæрон поэтты уацмыстæ ирон æвзагмæ тæдмацкæныны куыст. Уыцы ахсджиаг хъуыддагыл æнæзæрдæхудтæй кусы нæ областы поэттæн сæ фылдæр хай. Уæлдай ба- нысанкæнинаг у Мæргъиты К. куыст, кæцы æмхуызон рæхсы украинаг поэт Павло Тычинайы, гуырдзиаг поэт И. Гришашвилийы, абхазаг поэт Д. Гулиайы уацмыстæ тæлмацкæнынмæ. Ирон чиныгкæсджытæ сæ мадæлон æвзагыл кæсынц нæ бæстæйы хуыздæр поэттæ советон патриотизмыл, хæлардзинадыл, фидыдадыл æмæ уарзон фæтæг Сталиныл цы æмдзæвгæтæ ныффыстой, уыдон зынгæдæрты. Поэт Асаты Р. арæхстджын тæлмацы руаджы иронау стыр аивадон тыхимæ ныййазæлыд сталинон премийы лауреат Г. Леонидзейы æмдзæвгæ «Хид», кæцы мыхуыр æрцыдис газет «Коммунисты» æмæ журнал «Фидиуæ- джы». Уым гуырдзиаг зынгæ поэт стыр дæсныйадимæ ныззарыди советон æмæ венгриаг адæмты ’хсæн цы хид - хæлардзинад ис, ууыл. Фæлæ уыцы хид канд советон æмæ венгриаг адæмты ’хсæн нæ уæвынад кæны. Уыцы хид уæвынад кæны советон æмæ зæххы къорийыл æппæт рæстаг адæмты ’хсæн. Сталин сарæзта хид зæрин къухтæй, Уыйууарзонад,уыйу иудзинад! Нæй,уый никæцы знаг ыспырхкæндзæн, нæй, нæ фехалдзæнуый цыфæндыуад! Уымæн алкæмдæр иу ном, иу тых ис, афтæ хондзыстыуый нæ байзæддаг, - социализмæн ууый йæ фидар хид, коммунизмы ’рдæмуый - нæ развæндаг! Ирыстоны поэттæ æппæт сæ тых, сæ бонæй хъуамæ фæлдисой ахæм бæрзонд идейон æгъдауæй хæрзгъæд- джын уацмыстæ, кæцыты фæрцы уыцы хид ноджыдæр ысфидар уа æмæ хуры тынтау тæмæнтæ кала ’ппæт дуне- йы рæстаг, фидыдадуарзаг дзыллæты ’хсæн!
УАНАТЫ КЪАНАУАРАЗДЖЫТЫ ЗАРÆГ Мах - куыстуарзаг, амондджын фæсивæд, райгуырæн бæстæйы сахъхъ фырттæ. Махмæуый кæдæмфæнды фæсидæд, стæм йæ сидтмæ алкæддæр цæттæ Ардæм иу тырнынад, иу фæндимæ ’рцыдыстæм нæ областы къуымтæй, арттивын кæндзыстæм Сталинирмæ Леуахи-дон Згъудеры къуыппæй. Фидæнмæ бæллиц маххоны размæ, Уый тыххæй дæттæм æппæт тыхтæ. Хус быдырты раздахдзыстæм цардмæ, зæрдæ райдзæн дыргъдæтты уындæй. Ардæм иу тырнынад, иу фæндимæ ’рцыдыстæм нæ областы къуымтæй. Арттивынкæндзыстæм Сталинирмæ Леуахи-дон Згъудеры къуыппæй. Къанау æйттæй рæзы. Иу æнтыстæй иннæ ’нтыстмæ ’нæсцухæй цæуæм. Хъахъхъæнæм сабырдзинад нæ куыстæй, Сабыр цардæй буц ыстæм, цæрæм. Ардæм иу тырнынад, иу фæндимæ ’рцыдыстæм нæ областы къуымтæй. Арттивын кæндзыстæм Сталинирмæ Леуахи-дон Згъудеры куыппæй. 1952 КОРЕЙАГÆМБАЛМÆ Цалхы дзаг мæй мæ рудзынгæй æрбакаст, кæлы мæм уынгæй дидинджыты тæф. Куыд хорз æхсæв у! - сабыр æмæ райдзаст, мæ риуы дзаг улæфын рог уæлдæф.
Уынын æз дæу. Кавказы урссæр хæхтæм мæнмæ, мæ хæлар, цыма дæ æввахс. Ысты ныр иу нæ бæллицтæ, нæ фæндтæ, æмæ хæцæм сабырдзинады фарс. Уынын æз дæу, дæ къухы ис дæ хотых, дæумæ ныр акъопмæ ыстъалытæ зынынц. Ды мысыс уым дæ мад æмæ дæ хоты, цымæ кæм ысты, кæнæ цы ми кæнынц? Дæу иу хъуыды нæ уадзы уæгъд мæлæтмæ йæ сæххæсты сæраппонд дæ цæттæ: - уадз, донау, акæнæд мæ туг лæсæнтæ, æрмæст цæрæд мæ райгуырæн бæстæ. Цæрдзæн, уырнæд дæ! У рæстаг уæ хъуыддаг æмæ йын нæй хæсты зынгæй мæлæн. Цыфæнды йæ нæ хурх кæна фыдызнаг, æнусмæ калдзæн ирд хурау тæмæн. Ды та, ыстыр зындзинæдтæ быхсгæйæ, уæлахиздзинад райсдзынæ, æмæ дæ адæмы сæрибарæй уынгæйæ, æрцæудзынæ дæ райгуырæн хъæумæ. 1952
1953 аз ЖУРНАЛ «ФИДИУÆДЖЫ» ГУЫМИР РÆДЫДТЫТЫ ТЫХХÆЙ Алкæмæндæр зындгонд ысты нæ партийы XIX съез- ды æмбал Г. М. Маленковы бацамындтæ: раст нæ уаид афтæ хъуыды кæнын, зæгъгæ, нæ советон æцæгдзинад нæ дæтты æрмæг сатирæйæн. Мах хъæуы, нæ царды цы- дæриддæр иппæрццагæй, æмбыдæй, æндзыгæй ис, нæ размæцыдыл нын цыдæриддæр фæстæмæ хæцы, - æппæт уыдон сатирæйы цæхæрæй чи судза, ахæм советон Гогол- тæ æмæ Щедринтæ. Партийы ацы æрсидтæн дзуапп дæтгæйæ, нæ советон литературæйæн йæ къухты бафтыдис зынгæ æнтысты- тæ. Бирæ фысджытæ се ’ргом аздæхтой сатирæмæ æмæ æнтысгæйæ кусынц литературæйы ацы ахсджиаг фа- дыджы. Журнал «Фидиуæг» мыхуыркæнын райдыдта сатири- кон æмдзæвгæтæ, радзырдтæ. Уыдон æргом кæнынц къæрныхты, социалистон хиисад паплойгæнджыты, мо- ралон æгъдауæй хæлд адæймæгты, бюрократты, лодыр- ты æмæ расыггæнджыты. Журналы 9 æмæ 10 номырты мыхуыр æрцыд 7 сати- рикон æмдзæвгæйы. Уый чысыл нымæц нæу. Фæлæ, хъы- гагæн, уацмысты нымæц æмæ ас нæ бæлвырд кæнынц уыдон гъæд æмæ тых. Журналы сатирикон æмдзæвгæтæ фыст ысты ныртæккæ хъæуæг темæтыл, фæлæ уыдон сæ ахадындзинадмæ гæсгæ сты бынтондæр лæмæгъ. Цæвиттонæн райсæм Санахъоты Вл. æмдзæвгæ «Гола- йц фæсмон». Бæрæг у, автормæ юмористы æвзыгъддзи- над кæй ис, уый. Æмдзæвгæйы ис тыхджын худæг бы- нæттæ. Расыггæнаг йе ’мбæлттимæ ныррасыг æмæ сæ хæ- дзары къæсæрмæ бацыд, фæлæ йæ нал базыдта:
кæрты дуар хойы... рахызт æм йæ къай. - бахатыр кæн, - дзуры, - ацы ран кæмуыдзæн Голайы хæдзар, Омæхойыхай? Уый иттæг хорз у, фæлæ æмдзæвгæйы кæрон нæ бæззы. Гола райсом куы ’рæрвонг уæд фæсмон кæны: Фесæфтон мæ цæсгом, нал бæззын лæгæн. Ацы нозтæй царды фидиссаг фæдæн. Фарстæуы: кæд Гола æмæ Голайы хуызæттæ сæ рæ- дыдтытæ зонынц æмæ раст фæндагыл лæуд ысты, уæд ма Санахъойы фырты цæмæн хъуыдис сатирæ фыссын? Ацы автор арæхсы сатирæ фыссынмæ, æрмæст уацмыс фысгæйæ, уый хъуамæ йæ зæрдыл дара цæй тыххæй фыссы уацмыс æмæ дзы цы пайда æрхæссынмæ хъавы æхсæнадæн. Нæ сатирæ нырма фæстæзад кæй у, уымæн хорз æвдисæн у Харебаты Иваны æмдзæвгæ «Хæлæрттæ». Æм- дзæвгæ иуæй æгæр хæццæ - мæццæ у, иннæмæй та æгæр даргъ у, поэты равзаргæ ситуаци-фынæйæ бæласимæ ны- хæстæ кæнын кæсæджы нæ уырны. Расыг лæг ма фын- тæ кæд уыдта. Уымæн йæ зонд уыйбæрц фесæфы, æмæ фынæйæ мардæй хъауджыдæр ницы фенкъары. 'Мдзæвгæ бакæсгæйæ, адæймаг фæдызæрдыг вæййы: цæмæн бахъуыди авторы ахæм цау афыссын, цы зæ- гъынмæ дзы хъавыди? Æмдзæвгæйы нæй авторы ахаст афысгæ цаумæ, æмæ уымæ гæсгæ йæ сатирæ рауад зæронд бирæгъау æнæдæндаг. Санахъоты В. æмæ Харебаты И. æмдзæвгæтæ бакæс- гæйæ гæзæмæты дæ мидбылты бахуддзынæ, фæлæ зо- нын хъæуы уый æмæ сатирикон уацмыстæ уымæн фыст нæ цæуынц, цæмæй адæм сæ мидбылты худой, цæмæй адæм сæхи ирхæфсой. Сатирæ у царды цыдæриддæр иппæрццагæй ис, уыдон æнæрхæцгæйæ бындзарыл чи
дасы, ахæм сæрдасæн. Махæн та ацы хъуыддаджы нæ по- этты сæрдасæнтæ нырма къуымых сты. Бындзарæй нæ дасынц Мæргъиты Къостайы сатирикон æмдзæвгæтæ дæр. Æцæг уыдон иннæ сатирикон æмдзæвгæтæй хæрз- гъæдджындæр ысты. Мах зонæм «Цæлой» советон уаг- доны кусæг кæй у. Уый типикон фæлгонцы Къоста канд фыдрасыггæнæджы не ’ргом кæны, фæлæ ма формалисты æмæ бюрократы фæлгонц дæр. Дыуымæ исты хъуыддагмæ фæзындтæ, Цы сараздзæи?Зындгонд, даммын ысты Иттæг раст зæгъы поэт. Формалистæн æмæ ницы- æмбарæгæн алцыдæр «зындгонд у». Къоста ахæм фæс- тæзад адæймæгтæн сæ гамхудтæ сæ сæртæй тоны æмæ сыл адæмы раз худы. Уый Санахъоты В. æмæ Харебаты И. хъауджыдæр йæ хъайтартæм йæ ахаст ирдæй æв- дисы. Поэт фыссы, зæгъгæ, цæмæй кæна хъæздыг æмæ рæсугъддæр нæ цард, уый тыххæй Цæлойы хуызæттæн махмæ хъуамæ ма уа бынат. Гъе, фæлæ зæгъын хъæуы уый, æмæ уыцы ахаст æр- мæст кæронбæттæн ныхæстæй æвдыст хъуамæ ма цæуа. Уый хъуамæ æвдыст цæуа æнæхъæн æмдзæвгæйы, поэ- ты интонаци æмæ хъæлæсы уагæй. Сатирикон æмдзæв- гæйы хъуамæ уа кæнæ тынг юмористон интонаци, кæн- нод та тынг карз æмæ тызмæг интонаци. Къостамæ уыдонæй иу дæр нæй, æмæ уый мидæг ис йе ’мдзæвгæйы сæйраг хъæндзинад. Автор æгæр æнæныфсхаст, æгæр фæлмæн зæрдæ у. Цыма поэт бынтондæр ницæуыл тыхсы, цыма йæ уар- зоныл уæздан æмдзæвгæтæ фыссы, раст ахæм хъуыды сæвзæры кæсæгмæ мæнæ ахæм рæнхъытæ кæсгæйæ: æмæ цæй тыххæй,уый тауын, æмбæяттæ, æз хъуамæ ацы мдзæвгæйы зæгъон. Кæнæ: Бæлвырдууый, мæ хæлæрттæ, мæ хуртæ...
Уый цæй сатирикы интонаци у! Автор хъуамæ дзура æцæг сатирикы хъæлæсæй, карзæй æмæ тызмæгæй. Нæ поэттæ сæ сатирæйы тых капитализмæй цы баз- зайæццæгтæ ис, æрмæст уыдон ныхмæ не здахынц. Уы- дон фыссынц нæ Цæдисы æддагон знæгты ныхмæ дæр, дунейы мидæг.ног хæстæндзарджыты ныхмæ дæр. Уый иттæг раппæлинаг æмæ ахсджиаг хъуыддаг у. Нæ ирон поэттæн сатирæйы ацы фадыджы цыдæртæ саразын бантыст. Фæлæ æмткæй куы зæгъæм, уæд нырма махмæ цъус ис хæрзгъæдджын æмдзæвгæтæ империали- стон хæстæндзарджыты ныхмæ. Нæ поэттæн се ’мдзæв- гæты иуæй-иу хатт иумæйаг ныхæстæ æмæ иумæйаг фæ- хъæрты йедтæмæ ницы вæййы. Ам цæвиттонæн æрхæс- дзыстæм Тыджыты М. æмдзæвгæ «Хæстæндзарджытæ»: Стонг бирæгъауулæфт нæ арынц æхсæвæй, бонæй, фыдхæст ракъахын æдзух фæлварынц - фæсфæд, æргомæй... «Сæ ныфс у доллар, агенттæ ’ххуырсынц», фæнды сæ хæст, фæлæ сæ мах нæ тæрсæм, «нæ ныфс ыстыр у!». Æмдзæвгæ у нейтралон æмæ аморфон. Уый бæсты поэт чысыл конкретон фæлгонц, конкретон ныв куы радта- ид æмæ уымæй исты хатдзæг куы сарæзтаид, уæд бирæ хуыздæр уыдаид. Поэт Плиты Илья цы уацмыстæ мыхуыр кæны, уы- донæй бæрæг у, поэт æнæхъæнæй сатирæмæ кæй аздæх- тис. Уый диссаг нæу. Фæлæ уымæй диссагдæр та уый у, æмæ Плийы фырт хаттæй-хатт сатирикон уацмысы хуы- зы кæй мыхуыр кæны бынтон аполитикон æмæ антисо- ветон уацмыстæ. «Фидиуджы» 10-м номыры Илья ныммыхуыр кодта цахæмдæр аргъау - «Домбайы хæст», зæгъгæ. Уым дуне- йы мидæг стырдæр паддзахадтæ æвдыст цæуынц сырд- ты хуызы: домбайы хæст - фыдыбæстæйон хæст, домба- йы хуызы æвдисы Советон Цæдисы, бирæгъ, рувас, тæрхъус æмæ æндæртæ та - капиталистон бæстæтæ. Ацы сырдтæ домбайы ныхмæ схæцыдысты. Домбай сæ ныд- дæрæн кодта æмæ сæм ныр дзуры:
Кæнат ма искуы сымах тыхтона, уæдмын, зон, додой кæндзæнуæ къона! Илья Фыдыбæстæйон хæст æмæ ныртæккæ дунеон уавæр равдисыны хæс йæ разы æрæвæргæйæ, ацыдис иууыл æнцондæр фæндагыл æмæ æруагъта стыр поли- тикон рæдыдтытæ. Цæвиттон, мæнæ сырдтæ бæрзонд ранæй кæсынц Домбай кæм цæры, уырдæм. Автор фыссы: Дæлийау комы раст тулдзджын фæзы Домбай куы хъазы дзæбæх йæхицæн. Лæууы йæ фарсмæ Ыстыр саджы мард. Ацы рæнхъытæ сырдты æвзагæй адæмы æвзагмæ куы ратæлмац кæнæм, уæд нысан кæнынц: Советон Цæ- дис (Домбай) цæгъды æмæ сын сæ удæй хъазы фиды- дадуарзаг - ницыгæнæг адæмæн (Саг). Эксплуатаци сæ кæны æмæ цæры сæ фæллойæ. Кæм ис ам советон поэты политикон æмбарынад! Цы хатдзæгтæ хъуамæ сараза ацы уацмысæй советон чиныгкæсæг? Æмæ ам хъуыддаг æрмæст зыгъуыммæ идейæтыл нæ фæуд кæны. Уый йæ уацмыс ныф- фыста искæмæй райсгæ интонацитæ æмæ фæлгонцтыл. Мæнæ Къостайы æмдзæвгæты дзырдты хуызæн рæн- хъытæ: Домбай тыхджын кæйу, ’ Уый чидæриддæр зоны. Мæнæ уыдон та Секъайы дзырдты хуызæн: ...рувас зæндджын хуызæй æрбадт сæуæлхъус къæдзæхы раз кæронæй, хурварс. Кæнæ Нигер: Дæлийау, комы Раст тулдзджын фæзы Домбай куы хъазы дзæбæх йæхицæн.
Ахæм методтæй пайда кæнынц æрмæст плагиаттæ. Плийы фырт пайда кæны фыдæлтыккон поэтикон ар- сеналæй, зæронд примитивон хæццæ-мæццæ амæлттæй, уый ног аивад нæу, уый у мæрдты удæгас кæнын. Ног дидинæфтауæг дуг æвдисын хъæуы ног аивадон фæрæзтæй. Илья та нæ литературæйыл хæцы фæстæмæ. Афтæмæй чиныгкæсджыты хъомыл кæныны бæсты ныл- лæг кæны уыдонæн сæ эстетикон æнкъарынад. Гъе, уымæ гæсгæ аргъау «Домбайы хæст», æмæ канд уый нæ, фæлæ ма журналы ацы номыры ис æндæр ахæм уацмыстæ дæр, советон æцæгдзинад чи зыгъуыммæ кæны. Ацы ницæйаг сатирæ ныммыхуыркæнгæйæ, журнал «Фидиуджы» ред- коллегии æруагъта стыр гуымир политикон рæдыд. Сатирикон уацмыстæн уæлдæр цы анализ скодтам, уымæй хатдзæг аразгæйæ, банысан хъæуы уый, æмæ жур- нал «Фидиуæджы» редакци æмæ æмткæй йæ редколлеги кæй не мбарынц советон аивадон литературæйы раз пар- ти æмæ сæрдарад цы стыр ахсджиаг хæстæ æрæвæрд- той, уыдон, æмæ уымæ гæсгæ журнал дзуапп нæ дæтты нæ советон чиныгкæсджыты æдзух рæзæг домæнтæн. 1953 * * * Мæнæн цыдæр, дæуыл куы фембæлдтæн, Уæдæй нырмæ нæ кæны фаг. Уæдæй нырмæ мах фестæм не ’мбæлттæн, Нæ сыхы устытæн дзырддаг. Мах федтой иу хатт иумæ ацæугæ Æмæ - куыннæ æрхæссой фау!- Уайтагъд æрцыдысты сæ хатдзæгмæ: - Нæ, дам, сæм ис æфсæрм, æгъдау. Ды уыцы дзырдтæ хастай зæрдæмæ, Æхсæв-иу нал кодтай фынæй. Цахæмдæр тас дæ уæнгты ’взæрд æмæ Ды бамбæхстай дæхи мæнæй.
Зæгъ-ма, цы хъусыс искæй дам-думтæм, Кæд ма уыд дам-думтæй æххуыс, Æмæ дзæгъæлы, зæгъ, дæ уадултæ Цæмæн кæнынц фæлурс, фыдхуыз. Цæмæн æрвитыс ныр æнкъард бонтæ, Цæмæн хæссыс дæ риуы маст? Æрцу мæм, цæй, - мæ цард, мæ амонд дæ, Æрцу мæм, цæй, мæ хуры скаст. Хъорнис, 1953 * * * Æмбисæхсæвæй ахызт. Уынгты нал ис адæм, Фæхаста алчи хуыссæнмæ йæ сæр. Мах бæлæсты бын даргъ бандоныл бадæм, - Нæ зонæм, хорз у уый, æви æвзæр. Фæлурс мæй худы арвы рухс быдырæй, Цъæх таргъуызæй зыны нæ разы нæуу. - Цæй, ацæуæм, - зæгъыс мын ды сабырæй, Дæ цæстæнгас та дзуры: - Нæ, фæлæуу. Æмæ нæ фæнды мæн ныртæккæ дзурын, Нæ алыварсу алцыдæр æнцад. Æз райсоммæ фæбаддзынæн дæ цуры, Æрмæст мæ цуры райсоммæ фæбад. Хъорнис, 1953 * * * Æз мысын дæу. Мæхинымæр Фæдзурын: «Эх, тæхуды ’мæ Дæуæн дæ разы иучысыл фæу!
Ныттухин дæ мæ хъæбысы Æмæ зæгъин: - Мæ уды мæт, Мæ цардамонд æнæхъæнæй дæу у!» Мæскуы, 1953 ПОЭТÆМÆБРИГАДИР Поэты кæд зæрдиагæй нæ фæндыд, Уæддæр колхозонтæм æрцыд. Йæ уæлæ урс фæлмæн дзабыртæ уыд, Æмæ ставд кæрддзыхты ’хсæнты Уый хъавгæ, арæхстгай лæууыд. Цъæх арвмæ сарæзта йæ цæсты ’нгас. Комбайны цур, колхозонты раз Ыслæууыд растæй æмæ сын Йæ æмдзæвгæ райдыдта кæсын: «0, уæлæ уыцы стъалытæ, уæ низтæ, Æз уæм кæнын æдзухæй дæр тæхуды; Цæмæй стут, сыгъзæринæй, æвзистæй, Уæ уындæй зæрдæ райы æмæ худы». Уый касти афтæ... Æмæ куы фæци, Уæд аздæхт - чи фæрсы ’рдæм, чи фæстæмæ, Цыма тынг бафхæрдтой кæрæдзи... Сæ къухтæ сцагътой чидæртæ гæзæмæ... - Мæ хæлар, хорз дæ, - бригадир поэтæн дзуры, - фæлæ ныууадз, Ныууадз, æргъæвст каркау, дæ базыртæ цæгъдын. Æнæхъуаджы цы кæныс рæстæг хардз. Дæ раныхас цы пайда уыд? Зæгъ нын... Ды ахæм ныхас, ахæм дзырд нын зæгъ,
Цæмæй æрттива райсом халсæрттæй æртæх, Фæркгай кæмæй хæлы æрзæтгуыбын къæдзæх, Зæрин мæнæу кæмæй кæна нæ бункермæ сæх-сæх, Цæмæй фыца, Цæмæй фæйлауа, уæрæх, Тызмæг фурдау, нæ уарзт, нæ зæрдæты фыдызнагмæ фыдæх, - Йе ахæм ныхас, ахæм дзырд нын зæгъ! - Поэт ныджджих. Йæ хуыз бынтон фæцыди. Сыд фæткъуыйау æрмызт йæ хид. Лæууыди сагъдæй, стæй куы бамбæрста, цы рцыди, - Сæхимæ айстауырдыгæй йæхи, тыхæй улæфгæйæ, уæлæмæ скæсы - цармæ, Сæ къултыл уардиты хуызтæм кæсы. Æрлæууыд къуымы - чингуыты тæрхджыты фарсмæ Æмæ сыл цадæггай йæ цæст хæссы. Йæ фынджы цур æрбадт. Райста сыф, уæд сис... Фæлæ нæй, ницы - ницы æрцыд сæрмæ. Йæ уынæргъын, йæ рафт-бафт дзæгъæлы уыдис, Дзæгъæлы удхар фæкодта бон-изæрмæ... Ысбони. Райхъал алцы дæр: мæргътæ, хортæ... Поэтдæр сыстад. Сæ тигъæй ракасти уырдыгмæ. Æмæ куы федта, колхозонтæ къордæй
Куыд авнæлдтой уæнгрогæй зад мæнæу кæрдынмæ, Уæд уайтагъд акалдтой йæ цæстытæ цæхæртæ, Йæ дыууæ къухæй февнæлдта йæ риумæ. - Кæдæм цæуон ныхасагур? Кæдæм? Нæхимæ? Нæ! Дæлæ уырдæм - быдырмæ! - Æмæ нæ фæтарстис йæ къæхтæн, Уый азгъордта цæрдæг йæ хорз хæлæрттæм, Йæхъонагъ лæг- ызноны бригадирмæ! Мæскуы, 1953 * * * Нæу алкæмæн мæ зæрдæйы дуар гом Æмæ нæу уырдæм алкæй бон ныккæсын. Уым ис дæ хуыз - дæ хурæйсыгъд цæсгом, Æз уый æдзух, хуыснæггагау, æмбæхсын. Зынг хур æстулы иу хохы бынæй Æмæ ныттулы иннæ хохы рагъæй... Зæххыл рæстæгæй растæвзардæр нæй, Уый равдисдзæни, чи куыд уарзы махæй. Мæскуы, 1953 ДЗУРЫ ФÆСКОМЦÆДИСОН ЕРАСТ - ЦÆУЫЛ ФÆЦИС ФЫРДÆИМÆ ЙÆ УАРЗТ Мах базонгæ стæм, кæйдæрты загъдау, афтæ, Æнæнхъæлæджы, ногбоны изæры. Мыдгъуыз дзыккутæ, сау цæстыты хаутæ,
Цъæхсисджын худ фæрсæрдæм кондæй сæрыл - Кæсынæй дæр кæм æфсæстæн сæ уындмæ! Тыхджындæр кодтой зæрдæйы цæвын. Кæмфæнды дæр нæ уыдаин, - фæндыд мæ Фырдæимæ уæвын, Фæндыд мæ, æз цы нæ зонын, цы зонын - Æппæтыл дæр: Мæскуыйыл, Гурыл, Дунейы скондыл, абоныл, æзноныл Æмæ поэттыл йемæ дзурын. Æмæ дын иу хатт парчы бадæм иумæ. Фырдæ рæуæг зæлдаг къабайы уыд. Æмæ йæ æз æрбалвæстон мæ риумæ, Мæ цæсгом, растдæр пиллон артау, сыгъд. Уый каст мæнмæ сабыр, æнцад-æнцойæ, Фæлæ мæ стæй уый райдыдта фæрсын, Куыд цæрын æз, цы нæм ис, мулк - фæллойæ. Нæ цардуавæр æнцон у æви зын, Стæй ноджы, - æз куы фæуон ахуыр, Уæд цас исдзынæн: мин æви фылдæр? Æз бандзыг дæн! Мæ цæстытæ уыдысты дзагъыр, Фæлæ уыдтæн фыдсаугуырмæй куырмдæр. Мæ къухтæй йын йæ уазал цæнгтæ суагътон, Зылди сæ мидæг туджы бæсты дон, Æмæ йын æз мæ фæстаг ныхас загътон, Æз загътон уымæн иу ныхас: хæрзбон! Æмæ дзы ацыдтæн. Уый баззад парчы. Нæ зонын, уым кæдмæ фæцис, куыдæй. Æз ацыдтæн æрра, æзнæт фæранчы Тызмæг санчъехтæй, тасуадзæг цыдæй. Гъей, гъей, мæнæуи, ’ркæс, æркæс дæ уарзтмæ, Сыгъдæг æй дар, дæ тых дзы кæн дывæр, Æмæ йын цард-цæрæнбонтæм йæ фарсмæ Алмазау цыргъ Фыдæхдзинад нывæр! Мæскуы, 1953
НÆ МÆ ’ВДÆЛЫ Сæрдыгон къаты бон. Рæсугъд, æфснайд уат. Хур рудзынгæй кæсы Сæрдар йæ бандоныл фæстæмæ абадт æмæ йæ хынцæджы фæрсы: -Уæ чындзæхсæв куыд уыд, Барис? - Ды дæр ма уым куы уыдаис, - Барис ын хинæйдзагæй загъта æмæ йæ рихитыл йæ къух æруагъта. - Ныййæфтон дзы нæ бригадир Иласы, чьждзæхсæвты «хъуыддæгтæ», ’гъдæуттæ зонæг. ныккалдта нын уый алцыдæр нæ разы - сырх сæн зæгъай, хæбизджынтæ, физонæг. Мæ къæхтыл дæр куы уыдаид гуыбынтæ. Сæрдар Асланбег асдæрдта йæ былтæ. - Уый хорз у... Нуазын, хъæлдзæгдзинад, зарын... Фæлæ нуæзты фæстæ сасирвæд хъæуы. - Мæт ма кæн, Аслæ, уый бæрц ма æмбарын, цæттæ та мын у Уæлвæзы хъæуы... кæд дæ нæ ферох, иу къуырийы размæ цы мæнæу радтам хордонæй Иласмæ, Ызнон мын уый кой чындзæхсæвы кодта, йæ бинойнаг цы хорз арахъхъ ыскодта. - Æцæг зæгъыс? - Мæ фыдыстæн, нæ сайын. Æнæмæнг нæ хъæуы уæдæ ысуайын. Цæлуарзджытæ нæма фесты уынаффæ. Цæгдæр Уасил æрб’амидæги афтæ. - Цытджын сæрдар, - Уасил зæгБЫ мæстыйæ. - Цы кодтай? Зæгъ, цы мæм æрхастай ногæй? Уасил фæцырд: - цы, цы куы зæгъай, уæд чи ратдзæни махæн хор æввонгæй? Нæ хуымтæ сæфынц æнæфснайдæй, дзæгъæлы. Æгæр ныххус сæ нæмыг æмæ згъæлы. Илас ам нæй. Кæм ис? Кæцæй йæ рхонæм? Кæмдæр хæты æмæ нуазы. - Дæ цæст æй бафхæрын куыд уарзы? Уый мах сыгъзæрин лæгæй зонæм, -
Барис йæ ныхас баппæрста уайтагъддæр, - Цæмæй фæнды йæ зонут, фæлæ цалдæр нæ колхозонтæй нал цæуынц куыстмæ. Нæ бригадиры, дам, фæзмæм ныр мах дæр. Цу, ацу мæ сæ ’рæвæр ныр «æхстмæ!» * * * Æвæдза, хорз уаид, мæ кæсджытæ-хæлæрттæ, цæмæй Аслæнбегтæ, Иластæ æмæ ’ндæртæн, - Нæ дугæн чи нæ у æмбæлон, - рæхджы куы скæниккам сæ кæрон! 1953 МЫСТ ÆМÆ ЙÆ ЛÆППЫН Райцентрæй дард ран, комы, йæ дуар бакæнын кæмæн нал комы, иу ахæм кæсæндоны боны дыууадæс æмæ ’рдæгыл мад мыст æмæ йæ лæппын чингуыты тæрхæгыл ныхаскæнынц æнæмастæй сæхицæн. - Цымæ кæм исуæдæй нырмæ йæ хицау? - фæрсы цыбæлæй лæппын мыст йæ мады. - æвæццæгæн сæхимæ хъармы бады. - Нæ, нæ, Æна, дæлæ-ма дæлæ... рудзынгæй кæсы. - Лæппын мыст амоны йæ къухæй, - тæрсын æрбацæудзæн æмæ нæ рцауындздзæн нæ хурхæй, Цъысс... цъысс... мæ ныфс, дæ удæн сабырдзинад радт, - æнцад кæны йæ буц лæппыны мад. - Гъеныр дæр та куы фездæхы фæстæмæ дæхи цы тæрсын кодтай уæд. Искуы йæ куы фениккам хæстæгмæ,
уый сылгоймаг нæу, фæлæ у зæд, йæ фæрцы алцæмæй æххæст ыстæм, нæ къухы дзаумæттæ - ыстæм: радио, шахмæттæ, фыссæн фынг... Хæлар зæрдæ у, мадзура, æнæхъыг. Цымæ ма уый хуызæн дунетыл искуы ис? - йæ ныхасууыл мадæл мыст фæцис. Æстæй ысбырыдысты «Тихий Донмæ» - тæрхæгыл æвæрд иууыл стырдæр томмæ. - Уыныс, мæ хъæбул - загъта мад мыст, - цынæ фæкодтам амæн дысон бонмæ, фæлæ нын дзы нырма цы бантыст... Лæппын мыст баныфсджын, фæхудт йæ мидбыл, йæ къухтæ акодта дзуарæвæрд йæ риуыл: - Цы тагъд кæнæм, нывæзт нын нæй, мыййаг, цæмæй йæ абон скъуымбил кæнæм иууыл. Мæнмæ гæсгæ йын фестæм, Æна, фаг. Уæллæй, нæ цардæй хуыздæр нæй, æрхуысс æмæ уал акæнæм фынæй. * * * Мæ кæсджытæ, зæнджынтæй уын мæхи нæ хонын, мæ рæнхъытæ уæм чизоны æнæбары кæсынц, фæлæ кæсæндæттæ æз бирæ зонын, цыран мыстытæ паддзахиуæг кæнынц. 1953
1954 аз ИУМÆ Поездуайы. Мæ ныхмæ бады китайаг СуДэ. Кæсæнцæстджын. Йæ къуыпп уадулыл - нуæс. Уый абон - Мæскуыйы студент, Æзнон йæ уæхсджытыл хаста революцийы уæз. Уый лæмбынæг æрбакаст мæнмæ; - Ды уырыссаг нæ дæ? -Нæ,- æз раттон дзуапп. - Уæдæ? -Æз ирон дæн. - 0, уæд æз уæ уазæг куы дæн; Æз уæ хæхты уынымæ цæуын, 0... фæлæ... æз нæ зонын, цы уæлдай ис уырыссагæй æмæ дæуæй? Æз мæ мидбылты худын æмæ йын зæгъын: - Ницы: Махæн уырыссæгтæй равзарæн нæй. - Æцæг, æцæг, - китайаг æсразы Æмæ чиныг райгом кодта йæ разы.
Уым - зæххы къуымты алкæмæн зонгæ цæсгом - Ленин! - худæндзаст, рухс, æргом. - Уый мæ царддæттæг у, - китайаг зæгъы, - æмæ йæ куы фенын, Уæд мыл цыма ’рбафты уæйыджы æхсар. Е, мæ хæлар, Уырыс æмæ Ленин! - Ацу æмæ ма æнæ уыдон амонд æссар. Æз Уырысы, куы уаид гæнæн, уæд нылхъивин мæ риумæ, Стыр бузныг ын зæгъин, уадз кæддæрид цæуæд æгас! Уый нæ уыд, зæгъгæ, уæд мах нæ бадиккам ацы ран иумæ Æмæ иумæ нæ кæниккам уарзон ныхас. Мæскуы, 1954 ФЫСТÆГ Нæ зонын æз, цы дыл æрцыд, мæ иукоймаг, Æнхъæл дæн æмæ фесæфтай дæ намыс. Дæ зæрдæмæ, дам, нал цæуы дæ бинойнаг Æмæ, дам, æй йæ цæгатмæ ныр уадзыс.
Нæ зонын æз, быцæуæн уæм цы хъуамæ уа, Уæ чындзæхсæв нырма куы уыд æзнон. Ныццавтой мæ дæ хабæрттæ, цырагъ хъамайау, Æмæ дын хъуамæ ныр мæ маст зæгъон. Хъуыды кæныс дæ иухатты æрæгмæ цыд Цъæх цады был уæ нысангонд бынатмæ. Æнхъæлмæ дæм кæсынæй дæр нæ фæлмæцыд, Дæ уарзон каст йæ сау цæстытæй цадмæ, Цыма уыдта ды уырдыгæй æсхизинаг, Дæ мидбылхудгæ, аргъæутты хъайтарау, Æмæ зæгъинаг: «0, мæнæ мæхи Зина! Фæкæс-ма мæм, дæ къух мæм авæр, мара!..» Ды ’рæджиау æрцыдтæ. Уый дæм не смæсты Уыдтæ цыдæр æстъæлфаг, уазал, онгмард. Уый уарзта дæу æмæ дæ уарзтæй не ’фсæсти Ды та? Уыдтай дзы ’рмæст æвзонг буар. Фæлæ куы бафæнд кодтай ускурын (Нæу ускурын дыччыйæ хъазын), Уæд-иу æй барстай мæйыл æмæ рухс хурыл Мæ удæй, дам, дæ бирæ фылдæр уарзын, Гæды дзурын дæ цæсгом та куыд хъæцыд? Зæгъ-ма мын, ахуыргонд, уындджын лæг. Йæ уарзтæн дæм дзуаппон уарзт куы нæ уыд Уæд дзы, мæнгард, цæмæн кодтай хынджылæг? Æз ницы дæн дæуæй æппын æмбæхсинаг Цæстæй-цæстмæ æргом дзурджытæй дæн Саламы бæсты айс мæнæй фыдæхдзинад Æндæр мæм ницы ис дæуæн Мæскуы, 1954
* * * Мæ хæлар, дис кæныс мæныл: Æз уарзын ам лæгъз уынгтыл уайын цадæг, Изæрæй рухсытæ - фæрдгуыты хæлтты ризын. Æз уарзын ам метройы уддзæф - сатæг, Æрвыл бон æм мæ хæдзарау ныххизын. Æз Ирæй ардæм тахтæн маргъау рогæй, Мæскуы æдзух æлвæста мæн йæхимæ. Æрцыдтæн æм - æмæ ныр ам та, ногæй, Нæ дæ бауырндзæн, мæн фæнды нæхимæ. Уым афонмæ ныйирд, ныссабыр æсты дæттæ, Нартхоры сыф фæбур æмæ ныххус йæ хъæлзæнг. Къæс-къæс кæнынц бæркадласæг уæрдæттæ, Хæссы фæткъуы, кæрдойы сымаг фæззæг. Мæнмæ ныр уырдыгæй чындзхонты зарын хъуысы, Фæтындзы скъоламæ уæнгрог саби æд хызын... Мæ хæлар, диссагу, æцæг: Куы вæййын Иры, мысын уæд Уырысы, Уырысы та чысыл Иры фæмысын.
ИРЫСТОНМÆ ЦÆУГÆЙÆ Мах рог ыскъæфы ног машинæ Гурæй Æмæ нæм дардæй Згъудеры къуыпп разынд. Уынын: æрвгæрон судзы хурæй, Фæтæн фахсыл колхозон дзуг æрбазылд. Уынын: хæххон хъæутæ - мæ зард, мæ уацау, Нæ кæрдæджджын, нæ хъæдæмбæрзт къуылдымтæ. Уынын: æрвгъуыз, зæлдаг хъуымацау, Сыгхъæлæсæй фæйлауынц хуымтæ. Уынын: мæ разы Сталинир - цъæх фæлыст, Йæ парчы-иу улæфт рæстæг æрвыстон... Салам, салам! Æвзонгæй мыл æмбæлыс, Мæ рухс бæстæ, мæхи Ирыстон.
1955 аз КЪУХТÆ Сæхи æруагътой бандоны хæцæнтыл Æмæ фæскуыст сæ фæллад уадзынц. Нæ сахуыр æсты буц хастыл, æфсæнттыл, Къæбæр сайын, фæлдыст митæ нæ уарзынц. Ныббырстыты-иу, арты даргъ æвзæгтау, Тылдтой бæрзонд сырх тырысатæ арæх. Уæдæй нырмæ, æнгузы ставд уидæгтау, Сæ тугдадзинтæ цармыл дарынц тарцъæх. Сыгъдæг нуарæй, æхсыст æндон - сæ фыдтæ, Лæджы фырт сæ нæ бафаудзæн рæсугъдæй, Нæ дарæг зæххау, хурсыгъд æмæ скъуыдтæ Сæрибаруарзаг, цардаразæг къухтæ. Хъорнис, 1955 КАФАГЧЫЗГ (иыхас цæуы чызджы номæй) Уый иу хатт хъазты мемæ кафыди, Чидæр æсдзырта: «Цары - фиу», Æмæ йыл тагъд æндæры ныхас афтыди: «С ’амонд - иу!» Æз уыцы дзырдтæ не ’рдардтон уæд мурмæ дæр, Фæлæ сæ бацыд сау лæппуйы ныфс, Æндæр чызджытæм нал фæкæсы зулмæ дæр, Мæнæй зæгъы: гъе, уый, дам, уарзын æз.
Æз та йын уыцы дам-думаг ныхæстæм дæр Кæм æрдардтон рæстмæ мæ хъус, Æмæ та иухатт иу хъазты, сæ хæстæгмæ, Нæ фæсимдтон, нæ фæкафыдтæн цъус, Æрмæст ныр йемæ нæ - æндæримæ, Уый иу кæцондæр, арæзт лæппу уыд. Нæхион, мæгуыр, уæд нымбæхст кæмдæр æмæ Къæрццæмдзæгъд хъазтмæ ’мгæрон дæр нæ цыд. Æмæ мæ схуыдта уыйадыл æнæввæрсон, Æнхъæлы, дам, йæхи цыдæр. Уадз, афтæ уæд, - цас ын фылдæр æнæмбæрст уон, Уыйас кæсы мæнмæ хуыздæр. Уадз, удхар ын кæнæд æдзух йæ уарзонад Æмæ йын судзæд алæбон йæ риу. Уадз, уый нырма мæнæн мæ фæндон ма зонæд, Мæн та фæнды: уадз, уæд нæ амонд иу. Хъорнис, 1955 НÆЗЫ Нæзы бæласмæ уыд æрвхуыз, æрвирд фæндиæгтæ Æмæ хæрдмæ, бæрзонд арвмæ тындзыдта. Фæлæ йæ иухатт уаддымгæ æд уидæгтæ Нынкъуыста æмæ стыдта. Æмæ йæм ныр кæсын - уый нал æнкъары, Мæ сагъæсæй йын йе ’дзард хихтæ дауын. Мæгуыр йæ бон, йæ цуры ма куы уыдаид æмбал нæзы, Уæд æй уый, чизоны, нæ ауагътаид хауын. 1955
НÆЗЫ (вариант) Нæзы бæласмæ уыд æстыр фæндиæгтæ, Уый цыд хæрдмæ, бæрзонд арвмæ тырныдта, Фæлæ йæ иухатт уаддымгæ æд уидæгтæ Æнæгъгъæлгæ æгъатырæй æстыдта. Æмæ ныр уый бæрзондæй дардмæ нал кæсы, Йæ хихтæй йын къæвда бон арт æсхъауын... Йæ цуры ма куы уыдаид æмбал нæзы, Уæд æй уый, чизоны, нæ ауагътаид хауын. Хъорнис, 1955 ÆРДÆГ МÆЙ Куы цыдтæн æз нæхицæй ахуырмæ Æмæ куы схæццæ дæн нæ хъæуы сæрмæ, Къахырмæ, Уæд иухатты æхсæв æрлæууыди мæ зæрдыл, Уыдис уый хосгæрдæнты, сæрды, Мах ацы ран ныхæстæ кодтам иумæ, Мæ сæр сабыр æркъул кодтон дæ риумæ. Нæ сæрмæ мæй сыгъдæг арвыл ысфардæги, Æрттывтауый цæлхыдзагæй, тымбылтæй, Уый - раст цыма зæрин къус донæй байдзаги Æмæ кæлы фырйедзагæй йæ былтæй. Дзырдтон дын æз: нæ зæрдæтæ дæр, баууæнд, Уыдзысты афтæ уарзтæй йедзаг алкæд. Фæлæ цыппар азы фæстæ æрцыдтæн ахуырæй. Изæр. Кæсын нæ хъæуы сæрмæ, Къахырæй. - Æрæгмæ цæуы, - ды дæхицæн загътай Æмæ мæныл хъуыды кæнын ныууагътай. Дæумæ фæкастысты цыппар азы æрæгмæ. Цы ма зæгъон? - Цъæх арвыл ис æрдæг мæй.
* * * Сырх уардитæ, æрцыдис та уын афон, Уæ адджын тæфæй дыргъдон байдзаг. Æз ам нæ дæн уæ цуры арæх бадаг Æмæ сымах фæнды, цæмæй уæ уындæй кафон, Цæмæй уæм базгъорон æввахс Æмæ уæ иу хойы æртонон, Кæнон æм сабийау ныхас. Æнахуыр буц дидин æй хонын. Сырх уардитæ, æз дæн æнкъард, æрхæндæг, Æвзонг удæн æнæ уарзтæй цæй цард и. Мæн хъуамæ ’мбариккат сымах уæхæдæг: Æз «иунæг дæн - цæмæн мæ хъæуы уарди». Хъорнис, 1955 ЦАД Салам та дын, мæ рагон зонгæ цад, Уынын та дæ мæ разы ногæй. Цæуын дæ нæуубылтыл уæнгрогæй, - Ды дæ æнæзмæлгæ, æнцад. Уыныс, æз дæн æрмæст мæхæдæг, иунæг, Кæддæр та ам - уæд амондджын уыдтæн - Æз иу рæсугъд чызгаимæ цыдтæн, Ныр мæн ныууагътауыцы ’хсинæг. Уый баззадис мæ фæстæ ам, Æмæ, æвæццæгæн, хуыздæрæн, Æнæ фæсмонæй радта ’ндæрæн Йæ сонт зæрдæ æмæ йæ арм. Мæ уарзон цад, ды уыдон бадгæ Куы феныс ам ’кæрæдзи фарсмæ, Уæд-иу уылæнтæй цу сæ размæ, Фæкæн-иу сын дæ комулæфтæй пъатæ. 1955
* * * Бæргæ, мæныл дæуæй хъаст кæнын не ’мбæлы, Кæй уарзыс, уымæй хъаст кæнын нæ бæззы, Фæлæ мыл не ’мхъæуккæгтæй куы фембæлы, Уæд мæм раст туджджынау фæкæсы. Цы кæна, уарзы дæ!.. уарзы ’нæкæрон, Ды уымæн йе ’стыр сагъæстæн сæ сæр дæ, Æмæ дæ æз, зæгъ-ма мын, хъаст куыд нæ кæнон, Кæд мын фæкодтай катайаг мæ зæрдæ. Фæлæ мæ уарзондзинад нæу цагъаргæнæг, Сæрибар у йæ хъуыддæгты сылгоймаг, Нæ дыууæйæн дæр ды - нæ аргъгæнæг, Кæй фылдæр уарзыс, уымæй зæгъ дæ мойаг. ФЫЦЦАГНЫХАС Дыууын азы мыл рацыд æмæ хъуамæ, Мæ карæнтау, æрцагурон бынат. Дыууын азы цыбæлæй кастæн цардмæ, Йæ цин, йæ мастæн бамбæрстон сæ ад. Ныр æз лæг дæн, - рæсугъд æмæ хъæбатыр, Цæв мæ, зæгъгæ, - нæ мæ хауид æсхъис. Кæм хъæуы, уым - фæлмæн, кæнæ - æгъатыр, Мæ риуы - ныфс, æгæрон хъару ис. Æз уый тыххæй нæ дæн мæхицæй бузныг, Æмæ уын абон не стауын мæхи, Дæуæй дæн бузныг, рог дымгæ, - мæ рудзынг Дæуæн мæ уатмæ алкæд гом уыди. Дæуæй, цæугæдон, - ды уыдтæ мæ найæг, Дæуæй, æвзонг буар фидаргæнæг хур. Дæуæй, нæ хох, - мæ къæхты бын дæ айнæг Уыди, куыд мæнæ монументы дур.
Дæуæй, мæ адæм, - а зæххы паддзахæй, Ды радтай зонд, нæртон æвзаг мæнæн. Мæ мад, мæ фыд, æз бузныг дæн сымахæй, Мæ хæлæрттæ, сымахæй бузныг дæн. Æмæ уын æз мæ хæс ныхасæй фидын, Мæ ныхас у уæ зæрдæбын ныхас, Æз уымæй рухс, бæрзонд амондмæ сидын, - Нæ зондзæни тæссаг рæстæджы тас. Уый, чизоны, æдзух нæ уа йæ уагыл, Йæ зæлланджы мæнг мыртæ хъуыса кæд Æмæ цæуа æцæгæлон фæндагыл, Тæригъæд-иу мын ма фæкæнут уæд. Уæ цæсты раз - уæ иумæйаг фырты цард, Æмæ кæнут рæстдзинадæй тæрхон. Ныр уал уæ курын, раттут мын дзырды бар, Мæ зæрдæйы фыццаг ныхас зæгъон. Мæскуы, 1955 МÆЧЫСЫЛСАБИ Дæу цы фæнды, уый хъуамæ уа. Ды нæма уайыс гаккæй, нæ дзурыс. Ды куы скæуыс цъæхснагæй: «уæ-уа», Фестын уайтагъддæр уæд æз дæ цуры. Райдзаст, хъæлдзæг у уалдзыгон бон, Рог æзмæлынц æрыгон сыфтæртæ. Авдæнбастæй нæу бирæ дæ бон, - Рахастон дæ зæрдæрухсæй кæртмæ. Демæ рацыд дæ хъазæнхъул - пыл, Ис йæ хъуырыл бибийæн цъæх фæрдыг. Хур дæм худы, - дæ сæрау тымбыл, Уый - дæ хуызæн æнæхъуын, æнæрфыг.
^с^<3^^ Ам дæ сæрты зæрватыкк тæхы, Ды нæ тæрсыс нæ хъулæттæ хъугæй, Алыхатт æм ивазыс дæхи, Асæрфыс ын йæ бæрзæй дæ гуккæй. Уыд æрæджы дæ авдæнбæттæн, Кодтой сыхæгтæ стыр цин нæ циныл. Мах æрхастам дæ размæ дæуæн Бирæ дзаумæттæ, - систай дзы чиныг. Дæу фæнды, цæмæй ахуыр кæнай, Тас дын ма уа æвирхъау мæлæтæй, Цæмæй д’амондæй ’фсæст уа æна, Цæмæй д’амондæй ’фсæст уой дзыллæтæ, Цæмæй хæсты цалх састы фæуа, Макуы бантыса не ’знæгты сау ми... Дæу цы фæнды, уый хъуамæ уа, 0, мæ чысыл, мæ зæрдиаг саби. Мæскуы, 1955 СÆДÆАЗДЗЫД Зæронд дада æнæкусгæ нæ фæразы, Йæ лæджыхъæд ын бирæ уарзынц адæм. Сæрæгасæй йыл рацыди сæдæ азы, Йæ цытæн абон хъæлдзæг куывды бадæм. Уый - хорз цæвæджджын, хорз гутондар, хорз фыййау, Нæртон хъæддæсны, арæхстджын дыргъгæнæг. Фæцæйцæуы чысыл гуыбырæй, Горькийау, Иæ рахиз къухы йе ’мбæлццон - йæ лæдзæг. Нæй махмæ уымæй номдзыддæр, дзырддзæугæдæр, Кæсы фæскуыстжурналтæ ’мæ газеттæ. Иæ дзырды цур сæ кадджындæр æмдзæвгæтæй Нæ раппæликкой кадджындæр поэттæ.
Æмæ уый кувы куывды сæрæй диссаджы Æвзонг хъæлæсæй - циндзинадмæ хонæг. Æнусон хæхтау, урссæр æмæ ’взист зачъе, Æнусон хæхтау, фенæг лæг, зæронд лæг. Мæскуы, 1955 БЫДЫРГÆС Уый у æвзыгъд, æнæрынцой лæппу, Йæ хæс бæрнон у, - намысджын, æстыр хæс. Уый махмæ арæнхъахъæнæгау у - «Къæрцхъус æмæ æвæллайгæ быдыргæс Йæ бæрны ис колхозы пайда - зæхх Æд мæнæутæ, æд нартхортæ - æдæппæт. Сæумæцъæхæй куы нæ ма ’рхауд æртæх, Уый афтæ рараст быдыртæм сæ къуыппæй. Кæд хъæубæстæ нырма кæнынц фынæй, Уæддæр ын нæу зын рахатæн, зын зонæн, Кæмæндæрты бынтон æрхуыст кæй нæй, Кæй хæрын кæнынц хуымгæрæттæ фосæн. Æмæ та сыл куы снымайа сæ хæрд, Куы та бакæна искæй хъомтæ мидæг, - Уыдзæн та дзы æлгъыстытæ, æфхæрд, Фæлæ йæ, уадз, æфхæрæд æмæ ’лгъитæд. Цы сæм хъуса, цы сæм хыл кæна лæг, Быдыргæсæн цы нæ вæййы йæ куысты, Куы та бафснайой ’нæпапылой тыллæг, Уæд та йын се ’ппæт арфæтæ кæндзысты. Мæскуы, 1955
ИРОН ЛÆППУ - ТБИЛИСАГ Хуры фæстаг тынтæ боны тæвд ку ’ахæссынц, Рацæуы уый уæд дæ рухс уынгмæ, Тбилис. Сауцæст чызджытæ йæм зулмæ æрбакæсынц, Лæппу æслæги, - йæ рихи æсмилис. Уый ды фыццаг хатт куы айстай дæ хъæбысмæ Æмæ куы бацыди уым фызыумæ, - Райгуырæн хъæуы кæм уыдис æнæмысгæ, Тахти зæрдæйæ сæ Сау хохы цъуппмæ. Уарзта сæ хъæуы лæппуты, сæ фыййæутты, Алкæмæй алкæд æввахсдæр уыд хурмæ, Цæргæс-иу ратахт йæ сæрмæ уæлийæутты, Цæргæс нæ уæндыд æртæхын йæ цурмæ. Уым-иу уыд хъæлдзæг йæ рæстæг: æрвылбон æй Сайдта йæхимæ пырхкалæг æхсæрдзæн... Ам та, дæ хъæбысы, ницы ис уыдонæй Æмæ хæххон гуырд фæтыхсти: куыд цæрдзæн? Горæды никæд уыд, йедзаг у адæмæй, Даргъ уынгты алыфарс - бирæ хæдзæрттæ. Ног ын у алцыдæр, трамвайы сбадт æмæ Риувæйнæг хоста æнæвгъау йæ зæрдæ. Рацыдис цал боны, рацыдис цал къуыри, Ие ’мцахъхъæнтимæ уый не ’рæмуд уайтагъд. Фæлæ фæстагмæ фæныфсджын, фæцахуыри, Семæ гуырдзиагау дзурын фæцайдагъ. Сарат, æвзыгъд уыди алы хъуыддаджы дæр, Разынди стыр дæсны, арæхстджын къухæй, Ницæмæй уагъта уый, йе ’мбæлтты хъауджыдæр, Йе ’взонг куыстхъом æрмттæ хъаджджынæй, цухæй.
Æмæ ныр абон нæ номдзыддæр заводы Цалдæр станочы фæкусынц йæ разы. Иухаттау уарзы ныр дæр ма йæ Сау хохы, Фæлæ дæу Сау хохæй къаддæр нæ уарзы. Хъорнис, 1955 ÆДЗÆРÆГБЫДЫР Æдзæрæг быдыр, ды мæ разы айтыгъдтæ дардыл, Дæуыл лæджы цæст æххæсы зынæй. Дæу раст цыма исчи сарыдта артыл, Уыйау ныллæгуын дæ, змæлæг дыл нæй. Иугай како сындзытæ кæнынц сæ цардыл катай, Уыдон бахус, баруадысты бынтон. , Ды хуыссыс уæлгоммæ, уæззау цæф салдатау, Æмæ курыс: -Дон...Дон... Æдзæрæг быдыр, дæуæн дæ фалийæ ис цæугæдон, комы, Уый у хæхты гуырд, цъитийы фырт. Уый уазал зымæгæн их кæнын нæ комы, Уый мурмæ дæр нæ дары хуры тынты цъырд. Ды йæ дæхимæ хоныс, дæ хъуыры цъар æм ивазыс, Дзурыс ын, æнæ дæу, дам, ницы у мæ цард. Фæлæ уый йæхицæн, æвзонг сырдау, хъазы, Дæ фыдæнæн хъæрæй кæны йæ зард. Æмæ ды æнхъæлыс, уымæ бæлгæйæ, æнæ донæй Цæрæнбонтæм æдзухæйдæр мæлдзынæ. Нæ, ды афтæ ма ’нхъæл!.. Уыцы хъал донæн рæхджы мæ фæндонæй Йæ ирд æрттывд дæ тыгъдады уындзынæ. Уыцы хъал дон ныууадздзæн йæ хъал митæ, Уый демæ æсхæлар уыдзæн.
Дæу æсрæсугъд кæндзынæн бæлæстæ æмæ уардитæй. Дæу æскæндзынæн аргъæутты бæстæйы хуызæн. Ды уыдзынæ йедзаг дыргъæй, халсарæй - æппæтæй, Тугыл аскъуыйдзæни дæ фæззæджы тыллæг... Æдзæрæг быдыр, æз дæу фервæзын кæндзынæн мæлæтæй, Æз - цардараз лæг. Мæскуы, 1955 МАДМÆ I Поезд быдырты ’хситтгæнгæ уад... Мæн мæ тæрхæгыл цадæг æнкъусы. Раст ма афтæ изæрыгон мад Къуымы сабийы авдæн фæузы. Æз, уæлгоммæ хуысгæйæ, хъуыдыты цæуын. Уайы, уайы мæ цæстытыл вагзал. Уым - нанаимæ вагоны фарсмæ лæууын, Уддзæф хæхтæй æрбахæссы уазал. Æмæ суынгæг нанайы зæрдæ, Уый мын балхъывта ме ’нгуылдзтæ й’армы. - Мах зымæг, дам, у хъармдæр цæгаттаг сæрдæй, Бад-иу мидæг, æмдзæрæны, хъармы. Уæд дæ ахуыры фæндаг рæстмæйы фæндаг Фысс дæ хабæрттæ, - ’нкъард дыл кæндзынæн Зон, æвддæс азы не систы фаг Мадæн уарзон хъæбулмæ кæсынæн. Поезд анкъуыст... Мæ уадултыл - пъаты фæдтæ... Бирæ, бирæ фæкастаид, зонын, мæ фæстæ... Эх, мæ ныййарæг, еныр ды афтæ кæм дæ, Уым куыд кодтаис уагæр, куы цыдаин хæстмæ. Мæскуы, 1952-1955
II 0, нана, кæныс мын ногæй уайдзæф, Хоныс та мæ хивæнд гуырд, тыхсæттæг. Мæн фæнды, цæмæй ныл иумæ ахсæв Ацæуа æнцад-æнцойæ рæстæг. Ферох кæн, цы уыд, цы ’рцыд нæ царды, Мауал мыс мæ сывæллоны азтæ, Уыцы азты сыгъд нæ бæстæ арты, Уыцы азтæ седзаг æсты мастæй. Æз цыдтæн фыййау, - мæ куыст æмбæрстон, Хастон суг сæрд дæр æмæ зымæг дæр... Циндзинад - сывæллоны æмбæлццон - Не ’рбацыд дæ хъæбулмæ хæстæгдæр. Ды æнхъæлыс, æз æдзух, æрвылбон Ам дæуæн дæ дæлбазыр куы бадин, Уæд мæнæн уый уаид тынг æхсызгон, Уæд мæхи бынтон амондджын хатин. Нæ, мæ бон, зæрдæрай амонд, цинад Алкæддæр уынын æрмæст мæ куысты. Сабийæ кæй бавзæрстон зындзинад, Уымæй дæн æз буц æмæ сæрыстыр. Уæдæ ма кæн, ма, мæнæн ды уайдзæф, Сонт фыртæн фæхъæуы хатгай барын. Айхъус-ма, ныссабыр бæстæ ахсæв, Райсом хъуысдзæн хъугомæй мæ зарын. Хъорнис, 1955 ЗÆРОНДЫ БÆЛЛЫН Изæрыгон гуыбырæй бадыс кæрты Æмæ кæсыс, хъуыдыкæнгæ, дæ размæ. Æрлæууыдысты цадæггай дæ зæрдыл Дæ иунæг фырты рагуалдзæджы азтæ.
Уый уыд гыццыл, тымбыл аæмæ къæбæлдзыг, Æзмæлын, рафт-бафт, рауай-бауай уарзта. Дæ зæрдæ йыл æрхъæцмæ дæр нæ хъæцыд. Дæ хъæбысы йæ уынгмæ арæх хастай. Уый уæд дæ саудар боцъомæ æвнæлдта, Сæрфта-иу æй йæ чысыл фæлмæн къухтæй, Æвæццæгæн æй стыр диссаг æнхъæлдта, Æндæр-иу ыл цæмæн худти æдзухдæр. Ныр уый æслæги... Куысты хистæр, усджын... Кæм ма йæ ’вдæлы, кæ, мæ уд, йæ фыдмæ. Кæддæрау æй нæ фæнды уымæ хъусын, Кæддæрау ын нæ фæтырны йæ уындмæ. Æрмæст æстæм хатт бакæсы йæ уатмæ, Æстæм хатт æй йæ сыхагау æрфæрсы. Куы йæ фены сæ къæсæргæрон бадгæ, - Æнæдзургæйæ, ахизы йæ фæрсты. Уый хицæнæй фæхæры æмæ нуазы, Куывдтæм, æмбырдтæм хицæнæй фæцæуы... Йæ фыд дада йæ афтæмæй дæр уарзы, Фæлæ дадайы афтæмæй нæ хъæуы. Æмæ бæллы, йæ фырт нырма сывæллон, Гыццыл, тымбыл, къæбæлдзыгсæр куы уаид. Æмæ та йын йæ хъæбысы - æвæлмон - Иæ урс боцъомæ буц къухтæй куы ’вналид. Мæскуы, 1955 * * * Ды, куыд мæнæ хохаг суадон, Буц, сыгъдæг æмæ рæсугъд дæ. Æз дæу, амондау, æссардтон, Рог дыл атыхтон мæ къухтæ.
Былтыл андæгъдысты былтæ, Зæрдæтæ сæ дойны састой. Æз дæ дзыккуты хъуымбылтæ Арæхстгай мæ уырзтæй фастон. Уыцы уысм æмбæрста мæй дæр, Мах кæй нæ фæндыд фæхицæн, Фæлæ ды тыхстæ цæмæндæр, Иуварс кодтай мæн дæхицæй. Ды æфсæрм кæныс дæ мадæй, Де ’мбæлттæй, æгас хъæубæстæй. Хатыр бакæн, кæд мæ пъатæй Баззадис дæ хъуырыл нуæстæ. Хъорнис, 1955 БАЛО-ОТЕЛЛО (вариант) Мах дæуæн æмдзæгъд кæнæм бирæ, бирæ, Дæумæ нæ уарзтæн нæй кæрон Æмæ зæгъæм нæртон поэт Шекспирæн: - Отелло мавр нæу, Отеллоу ирон! 1955 ОТЕЛЛО Тæбæхсæуты Балойæн Колхозон хъарм æхсæв. Фынафонмæ фæхизы рæстæг. Ам сценæ у уæлвонг бынат, нæ бадæн - нæуу.
Ардæм æрцыдыстæм æгас хъæубæстæй Æмæнæиудæрныр æнæтыхсгæ куы нæу. Уæларвон стъалытæ ’рттивынц, - уыдон иууыл Цымыдисæй кæсынц æмæ хъусынц дæумæ. Нæ урсзачъеджын хох, зыны. цыма йæхиуыл Сындæггай схæцыдис хæрдмæ, Цæмæй уый дæу бæстонæй фена, - Куыд æм хъарынц дæ сагъæстæ, дæ мæт! Уый уарзы дæу, йæ ныфсы лæг Черменау, Дæ хъысмæт у йæ хъæбулты хъысмæт. Ды тырныдтай иудадзыгдæр рухсмæ. Ды- цардуарз лæг, хуымæтæг, зæххон. Ды скодтай Ягойы цъаммар дугæн æнусмæ Дæ мæлæтæй йæ мæлæты тæрхон. Æмæ дын мах æмдзæгъд кæнæм бирæ, бирæ, Дæумæ нæ уарзтæн нæй кæрон, Æмæ зæгъæм нæртон поэт Шекспирæн: - Отелло мавр нæу. Отеллоу ирон! Мæскуы, 1955 * * * Бæрæгбон та фæцис æмæ та ногæй Æнæуый бон сабыргай рацыдуынгмæ Ныр ам нæ уигъы тырысатæ дымгæ, Ныр ам нæ тæхы хъæлдзæг зарæг рогæй.
Бæрæгбоны дæу чи фендзæн æнкъардæй, Дæ бæсты уындæй худыс, райыс, хъазыс. Фæлæ йæ кæд æнæуый бон нæ уарзыс, Уæд ницы ис æнамонддæр дæ цардæй. Мæскуы, 1955 * * * Æддæдæр лæуу, - дæхи йыл уæгъды ма ныхас, Къæбæда гуырд, цы чызг у, уый æмбар. Нæ дын ныббардзæн искæйтау уæлдай ныхас. Дæхи-иу йемæ ды хæрзуагæй дар. Цы йыл цæуы? - æгасæй дæр æстдæс азы, Æмæ йæм нæй аипп æрхæссæн - фау. Фæзæгъыс ды æнæфсæрмæй: «Куыд фæразы?», - Нæ хæты уынгты ал’изæр дæуау. Кæд уый йæ хур, йæ амонды нæма зоны, Уæддæр æнкъары уый разы йæ хæс. Фыдæнхъæлцау нæ фæкæндзæн йæ уарзоны, Йæ чызгон хæс æскæндзæнис æххæст. Æвæццæгæн ма цасдæр рæстæг рацæудзæн, - Нæу уыимæ йæ фембæлды бон дард. Йæ цардмæ йын сыгъдæгуалдзæгау бацæудзæн Æмæ уыдзæнис уалдзæгау сæ цард. Мæскуы, 1955 * * * Мæ рудзынджы цурты Æхсæв æмæ бонæй Æфсæйнаг цæлхытæ æзгъорынц, æзгъорынц, Сæ гуыпп-гуыппæй уыдон мæн хуссармæ хонынц.
Æнæкæрон арвыл Фæлæсынц дæлæмæ - Мæ Иры бæстæрдæм хæтынуарзаг мигътæ, Фæсырхысты хурæй гæзæмæ сæ тигътæ. Хæлар хърихъуппыты Æртæкъуымон саджил Йæ сæрдыгон балцæй фæстæмæ æздæхы, Мæ Иры бæстæрдæм хъæргæнгæ фæтæхы. Мæ рудзынджы фарсмæ Æз иунæгæй бадын, Мæ бæллицтæ уайынц æнæсцухæй дардмæ - Мæ Иры бæстæмæ, мæ уарзоны хъарммæ. Мæскуы, 1955 УЫРЫССАГ Мæн хонынцуырыссаг кæмдæриддæр абон, Æмæ цы? - уый раст у, æцæгæйдæр, раст. Мæнæн у мæ хъысмæт, мæ фæндаджы амонд Чысылæй фæстæмæ Уырысимæ баст. Мæ ахуыргæнæг уыд Воронежы горæдæй, Уырыссаг æрвгъуызцæст, зæлдагдзыкку чызг. Уый махмæ куы царди, уæд не ’знаджы бомбæтæй Йæ горæдыл сирвæзт æнæхатыр зынг. Æмæ уым, йæ уынгты æрратау куы зылдысты, Куы ниудтой хъуынтъызæй фашистон сырдтæ, Уæд махæн нæ фыссæн фæйнæгыл лæууыдысты Хæстонау рæгъ-рæгъы уырыссаг дзырдтæ. Мæ фыды сырх тугæй уæд Курскы зæхх сахуырст, Уым судзгæ нæмыгæй йæ уæраг фæцæф. Хæст мах хъæумæ не ’рцыд, фæлæ рызт нæ агъуыст, Хæххон уæлдæф кодта æртхутæджы тæф. Ныр та æз студентæй куы цæрын Уырысы, -
Уырыссаг быдыртæ, уырыссаг хъæдтæ Мæн буцæй рæвдауынц сæ сыгъдæг хъæбысы, Мæн хурау рæвдауы уырыссаг зæрдæ. Уырыс! уый у дунейы фидæны ’рбабон, Нæй уый тыххæй уымæн æппындæр сæттæн... Мæн хонынцуырыссаг кæмдæриддæр абон Æмæ æз уымæй сæрыстыр дæн! БÆР30НДХ0Х Æгомыг уат. Дзæвгар ма баззад бонмæ. Уæ хæдзары нырма æзмæлæг нæй. Ды сынтæгыл хуыссыс уæлгоммæ, - Нæ дæм цæуы фынæй. Æмæ кæсыс дæ сæрмæ, цармæ, - Дæ цæстытæ дзы ницæуыл хæцынц, Дæ хъуыдытæ дæ скъæфынц дардмæ, Бæрзонд хохмæ - геологмæ тæхынц. Уым халагъуд ис уымæн, хохы фахсыл, Цъæх къæйдуртæй йæ равзарын у зын. Хуыссы йæ мидæгуый йæ фарсыл, Йæ нывæрзæн - йæ фæндаггон хызын. Йæхи ыстыхта адаргæ нымæты Æрдзы хъæбул, æрдзы риуыл цæрæг. Йæ зæрдæйы цы сагъæс и, цы мæт и, Уый у йæ алыфарс дзаумæттæй бæрæг. Йæ цуры - аг, чысыл къус, уидыг, Йæ къуымтæ ’фснайд æмæ сыгъдæг. Зынаргъ дуры къæртт, Шолоховы чиныг, Цымхъæдæй арæзт даргъ лæдзæг. Æгомыг уат. Дзæвгар ма баззад бонмæ. Уæ хæдзары нырма æзмæлæг нæй. Ды сынтæгыл хуыссыс уæлгоммæ, - Нæ дæм цæуы фынæй.
* * * Денджызы былыл æруыгътон æз дуртæ, Бирæ чысыл дуртæ - урсытæ, буртæ... Æмæ фæгæпп кодтон поездмæ, а-ныр Анкъуыса ’рлæууæнæй, афтæ. Банцой дæн вагоны рудзынгыл сабыр, Ме ’ртты мæ дуртæ кæрæдзийыл хафгæ. Ды уæд æрбацыдтæ рогæй мæ цурмæ, Акодтай къусæвæрд уайтагъд дæ къухтæ: - Радт мын дæ дуртæ - куыд ферттивынц хурмæ, Растдæр фæрдгуытау - дзæбæхтæ, рæсугъдтæ! - Æмæ сæ барджынæй иуылдæр айстай, Диссаг уыд, диссаг, куыд бирæ сæ уарзтай. Алчи дæ хъæлдзæгдзинадæй уыд бузныг, Алчидæр ради дæ худтæй, дæ зардæй. Фæлæ куы хицæнтæ кодтам, уæд, буц чызг, Скастæ мæ цæстытæм хъавгæ, æнкъардæй. Абон нæ зонын, цы бæстæ, цы денджыз Де ’взонг бæллицтæ йæ хъæбысмæ хоны... Чизоны, искуы фæрдгуытæ куы феныс, ’Рымысыс йеуæд æрыгон ироны. Мæскуы, 1955
1956 аз ЦАРДМÆ УÆЛÆНГАЙ ЦÆСТÆНГАС Хацырты Сергей рæсугъд хъæбæр цъар æмæ ныв- гæнæджы конд иллюстрацитимæ цы чиныг рауагъта, уый хуыйны «Ирон пьесæтæ» (Хиррауагъдад, 1956, редактор Нартыхты М.). Чиныджы ис дыууæ æртæактон пьесæйы - «Æрдхæрд- тæ» æмæ «Гæбулы рæдыд». Фыццаг фыст у прозæйæ, дык- каг та - æмдзæвгæтæй. Фæлæ уыдон афтæ иугъуызон сты, æмæ фыццаг пьесæйы фæстæ дыккаджы куы райдайай кæсын, уæд дисы бахаудзынæ: ай-ма фыццаг пьесæ кæсын æви дыккагмæ æрæвнæлдтон, куыд мын хæццæ кæнынц. Пьесæтæн иугъуызон у канд се ’взаг нæ: хъайтартæ иуылдæр дзурынц алæмæтон мæлгъæвзагæй. Уыдон иу цахæмдæр егъау хъуыддаг не скъуыддзагкæнынц, ууыл баст не сты зондæй æмæ зæрдæйæ, фæлæ уæлмонц ны- хас кæнынц цахæмфæнды хъуыддагыл дæр, æппæты фыццаг та - колхозон аивадон хихъæппæрисадыл. Ха- цыры фырт рæдау куыннæ у: фыццаг пьесæйы Мырзæ æмæ Хадизæт колхозы сæрдар æмæ йæ усыл цы дуэт æрымысыдысты, уый æнæ исты аивгæйæ фæлхат цæ- уы дыккаг пьесæйы дæр, æрмæст æй уым зарынц Бадзи æмæ Азау. Пьесæты, хъуаджы, æви æнæхъуаджы, хъай- тартæ дыууæ ’рдæм лекка кæнынц. Уыдон нымудзджытау кæрæдзимæ хъусынц фæскъултæй æмæ афтæмæй базо- нынц сæ кæрæдзийы фæндтæ. Дыууæ пьесæйы дæр фæуд кæнынц фыддзинадыл хорздзинады фæуæлахизæй æмæ æппæтиумæйаг цины зарджытæй. «Мах фыссæгæй домæм царды рæстдзинад æвдисын. Цахæм нывæфтыдон амалтæй йæ æвдиса, уый йæхи бар у, фæнды музыкалон комеди фыссæд, фæнды лирикон драмæ; фæнды æндæр исты, æрмæст йæ уацмыс уæд зæр- дæмæхъарæг, уырнинаг, бæрзонд хъуыдытæ æмæ æнкъа- рæнтæ æвзæрынгæнæг.
Хацыры фырт йæ пьесæ «Æрдхæрдтæ»-йы æвдисы дыууæ сыхаг колхозы цард. Цы конфликт ис се ’хсæн? Колхоз «Уæлахиз»-ы сæрдар Арысхан, сыхаг колхоз «Раз- мæ»-йы сæрдар Мысосты ныхасмæ гæсгæ, «тох кæны æрмæстдæр йæхи колхозы æнтысындзинадыл, иннæтыл арт дæр ссæуæд». (Цымæ иу колхозæй иннæмæ уыйбæрц цы хауы?) Мæир куыд дзуры, афтæмæй Мысост, «Арысха- нау, нæу сæрыстыр йæ ныртæккæйы уæлахиздзинæдтæй, фæлæ стыр фæллой кæны æнувыдæй, сомбоны рæсугъд цардмæ тагъддæр æрцæуыныл». (Цымæ ахæм сур ныхæс- тæй хъайтарæн характеристикæ радтæн ис?). Æппын- фæстаг, Мæирмæ сæвзæрд хъуыды, цæмæй дыууæ колхо- зы баиу уой æмæ сын къухдариуæггæнæг уа Мысост. (Цы- ма колхозты хорз къухдариуæггæнджыты тыххæй баиу кодтой? Уæд ма экономикон фактортæ та цы сты?). Æмæ райкомы инструктор Гагуыдзы фæрцы дыууæ колхозы баиу сты. «Гагуыдз нæ уыд, зæгъгæ, уæд, чи зоны, Арыс- хан æмæ Мысост абон дæр ма кæрæдзи нæ бамбæрстаик- кой» - зæгъы Азау. Хъаугъа ууыл фæцис, Арысхан басастис йæ рæдыдыл æмæ пьесæйы кæрон зæды хуызæн лæгæй агæпп ласта. Йæ ус Дзæка, кæд раздæр быдыр чердыгæй ис, уый дæр нæ зыдта, уæд æй пьесæйы кæрон базыдта. Фæсивæдæй дæр алчи йæ уарзонæй цардæмбал загъта. Ахæм конфликт пьесæйы архайджытæн фадат нæ дæтты сæ характертæ раргом кæнынæн æмæ дзы уымæ гæсгæ иу цæрдгъуыз фæлгонц дæр нæй. Сæрдæртты фæлгонцыл нæ дзурæм: уыдон бынтон фæлурс сты, фæлæ дзы фæсивæд дæр нæ зынынц. Пьесæйы конфликт хъай- тарты тох æмæ карз принципон быцæутæм кæй не здахы, уый аххосæй махуыдон архайды мидæг нæ уынæм. Уыдон æппынæдзух дзурынц иумæйаг ихсыд ныхæстæ, алкæмæн дæр зындгонд хъуыдытæ, зонд амонынц кæрæдзийæн. Мысост. Алы хуымæтæджы колхозон дæр хи кад, хи хъуыддаджы разæй æвæры паддзахадон хъуыддаг, фæлæ йæ дæ цыбыр зонд нæ ахсы нæ, æмæ дарддæр ахæм цы- бырзонд куы уай, уæд дæ хъуыддаг хорз нæ уыдзæн, мæ лымæн! Гагуыдз. Мыд æмæ сæнæфсир лæджы царды сты тынг ахсджиаг.
Ахæм бынæттæ чиныджы бирæ ис. Хъайтартæ кæ- рæдзийæн зонд куы нæ фæамонынц, уæд та сæ сæртæ арвмæ кувæгау сдарынц æмæ чысыл ницæй тыххæй дæр райдайынц царды диссæгтыл дзурын, поэттæ æмæ оратортæ фестынц. Арысхан. Скæс-ма хурскæсæнмæ скæс, цас стыр цин- дзинад уадзы зæрдæмæ абон. Мæир. Куыд рæсугъд у абон куыд æрттивы бæстæ. Амонд цырагъау, фæйнæрдæм куыд рухс кæны. Чи хъуа- мæ бафсæдауыцы рухс фæндагыл размæ цæуынæй? Мысост. Æппынфæстаг, мæн фæнды зæгъын, мæнæ хорз адæм, цæмæй нæ колхозтæ фылдæр æххуысхъом уой паддзахадæн. Цæмæй нæ райгуырæн бæстæ афтæ дом- бай уа æмæ не ’хсарæй цыфæнды карздæр знæгтæ тæ- сæй куыд ризой. Цæмæй дæлæ фæсденджызаг тугмондаг хæстæндзарджытæ ма уæндой хæрæмигъау фæзынын нæ райгуырæн бæсты сæрмæ æмæ ма калой сæ судзгæ æх- сидæвтæ нæ зæххыл...» æмæ а.д. Кæй зæгъын æй хъæуы, пьесæты ахæм ныхæстæн дæр гæнæн ис, фæлæ фидар зонын хъæуы чи сæ дзуры, æмæ сæ кæм дзуры, уый. Зæгъæм, быдыры колхозонтæ нарт- хор рувынц, кæрæдзиимæ адджын ныхæстæ кæнынц æмæ уыцы рæстæджы се ’мбæлттæй иу æвиппайд йæ къæпи аппæрста, сæ размæ ралыгъд æмæ, йæ къухтæ тилгæйæ, хъæр кæны алгъуызон лозунгтæ абон æмæ фидæны цытæн. Цы зæгъдзысты, чи йæм кæсы, уыдон? Зæгъдзысты, зæгъгæ, æрра у, æмæ йæм цы хъусæм. Драматург хъуамæ тырна уымæ цæмæй йæ хъайтарæн уæвæг ситуацийы уа æмбæлон ахаст, ома типикон харак- тер хъуамæ архайа типикон уавæрты, кæннод ыл сценæ- мæкæсæг нæ баууæнддзæн. Хацырты Сергейы дыккаг пьесæйы сæйраг конфликт ис раззагон фосдарджытæ æмæ карьерæмæ бæллæг, цæстфæливæг Гæбулы ’хсæн. Ис-ма дзы фæрсаг конф- ликттæ дæр: Бадзи æмæ Азауы ’хсæн, сæ иу чингуытæ кæсын уарзы, се ’ннæ - нæ; колхозонтæ æмæ колхозы сæр- дар Хъазбеджы ’хсæн æмæ а. д. Пьесæйы Гæбулы фæлгонц мæгуырау нæу. Автор йæ æвæры комикон уавæрты æмæ йын хурмæ калы йæ цъаммар хъуыддæгтæ. Уый йæхи хоны «Современный культурон адæймаг», уыди йын
фондз усы æмæ ныр та хъавы æхсæзæм ус æркæнынмæ, уарзы æнцой цард, æнцой куыст. Районы культхæдзарæй йæхи раивын кодта колхозмæ æмæ ныр ам йæхи бæтты ног фысы мыггагыл кусæг зоотехниктыл, цæмæй уый дæр уыдон премитæй райса. Гæбул у, æцæг царды кæуыл æмбæлæм, ахæм æмæ йыл худын дæр хъæуы. Фæлæ пьесæйы æрмæст Гæбул нæ архайы, стæй Гæбул йæхæдæг дæр раргом вæййы иннæ архайджыты æрхъулайы æмæ уымæ гæсгæ пьесæйыл дзурын хъæуы æнæхъæнæй иумæ. Пьесæ у æгæр даргъ. Æмæ даргъ пьесæтæ дæр куыннæ ис, фæлæ диалог диалоджы фæдыл æнæаскъуыйгæйæ куы цæуа, архайд та раздæр куы нæ кæна, пьесæйы сæйраг идейæ куы ничердæм змæла, уæд цы пайда ис ахæм диа- логтæй? Кæд вæййы пьесæ цымыдисон? Уæд, æмæ алы ног диалог дæр, алы ног фезмæлд дæр пьесæйы идейæ ног фарсæй куы ’вдиса, характерты миддуне ног фарсæй куы ’ргом кæна. Пьесæйы хъуамæ ма уа уæлдай митæ, уæлдай ныхæстæ. Хацыры фырты пьесæ та уыдонæй амад у. Пьесæйы фыццаг акты Даухан, Азау æмæ Бадзи колхозы аивады тыххæй уыйбæрц дзæгъæлы ныхас кæнынц, æмæ лæг, уыдонмæ хъусгæйæ, йæ комивазыныл бафтдзæн. Æцæгæй, пьесæйы архайд райдайы, Гæбул сценæйыл фыццаг хатт куы фæзыны, уæд. Пьесæ сюжетон æгъдауæй дæсны нывæст нæу. Хъай- тарты архайдон хæххытæ кæрæдзийыл куы сæмбæлынц, уæд характертæ кæсæджы раз нæ райхæлынц æмæ уы- дон дæр райдайынц сæхæдæг сæхицæн рекомендацитæ дæттын, сæхи рекламæ кæнынц: Азау Вæййын мæ куысты ’ппæты разæй, Æппæты фæстæ æз фæцæуын. Бадзи ...Азау, мæн хорз куы зонынц Кæйдæртау кадыл æз нæ мæлын, Куыстон дæс азы ’хсæвæй, бонæй Фысты мыггагыл. Гæбул Уæ районы сæрæн разамынд Мæ хорз куыстыл йæ цæст æрхаста...
Пьесæ йемыдзаг у æнæбындур патетикæйæ, мæнг ро- мантикон пафосæй. Азау Хæса! Мæ царды рухс æстъалы. Бадзи Дæ райсом хорз, сæууон æстъалы. Хæсанæ Мæ зынаргъ сæнтты уый сыгъдæгæн Цъæх денджызы хæзнаты ’хсæн дæр Æнхъæл нæ уыдтæн. Арвы тыгъды Æстъалытæ мынæг куы кодтой Йæ нæ азым сыгъдæг уды раз. Куы йæ хуыдтон мæ зæрдæ дарæн, Мæ амонды хур; рухс æстъалы. Аслæмбег 50-аздзыд сгуыхт профессор у, фæлæ йæ ны- хасы гъæд уымæн дæр хуыздæр нæу. Уый фыййæуттæм куы раздæхтис, уæд Азауы фенгæйæ дзуры: Азау! Мæ чызг! Цæхæртæ скалдтай, Фæивтай афæдзмæ дæ хуыз дæр... Стæй, æнæуыйдæр, Аслæмбеджы фæлгонц фæлурс æмæ дидактикон у. Автор æй æвæрццаг хъайтар хоны, фæлæ йæ ныхас, йæ митæ адæймаджы зæрдæмæ нæ цæуынц. Уый дзуры аргъæутты хъайтары æвзагæй, Дзыкына æмæ Гæбул куы ныхас кæнынц, уæд та сæм сусæгæй хъусы. Аслæмбег 3-аг АКТ-ы йæ фырт Хæсанæйæн рахабар код- та йæ царды трагеди. Хæсанæ Аслæмбегæй нæу, Хæсанæ Гæбулæй у. Гæбул раджы кæддæр ракуырдта Хæсанæйы мады æмæ йæ куы ныууагъта; уæд Аслæмбегимæ сиу код- той сæ цард. Уый стыр трагеди у, фæлæ йæ автор куыд фыссы, афтæмæй дзы пароди рауади. Хæсанæ хъуыддаг цæй ми- дæг ис, уый куы бамбæрста, уæд Аслæмбегæн рыцарæй зæгъы: Бар радт; о ме схæссæг; хъæбулæн; 'Мæ дæ йæ тæртты уый æртуха. Царды ахсджиаг цы хъуыддаг у; уый бирæ хатт аива- ды бынтондæр нæ фæхъæуы. Пьесæйы 2-аг акты Аслæм- бег æмæ Хъазбег фосæн холлаг цæттæкæныныл, фосы зымæгон хизæнуæттыл цы уынаффæтæ кæнынц; уыдо- нæн царды стыр нысаниуæг ис; фæлæ пьесæйы ницæмæн
65 ^^<^^^ хъæуынц. Исты ногæй æвдисынц хъайтарты характерты, истæмæй размæ кæнынц пьесæйы сæйраг идейæ? Ницы æмæ ницæмæй. Фыссæджы сæйраг предмет у адæймаг. Адæймаджы равдисынæн та аивады æнæмæнгхъæуæг нæу, адæймаг цы зоны æмæ цы аразы, уыдон иууыл ранымайын. Фыс- сæджы хæс у адæймаджы зæрдæйы уаг, уый алыварсон æнкъарæнтæ æмæ хъуыдытæ æвдисын. Уый афтæ куы нæ уаид, уæд фысджыты адæймаджы зæрдæйы инженертæ дæр нæ хониккой. Махмæ пьесæйы расхой-басхой, дыууæрдæм разгъор- базгъор, гуыппытæ æмæ къуырдтытæ куынæ уа, уæд иуæй-иутæ фæзæгъынц, зæгъгæ, динамикон нæу, архайд дзы нæй. Ахæм хъуыды раст нæу. Пьесæйы динамикæ физикон змæлд нæу, пьесæйы динамикæ у адæймаджы психологи, ахастытæ æмæ мид- дунейы вазыгджын процессы рæзт». Уæдæ афтæ, Хацырты Сергей цард арф нæ сахуыр код- та æмæ йын нæ бантыст аккаг, нывæфтыдон амæлттæй удæгас æмæ типикон - индивидуалон фæлгонцтæ са- разын. Сергейы пьесæтæ кæсгæйæ, чиныгкæсæг ницы æхсызгондзинады æнкъарæнтæ бавзардзæн. Царды рæстдзинад æгъатыр у. Уымæ уæлæнгæйтты чи кæсы, уæлдæйттæ æмæ йыл уæлæнгæйтты чи дзуры, се- рьезон цæстæй йæм чи нæ кæсы, уыдонæн нæ бары, нæ сын дæтты адæмы зæрдæмæ фæндаг. ФÆНДАГÆМÆДЫМГÆ Фæндаг æмæ дымгæ, æнусон хæлæрттæ, - Кæй хонын мæ амонд, мæ цард, Кæимæ фæцин кæны алкæд мæ зæрдæ, Кæимæ фæкæны мæ зæрдæ æнкъард. Фæндаг æмæ дымгæ, фæндаг æмæ дымгæ! Æз алкæд фæндагыл лæуд дæн. Фæцæуы уæлæмæ, фæцæуы уырдыгмæ, Кæм нарæг æлвæст у, кæм та у фæтæн. *5
Уый ферттивы хохæн йæ уæхскыл, æфсæддоны ронау, Уый кæмтты къæдз-мæдзы фæцæуы, тарбын донау. Хаттуымæн йæ рыджы, йæ цъыфы лæджы къах ирвæзы. Хатт зæрдæ ныккæрзы, фæлæ дзы нæ тæрсы. Фæндаг æмæ дымгæ, фæндаг æмæ дымгæ! Æз дымгæйæн йе ’рдхæрдтæй дæн, Уый мемæ фæцæуы уæлæмæ, уырдыгмæ. Йæхийау æнцойад нæ дæтты мæнæн. Хаттуарзоны буарæй вæййы уый фæлмæндæр. Йæ сагъæс æрбайсафы уайтагъд цыфæнды лæгæн дæр. Хатт сонтау нынниуы, йæ разы цы баййафы - дардмæ сæ фехсы, Æмæ мын мæ цæсгом ныцъцъыкк ласы, ехсау. Фæндаг æмæ дымгæ, æнусон хæлæрттæ,- Сымах мын куы нæ уал уат, уæд Æз зондзынæн - банцад йæ куыстæй мæ зæрдæ, Йæ сау ингæны мæ нывæрдта мæлæт. Æз уемæ дæн, цалынмæ размæ æнцайон, Æз уемæ дæн, цалынмæ кусон, цæрон, - 0 дымгæ, æнусмæ кæмæн нæй æнцайæн. 0 фæндаг, æнусмæ кæмæн нæй кæрон! 1956
МЫСÆН ÆХСÆВ Цæй, цы дын зæгъон, æхсæв, - нæ хуыссын, Æз мæ хæлæртты мысын. Хъусыс, дзырдтæ мæ дзыхæй, уæззау дуртау, хауынц. Æмæ зæххыл къуырма хъæр фæкæнынц. Чи йæ зоны, хæлæрттæ кæм худынц, кæм райынц. Царды бонтыл сæ фæндтæ кæимæ нывæндынц. Уадз, æз ма фидон кадджын поэты егъау хæс, Уадз, мæ фенгæйæ, кæсджытæ ма кæнæнт джихтæ, Фæлæ исчи куы бахаты: - Де стихтæ бакæс, - Уæд, мæхи стихтау, бакæсын ме ’мбæлтты стихтæ. Мæн бæргæ фæнды, уыдон куы фенин нæхимæ, Мад сæ, уарзон хъæбултау, рæвдауид, Бон-изæрмæ-иу худиккам, раиккам иумæ, Алкæй фаг дæр мæ мидбылхудт уаид. Фæлæ уыдон æндæр кæмдæр худынц, æндæр кæмдæр райынц, Царды бонтыл сæ фæндтæ æндæр ран нывæндынц,
Хъусыс, дзырдтæ мæ дзыхæй, уæззау дуртау, хауынц. Æмæ зæххыл къуырма хъæр фæкæнынц. Цæй, цы дын зæгъон, æхсæв, - нæ хуыссын, Æз мæ хæлæртты мысын. 1956 * * * Фæцæуын æз сæумæйæ ногуард митыл... Мæ цæстыл уайы: у сырх тугæй ахуырст, Цъæх пиллон ма йæ къух фæкодта иу тылд Æмæ æрхауди, - бавзалы ис агъуыст. Ныкъкъуырма хъæд гæрах - гæрах - гæрахæй, Æгасæй сурси саудар хæсты мастæй... Цы уыди, уый нæ аивгъуыдта махæй, Æдзух цæры нæ алыварс, нæ астæу. * * * Ды рахызтæ хæдзарæй æмæ, дæ къæхты бынмæ кæсгæйæ, уынгты фæцæуыс кæдæмдæр.
Ды дзурыс: «Цæй цард у ай. Æнкъард... Зæрдæ нæ райы. 0, кусыс, хæрыс - æмæ цы? - уæддæр æнкъард æмæ æнкъард». Ды, æвæццæгæн, æнхъæлыс, мæнæ еныр цы хæдзарæй рахызтæ, уый у дуне, йæ къулты ’хсæн дæрддзæг - дунейы тыгъдад. Нæ, дуне дæ хæдзары нæ бацæудзæн. Дуне бæрзонд у, дунейæн нæй кæрон, дуне арф у, дуне у рæсугъд æмæ хъæлдзæг. Дæ сæрмæ райсомы арв - бæлонгъуыз, хæдтæхæг дзы, æвзист стъæлфау, тæхы. Дæ фарсмæ - хæрзконд нæзы бæлæстæ, хур сыл йæ тынтæй æрбаста сырхдари кæрдæнтæ. Фæлмас бæрзытæ, цырæгътау, рухс кæнынц. Булæмæргъ - æрдзы поэт - алкæйдæр йæ зарæгмæ хоны. Адæм æзмæлынц, алыран аразынц цард. Уыныс, дурамайæг лæппуйы цины бæллиц йæ базыртыл систа« ногаразгæ хæдзары сæрмæ. Уыныс? - Ныууадз дæ къæхты бынмæ кæсын. Ды зæгъдзынæ: «Мæ къæхты бын ис зæхх».
Мæ хæлар, зæхх æстыр у, алыгъуызон, - дыргъдæттæ, нæууытæ, денджызтæ, хъæдтæ... Дæ къæхты бын та ис - сыджыт, хуымæтæджы сыджыт, Куыд не ’мбарыс уыйбæрц, лæг куы дæ. Дæлæ ма акæс: бæх - уый цæрæгой у, фæлæ йæ барæджы бын йæ фæстæгтыл æслæууыд, - уый дæр фæнды дунейы рæсугъддзинад фенын. Мæскуы, 1956 Рынчындоны æнуд палатæмæ де ’рбацыд сатæг дымгæйы ’рбаулæфтаууыд. Мæ зæрдæ - дойны, æдзæрæг быдыр, уайтагъд фестъæлфыд, цыма йыл аныдзæвди уалдзыгон тæрккъæвда. Ды мæ цуры лæууыс, - æз уæлгоммæ хуыссын, ныр цалдæр боны хор-доны хъæстæ нæ дæн, æнæуынгæ æгъатыр тыхæй мыл уæлдæф уырдыгмæ æнцайы, - нæ мæ уадзы мæхиуыл æсхæцын хæрдмæ.
Фæлæ мæ цæстытæй кæсын æмæ уынын дæу. Куыд рæсугъд дæ, - æвзонг æмæ уæздан! Ды цардæй æрбацыдтæ ардæм, цардæй, - адæм кæм кусынц, кæм худынц, кæм райынц; цардæй, - лæг кæм у, домбайау, тыхджын, цæргæсау, сæрибар; Цардæй - зæрдæ кæм нæ зоны æфхæрд, æнтъыснæг, æдыхад. Куыдрæсугъддæ! Дæ цæстыты - сыгъдæг арвы цъæх, хурмæ сыгъдæй - саулагъз дæ хъуыр, дæ къухтæ, демæ ’рбахастай кæрдинаг мæнæуты тæф. Куыдрæсугъддæ! Æрбад мæ цуры, - мæнæ мæ сынтæджы кæрон. Дæу исты зæгъын фæнды? Дæу фæнды бафæрсын, куыд у ме ’нæниздзинад, куыд хатын мæхи, - мæлæтæй мын тасу, æви нæ? 0, нæ хъæуы, курын дæ, мацы дзур. Низ, мæлæты кой мын ма скæн.
Ды мæ цуры куы вæййыс æмæ æз куы фæуынын дæу, уæд æрмæстдæр цардыл, - æмбарыс мæ? - æрмæстдæр цардыл фæкæнын хъуыды. Мæскуы, 1956 ХÆЛÆРТТÆ - БÆЛÆСТÆ I Байрйат, байрйат. мæ хæлар тулдзытæ. Кадджын хистæртæ, бæгъатыр бæлæстæ! Æз уæ иу цонджы йас дæр нæ дæн, фæлæ мын уæ сыфтæртæй æмдзæгъд кæнут. мæ фендæй уыл цыма рухсы уылæн бакалд. II Мæ хæлар тулдзытæ, æз уæ быны хъомыл дæн, фыццаг хатт къахæй ацыдтæн уæ быны. Сымах мæн ахуыр кодтат уарзын, кæмфæнды дæр æмæ кæдфæнды дæр, æрдз, хъæд, бæлæстæуарзын. Æмæ сæ куыннæ уарзон? Мæ къухæй назы къалиутыл куы схæцын хæрдмæ, - вæййынц зæу-зæугæнаг, уæззау,
мæ сæфт чызгайы дзыккутау, æмæ куы фæмысын уыдон, куы фæкæнын маст æмæ ’нкъард, уæд ме уæхскыл сусхъæд æрæвæры йæ цонг æма мын сабырæй фæзæгъы: - Ма мæт кæн, мæ хур. 0, æз уарзын æрдз. хъæд, бæлæстæ! Зымæг дæр, сæрд дæр, уæлдайдæр та фæззыгон. Æрлæууын хъæдгæрон, сыбарсыбургæнгæ сындæггай сыфтæртæ, уылæнтау, мæ размæ фæцæуынц, æмæ æз æппындæр нæ фæкæнын мæт, уыдон кæй нæ вæййынц сыгъзæрин суаритæ, фæлæ кæй вæййынцхуымæтæг, бурбурид сыфтæртæ. III Мæ хæлар тулдзытæ, нæзытæ бирæ ис Уырысы, æдзухæй дарынц цъæх - æнувыддзинады нысан. Æз федтон иухатт: уыдон къуыппыл кæнынц шыф-шыф, къæс-къæс. цæргæсы базыртау, сæ даргъ цæнгтæ суигъынц. Æнхъæлдтон, ныртæккæ æстондзысты зæххæй сæхи æмæ атæхдзысты дард хъæдтæн æххуысмæ, - уым сыл се знæгтæ бафтыдтой арт! Бæлæстæ иудзинадыл хæцынц: куы ныккæсы хур тыхджын, -
сæ бынмæ уымæлад фæхъахъхъæнынц иумæ, куы ныццæвы уадтымыгъ зулмæ, - йæ ныхмæ фæлæууынц уæхски-уæхск иумæ. Бæлæстæ кæрæдзи уынынмæ бæллынц, цæмæй зонут ныр, - кавказаг æнгузы кæй фæнды, уырыссаг рæсугъд бæрз куы уаид йæ къайаг! Æз бæлæсты хæстæгдзинадæн кад кæнын, хæлардзинад - æгас цæуæд! IV Мæ хæлар тулдзытæ, зæххыл æрмæст рæсугъд, цæрдхуыз бæлæстæ нæй. Цæуыс æмæ уыныс: сæ иуæн дæлæ. йæ сæр æрæххæст зæхмæ, къуыппрагъ, - йæ астæу никуы федта растæй. Уым дарддæр - се ’ннæмæн йæ галиу фарс, бахуыскъ. Æртыккагæн та калм йæ хуылфы сæвзæрд æмæ йын æнæфсис йæ сыгъдæг сой цъиры... Фæлæ сыл ма бахудут, - нырма нæм алы низæн не ’рцыд хос, нырма æнамондтæ ис а-дунейыл бирæ. V Ме хæлар тулдзытæ сымах уæ царды бирæ бавзæрстат, бирæ федтат.
Вæййы æвзонг бæлæстæ, лæгъзцъар, уæздан, сыгъдæг, кæд дæ фæнды - уарзоны буарау сын пъатæ дæр кæн. Сымахæн та, зæндджын зæронд лæджы ныхау, нынцъылдтытæ уæ цъар. Уæ рæстæг у æнустæ æмæ æнустæ мæ сæрмæ уæ сыфтæртыл уынæр кæнынц. Хъорнис, 1956 * * * Силæм, Силæм мемæ фыййау фæцыдтæ, Уæвгæй, цæй куыдз уыдтæ, фæллад нæ зыдтай. Æрцыди сырд - мæ хъæрмæ цырд фæзындтæ Æмæ йæ дард йæ фæд-йæ фæд фæсырдтай. Ды хайджын дæ мæ сонт рæстæджы мастæй, Хæринаг нын куы нæ уыдис изæры, - Хæрдмæ-иу мæм тæригъæдгæнгæ скастæ, Æмæ ныр мæнæ- урсытæ дæ сæры. Ды мæн нæ рох кæныс, дæ зæрдæ мыл нæ ивыс, Æз алы сæрд мæ ахуырæй куы ’рцæуын, - Мæ размæ разгъорыс, мæуæлæсхизыс,
Мæ хъæбысы дæ райгæйæ ныккæнын. Кæс мæй йæ ирд рухс ахсæвмæ нывæрдта, Хуынау, йæ тынтæ ’рбахæссы нæ цурмæ. Мах бадæм къуыппыл, рагон хорз хæлæрттау, Æмæ та хъусæм хæфсыты рру-румæ. Хъорнис, 1956 * * * (вариаит) Силæм, Силæм, мемæ фыййау фæцыдтæ. Уæвгæй, цæй куыдз уыдтæ! - фæллад нæ зыдтай. Куы-иу æрцыдис сырд - мæ хъæрмæ-иу фæзындтæ Æмæ йæ дард йæ фæд-йæ фæд фæсырдтай, Ды хайджын дæ мæ сонт рæстæджы мастæй, Куы-иу æрцыд хæрынафон изæры, - Хæрдмæ-иу мæм тæригъæдгæнгæ скастæ, Æмæ ныр мæнæ- урсытæ дæ сæры. Ды мæн нæ рох кæныс, дæ зæрдæ мыл нæ ивыс, Æз алы сæрд мæ ахуырæй куы ’рцæуын, - Мæ размæ разгъорыс, мæ уæлæ схизыс; Æз дæ, зæрдæрайгæ, мæ хъæбысы ныккæнын.
^^^@У 77 У^^2^^ Кæс, мæй йæ ирд рухс ахсæвмæ нывæрдта, Хуынау æй дæлæ ’рбахæссы нæ цурмæ. Мах бадæм къуыппыл, рагон хорз хæлæрттау, Æмæ та хъусæм хæфсы рру-ррумæ. Хъорнис, 1956 ШАКРО (поэмæ) Удæгасæй ныстуан Хъорнис, Хъорнис, мæ сабион авдæн, Хъорнис, Хъорнис, мæ ныййарæг мад, Ныр куыд фæкæнон де стыр лæггадæн Æз дæу аккаг хъæбулы лæггад? Ацы сау зæхх мын радта æнæниз. Уый мын раивта мады æхсыр Нуарджын хойрагæй, æмæ кæмæн ис Ныр йæ риуы мæ хуызæн æхсар! Уыд мæ аууондар хурджын сæрдыгон Хъæуы астæу æнгузы бæлас. Уымæй райстон мæ фидыц уæнгты конд, Уымæй райстон мæ бакаст, мæ ас. Æз фыййауæй дæ арвы нæрд уарзтон, Уый-иу рæгътыл гуыпп-гуыпп гæнгæ хауд. Æз мæ лæджыхъæд уый тыхыл барстон, Уый мын радта æгъатырдзинад. Мæн нæ фендзынæ уонгуагъд, дыдæгътæй, Нæй, нæ вæййы æгуыдзæг мæ хуыз. Æз дæ хивæнд, æнæрынцой дæттæй Райстон бирæ æнæкæрон ныфс.
Æз сывæллонæй арæх лæууыдтæн Ам дæ уагъылы дидинты раз. Уыдон радтой мæ цыбæл цæстытæн Райгæ, уарзгæ, рæвдаугæ æнгас. Хъорнис, Хъорнис, дæ рагон мæсгуытæ Рагъæй коммæ тызмæгæй кæсынц. Æз нæ зыдтон, цæмæн ысты скъуыдтæ. Хъызт, фыдбонты кæй цæфтæй хъæрзынц. Æз нæ зыдтон, цæуыл дзурынц уыдон, 'Хсæвæй, бонæй цæуыл кæнынц хъаст. Уыдон дурты пырхыты нæ уыдтон Сахъ фыдæлты фыдæх æмæ уарзт. Уыдон дуртыл нæ хъуыстон сырх туджы Ртæхты хауын, нæмгуыты æхситт. Уыдон дуртæй нæ хъуыстон нæ дуджы Иууыл растдзер цытджын тохмæ сидт. I Судзгæ сур дымгæ... Уазал хъызы... Бирæгъ аууæтты Хъæумæ хъуызы. Адæмы сафæг, Адæмы знаг, - Цымæ кæдæм цæуы Знаджы фæндаг? Хъæуастæу иу хæдзар - Урс цагъд, бæрзонд. Й ’алыварс рейкæтæй - Фидар æмбонд. Уырдæм куыд бакæна Гъеныр йæ фæд, - Хъахъхъæнынц фондз куыдзы Фæрныджы скъæт.
Д^Г^рХ. 79 У^к^^^> Мæгуыры скъæт та - Цилæй æмбæрзт. Уисæй быд каутæ - Фаджысæй сæрст. Сидзæртæ баисты Адджын фынæй. Алфамбылай афтид у, Змæлæг дзы нæй. Фыс, - уый æнцондард у, Не ’скæндзæн уасгæ. Ничи мæ базондзæн. Цæй,уæдæразмæ! Фæлæ куыд айста Размæ йæ къах. Афтæ фæцыди Топпы гæрах... Бонцъæхтæ... Кæмтты ’рдæм Талынг хъуызы. Бирæгъ дæргъæй-дæргъмæ Мардæй хуыссы. II Шакромæ адæм цæуынцуынынмæ, Фæрсынц, æй Калачы хабæрттæй, Æмæ куы ракæсынц бирæгъмæ, уынгмæ, Уæд батилынц сæ сæртæ. Мæнæ æмбисонд! - æрбацыд уынæг Шакромæ хъæуы сауджын: - Шакро, ды хуыцауы раз дæ сыгъдæг. Чысылæй дæр уыдтæ æгъдауджын. Мах дæ мыггаджимæ бинонтау цардыстæм, Дæ фыдæн æз уыдтæн кувæг хуыцаумæ, Ныр ын йæ рухс ном нæ зæрдыл дардзыстæм Æмæ хæлардзинад уа не ’хсæн хъуамæ.
Ныр ды лæг дæ, - æрхæсс дæхицæн ус, Æрбын кæн Хъорнисы зæххыл. Фенæг адæммæ хъус. Сабырæй цæр æмæ кус, Де ’взæрмæ бæллæг агурæд хыл... Шакро йæм бакасти комкоммæ: - Уæгъды хъиамæт кæныс. Зон, уæдæ ахæм «нæртон зондмæ» Никуы байхъусдзынæн æз. Мацы дзур, рухстауæг сауджын, Мацы дзур, банцай фæлтау. Алкæй бæсты дæр фæу ды æгъдауджын. Де ’гъдау у сырдты æгъдау... - Сауджын хæлар лæг у, - чидæртæ Загътой, - рæвдауын æй хъуыд... - Ех-хай, мæ хъæубæстæ, бирæгътæй Махæн хæлæрттæ кæд уыд!.. Шакромæ адæм цæуынцуынынмæ, Фæрсынц æй Калачы хабæрттæй, Æмæ куы ракæсынц бирæгъмæ, уынгмæ, Уæд батилынц сæ сæртæ. III Мин фараст сæдæ фæндзæм аз, Уырыссаг зымæгау, æнæбарон, карз. Зæхкусæг, хæцæнгарз дæ къухмæ райс! Чидæриддæр у хæстхъом - Аппар дæ митæ, дæ куыст ныууадз, Тохмæ цом! Не ’хсæн нал ис куырмытæ абон, Нал нæ фæсайдзæн паддзах Дард Петырбухы «Туджы хуыцаубон» Талынгæй раласта мах.
Сыстади а-бæстыл уад, Дæттæ ныцъцъæх кодта уазалы. Не ’нцойдзинадыл нын бафтыдта арт Æмæ сыгъд бæласау бавзалы. Сызмæлыд Хъорннс, Цъунар, Чысан... Иры, Гуырдзыйы, Уырысы - Алыран иу у нæ тохы нысан, Алыран иу запад хъуысы. Мин фараст сæдæ фæндзæм аз, Уырыссаг зымæгау, æнæбарон, карз. IV Зæхх кæй у? Зæхх æд хъæдтæ, æд хуымтæ, æд дæттæ? Бонджынтæ дзурынц: «Мах у! Уый хуыцауæй махæн лæвæрд у, махæй дарддæр æм чи цы бар дары!» Зæхх кæй у? Адæм кæдæй нырмæ зæххыл кусынц, галтæй йæ хуым кæнынц. фаджыс æм ласынц зымæгон. уымæл æй кæнынц сæрдыгон сæ хидæй. Уыдон зæххимæ иумæ цæрынц, зæхх у уыдонæн уарзон дæр, мад дæр, фыд дæр, зæххæн радтой æгасæй сæхи, фæлæ сын уый хыгъд зæхх цы дæтты? - Æрмæстдæр ма-амæлайы къæбæр. 0 зæхх, æнусон зæхх! Дæуыл бæгъæввадæй ацæуын æмæ дæм армæй февналын дæр кæмæ кæсы худинаг, чъизи хъуыддаг, цæмæн исынц уыдон дæуæн дæ хæрзтæ! Зæхх кæй у? Абон амардта Шакро нымудзæджи, -
Бонджынтæ йе ’вварс, йæ сихтæ, хъуамæ йын хист скæной. Фæлæ сæм Шакро æрвиты фыстæг: «Уыцы æлгъагæн ма скъахут ингæн, Халæттæн-иу æй холыйæн аппарут, зонут æй, æз уымæн нæ дæттын зæххы ныгæныны бар!» Зæхх кæй у? Адæм цæрæнбонты дзурынц ууыл æмæ ныр уыцы зын фарста тугкалдæй скъуыддзаг цæуы. V Цæмæн у Шакро ацы ’хсæв æнкъард, Цæмæн кæсы уый йе ’рфгуытæн сæ бынæй, Цавæр мæт ын ысфыццаг кодта цард, Цæмæннæ райы, йе ’мбæлттау, йæ фынæй? Æрбаппæрста йæ уæхсджытыл йæ кæрц, Хæдзарæй рацыд ’нæссыбырттæй тыргъмæ. Йæ хъустыл уайы æмбонды хъинцъ - къæрцц, Тызмæгæй хъусы дымгæйы зыгъ-зыгъмæ. Уый ацы ’хсæв æндæр хæттытау нæу: Куыд иунæг дæ, - цыма йæм дзуры зæрдæ, - Кæд барæвдыдта иу сылгоймаг дæу, Кæд дын уыд йемæ амонды изæртæ? 0, цал хатты уый бауарзын фæндыд! Куы-иу федта дыууæ бæласы иумæ Уæддæр-иу сын сæ узæлдмæ бæллыд, Мæсты-иу кодта уыдон цур йæхимæ. Куы-иу федта уый цъиуы дæр хæсгæ Йæ къай-æмбалæн ахстонмæ хæринаг, - Нæ-иу фæци æнæ афтæ зæгъгæ: - Тæхудиаг уæ иумæ цард, уæ цинаг.
Æмæ нырмæ куыннæ ссардтаид чызг, Куыннæ скодтаид афонмæ чындзæхсæв, - Бæрæгбон-иу хъæбысæй хæст куы стынг, Уæд-иу кæм уыдис уый хуызæн æнæрцæф! Кæнæ-иу хуынды гъæйтт куывдмæ куы ’руад, Æмæ-иу рог æд хъаматæ куы скафыд, Уæд-иу цы чызг йæ фезмæлдæй нæ рад, Кæй зæрдæ-иу йæ æрс-тохмæ нæ хъазыд! Фæлæ нырма нæ бафыста йæ хæс, Нырма хъæуы фыдгулы цæгъдын цасдæр. Сæрибар тох у амонды фæрæз Æмæ дзы искуы ссардзæнис йæ уарзт дæр. VI Хъайтартæм сиды базырджын уæлахиз, Уый уыдонæн тыхдæттæг суадон у, Зæгъы дын: - Мардзæ, фурдты сæрты ахиз, Цæхæрæй ма тæрс! - Æмæ размæ цу. Фæлæ, чысыл-ма, чи у уыцы барæг? Цы ’рцыдаид? Фæдисхъæргæнæг зæгъ!.. Ныккуыдтой, зæгъгæ, ныр, уæд сын сæ хъарæг Æвæццæгæн, нæ бауромид зæхх. Цыма йæ уарзон удисгæ фæуадзыг, Цыма фæмард йæ ахсджиаг хъæбул, - Сæ раздзæуæг, лæугæ мæсыгау, бандзыг, Уæйыджы сæр фæтæн риуыл æркъул. Уый Калакæй æнамонд хабар райста, Æмæ нæрсгæ йæ хъуырмæ ссыд йæ маст. - Мæскуыйы кусджыты æд гæрзтæ растад Æрцыди талынг тыхтæй саст. Ныр уавæр фендæр, - паддзахы фæдонтæй Æмбæхсынæн æдасдæр ран кæм и, Цæудзысты уырдæм йе ’хсарджын хæстонтæ, Цæмæй рæстæгмæ бавæрой сæхи.
VII Революци басаст - тох дарддæр цæуы. Фæззыгон æхсæв афтæ сабыр у, - Куыдзы рæйын дæр никуыцæй цæуы. Ныссуси рагъæй уыджы уаст чъу-у-уу. Фæлæ ды уыцы сабырадыл ма ’ууæнд, Фæхъуызынц быдырты лæгмартæ. Æххæст кæны ныр сауджыны цъаммар фæнд, Сибойæн загъта: - Басудздзынæ артæй, Куы нæ саразай, мах цы фæнды, уый. Шакро дæуæн хæстæг лæг у, лымæн лæг. Æхсæвбынат ын д ’агъуысты бын и Æмæ нæ къухы хъуамæ бафта - ’нæмæнг. Кæд разы дæ, уæд зæгъ, кæд дæм фæзынæм, Куы уа æхсæвыгон - хуыздæр. Æлдæрттæ скæндзысты кæрон дæ зынæн, Фæкæсдзынæн дæм истæмæй æз дæр. Æмæ фæхъуызынц æхсæвы тары Дыууадæс хъазахъхъаджы æд гæрзтæ. Сибо - Шакройæн: - Сфæнд кодтой дæ марын, Ма мын ферох кæн мæ хæрзтæ.
Шакро йæ уатæй ’виппайды фесты: - Цас у сæ нымæц? Дзæбæх сæм акæс! Кæд æссæдзæй фылдæр не сты, Уæд мын ма тæрс. Фæлæ æдзæсгом у хион-уæйгæнæг: - Бирæ сты, тынг бирæ, радт сын дæхи. Ма слæуу сæ ныхмæ, сæфынц мæ зæнæг, Амардзысты мын мæхи. -Топп мамын! Цæй-ма... - 4 уый февнæлдта къулмæ, Дæндæгтæн карзæй сæ хъыс-хъыс фæцыд: - Ех-мæ-ма! - Сибомæ бакасти зулмæ. - Топпæн йæ гуыдыр цæмæн у æфтыд! Фæлæ ма ц’афон, - сбастой йæ фидар, Семæ йæ акодтой Гомтæм бæхтыл. Иу дзырд ма загъта фæстаг хатт: - Сæрибар! - Æмæ йæ фехстой боны цъæхтыл. VIII 'Хсæз мæ ссæдз аздзыд, усгур лæппу уыди. Уый йын цы уыдзæн, - йæ чындзхон уæрдон? Нæ, уый æрбаласынцуымæн йæ сау уæрдон, Амард нæ ныфсы лæг - номдзыд, уæндон. Хъорнис, зæгъ-ма мын, зæгъ-ма мын, куыд нæ баци Уый бахъахъхъæнын дæ бон. Уымæ куы цыдысты удхортæ удисæг, Гъе, уæд кæм уыдис дæ дон?!
Гъе, уæд уый фурдау цæй тыххæй нæ раивылд. Сырдтæн цæмæн радта размæ фæндаг. Гъе, уæд дæ дымгæ цæмæн хуыссыд арф кæмтты, Уый сæм цæмæннæ лæбурдта хъыггаг. Гъе, уæд цæмæннæ ныккалдта фыдих къæвда. А-зæхх сæ бынæй цæмæннæ лыгъдис. Гъе, уæд мæрдвынæй цæмæн кодтой мæргътæ та. Хъæумæ цæй тыххæй нæ фесты фæдис. Хъорнис, ныр акæс-ма, нæу уый чындзхон уæрдон, Шакройы сау уæрдон у. Хой йыл дæ мæгуыр сæр, тон ыл дæ уадултæ Æмæ йыл хъарæгæй ку! Мардæй ныстуан Хъорнис, Хъорнис, мæ сабион авдæн, Хъорнис, Хъорнис, мæ ныййарæг мад, Ды дæ уæлмæрдты радтай мæ мардæн Тар сыджытдзар æнцойы бынат. Æз сæрыстыр дæн! Ку ’акалд мæ сырх туг, Рацыд йеуæдæй бирæ рæстæг, Фæлæ адæм мæ номыл æххыту Никæд кодтой мæ марды фæстæ. Зæххыл хур æмæ зарæгæй растдæр, Стæй æргомдæр, æнæмбæхстдæр нæй, Æмæ уыдонау ме ’мбаргæ азтæ Æз фæцардтæн æрттивгæ, хъæрæй. Хорз у дурæй цырт, фæлæ къæвдамæ Уый хъуына кæны, цъусгай сæтты. Хорз у тулдзæй дæр, фæлæ мыггагмæ Тулдзæн удæгас цы хуыцау дæтты.
Хорз у бронзæ дæр, фæлæ зынг тынтæм Уый дæр аивы, сафы йæ хуыз. Ахæм тагъд амал хæлаг цыртытæм Никæд мардтæн тæхудыйæ æз. Уадз, мæхи ном уæд уе ’ппæтæй рохы, Уадз, мæхи кад куыдфæнды дæр уæд, Фæлæ иумæ кæй агуырдтам тохы, Уыцы рухс бæстæ хорзæй цæрæд. Уыцы рухс бæстæй дуне уæд райгонд, Уайæд размæ æдзух æмæ цырд. Уый - дзыллæты æвидигæ амонд, Уый - мæ хуыздæр, бæллиццагдæр цырт! * * * Цæуы æгъатырæй, æнæуромгæ, рæстæг Æмæ кæнæм сындæггай бонæддæдæр. Зæххон цардæн нæй иу хъуыдыйæ барæн, Нæй зонæн уымæн иу зæрдæйы равгæй. Æрцæуы стыр маст æмæ мах æнхъæлæм, Фæркгай фæхаудзæн риуы мидæг зæрдæ. Хатт не уонг ауадзæм: - Нæ цард цæмæн у. Æнæхъуаджы цæй тыххæй нæмæм цъыфтæ! Быдыртæ свæййынц судзынæввонг хурмæ, Ныуулæфæм къæхтыбынæй: - Цы уыдзæн? Мах цардцыбæл цы фæндагыл фæцæуæм, Фæхæссæм ууыл сау ингæнмæ табæт. Фæлæ уæддæр куы райхъал вæййын райсом, Куы растын уатæй, - афтæ мæм фæкæсы, Цыма дунейыл райгуырын фыццаг хатт Æмæ фыццаг хатт арв уынын мæ сæрмæ. Мæскуы-Хъорнис, 1956
ЦАРДМÆ ХÆСТÆГДÆР Ныртæккæ советон фысджыты иууыл ахсджиагдæр хæс у цардмæ æввахс балæууын, цард тынг хорз сахуыр кæнын, царды рæстдзинад ноджы хуыздæр æвдисын. Сæрмагондæй ирон литературæйыл куы дзурæм, уæд уым та ныртæккæ архайын хъæуы ууыл, цæмæй нæ ли- тературæ рахиза Ирыстоны фæлгæттæй æппæтцæдисон аренæмæ. Ирыстоны фæлгæттæй рахизын та нысан кæ- ны: нæ литературæ цардмæ баввахсдæр кæнын, цард раст æмæ ныфсджынæй æвдисын, хъуамæ йын агурæм ног æмбæлон формæтæ, хъуамæ уа проблемон, хъуамæ йæ алы уацмысæй дæр адæмы йæхимæ здаха, хъуамæ сæ размæ хона, амона сын, цы у хорз æмæ цы у æвзæр. Иудзырдæй, æппæтцæдисон литературæйы раз цы хæс лæууы, уый лæууы ирон литературæйы раз дæр. Гъе, уы- мæ гæсгæ нæ ирон литературæйы уацмыстæн дæр аргъ кæнын хъæуы уыцы хæсмæ гæсгæ. Мах нырма афтæ кæй нæ кæнæм, уымæ гæсгæ хаттæй- хатт рауадзæм тынг лæмæгъ чингуытæ æмæ ма сыл уæ- лæмхас патетикон критикæ дæр фæфыссæм. Ахæм чин- гуыты нымæцмæ хауы Сланты Ахæмты æмдзæвгæты æмбырдгонд «Мæ зарджытæ». Ахмæты æмдзæвгæты сæйраг аипп у æвзæр поэзийы штамп, трафарет, шаблон, баналондзинад. Уыцы уавæр Ахмæты æркодта ихсыд ныхæстæм, йæхи фæлхаттмæ. 16, 24, 27 æмæ 49 фæрстыл кæсæм: Иæнымæц - сæ фосы дзугтæ Амондджын нæ дуг, нæ цард. Йæ дзугтæ хизынц. Сæумæ æрзилынц Йæ зад фæтæнтыл. Хизынц сыл колхозон дзугтæ, Бамбæрзтой не ’фцæджы зæхх. Уæлæ рагъсæрты Цъæх зад кæрдæджы Иæ дзуджы хизы.
Къоста æмæ Нигеры тыххæй номарæн æмдзæвгæты ногæй æмбæлæм иугъуызон штамптыл. Фыццаджы: Йæ хорз зарджытæ Æзнаджы зæрдæ Рæхуыстой арцау. Дыккаджы: Тохы бон арцау рæхуыста дæ карз ныхас. Штамп бар нæ дæтты Ахмæтæн зæрдæйы арфæй рацæугæ иунæг дзырд зæгъынæн дæр. Зояйы рухс ном ссарынæн мæнæ ахæм ныхæстæй хуыздæр ницы æры- мысыд: Нæ фæскомцæдисон, Нæ хъæбатыр чызг, Нæ цард,уæд нæ исбон Ды хъахъхъæдтай тынг. Ахæм зæронд шаблонон фæлгонцтæ арæх свæййынц поэзийы хъадамантæ, йæ уæнгтæ йын айвазын нæ уа- дзынц æмæ сæ уый тыххæй æнæхатырæй сæттын хъæуы. Цæй мидæг ис штампы аххосаг, кæцæй цæуы нæ поэ- зимæ? Уый зыны Ахмæты æмдзæвгæты. Поэт цардыл хъуыды нæ кæны, уый нæу царды цæстытæ, царды хъус- тæ. Уый райста бæрæг бæлвырд нымæц, ихсыд, æнæуд фæлгонцтæ, ныхæстæ, рæнхъытæ, уыдон ныффидар сты йæ зонды, йæ зæрдæйы æмæ уыдонæй дарддæр исты бамбара, истæуыл ахъуыды кæна, исты ногæй æрымыса, исты йæхирдыгонау æрбахæсса поэзимæ, уый йæ бон нæ цæуы, æмæ уый та у курдиаты гæвзыкдзинад. Плиты Илья йæ раздзырды бынтондæр раст аргъ не скодта Ахмæты чиныгæн, æнæхъуаджы бирæ дзы феппæ- лыдис. Илья рæдау куыд нæ у, уый нæ бахæлæг кодта Ахмæтæй раппæлыны тыххæй иууыл уæлмонцдæр ны- хæстæ. Æрхæссæм дзы цалдæр бынаты: «Уæдæй фæстæмæ уымæн бантыстис бирæ хорз уац- мыстæ сфæлдисын, уæлдайдæр та адæмон сфæлдыста- дон æрмæджыты бындурыл».
«Поэт ирд ахорæнтæй хорз æвдисы хæххон æрдзы нывтæ...» «Ахмæт ирон зарджыты мотивмæ гæсгæ ныффыста зæрдæмæхъарæг æмдзæвгæ нæ уарзон фæтæг Лениныл...» «Сланты Ахмæты æмдзæвгæты фылдæр фыст у зар- джыты мотивыл. Фæлæ поэты зарджытæй абоны онг иу дæр арæзт нæма æрцыдис зарæджы хуызы. Уый та уый ах- хос у, æмæ нæ композитортæ сæ хъус хорз нæ дарынц нæ поэты зарджытæм». «Сланты Ахмæты чиныгыл «Мæ зарджытæ», зæгъгæ, нæ чиныгкæсджытæ стыр цинимæ сæмбæлдзысты, уый фæахъаз уыдзæнис советон ирон литературæйы рæзтæн». Плийы фырт æрмæстдæр йæ раздзырды кæрон иу аб- зацы гæзæмæ банысан кодта, мæнæ стыр поэттæн куыд фæкæнынц, афтæ, зæгъгæ, Ахмæты сфæлдыстады ис цух- дзинæдтæ дæр. Афтæмæй та саразын хъуыдис иннæрдæм, ома иу абзацы зæгъын хъуыдис Ахмæты хорздзинæдтыл æмæ иннæ абзацы та йæ сахъатдзинæдтыл. Поэзи чи уар- зы æмæ æмбары, литературæйы интерестæ зынаргъ кæ- мæн сты, уый æнæмæнгдæр хъуамæ афтæ бакодтаид. Ахмæты чиныджы ис чысыл хорздзинæдтæ, фæлæ уы- дон дæр йæ бирæ аиппыты ’хсæн ницы ахадынц. Зæрдæ- мæдзæугæ сты мæнæ ацы æмдзæвгæтæ: «Чызг æмæ лæп- пуйы зарæг», «Дзылæт», «Самгори» æмæ иннæ æмдзæв- гæтæй дæр хицæн бынæттæ. Æз афтæ нæ зæгъын, æмæ кæй ранымадтон, уыдон дæр тынг хорз æмдзæвгæтæ сты. Нæ. Æрмæст уыцы æм- дзæвгæтæ, чиныджы иннæ æмдзæвгæты хъауджыдæр, мыхуырæн бæззынц. Плийы фырт, Ахмæты биографи лæмбынæгæй фыс- гæйæ, уынын кæны, Ахмæт царды лæгъз фæндагыл кæй нæ цыдис, уый зындзинад дæр бавзæрста, рынчын дæр федта. Фæлæ ма йын бакæсут йе ’мдзæвгæтæ: уæд та дзы иу дзырд æфсонæн куы уаид адæймаджы зындзинæдты тыххæй, зæрдæйы сагъæстæ æмæ ахæм æндæр æнкъа- рæнты фæдыл. Иудзырдæй, Ахмæт цард лакировкæ кæны. Гъе, уымæ гæсгæ йын нæ уынæм иу ахæм æмдзæвгæ дæр, зæрдæйы хатт кæм зыны. Гъе, уымæ гæсгæ уый бафты, æрмæстдæр
цы уыны, уый фотографи кæныныл, уый фыссыныл. Цæ- виттонæн бакæсæн ис æмдзæвгæтæ «Мæ уарзон горæд» æмæ «Цины уац». Плийы фырт æппæлы Ахмæты сывæллæтты æмдзæв- гæтæй, фæлæ уыдон дæр сты трафаретон, шаблонон. Кæрон скæнын хъæуы сывæллæтты литературæмæ уæ- лæнгай цæстæй кæсынæн. Æмдзæвгæ «Ленины фæдзæхс- ты» кæсæм: Чингуытæ æмзоидæй Уарзæм æмæ кæсæм. «Авдæны зарæджы» Ахуысс, айрæз, Мæуарзои... «Мæ чиныджы»: Дæу æз бирæ Куыуарзын. «Мæ гокойы» Мæурсгокойы Æз бирæ уарзын... Афтæмæй уарзын, уарзынæй байдзаг сты йе ’мдзæв- гæтæ. Ницæйаг мæм кæсынц, Ахмæт афоризмтæ кæй хоны, уыдон дæр. Плийы фырт йæ радзырды фыссы: «Сланы фырты ацы къаннæг чиныджы уацмысты хорздзинад уый мидæг ис, æмæ сты æлвæст, æнцонæмбарæн æвзагыл фыст...» Нæ критикон литературæйы æндæр ницыуал фендзынæ: «Æнцонæмбарæн!» Уый расту, уацмыс хъуамæ уа æнцонæмбарæн, фæлæ цæмæн хъæуы æнцонæмбарæн æвзаг, кæд æмæ уацмысы æмбаринаг ницы уа, уæд? Уæдæ Ахмæты чиныг нæ кæсджыты эстетикон æмба- рынад бæрзонд кæнынæн уыйбæрц ницы фæахъаз уы- дзæн æмæ нæ рауагъдад æмæ Фысджыты цæдис хъуамæ сæ хъус хуыздæр дарой, цы чингуытæ уадзынц, уыдон гъæдмæ.
ЦАЛДÆР ФИППАИНАДЖЫ Нартыхты Михалы фыццаг чиныг «Уарзондзинады стъæлфæнтæ» (Хирауагъдад, 1956 аз, редактор Плиты И.) у æцæг поэтикон, ис дзы индивидуалондзинад. Йæ инто- нацийыл зыны гуырдзиаг стихы æндæвдад. Иу стæмтæй дарддæр йæ алы æмдзæвгæ дæр фыст у зæрдæйы хаттæй, цахæмдæр бæрæг бæлвырд æнкъарынадæй. Сæрибар у штампæй, шаблонæй, трафаретæй. Хъыгагæн, Михалы ацы миниуджытæн сæ кой дæр не скодта раздзырды автор Хацырты Сергей. Уый лæмбынæг ныффыста Михалы биографи æмæ циклтæй хицæн æм- дзæвгæты мидис йæхи ныхæстæй радзырдта, фæлæ уы- дон ницæмæн хъуыдысты. Ахæм чиныджы раздзырды бирæ ныхас пайда нæу, æрмæст цалдæр абзацы банысан кæнын хъæуы, цахæм у поэты цæсгом, цахæм хиадтæ йæм ис, цы дзы фендзæн кæсæг ногæй, цы дзы райсдзæн зæрдæйы æмæ зонды хæлцæн. Ахæм чиныджы раздзырд хъуамæ, бæлвырд кæна поэтæн йæ цæрæнбонты фæндаг æмæ хъысмæт. Хацыры фырты иу хъуыдыйыл сразыгæнæн нæй. Уый фыссы: «Рифмæтæ сты æмдзæвгæтæн сæ базыртæ!..» Рифмæтæ æмдзæвгæйы мидæг сты формæйы элемент æмæ уымæ гæсгæ сæ бон нæу æмдзæвгæйы базыртæ уой. Æмдзæвгæйы чи хæссы, тæхын æй чи кæны, уыдон сты хъуыдытæ æмæ æнкъарæнтæ. Æнæ уыдон æмдзæвгæйæн уæвæн нæй. Михалы æмдзæвгæты ис, тæхын сæ чи кæны, ахæм хъуыдытæ æмæ æнкъарæнтæ. Æрмæст сæ нырма фаг нæй профессионалон дæсныйад. Уый алыхатт хорз нæ фенкъары æмдзæвгæйы бæрц, æмдзæвгæ фæвæййы, фæлæ ныл уый йæ зæрдæ нæ фæдары æмæ йæ дарддæр ивазы. Мæнмæ гæсгæ æмдзæв- гæ «Хъуыдытæ дыууæ зæрдæйыл» фæуд кæны, поэт Дан- койы зæрдæйы кой кæм скодта, уым. Æмдзæвгæ «Кипа- рисы» та фæстаг куплет нал хъуыдис. Михалы æмдзæвгæты вæййы æнæхъуаджы ныхæстæ, уыдон æй бахъæуынц кæнæ уæнгты нымæц баххæст кæ- нынæн, кæнæ рифмайæн. Цæвиттон:
«Коммуиайы ’рдæм чи ’рзылдтауæндонæй Зæххы къорийы диссаджы сæмæн». Сæмæн сæмæн у æмæ нæ дæр диссаг у, нæ дæр æндæр исты. Ахæм сахъатдзинæдтæ ис Михалæн хуыздæр æмдзæв- гæты дæр æмæ ног, рæсугъд дарæсыл, æмпъузæнау, фæ- зынынц. Æрхæссæм цæвиттон æмдзæвгæ «Мæ гуымыдза сæгъы хабарæй»: «Куысты фæрцы фæллæйттæ сты æссаргæ, Æссардзыстæм æппæтдæр, зон, дæуыстæн». Ам «зон, дæуыстæн» уæлдай фыд у. Михалы бахъуыд рифмæ «цæрдзыстæм»-ы тыххæй. Михал рæстмæ нæ арæхсы иу рæнхъæй иннæмæ ахи- зын, стыр акъахдзæф. Æмдзæвгæ «Мæ уарзон газетæн», зæгъгæ, фыссы: «Цы зарæг æскæнон дæ кадыл!.. Мæ арфæ, Нæ зонын, мæ зынаргъ, куыд зæгъон дæуæн». Афтæ рауад, цыма поэт арфæмæ дзуры, цы зарæг, дам, дыл æскæнон. Кæнæ мæнæ афтæ: «Цæмæн судзут Корейы, уæларвмæ Цæмæн калы йæ сыгъдæтты фæздæг». Кæнæ ноджы: «Изæры ’ртардтам хъæумæ фос. Сæ фæстæ Æрцыдтæн, тыргъы баппæрстон мæ хызын». Йæ æмдзæвгæтæй зæрдæйы хатт кæм нæй, сур ныхæс- тæ кæдæм баирвæзынц, уыдон хорз не сты. Ахæмтæм ха- уынц: «Æнусы æмбисыл», «Мæ уарзон газетæн», «Абон Сыбыры». Æмдзæвгæ «Æнусы æмбисыл», зæгъгæ, уым ис ахæм рæнхъытæ:
Историйы цæхæркалгæ æнусæн Æз йе ’мбисыя, Гуливерау, лæууын». Ам, фыццаджыдæр, Гуливерыл æрцæвæн раст æвæрд нæу. Дыккаджы, æмдзæвгæ тынг пафосон кæй нæу, уый тыххæй дзы Гуливер нæ фидауы. Стæй, æнæуыйдæр, бæ- рæг нæу, кæд Михал йæхæдæг Гуливер у, уæд йæ алыварс чи ис, уыдон та цы сты - уæйгуытæ æви мæличчытæ? Автор иу зæрдæйы хаттæй иннæмæ, иу стилæй иннæ- мæ кæм рахизы, уым цæхгæр аивы. Цæвиттон, æмдзæвгæ «Мады зæрдæйы» лирикон сабыр интонаци æвиппайды ораторон интонацимæ кæй рахызт, уый нæ бады æм- дзæвгæйы иумæйаг ахастыл. Æвæццæгæн æй фæуын хъуыдис бæрзонд ныхæстæй нæ, фæлæ райдианау, зæр- дæмæхъарæг деталтæй. Уæд ын фылдæр ахадæн тых уы- даид. Михалы тематикæ нырма æгæр къуындæг у, æмæ йæ йæ хъус æрдарын хъæуы йæ поэтикон быдыр ауæрæх кæнынмæ. Поэты уарзондзинады æмдзæвгæтæ «Дзедæрæг», «Гъе, уый у æрмæст мæ азым», «Нæ базынд», «Миты къуыбар» мæгуырау не сты. Чиныгкæсджытæй бирæтæн ног уы- дзысты. Фæлæ дунейон поэзиимæ зонгæ чи у, ууыл ницы тæлмæн ныууадздзысты, уымæн æмæ дунейон поэзийы ахæм æмдзæвгæтæ бирæ ис. Мæн уый фæнды, цæмæй Ми- халы æмдзæвгæтæ уой канд арф зæрдæйы хаттæй фыст нæ, фæлæ оригиналонтæ, æндæр искæй æмдзæвгæтимæ сын хæццæгæнæн куыд нæ уа. I Æз мæ хъæу æмæ дунейы поэт дæн. Мæн ныййардта мæ хъæу йæхицæн æмæ дунейæн. Цæмæн? - куы фæрсат, - > мæ дзуапп уыдзæн: Мæ хъæуы цы хъæуы, дунейы дæр уый хъæуы. Зæхх кæмдæриддæр зæхх у
æмæ цъиры хуры хъарм, уымæлад. Лæг кæмдæриддæр лæг у æмæ йæ хъæуы хæдзар, бинонтæ, кæрдзын. Зæронд æмæ ног кæмдæриддæр ис æмæ се ’хсæн цæуы æнæбарон тох. Сабырад кæмдæриддæр сабырад у æмæ йæ алран зæрдиагæй домынц. Сæрибар кæмдæриддæр у сæрибар æмæ йæ адæм уарзынц, æхсæрдзæн хæхты куыд уарзы, афтæ, рæуджытæ уæлдæф куыд уарзынц, афтæ, мигътæ арв куыд уарзынц, афтæ, сабийы мады риу куыд хъæуы, афтæ. 0 сæрибар, æз дæуæн кæнын цыт! Поэттæ рифмæ поэзийы музыкæ хонынц, фæлæ мæнæн мæ хъуыдыйы куы хъыгдары тæхын, уæд ыл дæу тыххæй ауигъын мæ къух. II Æз мæ хъæу æмæ дунейы поэт дæн, æмæ æз буц дæн мæхицæй, - мæ къандзолæй нæ, мæ дзабыртæй нæ, мæ уындæй дæр нæ! - Æз буц дæн мæ зондæй, мæ хъаруйæ, мæ уарзтæй, хуымæтæг адæм мæ кæй нымайынц сæхиуыл, кæй хæссынц сæ сæр мемæ ныхасмæ, кæй хонынц мæн иумæйаг хъæбул. Иумæйаг! - Хуыздæр дзырд ма кæм ис! Иумæйаг, хурау,
иумæйаг, зæххау, иумæйаг, донау... Мæн фæнды, цæмæй æз чындзæхсæв куы кæнон, уæд мæ цинмæ куыд æрцæуа æнæхъæн дуне. Мæн фæнды, цæмæй Африкæйы негрмæ бæласæй тигр куы рахса йæхи, уæд ыл æмхъæр куыд фæкæной æнæхъæн дунейы. Мæн фæнды, цæмæй дард Австралийы лæг куы мæла, уæд йæ уæлхъус æхсæвбадæн куыд кæна æнæхъæн дуне. Мæн фæнды, цæмæй мах кæрæдзимæ кæсæм уарзон цæстæй æмæ кæрæдзийæн, уарзæттау, иумиагуæм! III Æз мæ хъæу æмæ дунейы поэт дæн. Æз рæз схастон мæ хъæуы, фæлæ мæн канд мæ хъæу нæ хъæуы. Мæн хъæуы Турчы денджызы былгæрон, Египетаг Нилы ивылд мæ хъæуы, мæн хъæуы Аляскæйы уазал, Индийы хур мæ хъæуы, хъæуы мæ Сабыр океаны æгæрон улæфт. Мæнæн æгас дуне хъуамæ уа мæ хъæуау, йæ алы къуым дæр - мæ фыды уæзæгау.
Цæй зæрдæ у зæрдæ, кæд уым æрмæст иу хъæуы ном ис, уæд, кæд уым æрмæст иу доны хуыз ис, уæд, кæд уый æрмæст иу лæджы уарзы, уæд. Мæнæн мæ зæрдæйы хъæуы æппæт зæххон рæсугъдад, æппæт зæххон цин, маст æмæ фæллой. Зæрдæ æцæгæй у зæрдæ, кæд уый цæры æгас дунейы цардæй, æмæ æгас дунейау у стыр æмæ хъæздыг. IV Æз мæ хъæу æмæ дунейы поэт дæн. у мæ тырыса ленинон рæстдзинад. Уый хоры тауинагæй хъауджыдæр нæу, мæры йæ баныгæн, - нæй йын æмбæхсæн, сбилцъ кæны æмæ рухсмæ суадзы æззар. Поэт бæрзонд дзырд у, æмæ мын æй ныббарут. Мæхицæй не ’ппæлын, исчи мын куы зæгъы: поэт, уæд æз кæнын нæуæг чындзау къæмдзæстыг, дзырды дæснытæм ницы бар дарын, фæлæ уæддæр зæгъын æмæ уæм ма фæкæсæд диссаг: æз мæ хъæу æмæ дунейы поэт дæн. Мæскуы, 1956 *7
НАФИЙЫ ЧИНЫГ «ЛИРИКÆ»-ЙЫ ТЫХХÆЙ 1956 азы июлы мæм бахатыдысты областон библио- текæйы кусджытæ, цæмæй сын доклад скодтаин чиныг- кæсджыты конференцийы Джусойты Нафийы поэтикон æмбырдгонд «Лирикæ»-йы тыххæй. Баззад мæм къух- фыстæй. Æрхæсдзынæн æй цыбыртæй. «Джусойты Нафи ирон литературæмæ æрбацыд йæхи хъæлæсимæ, йæхи индивидуалон миниуджытимæ. Ис ын уæрæх æмæ сæрибар авнæлд, ныфсджын æмæ арф цæст- æнгас, сфæлдыстадонæй иртасы царды дзæвгар фарс- тытæ æмæ сæ скъуыддзаг кæны социалистон реализмы домæнтæм гæсгæ. Нафийы æмдзæвгæтæн иу æмвæзад нæй. Хæсты тых- хæй æмдзæвгæтæ, иуцалдæрæй дарддæр, иууылдæр сты нуарджын æмæ арф æнкъарæнтыл амад. Уыдон канд уымæн хорз не сты, æмæ дзы советон хæстоны хъай- тардзинад кæнæ уарзондзинадыл кæй дзырдæуы. Фы- дыбæстæйон хæсты рæстæджы ахæм поэт нæ уыдис, со- ветон салдаты уыцы миниуджыты тыххæй чи нæ фыста, фæлæ уæд поэттæ цы фыстой, уый иууылдæр поэзи нæ уыдис. Гъе уымæ гæсгæ раст нæ вæййынц нæ критиктæ, иу кæнæ иннæ уацмысæн, автор цæуыя фыссы, уымæ гæсгæ куы фæаргъ кæнынц, уæд. Аивады тынг ахсджи- аг нæу, фыссæг цæуыл фыссы, уый. Ахсджиаг у, фыссæг куыд фыссы, уый. Нафи ссардта ахæм аивадон фæрæзтæ, кæцытæ тыхджын æвдисынц советон салдаты зæрдæ. Нафийы хæстон æмдзæвгæтæм поэт Гафез æрхаста иу лаз. Уый 1949 азы чиныг «Салдаты зæрдæ»-йы йæ раз- дзырды фыста: «Ацы æмдзæвгæты хъайтар-салдат, Кав- казы хæхтæй Берлины онг цæугæйæ, уыны алцыдæр, хаты æппæтдæр, йæ алыфарс цы цæуы, уый йæ зæрдæмæ арф исы, фæлæ йæ кæсæг нæ уыны салдат-хæцæгæй, сал- дат-архайæгæй, - цыбырдзырдæй, автор уæлахизхæссæг салдаты тох нæ равдыста æмæ афтæ зыны, цыма уый тохгæнæг хæстон нæу, фронты фыццаг хаххыл нæ лæу- уы, фæлæ у хицæн цаутæ, фæзындтæ, æнкъарæнтæ ны- сангæнæг». Ам Гафез, мæнмæ гæсгæ, раст нæу. Нафи фыссы лири- кон æмдзæвгæтæ æмæ лирикон авторы хæс у салдатæн
йæ зæрдæйы æнкъарæнтæ æвдисын. Салдаты архайæгæй, хæцæгæй Нафи романы кæннод та эпикон поэмæйы куы нæ равдыстаид, уæд æндæр хъуыддаг у, уæд дзы æр- домдтаиккам хæстон техникæ равдисын, баталон нывтæ саразын. Лирикæйы гæнæнтæ цас амонынц, уымæй На- фийæн хорз бантыст советон салдаты фæлгонц сныв кæнын. Мах уынæм, салдат хæстмæ куыд ацыд, Ирысто- ны зæххыл куыд тох кæны, уырдыгæй Украинæ æмæ Белорусимæ куыд бахаудта, стæй куыд нысхуыста суанг Берлинмæ. Æппындæр нæу Нафийы салдат фæрсæрды- гæй кæсæг æмæ хицæн цаутæ нысангæнæг. Уый дзуры йæхи номæй, хæсты рæстæджы алы советон патриоты хуылфы дæр цы бæрзонд æнкъарæнтæ уыд, уыдон тыххæй. Чиныг «Салдаты зæрдæ»-йы фæстæ Нафи цы ’мдзæв- гæтæ ныффыста, уыдонæн сæ фылдæр у фæлурс, уæлæн- гай. Уыдон мидæг Нафи адзæгъæл иумæйаг ныхæстыл, нæ сæ зыны йæ индивидуалондзинад æмæ уыйадыл зæр- дыл дæр нæ лæууынц. Уыдон æнæуый, хорз фыст сты, сæ аивадон фæлыстмæ сын фау не ’рхæсдзынæ, иудзырдæй, дæсныйад сæ ис. Кæд поэты дæсныйад гуыры айдагъ уа- зал зондæй, уæд æмдзæвгæтæ рауайынц уазал, зæрдæйыл нæ фембæлынц. Кæд дæсныйад нæ гуыры айдагъ уазал зондæй, фæлæ ма интуицийæ дæр, уæд æмдзæвгæтæ ра- уайынц хъарм, зæрдæмæхъарæг. Нафийы ацы æмдзæв- гæтæ гуырынц айдагъ уазал зондæй æмæ уымæ гæсгæ рауадысты уазал. Уыдон рæсугъд сты, æрттивынц мрамор дурау, фæлæ сæ эмоци нæ тæлфы. Исчи зæгъдзæн, зæгъгæ ахæм æмдзæвгæтæ бирæ ис иннæ адæмты поэзийы дæр. 0, бирæ ис, æмæ сæ чи æп- пæлы? Нафи фæстаг азты бирæ бакуыста интимон лирикæ- йы. Уарзондзинад æм у комкоммæ дæр уарзондзинады хуызæн, нæ йæ вульгаризаци кæны, зоны йын йæ бæрц æмæ йæ аивдзинад. Нафи тырны адæймаджы зæрдæйы уавæр алыфарсо- нæй равдисынмæ: хъæлдзæгæй, мæстыйæ, æнкъардæй, уарзгæйæ, худгæйæ, кæугæйæ. Уымæй уый дарддæр кæ- ны нæ поэзийы хуыздæр традицитæй сæ иу.
Иу рæстæджы чидæртæ Нафийы сфæлдыстадæн раст аргъ нæ кодтой: Нафи, дам, хъуыды кæны уырыссагау фысгæ та - иронау, æмæ, дам, уымæ гæсгæ йе ’мдзæвгæтæ сты тæлмацы хуызæн. Фыццаджыдæр, цы нысан кæны фразæ «тæлмацы хуызæн»? Афтæ зыны, цыма æндæр æвзагæй цы фæтæл- мац кæнæм, уый иронау фысты хуызæн нæ вæййы, фæлæ цахæмдæр хатиагау фысты хуызæн. Фразæ «тæлмацы хуызæн» чи æрымысыд, уыдон раст не ’мбарынц, цы у тæлмац литературæ. Уыдонмæ гæсгæ, æнæтæлмац ли- тературæ фыст цæуы ирон æвзагыл æмæ тæлмац лите- ратурæ та - æндæр æвзагыл, ома æнæтæлмац литературæ у хорз, тæлмац литературæ та - æвзæр. Нафийæн йæ хъуыдыйæдтæ сты æлвæст, æнцонæм- барæн. Литературæ кæсынмæ чысыл æвзыгъд чи у, уый дзы йæ къах ницæуыл скъуырдзæн, ницы йын дзы уы- дзæн æнæмбæрст. Фæлæ уæддæр «тæлмацы хуызæн» æрымысджытæ цæмæн схуыдтой Нафийы уацмыстæ тæлмацы хуызæн? Мæнмæ гæсгæ, Нафийы æмдзæвгæтæ уыдысты ног фæ- зынд нæ поэзийы. Уыдон хастой семæ ногдзинад æмæ кæйдæрты трафаретон, рæсугъд, фæлæ тутт æмдзæвгæ- ты хуызæн куы нæ уыдысты, уæд сæ тæлмацы хуызæн схуыдтой. Чидæртæ ма зæгъынц, зæгъгæ, Нафи оригиналон нæу, йе ’мдзæвгæтæй, дам, бирæтæ сты Щипачев, Сурков æмæ Исаковскийы æмдзæвгæтæ, Нафи, дам, сæ æрмæст ирон- мæ раивта. Æз разы дæн, Нафийы æмдзæвгæтæй иуцалдæр æн- дæр поэтты æмдзæвгæты æнгæс кæй сты, ууыл. Мæнæн мæхицæн, цæвиттон, этюд «Æртындæс коммунары» мы- сын кæны Бакойы 26 комиссары тыххæй Есенин Сер- гейы поэмæ. Ранæй-рæтты Нафи раивы æндæр поэтты рæнхъытæ. Æмдзæвгæ «Рухс бæстæ»-йы фыццаг рæн- хъытæ: Æхсæв бæстæ афтæ рухсу, афтæ - Судзины бын акæнин фæдзæл, -
ивду Исаковскийæ: И такой иа иебемесяц - Хоть иголки подбирай. Уымæй дæлдæр лæууæг рæнхъытæ: Хурæи иæй йæ быиатæй æрхæссæи, Науæд æй æрхæссии æз дæуæи, - зæрдыл лæууын кæнынц поэт Фатьянов Алексейы ны- хæстæ: С иеба звездочку достаиу И иа памятъ подарю. Гъе, фæлæ хъуыддаг уый мидæг нæй, Нафийы æм- дзæвгæты искуы искæй рæнхъыты хуызæн ныхæстæ ис æви нæ. Хъуыддаг уый мидæг ис, Нафийæн æндæр поэт- тæй ист æмдзæвгæтæ кæй хонынц, уыдонæн Нафийæн йæхи схонæн ис æви нæ. Нафи искæй поэтикон фæлгонц кæнæ хъуыдыйы уа- цайраг не свæййы. Уый ерыс кæны иу кæнæ иннæ поэ- тимæ: алæ-ма, ды ацы фæлгонц кæнæ темæйæ афтæ спай- да кодтай, фенæм, кæддæра дзы æз та куыд спайда кæнин. Æмæ Нафи æнæбары нæ рафæлхат кæны искæцы поэты фæлгонц кæнæ хъуыды. Нафи йæ срухс кæны йæхи инди- видуалон поэтикон рухсæй æмæ ныффыссы оригиналон æмдзæвгæ. Æцæг, рæстдзинады охыл, зæгъын хъæуы уый, æмæ искæй æмдзæвгæтæм гæсгæ æмдзæвгæтæ фыссын (ори- гиналон æрмдзæф сæ куы зына, уæддæр) бынтон раппæ- линаг хъуыддаг нæу. Хи, зынгау, хизын хъæуы æнгæс- дзинадæй. Поэт лæджыхъæд равдисы, йæ размæ цы æм- дзæвгæтæ æрцæуы фыст, уыдонæй бындуронæй чи хи- цæн кæны, æрмæст сæхихуызæн чи уа, ахæм æмдзæвгæ- тæ куы ныффыссы, уæд. Нафимæ ис къорд æмдзæвгæйы, уыдон нæ ныффыста- ид нæдæр уырыссаг, нæдæр украинаг, нæдæр æндæр поэт. Уыдон сты ирон поэты фыст. Уыцы æмдзæвгæты уынæм алыхуызон зæрдылдаринаг фæлгонцтæ: «Хуры тын ар-
вæй æрзæбул, æрдуйау», «Мигъ хæхтыл раст нымæтхудау нысчъилтæ», «Раст Уастырджийы зарæгæн хъырнæгау, нæ заводтæн нæ арф кæмттæ хъырныдтой» æмæ а. д. Уы- дон ист сты ирон хæххон цардæй. Сæ кæсгæйæ, алчидæр æнкъары, Нафийæн бæрæг-бæлвырд адрес кæй ис - Нафи у Иры бæстаг, йæ поэзийæн ис ирон колорит. Фæлæ ирон колориты сæраппонд поэт макуы хъуамæ иртæса реали- стон, типикон деталтæй, хъуамæ мисхалы бæрц дæр ма сзыгъуыммæ кæна æцæгдзинад. Нафи ацы принципыл фидар лæууы, фæлæ иуæй-иу хатт, йе ’мдзæвгæтæн ирон колорит раттыны охыл, уыцы принципæй фæрсæрдæм дæр ахизы. Цæвиттон, æмдзæвгæ «Салдаты сагъæс»-ы зноны сал- дат, йæ мады мысгæйæ, зæгъы: Хæст куы 'рцыд,уæд ’нæдзургæ мæ роныл Ме ’хсаргард йæхи къухæй æрбаста. Æмæ дарддæр: Уæд йæ сæр мæ сау арæзт бæрцытæм Бакъуя кодта, сусæгæй ыскуыдта. Ацы рæнхъытæ рæсугъд фыст сты, дзырд дæр ыл нæй, фæлæ æхсаргард, бæрцытæ æмæ æндæр ахæм деталтæ ха- рактерон не сты абоны цардæн, кæсæг не ’ууæнды уыдон рæстдзинадыл, уымæн æмæ ирон фæсивæд хæстмæ æд хъаматæ, æд цухъхъатæ нæ цыдысты. Цалдæр ныхасы мæ фæнды зæгъын Нафийы рифмæты тыххæй. Нафи нæ уарзы ихсыд, фæлурс рифмæтæ. Фæлæ уый ууыл нæ дзуры, æмæ поэт алыхатт хъуамæ ног риф- мæтæй фысса. Нафийы рифмæкæныны принцип у ахæм: пайда кæн зæронд рифмæтæй, фæлæ агур ног рифмæтæ дæр. Нафийы иуæй-иу æмдзæвгæты фендзыстутæдзæллаг рифмæтæ дæр. Цæвиттон, немæ - фесæфт, мад уай - са- гайы, хæстыты - хъысмæты,уый - цæуы. Рифмæтæ Ир - ирд æмæ æндæр ахæмтæ æгæр арæх сты. Æмткæй райсгæйæ, Джусойты Нафийы поэтикон æм- бырдгонд «Лирикæ» лæууы, ирон советон поэзийы рæзт чи бæрæг кæны, уыцы чингуыты фæндагыл».
САБИТÆМ Байхъусут-ма, мæ чысыл фæдонтæ, Хъæлдзæг сабитæ - фидæны ныфс. Ам ныууагътон мæ сабион бонтæ. - Ныр æрцыдтæн сæ уынынмæ æз. Ам æз уыдон дзæгъæлæй ныууагътон, Ам, сæ цæрæнæй, ацыдтæн дард, Иу дзырдæй сын хæрзбон дæр нæ загътон Æмæ уыдоныл кодтон æнкъард. Чизоны ’мæ уæ искæй æрфæндыд Уыдон фенын, сæ бынат кæм и? Уыдон - уемæ цæугæдоны ’рфæнты Дæлæ комы фæнайынц сæхи. Уыдон - уемæ сæумæрайсом сыстынц. Уемæ рацæуынц фосы фæдыл, Хуымгæрæтты сæ фæрстыл æрхуыссынц Æмæ уемæ фæхæрынц сæ гуыл. Уыдон - уемæ, тæлтæг æмæ ’нæмæт, Уынгты згъорынц сæ уисын бæхтыл, Фæззæг искуы дыргъафон æрлæууæд, - Нал фæцæуынц хæдзары тæфтыл. Уыдон - талынгмæ рухсы тырнынад Æмæ дымгæйы сулæфт - фæлмæн. Уыдон ам ысты, ам и сæ бынат, 'Рмæст сæм раздæхæн нал и мæнæн. Байхъусут-ма, мæ чысыл фæдонтæ, Макуы фенæд хъыгдзинад уæ уд, - Нæй бæллиццагдæр сабион бонтæй Æмæ с’ацыдыл ма стагъд кæнут. Хъорнис, 1956
1957аз УАРЗЫН Æз бæлццон дæн æнæкæрон царды фæндæгтыл! Дзыхъхъ, къуыппытæн нымайæн дæр нæй. Хатт фæцудын, цыма цæуын зæгæлтыл, Цал æхсæвы нæ кæнын фынæй! Æз цъаммардзинад никуы æмбæхсын, Ц’у мæ уæнгæл, - йæ ных ын цæвын. Æз æвирхъау фæндæгтæй нæ тæрсын Æмæ уыдоныл фидар цæуын. Æз æрмæстдæр лæгъз фæндæгтыл бацæуын хъавгæ, Исын уыдоныл ризгæ-тæрсгæйæ мæ къах. Чи фæзæгъы, сты фæндæгтæ авгæй, Уый сайы мах. Цин, фыдфыдæх. мæ цæстыты ферттывд, мæ хъæртæ - Се ’ппæт зæрдæйы арфæй цæуынц. Нæй æнцойад! Æнцойад ис а зæххыл мæрдтæн, Фæлæ уыдон дæр удæгæстæй домынц, цæрынц.
Æз фæбырын, фæкæлын, фæлдæхын, Царды бирæ фæндæгтыл фыдæбон кæнын, Фæлæ хъусут: дунейæн «нæуарзын» нæ зæгъын, «Уарзын! Уарзын!» - дунейæн зæгъын. 1957 * * * Куыд мæгуыр у, йæ хъарм къуымæй чи нæ ракæсы æддæмæ, Чи нæ фены, æхсæвы куыд аивы бон, Чи нæфены, æнкъардæй ма фæззæг куыд фæкæны иу каст фæстæмæ Æмæ фæстаг сыфтæр бæласæн куыд зæгъы хæрзбон. Азы афонтæй никуы феппæлынц уазал хъызт зымæгæй, иннæтау, Фæлæ йæ æз уарзын, - æбарону, æвзонг. Сæумæцъæхæй фæндаггæрæтты, хæрзконд балеринæтау, Бæрзытæ арæгъ вæййынц - уæздан æмæ рог. Уалдзæгу ныр, -
хæдзармæ нал цæуын æмгæрон, Кæрдæг цадæггай сдардта йæ сæр, Уый цъæх-цъæхид хуыз аивылд бæстыл æгæрон, Дымгæмæ бæлæсты къабатæ байдыдтой цадæг сæр-сæр, Æз цæрæнбонтæм æрдзимæ бадзырдтон, Хъуамæ иумæ уæм алкæд, куыд нæ кæнæм Æрдз, мæ хорз хæлар, демæ мæ зæрдæйыл базайы базыртæ, Мæзæрдæ демæ уæрæх у, бæрзонд! 1957 * * * Адæм дзурынц: - Цæуыл у дæ сагъæс, Уыцы хъал чызгыл ма уал кæн мæт, Уымæн й ’ахаст дæ зæрдæмæ ма хæсс, Уадз, куыд æй фæнды, афтæ кæнæд. Фæлæ уыцы зæрдæбын ныхæстæ, Нæй, нæ хъуысынц, нæ хъарынц мæнмæ, Цæй, цы змæлут, æнæмæт бæлæстæ?! Дымгæ, рахиз сæ хихтæй бынмæ Æмæ амæл, - дæ базыр дæр ма стил! Банцай, цъиуты цъыбар-цъыбур, тагъд! Хур, зæгъ-ма мын, цы худыс мæ мастыл, Ныр цæмæн домыс хыл æмæ загъд?! Ам мæ цурæй уæ гуыры конд айсут, Абон, зонут æй, уе ’мбал нæ дæн. Мæн мæхимæ иунæгæй уадзут Æмæ раттут мæрдырох мæнæн! 1957
* * * Мæ алыварс кæй уынын æмæ чи ис, - Цыфæнды дзурæнт, - хъусæг сæм нæ дæн, - Фæндырты мæ цæгъдæнт, кæнæнт мæ фидис, Сæ дам-думтæ нæ тыхсын кæнынц мæн. Фæлæ-ма зæгъ, цæмæн дæн æз æнамонд?! Æрвылбон дæр сымахæрдæм цæуын Æмæ, цыма мын у дæсныйы амынд Уæ урс бæрзы бын иунæгæй лæууын. Зæгъ-ма, йæ тынтæ дæм зынг хур цы калы, Цæмæн у уый тæхудыйагдæр мæнæй? Рæудымгæ дын дæ дзыккутæм æвналы, Мæнæн та сæм кæсыны бон дæр нæй. Зæгъ-ма, æхсæв дæ нывæрзæны базтæ Цæмæн исынц дæ урс уадулты хъарм. Дæ къæхтæн дын цæмæн фæкæны батæ. Фæлмæн батæ дæ сынтæджы раз царм. Æз мард нæ дæн. Бæргæ, дæуау, куы быхсин, Фæлæ кæми? - Зыр-зыр кæны мæ къух. Æз хуры ирд хæрдгæ тынтыл ыстыхсин, Æз дымгæйæн æрбалхъивин йæ хурх. Æз пух базтæ фæцæфтæ кæнин кардæй, Сæ рог бумбули алырдæм кæлид. Кæсид дуне æввахсæй æмæ дардæй, Кæсид мæм æмæ худæгæй мæлид. Уадз, афтæ уæд! Æрттивæд кард - мæ хотых, Уадз, уый мæнæн мæ карз мастисæг уæд. Мæн баййæфта гидальго Дон-Кихоты Æнæхатыр, кæуинаггаг хъысмæт. 1957
* * * Абон уары, уары æмæ уары, Гом рудзынгæй зæххы тæф цæуы. Абон ам, нæ дачæйы хæдзары, Мæн æрмæст дæ рухс фæлгонц хъæуы. Уый, æндæргау, цæстыты раз сысты, Сысты æмæ батайы æнцад... Чи уыдзæн дæ бакастæй сæрыстыр, Чи бафтаудзæн д ’амондыл йæ цард?! Цæй, цы кæнон! Уары æмæ уары, Гом рудзынгæй зæххы тæф цæуы. Сагъæс мæ йæ дзæмбыты бын дары, Æмæ мыл æнусон арв кæуы. 1957 * * * Мæнæ, гъе, мæ Иры зæхх, мæ хæхтæ, Арфбын кæмттæ, сау айнæг къæдзæхтæ. Ам нæ уыдтæ никуы, дæу нæ зонынц, Никуы дыл узæлыдис ирон æрдз. Æз цæуын, кæсын æмæ æнкъарын: Рагъæй хъуысы сонт фыййауы зарын, Зæлтæ ризынц, цъусгай-цъусгай тайгæ Æмæ сагъæс зæрдæйыл æфтаугæ. Æз цæуын, кæсын æмæ æнкъарын: Мигъты цыма нал æндавы уарын, - Афæнд кæнынц атæхын цæгатмæ, - Нæй сæ ныфс - фæхæццæ уой бынатмæ. Æз цæуын, кæсын æмæ æнкъарын: Суадæтты цæстытæ дарынц тарбын,
Сабырæй мыл сæмбæлынц, æнкъардæй, Арв зыны сæ бынмæ дардæй, дардæй. Æз цæуын, кæсын æмæ æнкъарын: Бæлæстæн фæзын сæ цæнгтыл дарын Фæткъуытæ ’мæ кæрдотæ зæбулæй, Сау зæхмæ ныккастысты сæркъулæй. Афтæ, гъе, мæ Иры зæхх, мæ хæхтæ, Арфбын кæмттæ, сау айнæг къæдзæхтæ. М ’алыварс куы мæт кæнынц, куы тыхсынц, Иугæндзон дæумæ бæллынц, дæу мысынц. 1957 УАРЗТÆЙ ЗÆРДÆДЗÆФ (цикяæй) Таняйæн Иу æхсæв мæимæ Ды цъæх арвæй кæсыс фæлурсæй æмæ уазалæй. Мæй! Сæр дæ бахъуыд, равдисдæхи! Цæй, зæгъ-ма мын, цы ’гъдауæй, цы амалæй Мæнæ ацы ’хсæв басабыр кæнон мæхи?! Ды дæхицæй æппæлыс: -Рæсугъддæн! Дæуæй цæй рæсугъд и, 0,уый цур ницысты чызджыты хуыздæртæ!
Уый мæм æнæгъгъæлгæ мидбыл куы фæхудти, - Растдæр фурдау уылæнкæнын райдыдта зæрдæ. Æмæ ныр мæнæ, мæ алыфарс бæстæ байдзаг йæ фæлгонцтæй, Уыныс, дыууæрдæм цæуын æррайау. Æз курын дунейыл рæсугъддæр æмæ хуыздæр монцæй: - Цæв дæ амæттаджы! Цæв мæ, цæлхытæ куыд фæхауон, доны хъуырауау! Кæд мæ уарзонад донау фæйнæрдæм акæлид, зæххы ахъарид Æмæ йæ бынаты райсоммæ сæвзæрид цад, Йæ кой æгас бæстыл диссаг, æмбисондау ахъæр уаид Æмæ нæ байсысид, цалынмæ н ’амæла цард. Мæй, ды-иу куыддæриддæр ракæсис рагъæй, Афтæ-иу цадмæ ныккæсис æмæ стъалыты ’хсæн Уым уынис дæхи, -дæ фæлурс цырагъæй Йæ уæлцъар æрттивид æвзисты хуызæн. Райсом раджы йæм хъазтæ тæхиккой уæд цадæг, Цад æнкъуысид гæзæмæ сæ къаннæг уæзæй, Уарзаг сонт лæппу дзурид йæ сагъæстæ цадæн, Уарзаг сонт лæппу саразид уадындз хъæзæй. Æмæ цад цæрид, улæфид цæрæнбонтæм, Зæххы арф къуырфы зæрдæйау зынид,
Æмæ адæм, зайæгойтæ æмæ цæрæгойтæн Уый æнусмæ рæдауæй лæггад кæнид. Мæй, дæу цы сагъæс ис! Æз хъæмæ нæ ацæудзынæн ахсæв, Æз ахсæв арвитдзынæн демæ ам, Мæ хуыссæн нæ фехъусдзæн ахсæв мæ къахдзæф Æмæ нæ айсдзæни ме уæнгты хъарм. Айс æй ды - ме уæнгты хъарм, айс æй лæварæн! Æз ахсæв йæ рæзты цæудзынæн сындæг Уæртæ уыцы дыууæ æддæгуæлæ хæдзарæн, Фæлæ йæм нæ бауæнддзынæн хæстæг. Хъусыс, хаттæй-хатт срæйы куыдз, базоны мæ, Æз мæнæ ауылты куы фæцæйцæуын. 0, амондджын куыдз, райсом та чи хъусдзæн мæуарзонмæ, Уымæн чи хъахъхъæны ахсæв йæ фын! Мæй, æз искуы дæ рухсмæ æрбаддзынæн бандоныл, Цæмæдæр æнхъæлмæ кæсдзынæн, - хъысмæтæй нæ кæндзынæн хъаст! Æз иунæгæй сæмбæлдзынæн райсомы æрбабоныл Æмæ фендзынæн боны райдиан - сæуæхсиды скаст. Мæскуы, 1957
* * * 0 ме стъалы, куыд рæсугъд дæ, куыд рæсугъд! Нæ дæм лæууынц мæ цæстытæ бынтон. 0 дунетæ, ыскæсут-ма, ыскæсут, Кæд ма федтат гъе уый хуызæн нæртон. 0 ме стъалы, æз дæ æгæрон уарзын, Æнæ дæу мын нæ ад кæны мæ цард. Дæумæ бæллын, мæ къухтæ дæм ивазын, Фæлæ кæм ис! Куыд дард мæм дæ, куыд дард! Куыд зын у! Мæ зындзинад дæумæ нæ зыны. Хох хохыл нæ фембæлы, фæлæ хох хохы фæуыны. Æзта- нæ йæ кæнын уынгæ дæр, Ныр дуне кæмæн у мæнæй уынгæгдæр? Мах никуы уыдзыстæм уыймæ иумæ, Никуы, никуы кæсдзынæн йæ райдзаст цæсгоммæ, йæ риумæ.. Куыд зын у! Мæ зындзинад мын ды мын ды куы ’мбарис - Ацы æмдзæвгæ мæлæты къæсæрмæ дæ зæрдыл дарис.
* * * Дæу цы фæнды, - цы нæ сараздзынæн дæу тыххæй! Æз ныффыссин ныртæккæ дунейыл зындæр фыссæн стихтæ. Дзырдтæ къордтæй мæ ныхмæ лæууиккой хъæддыхæй; Фæлæ стихы фæткмæ гæсгæ уыдон æрцæуиккой дихтæ. Алы чингуытæ мæнæ мæ алыфарс - къона, Семæ ахсæв мæ зæрдæ кæудзæн æмæ худдзæн,- Уасфæцæрой! - Кæсдзынæн сæ, цалынмæ сбон уа, Стъалы ахуысдзæн арвыл - мæ цырагъ ма судздзæн. Æмæчингуыты иууыл рæсугъддæр ныхæстæн Æз зæгъдзынæн: - Мæ тугимæ схæццæ ут тагъддæр! Уæд нæ уыдзæни мур тас сæттынæй мæ фæрстæн, Уæд нæ хиздзæн мæ риуы цъæх маргæй сæрст фат дæр! Дин кæй уырны - йæ тæригъæд аргъуаны суадзы, Æмæ ’рлæууы хуыцаумæ æввахсдæр, хæстæгдæр, Афтæ иу уысмы бæрц дæр куы аззайын искуы дæ разы, Уæд мæ сонт зæрдæ свæййы тыхджындæр, сыгъдæгдæр. Æз дæу тыххæй... 0, баууæнд! Æрмæст ды нæ зоныс, Æз цы ’взарын, нæ уыныс мæ цинтæ, мæ зынтæ.
Дæу цы фæнды, цы дæ хъæуы, цæй-ма, цы домыс - Æмæ бамбар, мæ зæрдæйæн чи дæ, цы мын дæ! 1957 ОКТЯБРЫ БОНЫ Мæ хæлар, нæ дыууæ дæр æрыгон стæм демæ, - Райгæ цæстæй кæсæм дунемæ. Мах нæ бæллæм цардæн йæ сабырмæ, Хъазы, зары нæ уæнгты нæ туг. Фæлæ уæддæр тæхуды кæнæм Октябрмæ. Кæй фæрцыуабон диссаг нæ дуг. Азтæ цæуынц, фæлæ йын сурсæй ма тæрс, Иæ цæсты не сбаддзæн зæронды æртах, - Азтæ йыл дисæй нæ мæлынц, уæгъды сæ ма фæрс, Азтæ дзурынц: - Йæ фарс æстæм мах! Нæй! Уый цур ницы сты аргъæутты хъайтартæ. Нæй, Нæ уыд æмæ нæ уыдзæн Октябрæн æмбал! Уый куы райгуырд, уæд йæ фендæй кодтой тарытæ, Чидæриддæруыд
бухъ æмэе хъал. Уый куы райгуырд, уæд ныррызти æгас зæххы къори Цагъартæ загътой: - Разы стæм Октябры фæндыл! Æмæ фыццаг хатт, коммæгæс пылау, истори Анкъуыст кусджытæ æмæ зæхкусджыты фæдыл. Уый куы райгуырд. уæд йæ ныййарæг мады Бацыд ныфс æмæ скалдта йæ хуыз, Уыцы карз хъызты йæ хъæбулы райгуырдæй ради. Уый - ныййарджыты кадджындæр номдзыд - номдзыд Уырыс. Ныр Октябрь дунеты йæ рухсæй йæхимæ æлвасы. Йæ фæкаст у хъармдæр зынг хуры тынæй. Куыд æнхъæлыс, уыйау иунæг поэт дæр, иунæг актер дæр нæуарзы, Уый нæуарзон - Сæрибары мæтæй æхсæв дæр нæ кæны фынæй. Мæ хæлар. Октябрæн зæрдæбынæй кувын. Йæ ном, йæ намыс ын æвæрын бæрзонд, Цæмæй нæ алчидæр, уыйау, йæ уарзоныл уа æнувыд Æмæ нæ алчидæр, уыйау, æнусбонтæм уа æвзонг! Сталинир, 1957 аз
ХИКМЕТУЫРЫСЫ Уый рацæуы сæумæрайсомæй цадæг. Йæ цæстыты цъæх радты арвæн, хъæдæн, цадæн. Йæ алыфарс - Уырыс, æнцой æмæ сабыр æрдз, Фæлæ поэт æнæрынцой у: ардæм Уый хъусы, удхарæй куыд ^ынæргъынц йæ адæм. Йæ фыцгæ риуы туркаг стихтæ гуырынц. Æмæ фæзыны афтæ, цыма ныртæккæ уыдон сæхиуыл схæцдзысты. Поэты риу ныррухс кæндзысты ’нæнтау, Æмæ планетæйы æгæрон арвмæ стæхдзысты, Хæдтæхджытау кæнæ бæлæттау. Мæскуы, 1957 КЪОСТА - МÆ УАЗÆГ Табуафси, Къоста. рахиз мидæмæ, Мæнæ дын бандон - æрбад. Уыныс, куыд æрцыдтæ сæрæгасæй фидæнмæ, Ирыстоны кæуылты у дæ кад Стæй канд Ирыстоны нæ, -
дæу алыран дæр уарзынц бирæ, Ныр сæххæсти, цæмæ бæллыдтæ ды, Нæуæг дуне у рухс, æмæ дæ лирæ Дзыллæты ’хсæн сабырадыл цæгъды Нæртон Колумб, ды бакодтай фыццаг хатт Ирыстоны, æмæ дæ дзыхæй уый Рæсугъд æвзагæй сдзургæйæ, парахат Æппæтдунейæн равдыста йæхи. Ирон лæг искуы искæй зæхмæ ’рхизæд, Кæдæм фæнды зæгъæд: - Гъе, уырдæм цом, - Дæ ном, ын у куыд паспорт, кæнæ визæ. Дæ номимæ йын алкæй дуар дæр - гом. Хъуыды кæныс, дæ алыфарс æвзæргæнджытæ цас уыд, Æмæ сæ рæстæг раджы кæд фæцис. Уæддæр нырма сæ сау мыггаг нæ аскъуыд. Æхсины лæгтæ нырма дæр ис. Рæстаг адæмтæм рабæттынц сæ гæрзтæ. Сæ удхæссæг - цæсгомджын куыст, фæллой.
Фæлæ сын мах ныссæтдзыстæм сæ фæрстæ, Зæххы цъарыл куыд нæ уал уа сæ кой. Æз, Къоста, дæ цуры ницы дæн дæуæн, дæуау, мæ зарджытæ нæ фæкæны нæ фыййау. Цы хуыцау ратдзæни дæ къухты айст мæнæн. Стæй, дæхæдæг зоныс. Грис. Гафез æмæ Нафийау, Поэзийы дзырддзæугæ лæг нæ дæн. Æмæ мын бахатыр кæн. афтæ дæм кæй уæндын, Ды мæ фыд дæ, æз та - дæ фырт. Дæуыл мæхицæй дæр фылдæр æууæндын, Дæуæй хуыздæр кæмæн зæгъон мæ дзырд. Махмæ бирæтæ цæрынц æмæ цæрдзысты. Æрмæст нæ цæрдзæн сæ поэтикон зынг. Арæх кæрæдзи бакæнынц цæрмыстыгъд, Æппæтæй - æнгæстæ, æнæуд, æндзыг.
Дæу та фæнды, цæмæй уа алыгъуызон поэттæ дæ фæстæ, Куыд уа æндæр æмæ æндæр сæ хъару, сæ хуыз. Æрвитыс Маяковскийæн дæ арфæйы ныхæстæ, Нерудайæн «æгас цæуай» зæгъыс. Бузныг, Къоста. кæй мæм æрбауадтæ, бæргæ мæ Фæнды, куы дæ фæуазæг кæнин тынг - Арахъ нæм ис, - æнæ арахъхъ цæрæнбонтæй фæстæмæ Нæ фидауы ирон лæгæн йæ фынг. Ды рынчын дæ, фæлæ æнхъæл дæн, хаттæй-хатт нуазыс. Цæй, бануазæм сæ - хæлар нынуæнт, Дæуау, Ирыстонæн чи кæны намыс, Уыдон бирæ цæрæнт! Хъорнис, 1957
* * * Бонцъæхтæ. Уæйгуытау улæфынц хæхтæ. Дымгæ афу кодта уæларвы цырæгътæ. Хур кæцæйдæр фыццаг тынтæ рахста Æмæ сæ цыргъ фаттау хæхты цъуппытыл ныссагъта. Уый - боны рад ралæууыд, æхсæв фæсурын - йæ нысан. Æмæ скæсæнæй сдары сæуæхсид - фæйлаугæ тырыса Ныгъуыли, æвзистау, йæ зарæджы зæлтæ зæры,- Афтæ алы райсом дæр Цард ногæй æвзæры. 0, куыд хорз уаид, алчидæр ацы райсомæй куы раид Æмæ уыйау æнæхин, сыгъдæгзæрдæ к’ уаид! Хъорнис, 1957 ФÆЗЗÆГ Фæззæг... Дыргъдоны фæткъуытæ æртыдтам, Чи ма сыл баззад, - нал хæцынц къалиутыл, зæххыл фæцæуы сæ тъæпп. Фæндаггæрæтты уагъылыйы къутæртæ судзынц æртытау,
Сыфтæртæ, тæхаг цъиутау, кæнынц гæпп-гæпп. Цæуынц дæ фæдыл, цом, кæддæра, дам, нын цы зæгъид, Ныр фæуазали, хъæмæ нæ акæн, - курынцдæуæй. Фæзтыл кæрдæг йæ мæлæты агъоммæ дары цъæх-цъæхид. Фæстаг хатт ма йыл хъуццытæ хизынц зыдæй. Ды нæ тыхсыс, нæ дæ ’хсыны сагъæс, Æцæг дыл æруадзы йæ базыртæ хатт. Иу райсом сыстдзынæ, афæлгæсдзынæ: - Акæс-ма, акæс, Уæлæ хъæдгæрæтты халас æрбадт, Æмæ фендзынæ хъæды алцыдæр бæлвырд-бæрæгæй, Талынг аууæттæ кæм уыд, уым - кæмдæриддæр рухс. Гуырынц зонды хъуыдытæ. уæзбын æмæ ирд айдæн донау, сыгъдæгæй, Хæрз чысыл, гæзæмæ хъæлæба дæр ахсы дæ хъус. Фæззæг, фæззæг,
чи дæ нæуарзы! - Уазал уддзæф хæсгæйæ, æрцæуыс æнцад, Лæг æнæуд, адджын сæнттæ мысын ныууадзы Æмæ фены æргомæй йæ алыфарс цард. Хъорнис, 1957 * * * Мах абон кусæм фидæны рæдау бонтæн, Фидæн - хуыздæр цардуаг, хуыздæр бæстæ, хуыздæр адæм, Уæвгæй, мæ хæлæрттæ, куыд бирæ хъæуы рацæрын уæ амондæн Æмæ фыдæзнæгты фыддæрадæн! Мæскуы,1957 МÆХЪÆУ-МÆРАДТÆГ Мæ раттæг, ме схæссæг, мæ хъæу, Уынын дæ æз, тыгъд картæйау, мæ разы. Мæ хъæу, дæ хъæбул бирæ уарзы дæу. Дæ рог уæлдæф дын мады ’хсырау нуазы. Ам иу хæдзармæ у дæ уарзт дывæр, Кæм у нырма, музейы экспонатау, Дæ узæг авдæн уæлхæдзар æвæрд Æмæ дæ мад дæуыл мæтæй кæм батад. Фæзын кæддæриддæр - дæ хуыссæн у цæттæ, Куыддæфæнды, дæхи дзы афтæ айваз,
Дæ кæрдойы, дæ фæткъуыйы хæйттæ Кæсынц æнхъæлмæ де ’рцæуынмæ ал-аз. Мæ хъæу, мæ райгуырæн, зынаргъ мын у дæ ном, Дæ цард, мæ хъæу, йæхи ’мбæхсын нæ зоны, Уый у, хæххон донау, сыгъдæг æмæ æргом, Æмæ кæцæй фæнды дæр мæн йæхимæ хоны. Хъорнис, 1957 ТÆРККЪÆВДАЙЫ Цæуы, тындзы нæ горæтгæрон поезд, Мæ ныхмæ бады рудзынджы цур иу, Дæуау, хæрзконд, рæсугъд æмæ æвзонг чызг, Дæуау, хъæддыхбуар, хурæфсæст, къуыприу. Кæсын æм æз. Куынæ кæнин æфсæрмы, Уæд ын зæрдæйæ стыр бузныг зæгъин. Нæ поезд цырд цæуы. Уынын: йæ сæрмæ Ныллæг æруагътой сау мигътæ сæхи. Æрхæццæ дæн æз ме станцмæ, - æрхызтæн, Кæс, уыцы чызг дæр асиныл æрхызт. Йæуынгæйæ, мæхинымæры стыхстæн, Уый чи уыдзæн? Кæнæ цы у йæ куыст? Кæнынц хъуынтъызæй сау мигътæ сæ кæнон, Арв ферттывта, ныннæрыди æваст, Нæ алфамбылай ныррухс кодта æгæрон, Ныррызти бæстæ, раст цыма фæтарст.
Æмæ къæвда ныссæх-сæх кодта уайтагъд, Цы кæндзæн чызг, куы схуылыдз уа, мыййаг? Фæлæ йæм, кæс, æд зонтик рог æрбатахт Цавæрдæр лæппу - бакастæй хæрзуаг, Йæ уæлæ ис цъæхбын костюм - мылазон, Йæ къæбутмæ æххæссы сæры хъуын, Æвæццæгæн, уыдзæнис уый йæ уарзон, - Æмæ сæ фæдыл цадæггай цæуын. - Дæ лæг кæм и? - Цæмæн мæ фæрсыс иууыл!? - Уæддæр кæм и? - Йæ куысты уыдзæн ныр. Æз хъусын æмæ не ’ууæндын мæхиуыл, - Æввахсæй арв ныккодта карз гуыр-гуыр. - Фæлæуу, уæд та дæ базыдта - цы уыдзæн? - Куыд тæрсаг дæ? Цæуылты мæт кæныс?.. Гъе, уый дын, гъе! Куыд мæм фæкаст дæ хуызæн? - Ныббар мын æй, мæ хуры хай, мæ ныфс. Мæ быны цыма дон кæнынц мæ къæхтæ, Сæ фезмæлынкæнын дæр нæу мæ бон. Мæ мидæг хизынц къæвдайы æртæхтæ, Фæлæ мæхицæй айрох дæн бынтон. Фæцæуы уый, хæрзконд æмæ рæсугъд чызг, Фæцæуы... Разæй - уат, æхсæвæр, сæн. Йæхи ныттындздзæн сау æхсæвмæ рудзынг, Уыдзæнис хъарм æцæгæлон хуыссæн.
Ды уый хуызæн нæ дæ, нæ дæ! Мæ арфæ Дæу тыххæй у, дæ номæй хæрын ард. Ехх, ныр куы фестин саумигъæхгæд арвæй, - Мæ цæфæй йæ æрбакæнин дзыхъмард! 1957 ГÆЦИЙЫ УАЦМЫС Фыссæг, дам, й’ ал уацмыс фæкæны аргæ, Йæ хуылфы, дам, æй къорд мæйы фæхæссы, Æмæ йæм иу бон, стыр цинад æнкъаргæ, Йæ цæстыты раз урс гæххæттæй скæсы. Гæцийы хъустыл уыцы хабар ауад, - Æмæ кæд уыдис хъал лæг уалтæбарон! Мæ цард, дам, зæгъы, иууыл куы суа раууат, Уæддæр, дам, хъуамæ иу уацмыс ныййарон! Æмæ уæхскуæзæй райдыдта фыдæбон, Иæ зæрдæйæ æнцойдзинад фæтардта. Йæ хидкалдæй ныллæхъири йæ хæдон Æмæ, о, диссаг! - иу мæймæ ныййардта. - Ныййардтон! - æмæ фырхъæлдзæгæй скафыд, - Гæци, дæ уацмыс тагъд йæ ранмæ ахæсс! Фæрсгæ-фæрсгæйæ, редактормæ бафтыд Æмæ йын загъта: «Мæнæ ма æрбакæс!» Редактор æм дзæвгар, лыстæг фæкасти. Æмæ фæцыди сагъæсты æнкъардæй. «Ай цавæр у? Куы нæ змæлы, ныррасти... Куыд ын зæгъон: дæ уацмыс райгуырд мардæй?» Æмæ йæ дзыхæй иу дзырд дæр куы нæ хауд, - Гæци тыхæйты бафæрæзта сдзурын: - Кæд дын зын у - фæзындзынæн æндæр хатт. Ныр уал мын зæгъ: цы ма йæ хъæуы?.. Курын... Редактор уæд йæ дзыхы баст æсуагъта. Цы у мæнг дзырдæй хорз лæджы хъыг кæнын, Æмæ Гæцийæн мастæмхасæн загъта: - Кæуын ма йыл хъæуы æмæ... ныгæнын! Сталинир, 1957
ПОЭТ-РАЗАМОНÆГМÆ Поэт дæ ды, уæдæ цы дæ. Бæрæг зыныс поэты раст цыдæй. Поэзийы ды бауарзтай дæ мадау, Æрмæст поэтты раст æмæ зылынæй - Гуымир уисойæ, русау лæгъз цъылынæй - Æмхуызон, буц, рæвдаугæ армæй ма дау Кæннод дыл, цъиутау, райдайдзысты цъипп-цъипп: - Нæ хорз хæлар, цæмæннæ дæм ис принцип! Сталинир, 1957 * * * Мæн рынчындонæй рафыстой нæхимæ, Мæ къухы - мæ дзаумæтты тыхтон, Нырма лæмæгъ уыдтæн, зæхх мыл хæцыд йæхимæ, Фæлæ мæ афæлдахын нал уыдис йæ бон. Æмæ цыдтæн, Мæ хæлæрттæ мæ цæстыл уадысты, Уыдон куыд фæндараст кодтой мæн Нæхимæ горæтæй, - цин кодтой æмæ радысты, Ногæй та кусынхъом кæй дæн. Стæй ноджы мæ рагон зонгæ мæ цæстыл ауад, Йæхи йын дард кæмдæр фыдудæй мардта низ,
Фæлæ мæнмæ фыста: æхсæв, дам, бирæ ма бад, (Уæд ма дзæбæх уыдтæн), дæхи, дам, низæй хиз. Æмæ куы цыдтæн рынчындонæй нæхимæ, - Æрдз мæ алфамбылай ’нæвгъау æскалдта йæ хуыз, Хъæуæй урсриу бæлæттæ стахтысты иумæ Æмæ сыл тыбар-тыбур кодта цыллæ тынтæй хыз. Хур уæларвæй æрхызтис æрвгъуыз донмæ, Хæристæ йæм æргуыбыр ысты ныллæг. Æз гуырысхо нæ кодтон, уыцы уысм уыдонмæ Алчи дæр кæй кодта хæлæг. Фæлæ æз цыдтæн, мæ зæрдæ цинæй бынат нæ ардта, Æз цыдтæн æмæ сæрыстыр уыдтæн, Ацы цардæн мæ адæймаг иухатт кæй радта Æмæ адæймаг кæй дæн! 1957 КЪОСТА Нæртон Колумб, ды бакодтай фыццаг хатт Ирон бæстæ, йæ куыд æмæ йæ худт.
Дæ фарны дзыхæй сдзургæйæ, парахат Æгас дунейæн равдыста йæ уд. Ирон лæг искуы искæй зæхмæ ’рхизæд, Кæдæм фæнды зæгъæд, гъе уырдæм цом, - Дæ ном ын у куыд паспорт кæнæ в’изæ, Дæ номимæ йын арвы дуар дæр - гом. 1957 МАД Мысын дын арæх дæ хойраг, дæ армы конд. Никуы ма бахордтон а зæххыл уый адæн, Мысын æй алкæд, мæ мад! Хъарм уыдис хæдзар, ды-иу дзы ызмæлыдтæ, Бадынц дæ алыварс иумæ дæ хъæбултæ, Бадынц дæ цуры æнцад. Тæвд пецæй хауы æлыг пъолмæ стъæлфæнтæ, Уæлартæй райсысхæбизджын цъыс-цъысгæнгæ Æмæ йæ царвæй сæрдыс. Фæлæ-иу хæдзары хатгай куы нæ уыдтæ, - Гас бон изæрмæ хæтыдыстæм хъæууынгты, Сидзæр, æнæркаст, фыдгъуыз. Зæххы æнæ мæй цы хъæуы фæцæрынæн. Фæлæ æнæ хур уый басийдзæн дунейы 'Нæнымæц буæртты æхсæн. Афтæ - сывæллон дæр, рæздзæн æнæ фыдæй, Фæлæ æнæ мадæй цард, бон нæ фендзæни. Уæзгуытыл ниудзæн, кæудзæн.
Цымæ æнæ дæу мæ рæстæг куыд цыдаид, Цымæ æнæ дæу кæм уыдаин афонмæ, Кæнæ куыд уаид мæ фидæны цард? Уастæн фæцæрай, фæцæрай зæрдæрухсæй, Уастæн уай райгонд, мæ сабион царды хур, Ме схъомылгæнæг, мæ мад! Цом-ма, ацæуæм, ацæуæм иумæ, Хур ныффардæг, фæивгъуыйы бон. Мах уырыссаг æрдз хоны йæхимæ, Уый рæдау æрдз у, мадау - нæртон. Ма кæн, ма, мæ хур, маст æмæ хъаст дæр, Ма кæн а-цардыл сагъæс, æнкъард, - Алы къудзи дæр, алы бæлас дæр Махæн ратдзæн æрбадæн бынат. Арв бæрзондæй йæ цырæгътæ дардзæн Æмæ ’рттивдзæни, айдæнау, цад; Хъæды булæмæргъ мин мыртæй зардзæн Æмæ хъусдзыстæм уымæ æнцад. Цом-ма, цом, уæдæ, ацæуæм иумæ, Хур ныффардæг, фæивгъуыйы бон. Мах уырыссаг æрдз хоны йæхимæ, Уый рæдау æрдз у, мадау - нæртон. ГÆБИЛАТЫ ГÆБИЛ (радзырд-фельетон) - 0, уымæ ды афтæ ма кæс, уый стыр диссаджы лæг у! - ахæм ныхæстæ арæх фехъусдзынæ Гæбилаты Гæбилы тыххæй. Гæбилаты Гæбил! - фæджих уыдзæн чиныгкæ- сæг, - уый та чи у? Ирыстоны ахæм лæг нæй! Кæцæй йæ æрхаста нæ автор?
Æцæг, мæ зынаргъ чиныгкæсæг, Гæбилаты Гæбил чи хуыйны, бæрæг-бæлвырд адрес кæмæн ис, ахæм лæг нæй Ирыстоны. Гæбилаты Гæбил у тип, уый иу адæймаг нæу, уый у бирæ адæймæгтæ, æндæр æмæ æндæр адрестæ сын ис: чи сæ горæты астæу цæры, чи та - йæ кæрон; кусынц æндæр æмæ æндæр бынæтты: чи уæлдæр бынаты, чи та - дæлдæр: сæ царды уавæртæ дæр æмхуызон не сты. Фæлæ иу цæмæйдæр, доны дыууæ æртахау, кæрæдзийæ нæ хицæн кæнынц. Гъе, уымæ гæсгæ, мæн фæнды, уыдонæн, æмткæй сисгæйæ, иумæйаг, характерон цы у, ууыл иу лæ- джы фæлгонцæй - Гæбилаты Гæбилы фæлгонцæй зæгъын. Гæбилаты Гæбил арæх цæуы, бирæ адæм кæм æмбырд кæнынц, ахæм бынæттæм, цæвиттон, горæты театры раз фæзмæ. Уый фендзынæ тезгъо кæнгæ - дæ зæрдæйæ æмæ хуымæтæг адæймæгтимæ! Нæ, æрмæстдæр горæты ин- теллигент адæймæгтæм хæссы йæ сæр Гæбил. Уый дзырд æрæфтауы алы æмæ алы фарстытыл: уæдæ дунейон уавæр зæгъай, уæдæ философийы ивгъуыд æмæ ног дуг зæ- гъай, уæдæ зонад æмæ техникæйы ног æрымысæггæгтæ зæгъай, уæдæ... Цы нæ æмæ цы нæ фарстытæ нæ зилдух кæнынц Гæбилаты Гæбилы гуырахстджын сæры! Æмæ канд зилдух нæ кæнынц - Гæбил алцыдæр зоны. Исчи йемæ куы базонгæ вæййы, йæ ныхасмæ йын иу хатт дæр куы байхъусы, уæд æм тæхудыйæ йæ былтæ бахсыны. 0, Гæбилмæ ды афтæ ма кæс, Гæбил стыр диссаджы лæг у! Æз ын йæ кой рагæй хъуыстон, фæлæ зонгæ нырма æрæджы бадæн йемæ. Æз дзы фыццаг тæрсгæ дæр код- тон, зæгъгæ, исты æнахуыр фарстыл куы райдайон дзу- рын æмæ йын æз, сæгъ афишæйæн цас æмбары, уыйас дæр куы не ’мбарон, уæд мæгуыр мæ къона: иуæй, ху- динаг фæуыдзынæн, иннæмæй та - цы ныхас не ’мба- рон, уымæй æхсызгондзинад ницы райсдзынæн, ба- фæлмæцдзынæн - æндæр ницы. Фæлæ мæ амондæн Гæбилаты Гæбил иу æнахуыр фарстыл дæр не ’рæфтыдта дзырд. Уый мемæ, æвæццæгæн, литературон кусæг кæй дæн, уый тыххæй дзырдта æрмæстдæр литературæйыл. Æз уайтагъддæр рахатыдтон, Гæбил ирон литературæйæ разы кæй нæу, уый, йæ карз æфхæрæн ныхæстæ нырма дæр мæ хъусты зæлланг кæнынц. Къостайы цырты цур-
ты куы рацæйцыдыстæм, уæд æм Гæбил йæ къух бадардта æмæ хъæрæй загъта: - Къостайыл куы нæ дзурæм, уæд Ирмæ литературæ нæй! Æз хъуамæ цæхгæр фæурæдтаин Гæбилы ныхас, раст нæ дæ, зæгъгæ, Къостайы фæстæ дæр нæм бирæ сæрæн фысджытæ уыд æмæ ис, иунæг Къостайæ кæнгæ нæу ирон литературæйы истори. Цы фесты Секъа, Арсен, Цомахъ, Нигер, Мысост æмæ иннæтæ? Кæнæ, цæмæй мæгуырау сты нырыккон ирон фысджыты хуыздæртæ?! Фæлæ мæхи ныуурæдтон, ахъуыды кодтон, зæгъын, æвæццæгæн, Гæ- бил ирон литературæйы стыр патриот у, уарзы йæ æмæ дзы уый тыххæй бирæ домы. Арсены загъдау, афтæ дæр вæййы. 0, Гæбилмæ ды афтæ ма кæс, Гæбил стыр дисса- джы лæг у! Иухатт Гæбилы баййæфтон чингуыты магазины. Уæд ногæй æрбаластой уæймæ фыссæг Г-йы чиныг. Гæбил чингуытæм тæрхæгмæ аив каст кодта, арф хъуыдыджын æнгас æвдыстой йæ цæстытæ. Йæ къухфæтылдæй мæм йæхимæ фæсидт æмæ мын афтæ зæгъы: - Кæсыс, цы чингуытæ нæм уадзынц! - æмæ мын аца- мыдта фыссæг Г-йы чиныгмæ. - Цæмæн бæззы? Кæй цæ- мæн хъæуы?! Чи йæ балхæндзæн? Уыйбæрц чи сæрра уыдзæн?! Æз æвиппайды фергъиау дæн Гæбилы æргом æмæ барджын ныхæстæй. Нæ алыварс цы адæм лæууыд, уы- дон æм хъусыныл фесты. Кæд сæ исчи фыссæг Г-йы чи- ныг æлхæнынмæ æрбацыд, уæд æм ныр фæрсмæ дæр нал бакæсдзæн. Гæбилы хуызæн авторитетон, зондджын лæг афтæ кæм зæгъы, уым, æвæццæгæн, æцæгæй ницæмæн бæззы. - Цæмæннæ бæззы, Гæбил? - æфсæрмхуызæй йæ ба- фарстон æз. - Цæмæй зонын, цæмæннæ бæззы?! Нæ бæззы и все! - хъæбæрæй дзуапп радта Гæбил. - Кæсгæ та йæ куыд тагъд бакодтай, нырма йæ дысон куы ’рбаластой типографийæ. - Кæсгæ, стæй та йед... Æз дын ахæмтæ кæсын, - цыма йæ тыхджын бафхæрдтон мæ фарстæй, цыма мæм уый
тыххæй бынтондæр фæхъыг, ахæм саудалынг фæкодта йæхи Гæбил. Уый та куыд? Гæбил чиныг нæ каст æмæ йæ афтæмæй æвзæр хоны? Æз фырдисæй цы акодтаин, уымæн ницыуал зыдтон, фæлæ мæ зæрдæйы уаг æддæмæ нæ равдыстон... ахъуыды кодтон, чизоны, фыссæг Г-йæ айразмæ исты ка- сти, лæмæгъ фыст уыди, йæ зæрдæ дзы нæ барухс, æмæ йын ныр уый тыххæй йæ ног чиныг дæр æвзæр хоны. Фæлæ нæй!.. Цалдæц боны фæстæ мæ Гæбилаты Гæбил ахуыдта сæхимæ. Иæ уаты ис чингуыты рæдзæгъдтæ - æрмæст- дæр уырыссаг æвзагыл. Уæд та сын иу ирон чиныг æфсонæн куы бавæрдтаид се ’хсæн! Æз мæ цæстытыл нæ баууæндыдтæн æмæ афарстон Гæбилы: - Дæ хорзæхæй, ирон чингуытæ дæм цæмæннæ ис? . Æвæццæгæн сæ библиотекæты кæсыс. Фæлæ, мæнмæ гæс- гæ, нæ горæты библиотекæтæ ирон чингуытæ хæрз цъус æлхæнынц. Уыдон дын цæй фаг скомдзысты. Библио- текæты кусджытæ сæхæдæг иронау нæ кæсынц, чингуы- ты магазины кусджытæ куыд нæ кæсынц, афтæ, æгадыл æй нымайынц. Гæбил, цыма мын фыддæрадæн ми кодта, уыйау, йæ- хицæй стыр бузныг æмæ сæрыстыр уæвгæйæ, загъта: - Иронау æз дæр нæ кæсын. Цы пайда у?! Мæ сывæл- лæтты дæр ирон скъоламæ нæ бауагътон... Æз бамбæрстон, Гæбилаты Гæбил Къостайæ дарддæр иу ирон фыссæджы дæр кæй нæ касти. Æмæ æвæдза, Къо- стайы дæр каст - уый дæр зын зæгъæн у. 0. Гæбилмæ ды афтæ ма кæс, Гæбил диссаджы лæг у! Æрæджы та ирон драмон театры уыд бынæттон дра- матургы фыст пьесæйы премьерæ. Æз театрмæ куы фæ- цæйцыдтæн, уæд мыл Гæбилаты Гæбил хæрхæмбæлд фæцис æмæ мæ афарста: - Пьесæмæ, цæуыс? - 0, загътон ын æз. - Алæ, цæй пьесæ у! Цæмæн бæззы! Рæстæг дзæгъæлы цы сафыс? - Федтай йæ? - бафарстон æй æз. - Нæ, фæлæ йæ зонын. - Цæмæй йæ зоныс?
- Зонын æй... Фæлæ ныр æз нал бадис кодтон ныхæстыл. Æз Гæбилы тыххæй мæ хъуыды аивтон, разындис мæм йе ’цæг цæсгом. Алчидæр зоны - цы нæ зонай, уымæн уарзæн нæй. Ирон литературæйы нырма арæх фембæлæм лæмæгъ уацмыстыл, нæ фысджытæ алкæд зæрдæмæхъаргæ чин- гуытæ нæ фыссынц. Фæлæ ирон лæг йæхи чи хоны, афтæ чи зæгъы, ирон адæмы уарзын, ирон адæмы культурæ- йыл аудын, уый хъуамæ цымыдис кæнид ирон адæмы; литературæмæ æмæ йæ систематикон æгъдауæй кæсид. Дæуыл, мæ зынаргъ чиныгкæсæг, Гæбилаты Гæбил арæх фембæлы, арæх фæныхас кæны демæ æмæ дын алы амæлттæй æмбарын кæны, раззагон адæймаг кæй у, уый, фæлæ йыл ма ’ууæнд, сайгæ дæ кæны. 0, уымæ ды афтæ ма кæс, уый стыр диссаджы лæг у! КРИТИКÆ ÆМÆ ПУБЛИЦИСТИКÆ ГАФЕЗЫ «ТУЛДЗЫ КЪОХ» Цы у характерон Гафезы сфæлдыстадæн? Æмткæй сисгæйæ, дыууæ миниуæджы. Фыццаг уый у, æмæ Га- фез йæ поэтикон ныхас иу хатт раджы кæддæр нæ загъ- та, ууыл нæ банцад, фæлæ æппынæдзух цæуы размæ, иугæндзон ивы, йæхи нæ фæлхат кæны, йæ алы ног уац- мысы дæр чиныгкæсæджы раз февзæры ног æнкъарæн- тæ æмæ ног хъуыдытимæ, ног поэтикон удыхъæд æмæ ног уæлæдарæсимæ. Гафез у агурæг поэт æмæ кæд йæ агуырдтытæ алыхатт хорз нæ рауайынц, уæддæр ын афтæ ничи зæгъдзæн: «Ды шаблонон дæ, базæронд дæ». Гафез йæ алы ног уацмысты дæр у ног æмæ æвзонг. Уый рæзы иу чиныгæй иннæ чиныгмæ, хизы иу къæпхæнæй иннæ къæпхæнмæ, йæ поэтикон æрмдзæф кæны фидарæй- фидардæр. «Фæндыры зæлтæ» не сты «Адджын у цард»-ы хуызæн, «Адджын у цард»-æй та йæхи ’рдыгонау хицæн кæны «Фарн». Кæнæ цы ’нгæсдзинад ис поэмæтæ «Хæхты чызг» æмæ «Тулдзы къох»-æн? «Тулдзы къох». «Хæхты чызг»-имæ абаргæйæ, у ног къæпхæн поэты сфæлдыста- ды. Афтæ зæгъæн нæй, æмæ ранымайгæ чингуытæй чи
куыд фæстæдæр фыст цыдис; афтæ тыхджындæр у поэ- тикон хъаруйæ? «Адджын у цард; тыхджындæр у «Фарн»- æй; æниу «Фарн» фæстæдæр фыст æрцыд. Кæд чиныг «Фарн» «Адджын у цард»-æй лæмæгъдæр у, уæддæр уым автор йæхи равдыста ног фарсы ’рдыгæй. «Фарн»-ы цы темæтæ æмæ интонацитæ ис; уыдон «Адджын у цард»-ы не сты, уыдон фыццаг хатт фæзындысты «Фарн»-ы. Ахæм у Гафезы сæйраг миниуджытæй фыццаг. Дыккаг уый, æмæ Гафез кæмдæр кæронæй йæхицæн æнцад нæ бады æмæ йæ зæрдæйы дзæбæхæн нæ зары; фæлæ ис нæ поэзийы гуылфæны. Уымæ гæсгæ нæ поэзи- йы процессты цы цухдзинæдтæ æмæ æнтыстытæ вæй- йы; уыдон зынынц Гафезы уацмысты дæр. Чиныг «Фæн- дыры зæлтæ» бакæсгæйæ, дæ бон у æмæ бамбарай æр- тынæм азты нæ поэзийы уавæр. Фыдыбæстæйон хæсты азтæн нæ поэзийы рæзты æвдисæн у чиныг «Адджын у цард». Сæ фæзынды рæстæджы нæ поэтикон цардæн ха- рактерон сты поэмæ «Хæхты чызг» æмæ æмдзæвгæты æмбырдгонд «Фарн». Абон нæ поэзи цы уавæры ис; цы зындзинæдтæ æвзæры йæ рæзты фæндагыл; уыдон та нын æвдисы Гафезы ног поэмæ «Тулдзы къох». Поэмæ «Тулдзы къох» хицæн чиныгæй мыхуыры рацыд фарон, 1956 азы; Хуссар Ирыстоны паддзахадон рауагъда- ды. Уæдæй нырмæ поэмæ уыдис бирæ кæйдæрты къухы, бирæ чидæртæ йæ бакастысты, фæлæ йыл абоны онг иу чысыл рецензи дæр нæ уыд фыст. Æнæуый йыл дзургæ кæнынц литературон æхсæнады. Цæстæнгæстæ сты алы æмæ алыхуызон. Иутæ дзурынц: уацмысы хъæнтæ куы уа, уæд уымæй уацмыс нæй. «Тулдзы къох»-ы хъæнтæ ис, цы сусæггаг у! - æмæ йыл уымæ гæсгæ сæ къух ауыгътой. Иннæтæ та сæ дзыхтæ ныххуыдтой æмæ хъыпп-сыпп дæр нæ кæнынц поэмæйы тыххæй. Хъæнты тыххæй поэмæ æвзæрыл банымайын раст нæу, - хъæнтæ классикон уац- мысты дæр вæййы. Хорз нæу поэмæйыл хъоды бакæнын дæр. Нæ поэзийы интерестæ зынаргъ кæмæн сты, уый хъуамæ цымыдисæй кæса алы ног уацмысмæ дæр, уацмыс хорз уа; нæ уа; уæддæр. Поэмæ «Тулдзы къох»-ы Гафез æвæры æмæ фæлгъауы цалдæр темæйы. Уыдонæй сæйрагдæртæ сты фæлтæрты
темæ æмæ хæлардзинады темæ. Поэмæйы зынгæ бынат ахсы аивады темæ дæр. Поэмæйы зыны Гафезæн йæ авнæлд кæй фæуæрæхдæр, хæстæгдæр кæй бацыд æцæгдзинадмæ, уæндондæрæй кæй дзуры царды ныхмæлæуддзинæдтыл. Поэмæйы зы- ны, абоны боны нæ поэзи проблемондæр кæй кæны, цар- ды домæнтæм фылдæр йæ хъус кæй дары, йæхи кæй тоны чи базæронд æмæ чи нæ уал бæззы, ахæм поэтикон амалтæй. Æнæконфликтондзинад, æнæуд риторикæ, уæ- лæнгай афыст, литературон сюжетон схемæтæ, - уыдон бирæ базиан кодтой нæ поэзийæн. Ныр нæ поэзи уыдо- нæй цасдæр бæрцæй ссæрибарис, фæлæ æххæстæй нæма ссæрибар. Цы ис поэмæйы хорзæй, æмæ дзы цы ис æвзæрæй? Гафез æмбары, ныры царды мидис иттæг хъæздыг кæй у æмæ уый равдисынæн поэзийы уæрæх авнæлд кæй хъæуы: традицион сюжетты фæлгæтты йын нæй бакæ- нæн, нæ дзы бацæудзæни. Райсын хъæуы æндæр формæ- тæ, цæвиттон, лирикон монологы формæтæ. Поэмæйы дзæбæхдæр сты, поэт йæхи номæй йæ мысинæгтыл кæм дзуры йæ зæрдæйы ахаст иу кæнæ иннæ фæзындмæ кæм æвдисы, йæ сагъæстæ, йе ’нкъарæнтæ, йæ хъуыдытæ кæм нывæнды, уыцы бынæттæ. Уæдæ ма дзы сюжет цæмæн хъуыдис? Бæрæг нæу. Æвæццæгæн, Гафез традицийæ фефсæрмы кодта, ома куыд хъуамæ уа ахæм егъау поэмæ æнæ сюжет? Æмæ æрымысыд сюжет. Поэт Инал (поэмæйы сæрæй бынмæ дзырд цæуы, уый номæй) машинæйыл фæцæуы йæ райгуырæн хъæумæ. Уый ам нæ уыд дæс азы дæргъы. Фыццаг тох кодта фа- шистты ныхмæ, стæй та ахуыр кодта Мæскуыйы Литера- турон институты. (Кæй бауырндзæн, лæг хæсты фæстæ, кæнæ ахуыры рæстæджы каникулты дæс азы дæргъы йæ хъæуы уынынмæ ма æрцыдаид!). Фæндагыл фембæлд иу æнæзонгæ сылгоймагыл - уырыссаг чызг Азæйыл. Уый дæр поэты хъæумæ цыдис. Базонгæ сты. (Поэмæйæ бæрæг нæу, Азæ чи уыд, кæцæй æмæ куыд æрхаудта Ирыстон- мæ). Бацыдысты хъæумæ. Уым Инал баййæфта йæ фыды æфсымæры лæппу Мураты. Мурат скульптор. Уый аразы сæ хъæуы сæрыл тохты дыууынæм азты мард фæуæг уы- рыссаг коммунист Иван Ивановы цырт. Иванов уыд Инал
æмæ Муратæн сæ фыды фыд Тæгайы хæстон æмбал. Цырт арæзт куы фæцис, уæд Тæга, Инал, Мурат æмæ колхозы разамонджытæ ацыдысты горæтмæ, обкомы секретармæ, цæмæй сын уый бар радтаид цырт сæвæрынæн. Обкомы секретарь сын бар радта, кæй зæгъын æй хъæуы. Тæга æмæ Азæ тынг бафхæрдтой колхозы сæрдар Хæмæты йæ куысты цухдзинæдты фæдыл. Хæмæт сæм, кæй зæгъын æй хъæуы, хорз байхъуыста æмæ обкомы дуарæй куыддæр феддæис, афтæ срасти. (Кæй хъуамæ бауырна?!) Бынтон æвыд æмæ æнæфыдбылызæй фæцис поэмæ. Мурат æвæццæгæн ракурдзæн рагæй йæм æнхъæлмæ чи кæсы, уыцы Сонайы. (Хæрз фæлурс рауад Сонайы фæл- гонц дæр. Автор нын дзы ницы фенын кодта, æрмæст нын загъта, зæгъгæ, у æгъдауджын æмæ кусы ахуыргæнæ- гæй). Инал та æнæмæнг йæ цард сиу кæндзæн Азæимæ. Ахæм у поэмæйы сюжет. Куыд уынæм, афтæмæй нæу реалон. Чиныгкæсæджы нæ уырны. Гафезæн йæ бон нæ бацис нæ поэзийы раздæр цы мард схемæтæ уыд, уыдон иуварс аппарын. Поэмæйы ацы схемæтæн, раст зæгъгæ- йæ, сюжет схонæн дæр нæй - уым ис æрмæстдæр сюже- ты хицæн моменттæ. Уыдонæн хъайтарты характертæ раргом кæнын сæхи хъаруйæ сæ бон нæ цæуы, уымæн æмæ дзы нæй хъайтарты кæрæдзийыл фембæлдтытæ, кæрæдзиимæ карз быцæутæ, нæ сын æвдыстæуы сæ кон- кретон архайд. Чизоны исчи бафæрса: цымæ гæнæн нæ уыд поэт йæ хъайтарты характертæ равдыстаид? Куыннæ, уыдис. Æрмæст уæд поэт хъуамæ аппæрстаид уыцы сюже- ты хицæн моменттæ. Цæмæн æй хъуыд сюжет? Дунеон поэзийы æнæ сюжетон поэмæтæ бирæ ис. Зæгъæм, Паб- ло Нерудайы «Всеобщая песнъ» æмæ Александр Твар- довскийы «За далью - даль». Ирон поэзи нырма уыдоны онг нæ сырæзт, тырнгæ сæм кæны, фæлæ йын зын у, æмæ уыцы зындзинадæй æнæхай нæ баззад Гафез дæр. Уæдæ кæд поэмæйы сюжет лæмæгъ у, зæронд схемæ- тæм гæсгæ арæзт у, уæд ма поэмæйы рæстмæйагæй цы ис? Уæлдæр цы темæты кой кодтон - фæлтæрты темæ, хæдардзинады темæ, аивады темæ, уыдон поэт алыг кодта йæ поэмæйы сюжеты фæрцы нæ, фæлæ йæ лири- кон монологтæ, йæхи номæй кæнгæ ныхæсты фæрцы. Поэт царды иу кæнæ иннæ фæзындыл, иу кæнæ иннæ
адæймагыл, иу кæнæ иннæ дзаумайыл дзургæйæ, хуы- мæтæг, æнцонæмбарæн поэтикон фæлгонцты руаджы чиныгкæсæджы хъусдард йæхимæ фидар ныббæтты, йæ зæрдæ йын бацагайы йæ аив дзырдтæй, йæ цæстыл ын ауайын кæны бирæ алыхуызон нывтæ, сæвзæрын æм кæ- ны бирæ хъуыдытæ æмæ æнкъарæнтæ. Рахæссæм поэмæйыл нæ цæст сæрæй кæронмæ æмæ-иу чысыл фæлæууæм, нæ зæрдæ-иу кæмæй барухс уа, нæхи нымæр-иу хæлæг кæмæ бакæнæм, уыцы бынæттыл. Мæнæ фыццаг сæр - «Фæндагыл». Дзырд дзы цæуы аи- вады темæйыл. Зæрдæйыл æмбæлы поэт æмæ Азæйы ди- алог. Гафез зоны: нæ поэттæ фыссынц æгæр æмхуызон, сæ уацмыстæ, фаззæттау, æнгæстæ рауайынц, æмæ сын уый ныллæг кæны сæ ахадындзинад. Автор тæхуды кæны индивидуалон стыр поэтикон курдиæттæм æмæ зæгъы Твардовскийы тыххæй: Ахæм ирд курдиатыл Æз мæ цардамонд радтин... Гафез цæстæй хорз уыны, хъусæй хорз хъусы. Машинæ цæуы фæндагыл æмæ дзы поэт афтæ зæгъы: Уадзыуый Нуæрттæ фæд Сау асфальты гуырыл. Æмæ дарддæр: Цыма цæлхыты бын Хъуысы цармæн йæ пъæр-пъæр, Кæнæурс бæлуæттæн Арвыл - се ’мдзæгъд, сæ пæр-пæр. Нæ поэзии фæстаг рæстæджы фæконкретондæрис, фæфæлгонцджындæр. Поэмæйы дыккаг сæр «Æхсæвы» Гафез аив сарæзта рæудымгæйы фæлгонц: Дымгæ райхъал, нæ кæртмæ æртахт, Бæрзы дзыккутæ фасы. Стæй нæ балконмæ бахызт сабыр, Къуымты къах-къухтыл азылд...
Фæлæ ахæм аив афыстыты цур дыккаг сæры зынын райдыдтой поэмæйы стырдæр сахъатдзинæдтæй сæ иу - риторикæйы нысæнттæ. Риторикон бынæттæ ис æртыккаг сæры дæр. Фæлæ, æмткæй сисгæйæ, æртыккаг сæр поэмæйы хуыздæр сæр- тæй у сæ иу. Иналæн йæ фыды амардтой кулæктæ, йæ мад та зæйы бын фæци. Инал хъомыл кодта сидзæрæй Тæгамæ. Ныр уыны къулыл йæ мад æмæ йæ фыды хуы- зист. Æмæ ма байхъусут, цахæм зæрдæбын ныхæстæ хауы поэты дзыхæй: Ацыуæздан къухтæ Мæн цæуылнæ рæвдауынц кæддæрау? Ацы цæстытæмæм Ныр цæуылнæ фæкæсынц зæрдæрай? Æртыккаг сæры поэт ракодта Тæга æмæ Ивановы хабæрттæ (хонгæ дæр æй афтæ кæны «Тæга æмæ Ива- нов»), Тæга уыдис фыццаг империалистон хæсты. Базонгæ уырыссаг коммунист Ивановимæ. Рахæцыд революцийы фарс, хæдхæцæгады ныхмæ тох кодта Петырбурджы. Уым, Фины вокзалы, федта Ленины дæр. Гафезæн бантыст хуымæтæг ирон хæххон лæг дунеты стыр фæтæг Ленины æнæкæрон бирæ кæй уарзы, уый равдисын: Раст зæгъгæйæ, мæныл Уæд æрцыди æнæхатыр сайд дæр: Уарзон лæджы хуызтæ Æз куы истон мæ зæрдæмæ арфдæр, Уæд фæсайды дæн цъус - Нал æрцахстон, цæуыл дзырдта,уыдон, Фæлæ къухы тылдмæ Æз æппæтдæр бæрæгæй ысуыдтон... Дыккаг æмæ æртыккаг сæры Гафез дзуры фæлтæрты темæ æмæ хæлардзинады темæйыл. Уыцы дыууæ темæ- йы кæрæдзиимæ æнгом баст сты. Цыппæрæм сæры та Гафез ногæй раздæхти аивады темæмæ. Скульптор Мурат сарæзта сайæгой, нозтдзуан- гæнаг Хыдыр, скъола каст чи фæци æмæ дзæгъæлы чи бады («нал кæны сау куыст»), уыцы Годейы фырт æмæ
горæты куыстагур чи разил-базил кæны, уыцы Гызийы ныв. Адæм сæм кæсынц æмæ сыл худæгæй мæлынц. Ам поэт дзуры сатирæйы ахсджиагдзинадыл. Нырма нæ царды ис æвзæрдзинæдтæ, зæронд дугæй баззайæццæг- тæ æмæ сæ ныхмæ хъæуы карз тох кæнын. Аивад уыцы тохы хъуамæ ахса раззаг бынат. Хъыгагæн, ирон аивадæн нырма хæрз цъус йæ къухты бафтыди сатирикон уац- мыстæ сфæлдисын. Гафез йæхæдæг дæр уæлæнгай кæм- дæр фæцагайдта нæ царды цухдзинæдтæй иуæй-иуты. Поэмæйы райдианы дзуры, къехура фæткъуытæй спеку- ляци чи фæкодта æмæ машинæтæ чи фелхæдта, уыдон тыххæй. Уый фæстæ ракодта Хыдыр, Годейы фырт æмæ Гызийы кой. Поэмæйы кæроны та нын хъусын кæны, зæгъгæ, колхозы сæрдар Мæхæмæт йæхиуыл феввæрсыд, колхозонты фæндæттæм нæ хъусы æмæ йæ уый тыххæй йе ’мбæлттæ бафхæрдтой. Поэмæйы уыцы критикон эле- менттæ, кæй зæгъын æй хъæуы, сатирæйæн фаг не сты. Поэмæйы сатирæ лæмæгъ кæй у, уый дæр æвдисы нæ по- эзийы абоны стырдæр хъæндзинæдтæй сæ иуы. Фæндзæм сæры бæстон иртæст цæуы фæлтæрты те- мæ. Иу фæлтæр баст у иннæ фæлтæримæ. Иу фæлтæр цы бакусы, цы саразы, уый радты йæ ивæг фæлтæрæн. Ног фæлтæр æм бахæссы йæхи бавæрд, бафтауы йыл йæхи куыст, йæхи тох, йæхи фæлтæрддзинад æмæ йæ афтæ- мæй адæтты дарддæр - ног ивæг фæлтæрмæ. Махмæ фæлтæрты ’хсæн ныхмæлæуддзинæдтæ нал ис, уымæн æмæ ныййарджытæ æмæ хъæбултæ иу хъуыддаг ара- зынц, иу нысаны сæрыл тох кæнынц. Гафез фæлтæрты уыцы иудзинад æвдисы тулдзы къохы хуызы: Туядзы шалатæ сты Онгджын, нæниз, æвзонг. Адджын, хорз бинонтау, Сты хæстæг æмæ ’нгом. æмæдарддæр: Нæй нын сæфæн, мæлæн - Адæм нæмæлгæ сты - Иу фæлтæры фæстæ Гуыры, рæзы æндæр.
Æхсæзæм сæр «Фæсхъазт» зæгъгæ, уым та бæстон иртæст цæуы хæлардзинады темæ. Тæга хæлар уыд Ивановимæ, йæ фыртты фырттæ та хæлар сты уырыссаг чызг Азæимæ. Гафез кад кæны уырыссаг характеры пара- хатдзинадæн. Дæ ахаст, дæуагæй Æрхастай фыядæр бартæ махæн. Поэмæйы ацы сæры уæлдай арæхдæр сты лирикон афыстытæ æмæ фæлмæн юмор. Уый нæ, фæлæ ноджы Æрзияынтæ кодтай Мæ хуызæн уæзбыны. Дæ уæздан уæяфæдтæ Æз, арсау, ыссæстон Мæ къæхтæн сæ быны. Æвдæм сæры та Гафез ногæй æрлæууыд аивады те- мæйыл æмæ йæ уым бæстонæй скъуыддзаг кæны. Уыцы сæр дæр цух нæу аив рæнхъытæй. Цæвиттон: Сыхæй-сыхмæ сæ годзы къæхтыя Теятæ хæдзæрттæм уайынц. Кæнæ: ’Взонг бæяæстæ рæнхъытæй куы яæууынц, Цыма чызджытæ доны фæцæуынц. Систой, донæй тæрсгæйæ, сæ цæнгтæ Æмæурс-урсид дарынц сæзæнгтæ. Гафез раст æмбары поэты хæс: Дуджы аккаг ныхас Сдзурын бауæд дæ бон! Уый тыххæй поэт хъуамæ зона йæ бынат. Кæм ис по- эты бынат? Уыцы фарстæн дзуапп дæтгæйæ, Гафез ра- дзырдта иухатт уæртæ Хъорнисы комы кæй фехъуыста, иу ахæм таурæгъ. Мадæн иунæг хъæбул уыд, дунейы хæрзиуджытæй систа æрмæстдæр иу - зарын. Адæм ра- дысты йæ курдиатæй, мад дæр дзы райгонд уыдис. Фæлæ
иухатт фырт «хæрзбон» загъта йæ мадæн æмæ афардæг æндæр бæстæм. Рæстæг ивгъуыдта. Лæппу кæйдæр бæс- тæйы сæнамонд: Дард, фæсденджыз, кæмдæр Фесæфт, бабыи мæ хъæлæс... Фæстагмæ, кæй фæрæдыд, уый бамбæрста, æрыздæхт йæ мадмæ æмæ та райдыдта диссаджы зарджытæ кæнын. Автор зæгъы, зæгъгæ, поэты бынат ис йæ фыды бæстæ кæм ис, адæм кæм цæрынц, йæ мадæлон æвзаг кæм хъуы- сы, уым. Æнæ уыдон поэт гæвзыкк æмæ тæригъæддаг у. Поэмæйы стæм æмæ фарастæм сæр, мæнмæ гæсгæ, æдых фыст сты. Уæлдæр цы хъæндзинæдты кой кодтон, уыдон уæлдай ирддæрæй разындысты уыцы дыууæ сæры. Поэмæйы кæронбæттæн (фæстаг, дæсæм сæр) цымы- дисаг у, поэт йæ уарзоныл цы уæлтæмæн ныхæстæ фыссы, уыдонæй: Цæй, цы дын кæнон, ныр? Цæй, кæдæм дæ ыскъæфон? Тигътыя хæхтæм цæуон? Æви арвмæ ыстæхон? Уым куыд цæрай æнус, Æз куыдуынон дæ рухс? Поэмæ «Тулдзы къох» у фæстаг рæстæджы нæ поэзийы хуыздæр уацмыстæй сæ иу æмæ нысан кæны, рæхджы дзы кæй ралæудзæн ног боныхъæд. Æмæ мах ныфс ис, Гафез кæй уыдзæни поэзийы уыцы ног боныгъæд аразджыты раззагдæрты ’хсæн.
1958 аз ЦÆРГÆС (радзырд) Студент Хадзымæт йæ уарзон чызгæй æнафоны цæуы æмдзæрæндонмæ. Хинымæр хъуыдытæ кæны, æмæ афтæ æнхъæлы, ныр алчи дæр уыны адджын фынтæ. Æрмæст уый, уарзтæй кæй судзы, уымæ гæсгæ йæм хуыссæг æввахс нæ уæнды, нæ йыл тых кæны æмæ суанг боны цъæхтæм не ссары йæ сынтæг. Æрбахæццæ дыууææддæгуæлæ, урс-урсид агъуыст- мæ, фысджыты сфæлдыстадон хæдзармæ. Иу рудзын- гæй дзы рухс парахатæй кæлы æддæмæ. Форточкæ у гом. Мидæгæй гæзæмæ зыны лæджы силуэт. Лæг стъолыл ныггуыбыр. Фыссы. Хадзымæт йæхиуыл фæхудт: - Уый дæр дзы уарзы æмæ ды дæр! Ацафонмæ чи кусы... Хæдзары раз цырæгътау рухсгæнæг урс бæрзытæ æмæ бæрзонд саудалынг нæзыты бын даргъ бандоныл фæс- тæдзæг æруагъта йæхи. Фисынæй æрбазынд хъахъхъæ- нæг, иуæхстон - йе уæхскыл сæрибар æппæрст. Бахуы- фыд æмæ Хадзымæты фарсмæ бандоныл æрбадт. - Лæппу, цæуылнæ фынæй кæныс? Ды дæр мæн фæз- мыс? Æцæг, æхсæв диссаджы хорз у æмæ... Хъахъхъæнæг йæ цæстытæ сивæзта хæрдмæ. Хадзы- мæт дæр - афтæ. Уазалдзæф стъалытæ тыбар-тыбур кæ- нынц. Алырдыгæй хъæдтæ арвыл æмбæлынц. Ранæй- рæтты хæдзæртты шифер сæртæ æвзистгъуыз дарынц. - Сабырдзинад, - йæ иуæхстон йæ хъæбысмæ æрисгæ- йæ, загъта хъахъхъæнæг, - уæлтæмæны сахат. Кæсыс дæлæ уымæ, - йæ цæстæнгасæй ацамыдта рудзынджы рухсмæ. - Чи у, чи? - бафарста Хадзымæт. - Дæ ахуыргæнæг. Нæ йæ зоныс? Ныр цалдæр боны ам ис. -А-а!
Хадзымæт раздæр никуы хъуыды кодта йæ ахуыр- гæнæгыл, рæстмæ йæм йæ хъус дæр никуы дардта. Фæлæ йæм фæстагмæ разагъды лæг зынын райдыдта. Бакастис ын йæ чингуытæ, базонгæ йæ царды иуæй-иу цаутимæ æмæ йæм сæвзæрын кодтой æнахуыр цымыдис. Кæд-иу раздæр, йæ ныхæстæм хъусгæйæ, фæлладгъуызæй йæ ком дæр айвæзта, фæрсаг митæ дæр акодта, уæд ныр йæ алы дзырд, йæ алы фезмæлд дæр йæ зæрдæйы арф ран æвæ- ры. Æмæ дзы хъахъхъæнæгæн раппæлыд: - Цас зоны, цас! Кæнæ цас федта! Кæм нæ уыд! - Афтæ у, - загъта хъахъхъæнæг, цыма йæ уый къад- дæр нæ зоны æмæ йыл къаддæр нæ хъуыды кæны, уыйау. Хадзымæт уыцы ныхасы фæстæ бынтон ницыуал фæкаст йæхимæ. Сыстад. - Цæй, хæрзæхсæв у! Хъахъхъæнæг фæхудт. - Хæрзæхсæв нæ, фæлæ хæрзрайсом! Бæлвырдгæнæнау, кæцæйдæр йæ тых йæ бонæй ныхъхъи-хъри кодта уасæг. * * * Ахуыргæнæг æмæ Хадзымæт бадынц хуры хъæрммæ бандоныл. Ахуыргæнæг кæсы уалдзæгмæ. Бæрзытæ къуыбыр æфтауынц. Кæрдæг цъусгай-цъусгай быры зæххы бынæй æмæ бæстæ цъæхæй-цъæхдæр кæны. Хур акъули. Арвыл иугай мигътæ сабыргай змæлынц, цыма доны цъæх уæл- цъарыл ихтæ фенкъуыстысты æмæ сæ дард балцы раст кæнынц. Ахуыргæнæг кæсы уалдзæгмæ æмæ йæ сæр ба- тилы. - Ницы йын æмбарын! Бынтондæр ын ницы æмбарын. Хадзымæт æм дисгæнæджы каст бакодта, куыд ын ницы æмбары, зæгъгæ. Айбæрц фæцард лæг æмæ уал- дзæгæн ницы æмбары, чи зоны... Æвиппайды райхъуыст ахуыргæнæджы арвынæрды хуызæн хъæлæс: - Хадзымæт, ныртæккæ цы кусыс? - Ницы уадиссаг... Фыссын... - Фысс, фысс. Æз дæр... - Ахуыргæнæг йæ лæдзæг йæ къухмæ райста æмæ цадæггай схæцыд йæхиуыл. - Цом,
уæдæ, кусæм! - Йæ къух æрбадаргъ кодта Хадзымæтмæ æмæ ацыд хæдзармæ. Хадзымæт кæсы йæ фæдыл. Æгæр йæ ных æнцъылд- тытæ кæны ахуыргæнæг, цыма цард, дуне фыццаг хатт уыны, уыйау. * * * Фысджыты клубы уæлвонг ран, удæгас дидинты ас- тæу - ахуыргæнæджы табæт. Хадзымæт æм кæсы. Æртæ къахдзæфæй æддæдæр æм нæ лæууы, фæлæ йæм куыд дард у, куыд дард! Салам ын куы радта - йæ къух æм нæ радардзæн. Дзыхыдзаг æм куы ныхъхъæр кæна - нæ йæ фехъусдзæн. Цалдæр азы йæм тагъдуадæй куы фезгъора - нæ йæ баййафдзæн. Афтæ дард æм у ахуыргæнæг... Адæм æм цæуынц æмæ цæуынц. Фæстаг хæрзбон ын зæгъынц. Бирæтæ къухмæрзæнтæй сæ цæссыгтæ сæр- фынц. Сæ зæрдæтæ риссынц. Алчидæр сæ йæхицæн зæ- гъы: «Хорз лæг уыд, æвгъау уыд мæлынæн». Хорз лæг уыд, - уый Хадзымæт куыннæ зоны, йæ зæр- дæ йыл куыннæ риссы, фæлæ... Хадзымæтæн радзырдтой, куыд амарди ахуыргæнæг. Æхсæв адæм фынæй кодтой, уый та æмдзæвгæтæ фыста, иухатт Хадзымæт йæ уарзон чызгæй сæхимæ куы здæхт, уæд куыд фыста, афтæ. Райсом бон цъæх кæнын куы рай- дыдта, цард ногæй куыд райхъал, афтæ ахуыргæнæгмæ инфаркт, хуыснæгау, бахъуызыд æмæ йын рухс, амонд- джын боны къæсæрыл йæ уд скъуыдта, рудзынгæйзынæг силуэт æрхауд стъолыл. Рæнхъ æрдæг фыстæй баззад... * * * Афон у марды уæлмæрдмæ хæссынæн. Клубы размæ, кæрты, æрæмбырд бирæ адæм, æнхъæлмæ кæсынц. Ха- дзымæт дæр уым. Оркестр зæрдæхалæн цагъд кæны. » Æмæ къæсæрæй разынд ахуыргæнæджы табæт. Хæ- цынц ыл бæрзонд. Адæм базмæлыдысты. Се ’хсæн æвип- пайды чидæр хъæрæй загъта: - Цæргæс!
- Æцæг, æцæг! - разыйы улæфт скодтой адæм. «Æцæг! Æцæг!» - йæхинымæры загъта Хадзымæт дæр. Уыны ахуыргæнæджы профиль. Хъаруджын, тызмæг, æнæзмæлгæ цæсгом. Къуыппрагъ фындз. Сатæгсау пæ- лæхсар æрфгуытæ. Урсхил, хивæнд, æнæсæттон сæры хъуынтæ. Дымгæмæ змæлынц. Ныр Хадзымæт бæстон бамбæрста, чи у ахуыргæнæг. Цæргæс! Бакастæй дæр æмæ хъаруйæ дæр. Цæргæс тахти стыр нысанмæ. Мидхæст. Хъырымы урсгвардионты туг кæл ы фæринкæй. Астæуккаг Азийы тыгъд быдырты цуан кæны басмачты фæдыл. Иранмæ хæстæг намысджын арæнхъахъхъæнджыты хо- тыхджын кæны цыргъ æмдзæвгæтæй. Дагъистаны æну- сон талынг хæхты гæрды рухсмæкæнæг фæндаг. Мæс- куыйы, Бакуйы æмæ бирæ æндæр горæтты йæ зæрдæйæ æмдзæвгæты æндон рæнхъытæ уадзы, æрвиты æгъуыс- сæг æхсæвтæ. Цæргæс тахти стыр нысанмæ. Царды алæмæтон рæ- сугъддзинадæй исы йæ^мондæгтæ, адæмы цин æмæ амон- дæй æфсис нæ зоны, адæмы цин æмæ амондыл цæттæ у йæ сæр раттынмæ, адæмы цин æмæ амондæн æй фæнды бирæ, бирæ фæцæрын. Адæмы цин æмæ амондæй у зонд- джын æмæ æвзонг. Цæргæс тахти стыр нысанмæ. Фæлæ йæ иууыл ахъаз- загдæр бæллицтæм куы бахæццæ, йæ базыртæ дар- дыл куы айвæзта, йæ тахты цырддзинадыл ын адæм сæ цæст куы æрæвæрдтой, уæд æваст йæ зæрдæ аскъуыд. Æвæндонæй рахауд арвы риуæй æмæ бæрзонд айнæджы тигъыл ныддæлгом. Тæригъæддаг æмæ тæхудиаг мæлæт! 1958 ÆГЪАТЫРХЪУЫДЫ Цыуыдис,уый куы ферох кæнид зæрдæ; Цыуыдис,уый куы налуаид, бæргæ. Поезд æгæр бирæ куы лæууыд, уæд Хæсанæ тыхст- хуызæй афæрс-афæрс кодта йе ’мкупейонты: - Цæуылнæ ацæуы? Афтæ куы загътой, ссæдз минуты лæудзæн ацы станцæйы. - Хæсанæ æркаст йæ цонджы *ю
сахатмæ. - Ныр ссæдз нæ, дæс æмæ ссæдз минутæй фыл- дæр рацыд. Æмкупейонтæ сæ кæрæдзимæ ницы мбарæджы каст бакодтой. Хæсанæ рацыд æддæмæ бæрæггæнæг. Рудзын- гæй акаст æмæ æндзыггондæй аззад - адæм платформæ- йæ згъорынц вагзалæрдæм. Дуарæй æрбазынд ус-про- водник, урс китель æмæ сау къабайы. Тарстгъуыз, фæлурс. - Цавæр у? Цы ’рцыдис, Раисæ? - фæцырд æм ис Хæсанæ. - Бæллæхы хабæрттæ цæуы æддейæ, фæлæ уæ мачи ахизæд вагонæй. - Уагæр цы уыдзæн? - ноджы фæдисаудæр Хæсанæ. - Нæ бæлццæттæй иу, йæ сæр, йæ фад не ’мбары, аф- тæмæй мæнæ ардыгон иу лæппуимæ фæхыл, кардæй йæ ныццавта æмæ... - Æмæ амардис? - Нæ, фæлæ... Ух, ахæм цъаммар адæймаг æз никуыма федтон. Æвзæр дзыхæй дзуры, æлгъиты. Адæмы йæхимæ æркæсын кодта æмæ афтæ æнхъæлы, уымæй лæгдæр ацы дунейыл нæй. Æнæхъæн поезд ныуурæдта. Гæнæн ис æмæ графикæй фæиппæрд уæм æмæ уæд, нæ зонын, кæдмæ ам лæудзыстæм. Хæсанæ вагонæй æргæпп кодта. Вагзалы дуармæ адæмæй къух бакæнæн нал ис. Хæсанæ дардæй кæсы, ми- лици кæдæм æссæндынц сæ уæхсчытæй, уырдæм, фæлæ дзы ницы æвзары, адæмы æмбуйæ ницы хъуысы. Чы- сыл фæстæдæр адæм рахæлиу сты æмæ дыууæ урсхуд- джын милиционеры ракодтой Хæсанæйы цахъхъæн, бур- хил лæппу-лæджы, йæ цъæхбын хæдон тугæй нал зыны разæй дæр æмæ фæстейæ дæр,^æвæццæгæн, карды цæф сæмбæлд йæ галиу уæхскыл. Йæ фæстæ цæуы йæхиау бурсæрыхъуын, цъæхдзаст, кондджын чызг æмæ йæ цæс- сыгтæ къухмæрзæнæй сæрфы. Сæ хæдфæстæ ракодтой хылкъахæджы дæр. Бæзæрхыг, сатæгсау. Рихиджын. Йæ цæстытæ æрра æрттывд кæнынц. Цæудзæн ыл æртын фондз азы бæрц. Æгас поезды адæм ракалдысты æддæмæ æмæ сæ алкæмæ дæр ис хылгæнæджы кой. Хъуыддаг афтæ уыд, æмæ лæппу чызгимæ фæцæйцыдысты плат- формæйыл, æмæ, ныртæккæ чи расгуыхт, уыцы лæг, чыз- гæн цыдæр æнæуаг ныхæстæ загъта, лæппу чызджы сæ- рыл рахæцыд, зæгъгæ, цæуыс æмæ ацу, цы дзуринаг дæ ис
æнæзонгæ чызгмæ. Рихиджын бæлццон хатыр ракуры- ны бæсты цæхгæр фездæхт бурхил лæппумæ æмæ йыл куыдзы рæйыны хуызæн фæхъæр кодта: - Æмæ дæу та чи фæрсы?! Æз дын ныртæккæ... - бай- вæзта ницыгæнæг лæгмæ йæхи æмæ æхсæрфарсæн - дзæхст. Афтæмæй сын хыл бацайдагъ. Уыцы уысм рихи- джын лæг бурхил лæппуйы кардæй ныццавта. Хæсанæ лæмбынæг бакаст рихиджынмæ æмæ йæм кæй- дæр хуызæн фæкаст; æрмæст кæй хуызæн, уый æвиппай- ды йæ зæрдыл не ’рбалæууыд. Рихиджын милиционерты къухтæй йæхи тыдта æмæ хъæр кодта: - Ауадзут мæ; æз уыцы хæрæгæн йæ уд фæуын кæнон! Хæсанæ йæм æваст тыхджын сыхсыст; йæ фæдыл акъахдзæф кодта; цыма йæ ныртæккæ басурдзæн æмæ йын йæ тых, йæ бонæй йæ сау сæр фæцæф кæндзæн, афтæ. Æвæццæгæн, усæй; лæгæй иу дæр ахæм нæ уыд; уыцы рихиджынмæ чи нæ мæсты кодта. Бæлццæттæ сбадтысты, поезд анкъуыст йæ лæууæнæй, фæлæ ма уæддæр фыдæ- хæй кодтой абоны сгуыхт лæджы кой; чи йæ «сæрхъæн» хуыдта; чи цы; чи цы. Хæсанæ ницы дзырдта. Цыма йæм кæй хуызæн фæкаст уыцы лæг? Иудзæвгар йæ фарстæн дзуапп нæ ардта; стæй æвиппайды йæ зæрдæ ныссæххæтт кодта; йæ рустæ; йæ дæллагхъуыр; цыма сæ исчи лыстæг судзинтæ æмтъыст фæкодта; уыйау барызтысты сæхимидæг. ...Альбом. Нывтæ. Фыццаг хатт дæ ног зонгæ чызджы хæдзары куы уай; уæд дын радзурдзæн йæ историтæ; кæмыты уыд; цытæ арæзта; цы федта йæ цард-цæрæнбон- ты æмæ дын равдисдзæн фотонывты альбом. Хæсанæ бадт фынджы фарсмæ, райдзаст æфснайд уаты; æмæ уыд- та альбомы нывтæ. Альбомы хицау - Маринæ фынгыл æрынцой кодта; йæ къух йæ роцъомæ быцæу сæвæргæйæ; æмæ Хæсанæйæн амыдта; нывты ист чи ис; уыдонæй йын чи цахæм зонгæ у кæнæ цы хицон у. Бæрæг уыд; Маринæ бирæ кæмдæрты кæй æрзылд; бирæ рæтты кæй куы- ста ахуыргæнæгæй. Ницахæм диссаджы хъуыдытæ æмæ æнкъарæнты ныппæрстой нывтæ Хæсанæйы; æрмæст Маринæ алыхуызон лæппутимæ арæх ист кæй ис; уый йæ зæрдæмæ нæ фæцыд.
Хæсанæ æрæджы райдыдта кусын заводы индзылерæй (ныр æй дард горæтмæ командировкæйы рарвыстой). Горæты йæ чи зыдта, ахæмтæ цъус уыд æмæ-иу иунæгæй рацу-бацу кодтауынгты фæскуыст. Иуахæмы йæ цæстытæ андæгъдысты бæрзонд, хæрзконд чызгыл. Кæимæдæр лæууыд æмæ хъæрæй ныхас кодта. Йæ сæр йæ фæтæн уæхсджытыл раст, фидар æвæрд, йæ цæстытæм ын хур бакаст æмæ дыууæ хæххон цадау цъæхæй æрттивынц. Хæсанæ йæхицæй нæ бамбæхста йæ фæндон, бар-æнæбары дзы сирвæзт, - тæхуды йæ сæрыхицау фæу, зæгъгæ. Чы- сыл горæты алкæй базонæн дæр ис æмæ Хæсанæ дæр базонгæ Маринæимæ. Бонæй-бонмæ арæхдæр æмбæлдысты, иумæ кинотæ уыдтой, изæрыгон парчы тезгъо кодтой. Фæстагмæ афтæ сахуыр сты кæрæдзийыл, æмæ-иу бон дыууæ-æртæ хатты куы нæ федтой кæрæдзи, уæд-иу сæ зæрдæты æнцойад фесæфт. Маринæ-иу Хæсанæмæ æрцыд хæдзармæ (Хæ- санæ æххуырст хæдзары цард), йæ къуымтæ-иу ын рафс- найдта, æхсинаг-иу æм цы уыдис, уыдон-иу ныхсадта æмæ-иу суанг æнафонтæм баззадис уым. Йæ фердæхт, йæ куыстарæхст, йæ бирæ хъару - гъе, уыдонæй ссардта уæрæх фæндаг Маринæ Хæсанæйы зæрдæмæ. Рæстæг цæуы æмæ иутæн фарн хæссы, иннæтæн та æндæр цыдæртæ. Хæсанæйы хъустыл æрцыд алыхуызон хъылма ныхæстæ: кæимæ, дам, цæуы, уый, дам, хæлд чызг куы у, лæг, дам, ын куы уыд... Ахæм дам-думтæ хъуыс- та къулбадæг устытæй дæр æмæ фенæг, дзырддзæугæ адæймæгтæй дæр. Бынтон æрра та Хæсанæйы ныййар- джытæ систы, нæ лæппу, дам, галиу фæндагыл ныллæу- уыд æмæ сæфдзæн. Къуырма нæу Хæсанæ, алцыдæр хъусы, фæлæ йæхи никуы атигъ кæны Маринæйыл. Æрбацæуы йæм хæдзар- мæ, райсы альбом æмæ йæм кæсы, кæсы, кæсы, бæрæг кæны, Маринæйæн кæцы нывы цахæм цæстæнгас, цахæм позæ ис, уыдон. Нæй, лæппутимæ æгæр арæх ист кæй у, уый зæрдæхсайгæ у, фæлæ... Цы уа, уый уæд! Маринæ йæ зæрдæмæ цæуы, лæджыхъæдджын, рæсугъд адæймаг у. Цы фау æм хæссы. Йæхæдæг Маринæ Хæсанæйыл æрхъæцмæ дæр нæ хъæцы. Æрæгмæ йæм куы ’рбацæуы, уæд сбады рудзынггæрон, кæд ыл мæ цæст искуы схæцид
æмæ йæм фæсидин нæхимæ, зæгъгæ. Цы ма хъæуы æндæр Хæсанæйы. Ныр ыл искуы тæрхондоны фарста куы кæ- никкой, цæхæр артыл æй судзгæ куы кæниккой, уæддæр бæрæг-бæлвырд дзуапп нæ раттид уый фарстæн. Маринæ йæхæдæг арæх архайы Хæсанæйы скъуыддзаггонд фæн- дон базоныныл, фæлæ дзы къæрттæй, цъулайæ хуыцауы бын ницы хауы. Иу бон нуæзтджынæй æрбацыд Хæсанæ Маринæтæм, кæмдæр дуканийы балхæдта Глинкæйы зæрдæхалæн романс «Гуырысхо» æмæ йæ цалдæр хат- ты ацагъта радиолæйæ. Хæдзары ничи уыд æмæ йæм иунæгæй хъуыста, йæ цæстыты æнкъард æмæ арф хъуы- дыджын æнгас къулыл цы ныв ис, уырдæм саразгæйæ. Нывы ист уыд Маринæ иу цахæмдæр лæппуимæ. Маринæ уыцы лæппуйы йæ хæстæг хоны. Хæсанæ куы цыдис, уæд пластинкæйы гæххæтт агъудыл ныффыста: «Уарзын дæ зæрдæйæ нæ, фæлæ зондæй». Афтæмæй бирæ фæцæрæн нал ис, - фидарæй загъта Хæсанæ æмæ иу бон Маринæйæн раргом кодта йæ гуы- рысхо. Маринæ исдуг фæтыхст, фæлæ æндæр гæнæн нал уыд æмæ загъта Хæсанæйæн: - Цардтæн лæгимæ. Усджын уыд æмæ мын иугæндзон йæ усæй хъаст кодта. Æниу дæу уыдæттæ цæмæн хъæ- уынц... Цардтæн лæгимæ... Æрмæст æвзæр мацы ахъуыды кæн, æз æй нæ уарзтон. Мæ уавæрты аххос уыд... Хæсанæ альбом йæхимæ æрбаввахс кодта æмæ ба- фарста: - Йæ ныв дæм нæй? - Ис, - æнкъардæй дзуапп радта Маримæ, - иуцалдæр раны. Æмæ Хæсанæйы цæстыты раз слæууыд бæзæрхыг, сатæгсаурихиджын лæг. Тæккæ былты сæрмæ - тæнæг, хæсгарды дыууæ кæроны кæрæдзи фарсмæ куы авæрай æмæ ма се ’хсæн чысыл дæрддзæг куы аззайа, раст ахæм рихитæ... Клоуны рихитæ... 0, æрæмысыди Хæсанæ, кæй хуызæн æм фæкаст æр- дæбоны рихиджын лæг. Æрæмысыд æй... Йе ’мкупейонтæ бафынæй сты. Æхсæвы дыккаг сахат райдыдта. Хæсанæ рацыд тамбурмæ, дуар бакодта æмæ дымгæйы ныхмæ йе ’ргом сарæзта. Дымгæ дымы, зонд ных скъуыны, зæрдæ риуы фæйнæг тоны. Туджы змæлд сиу цæлхыты сæлхæр
гуыпп-гуыппимæ æмæ уæнгтæ судзынц, дадзинтæ рæ- дувынц. 0, уыцы рихиджын! - сыхъуысы къæхты бынæй къуыр- ма уынæргъын, - ды мæ къухтæм... Дæуæн дæ уд... Цæ- мæн куырдтон ус!.. Фæлæ ууыл амæй размæ дæр бирæ хæттыты ахъуыды кодтон... Цал хатты мæ бафарстой ме ’мбæлттæ: - Куы зонай, чызг лæгимæ цардис, уæд æй ракурис? Кæддæриддæр цæттæ уыд мæ дзуапп: - Цæуылнæ, куы йæ уарзон, уæд? Хъуыды ма кæны, италиаг фильм «Сæфт бæллицтæ» куы федта, уæд куыд фæтæригъæд кодта Дзакео Ан- нæйæн. Матрос нал сразы Аннæйы ракурыныл, Аннæ æндæр кæимæдæр цард æмæ уымæн. Бынтон ницæйаг æм фæкастысты матросы фæстаг ныхæстæ: «Ис ахæм цыдæртæ, æмæ сæ мах никуы ферох кæнæм». Хæсанæ ма афтæ дæр бакодта уæд: «Æдыл ы, Аннæйы хуызæн рæсугъд чызг адæмы бын дæр куы уа, уæддæр æй нæ ныууадзин». Кæцæй уыд уый æнхъæл уæд, æмæ йыл искуы мæнæ ам, æгæрон тыгъд быдыры, æгъатыр æнæсæттон хъуыды фæранкау йæхи ныццæвдзæн æмæ йын йæ дæндæгтæй йæ хурхыл ныххæцдзæн! Альбом... Рихиджын лæг... Уыцы рихитæ хъыдзы кодтой Маринæйы былтæ, ды кæмæн пъатæ кæныс, уыцы былтæ! Æбуалгъдзинад! Цымæ кæм уыд йæ сæр, афтæ цæуылнæ ахъуыды кодта, искуы мын лæг куы уа, уæд мын цы зæгъдзæн, цы зæрдæйы уагæй мемæ фæцæрдзæн. Уарзондзинадæй амонд сса- рын, сывæллæттæ рауадзын, бинонты цард саразын кæй фæнды, уый хъуамæ афтæ бакæна! Зонд бынтондæр ныт- тар, зæрдæ ма гæзæмæ цæвы цæугæ поезды, тамбуры, дуаргæрон, мæйы æрхуы рухсмæ æмæ быдираг хус дым- гæмæ, раст æй цыма исчи сау дурæй самадта, уыйау æнæ- змæлгæйæ лæууы Хæсанæ. Æвиппайды дуары хъинцъ фæцыд, Хæсанæ фес- тъæлфыд. - Æй, сау бонтæ мыл, - дзыхълæуд фæкодта Раисæ. - Цы 1ми кæныс ацафон ам? Æз афтæ куы ’нхъæлдтон, мæ бæлццæттæ иууылдæр адджын фынтæ уынынц... Хæсанæ йæ мидбынатæй нæ фезмæлыд. Раисæ йын йæ цæсгоммæ бакаст:
- Цы кæныс? Рынчын кæд нæ дæ? Цы дæм рауад? - 0, - фæтыхст Хæсанæ. - Ницы... Ницы... Хæсанæйы бон дзурын нæ уыд, æниу куы уыдаид, уæддæр цы хъуамæ загътаид... - Ницы, - сфæлхат кодта Хæсанæ æмæ дуарæй мидæмæ бахызт. - Цы ницы? - Хæсанæимæ дзурæгау бакодта Раисæ. - Уый дæ уд зоны. Бамбæрста йæ, æвирхъау хъизæмары хай кæй фæцис йæ бæлццон. Бамбæрста йæ... Сылгоймаг фыдбылыз у. 1958 БЫДЫР Хуыссыди уый незаманæй фæстæмæ, Сæрыстырæй, уæрæх риуæй улæфыд, Нæ йæ уыдис хъуыддаг дунейы цардмæ, Дунейы цард йæ фæрсты уадау тахт, Æгайнæг зæхмæ адæмы хъæр не ’хъуыст. Æмæ йæм иу бон иу сахъгуырд фæзынд, Мазутæйдзаг - йæ пысултæ, йæ цæсгом, Салдаттаг сау цырыхъхъытæ йæ къæхтыл, Зæндджын æмæ æнæбасæттон йе ’нгас. Уый акасти йæ алыфарс фæйнæрдæм - Куыд сабыр у, куыд хъус у бæстæ! - Æмæ ныхъхъæр кодта йæ тых, йæ бонæй: - Хъæддаг рæсугъд! Дæумæ æрцыдтæн æз! Уайтагъд ныллæг арвыл хæтæнхъуаг мигътæ Фæхъил кодтой сæ хъустæ, цад Йæхимид барызт, кæрдæг банкъуыст, - Сæ кæрæдзийы райдыдтой фæрсын: - Уый чи у? Чи бауæндыд афтæ? Нæ цæргæйæ лæгтæ мах федтам бирæ, Æрцыдысты-иу дард ранæй зæххагур, Фæллад, мæллæг æмæ хъуынтъызæй,
Сæ бызгъуыртæ зæузæугæнгæйæ хастой. Цы сæ бон уыд! Тыгъд быдыры кæрон Сыджытдзар къæстæ арæзтой сæхицæн. Фæзынд-иу сæм, хъуырхъуыргæнгæ, хъазахаг - Цæугæцардгæнæг, фосуарзаг, хъæздыг, Æмæ-иу сæм йæ цæстыты зыхъхъыртæй Уый бакасти гуырысхойæ, фыдæхæй. Нæ, нæ, лæджы фырт мах раз у æдых, Уæндон хъæр ныл фæкодта ацы сахъгуырд, Фæлæуу! Ныртæккæ! Чи нæ цы у, - фенæм! Æмæ æрвгæрон мигътæй саудар аци, Уад сыстади, йæ сæрыл систа рыг, Æрбатæры тызмæгæй, Чингиз-ханы Лæджы тугмондаг, саубæрзæй бæхджынтау. Æрвæрттывд тары ратæх-батæх срæуæг, Фыдæлтыккон зæронд хæцæнгарз фатау Арв сахъгуырдмæ æнæгъгъæлгæ ныхъхъавы, Йæ фыдуаг цæф æм, дойнаг дурау, рахсы, Фæлæ кæм и! - йæ нысанæй ивгъуыйы Æмæ йæ зæхх зырзыргæнгæ ныхъхъуыры. Тыхæвзарæнмæ гас дуне æркаст, Тыгъд быдыр уыд мæнгард æмæ фыдкæлæн, Уый боныгон хæцынмæ ’рвыста тæвды - Тæвд сахъгуырдæн йæ улæфæнтæ ’хгæдта, Æхсæв та-иу йæ карз дымгæты суагъта Æмæ йыл мин зæрдæхалæн хъæлæстæй, Æрра куыйтау, хъæддаг гæдытау, ниудтой. Тыгъд быдыры уырныдта, уыцы сахъгуырд Кæд ахæм зынты удхарæй нæ амард, Уæддæр дзы, зæгъгæ, уды сымаг нал ис... Фæлæ фæрæдыд, йе ’ууæнк æй фæсайдта, Нæ фæцудыдта, ноджы стыхджын сахъгуырд. Мазутæйдзаг - йæ пысултæ, йæ цæсгом, Салдаттаг сау цырыхъхъытæ йæ къæхтыл, Зæндджын æмæ æнæбасæттон йе ’нгас... Уæдæ æндæр куыд вæййы коммунист!
Тыгъд быдыр ныр фыццаджы хуызæн нæу, Уый сахъгуырдæн лæггадгæнæг у абон. Æз æм нæртон Ирыстонæй æрцыдтæн Æмæ æдзух æрбаймысын нæ хæхты, Куы фенын ам хъæмпæй амад цъынатæ Æмæ сыгъзæрин хоры стыр кæритæ. Кустанай, 1958 МИЛЛИАРД1 Ды миф нæ дæ, дæу ацы зæхх ныййардта, Дæуæн фæкодта, буц мадау, лæггад. Дæу тыххæй уый æнусты дæргъы дардта Æгайнæгæй йæ номхæссæн бæркад. Дæу тыххæй мингай тракторты риуыгъдæй Уый фырадæргæй схъиудта æмæ рызт. Дæу тыххæй мингай сахъгуырдтæн сæ ныхтæй Сæ фæсонтæй сæ хид цыхцырау мызт. Дæу тыххæй мигътæн фесæфти сæ фæллад, Сæрд-дæргъы кодтой, сабитау, быцæу - Дæуæн сæ тагъддæр чи ’рхæса уымæлад Æмæ дзы тагъддæр чи бафсада дæу. Дæу тыххæй хус, быдираг рог дымгæтæ Сæхи нæ уагътой иу уысм дæр æнкъард, Æдзух æрвыстой нæхуыссæг æхсæвтæ Æмæ дын кодтой ало-лайы зард. Дæу тыххæй ам æвæллайгæ йæ уацау Фыста дæ кад бæрзондгæнæг фыссæг. Æмæ нæртон, æндонзæрдæ Батрадзау, Ды растадтæ дæ хуыссæнæй сындæг. 1 Дзырд цæуы Хъазахстаны миллиард, путы хорыл.
Ды растадтæ, ды слæууыдтæ дæ къæхтыл Кæуылты дæ! Бындар фæуай, бындар! Дæ кой нæры нæ быдыртыл, нæ хæхтыл, Хæлæрттæн - цин, нæ фыдызнæгтæн - сар. Ды растадтæ, фæлмæн мидбылты худыс. Æмæ дын дзурæм: - «Гас нæм цу, нæ цард!» Ды растадтæ æмæ нæ цудыс. Сабырады бæгъатыр - миллиард! ИЗÆРЫГОН Цæй-ма, мæстыгъуызæй ма кæс. Ауай, дæ фæндыр æрбахæсс. Хæдзæртты рухсытæ ссыгъдысты, Мæй дæр та арвыл хæты, Фæсивæд куыстæй æрцыдысты Æмæ сæ кафын фæнды. Сабырад бæлæстыл бады, Аууæттæ уынгты хуыссынц. Хъамылтæ не змæлынц цады, Донмæ сæркъулæй кæсынц. Ац ’афон зæрдæты гуырынц Алы æгъуыстаг сæнттæ. Уæлдæфау цинад ныхъуырынц, Уарзынмæ сты цæттæ, Гъе, æмæ ’рбадав дæ фæндыр, Тагъддæр, æмæ дзы æрцæгъд. Сау лæппу чызгæн нæ уæнды Раргом кæнын йæ фæнд. Æмæ кæд хъазтмæ æрцæуид, - Цæй-ма, фæсид æм, фæсид, - Хибар ран къуымы æрлæууид. Худы бынты йæм кæсид.
Ац ’афон чи хæссы базмæ Онгуагъд, фæлладæй йæ сæр, - Рамбырд кæн фæндыры цагъдмæ Хæдзæрттæй се ’ппæты дæр. Чи у æнæхъынцъым, райгонд, - Æйтт кафты зилдух кæнæд. Дардмæ кæмæй лидзы амонд, Уый дæр зæрдæхъæлдзæг уæд. Гъе, æмæ саударæй ма кæс, Ауай, дæ фæндыр æрбахæсс. Хæдзæртты рухсытæ ссыгъдысты, Мæй дæр та арвыл хæты, Фæсивæд куыстæй æрцыдысты Æмæ сæ хъазын фæнды. Кустанай, 1958 ЗÆРДÆ Нæ, хъазахаг чызг, æз дæу фæсайдтон, - нæ ахъуыды кодтон, куы дын загътон, зæгъгæ, алцы дæр ныууадздзынæн ам, æрмæст мæ зæрдæ нæ ныууадздзынæн ам Нæ, хъазахаг чызг, æз дæу фæсайдтон. Æз мæ зæрдæ ме ’тары не ’мбæхсын, саби давæггаг айк куыд æмбæхса, афтæ, æмæ йын сæттынæй нæ тæрсын. Уый, мæ цæстытау, мæ къухтау, йæхи кæддæриддæр æппары дымгæйы хъæбысмæ, хуры хъæбысмæ, адæмы хъæбысмæ.
Уый ’рттивы иугæндзон нæ хæхты цъуппытыл, цъититау, сыгъдæгæй. Уый иудадзыг тæхы Сау денджызы уылæнты сæрмæ, æнæмæт кæсагдзауау, райгæ. Уый сау афæлдæхы хæсты ныхмæ æмбырды, æмæ фыр мæстæй вæййы, гранатау, фехæлын æввонг. Уый алы райсом рацæуы Сырх фæзмæ æмæ хъусы курантты цагъдмæ - дун-дунейы пульсмæ. Нæ, хъазахаг чызг, Æз дæу фæсайдтон, Раст мад йæ хъæбултæн цард куыд хæлар кæны, афтæ æз мæ зæрдæ кæнын хæлар алкæмæндæр, чи у намысджын, рæстаг, цъаммар миты чи нæ сæвдулы йæ къухтæ æмæ стæй йæ фыдракæндтæ чи нæ кæны рæстæджы æфсон, уавæрты æфсон. Æмæ ныр мæ зæрдæ Прагæйы мæ хæлæртты мидбылхудты ис, - æз уыдон базыдтон æмæ бауарзтон Мæскуыйы. Мæ зæрдæ мын аластой Алтай æмæ Албанимæ, аластой йæ Коми æмæ Монголтæм. Нæ, хъазахаг, чызг, æз дæу фæсайдтон. Æз мæ зæрдæйы къулбадæг ахуыр нæ кæнын, æмбæрцæй нуазы цины æмæ масты нуазæн.
Цæвиттон, мæ зæрдæ иу рæсугъды уарзта, иу æнæрцæф рæсугъды æррайаууарзта. Æхсæв ын, æнувыд куыдзау, хъахъхъæдта йæ фын, бонтайæ фæдыл, æгъатыр нымудзæгау, зылд. Куыд бирæ йæ уарзта! Фæлæ чызг æндæр кæмæйдæр скодта мой æмæ сын нæу мæ зæрдæйы бон зæгъын: «Уæ амондхорз!» Нæу йæ бон афтæ зæгъын, нæ йæ фæнды афтæ зæгъын, æмæ сын алæхсæв сæ рудзынг, Пушкины донластау, хойы æмæ хойы. Нæ, хъазахаг чызг, æз дæу фæсайдтон. Хъуыды кæнын, ме ’мбал куы амард, - æз йæ уæлхъус лæууыдтæн, фæлæ мæм куыд дард уыд, - мæлæтау, мæм дард уыд. Мæ бон нæуыд- йæ фидар арм ын райсон, фæлæ мæ зæрдæйы хъарм уыд йæ къухты æмæ йæ йемæ ахаста талынг ингæнмæ. 0, цас мын уыд ахæм зынгхуыст хæлæрттæ! Уыдонæй алкæй ингæны нывæрзæн, цыртау гуыбырæй лæууы мæ зæрдæ,
лæууы æмырæй. Хъазахагчызг, фæсайдтон дæ æмæ мын æй ныббар. Зæгъ-ма, Куыд нæ ныууадзон Мæ зæрдæ дæ хуызæнæн, дæ хуызæн къуыппуадул, хурмæсыгъд, хъæлдзæг чызгæн, йæ трактор чи скъæры, сабийы уæрдонау, арæхстгай, уæзданæй! Зæгъ-ма, куыд нæ ныууадзон мæ зæрдæ бæркадбын зæххæн, кæмæй рæзы, къухæн уæз чи кæны, ахæм æфсиртæ! Нæ, хъазахаг чызт, мæ бон нæу, ма ныууадзон мæзæрдæам! Кæддæр, куы мæ ныййардта мæ мад, дунейы рухс мыл фыццаг хатт, уылæнау, куы ’рбакалд, - мæ зæрдæ уыд чысыл, хæрз чысыл, судзины бырынкъæй чысылдæр. Фæлæ азтæ цыдысты æмæ зæрдæ стырæй-стырдæр кодта, - Ныр ницыуал уадзы дунейы тыгъдадæн. Æмæ йæ фæнды цæрын бирæ, æнæкæрон бирæ цæрын адæмы цинæн, адæмы фарнæн! Кустанай, 1958
ПОЭТМÆ Цымæ цы хоныс сфæлдыстадон кризис, Кæд цард æдзухдæр ивы æмæ змæлы. Кæд размæ уайы иугæндзон, нæ мæлы, Æмæ йын иу ран бандзыг уæвæн никуы ис! Цымæ цы хоныс сфæлдыстадон кризис, Ды цардимæ зынты сæрты куы хизис. Фыдуаг.тымыгъты йе ’мхуызон куы ризис, Йæ масты боны адæргæй куы риссис, - Йæ цины куывды дзаг нуазæн куы сисис, - Цымæ кæм уаид уæд гъе уыцы кризис! Æз искуы цардæй ку ’айрох вæййын къуымы. Мæ бинонтæ мыл фау куы ницы ’вæрынц, Куы дæлдон кæнын чингуыты хуыдымы. Уæд мын мæ зæрдæ кæрчытæ фæхæрынц. Æмæ уæд æз ныууадзын, сонтау, алцы, Кæнæ æваст фæцæуæг вæййы балцы, Рæудымгæ мын мæ фæччитæ ныддымы, Кæнæ та, Бернсау, гутон дарын хуымы. Ныр та нæусаст зæххытыл, раст налхъуытау, Æрттивы æртæх мæнæутыл æвзистæй. Гомеры «Илиадайы» рæнхъытау, Рæвдз комбайнæй хæссын дæргъвæтин уистæ. Æз кусын ам, мæ цатыры къуымы та Æрдæг фыстытæй ме стихтæ æнхъæлмæ Кæсынц мæнмæ сæурайсомæй изæрмæ, Сæ астæутыл къуырд хуссайраг кæлмытау, Кæнынц хæлбурцъ, - уым чи цæуы сæ фæрсты Уый н’аздæхы сæ утæхсæн, сæ хъæрмæ. Нæй, ничи сæ æррæвдаудзæн мæ бæсты, Æз сæ хъæуын, мæнмæ кæсынц æнхъæлмæ. Æмæ кæсæнт, куы фервæзон кæрдынæй, Уæд фервæздзысты уыдон дæр сæ зынæй. Цымæ цы хоныс сфæлдыстадон кризис, Поэтæн уымæй цард фæкæны фидис! Кустанай, 1958
РОМАНТИКÆ Нæ, мæ хæлар, дугмæ фаутæ ма хæсс, Диссаг у, алæмæтон нæ дуг. Ницæйаг кæсы мæнмæ дæ сагъæс, Бацахсти, æвæццæгæн, дæ тут. Чи дын загъта, нал нæм ис романтикæ, Нал нæм ис лæгдзинадæн тыгъдад. Уыдæттæ дæхицæй иуварс адде кæ Æмæ сæ нæ фыдызнагæн радт. Чи дын загъта! Царды сабыр ранмæ Чи бæллы, кæд ахæмтæ, мыййаг! Мæн æркодта хорджын Хъазахстанмæ Цардбæллон романтикты фæндаг. Тарбургъуыз товарласæн вагæтты - Зард, хъæлæба хъал фæндыры цагъд. Афтæ ма-иу мидхæсты салдæтты Поездтæ хæцынмæ скъæфтой тагъд. Æмæ мигъ, Чапаевы нымæтау, Æйтт-мардзæ, тæхы нæ разæй рог. Зæгъ, куыд нæ уа сонт зæрдæ æнæнтау, Зæгъ, куыд нæ уа цинæфсæст, æвзонг! Чи дын загъта, райгуырдтæ æрæджиау, Сгуыхтдзинад кæм равдисай, уый нæй. А зæхх зилы æмæ ам,;йæ фæччийау, Бур мæнæутæ сфæйлауынц æмткæй. Нарст æфсиртæ ауагътой сæ сæртæ, Ацу, кæрд, æссив æмæ сæ лас. Хъамылæй уæлæмæ скъæр хæдзæрттæ Æмæ цæдты нард кæсæгтæ ахс! Хуры сыгъдмæ, нæсæттон дымгæтæм, Хидкалгæ, зæрдæрайгæ куысты - Мах уæздан курортдзаутау нæ хæтæм - Не уæнгтæ ныссатæгсау ысты.
Искуы дæ куы ’рæййафа æххормаг, Дойныйæ куы ныххус уа дæ ком, - Ма-иу фæу иу уысм дæр фæсмойнаг, Ма счъизи кæн иуцъус дæр дæ ном! Чи дын загъта, нал нæм ис романтикæ, Нал нæм ис лæгдзинадæн тыгъдад. Уыдæттæ дæхицæй иуварс адде кæ Æмæ сæ нæ фыдызнагæн радт. Фендзынæ, куы базæрондуæм искæд, Халас ныл куы ’рæвæра сындæг,- Ног фæлтæр нæ кад хæсдзысты дисæн Æмæ нæм кæндзысты-иу хæлæг. Кустанай, 1958 * * * Мæн фæндыд кæсагдзауау фæцæрын, Денджызы цъæх тыгъдады тæхын, Райсом раджы, сихорыл, изæры Адджынæн кæсаджы фыд хæрын, Æмæ сонтау райын æмæ райын, Фырцинæй цъæхахст кæнын æваст, Уылæнтæ мæ рухс хуызæй рæвдауын, Чи нæ зоны иу мисхал дæр маст, Мæн фæндыди... 0, фæлæ нæ рауад Урсбазыр кæсагдзауау мæ цард, Стыр хæсты æнахъинон рæдау уад Саби-дуг мæнæй фæсырдта дард. Цал хæстоны, судзгæ æмæ дудгæ. Уæд мæн тыххæй тохы фесты мард. Сабийау мæ ничи уыдта худгæ, Ничи-иу мын фехъуыста мæ зард.
Цард цыдис мæ хæдфæрсты, йæ цæнгтæн Ауагъта мæ уæхсджытыл сæ уæз. Цины æмæ масты даргъ фæндæгтæн Фидын æз æппынæдзух сæ хæс. Лæг йæхи куы равдисы æлгъинæй. Уый куы свæййы дурзæрдæ, кæрæф, Де ’мбал дыл куы разила фыдхинæй. - Зæрдæйæн æнæхатырдæр цæф. Æз æвзарын уарзонады тухи, Æз фæсайд дæн, - чи сбардзæн мæ зын! Уыцы сылæн æз йæ хурх ныздухин, Фæлæ йын тæригъæд дæр кæнын. Мæн фæндыди... 0, фæлæ нæ рауад Урсбазыр кæсагдзауау мæ цард. Мæнæ мæм бæгъæввадæй æрбауад Саби, æмæ бандоныл æрбадт. Уый фæрсы: «Цæмæн дæ арæх афтæ, Алыхатт кæдæм фæкæсыс дард. Иннæтау цæмæннæ цæуыс кафтмæ, Иунæгæй цы фæкæныс æнкъард?» - Æмæ æз æнкъард куы нæ фæкæнын, Цард - иттæг хорз! - сабийæн зæгъын... Уый фæнды кæсагдзауау фæцæрын, Денджызы цъæх тыгъдады тæхын. Кустанай, 1958 * * * Мæнæн æй радзырдта мæ коймаг... Æгас горæт цъæх фæздæг уадзы, артау, Æзнаг ын кард йæ зæрдæмæ ныддардта... Растуыцы дуджы ацæргæ сылгоймаг Сæ хæлд хæдзары иу саби ныййардта.
Тæвд æзды алкæм ихау сонтæй уары, Кæрæф мæлæт хъæздыг кæны, æндидзы, - Сыгъзæрин удтæ йе ’хцадонмæ уидзы... Мад ноггуырдæн йæ хъæддых дзидзи дары, Цыма æппындæр никуы æмæ ницы. Сталинир, 1958 * * * Æз тагъд нæ кодтон, æз цыдтæн сындæггай, Мæ фæрсты иу чызг ахызти, дымгæйау, Йæ цæстытæ - хæххон суадæттæ гасæй, Йæ зæрдæйау - сыгъдæг æмæ æнæнцой. Мæнæн мæ цыд фæсабырдæр, фæтыхстæн, Цымæ мын чидæр ме ’вастæй мæ зæрдæ, Пианинойы клавиштау, æрцавта Æмæ дзы сыстад музыкæ дзыназгæ. Чызг дардæй-дарддæр кодта. Скæсæн ради, - Цыдис йæ фæндаг скæсæны хъæбысмæ. Уыд бæстæ цъæх, чызгыл та уыд сырх къаба, Æмæ цыдис, цыдис, цырагъæй рухсдæр. Ех, æммыст, уый чысыл, чысыл фæуром, Фæхъæр æм кæн хъæлæсы дзаг: - Фæлæуу-ма! Фæлæ мæ цæсгом не схъæцыдис мæргътæй, Нæзы бæлæстæй, фæндагыл цæуджытæй. Чызг иу хатт дæр нæ фæкастис фæстæмæ, Кæдæм цыдис, уым рог фæйлыдта уæлдæф, Уым дидинты къуырф цæстытæй улæфыд Æнахуыр цинад, номхæссæйнаг амонд. Чызг баввахси сæуæхсиды тыгъдадмæ, Сæуæхсиды тæмæнкалдимæ сиу ис... Уый, ме ’взонгад мæнæй фæцæйцыд размæ Æмæ йæ фæдыл кастæн æмæ кастæн. Сталинир, 1958
ХЪЫСМÆТЫ ХИН Уæддæр, хъысмæт, цæмæн фæлварыс мæн, Æви дæ зæрдæ ды мæныл нæ дарыс? Уый хорз чызг у, æз разы дæн, Йæ фенгæйæ, мæ зæрдæ барызт. Уый хорз чызг у, заманайы рæсугъд, Кæимæ сбарон йе уонгайст, йæ фидыц, Сæууон хурау - йæ фæлмæн мидбылхудт, Йæ ирд цæстытæ, стъалытау, æрттивынц. Æмæ ды загътай: «Ахæм чызджы раз Цымæ куыд кæндзæн, - бакæсон æм дардæй» Æз уарзын цард, мæхи зæрдæйы йас, Мæ мондæгтæ хæлæфæй исын цардæй. Æз уарзын цард,- мæнæн ис ахæм бар, - Цæрæнбонтæм æнæфæтасгæ уарзын Сылгоймаджы кæлæнтæгæнæг буар, Йæ уæнгты фердæхт, йе сулæфт, йæ хъазын. Фæлæ рæсугъдтæй иуы ’взарын æз, Æрмæстдæр иу цæры мæ рухс хъуыдыты, Æрвылбон дæр мæ разы ис йæ хуыз, Æрвылæхсæв дæр уый уынын мæ фынты. Æмæ ныр æз куы баппарин мæхи Дæ рæсугъдыл, куы йын зæгъин «мæ рагхур». Мыдыбындзау куы райдаин тæхын Æз иу дидинæй иннæмæ мыдагур, - Хæрзаг мыл уæд ды акъуырис дæхи, Былысчъилæй мыл худис æмæ худис. Нæ, нæ, хъысмæт, нæ рауайдзæн дæ хин, Кæд рувас дæ ды, уæд æз та - йæ къуди! Кустанай, 1958
ЛÆДЖЫ БÆЛЛИЦ Сыбирагзымæг хатыртæ нæ зоны, Фæнды испайнаг у, Фæнды - кавказаг, Æваст ныббыры æфцæгготы, роны Æмæ лæджы æрбалвасы ахъаззаг. Фæлæ-ма кæс: нæ поезды хъæрмæ Дыууæ пылы æрбазгъордтой нæ размæ, Сæ хæтæлфындзтæ схъил кодтой хæрдмæ Æмæ кæсынц цымыдисгæнгæ махмæ. Дыууæ пылы, дыууæ рæсугъд цæрæгойы, Кæцæй æстут, цы уæ æрхаста ардæм. Фыддымгæ уæ джебогъ-фатау куы рæхойы, - Куыд фæразут æнæ дарæс, æн ’артæй? Æвæццæгæн, Сыбыры цæрæг скульптор Бæллыд кæддæр уæ райгуырæнмæ - Индимæ. Сыбыры-иу фыдуазал дымгæ - удхор Куы схъуырæй-хъуырмæ арвæй цæугæ митимæ, Уæд скульпторæн-иу йе уæнгтæ сыдысты, Фæлæ йæ бæллицмæ æппындæр ницы хъардта. Йæ бæллицуыцы карз фыдхъызты
Уыд Индийы, - уым хур æй тавта, артау. Уыи ради, уый тæвд денджызы сыр-сырæй, Уыдта, уым зæхх фыдуаг тæвдæй куыд æмпылы... Лæджы бæллиц тыхджындæр у Сыбырæй Æмæ æркодта Индийæ дыууæ пылы. Æмæ сæ ам æрцæрын кодта ’нусмæ, Ам, гом арвы бын, гом тыгъды, - сæ вагзалы. Ныккалы мит, дымгæ ныццæвы зулмæ, Фæлæ нæ сийынц пылтæ уазалы! 1958 ФЫСТÆДЖЫТÆ ХЪАЗАХСТАНÆЙ Поезд цæуы. Цæугæ нæ, - тæхгæ кæны. Афтæ зыны, цыма телеграфы цæджындзтæ, бæлæстæ, хъæутæ йæ размæ сæхи æппарынц æмæ уыцы иу фендæй фæстæмæ нæ фæрсты ныййарц вæййынц. Поезд йæ ныхæй гæрды уæлдæф. Ам, ма куыд уынæм, афтæмæй привилеги ни- кæмæн ис, не ’мбæлццæттæ иууылдæр сты иу уавæры. Иуæн - фæлмæндæр, иннæмæн - хъæбæрдæр йæ хуыс- сæн, уыдæттæ дзы нæй. Бæлццæттæ иууылдæр сты æвзонг, хъæлдзæг, цардæф- сæст. Чи дзы къамтæй кæнæ шашкæтæй хъазы, чи уæл- гоммæ ауагъта йæхи æмæ цымыдисæй чиныг кæсы, чи та дзуры алыгъуызон æмбисæндтæ æмæ йæм чи хъусы, уы- дон худæгæй мары. Иуæй-иутæ фыццаг хатт ацы фæндагыл базонгæ сты æмæ сæ кæрæдзийы сæ царды хабæрттæй рафæрс-бафæрс кæнынц. Цалдæр æмбалæй сæ зарынæй не ’нцайынц, уы- дон бадынц вагонмæ схизæныл, ауагътой сæ къæхтæ уырдыгмæ æмæ ауыгъд дзаумæттау, хъеллау кæнынц. Ахæм поездтæ ныртæккæ бирæ цæуы нæ бæстæйы алы къуымтæй. Уыдон сты, нæ дугæн типикон кæй хонынц,
ахæм поездтæ. Уыдон ласынц мингай лæппутæ æмæ чыз- джыты намыс æвдисæн бынатмæ - Казахстаны нæудзарм æмæ зæрæстон зæххытæм, уым цы диссаджы хъæздыг тыллæг æрзад, уый ’фснайынмæ. Гуырдзыстоны республикæйæ нæудзарм æмæ зæрæс- тон зæххытæм цæуын кæй сфæндыд, уыцы 7500 адæй- магæй нæ эшелон ласы 2 мины бæрц. Ам сты Абхазы, Хуссар Ирыстоны, Гуры, Боржомы, Карелы æмæ æндæр районты минæвæрттæ. Мах рацыдыстæм Сталинирæй, Гуры нæм æрбаиуысты абхазæгтæ, карелæгтæ, гуйрæгтæ; Тбилисы сæм бафтыдтой къахеттæгты вагæттæ дæр. Мæнæ хæхтæй чысыл дæттæ иу ранмæ куыд æрæмбырд вæййынц æмæ сæ иу стыр цæугæдон куыд сæвзæры, аф- тæ уыцы вагæттæ дæр баиуысты æмæ сæ сырæзт егъау эшелон. Сталинирæгтæ ацы азы йас никуыма уыдысты - дыу- уæ сæдæ фæндзайы бæрц. Æмæ сæ куыд зæрдæхæларæй рарвыста Сталинир! Стыр бæрæгбонмæ цæттæгæнджытау сæхи цæттæ кодтой сталинирæгтæ Казахстанмæ цæуын- мæ. Фæстаг бонты уым фехъусæн уыдис ахæм диалогтæн: Уынджы: - Цы балхæдтай уый? - Мæнæ дзабыртæ. Ныр ма мæ бæмбæджджын рæтыд къандзол хъæуы æмæ... Магазины: - Спортивон костюмтæ уæм нæй? - Абон нал ис. Казахстанмæ чи цæуы, уыдон сæ ал- хæдтой. Вагзалы: - Ды дæр нæ лæппутимæ цæуыс Казахстанмæ? - 0, цы кæны? - Дæ фæдзæхст-иу фæуæд. - Æмæ уыдон сæхæдæг мæнæй уæигдæр куы сты! Поезд цæуы. Нæ разамонæг Задишвили Нодар бæрæг кæны, сæхи куыд дарынц фæсивæд, истæмæй хъуаг æй- йафынц æви нæ. Дыууæ сæдæ фæндзай адæймаджы бæрны бацæуын чысыл хъуыддаг нæу. Уыцы дыууæ сæдæ фæндзай адæймагæй хицæнæй ал- кæйы лæджыгъæдыл нырма ницы зæгъæн ис. Чи сæ цы лæг у, уый куысты, тыллæг æфснайæны рабæрæг уы-
дзæн, ныр уал уæндонæй зæгъæн ис, уыдон æмткæй сæхи кæй нæ фегад кæндзысты, æцæг хъазуатон куыст кæй ба- кæндзысты Казахстаны тыгъд быдырты. Æрæджы дæр ма æвзонг фæсивæдæй фехъусæн уыдис ахæм ныхæстæ: «Тæхудиаг уыдысты мидхæсты, коллек- тивизацийы æмæ Фыдыбæстæйон хæсты хайад чи иста, уыдон, хъæбатырдзинад кæм равдыстаиккой, уый сын уыдис. Нæудзарм æмæ зæрæстон зæххытæм цæугæйæ, лæгмæ уæлдай ницæйаг кæсынц ахæм уæлæнгай хъуы- дытæ æмæ йæм уæлдай тынгдæр бахъары фæскомцæди- сы XIII съезды Н. С. Хрущевы ныхæсты стыр рæстдзинад. Никита Сергейы фырт дзырдта фæсивæдæн: «Рацæудзæн цалдæр азы, сырæздзысты ног адæймæг- тæ. Æмæ уыцы адæймæгтæ буцæй мысдзысты сымах, æвзонг хъайтарты, уæ цæвиттонмæ гæсгæ ахуыр кæн- дзысты, адæмæн куыд лæггад кæнын хъæуы, ууыл». Æмæ мах не ’ппæт дæр уынæм, нæ поездыл чи ’мбæлы, уыдон нæм сæ къухтæ куыд тилынц, куыд худынц сæ мидбыл- ты, куыд æхсызгон сын у нæ фенд. Кадджын зæрдæтæ, æвæццæгæн æрымысынц се ’взонджы бонтæ æмæ нæм сæхинымæр батæхуды кæнынц. Сæ фарсмæ лæууæгчысыл сабитæ та искуы, куы слæгтæ уой, уæд дисæн хæсдзысты нæудзарм æмæ зæрæстон зæххытæм чи цæуы, уыдоны, мах, абоны æвзонг фæлтæры. Нæ фæндаг цæуы Бакуйыл, Махачкалайыл, Астраха- ныл - Кустанаймæ. Разæй бирæ ис зындзинæдтæ, фæлæ æвзонг патриоттæ - романтиктæ ницæмæй тæрсынц. Сæйраг сæ цы хъæуы, уый ис - фæндаг æмæ дымгæ. Даргъ йæ фæдыл сайæг фæндаг æмæ æнæбанцайгæ, уæнгтæ роггæнæгдымгæ. Фæндаг æмæ дымгæ, æнусон хæяæрттæ, Кæйхонын æдзухдæр мæ амонд, мæ цард, Кæимæ фæцин кæны аякæд мæ зæрдæ, Кæимæ фæкæны мæ зæрдæ æнкъард. | Æзуемæ дæн, цалынмæ размæ æнцайон, Æзуемæ дæн, цаяынмæ кусон, цæрон, 0 дымгæ, æнусмæ кæмæн нæй æнцайæн, 0 фæндаг, æнусмæ кæмæн нæй кæрон.
ХЪУЫЛАТЫ СОЗЫРЫХЪО Зынгæ ирон фыссæг Хъуылаты Созырыхъо бирæ нæ рацардис, æдæппæт - 37 азы. Уыдонæй иугæндзон лите- ратурон куыст кодта æрмæст 10 азы, 1927 азæй 1937 азмæ. Уымæй размæ искуыдæй-искуыдмæ фыста æмдзæвгæ- тæ, фæлæ йын уыдон ном не скодтой, кæд сын аивадон æмæ идейон нысаниуæг ис, уæддæр. Созырыхъо уыдис хъæзныг, арф æмæ бирæфарсон курдиаты хицау. Фыста æмдзæвгæтæ, радзырдтæ, уацау- тæ, драмæтæ, критикон уацтæ, æфсымæрон адæмты æв- зæгтæй тæлмац кодта ирон æвзагмæ. Æмæ ал ы жанры дæр йæхи дæлæмæ никуы æруагъта. Йæ куыст уыд бæстон, раппæлинаг. Чиныгкæсæгмæ кæддæриддæр æвзæрын кодта цымыдис æмæ эстетикон æхсызгондзинад. Алыхуызон у Созырыхъойы уацмысты тематикæ: фыс- сы зæронд æмæ ног цардыл, хъæздыджытæ æмæ мæ- гуыртыл, æндæр æмæ æндæр адæмы мыггæгтыл. Алы- хуызон сты йæ нывæфтыдон фæрæзтæ дæр. Фæлæ фыс- сæджы сфæлдыстады сæйраг ахадындзинад у уый, æмæ ирдæй кæй равдыста, ирон адæмы цард йæ бындзарæй чи нынкъуыста æмæ йæ чи фендæр кодта, уыцы ахъаззаг- дæр дуг - революцийы арты райгуыргæ Советон хицау- дзинады фæуæлахиз æмæ колхозты арæзтад. Истори йæ фæндагыл цæхгæрмæ куы фæзылд, талынгæй рухсмæ куы аздæхта йе ’ппæт, æргом уæд уый ирон адæмæн канд сæ социалон-экономикон уавæртыл нæ фæзынд, фæлæ ма зынын райдыдта сæ психологийыл дæр, сæ зондахастыл дæр. «Тугæй æлхæд» сæрибар алыран дæр йæхион домд- та: куысты, бинонты ’хсæн, уарзондзинады, хæлар- дзинады... Æмæ кæдæм нæ хæццæ кодта йæ комулæфт! Созырыхъо йæ удæй фылдæр уарзта ног æгъдæуттæ, ног цард æмæ сыл йæ сæр нывондæн хаста. Зæронд æгъдæуттæй фæлмæст, радзырд «Иудзонгоны» хъайтар Габе дзуры йе ’мбал Мæхæмæтæн: «Акæс-ма уырысмæ, федтон уыдон куыд цæрынц. Се ’хсæн ацардтæн æх- хуырстæй. Уыдонæн куы ис æргомæй уарзыны бар, æргомæй бинойнаг равзарыны бар, иумæ рацæуын æмæ ныхас кæныны бар, уæд махыл цы бæллæх сæмбæлд! Æви мах уырыс, немыц æмæ иннæтæй зæндджындæр
адæм стæм? Афтæ фехъуыстон, зæгъгæ, мах нæ талынг- дзинады тыххæй афтæ стæм. Кæрæдзийæ къулбадæг рамбæхс-бамбæхс кæнæм, цæйдæр æнæуаг æфсæрмытæ æрымысыдыстæм нæхицæн». Габейы ацы ныхæстæн дзуаппæн Мæхæмæт зæгъы: «Раивын хъæуы не ’гъдæут- тæ, нæ; цардыуаг иууылдæр: адæмæн амонд куыд дæтта, афтæ йæ саразын хъæуы». Созырыхъо ирон адæмы зæрдæ канд йæ литерату- рон сфæлдыстадæй не ссардта. Иæ рахъомылæй суанг йæ амæлæтмæ кодта стыр революцион, æхсæнадон- политикон куыст. Йæ биографи у фæллойгæнæг адæмы амондыл хъæбатыр тохгæнæг æмæ æвæллайгæ кусæ- джы биографи. 1918 азы Гуры гимназы йæ ахуыр ныу- уагъта æмæ бацыд ирон полкмæ хæстонæй, хъазуатон тох райдыдта меньшевикты ныхмæ. 1919 азы уыд Хус- сар Ирыстоны фæскомцæдисы зынгæ разамонæг, уый фæстæ, Сырх Æфсады эскадроны политикон куыст кæн- гæйæ, Бургъустаны калдта урс бандæты туг. 1921 азы Цæгат Кавказæй æфцæгыл æрхызт Хуссар Ирыстонмæ меньшевикты сурæг Сырх Æфсады хæйттимæ. Уый фæстæ Созырыхъо у нæ областы партион комитеты æмæ совпро- фы уæнг, фæскомцæдисы Æппæтцæдисон фæндзæм съез- ды делегат. 1923 азæй 1928 азмæ ахуыр кæны Мæскуыйы Тимирязевы номыл хъæууон-хæдзарадон Академийы. Ирыстонмæ æрыздæхгæйæ, у журнал «Фидиуæджы» ред- актор. Гуырдзыстоны Коммунистон партийы ЦК хъæууон хæдзарады хайады инструктор, Фæскавказы пролетарон фысджыты Ассоциацийы Президиумы сæрдары хæдивæг. 1935 азæй фæстæмæ та - Хуссар Ирыстоны Адæмон рухсады комиссар. Ахæм стыр бæрнон куыстыты уыд иудадзыгдæр æмæ афтæмæй фыста йæ уацмыстæ дæр. Тæхудиаг у йæ цард - цыбыр, фæлæ рæсугъд! * * * 1957 азы Хуссар Ирыстоны паддзахадон рауагъдад ныммыхуыр кодта Хъуылаты Созырыхъойы æвзæрст уацмысты æмбырдгонд. Уым сты Созырыхъойы поэти- кон, прозаикон æмæ драматикон уацмысты хуыздæртæ.
Уыдонæй, иу цалдæры йеддæмæ, алкæуыл дæр ис ныф- фыссæн сæрмагонд литературон критикон уац. Фæлæ ныртæккæ мæнæн ахæм фадæттæ кæм нæй, уым æз мæ хæсыл нымайын Созырыхъойы æвзæрст уацмыстæн æр- мæстдæр иумæйаг характеристикæ раттын. Созырыхъойы поэзийы сæйраг миниуджытæ сты хуы- мæтæгдзинад, адæмондзинад. Фыссæджы фыццаг æмдзæвгæтыл зыны зæрдæсасты æрхæндæг мотив. Ахæмтæ сты 1916 азы æмдзæвгæ «Ахæсты катай» æмæ 1920 азы æмдзæвгæ «Сæ маст æцæг у бирæ...» Ныфсы, рухсы цъыртт никуыцæй кæсы лири- кон хъайтары зæрдæмæ: Куы хæссын къæяæтау Фыдæбоны уаргъ, Фæхуыссы æнæвгъау Мæ царды цырагъ. «Ахæсты катай» Æнæ хæдзар, æз - иунæг, Æдзухмæуаргъ хæссын, Æзнаджы сау нæмыгмæ Æнхъæлмæ æз кæсын... «Сæ маст æцæг у бирæ»... Æнкъард мотивыл амад у æмдзæвгæ «Æхсæв» дæр. Со- зырыхъо, цыма адæмон æмбисонд - «Мæгуыр фынтæй хъал», зæгъгæ, уыимæ быцæу кæны, уыйау, ирон мæгуыр, лæгæй зæгъы: 'Рбалæууыд йæ размæ фыны Сау мæгуырдзинад... Уый зæрдæрыстæй фæуыны Йе ’дзæлгъæды цард. Уаты дæр æйуый нæуадзы Рохуаты бынтон... Нæу мæгуыр лæгæн йæ царды Фыны дæр æнцон. Созырыхъойы хуыздæр æмдзæвгæты зæлланг кæнынц тохмæ бæллыны мотивтæ, хъайтарон мотивтæ, царда- монды мотивтæ.
Тохмæ бæллын, тохы монц - уый у аллегорион æм- дзæвгæ «Баст цæргæсы» хъуыды. Хъæбатыр цæргæсæн йæ базыртæ ныббастой æмæ йæ бирæ мастæн нал ис кæрон: Æдзухдæр йæ фыны Уый, хъалау, фæуыны, Куыд бирæуыд раджы йæ бон. Уыймигъты куыд сырдта, Сæ дугъы куыдуыдта Йæхицæн, дзæнæтау, æнцой. Чизоны исчи бадис кæна, зæгъгæ, мигъты сургæйæ (ома знæгтимæ тохы) цæргæсы зæрдæ куыд исы æнцойдзинад? Ау, уæд ын искуы хъармы, æфсæстæй æмæ æнæмæтæй цæрын та цы уыдзæн? Æнæнцойдзинад? Гъай-гъай дæр! - дзуапп дæтты йе ’мдзæвгæйæ Созырыхъо, - революционер йæ цардæй райгонд вæййы æрмæстдæр тохы мидæг, йæ фыдгул знæгты куы дæрæн кæны, уæд. Революционерæн тохы бон ницы аразын, иуран бадын у цæрдудæй мæлæт! - Уыцы ахсджиаг хъуыды ис æмдзæвгæ «Тох æмæ фæл- лойы» дæр. Тохтæ алыхуызон вæййынц, - цыма нын дзу- ры Созырыхъо, - цæуыл у махæн нæ тохы сæр? Æмæ дзу- апп дæтты: - Бархи фæллойыл, куыстыл! Фæллой ныну æрвон цæджындз, Æнæуый дунетæ кæлынц, Æнæуый ная бæззид нæ цард, Æсуаид махæнуый æнад. Уæдæ, фæллойкæнын, сæрибары цард нæ къухты бафтдзысты æрмæстдæр тохы фæрцы æмæ - иууылдæр тохмæ! Созырыхъо хорз æмбæрста Октябры революцийы уæ- лахиздзинады историон нысаниуæг: Фидар хъæсдарæгыл ’хсарджын фæсивæд Аразы дунейы сомбоны цард. Дзæбæх сты Созырыхъойы номарæн æмдзæвгæтæ га- зет «Хурзæрин»-æн æмæ журнал «Фидиуæг»-æн. Арф, тыхджын зæрдæйы æнкъарынадæй фыст у йæ уарзондзи-
нады æмдзæвгæ «Æрцу мæм, æрцу мæм æввахс...» Лири- кон хъайтары фæнды уарзын, фæнды йæ, æдзух йæ сæнт- ты кæй мысы, уыцы æнæзонгæ чызг куы фæзынид æмæ йæ цардæмбал куы бауид: Æнæ дæу куы сæфын бынтон, Куы кæуын æз арæхмæхиуыя, Æнæ дæу ныр наяумæ бон... Æрцумæм, æркъуя кæн мæ риуыя. Созырыхъойæн йæ удхæссæг сты, æнцонвадат цард чи агуры, лыстæг, æнæзынгæ митыл, цæстыфæныкъуылдау, æнæпайдайæ кæмæн атæхынц йæ цæрæнбонтæ, уыдон. Чиу æгъуыз цардæй бирæ цæринаг, Уыйнæм, æмгæрттæ, фæкæсæд мæгуыр, - зæгъы уый æмдзæвгæ «Гаджидауы». Йæ уд, йæ дзæцц сты тыхджын уды хицæуттæ, дуджы егъаудæр хæстæ йæ разы чи ’вæры æмæ сæ арæхстджынæй чи скъуыддзаг кæны, уыдон. Лæджыхъæд! - ахæм у Созырыхъойы æмдзæвгæты лирикон хъайтары сæйраг миниуæг, хиад. Цыфæнды мæ- гуырæй дæр, цыфæнды зынуавæрты дæр лæг хъуамæ лæг уа, йæ сæрæн аргъ кæнын хъуамæ зона. Уыцы диссаджы хъуыды, хивæнд æмæ тæвд тугау, дыууæрдæм зилдух кæны Созырыхъойы историон зарджытæ - «Тотырадзы зарæг» æмæ «Таймуразы зарæджы» къабæзты. Тотырадз дæр æмæ Таймураз дæр худинаг сæ сæрмæ не схæссынц, хъал æлдæртты ныхмæ стох кæнынц, ныццæгъдынц сæ æмæ сæхæдæг дæр амæлынц. Созырыхъо дзуры, зæгъгæ, бонджынтæ æмæ мæгуыртæн иумæ цæрæн нæй. «Мæгуыр æмæ хъæздыгæн сæ фæндаг иу кæд уыдис?» Дыууæ зарæгæн дæр сæ сюжеттæ ист сты адæмон сфæлдыстадæй. Фæлæ сыл дæсны фыссæджы æрмдзæф кæй сæмбæлд, уый сæ фæаивдæр кодта, фæтыхджындæр сын кодта сæ идейон-нывæфтыдон ахадындзинад. Дыу- уæ зарæгæн дæр самал кодта, рæсугъд сыл чи фидауы æмæ сын сæ мидис дзæбæх чи ’вдисы, ахæм æмдзæвгæйы барæнтæ. Ирон адæмон æмдзæвгæйы бирæ гæнæтæ ис
æмæ сæ алыфарсонæй пайда кæнын хъæуы, Созырыхъо сæ куыд пайда кæны, афтæ. Тотырадз æмæ Таймураз хауынц ирон историйы тра- гикон хъайтартæм. Талынг, цагъайраджы дугимæ карз тохы амæлынц, фæлæ куыд? - Уæлахизæй! «Райгуырæн бæстæйæн кадагур рамарди», - зæгъы Созырыхъо Тай- муразæй. Райгуырæн бæстæйæн кадагурæг у лæджы бар- тыл тохгæнæг, лæджы аккаг цардыл тохгæнæг. * * * Созырыхъойы прозæйæн йæ тематикæмæ гæсгæ ис æртæ хайыл адихгæнæн. Фыццаг хаймæ хауынц револю- цийы агъоммæйы цард æвдисæг уацмыстæ, дыккагмæ - революцион змæлд æмæ мидхæст æвдисæг уацмыстæ, æртыккагмæ та - колхозон цардарæзт æвдисæг уацмыстæ. Цы у характерон фыццаг хайæн? Созырыхъо иттæг хорз зоны ирон адæмы цард, ирон зæрдæйы уаг, ирон æгъдæуттæ. Уымæ гæсгæ йын чиныг- кæсæг йæ уацмысты растдзинадыл никуы фæгуырысхо вæййы, зæрдæ сæм мæнгдзинадæй, зыгъуыммæдзинадæй никуы фехсайы. Созырыхъо у зæрдæмæхъарæг реалист. Уый æвдисы революцийы агъоммæ мæгуыр æмæ бон- джын адæмты ’хсæн ныхмæлæуддзинад. Дуг æвзæр дуг уыд, мæгуыр лæджы авналæнтæ æрбауынгæг кодта, сфыц- цаг ын кодта гæвзыкк æмæ æнæрай уавæртæ. Созырыхъ- ойы уацмыстæ кæсгæйæ, уыцы зынвадат мæгуырдзинад цардæгас нывтæй цæстыты раз слæууы. Фæлæ мæгуырдзинад раст кæй æвдисы, сæйраджыдæр уымæй нæ балхæны чиныгкæсæджы зæрдæ. Йæ поэзиау, йæ прозæйы дæр сæйраг у лæгдзинад. Фидар уды хицау, зындзинæдтæн æнæсæттон, бонджыны раз йæ сæр чи нæ къул кæны, ахæм сæрыстыр æмæ хъаруджын адæймæгтæ сты йæ хъайтартæ. Райсут фыццаг хайæ кæцыфæнды радзырд дæр æмæ дзы сымах фендзыстут æйтт-мардзæ адæймæгты фæлгонцтæ. Радзырд «Фыййауы катай»-ы хъайтар - чысайнаг Хъæлци Брытъаты райдзаст æфцæгыл дары бонджын Куыдзæджы стыр дзуг. Иу зымæг Куыдзæджы фыртимæ араст Гудзаретмæ дарæнтæ агурæг. Уым Хъæлци базыдта
æмæ бауарзта Куыдзæджы хæстæджыты чызг Асинеты. Чызг дæр æй бауарзта æмæ Хъæлцийы куы фæндараст кодта, уæд ын фæдзæхсæгау загъта, цæмæй та сæм ацы хатт фæзына. Раздæхт Хъæлци æмæ Асинеты мæтæй нал кодта йæ сæрæн. Ацæуид æм, фæлæ Куыдзæджы фос кæмæн ныууадза. Созырыхъо æвдисы, социалон уавæртæ егъау ныхдуртæ кæй æвæрынц уарзондзинадæн æмæ йæ кæй æнамонд кæнынц. Хъæлци бамбæрста, искæмæн фыййау цæуынæй цард нæй, Хъуды фиййæуттæн бафæ- дзæхста Куыдзæджы фос, цæмæй дзы зæрдæхудтæй ма баззайа Куыдзæг, æмæ йæхæдæг ныххафта Гудзаретмæ. Уый у социалон æнæрастдзинады ныхмæ, тохы онг чи нæма сырæзт, ахæм карз протест. Æрцыд Хъæлци Гу- дзаретмæ, фæлæ байрæджы кодта - Асинет уæдмæ чын- дзы ацыд. Хъæлцийы нал федтой уæдæй фæстæмæ Хъу- ды фыййæуттæ. Кæдæмдæр йæ сæр фесæфта, кæдæм - бæрæг нæу. Хъæлцийау, исæй мæгуыр, фæлæ удыхъæдæй хъæз- дыг у радзырд «Хохаджы хъæстыты» хъайтар Цамел дæр. «Мыст йæ къæдзил кæм æрзылдтаид, уый йын нæ уыд - æгасæй дыууæ чысыл хуымы гæбазы, уыдон дæр - цæгат фарс». Фæлæ мæгуыр лæгыл алчидæр тых у æмæ хъæз- дыг Бедто, цъусгай-цъусгай йæхирдæм ссивын райдыдта мæгуыр Цамелы хуымы гæппæлтæ. Иу бон куы уыд, уæд та дын Бедто йæ гутон адардта Цамелы хуымы. Цамел сау хъамаимæ йæ разы æрлæууыд æмæ йын дзуры: «Ам мын цалынмæ мæ туг ныккалай, уæдмæ дын иу уыдисны дæр нæ ныууадздзынæн мæ зæххæй!» Хинæйдзаг Бедто уайтагъд хылыл не схæцыд. Цом, уæртæ æхсæны лæг- тæм фæсидæм, зæгъгæ, æмæ куы фæцæйцыдысты, уæд сусæгæй хъама фелвæста æмæ Цамелы сæрæн - дзæхст. Цамел фæзылд, басырдта Бедтойы æмæ йын йæ къубал иу риуыгъдæн ахауын кодта. Цамел йæ сæры кад кæй бахызта, уый тыххæй йæ Сыбырмæ фесæфтой. Афтæмæй уымæн дæр, Хъæлцийау, æбæрæгæй баззад йæ дарддæры хъысмæт. Цыма радзырдтæ нæ фæуынц, цыма сæ дарддæр фыс- сын хъæуы, афтæ зыны чиныгкæсæгмæ æмæ йæм сæв- зæры фарстытæ: куыд бауыдзысты хъайтартæ, цы сыл сæмбæлдзæн? Ахæм фарстытимæ баззайы чиныгкæсæг
радзырдтæ «Номылус» æмæ «Идæдз ус Госæдайы» ба- кæсыны фæстæ дæр. Фæлæ банысан кæнинаг у уый, æмæ уыдон æбæрæгæй нæ фесæфдзысты, нæ зæрдæ сыл дарæм æмæ нæ уырны, куыддæр тохы хъæр фæцæуа, куыддæриддæр бамбарой революцийы стыр нысаниуæг, афтæ сæхи æнæдæлæ- уæлæйæ рауæлдай кæндзысты сæ зæрдæты æнусон; æм- бæхст æмæ æргом бæллиц - сæрибары сæрыл. Созырыхъойы хъайтартæ - Хъæлци, Цамел; Музук æмæ Госæдайы хуызæн хъæбатыр, рæстылдзу адæймæгтæ то- хы бон фæстæ нæ фæлæудзысты, се ’фхæрæг - цагъара- дон цардæвæрдæй сæ маст æнæист нæ ныууадздзысты. Хъæлци æрыздæхдзæн; кæмдæриддæр уа; уырдыгæй. «Чи дзырдта, Туркмæ, дам; йæхи фесæфта, - зæгъы Созырыхъо йæ хъайтарæй; - Чи йæ хуыдта далæ Бакуйы; фæтæгены куысты. Чи та йæ суанг Америкмæ дæр ахæццæ кодта». Æз æнхъæл дæн; æмæ Хъæлци нæ дæр Туркмæ ацыд; нæ дæр Америкмæ ахæццæ; фæлæ кусын райдыдта Бакуйы; революционер дзы рацæудзæн æмæ бахъуыды сахат Иры- стоны æрбамидæг уыдзæн. Авторы æрхæсгæ верситæй мæм уымæй уырнинаг дæр ничи кæсы. Историйæ бæрæг у: бирæ ирон хæххон талынг; æнæахуыр лæппутæ сæ зын цардæй цыдысты нæ бæстæйы стыр сæудæджерадон го- рæттæм; уым-иу кусæг къласы астæу райстой марксистон- ленинон ахуырад æмæ-иу æрбаздæхтысты сæ райгуырæн къуыммæ æнæлаз революционертæй. Уый тыххæй Созы- рыхъо фыссы йе ’нæфæуд роман «1905 азы». Æрыздæхдзæн Сыбырæй Цамел дæр æмæ йæ фыд- гæнджытæн аккаг фæуыдзæн. Тохы уылæнтыл аленк кæн- дзæн хъæбатыр; фæрæзджын сылгоймаг Госæда дæр. Го- сæдайæн йæ лæг Дзиаты Батырбег раджы амард æмæ йæ авд сывæллонимæ идæдзæй баззад. Йæ тиу Гæуи; «намыс кæй хонынц; уымæй чысыл цух разынд» æмæ Госæдаимæ уарыныл схæцыд. Уæрсты лæгтæ авд бонгæн зæххæй Госæдайæн схай кодтой дыууæ бонгæны. Госæда не сра- зы ууыл; йæхи фæнд аскъæрдта - зæххытæ æмбисыл адих сты. Автор диссаджы хорз фæлгонц сарæзта Госæдайæ. Æрмæстдæр Госæдайы хуызæн тыхджын сылгоймаджы
бон уыд рагон æнæуаг æгъдæуттыл йæ къахæй æрлæу- уын æмæ авд сывæллоны фæдарын. Уый нæ, фæлæ ма йæхицæн кады ном дæр скодта.«Ном скæнын, мыййаг хъайла ацаразын, кæнæ фæрæты хъæд рацамайын нæу, - фыссы автор.- Кад æмæ номæн сæ къæдзилыл, тохъ- хъыл фыры дымæгау, уæззау истытæ баст вæййы». Уыцы «истытæ» Госæдамæ иууылдæр сты. Госæда у растзæрдæ адæймаг, æнæрастдзинад нæ бары æмæ дзы уый тыххæй хъæубæстæ - лæгæй усæй - тæрсгæ дæр æмæ аргъуц дæр кæнынц. Уымæн дзы афтæ дзурынц: «донмæ нæ скъæры æмæ нæ æнæдонæй здахы». Госæда «йæхи ныллæгдæр никæмæй æнкъардта, иннæ сылтау гæды æфсæрмытæй æмæ æнæуаг цагъайраджы лæггадæй йæхицæн ном не скодта». Автор нысан кæны Госæдайы физикон æмæ мо- ралон тых. «Йæ цæнгтæ æндонæй хъауджыдæр нæ уыды- сты. Дыууæ лæджы цы мæкъуыл нæ сæппæрстаиккой салд миты бынæй, уый йæхæдæг иу рæмыгъдæн фелвæстаид». Госæдайы моралон тых, йæ миддунейы бархъомыс бæрæг кæны уымæй, æмæ-иу йæхи тыххæй алы хахуыртæ куы хъуыста, уæд-иу «йæ мастыл йæ дæндæгтæй ныххæцыд æмæ йæ æддæмæ не ’вдыста». Госæдау уарзæгой мад. Уый «...йæ сабиты бæгънæгæй, æххормагæй никуы ныууагъта, адæмы рæгъмæ сæ ракодта. Раст къуырттон карк куыд цæрдæг лæууы, йæ цъиутæм зилгæйæ, афтæ уый дæр рагæпп æввонг уыдис йæ сабиты сæрыл рахæцынмæ». Гъе, æппæт уыдæтты тыххæй Госæдайæн хъæуы лæгтæ «фæстагмæ лæджы аргъ кæнын байдыдтой». Зæронд æгъ- дæуттæй ссæст чындзæн йæ цæсгом æвдисыны бар дæр куы нæ уыд, уæд дын, идæдз ус уæвгæйæ, лæджы аргъ кæной, лæджы æмсæр дæ æвæрой, уый тыххæй æцæг уæ- йыг, нæртон сылгоймаг хъуамæ уай! Фыссæг цы сылгоймæгты фæлгонцтæ сарæзта, уы- донæй Госæдайы фæлгонцæй разагъта дæр нæй. Фæлæ йе ’ннæ сылгоймæгты фæлгонцтæ дæр дæсны фыст сты, цардæгас сты æмæ бар-æнæбары сæхиуыд ныббæттынц чиныгкæсæджы зæрдæ. Радзырд «Фиййауы катай»-ы Асинетыл хæрз чысыл йеддæмæ нæ фыссы автор, фæлæ уайтагъддæр нæ цæсты раз февзæры къæйных, хъæлдзæг чызджы фæлгонц. ♦12
Къуыдыры уæлæ цырæгътæ куы саста Асинет æмæ йæ Хъæлци куы фелхыскъ кодта,уæдуый цырагъы фарк дард фæхаста æмæ Хъæлцийы синтæн - дзæхст. «- Гъе, рæсугъд чызгай, дæ цæф мын рисгæ куы кæ- нид, уæд та мын цы уаид! - дзуры йын Хъæлци. - Ацу, чысайнаг, æндæра дæ карчы цъиуау, мæ быны куы ракæнон, уæд дæ мæцъистæй дæр нал скъахдзысты! - Гъе, æмæ дын мæ уд дæр уый куы фестид æмæ æз дæ бынæй къахинаг куы фæуин!» Ацы сценæ, чи зоны, искæцы уæздан эстетмæ гуы- мир фæкæса æмæ йæ æлгъгæнгæ, йæхи фенцъулгæйæ, иуварс æрæвæра. Фæлæ мах афтæ нæ хъуыды кæнæм. Ацы сценæ у иттæг реалистон, иу дзырд, иу фезмæлдыл дæр дзы чиныгкæсæг æнæууæнк нæ кæны æмæ йæм уыцы иу рæстæджы æвзæрын кæны цахæмдæр æнæниз, зæрдыллæууæн романтикон тæлмæн. Созырыхъо цард æцæгæй куыд у, йæ хъайтартæ æцæ- гæй куыд сты, афтæ сæ куынæ æвдисид, уæд, æвæццæгæн, романтикон дæр нæ уаид йе сфæлдыстад. Уыцы хъуыды бамбарынæн хорз æххуыс кæны мæнæ ахæм абарст. Автор, Асинет Хъæлцийы зæрдæйы куыд ныххаудта, ууыл дзургæйæ, фыссы: «Ирон чызг цы вæййы, Асинет дæр, раст, уымæй уæлдай ницы уыди, фæлæ Хъæлцимæ та фæкаст зæд, уæларвæй æртæхæджы хуызæн». Гъе, афтæ, Созырыхъо йæ радзырдтæм цы цаутæ, цы хъай- тарты бакæны, уыдон дæр ирон царды цы вæййы, уымæй уæлдай ницы сты. Фæлæ сæ Созырыхъо афтæ дзæбæх рав- дисы, æмæ чиныгкæсæджы зæрдæйы ныххауынц, роман- тикон æнкъарæнтæ дзы ныууадзынц. Романтикæ дзæгъæлы сæнттæ цæгъдын нæу, адджын æмæ мæнг фынтæ мысын нæу. Романтикæ ис æрвылбо- нон царды мидæг, æцæг æрцæугæ фактты мидæг. Реалон цард у романтикæйы суадон. Уымæ гæсгæ цард реалонæй куы æвдисай, уæд гæнæн нæй æмæ ма уай романтикон. Загътон ма йæ, Созырыхъо уарзы тыхджын, сæрыстыр, удæй æмæ уындæй рæсугъд æмæ æнæниз сылгоймæгты фæлгонцтæ аразын. Радзырд «Хохаджы хъæстыты» ис дыууæ сылгоймаджы фæлгонцы - Цамелы ус Хадзиан æмæ Бедтойы ус Багиан. Хадзиан у куыстуарзаг, уазæг- уарзаг, намысджын сылгоймаг. Багиан та - дам-думгæнæг,
цæстмæмитæгæнаг йæ лæг Бедтойы ссы кæны æмæ йæ ардауы мæгуыр Цамелыл. Созырыхъо хæрз цъус дзуры Хадзиан æмæ Багианыл, фæлæ сæ реалондзинадыл чи- ныгкæсæг гуырысхо нæ кæны, удæгас адæймагтау ауа- йынц йæ цæстытыл. Авторæн бæрæг бæлвырд у йæ ахаст дыууæ сылгоймагмæ дæр. Багианы цæстмæмитæ, йæ дам-думтæ ’нæуынон сты Хадзианæн æмæ йын мурдæр ницы бары. Иу ахæмы Баги- ан Хадзианы фыддæрадæн куы базарыд, зæгъгæ: Мæуарзон Харбинмæ ацæудзæн, Уырдæгæй дæсмины ’рбахæсдзæн. уæд æм Хадзиан нал фæлæууыд æмæ йын бафидис код- та: «Уый бæсты дын дæ зылын фындз куы сраст кæнид дæ хорз уарзон!» Созырыхъо разы у Хадзианы ныхæстыл æмæ ма сæм йæхицæй бафтыдта: «Æцæгдæр, Багиан-иу Хуссары хъæуы ’рдæм куы каст, уæд йæ фындз та чысыл дæлæ Кърозы ’рдæм зул дардта». Ам афтæ хъуыдыгæнæн нæй, ома Созырыхъо Багианы физикон сахъатдзинадыл худы. Чизоны, Багианы уыцы сахъатдзинадæн йæ кой дæр не скодтаид, йе ’гъдау рæстмæ куы уыдаид, уæд. Багиан æрымысыд Хадзианыл Салаты Хадзумары æмæ йæ хъæуы устытæн фæцит-цит кодта. Уыцы дам-думы тыххæй дæр ын Хадзиан аккаг фæци. «Иу райсом раджы Багиан хъуццытæ дуцынмæ куы фæцæйцыд, уæд æм Ха- дзиан скъæты цурæй рагæпп кодта, йæ дзыккутæм ын фæлæбурдта, скъæты цæджындзыл ын сæ атыхта, йæ цуры къæртайæ иу къусы дзаг дон фелвæста æмæ йын æй йæ сæрыл ауагъта: - Гъеныр Салаты мæрдтæн фæлдыст фæу, кæд мæнг ныхæстæ зæгъыс, уæд, зылынфындз, рæуæдтæмдзæуæг...» Адæймаджы физикон æмæ моралон тых, бакастæй æмæ удæй рæсугъддзинад, хæрзконддзинад - уый у Созы- рыхъойы идеал æмæ йыл йæ зæрдæ никуы ивы. «Хадзиан уæйыг ус, иннæ та - хæдмæлы хуызæн...» Багианы хуызæн хæдмæл, къулбадæг у идæдз ус Госæдайы антипод - Госæдайы файнуст Абиан дæр. Уымæн дæр Созырыхъо æвдисы йæ физикон æмæ йæ моралон ницæйагдзинад. Созырыхъо фыссы: «Гæуийæн йæ ус Абиан, тæнæггомау,
чысыл, раст дзывылдары хуызæн. Госæдайы цур уый мæлдзыджы йас дæр нæ зындис хæдзары дæр æмæ адæмы ’хсæн дæр, кæд хистæр чындз уыд, уæддæр... Сомы аргъ хъуыддагæн туманы аргъ загъд æмæ хъæлæба кодта...» Асинет, Госæда æмæ Хадзианы фæлгонцтæм хæстæг лæууы æмæ уыдон хуыздæр миниуджытæй хайджын у радзырд «Номылусы» хъайтар - чындздзон чызг Зæлийы фæлгонц. Уыцы фæлгонцтæ иууыл иумæ аразынц рево- люцийы агъоммæ ирон сылгоймаджы типикон, æмбырд- гæнæг, бирæфарсон фæлгонц. Зæли у хъæлдзæг, рæсугъд, цардæфсæст чызг. «Цæр- дæг, - цыфæнды хохы сæрты, зæрватыккау, атахтаид. Ног джиппæйфыст куырæт ын йæ дзаг риу æлвасы хъæддых, цыма ныртæккæ æддæмæ ратондзæн, уыйау. Нарæг астæу, назы талайау, кондджын». Созырыхъо иу фыст нæ акодта Зæлийы портрет, фæлæ йæ ныв кæны штрих- гай, цадæггай. Алы штрих дæр портретмæ цыдæр ногæй бафтауы, цæмæйдæр æй баххæст кæны. Уæлдæр æрхæсгæ цитататæй нырма разынди Зæлийы портретæн æрмæст йæ иу хай, фæлæ фæстагмæ ног æмæ ног штрихты фæрцы æххæстæй ауайы нæ цæстыты раз. «Къæсæрæй бахизы Зæли, тыргъы сæгуытау базгъоры, йæ дыууæ сау дзык- куйы сызмæлынц йæ^синтыл...» Цалдæр абзацы фæстæ кæсæм ног штрих: «Йæ мидбыл фæхуды, цыма хъама хурмæ ферттивы, уыйау. Урс-урсид дæндæгтæ цыкурайы фæрдгуытау.» Уый фæстæ ма ноджы куы базонæм, зæгъгæ Зæли «фæринк æхсаргардау, хъæддых æмæ цырд» у, уæд ма нын йæ фенын цы зын у! Цæмæн афтæ кæны Созырыхъо? Портрет райдайы фыссын, нæ йæ фæуы, афтæмæй йæ фæуадзы, æндæр цæуылдæрты адзуры, стæй та цасдæр рæстæджы фæстæ ногæй райдайы портрет фыссын. Цы пайда йын у ахæм принцип? Хуыздæр нæу: иугæндзон æй афысс æмæ дзы фервæз? Мæнмæ афтæ кæсы, цыма ахæм принцип æнæрхъуы- ды нæу. Авторы фæнды, цæмæй чиныгкæсæг тынг бан- къара æмæ бамбара Зæлийы рæсугъддзинад. Æмæ цæ- мæй чиныгкæсæг Зæлийы рæсугъддзинадыл æппын- æдзух хъуыды кæна, цæмæй йыл æппынæдзух дис æфта- уа, авторæн йæхиуыл куыд æфтауы, афтæ, уый тыххæй
Зæлийы портрет ныв кæны штрихгай,'скъуыддзаггай, - иугæндзон нæ, фæлæ. Афтæмæй чиныгкæсæгæн уацмыс кæсгæ-кæсын æппынæдзух йæ зæрдыл лæууын кæны, Зæли иттæг рæсугъд æмæ иттæг æвзонг кæй у, уый. Цæмæн æй бахъуыд афтæ кæнын? Ацы фарстæн дзуапп ратгæйæ, чиныгкæсæг æргом кæны радзырд «Номылусы» сæйраг идея. Зæли у мæгуыр лæг Музукы иунæг чызг. Иухатт, Музук хъæды бæлас куы калдта, уæд æрхæй иу хъæды лыггаг раирвæзт, Музукы стонг бирæгъау йæ быны ассыдта æмæ йæ ныцъцъæлтæ кодта. Удæгас аирвæзт Музук, фæлæ йæ дыууæ уæраджы цæнкуылæй баззадысты æнусмæ. Къухæй тынг дæсны уыд, арæзта алыхуызон хъæдгæрзтæ æмæ уымæй царди. Музук дæр у Созырыхъойы уарзон, фидар уды хицау, мæгуырæй дæр сæрыстыр чи у, уыцы хъайтартæм хауы. Æрымысут-ма, бонджын Хъауырбег æм уазæгуаты куы фездæхт, уæд дзы сусæгæй-æргомæй цæй хынджылæг аскъæрдта. Хъауырбег куыйтæй хъаст кæныныл куы схæцыд, уæд ын Музук хинæйдзагæй зæ- гъы: «Кæд мыййаг, нæ базыдтой нæ куыйтæ, уæздан лæджы фырт кæй дæ, æндæра дæ куыд нæ фефсæрмы кодтаиккой»'. Кæнæ фæстæдæр, уæздан Таджитæ мæгуыр Убатæн дывæрæй туг кæй бафыстой, Хъауырбег ууыл куы дзырдта, уæд ын Музук загъта: «Иу дзуттаг йæ зæронд хæстыл куыд зылд, уый æмбисонд дыл ма æрцæуæд...» Музукы ахæм уæндон ныхасмæ Хъауырбег куыннæ амæсты уыдаид, фæлæ æргом ницы загъта. Йæ чызг Зæли рæсугъд кæй у, уымæй Музук иуæй сæрыстыр у, - «йæ дыууæ дзыккуйы дæр сты æгас рæгъа- уы аргъ», - дзуры йæхицæн, иннæмæй та йæ фæндгæ нæ кæны, йæ чызг афтæ рæсугъд кæй у, уый, æмæ йæхины- мæр катайыл бафты: «Æгæр уæздан арæзтытæ фæци Зæли, мæгуыр лæгыл афтæ нæ фидауы: мæгуыр хъуамæ уындæй дæр фыдуынд уа...» Æмæ цæмæй тарсти, уый æрцыдис Музукыл. Таджи- ты уæздан Хъауырбег сыл бафтыдис, куы сын лæгъстæ код- та, куы сæм æртхъирæнтæ кодта, фыдмитæй сæ тæрсын кодта, пъырыстыф æмæ сæм дæс чапары æрбарвыста, баджигул сæм кодтой æмæ сын фыдуаг митæ фæкодтой. Хъæуы устытæ фыртæссæй хъæдмæ ахъуызыдысты æд
сывæллæттæ. Зæли æмбæрста, утæппæт хъуыддæгтæ уый тыххæй цæуынц, йæхи бинонтæ æмæ иннæ адæм дæр уый цæхæрæй судзынц. Ницыуал гæнæн дзы уыд æмæ кæд Хъауырбегæй йæ удхæссæг уыдта, уæддæр ын сразыис номылусæн. Фыссæг Зæлийæн раздæр цы хъæлдзæг, æвзонг, рæ- сугъд портрет сарæзта, уый ныр ивын æмæ ивын рай- дыдта: «Бахусис, мæгуыр, фыды мур ыл нал баззади, йæ цæсгом фæстинонау ныффæлурс. Хъæуы уынгты æмæ уыгæрдæнты нал хъуысы йæ зæлланг худт». Раздæр кæд «нарæгастæу, назы талайау, кондджын» уыд Зæли, уæд чындзы фæцæуыны фæстæ та «Таджиты дынджыр уаты къуымы, назы бæласы бындзæфхадау, къулбæрзæйæ лæууыди». Революцийы агъоммæйы цардыуаг, уæззау æгъдæут- тæ æвзонг назы талайæн йæ рог къабæзтæ атыдтой, йæ рæсугъддзинад ын сæ сау дзæмбытæй æрæхсæстой æмæ ма дзы цы баззад? - Æрмæстдæр бындзæфхад. Кълассон ныхмæлæуддзинæдтæй кæрæдзийыл чи нæ хæцы, социалон хæрамдзинад фæткы сæр кæм лæууы, уыцы æлгъаг цардæвæрд у æвзонгдзинад æмæ рæсугъд- дзинады цыфыддæр знаг, æвзонгдзинад æмæ рæсугъд- дзинады хурхылхæцæг. Ахæм у радзырд «Номылусы» идея. Æз Зæлийы Созырыхъойы сфæлдыстады фыццаг ха- йæн идеалон хъайтар кæй хонын, ууыл, чизоны, исчитæ фæдызæрдыг уой æмæ бафæрсой, зæгъгæ, цæй хъæба- тыр сылгоймаг у Зæли, кæд æвæндонæй йе ’нæуынон Хъауырбегæн номылусæн сразы ис, уæд? Ахæм фарст æнæбындур нæу æмæ йæ хъæуы равзарын. Бæгуыдæр, Зæлийы Хъауырбег куы нæ æмæ куы нæ уал уагъта, Зæлийы ракурын йеддæмæ йæ æндæр фæрæз куы нæ уал уыд, уæд Зæлийæн йæ бон нæ уыд æмæ йæхи амардтаид, уый фæстæ Хъауырбег бар-æнæбары æрса- быр уыдаид æмæ нал дæр Музукы æфхæрдтаид, нал дæр хъæубæсты. Фæлæ Зæли йæ къух йæхимæ нæ систа. Ра- цыд йæ зæрдæйы фæндоны ныхмæ æмæ Хъауырбегимæ бацард. Цы у уый? Зæлийы лæмæгъдзинад? Гъай-гъай, иу цасдæр бæрцæй афтæ дæр у.
Фыссæджы хæс уыд, раздæры цардыуаг æвзонгдзинад æмæ рæсугъддзинады кæй мары, уый равдисын. Уыцы хæс йæ къухы бафтыдаид, Зæли Таджитæм чындзы кæй ацыд, канд уымæй нæ, фæлæ йæхи куы амардтаид, уæд дæр. Уæдæ йын йæхи цæмæннæ амарын кодта автор Та- джитæм чындзы фæцæуыны бæсты? Зæли къæйных, ныхджын чызг у æмæ чиныгкæсæджы ныфс ис, йæхи Таджитæм æгадмæ кæй не ’руадздзæн, номылусæй йæ кæй нæ тондзысты. Мæнмæ афтæ кæсы, цыма Зæли йæ лæджы хæдзары Госæдайæ æгуыдзæгдæр нæ разындзæн. Кæд Зæлийæн æндæр гæнæн нал уыд, æмæ Хъауыр- бегæн номылусæй сразы, уæддæр Зæли Хъауырбеджы раз йæ сæр никуы æркъул кæндзæн, никуы йын табу кæндзæн. Зæли æмæ Хъауырбегæн радзырды цы иунæг диалог ис, уымæй бæрæг у, Зæли Хъауырбегыл кæй фæ- уæлахиз. Дзырд бæхыл æрæфтыдта Зæли. Хъауырбег дзы тынг сæппæлыд, иу æлдар, дам, мын йæ хойы лæвæрдта ацы бæхыл, фæлæ, дам, ын æй нæ радтон. Зæли йын дзу- апп радта: «Иу æвзæр исты уыдаид уыцы æлдары хо, æвæццæгæн. Аипп ма уæд бафæрсын: дæлæсин кæд нæ уыд, мыййаг?» Уæздан Хъауырбег бамбæрста Зæлийы ныхас, ома «ды дæлæсин дæ, æмæ дын кæй лæвæрдтой, уый дæр дæлæсин уыдаид». Уыцы диалогæй Хъауырбег цъæхтæ-буртæ кодта, йæхимæ ницыуал зынд. Чызгæн дзуаппæн ницыуал бафæрæзта æмæ, йæ бон базонгæйæ, йæ бæхыл бабадт. «Куыйтæ йæ фæстæ рæйынц, суанг æй къуылдымы рæбыны онг фæсырдтой.» Афтæ фысгæйæ, Созырыхъо зæгъы, ома, æндæр аккаг дæр нæ дæ, зæронд богъ, ахæм æрыгон чызг кæуыл фæтыхис! Созырыхъо Зæлийы тыххæй фыссы: «Мæсты стайау, йæ цæстытæй судзгæ æхсидæвтæ хауы», «йæхи, калмау, фæгæмæл кодта.» Стай æмæ калмимæ абарæн кæмæн ис, уыцы чызгæй дæ ныфс уæд, - уый йæхицæн ном кæнын базондзæн! Созырыхъойы сфæлдыстады фыццаг хайыл зыны ирон прозæйы классик Гæдиаты Секъайы сфæлдыстады æндæвдад. Бæрæг у, Секъайы бирæ кæй уарзта æмæ кæй уыд йæ хуыздæр фæдонтæй иу. Секъайы хуызæн канд йæ тематикæмæ гæсгæ нæу, фæлæ ма тынг æввахс
лæууы йæ фыссынады манерæмæ, йæ таурæгъкæнына- ды принципмæ. Секъайау, уый дæр лыстæггай не ’рыв- налы йæ уацмысты хъайтарты миддуне æвдисынмæ, нæ сын ранывæнды чиныгкæсæджы раз сæ психологон даргъ нывтæ. Ахæм аивадон амалтæм Созырыхъо рахиздзæн фæстæдæр, уацау «Дзуттаг Ошуахъ» æмæ роман «1905 аз» фыссын куы райдайа, уæд. Йе сфæлдыстады фыццаг хайы Созырыхъо бирæ нæ дзуры, йæ хъайтарты, зæрдæтæн алыфарсон анализ нæ дæтты, сæ характеристикæтæ сты цыбыр, фæлæ хæрз бæлвырд. Уæлдай рæвдз у портреттæ аразынмæ. Дыууæ - æртæ деталæй цæстыты раз февзæрын кæны йæ хъайта- ры хуыз. Уæлдæр дзырдтон радзырд «Номылусы» хъайтар Зæлийы портретыл. Мæнæ ма уыцы радзырдæй ноджы иу портрет: «Музукæн йе ’фсымæр - Гарс, ницы ахæм лæг уы- дис, адæмы хæдзæртты хæрди-хæрд зылди, хæмхудджын, йæ былтæ йын цыма бызычъитæ фæнадтой, уыйау: йæ дæндæгтæ быдираг чъеуриты йас, зылын-мылынтæ. Æнæуый тъæпæн, къаннæг лæг, фæлæ йын уыйбæрц та гуыбынæй æмбал нæ уыдис, - галы мард йæхæдæг ба- хордтаид, дурыны дзаг арахъхъæй нæ бафсæстаид. Раст бæгæны æнтауæн гарзæй хъауджыдæр нæ уыд. Гарс дæр ыл, æвæццæгæн, уымæн сæвæрдтой». Гарсæн йе ’ддаг хуыз æмæ йæ миддунейы ’хсæн хи- цæндзинад нæй. Иттæг дæсны фыст æй ныккодта Созы- рыхъо. Кæнæ мæнæ ноджы дæр «Номылус»-æй бынтон æн- дæр портрет: «Чысыл Тæри, Бибойы фырт, йæ тымбыл сæр тынгдæр æркъул кæны йæ риумæ, раст фыркъайы хуызæн: цыма ныртæккæ йæхи рауадздзæн æмæ искæй тæнтæ ныххафдзæн йæ ныхæй, уый каст кæны». Уæдæ ма æндæр цы вæййы нывгæнæг! Тынг аив, цæстуынгæ сты Созырыхъойæн йæ пейзаж- тæ дæр. Иууыл сыл чи фæдзурдзæн, цæвиттонæн дзы фаг у иу пейзаж. Радзырд «Фиййауы катай»-ы хъайтар Хъæлци хохæй кæсы дард комы нарæгмæ æмæ уыны: «Къæдзæхты æмæ дурты сæртыл, гæппытæгæнгæ, фез- гъбры комы дон, йæ фынк калы урс-урсид тъыфылтау, æдзуххъæлæба кæны. Иæ къабæзтæ къаннæг куырæйтты нуктæм баздæхынц, ныззилынц базырджын цæлхытæ æмæ та фæстæмæ сæ мад - комы донмæ базгъорынц».
Созырыхъойы сфæлдыстады фыццаг хайимæ зонгæ кæнгæйæ, афтæ зыны, цыма нын исчи ивгъуыд зæронд царды хабæрттæ дзуры æмæ йæм мах та хъусгæ кæнæм. Уый у йе сфæлдыстады фыццаг хайы, иннæ хæйттæй цы хицæн кæны, уыцы спецификон миниуæг. Радзырд райдайы æмæ фæвæййы, мæнæ фенæг лæг йæ ныхас куыд райдайы æмæ йæ куыд балхынцъ кæны, афтæ. Ахæм у, цæвиттон, радзырд «Хохаджы хъæстытæ». Æвæццæгæн, рагон царды уæз бавзарæг зæронд лæг ракодта Цамел æмæ Бедтойы хабæрттæ. Радзырд райдайы афтæ: «Нæ хъæуы иу Цамел хуындис» æмæ Цамел æмæ Бедтойы ’хсæн цы бæллæхтæ æрцыдис, уыдоныл лæмбынæгæй æрдзургæйæ, радзырд æлхынцъгонд цæуы: «Афтæ сты, дæ рын бахæрон, нæ царды хабæрттæ...» Созырыхъо йæхæдæг федта æмæ зыдта зæронд цар- ды æгъдæуттæ, фæлæ йæ радзырдтæн æрмæг æмбырд кодта советон дуджы, ирон хъæуты зæронд дзырдарæхст адæймæгты ныхæстæм хъусгæйæ, уыдон лыстæггай фыс- гæйæ. Иу ахæм зæронд дзырдарæхст лæджы фæлгонц аразгæ дæр скодта радзырд «Номылус»-ы. Уыцы зæронд лæг хуыйны Хадзумар. «Йæ зачъетæ уæлæ уыцы хохы ми- тау, урс йæ бакаст - Нарты Уырызмæгау зонынджын». Бирæфенæг, бирæзонæг адæмтæм хъусын - уый у Со- зырыхъойы сфæлдыстады суадæттæй иу. Фыссæг хорз зыдта, зæгъгæ, адæмы цардимæ æнгом баст куынæ уай, адæмы сагъæстæ æмæ бæллицты æрфæнты куынæ ленк кæнай, уæд дæуæй фыссæг нæй, хуыздæр у рагацау дæ сис аппарай æмæ гæххæтт æнæхъуаджы ма хардз кæнай. Созырыхъо иттæг хорз зыдта цард, иудадзыгдæр царды гуылфæны уыд æмæ йын уый фадат радта ирон адæмы цард раст æмæ арф равдисынæн, ирон адæмы хъæздыг æвзаджы æвæрæнтæй парахатæй спайда кæнынæн. Цы- дæриддæр Созырыхъо зæронд Хадзумары тыххæй зæгъы, уый æгасæй^ дæр хауы авторы сфæлдыстады фыццаг периодмæ: «Йæ ныхас - рог, æлутонау, адджын. Рагон карз æмæ тызмæг цардæн раст æвдисæнау лæууы, нывгондау, дæ разы æвæрдæуы хабæрттæ, цыма сæ иууылдæр дæхи цæстæй федтай, уыйау». Хуыздæр нæ зæгъдзынæ! Иугæр дзырд æрхаудта Хъуылаты Созырыхъойы сфæлдыстады суадæттыл, уæд сæ сæйрагдæртæн æнæ-
зæгъгæ нæй. Уыдон сты: æппæты фыццаг адæмы цард иттæг хорз зонын, стæй ирон, уырыссаг æмæ æндæр кълассикон литературæты традицитæ иттæг хорз зо- нын. Гæнæн ис, фыссæг хорз зона адæмы цард, фæлæ йæм ма уа фаг литературон ахуырад, ома дæсныйад, уæд йæ уацмыстæ æххæст хæрзхъæд нæ уыдзысты. Гæнæн ис, фыссæгмæ фаг дæсныйад уа, фæлæ цард хорз ма зона, - гъе уæддæр йæ уацмыстæ æххæст хæрзхъæд нæ рауай- дзысты. Созырыхъо цард зонынæй дæр æмæ дæсныйа- дæй дæр æмхуызон хотыхджын уыди æмæ йæ уацмыс- тæ чиныгкæсджыты раз æмхъаруйæ æххæст кæнынц аи- вады сæйраг функцитæ - зонынадон-хъомыладон æмæ эстетикон-эмоционалон функцитæ. Зæронд урсбоцъо лæг Хадзумар, Убатæ æмæ Таджи- ты дыууæ мыггаджы хабæрттæ. Зæли Хъауырбеджы но- мылус куыд баци уыдæттыл куы радзырдта, уæд йæ ра- дзырд ахæм ныхæстæй фæцис: «Ныр æндæр рæстæг у, мæ хуртæ: сымах хуыздæр дуг æрæййæфтат, райдзаст, сæрибар». Уыцы хуыздæр дуджы сæрыл, Советон хицаудзинады сæрыл тох Созырыхъо æвдисы йе сфæлдыстады дыккаг хайы. Хъуылаты Созырыхъо йе сфæлдыстады дыккаг хайы равдыста Советон хицаудзинады фæуæлахиз Ирысто- ны. Адæм сæ равзæрдæй фæстæмæ цæмæ бæллыдысты, æхсæвæй-бонæй сæ сæнтты кæй мысыдысты, уыцы дис- саджы сæрибардзинад сæ къухты бафтыдис. Уæлахиз йæхи къахæй не ’рцæуы. Созырыхъо раст зæгъы, зæгъгæ, сæрибар цард у «тугæй æлхæд». Созырыхъо йæхи цæстæй федта æмæ бавзæрста дыу- уынæм азты уæз. Растуый тыххæй йæ бон бацис ныффыс- сын тыхджын, хъаруджын уацмыс-мысинæгтæ «Тугæй æлхæд». Созырыхъо йæ мысинæгты у объективон историк æмæ реалистон нывгæнæг. Уый дæтты иумæйаг политикон характеристикæ æмткæй дыууынæм азтæн æмæ уыцы иу рæстæджы дæсны æвдисы æппæт адæмон змæлды нывтæ. Хуссар Ирыстон дыууынæм азты хуызæн зын уавæрты никуы уыдис, уæды хуызæн карзæй никуыма лæууыд йæ разы æгъатыр дилеммæ: кæнæ сæрибар, кæнæ мæлæт.
Созырыхъо мысгæ ницы кæны. Уый æвдисы æцæг факттæ. Факттæй арæхстгай пайда кæнын куы зонай; уæд сæм чиныгкæсæг «æнæфæкæугæ; æнæфæхудгæ» нæ фæ- лæудзæни. Созырыхъойы мысинæгты факттæ куы кæсай; уæд зæрдæйы тугтæ ныттæдзынц. Уый фыдæх зæрдæйæ фыссы меньшевикты минæвæрт- тыл; æлгъгæнгæ дзуры. Жорданийыл æмæ йæ сарказмæй хоны «Урсбоцъо пехуымпар». Мæнæ меньшевикты иууыл растдæр характеристикæ сæ минæвæрттæй иуы хуызы: «... бады диктатор Виктор Жгъенти ныллæг; тæнтъихæг; лыстæгбæрзæй лæг. Рувас халонмæ куыд фæкæсы; раст ахæм уыд йæ цæстæнгас. Масты фæдыл нæ дзурын; мæхæдæг æй иу-дыууæ хатты федтон нæ лыгъды агъоммæ; бирæ йæм фæкастæн æмæ загътон, ай у æнæмæнг садист; иезуит; - лæджы туг баназыныл фæстиат нæ фæуыдзæн». Меньшевикты къухæй мард фесты Созырыхъойы фыды ’фсымæр Александр æмæ йæ ныййарæг мад На- тъа. Натъа куры; цæмæй йын йæ хойы лæппуйы ма амарой; фæлæ меньшевиктæ тæригъæд кæд зыдтой; лæгъстæтæм кæд хъуыстой; бавдæлдысты æмæ зæронд усы дæр амардтой. Созырыхъо «Тугæй æлхæд»-ы хицæн фæлгонцтæ нæ ныв кæны сюжетон архайды бындурыл. Созырыхъо æв- дисы æмткæй рæстæджы фæлгонц. Рæстæгмæ гæсгæ уацмыс у динамикон; тынггонд. Мæнæ лыгъды ныв: «Фосы уаст; адæмы оффытæ; уæрдоны æнæкæрон хъинцъ; устыты; сывæллæтты æрдиаг хъуыстис кæмттæй; иу кодтой сармадзаны æмæ топпыты гæрæхтимæ. Цæнд кодтой адæм хидтыл; уынгæг ацæуæнтыл. Сыстад Хус- сар Ирыстон иууылдæр; хъæутæ; сæ артдзæстытæ, сæ хуымзæхх ныууагътой, лидзынц; сæхæдæг дæр æй нæ зонынц; кæдæм». Цыбыр; лыггонд хъуыдыйæдтæ хорз æвдисынц рæстæджы æнæнцой ахаст. Динамикон; ак- тивон у, рæстæджы хуызæн; Созырыхъойы пейзаж дæр. «Æнуд; æгуыппæг... Афтæ ма вæййы стыр уады агъоммæ; стæй сысты карз дымгæ, ныннæры; ныггæрæхтæ кæны арв; нызгъалы къæвда; арв æмæ зæхх; æнæуаг знæгтау; кæрæдзийыл андадзынц сæхи; кæрæдзи фæхойынц». Рæстæджы фæлгонцы миниуæг у уацмысы публи- цистондзинад. Публицистикæйы цæхæрæй сыгъди уæл-
дæф, бæстæ. Цыдис партиты тох, адæм се ’ргом аздæхтой политикæмæ. Уымæ гæсгæ Созырыхъойæн, куыд ныв- гæнæгæн, йæ бон нæ уыд рæстæджы уыцы ахсджиаг миниуæг рохуаты ныууадзын. Уый æхсæнадон фарстытыл кæм райдайы дзурын, уым йæ ныхас уæлмонц зæлланг кæны, свæййы тыхджын пафосон, патетикон. Уымæй зыны Созырыхъойæн йæхи фæлгонц - æнувыд комму- нист, æхсарджын революционеры фæлгонц. Цæмæн бахъуыд Созырыхъойы æмткæй рæстæджы фæлгонц æвдисын? Адæмы æмызмæлды иумæйаг про- цесс, адæмы растады æмгуырæй цæуæг уылæн равдисын - ахæм уыд Созырыхъойы хæс. Уыцы хæс аскъуыддзаг кæнын къухты нæ бафтыдаид, фыссæг æрмæст хицæн хъайтарты миддуне æвдисыныл куы схæцыдаид æмæ массон змæлды нывтæ куы нæ равдыстаид, уæд. Хицæн хъайтарты фæлгонцтæ сюжеты бындурыл æвдисы Со- зырыхъо йæ иннæ уацмысты. Уым рæстæг у хъайтарты архайдæн фон, йæхæдæг архайæг цæсгом нæу, кæд хъай- тарты зæрдæйы хатт рæстæг бæрæг кæны, уæддæр, æмæ уымæ гæсгæ чысыл фæстæ алæууы. Рæстæджы фæлгонцæвдисдзæн Созырыхъо, коллекти- визацийыл цы уацмыстæ ныффыста, уыдоны дæр. Загътон ма йæ, хуымæтæджы не схуыдта Созырыхъо йæ мысинæгты «Тугæй æлхæд». Туг - уый у Созырыхъо- йы дыууынæм азтыл фыст уацмысты иугæнæг фæлгонц. «Тугæй æлхæд», «Æртындæсæй иумæ», «Музейы», «Мæрд- ты бирæгъ», «Иудзонгон» - уыдон иууылдæр сты мень- шевикты зылынгæнæг карз документтæ, фæллойгæнæг адæмы хъæбатырдзинады удæгас цыртдзæвæнтæ. «Дысоны къæвда Чъребайы уынгтæ ныхсадта. Базза- дысты йын æнæхсад æрмæст туджы лæсæнтæ, зноны хъа- зуат хæсты туджы лæсæнтæ». Афтæ туджы фæлгонцæй райдайы радзырд «Æртындæсæй иумæ». Æртындæс ном- дзыд коммунары бахаудтой знагмæ уацары. «Сæ цæс- гæмттæй, сæ сæртæй сырх-сырхид туг лæдæрсы, хъуыры цъарыл, рустыл ныхъхъæбæр», Созырыхъо æвдисы æртындæсы коллективон фæл- гонц. Сæрмагондæй дзы никæй æвзары, никæуыл дзы дзуры уæлдай лæмбынæг, æрмæст Джиоты Андрийы тых- хæй загъта къорд ныхасы. Созырыхъо æвдисы Коммуни-
стон партийы хъомылгонд, тохы тымыгъты сфæлтæрæг хæстонты коллективон зонд, коллективон тых, коллекти- вон хъару. Сæрибары хъысмæт скъуыддзаг кодтой иугай равзаргæ хъайтартæ нæ, фæлæ адæмон массæтæ. Рево- люци адæмы сиу кодта, иу зонд, иу фæндæй сæ бабаста кæрæдзийыл. Коллектив у иууыл æнæсæттондæр тых. Æз нæ, фæлæ мах - ахæм уыд рæстæджы девиз. Ахæм у Со- зырыхъойы радзырд «Æртындæсæй иумæйы» девиз дæр. Мæнæ æртындæсы коллективон портрет. «Сæ цæстытæ æнахуыр дзагъырæй лæууынц. Нал сæм хъары цæф дæр. Сæ бакаст цыма дурæй амад у, æмæ сæ ны- хыл фыст ис мæлæт. Мæлæт сын у тæрхон æмæ йыл цыбыр рæстæджы сразы сты. Ауыгътой сæ къух цыдæриддæр сæ рухс бонимæ иу кодта, ууыл. Цы гæнæн ис. Афтæмæй цæуынц, сæ развæндагмæ нæ кæсынц, фæ- лæ цудгæ нæ кæнынц: сæ къахдзæф у фидар, раст...» Дзырддаг нæу, æртындæс коммунарæй алкæмæн дæр йæхи зæрдæйы хатт, йæхи индивидуалон ахаст уыд, фæлæ сæ царды сæйраг нысанæй бынтондæр иугъуызон сты. Уыцы нысан хуыйны коммунизмы сæрыл тох. Уымæ гæсгæ уыдон ингæнмæ куы фæкæнынц, уæд иууылдæр хъуыды кæнынц æмхуызон - се ’ппæт алкæйы хуызæн, алчи - се ’ппæты хуызæн. Созырыхъо сын цы коллекти- вон портрет ныффыста. уый иттæг хорз бады се ’ппæтыл иумæ æмæ алкæуыл хицæнæй. Созырыхъойæн ахæм ама- лы фæрцы йæ бон бацис æгас коллективы æмæ алы хицæн адæймаджы интересты, хъуыдыты иудзинад тыхджын равдисын. Хъæбатыр коммунартæ зонынц, ныртæккæ сæ амар- дзысты, фæлæ нæ тæрсынц. Андри йæ райгуырæн бæстæйы рæсугъд хæхтæм куы скаст, уæд «йæ зæрдæ æрбауынгæг, цæссыг хъавыд æддæмæ рахъуызын, фæлæ йæ дæндæг- тæ кæрæдзимæ тынг нылхъывта, цæстытæ ныдздзагъыр кодта, æмæ уæд цæссыг дæр фæстæмæ балыгъд...» Хъæ- батырæй фæцардысты, хъæбатырæй хъуамæ амæлой. Сау халон, - сауджын сæм аргъауынмæ æрбацыд, «æвзист къопп бахаста кæройнаджы дзыхмæ. Уый сæнт худт ба- кодта, йæ фидар цонг рариуыгъта æмæ... сауджыны къопп дæлæ фæтулы... Иууылдæр базмæлыдысты, иууылдæр
разы сты се ’мбалы мийыл». Афтæ коллектив архайы иу адæймагау, иу æлвæст тымбыл къухау. Радзырд фæуд кæны, йæ мидис ын чи æргом кæны, ахæм ахсджиаг дзырдтæй: «Дæнг... дæнг... Æртындæсæй иумæ...» Хицæнтæй нæ, фæлæ иумæ! Радзырд «Æртындæсæй иумæ» у иумæйаг зондахастæн, коллективы хъарудзинадæн, коллективы æнæмæлæт- дзинадæн кад æмæ намысы зарæг, кад æмæ намысы гимн. Радзырд «Музейы» - «æхсаргарды цæф сæры фахс афаста кæронмæ. Сау знаг сахуырста туджы йæ къухтæ, мæгуыр зæронд усы туджы». Чи уыд уыцы зæронд ус? Кæд тыхгæнæг уыд æмæ йæ уымæн амардтой? Созырыхъо æвдисы меньшевикты æбуалгъдзинад. Уыдон нæ ауæрстой æнахъом сывæллæттыл, æнæбон зæрæдтыл. Зæронд ус Сабе ницыгæнæг уыд, мæгуыр. Йе ’мхъæуккæгтæ фалæмæ алыгъдысты, йæ иунæг фырт дæр семæ афардæгис. Сабе йæхæдæг баззад хъæуы. Кæцæй уыд уый æнхъæл, меньшевиктæ йæ сырдон æгъдауæй амардзысты æмæ йæ зæрдиаг хъæбул Бимболыл нал атыхсдзæнис! Бимбол дæр æнæбæрæгæй фесæфтис. Меньшевикты æбуалгъдзинады темæ арф иртæст у Созырыхъойы иннæ уацмысты дæр. Радзырд «Музейы» уыцы темæйыл æфты мад æмæ сабыр царды темæ. Сабе дыууæ æфсæддоны æрбахуыдта. Сæ иу, Дауыт Хъоране- ли, Сабейæн йæ хъæбул Бимболы хуызæн у æмæ йæ уый тыххæй Сабе бирæ уарзы. Дауыт уыны, æмбары меньше- викты политикæйы æцæг цæсгом æмæ йын хъыг у, дыууæ æфсымæрон адæмы кæрæдзийыл кæй ардауынц, уый. Сабе дзуры Дауытæн: «Хæцинаг нæ бæргæ ницы уыди. Кæсут, ныр иунæгæй баззадтæн, хъæды халонау, мæ ахс- джиаг та, чизоны, искуы æххормаг у. Дæ хуызæн у уый дæр, дæ цахъхъæн». Дауыт дзуапп радта: «Раст зæгъыс, мæ мады хай, хылаг нæ ницы ис...» Ам мады темæйыл баст у хæстмæ фыдæхдзинады темæ дæр. Хæст у мады иууыл æгъатырдæр знаг. Мад йæ ахсджиаг хъæбулæй аф- тидæй аззайы. 1 Меньшевикты æбуалгъдзинад йæ хъуырмæ скодта Да- уыты, ныкъкъуырдта Цæгат Ирмæ æмæ рахæцыд Сове- тон хицаудзинады фарс. Фæстæмæ хæцæг æфсадимæ Хус- сар Ирмæ куы ’рыздæхт, уæд дзы ницыуал æрæййæфта,
меньшевиктæ йæ ныссæрфтой. «Хъæу та ма кæм баззад! Сау знаг сæ иууылдæр бакодта зынджы хай. Дурсистæ, уæлмæрдау, сабыр уыдысты, сæ мидæг хæмпæлæй ба- цæуæн нал уыди». Созырыхъойæн, куыд хæлардзинады сæрхъызойæн, адджын у гуырдзиаг Дауыты фæлгонц. Дауытæн, рæстдзинад уарзæгæн, йæ бон нæ уыд æмæ Хус- сар Ирыстоны сæфтыл ма хъыг кодтаид. Хæлардзинады темæ арф æмæ бирæфарсонæй разындзæн фæстæдæр - Созырыхъойы сфæлдыстады æртыккаг хайы. Хæццæ, вазыгджын дуг ныййардта цыбыр, фæлæ тых- джын радзырд «Мæрдты бирæгъ». Змæст рæстæг æфсæд- дон Знауырæн ныууадзын кодта тохы быдыр, баиу æй кодта лидзæг адæмимæ, нывæрдта йæ нысан Знауыры зæрдæйы уагыл. Адæм сæфгæ кæм кæнынц, уым йæ- хицæн исбон кæныныл чи архайы, уыдонмæ Знауыр уд- хæссæджы цæстæй кæсы. Мæнæ æртæ æфсæддоны хыл кæнынц, цæйдæр дарæс ратон-батон кæнынц. Знауыр зоны, «халоны йæ сау бырынкъ куыд хъæуы, адон дæр сæ хæцæнгæрзтæ раст уымæн кæй дарынц» æмæ сыл фæ- хъæр кодта: «У, хæрджытæ холыхор бирæгътæ!» Цæхгæр историон фæзилæнты, критикон уæззау мо- ментты царды цыдæриддæр хорз æмæ æвзæрæй ис, уы- дон сæхи æргом равдисынц. Созырыхъойы дыууынæм аз- тыл фыстуацмысты æмхуызон тыхджын æвдыст цæуынц æппæрццаг æмæ æвæрццаг фæз^ындтæ. Рынчын сылгоймаг мæлы. Йæ чысыл саби йæ цуры. Иу æнахуыр лæг бацыд, джигул кæны, цыдæриддæр ары, хордзенты сæ æвгæны. Рынчын хъæрзы, дон куры. Уыцы æнахуыр лæг æм бауайы æмæ йын йæ сæры бынæй баз фелвасы. Рынчын утæхсæн кæны, сывæллон кæуы. Уыцы æнахуыр лæг сын сæ муртæ ссивы. Æнахъинондæр ны- вæн гæнæн нæй! Чи у уыцы æнахуыр лæг? Созырыхъо йын дæтты дис- саджы бæлвырд характеристикæ: «Иу сырды мыггаг ис, мæрдты бирæгъ æй хонынц нæ бæстæйы. Сырдтæй уымæй æнæуагдæр нæй, йæ уындæй зæрдæ ныккæрзы. Уæлмæрдтæм æрцæуы æхсæв æмæ ног мæрдтæ къахы. Раст ахæм уыд йæ бакаст уыцы æнахуыр лæгæн дæр». «Цъаммар мондаг, æнæуаг зыддзинад федта стигъæджы
цæстыты Знауыр». Йæ туг сæхсыст рынчын сылгоймаджы хъизæмармæ æмæ мæрдты бирæгъыл дамбаца ныццавта. Знауыр æмæ мæрдты бирæгъ сты дыууæ диаметралон ныхмæлæууæг фæлгонцы. Знауыры лæгуарзындзинад у мæрдты бирæгъы лæгæнæуынондзинады знаг. Дыууынæм азты Хуссар Ирæй бирæ адæм алыгъд фæсæфцæгмæ - Цæгат Кавказмæ. Уыдонимæ ацыд Хъуы- латы Созырыхъо дæр. Уæд Цæгат Кавказы бæстон æрфи- дар ис Советон хицаудзинад, фæлæ Деникины æфсады баззайæццæгтæ уæддæр сæ кæнон нæ уагътой: сусæгæй къордтæ-къордтæ кодтой, лыгъдысты хъæдмæ абырæг æмæ цы сæ бон уыд, уымæй фыдмитæ кодтой ног цард аразæг адæмæн. Иу дзырдæй, тох дарддæр цыдис. Раст уыцы рæстæджы хабæрттыл фыст у Созырыхъо- йы уацмыс «Иудзонгон». Радзырды сæйраг архайджытæ сты Габе æмæ Мæхæмæт. Габе у æнахуыргонд, Мæхæмæт зоны Марксы чингуытæ. Сæ бакаст дæр иухуызон нæу: Га- \бе - хохаг фыййауы хуызæн. Мæхæмæт - горæттаг æгуыст \ кусæджы хуызæн. Фæлæ сæ уæддæр сиу кодта иу монц - ног царды сæрыл тохы монг Цæвиттон, хъуыддаг афтæ уыд, Габе æххуырстæй куыс- та бонджын Хадзумармæ. Бауарзта йын йæ хо Сæниаты. Сæниат дæр æй бауарзта, - Габе тыхджын, куыстуарзаг, хъæлдзæг лæппу уыд. Созырыхъо раст æвдисы уарзаг зæрдæйы хатт: «Фæсонт кæнынмæ мæ хаттæй-хатт бирæ нал бахъæуы. Иуахæмы Хадзумары бинонты иууылдæр куы фæцæгъдон, уымæй дæр тæрсын, мæ мадмæ бацæуын нал фæуæндын: загъд, хъæлæба фæцагуры мæ зæрдæ. Кæннод та мыл бæстæ иууылдæр ныррухс вæййы, уæнгтæ барæуæг вæййынц, фæфæнды мæ бæлæстæн дæр «хъæбыстæ кæнын...» Поэтикон сты Габе æмæ Сæниаты фембæлды сценæтæ. Мæнæ Габе суадоны цур Сæниаты æрбахъæбыс кодта. «Цыма амонды мидæг фæхуыдуг дæн, уыйау ницыуал æмбæрстон. Барызтис мæ хъæбысы Сæниат дæр, раст назы талайау. Фæлæ мæ иуырдæм фес- хуыста, сæгуытау, фесхъиудта, фараст фæлывды акодта йæ хуыз, амбæрзта йæ цæсгом. Зæрдæйы мыггагæй ни- цыуал ныууагъта мæ риуы, - иууылдæр сæ йемæ ахаста». Адæмы дам-думтæм байхъусгæйæ, Хадзумар Сæниаты нæмынмæ æрхъавыд, Сæниат йæхи доны баппæрста,
фæлæ йæ бæлццæттæ райстой. Габемæ йæ æввахсдæр нал уадзынц. Æрдиаг кæны Сæниат; æрвиты йæм, фæлæ йæм Габе йе ’фсымæртæй нæ уæнды. Уарзт арфæй-арфдæр кæны. Габейæн деникинонтимæ тохы йæ цонг фæцæф, горæты йын æй алыг кодтой æмæ иудзонгонæй сыздæхт. Æнхъæлдта, Сæниат æм зулмæ дæр нал фæкæсдзæн: цæмæн ма йæ хъæуы цæнкуылтæй? Фæлæ йын Сæниат фидарæй загъта: «Нæ, мæн дæуы йеддæмæ ничи хъæуы». Ахæм уарзтæн ныхдур цы хъуамæ фæлæууа?! Фæлæ Созырыхъо реализмы фæндагыл нæ цуды. Реа- лизм та амоны: социалон ныхмæлæуддзинæдтæ, кълас- сон хицæндзинæдтæ тыхджындæр сты уарзондзинадæй дæр æмæ мæлæтæй дæр. Габе амардта Советон хицау- дзинады знаг Сæниаты æфсымæр Хъауырбеджы æмæ Сæниаты зæрдæйы Советон хицаудзинадмæ (ома Габемæ) фыдæхдзинады бын фæвæййы Габемæ уарзондзинад. Ха- дзумартæ сæ мард ревкомы агъуысты рæзты æрласынц. Сæниаты «цæсгом раст дзæнхъадурау не змæлы». Сæни- ат, йе ’фсымæр Хадзумарау, туджджыны цæстæй бакаст Габемæ, æмæ Габе бамбæрста, уыцы бонæй фæстæмæ дзы Сæниат æнусмæ кæй фæхицæн: йæ галиу цонг куыд ахаудта, афтæ уый дæр йæхицæй нал у». Габе æмæ Сæниаты уарзт тыхджын равдисын Со- зырыхъойы уымæн бахъуыд, цæмæй ирдæй разында- ид йæ уацмысы идейæ - бонджын æмæ мæгуыры астæу цы сæрсæфæн ис, уымæн сымвæзгæнæн нæй, нæй йæ иу кæронæй иннæ кæронмæ хæстæгдзинады хид саразæн. Революцийы тымыгъæй се сæфт уынынц бонджынтæ. Гъе,уымæ гæсгæ не сразы Сæниат«тугæй фыст» ирæдыл... Габейæн йæ туг куы фæцыд, æнæкъух куы баззад, уæд ма йыл Сæниат æрратæ кæны, цæттæ у Габейæн бакомын- мæ. Фæлæ куыддæр Габе Сæниаты æфсымæр Хъауырбе- джы туг ныккалдта, афтæ Сæниат йæ фæнд цæхгæр аив- та - Габемæ знаджы цæстæй акасти. Габе у Созырыхъойы фæзминаг фæлгонцтæй. Уый у типикон дыууынæм азтæн. Габейау, бирæ æнахуыргонд, искæмæн лæвар кусæг лæппутæ бамбæрстой царды ных- мæлæуддзинæдтæ, сæхи сбастой коммунисттимæ æмæ сæ рацыд активон организатортæ, ног цард аразджытæ. Габе йæ рухс амонд ссардта революцийы цæхæры. Иудзонгонæй ♦13
куы сыздæхт сæхимæ, уæд ыл чидæртæ, хъазгæйæ, ба- худти: цæй хæстон ма, дам, дæ ис, зæгъгæ, де ’ннæ цонг дæр, дам, дын ахауын кæндзысты æмæ бынтон къодахы хуызæнæй баззайдзынæ. «Уæдæ иууыл мæ цæнгты рад æркодта! - дзуапп сын радта Габе. - Исты нардуатæй ист сты? Кæннод уымæй дæр нæ тæрсын: дæндæгтæ ма мын уæддæр баззайдзæн - куыдзау лæбурдзынæн знагмæ, уæлæ хъæды цы хъалтæ бабадт, уыдонмæ». (Габе зæгъы урсгвардиои бандæтæй). Фæзминаг фæлгонцы проблемæ Созырыхъойы сфæл- дыстады фыццаг хайы лыггонд цæуы революцийы агъоммæ ирон зæронд царды æууæлтæм гæсгæ. Созы- рыхъойы фæзминаг хъайтартæ сты хуымæтæг, рæстаг адæм: Таймураз, Тотырадз, Хъæлци, Цамел, Музук, Госæда. Фæлæ уыдон цардмæ æвдисынц се ’нæразындзинад, сæ протест, царды æгъдæуттæ нæ ивынц, кæд хъайтарон мард акæнынц, кæд ахстытæ дæр баййафынц, кæд бирæ дзæбæх миниуджытæй хайджын сты, уæддæр. Фæзминаг фæлгонцы проблемæ Созырыхъо бæстон скъуыддзаг кæны революцийы дугыл кæй ныффыста, уыцы уацмы- сты. Фæзминаг сты æртындæс коммунары, гуырдзиаг хæстон Дауыт, Габе, Мæхæмæт æмæ æндæр хъайтартæ - рæстылдзурæг, рæстылдзæуæг, хиуылхæцгæ адæймæгтæ, коммунизмы сæрыл удуæлдай тохгæнджытæ. Созырыхъо йе сфæлдыстады дыккаг хайы, нæлгой- мæгты фæлгонцтæ аразгæйæ, нæ ферох кодта сылгой- мæгты фæлгонцтæ дæр. Æрмæст зæгъын хъæуы уый, æмæ Созырыхъо сылгоймæгты æвдисгæйæ, ног санчъех нæ акодта размæ, йе сфæлдыстады дыккаг хайы сылгоймæг- ты фæлгонцтæ фæлурсдæр сты фыццаг хайы сылгой- мæгты фæлгонцтæй, - дыккаг хайы нæй, Госæдайау, тых- джын сылгоймаджы фæлгонц. Созырыхъойы мад Натъамæ, зæронд ус Сабемæ æмæ чындздзон чызг Сæниатмæ фыццаг хайы сылгоймæгты хъауджыдæр ногæй ницы ис. Сæ сæйраг миниуджытæ - уæздандзинад, хæдæфсæрмдзинад, арф уарзондзинад - йууылдæр сты фыццаг хайы сылгоймæгты фæлгонцтæм. Сæниат бирæ цæмæйдæрты зæрдыл лæууын кæны Зæ- лийы. Æгæрстæмæй Созырыхъо йæ нывæфтыдон ама- лæй - назы талаимæ æмæ сæгуытимæ абарстæй æмхуызон
^^С>^У 195 /Щ^^^ пайда кæны дыууæ ран дæр, Зæлийы портреты дæр æмæ Сæниаты портреты дæр. Цымыдисаг у ацы дыууæ чызджы хъысмæттæ æрым- ных кæнын. Сæниат у хъæздыг хæдзарвæндаджы чызг, Зæли - мæгуыр хæдзарвæндаджы чызг. Сæниаты куры мæгуыр лæг Габе æмæ йын нæ бакомы. Зæлийы куры хъæздыг лæг Хъауырбег æмæ йын бакомы. Цы у уый: Со- зырыхъойы сфæлдыстады ныхмæлæуддзинад? Нæ, æп- пындæр нæ!.. Созырыхъо зæгъы, зæгъгæ, мæгуыр æмæ хъæздыджы ’хсæн сæрсæфæнæн сæмвæз гæнæн нæй, нæй йыл хæстæгдзинады хид саразæн. Æмæ Созырыхъо уыцы принципыл фидар хæцы дыууæ уацмысы дæр - «Номылус»-ы дæр æмæ «Иудзонгон»-ы дæр. Раст у, Зæли бонджын Таджийы фыртæн бакомы, фæлæ уый ууыл дзурæг нæу, æмæ мæгуыр æмæ хъæздыг бафидыдтой, æрхъæрмуд сты. Зæлийæн æндæр гæнæн нæ уыд: стох кодтаид, фæлæ йын дзы цы рауадаид; йæхи амардтаид, фæлæ дзы йæ мæгуыр ныййарджытæн масты йеддæмæ цы ’рхастаид?! Æвæццæгæн, фадат куы фæуа, ома ре- волюцион змæлд куы уа, уæд Госæда, Зæли æмæ уыдон хуызæттæ, æнцад нæ баддзысты. Революцийы уылæн сæ йæ уæлныхты сисдзæн, бархи царды сæрыл тохы гулфæ- ны сæ нывзилдзæн. Ирон историйы бирæ сылгоймæгтæ сыстад тохмæ æд гæрзтæ, нæлгоймæгты æмрæнхъ. Со- зырыхъо нæ фенын кодта уыцы хъайтарон сылгоймæгты фæлгонцтæ æмæ уый у йе сфæлдыстады хъуагдзинад. * * * Ирыстоны сфидар Советон хицаудзинад. Индустри æвæрд æрцыд социалистон рельсытыл. Райдыдта колхо- зон арæзтад. Парти кусы адæмты психологи раивыныл, хъомыл сæ кæны ног социалистон зондахастыл. Уый æнцон, мыййаг, нæ уыд. Кулæктимæ цыдис карз кълассон тох. Æцæг, Созырыхъойы сфæлдыстады æртыккаг хайы тугкалд ни- куы æрцæуы. Радзырд «Æфсæн уæйыг»-ы фыд æмæ фырт, Цыппу æмæ Ислам схъуырæй-хъуырмæ сты, фæлæ тугкал- ды онг не ’рцыдысты. Цыппу у астæуккаг зæхкусæг. Йæ уд дæтты зæронд цардыл: «Æз уый куы нæ зонон, - зæгъы
Цыппу, - ацы гал, ацы хъуг, ацы зæххы гæбаз мæн сты, мæхи сæрмагонд уæд уыцы цард мæн ницæмæн хъæуы». Йæ фырт Ислам у йæ фыды хъуыдыйы знаг, архайы кол- хоз саразыныл, уый адыл сæнад ис йæ фыдæн. Ислам кол- хозон царды хорздзинæдтыл ныхас куы æрæфтауы, уæд ын Цыппу тызмæгæй зæгъы: «Кæд нæ цард дæ зæрдæмæ нæ цæуы, уæд афардæг у, кæдæмдæриддæр дæ фæнды, электронтæ кæм судзынц, уырдæм, фæндараст фæу.» Фыд æмæ фырты ахастытæ цыргъæй-цыргъдæр кæнынц, «Сау мигътæ кæрæдзи ныхмæ æрбалæууыдысты, а-ныр а-уæд кæнынц. Куы сæмбæлой кæрæдзийыл, уæд фыдбылыз: арв ныннæрдзæн, зæхх нырриздзæн йæ цæфæй». Æмæ иу- хатт чысыл ма бахъæуа сæмбæлой. Фыд йæ фырты куы фæдзæхста, зæгъгæ, Слонаты чындзимæ ма хæт, ма, дам, нæ худинаг кæн, уæд Ислам ахæм мæнг ныхæстæм хъу- сын нæ бафæрæзта, Цыппумæ сæртæг сдзырдта, Цып- пу фæрæт фелвæста, фæлæ, Исламы амондæн, йæ ком уæлувады кæрон ныссагъд. Æнæтугкалдæй ахицæн фыд æмæ фырты историон хъаугъа. Цæмæн историон? Уы- мæн æмæ иу цахæмдæр æнæнхъæлæджы хабар не ’вдисы автор, фæлæ æдвисы адæмы царды егъау фæфæлдæхт, стыр драматикон момент. Фыд æмæ фырты ахастытæ радзырды бирæ бынат ахсынц, фæлæ радзырд æмткæй æвдисы рæстæджы фæлгонц. Созырыхъо фыд æмæ фыртыл, стæй иннæ ар- хайджытыл дæр лæмбынæг иу ран дæр нæ дзуры. Мах зонæм, Ислам Слонаты чындзимæ колхозты аразыныл кæй кусынц, алыхуызон дам-думтæ сæ кæй кæнынц, фæ- лæ нын фыссæг æгæрыстæмæй афтæ дæр нæ загъта, Сло- наты чындзæн лæг ис æви нæ, æмæ йын кæд ис, уæд та чи у æмæ цы ми кæны? Радзырд кæсгæйæ, чиныгкæсæгыл æрбаулæфы кол- лективизацийы дуджы уæлдæф, æрхъула йыл кæны уæ- ды атмосферæ, банкъары йын йæ характерон деталтæ. Уыдонæй иууыл сæйрагдæр деталь у æфсæн уæйыг. Хъæууон хæдзарад социалистон рельсытыл сæвæрынæн æнæмæнг хъуыд колхозтæ саразын, куыст смеханизаци кæнын. Æфсæн уæйыг у ног хицаудзинады, ног цардæвæр- ды символ. «Гæрды æфсæн уæйыг сыджыт, хъæрзынц йæ быны дуртæ, бафтыдис æгас бæстыл. Ахæм диссаг никуы
ма æрцыд ацы ран». Ног хицаудзинад, ног цардæвæрдыл æнæууæнк чи кæны, уыдонæй зæронд цард хуыздæр чи хоны, ахæм адæймæгтæн цы сæ бон бауыдзæн! Ахæм адæймæгтæм хауы зæронд Тандел дæр. Æмæ ма æркæсут: «Танделы куыдз зилы т^акторы алыфарс, лæбуры йæм, кæм ма лæууы зæххыл. Иæ рæйд фаллаг хъæумæ хъуы- сы, фæлæ æввахс нæ уæнды». Афтæ дам-думгæнджытæ, фыдкойгæнджытæ, Советон хицаудзинады сусæг æмæ æргом знæгтæ алыхуызон хъæлæстæй рæйынц, фæлæ йын цы ракæндзысты! Куыдз рæйы, фæлæ æфсæн уæйыг размæ лæгæрды! Созырыхъойы сфæлдыстады æртыккаг хайы параха- тæй разынд йæ курдиаты ахъаззагдæр миниуджытæй иу - юмор, адæмон хъæздыг æмæ цæхæркалæг юмор. Бæгуыдæр худæг бынæттæ дзæвгар ис Созырыхъойы сфæлдыстады иннæ хæйтты дæр, зæгъæм, радзырд «Но- мылус»-ы Музук чысыл сабитæн давыны æвзæрдзина- дыл кæм дзуры, уым. Фæлæ уæддæр Созырыхъойы юмор æцæгæй дидинæг акалдта йе сфæлдыстады æртыккаг хайы. Æмæ уый æмбæрстгонд у. Адæм революцийы агъоммæ стыр хъизæмартæ куы ’взæрстой, революцийы рæстæджы туджы лæсæнты куы ’вдылдысты, уæд сæ худын не ’ндæвта, сæ зæрдæ хъазын нæ агуырдта. Советон хицаудзинад куы ’рфидар æмæ адæм ног цард аразынмæ куы бавнæлдтой, уæд уавæр бынтондæр фендæр - ныллæууыд хъæлдзæгдзинады дуг, скодта худыны æмæ хъазыны бонтæ. Адæмы зонды цы зæронд баззайæццæгтæ уыд, уыдонимæ уый тох кæны юморы фæрцы, худы сыл, худгæ сæ фæндараст кæны сæ аккаг бынатмæ - рохуатмæ. Радзырд «Æфсæн уæйыджы» зæрæдты афтæ ныв кæ- ны, афтæ хорз сын фыссы сæ ныхæстæ, æмæ чиныгкæ- сæг йæхимидæг пырыкк-пырыкк кæны. Габаты чындз донмæ цæугæйæ зæрæдты рæзты нæ рахызт, æгъдау афтæ домдта. «Дæрддзæф æрлæууыд, мусы къулгæрон, хæлынбыттырау, батъæпæн, æдзынæгæй ныккасти зæх- мæ. Нал размæ цæуы, нал фæстæмæ, æнхъæлмæ кæсы, ца- лынмæ йын фæстæты фæндаг радтой, уæдмæ». Зæрæдты зæрдæмæ фæцыд Габаты чындзы ми æмæ дзурынц: «Вот я панимайт, ирон чындз, æгъдау æм ис, нæ фыдæлты
æгъдау»; «Саг ныййар, мæ хур, саг» æмæ афтæ дарддæр. Бирæ куы фæдзырдтой хистæртæ хъæуы ног хабæрттыл, уæд Созырыхъо хаццæг кæны: «Афтæ тæрхон кæнынц нæ кадджын зæрæдтæ. Рагон цард мысынц, фидæны цар- дыл æлгъæй худынц». Уый у æмбæхст, дæлгоммæ юмор. Дзырд «кадджын» къæдзгуыты æвæрд нæу, фæлæ дзы автор цы зæгъынмæ хъавы, уый чиныгкæсæг æмбары. Худæгæй дыл фæрстæ нал баззайдзæн, радзырд «Дыу- уæ къæрныхы» куы кæсай, уæд. Радзырдæн ис эпиграф французаг фыссæг Виктор Гю- гойы ныхæстæй: «Фехалут æнахуырдзинады къæдзæх, цæмæй тагъддæр фесæфа фыдгæнджыты ахстон». Гюгойы рæстæджы уыцы æнахуырдзинады къæдзæхæн фехалæн нæ уыд. Бонджынтæ мæгуыртæн ахуырдзинад раттыныл никуы сразы уыдаиккой. Хуыздæр нæу, талынг уой æмæ дæ куыд фæнды, афтæ сæ эксплуатаци кæн! Советон хи- цаудзинады фæуæлахизы фæстæ ахуырдзинадæн байгом æнæкæрон тыгъдæттæ æмæ адæмы ахуыры фæндагыл бафтауын сси парти æмæ хицауады ахсджиаг хæс. Со- зырыхъо, - рухсады комиссар - йæ уацмысты равдыста ахуырдзинады нысаниуæг. Радзырд «Ног фæндаджы» Хæ- мыц йе ’мкусæгæн афтæ дзуры: «Бирæ гæнæнтæ ис, æвæ- дза, цард фæхуыздæр кæнынæн, æрмæст сæ нырма нæ зонæм, талынг, æнахуыр стæм нырма». 0, æмæ «Дыууæ къæрных»-ыл дзырдтам, Хъугомы хъæуккаг Пала æмæ Парса æрымысыдысты, сæ фыдæл- ты хабæрттæ æмæ сфæнд кодтой хæтæны фæцæуын. Та- лынг æхсæв «Арвæй, зæххæй, чи сæ кæм уыд, уый бæрæг дæр нæ уыд: æгас дунейы цыма талынг ран, къутуйы бын бачындæуыд». Дыууæ къæрныхы сыхаг хъæуæй ра- давтой хъуг æмæ арахъхъы дурын. Иу ран фæрвджынмæ фездæхтысты, уым хъуджы синагæй æрбастой, арахъхъ банызтой æмæ расыгæй ныффынæй сты. Райсоммæ сæ æрцахстой. Радзырды фабулæ хуымæтæг у, диссагæй дзы ницы ис, фæлæ йæ Созырыхъо сюжетон æгъдауæй афтæ дæсны ранывæзта, æмæ дзы лæг иттæг райгондæй баззайы. Ра- дзырд фæлыст у аив, абарстытæй. «Раст топпы сампал куыд сæргъæвай, йæ нуæрттæ афтæ æркъæппæввонг
сты». «Пала йæ худ йæ нывæрзæн бакодта æмæ йæ фын- дзæй хырхæй фады» (ома фынæйæ хуыр-хуыр кæны). Созырыхъойы юмор уымæн нæ бахъуыд, цæмæй исчи фæхуда, йæхи ирхæфса. Нæ, Созырыхъойæн цы фæнды рæсугъд нывæфтыдон деталтæ, абарстытæ хъуыдыйæдтæ æцæгæлон вæййынц, кæд идейон-эмоционалон æргъом нæ хæссой, уæд. Радзырд «Дыууæ къæрныхы» худæг деталтæ æмæ афыстытæ чиныгкæсæджы æркæнынц ахс- джиаг хатдзæгмæ. Парса æмæ Пала афтæ æнхъæлынц, се сафæг хъæуы радио у. «Зоныс, - дзуры Пала Парсайæн, - ам канцла- ры цур радио сарæзтой æмæ уымæй тас у, уæлдай дæр давынмæ цæуæм, уый тыххæй мацы срæди, æндæра нæ Калачы фехъусдзысты, уæдæ куыд æнхъæлыс: Калакæй куы дзурынц, уæд сæ мах уырдыгæй ардæм хъусæм, гъе æмæ нæ уыдон дæр ардыгæй афтæ фехъусдзысты». Пар- са Палайы ацы ныхæстæ ницæмæ æрдардта, фæлæ сæ куы ’рцахстой, уæд æй бауырныдтой æмæ афтæ зæгъы: «Цæйдæр æндзæлмттыл телтæ абастой æмæ æз уый æнхъæл кæм уыдтæн, йæ мидæг хæйрæджытæ бабырыд...» Загътон æй, радзырд «Æфсæн уæйыджы» трактор у Советон хицаудзинады символ. Радзырд «Дыууæ къæр- ныхы» та Советон хицаудзинады символ радио у. Бирæ ахуыр кæнын, бирæ зонын хъæуы æмæ уæд цардимæ æмдзу кæндзынæ, - гъе уый зæгъинаг уыд Созырыхъо йæ «Дыууæ къæрныхы». Рæстæджы фæлгонц æвдисæг у радзырд «Муссæйы скъола». Уымæ гæсгæ дзы хицæн фæлгонцтæ бæстон ныв- гонд нæ цæуынц, нæ дæр хъæусоветы сæрдар Мысост, нæ дæр Муссæ. Дыууæ дæр схематикон сты. Дзæбæх у иумæйаг æмбырд, хорз æвдисы дуджы атмосферæ. Созырыхъо уæлæнгæйтты фæнысæнттæ кодта, ног советон разамонæджы фæлгонц - Мысосты фæлгонц. Уæззау æмæ кадджын у советон разамонæджы хæс. «Се ’ппæтæн дзуапп дæтт, барæвдау сæ... Раст ^и у æмæ зы- лын чи у, уый равзар. Æфсæйнаг сæр хъæуы мæ комы æв- зæрст лæгæн.» Афтæ хъуыды кæны Муссæ советон раза- монæджы тыххæй. Созырыхъо йе ’ннæ радзырд «Сыгъзæрин æрзæт»-ы Мысосты фæлгонц фæуæрæхдæр æмæ фæарфдæр код-
та Сæлбиты Уанойы фæлгонцæй. Советон разамонæг дурзæрдæ администратор нæу. Советон разамонæг у адæймаджы зæрдæйы дæсны инженер. Адæмы коммуни- стон идейæтыл хъомыл кæнын -} ы,й у советон разамонæ- джы хæс. «Царды бындур раивтам, - дзуры Сæлбийы фырт. - Ныр та хъуамæ адæмы зæрдæтæм баххæссæм, уым ис ныр нæ хуымгæнд.» Советон разамонæг искæй хахуыр ныхæстæм нæ хъусы, уыдон бындурыл не скъуыддзаг кæны адæмы хъысмæт. Сæлбийы фыртæн æвзагхæссæг, мæрддзæст Мути йæ сыхаг Ауызбийæ алывыдтæ дзуры, уый, дам кулак уыд, мæгуырты знаг, дам, у. Æцæгæй та, Ауызби астæуккаг цæрæг уыд, колхозмæ бацыд æмæ дзы, иннæтау, кусы. Сæлбийы фырты бынаты, чизоны, æндæр куы уыдаид, уæд Мутимæ байхъуыстаид æмæ Ауызби фесæфтаид. Сæлбийы фырт Мутимæ смæсты ис йæ хахуы- ры тыххæй æмæ йæ схуыст ныхæстимæ рарвыста сæхимæ, федта йын йæ гыццыл чъизи уд. Советон разамонæг хъуыды кæны чысыл, æнæзынгæ хъуыддæгтыл æмæ стыр паддзахадон фарстытыл, уыцы иу рæстæджы, уымæн æмæ се ’хсæн ныхмæлæуддзинад нæй. Сæлбийы фырт, машинæйыл бадгæйæ, фæкомком- мæ йæ шофыры скъуыдтæ дзабыртæм æмæ йæ афарста: - Дæхицæн та дзабыртæ нæ балхæдтай? - Æхца мын не сфаг, бинонтыл мын бахардз сты. - Райсом та мын æрымыс, рафысдзынæн дын иу чысыл. Хуымæтæг адæмыл аудын, цыфæнды чысыл хъуыд- дагмæ дæр хъусдарын нæ хъыг дарынц Сæлбийы фыр- ты мæнæ афтæ хъуыды кæнын: «Æппæт адæмы фæндон нæ къухы ис. Гъе, уый тыххæй стæм афтæ тыхджын. Аскъæрдзыстæм Советон гутон нæ талынг хъæуты дæр». Созырыхъо иттæг аив балхынцъ кодта радзырды ацы эпизод: «Йæ мидбыл бахудт Уано, шофыры дзабыртæй ахæм бæллицтæм кæй агæпп кодта, уый тыххæй...» Куыд хорз æй бахахх кодта Созырыхъо: шофыры дзабыртæй агæпп кодта æппæтадæмон бæллицтæм! Æмткæй сисгæйæ, радзырд «Сызгъæрин æрзæт» лæ- мэегъ у, йæ композици пырхгонд у, цыма Созырыхъо ацы ран йæ базыртæ æруагъта, афтæ мæм кæсы. Юморæй фидауы радзырд «Ног фæндаг». Куыд хорз у иумæйаг куысты поэзи! «Раст мæлдзгуыты губаккау
байдзаг сты сау къæдзæхыл адæм, йæ уæлæ схылды- сты, æхсынынц ын йæ фæрстæ». Фæндаг аразджытæ сты хъæлдзæг, цардбæллон, уæлдайдæр та дыууæ хæлары - хохаг Хæмыц æмæ бы^ираг Пауле. Уæдæ æндæр куыд вæййы! Куыстæй зæрдæ куы райа, уæд - хъазт, худт, юмор. Радзырд «Æмбал Мальцев», советон æфсад сабырдзи- нады рæстæджы куыд цæрынц, ууыл фыст у. Автор чиныгкæсæджы зонгæ кæны кубайнаг лæппу Мальце- вимæ. Станцæй лагермæ бæхуæрдоныл цæуынц каман- дир æмæ Мальцев. Мальцев ын дзуры йæхи тыххæй, Ку- баны колхозты тыххæй, йæ мад æмæ йæ уарзон чызджы тыххæй. Уыдон иууылдæр хорз сты, æрмæст дзы лагерты афыст куы нæ уаид, уæд радзырд рамбылдтаид. Кæннод дзы бирæ ис æнæхъуаджы сур зондамонæн ныхæстæ. Радзырдæн йæ сæр æмæ йæ кæрон кæрæдзимæ дард сты, æввахсдæр сæ хъуыд. Камандир куы фæрсы Мальцевы, зæгъгæ, йæ уæрдо- ныл уагъта бадын, уæд ын дзуапп радта: «Мæхи бæхтæ куы уыдаиккой, уæд дæ сæвæрдтаин» (камандир граж- дайнаг дарæсы уыд æмæ йæ Мальцев нæ зыдта). Мальцевы фæлгонцы Созырыхъо æвдисы советон рæнхъон адæймаджы моралон удыхъæд. Мальцев æхсæ- надон интерестæ æвæры алцæмæйдæр бæрзонддæр. Радзырды лирикон пейзажтæ æмæ публицистон бы- нæттæ кæрæдзи раив-баив кæнынц. Цæвиттон: «Пад- дзахадæн æххуыс хъæуы. Куы нæ йæ сфидар кæнæм, уæд нæ не знаг йæ къахы бын ныцъцъист кæндзæн». Ахæм публицистон гæппæлы фарсмæ фендзынæ мæнæ ахæм лирикон рæнхъытæ: «Нæзы бæлæстæн бынæй сæ буар бæгънæг, рæхснæг, уæлейæ та сæ къабæзтæ бæзджын дарынц, цыма сæ барæй исчи скъæбæлдзыг кодта; сæ пи- сийы тæфæй йедзаг у уæлдæф æмæ æхсызгон расыг кæ- ны кæйдæриддæр, уæлдайдæр та къæвдайы фæстæ». Созырыхъойы сфæлдыстады æртыккаг хайы уацмыс- тæй се ’гасæй аивдæр у уацау «Дзуттаг Ошуахъ». Ам Со- зырыхъо арф бавнæлдта адæймаджы зæрдæйы Ошуахъы миддунейы рæзты процесс тынау ранывæзта чиныг- кæсæджы раз. Тæригъæддаг цард кæнынц Ошуахъы бинонтæ. Йæ сывæллæттæ иууылдæр сты низджынтæ, хæринаг сын
ницы ис. Цы бакæна Ошуахъ, кæм ссара амонд? Иннæ хæттытау, йæ чыргъæд йе ’ккой баппæрста æмæ ацыд хъæумæ базар кæнынмæ. Хъæу колхоз сарæзтой æмæ дзы зæрдæхъæлдзæгæй кусынц. Дзаумайæ сæ цы хъæуы, уый кооперативы æлхæнынц. Кæй ма хъæуынц мæгуыр дзуттаджы æндахы къæбæлтæ, судзинтæ? Ошуахъы æна- мондæн æрымысыдысты колхоз æмæ кооператив. Хъæ- уы дæр æмæ горæты дæр Ошуахъыл ничиуал æууæнды, ничиуал æлхæны йæ базайраг. Цæмæй фæдара йæ би- нонты? Бацыд раввин Хволесмæ æххуыс курæг æмæ дзуттæгты бæрæгбоны цы æхца æрымбырд ис, уымæй йын 15 сомы схай кодтой. Нæй, ницы, афтæмæй цæрæн нæй! Дзуттæгтæй иутæ хъæздыг сты, иннæтæ - мæгуыр. Хъæздыг сты Симантоп Крихелийы хуызæн стыр спе- кулянттæ, раввин Хволес æмæ хахам Мордехы хуызæн дины кусджытæ. Ошуахъ базыдта, уыдонæй йын кæй ни- цы пайда ис. Цыма йын баззад бакæнинаг? Базаркæны- нæй йæ бон фæцæрын нæу, спекулянт Крихели йын згæхæрд капек дæр нæ ратдзæн, мур ныфс æй нæй раввин Хволесæй. Кæмæ бадзура, кæмæн фæкæна æй мæгуыры хъæстытæ, чи йæ бамбардзæн? Ахæм вазыгджын, сагъæссаг, рахау-бахауæккаг хъуы- дыты фæстæ Ошуахъ æрцæуы иунæг раст хатдзæгмæ: раз- дæрау цæрæн нал ис, амонд ис советон хицаудзинадимæ. Созырыхъо хорз арæхсы мидмонолог аразынмæ. Уы- мæн уæлдай ирд æвдисæн у уацауы дыккаг сæргонд - Ошуахъ цæуы фæндагыл æмæ арф хъуыдыты аныгъуылы. Созырыхъо иттæг хорз сахуыр кодта дзуттæгты æгъ- дæуттæ, дзуттæгты дин æмæ йын уымæ гæсгæ бантысти торайы хуылфы динон бæрæгбонон нывтæ иттæг аив ныффыссын. Цух нæу уацау дзаджджын юморæй. Созырыхъо йæ цæст æвæры иумæйаг куысты хъæлдзæгдзинадыл. Мусы кусынц хъæуы устытæ, «сæ сагæйттæ бæрзонд фæхæс- сынц æмæ хъæдуры хъæллæгъæн - дзæхст, ноджы дзæхст, ноджы дзæхст... Ахæм æмуд куыст, афтæ иумæ æрæмбырд ни^уы федта Ошуахъ æмæ йыл дис бафтыд». Иумæйаг куыст! Æнæ уый нæй дзæбæх цæрæн, нæй цин фенын. Ахæм хъуыды ис Созырыхъойы пьесæ «Рæст- вæндаджы» дæр. Пьесæйы хъайтартæй иу - колхозы
сæрдар Ростом йæ хъæубæстæн уайдзæфгæнæгау зæгъы: «Алчи нæ йæ гæбæр галты къудийы бынмæ кæсы æмæ афтæ æнхъæлæм, цард иууылдæр уырдæм бабырыд. Цы уыдтат уæ цардæй, мæгуыр уæ бон? Рагæй-æрæгмæ дзы сыстæйдзагæй æмæ æххормаг гуыбынæй хъиу-хъиу кæнут». Колхозон царду мæгуырдзинадæй ирвæзынгæнæг. Пьесæйы сæйраг элемент у коммизм. Ис дзы дзæвгар зæрдæмæдзæугæ фæлгонцтæ - сусæгæй архайæг кулак Зауырбег, кулæкты æндæвдады бын чи фæци, сæ ныха- сыл «о» чи кæны, уыцы мæгуыр лæг Хепа, къулбадæг ус Бегалон æмæ се ’гасæй хуыздæр та у разамонæг органты минæвар Иуаны фæлгонц. Афтид къоппа, æнæсæрфат, къуыдипп, бюрократ Иуан æлгъаг тип у. Хъуыддаг бæс- тон нæ базоны, чи у раст, чи у зылын, уый не сбæлвырд кæны, афтæмæй ницыгæнæг адæмы хъысмæт лыг кæны галиуырдæм дæр æмæ рахизырдæм дæр. Исчи рæстудæй фесæфдзæн, уый йæм ничердыгæй хъуысы. Кулак За- уырбег Иуанæн алы хахуыр ныхæстæ куы фæкодта цæс- гомджын адæймæгтæй, æмæ йын куы фæдзæхсы ма мæ схъæр кæн, зæгъгæ, æндæра мæ ам цæрын нал ныу- уаддзысты, уæд Иуан чысыл дызæрдыг дæр нæ фæцис æмæ цæхгæр фæлыг кодта: «Зажим критики». Фæскомцæ- дисы секретарь Хъасбол тынг смæсты Иуанмæ æмæ дзы афтæ зæгъы: «Уый партион нæ уыд, уый цæукъа уыд.» Кæд радзырд «Сыгъзæрин æрзæт»-ы Сæлбиты Уанойы хуызы Созырыхъо æвдисы, советон разамонæг цахæм хъуамæ уа, уый, уæд Иуаны хуызæн цæукъайы хуызы та æвдисы, советон разамонæг цахæм хъуамæ ма уа, уый. Созырхъойæн йе сфæлдыстады æртыккаг хай ууыл дзурæг у, æмæ Созырхъо цыдис аивады ахъаззагдæр бæрзæндтæм. Созырыхъо райдыдта фыссын роман фыц- цаг уырыссаг революцийы цаутыл фæлæ йæ, стыр хъы- гагæн, фыст нæ фæцис. Роман хуыйны «1905 аз», мыхуыр дзы æрцыд иу хай - «Тæтæйраг Осман». Созырыхъо канд ирон адæмы цард нæ зыдта, уый иттæг хорз сахуыр кодта уырыссаг, гуырдзиаг, дзуттаг, тæтæйраг æмæ æндæр на- циты цард. Созырыхъойæн йæ курдиат, йæ дунембары- над уыди интернационалон. Æмæ æндæр адæмты цар- дыл иумæйаг сур ныхæстæ нæ кæны, мыййаг: зоны сæ, уарзы сæ, йæхи ирон адæмы куыд зоны æмæ куыд уар-
зы, афтæ. Уырыссаг Мальцев, гуырдзиаг Дауыт, дзуттаг Ошуахъ, тæтæйраг Осман - се ’ппæт дæр сты цардæгас, фæзминаг фæлгонцтæ. «Тæтæйраг Османы» архайд цæуы Тбилисы. Созыр- хъо йæ разы æрæвæрдта кадджын хæс - ирон револю- ционерты фæндаг аивадон уацмысы равдисын. Ирон революционертæ тохы фæлтæрддзинад райстой нæ бæс- тæйы сæудæджерадон стыр центрты (Бакуйы, Тбилисы æмæ æндæр рæтты). Гъе, уымæн ахаста Созырыхъо йæ романы архайд Тбилисмæ. Хæххон ирон лæппу Тбилисы кусджыты коллективы ’хсæн бафтыд революцийы фæн- дагыл. Фæстагмæ йæ арвитынц хъæутæм, цæмæй адæмы сæрибары тохмæ растын кæна. Иналы хæлар - тæтæйраг Осман фыццаг уыд тæрсаг, уонгуагъд, йæ фырмæстæй нуазыныл нæ ауæрста. Созы- рыхъо раст æвдисы кусджыты тыхсæттæг куыст. Адæймаг- иу рафтыд заводы. Инал фæтæрсы, Осман цы ныккæнды цæры, уырдæм куы бацæуы, уæд. «Удæгас адæм ныгæд кæм уыди, уыцы зæппадзы лæууын æм фæзынди æна- хуыр зын», - зæгъы Созырыхъо. Фæстагмæ, Иналау, Осман дæр баиу революцион змæлдимæ. Æнæфæуд романы ирдæй разындысты Созырхъойы сфæлдыстады хуыздæр миниуджытæ: реалистон афыст, зондджын публицистондзинад æмæ арф психологизм, ирон æвзаджы хъæзныгдзинад æмæ рæсугъдзинад. * * * Гъе, афтæ Хъуылаты Созырыхъо рæзт уацмысæй- уацмысмæ, арфæй-арфдæр, уæрæхæй-уæрæхдæр кодта йе сфæлдыстад, аивдæр кодта йæ дæсныйад. Бирæ диссаджы хорз уацмыстæ ма ныффыстаид, ацæрын ма йын куы бан- тыстаид, уæд. Фæлæ нын цы ныууагъта, уый дæр у стыр хæзна.
1959аз КРИТИКÆ ХЪУАМÆ УА ЭСТЕТИКОН Критик æмæ редакторы иыхас Критик. Махмæ критикæйæн арæх аккаг аргъ нæ кæнынц. Æмдзæвгæ, радзырд, пьесæ ныффыссын, дам, алкæй бон нæу, фæлæ, дам, критикæ кæнын та цы зын у - алы мæгуыр лæг дæр исты уацмыс куы бакæса, уæд уый тыххæй йæ хъуыдытæ куыннæ зæгъдзæн. Гъе, æмæ æмдзæвгæ, радзырд кæнæ пьесæ ныффыссын кæй бон нæ вæййы, æнæхъуаджы бадынæй чи сфæлмæцы æмæ исты бакусын кæй бафæнды, уый æрбады æмæ райдайы критикон уацтæ фыссын. Фылдæр хатт ахæм «критик» йæхи ныхæстæй радзуры уацмысы фабулæ кæнæ сю- жет, фæнымайы, автор цахæм хабæрттыл фыссы, уыдон, кæронæй фæнысан кæны, уацмысы æвзаг адæмон у æви æнæадæмон, лæгъз у æви дæрзæг у, æмæ ууыл фæвæййы йæ мисси. Бакæсы чиныгкæсæг ахæм.«критикæ» æмæ ка- тайаг фæвæййы: «Цы у ай? Æз æнхъæлдтон, критик мын раргом кæндзæн уацмысы уд, йæ аивадон миниуджытæ, æз кæсгæ-кæсын кæй нæ рахатыдтæн æмæ бамбæрстон, ахæм бирæ цыдæртæ. Фæлæ нæй, фæсайдта мæ...» Æрæджы иу ахæм «критикон уац» рауагътат сымах дæр. Цæмæн æй рауагътат? Редактор (бæрæг у, кæй фæхъыг критикмæ). Куыд цæмæн æй рауагътам. Чи йæ ныффыста, уый лæг нæу? Критик. Æмæ зæххыл цал лæджы ис, уыдон иууылдæр критикæ кæнын куы зониккой, уæд ма цымæ парти сидид советон фысджытæм, зæгъгæ, æппынæдзухдæр бæрзонд кæнут советон адæмы эстетикон æмбарынад, амонут сын, цы у хорз æмæ цы у æвзæр, куыд иртасын хъæуы рæсугъддзинадæй фыдуынддзинад æмæ а.д. Цæмæй пар- тийы уыцы сидт æххæст цæуа æнтысгæйæ, уый тыххæй критикæ хъуамæ раст фæлгъауа литературон уацмысты хорздзинæдтæ æмæ хъуагдзинæдтæ, чиныгкæсæгæн дзу-
ра: мæнæ уый хорз у æмæ ууыл ахуыр кæн, мæнæ уый та æвзæр у æмæ йæ дæ фæндагæй иуварс аппар. Хорз романыл хорз критикæ куы ныффыссай, уæд уыцы критикæйæн нæ уыдзæн романæй къаддæр ахадындзинад. Æз нæ зо- нын, чи хуыздæр у - уырыссаг классикон литературæйы уацмыстæ æви сыл Белинский цы критикон уацтæ ныф- фыста, уыдон! Уæдæ критикæн дæр хъæуы æрдзон курди- ат, критик хъуамæ эстетикон æгъдауæй уа æнæлаз, кри- тик хъуамæ зона тынг бирæ, ахуыр кæна цард. Редактор. 0, уый раст, фæлæ дæ зæрдыл нæ лæууы, классиктæй чидæр куыд дзырдта: æппын нæйы бæсты, дам, æвзæр критикæ дæр хорз у. Критик. Нæ, æз ууыл разы нæ дæн. Æвзæр критикæйы бæсты æппындæр мацы уæд, уымæн æмæ æвзæр крити- кæ къуымых кæны чиныгкæсæджы эстетикон æмбары- над, ардауы йæ зыгъуыммæ фæндагыл. Æмæ мах нæ чи- ныгкæсæджы аивады бæрзонд къæпхæнтæм кæныны бæсты далæ цъымарамæ куы схойæм, уæд нын бузныг ничи зæгъдзæн. Редактор. Мæн бирæ дзурынмæ не ’вдæлы, фæлæ ма мын конкретонæй зæгъ, цы нæ фæцыд нæ уацы дæ зæрдæмæ? Критик. Цы куы зæгъай, уæд уац Беджызаты Чермены равзаргæ уацмыстæн нæдæр æмткæй аргъ кæны, нæдæр сæ профессион æвзæрст кæны. Чермен фыста ауыл æмæ ууыл, уарзта фæллойгæнджыты æмæ фыдæх цæстæй каст хъæзныджытæм... Редактор. Фæлæуу-ма, фæлæуу. Æмæ дзы йæ дæсны- йадыл нæ дзуры? Критик. Дзуры, куыннæ. Мæнæ йæ «анализ»: «Пьесæйы бæрæгæй зынынц патриотизм, хæлардзинад, интерна- ционализм, гуманизм, хъæбатырдзинад, оптимизм æмæ æндæртæ». Афтæ абстрактон, иумæйаг ныхæстæ дæ бон у æмæ зæгъай, Къостайæ суанг Дæбемæ цыдæриддæр ирон фысджытæ ис, уыдонæй алкæмæй дæр. Редактор. Уымæй раст зæгъыс, фæлæ дзы бынтондæр ницы ис дæсныйады тыххæй? Критик. Куыннæ, куыннæ. Мæнæ цæвиттон: «Черме- ны сфæлдыстады ис иукъорд цухдзинæдтæ. Йе стиль у
æгæр уæззау, хаттæй-хатт хъуыдыйæдтæ æгæр ныддаргъ вæййынц». Редактор. Æмæ уым æвзæрæй цы ис? Цухдзинæдтæ стыр фыссæгмæ дæр вæййы. Критик. 0, цухдзинæдтæ вæййы, æмæ Черменмæ дæр ис. Фæлæ уыцы цухдзинæдтæ уæ автор кæм агуры, уым не сты. Черменæн, дам, йе стиль уæззау у, йæ хъуыдыйæдтæ, дам, ныддаргъ вæййынц... Ды кастаис Лев Толстойы уацмыстæ. Уымæн дæр йе стиль уæззау у, æмбисонды вазыгджын сты йæ синтаксисон конструкцитæ. Фæлæ уый Толстойы цухдзинад у? Искуыдæр ма фыссæгæн йе сфæлдыстады манерæйы миниуджытæ йæ цухдзинæдтæ уыдысты. Мæнæ диссаг! Къамбец уæззау у, йæ бон тагъд лидзын нæу, куыдз рог у, куы агæпп кæны, уæд ыл цæст нæ хæцы. Æмæ уый тыххæй куыдз къамбецæй хуыздæр у? Чермен нæу нæдæр Хъуылаты Созырыхъойы хуызæн, нæдæр Мамсыраты Дæбейы хуызæн, нæдæр Дзесты Куыдзæджы хуызæн. Æмæ уый æхсызгон у. Социалистон реализм дæр афтæ зæгъы: алы фыссæгæн дæр хъуамæ уа йæхи сфæлдыстадон æрмдзæф, йæхи хъæлæс, йæхи стиль. Редактор. Раст дæ уымæй дæр. Мæнæ æз мæллæг дæн, къæсхуыр, тæнтъихæг, фыды мур мыл нæ хæцы, фæлæ мын æй мæ цæстмæ никуы ничи бадардта. Стæй бынтон мæстыгæр дæн, зæгъгæ, лæгыл фæцъæхахст кодтон, - мысты хуынкъ туманæй агуры. Фæлæ мæ адæм иууылдæр æппæлгæ кæнынц. Æмæ мах дæр Черменæй æппæлгæ кæнæм. Критик. Æппæлгæ дзы кæнут, уый раст у, фæлæ æппæлын æмæ æфхæрын алкæйы бон кæй нæу, уый уæ рох ма уæд. Чермены тыххæй (æмæ канд уый тыххæй нæ) цы уац рауагъта, уымæн йе ’ппæлд дæр ницы у æмæ йе ’фхæрддæр. Редактор. Ау, куыд зын хъуыддаг у! Цыфæнды æна- хуыргонд адæймаг дæр уацмыс куы бакæса, уæд ын куыд нæ хъуамæ радзура йæ архайд? Критик. Хабар уый мидæг ис, мæ хур, æмæ уацмы- сы архайд дæхи ныхæстæй радзурын нысан кæны уац- мысы аивадон хъуыды сбæлвырд кæнын. Нæ «критик» ныхæстæй цы радзырдта, уымæй нæ фæбæрæг радзырд «Хæхты хицауы» аивадон хъуыды. Хабе каст фæцис æртæ
азон хъæууонхæдзарадон скъола (цымæ ахæм скъола ис?), æрыздæхт сæ колхозмæ æмæ куы федта, æхсæнадон дуцгæ фосмæ куыд æвзæр зылд ис, уый, уæд йæхæдæг ныллæууыд фыййау æмæ иу мæймæ диссаг фæцис се ’хсы- ры конд, «тæрхджытыл, таротыл, ауыгъд фæйнæджытыл куыройы фыды йас цыхтытæй къух бакæнæн нæ уыд». Нæ «критик» радзырды архайд йæхи ныхæстæй куыд рад- зырдта, уымæ гæсгæ афтæ цæуы, цыма радзырды идейæ у фосдард райтынг кæнын, дуцгæ фосæн хорз уавæртæ куыд аразын хъæуы, цæмæй бирæ урссагон продукттæ дæдтой. Редактор. Дæ хуыцаумæ скæс, æмæ уæд уый цæй ра- дзырд у? Уый хъæууон хæдзарадон управленийы инст- руктажы хуызæн куы у. Критик. Йæ тæккæ раны загътай. Æцæг инструктаж! Мæнæ ма ам бакæс. «Иттæг хорз уаид, «Хæхты хицау» радзырды куы бакæсиккой нæ колхозты сæрдартæ, фер- мæгæстæ, колхозонтæ се ’ппæт дæр, æмæ куы æруынаф- фæ кæниккой Хабейы, йæ фырт Хабозы, фермæгæс чызг Фузæйы хъæппæрисыл, сæрд-иу хæххон колхозты зæддаг фос æфцджытæм - зад сæрвæтты хъæбысмæ - аивыны тыххæй». Уæдæ ма инструктажыл хъустæ вæййы! Ра- дзырд йæхæдæг, кæй зæгъын æй хъæуы, инструктажы хуызæн нæу. Æз æй лæмбынæг бакастæн æмæ цыма йæ идейæ æндæр цыдæр у, афтæ мæм фæкаст. Фосдард рай- тынг кæнын аивадон уацмысы идейæ никуы уыдзæн, уымæн æмæ аивадон литературæ у чеяовековедение, ома æвдисы адæймаджы зæрдæ, йæ æнкъарæнтæ æмæ хъуыдытæ, йæ куыст æмæ йæ дугыл баст чи у, уыцы алы- гъуызон психологон ивддзинæдтæ. Æз аивадон уацмыс куы райсын, уæд дзы цахæмдæр хъæууон хæдзарады фæдыл инструкцитæм не ’нхъæлмæ кæсын, фæлæ мæ дзы фæнды цардæгас адæймæгты фенын, уыдон миддунеимæ базонгæуæвын. Редактор. Æмæ Дзибушы радзырды ды цардæгас адæймæгтæ нæ федтай? Критик. Алчидæр зоны реалистон уацмысы типикон характертæ типикон уавæрты кæй архайынц, уый. Уыцы принципæй фæсфæд куы ахиза фыссæг, уæд йæ хъайтар- ты митæ, архайд æмæ ныхæстæ арæх чиныгкæсæджы
нæ бауырнынц. Дзибушы радзырды Хабе ахуырæй куы æрцæуы, фыййау куы ныллæууы æмæ иу мæймæ (ахъуы- ды-ма кæн: иу мæймæ) колхоз «æхсыры цад» куы фесты, уæд уый никæй бауырны. Стæй куыд бантысы Хабейæн ахæм стыр сгуыхтдзинад, уый нын автор не ’вдисы. Фос- дард мæйразмæ уыд бынтон æвзæр æмæ мæймæ бын- тон хорз фестад - иратаманæй ардæм никуыма уыд ахæм диссаг. Ноджы, кæд ма дæ зæрдыл лæууы, Хабейæн йе ’фсин афтæ кæм дзуры, зæгъгæ, йæ хъуамæ курортмæ улæфынмæ арвита, - уыдон дæр сты «сур пропагандæ». Уавæрты æмæ характерты рæстдзинад ницахæм рæсугъд ныхæстæй баивдзынæ! Редактор. Уæдæ ма цы ис хорзæй радзырды? Критик. Уыцы æнæхъола критик иучысыл фау дæр не ’рхаста радзырдмæ. Æгæрыстæмæй, афтæ дæр загъта, зæгъгæ, радзырды иу уæлдай дзырд дæр нæй. Афтæмæй та уым цал уæлдай дзырды ис, уал амонды дæу дæр куы уаид æмæ мæн дæр. Радзырды иууыл хуыздæр бынат йæ кæрон у æмæ уым дæр дыууæ хатты (дыккаг хатт бын- тон дзæгъæлы) загъдæуы: «Цымæ Хабе ацы хæхты хицау у, уыйау сæ риуыл къахдзæфтæ кæны». «Æмæ йæм афтæ фæкаст, цыма ацы хæхты хицау Хабе у». Уый аивадон фæлхаты амал нæу, уый у автор лæмбынаг кæй нæ ба- куыста йæ уацмысыл уый. Редактор. Уæдæ, дæумæ гæсгæ, радзырды хорзæй ницы ис? Критик. Æз уый зæгъинаг дæн, æмæ радзырд æйтт- мардзæ нæу. Хуымæтæджы, рæстæмбис радзырд. Куы ма йæ загътон, иууыл хуыздæр у радзырды кæрон, уым æргом цæуы йæ аивадон хъуыды дæр. Колхозы сæрдар Дзига фермæмæ бацыд. Сабыр æхсæв. Фосмæ бирæгъ фæзынд æмæ Хабе йæ лæппу Хабоз кæцæй хъæр кодта, уырдæм атындзыдта. Дзига иунæгæй баззад, цыма ацы ран æцæгæлон у, афтæ фæзынд йæхимæ. Кусы сæрдарæй æмæ цы? Ницы, æввонгæй йын фыссынц куыстбонтæ æмæ цæры йæхицæн æнцад-æнцойæ. Æвæццæгæн, йæхиуыл ныры хуызæн никуы ахъуыды кодта, хæлæггæнгæ кæсы Хабемæ - зоны йæ, кæд Дзига у колхозы сæрдар, колхозы «хицау», уæддæр ацы бæрзонд сæрыстыр хæхтæн се ’цæг хицау у Хабе, ам йæ хид чи калы, фосмæ зилгæйæ, æмæ ♦14
йæ уæзæгæвæрд къухтæй материалон фæрныгад чи аразы адæмæн. Ахæм у радзырды идейæ, мæнмæ гæсгæ, нывæфтыдон идейæ у. Редактор. Æмæ йæ нæ «критик» нæ рахатыд. Æй-æй! Худинаг! Критик. Худинаг æмæ цы хуызæн. Эстетикон крити- кæйæ хъæууон хæдзарадон критикæ чи нæ иртасы, уый цæй критику! Редактор. Э, ахæм «критикæн», æцæг, йе ’ппæлд дæр куы ницы у æмæ йе ’фхæрд дæр. Критик. Кæсыс, ды дæр мæ хъуыдымæ æрцыдтæ! Афтæ, мæ хур, афтæ. Фысджыты III Съезды мæнгæй нæ дзырдтой, зæгъгæ, ныртæккæ дæсныйады проблемæ у адæмы эстетикон æгъдауæй хъомыл кæныны проблемæ. Уæдæ критик фыссæг цæуыл фыссы, цы темæ æвзары (уадз, уымæй ахсджиагдæр ма уæд!) - æрмæст уыдæттыл куы дзура йæ уацты æмæ куы нæ уына, фыссæг куыд фыс- сы, цахæм у йæ дæсныйады тых, уæд афтæмæй адæмы эстетикон хъомыладæн мурдæр нæ фæахъаз уыдзæн. Алы фыссæг дæр æмæ алы критик дæр хъуамæ сæ зæрдыл да- рой Мао Цзэдуны ныхæстæ: «Аивдзинад фаг кæм нæй, ахæм уацмыстæ, цыфæнды прогрессивон куы уой поли- тикæйæ, уæддæр ницы ахадынц». Июлъ,1959 ГОГОЛЬ Уырыссаг литературæ хъæздыг у аив дзырды стыр дæснытæй. Уыдон астæу Гоголæн ис кадджын æмæ зынгæ бынат. Амæн æмæ Гоголь уыд Пушкины иузæрдион фæдон, Гоголæй райдыдта уырыссаг литературæйы кри- тикон здæхт. Æгъатыр реалист, æнæлаз нывгæнæг, Гоголь хурмæ ракалдта паддзахы Уæрæсейы цардæвæрды æлгъаг æгъдæуттæ, худинаджы гакк ныккодта, фæллойгæнæг адæм кæй æфсондзы бын хъæрзыдтой, уыцы æввонгхор æлдæрттыл. Гоголы ном афтæ æнæуынон уыди уæды хицауадæн æмæ Гоголæй иухатт Тургенев куы раппæлыд, адæм æй бирæ уарзынц, зæгъгæ, уæд уый тыххæй хаст
æрцыд Бетъырбухæй. Гоголы ном уæд дæр æмæ ныр дæр карды цæфæй уæлдай нæу дунейы талынг тыхтæн. Гоголы нывгонд фæлгонцтæ афтæ цардæгас сты, æмæ стæм лæг ис ахæм; уыдон чи нæ зоны. Æрмæст уацмыс «Мард удтæ»-йы дæр уынæм паддзах Никъала I рæстæ- джы æлдæртты типтæй цалдæр: магуса, сæнттæцæгъ- дæг Манилов, æлгъин, æнæфсис Коробочкæ, фæлитой, сайæгой Ноздрев, гуыбынджын, арсау æнæфердæхт, Со- бакевич, мæрддзæст Плюшкин æмæ æнд. Дзæвгар сати- рикон фæлгонцтæ сарæзта Гоголь йæ иннæ зындгонд уацмысты дæр. Ахæмтæ сты «Зæронд дуджы æлдæрттæ», «Иван Иваны фырт Иван Никифоры фыртимæ куыд фæ- хылис, уый таурæгъ», «Ревизор». Фæлæ канд сатирикон фæлгонцтæ нæ арæзта Гоголь, канд æнæгъдау адæймæгты не ’вдыста йæ уацмысты. Гоголæн йæ удхæссæг уыд Уæрæсейы æмбыд, æнуд цард æмæ иттæг бирæ уарзта йæ райгуырæн бæстæ, йæ адæмы хъæбатыр æмæ парахат зæрдæ. Гоголæн æмхуызон зы- наргъ уыдысты дыууæ æнкъарынады: адæмы знæгтæм фыдæхдзинад æмæ адæммæ уарзондзинад. Гъе, уымæ гæсгæ йæ бон бацис хъайтарон эпопея сфæлдисын, сæй- раг архайджытæ адæм кæм сты, адæмы тох дæсны ’вдыст кæм цæуы, уыцы гениалон уацмыс - «Тарас Бульба». Гоголь стыр реалист кæй уыдис, фæллойгæнæг адæ- мы тугцъиртыл кæй худти æмæ адæмæн хорз цард кæй агуырдта, уый тыххæй йе сфæлдыстад ахсджиаг у канд уырыссаг адæмæн нæ, фæлæ æппæт рæстылдзу адæмтæн дæр. Октябры стыр революцийы размæ дæр Гоголы ном зындгонд уыдис Ирыстоны. Гоголы иттæг хорз зыдта ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къоста. Къоста ахуыр кодта уырыссаг литературæйыл æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, иннæ стыр фысджытау, Гоголы æндæвдад дæр цъус нæ фæзындаид Къостайы сфæлдыстадыл. Гого- лы фæлгонцтæ цардæй ист кæй сты, æцæг типикон кæй сты, уымæн аккаг æвдисæн у Къостайы фельетон «Чичи- ков». Кубаны областы кæддæр офицертæн, чиновниктæн, сауджынтæн радтой зæххытæ - кæмæн йе ’фсæддон сгуыхтдзинæдты тыххæй, кæмæн йе ’нувыддзинады тыххæй, кæмæн та хуыцауы æнæхъуаджы. Цалдæр азмæ
уыцы зæххыты хицæуттæ амардысты, сæ байзæддагæй иутæ зонгæ дæр нал кодтой, сæ зæххы хæйттæ кæм уы- дысты, уый, иннæтæ та бынтон ферох кодтой, фыдæй фыртмæ чи цæуы, ахæм зæххытæ сын кæмдæр ис, уый. Æмæ уæд йæ хъустæ схъил кодта Чичиков. Зылди, чи амар- дис, уыцы зæхджынты бындартыл - сæ идæдз устытыл, сæ фырттыл, кæнæ фыртты фырттыл, сæ сæфт зæххытæ сын фæстæмæ сæхиуыл ныффыссын кодта цахæмдæр фæдсафæнты фæрцы æмæ йын ахæм куыстыты тыххæй мызд фыстой. Афтæмæй схъæздыг уыцы ног Чичиков. Къоста йæ фельетоны кæрон зæгъы: «Хъыгаг у, Гоголь кæй нал ис, уый, æндæра екатеринодайраг Чичиковимæ куы базонгæ уыдаид, уæд дарддæр ныффыстаид йæ «Мард удтæ». Революцийы размæ райдыдæуыд Гоголы уацмысты ирон æвзагмæ тæлмацы куыст. Цæвиттон, 1905 азы горæт Тбилисы цы ирон драмколлектив уыд, уый адæмæн рав- дыста Гоголы комеди «Ус курын». Фæлæ Гоголь ирон чиныгкæсæг дзыллæтæм уæрæх фæндаг ссардта æрмæст Октябры революцийы фæстæ. Ирон скъоладзаутæ сæ мадæлон æвзагыл ахуыр кæнынц Гоголы уацмыстæ. Чысылæй базонгæ вæййынц «Тарас Бульба»-имæ æмæ сæ никуыуал ферох вæййынц йæ дис- саджы фæлгонцтæ, йæ патриотон æнкъарæнтæ. «Тарас Бульба» ирон æвзагмæ у Гæззаты Ладийы тæлмац. «Иван Иваны фырт Иван Никифоры фыртимæ куыд фæхыл ис, уый таурæгъ» ирон æвзагмæ раивыныл зæр- диагæй бакуыста нæ зынгæдæр прозаик Коцойты Арсен. Зæрдæмæдзæугæ сты Дзугаты Георги æмæ Дзадтиаты Георгийы тæлмæцтæ дæр. 1952 азы Гоголы амæлæтыл сæдæ азы бонмæ иронау иу томæй рацыдысты фыссæджы уацмыстæ. Гоголы цард æмæ сфæлдыстадæн ис иу сæйраг поэти- кон фæлгонц: уый у, иугæндзон размæ чи хоны, фидæны бæлиццаг цардмæ чи кæны, уыцы фæндаджы фæлгонц. Советон адæмæн тынг зынаргъ у Гоголы уыцы фæлгонц, уымæн æмæ мах цæуæм стыр æмæ уæззау фæндагыл, рæзты æмæ прогрессы фæндагыл, коммунизмы амонд- джын фæндагыл.
ШЕКСПИР 395 азы рацыд, Шекспир Уильям куы райгуырд, уæ- дæй. Цыппар æнусы дæргъы цас æмæ цас диссаджы ивд- дзинæдтæ æрцыд адæймагады историйы! Иу æхсæна- дон фармаци ивта иннæмæй, феодализмы бынат æрцахс- та капитализм ныртæккæ та капитализмыл парахатæй уæлахиз кæны социализм. Цас адæм райгуырд æмæ фæ- мард æвæдæй! Милуангай адæйæгтæ ацыдысты цардæй æмæ сæ кой дæр нал ис. Фæлæ Шекспиры хуымæтæг мæлинæгты бон нæ баййæфта. Цыппар æнусы дæргъы Шекспир цæры æмæ ма бирæ æнусты дæргъы цæрдзæн сæрæгасæй. Кæй нæ уырны, уый бацæуæд Мæскуыйы, Ташкенты, Тбилисы, Ереваны, Орджоникидзейы æмæ æндæр горæтты театртæм æмæ фехъусдзæн саубуар Отеллойы æвирхъау богътæ, царды фæдыл Гамлеты арф хъуыдыджын ныхæстæ, фендзæн зæронд Лиры хъизæмæрттæ, мæрдты удхæссæг Ри- чард Ш-ы цъаммар митæ... Фехъусдзæн æмæ фендзæн æгъуыстаг диссæгтæ, йæ зæрдæ йын ныццæвдзæн стыр аивадон тых æмæ цы уыд, уымæй бирæ хуыздæр, бирæ рæсугъддæр фестдзæн. Ахæм у Шекспир - дунейы иууыл нæртондæр драматург. Алы номдзыд фыссæгæй дæр фæдзурынц алыхуызон æнæхъола легендæтæ. Уыдон фылдæр хатт вæййынц мæнг æмæ ныллæг кæнынц генийы кад. Ахæм хабар æрцыд Шекспирыл дæр. Дзырдтой, зæгъгæ, Шекспирмæ бынтондæр ницы ахуырдзинад уыд, йæ фыд дæр, дам, мæгуыр талынг лæг уыд, æмæ йæхæдæг дæр. Лондоны, дам, йæхицæн къæбæр амал кодта афтæ: хъæздгуытæ-иу театрмæ куы кастысты, уæд-иу сын Шекспир та æддейæ, кæрты сæ бæхтæм зылди æмæ йын уый тыххæй æхцайы капеччытæ лæвæрдтой. Æмæ дзы цы нæ дзырдтой, цы нæ! Чидæртæ ма афтæ дæр хъæр кодтой, зæгъгæ, Шекспир Уи- льям йæхæдæгуыд æрмæстдæр æнæбары актер, пьесæтæ та фыста æндæр Шекспир æмæ, дам, цыдæр æбæрæг æууæлтæм гæсгæ йæхи не схъæр кодта. Фæлæ ахæм тауыстæн ницы,бындур ис. Æцæгæй Шек- спиры фыд йæ цардæй нæ хъаст кодта - уыд æрмхудтæ хуыйæг æмæ цух ницæмæй æййæфта. Шекспир йæхæдæг
канд æрдзæй курдиатджын нæ фæцис, фæлæ ма йæ тона- йы хай ракодта йæ рæстæджы ахуырад æмæ культурæйæ дæр. Хæрз цъус рæстæджы фыста Шекспир (æгасæй 22 азы), фæлæ цы бынтæ ныууагъта йæ фæстæ! Сæ ас дæр чысыл нæу (2 поэмæйы, 154 сонеты, цалдæр æмдзæвгæйы æмæ 37 пьесæйы), фæлæ сæ хæрзхъæддзинадæн æмбал нæй. Шекспир царди, феодализм мæлæты къахыл куы слæууыд æмæ капитализм куы æвзæрдис, уæд. Кæй фарс дзы хæцыд Шекспир? Сæ иуы фарс дæр нæ, æмæ се ’ннæйы фарс дæр. Шекспиры уарзондæр æмæ тыхджындæр хъай- тартæ (Тамлет, Отелло æмæ иннæтæ) сты гуманистон идейæты сæрхъызойтæ, уыдонæн æмхуызон æнæуынон у феодализм дæр æмæ капитализм дæр. Уыцы хъайтар- тæн сæ ныхмæ æвæрд цæуынц ног - капиталистон цард- æвæрды фарсхæцджытæ, йæ дзыпп æхцайæ ныддымсын кæныны охыл йæ мады, йæ фыды дæр чи ауæй кæндзæн, уыцы чъизи, фырзыд, кæрæф адæймæгтæ - Клавди Яго, паддзах Лиры дыууæ хистæр чызджы, æмæ æнд. Шекспир йæ дуг куыд равдыста, афтæ йæ иунæг фи- лософ, иунæг ахуыргонд дæр нæ равдыста. Шекспиры уацмыстæн ис стыр зонынадон æмæ эстетикон ахадын- дзинад. Маркс æмæ Энгельс арæх амыдтой фысджытæн цæмæй цæуой Шекспиры фæндагыл, ома реалистонæй, алыфарсонæй æвдисой цард, сæ хъайтарты психологи, миддуне. Шекспир райгуырд Англисы, фыста англисаг æвзагыл, фæлæ йæ номхæссæн курдиаты руаджы сси æгас дунейы фыссæг. Советон Цæдисы иннæ адæмтау, тынг бирæ уар- зынц Шекспиры ирон адæм дæр. Шекспиры алæмæтон лæгуарзондзинад, йæ хъайтарты æхсидгæ темпера- мент, арф æмæ цæхæр æнкъарæнтæ зынаргъ сты ирон адæмæн. Хуымæтæджы нæу, Отеллойы роль иууыл хуыз- дæр чи хъазы, уыдонæй иу кæй у ирон номдзыд актер Тæбæхсæуты Бало. Трагеди «Отелло» чи нæ федта сце- нæйыл, æвæццæгæн, ахæм лæг зын ссарæн уыдзæн Иры- стоны. Поэт Плиты Грисы дæсны тæлмацы фæрцы траге- ди «Отелло» ирон театралон культурæйы ахсы зынгæ бы- нат. «Отелло»-йы йеддæмæ ма ирон æвзагмæ тæлмац сты «Ромео æмæ Джульеттæ», «Паддзах Лир». Фæлæ уыдон
фаг не сты. Нæ дзырдарæхстдæр поэтты хæс у, цæмæй Шекспиры популярондæр пьесæтæ æмæ сонеттæ ирон æвзагыл ныййазæлой сæ оригиналты хъаруйы æмбæрц. ПОЭТИКОН ХÆДБАРАД Пухаты Александр ныр 15 азы дæргъы фыссы æмдзæв- гæтæ. Ныммыхуыр кодта дыууæ чиныджы - «Фидыдады хæлæрттæ» (1956) æмæ «Лирикæ» (1958). «Фыццаг чиныг райдайы чысыл æмдзæвгæйæ, ис дзы дзæбæххъуыды: Мæскуы æссис рæсугъд фидæны айдæи. Кремлъ та - фæндагамонæг компас. Йæ фæстæ чи цæуы, уыцы æмдзæвгæ дæр. «Ленин Раз- ливы», зæгъгæ, мæгуырау нæу. Ленины стыр тых, стыр зонд равдисынæн автор ссардта поэтикон дзырдтæ: Нæ фидæныл йæхъуыдытæ кæм фыссы, Дунейы центруыцы къуымы ис. Кæнæ райсæм æмдзæвгæ «Адæмон скъола»-йы кæрон: Коммунæйы сахаты фатыл размæ, Хæцы æдзухæй дыууынæм æнус. Фæлæ, хъыгагæн ахæм поэтикон рæнхъытæ Пухайы фырты фыццаг чиныджы бирæ нæй. Æмдзæвгæтæн сæ фылдæры ницы поэтикон хъуыды- тæ, ницы поэтикон фæлгонцтæ ис. Уыдонæн кæсæн ис уæлейæ бынмæ æмæ бынæй уæлæмæ. Æмбæрц уæнгтæ кæм ис æмæ сæ кæрæттæ æмзæлланг кæмæн кæнынц, ахæм рæнхъытæ арæхстгай фæд-фæдыл хал кæн - уый поэзи нæу. Айдагъ рифмæтæ æмæ æмбæрц уæнгтæ кæм ис, ахæм рæнхъытæ поэзи кæй не сты, уый сбæлвырд кодтой бирæ курдиатджын поэттæ: америкæйаг Уит- мен Уолт, чилиаг Неруда Пабло, туркаг Хи^мет Назым. Цæмæй поэттæ сты уыдон? Рифмæтæй? Нæ, рифмæтæ сæм бынтондæр нæй. Æмбæрц уæнгтæй? Нæ, иу рæнхъ сæм иннæйы ас стæм хатт вæййы. Уæдæ цæмæй поэттæ сты? Поэзийы сæйраг цы у, уымæй - поэтикон хъуыдытæй
æмæ поэтикон æнкъарæнтæй. Æз барæй зæгъын - поэти- кон. Уымæн æмæ хъуыды алчидæр кæны, фæлæ поэтикон хъуыды та æрмæст поэт кæны. Пухайы фырт арæх архайы исты фæлгонцы фæрцы поэтикон хъуыды зæгъыныл, фæлæ йын нæ фæрæстмæ вæййы. Дзырдæн, куыд бамбарæн ис мæнæ ацы рæнхъæн: «Æрдз адæймагæн а-бæсты цырагъ у». Фæлгонц æмбæрстгонд куы вæййы, уæд та арæх нæ февдисы предметы мидис, фæзынды миниуæг. Дзырдæн, заводæй Пухайы фыртзæгъы: Æскæлыуæяарвмæ къуыбæрттæй йæ фæздæг. Зыны, цыма горæт тамако дымы. Уый фыццаг бакастæй афтæ у, фæлæ цымæ заводы ми- дис æвдисы? Кусынмæ чи бавнæлдта, уыцы заводыл нæ фидауы ахæм абарст. Пухайы фырт хохæй куы загътаид, тамако дымы, зæгъгæ, уæд уый йæ раны уыдаид. Хох - æвæлмон, урсбоцъо, фæлгæсы дардмæ æмæ йыл мигъ фæздæгау, хæрдмæ фæбыры. Гъе, уымæй æцæг афтæ зæ- гъæн ис, тамако дымы, зæгъгæ. Пухайы фырты тематикæ алыхуызон у. Уый фыссы алцæуыл дæр: Ирыстоныл, Гуырдзыстоныл, Уырысыл, Мæскуыйыл, Хъазахстаныл, фæсарæнтыл... Афтæ уыд йæ фыццаг чиныджы, афтæ у йæ дыккаг чиныджы дæр. Æз тематикæйы хæрхдзинады ныхмæ нæ дæн, фыссын хъæуы канд райгуырæн хъæуыл нæ, фæлæ æгас дунейыл дæр. Æрмæст куыд? Пухайы фырты æмдзæвгæтæ «Фыстæг Хъазахстан- мæ», «Волгæ», «Рубен Ибаррури», «Жорж - фидыдады сал- дат», «Раймонда Дьенимæ ныхас», «Цыд поезд Ныгуылæн Сыбырмæ», «Джамила Бухиред», «Поль Робсон» æмæ æндæртæ иууылдæр сты иумæйаг ныхæстæй амад. По- эзи та иумæйагдзинад нæ уарзы. Поэзи домы реалистон детализаци. Хикмет афтæ дзырдта, зæгъгæ, бæлас поэзи нæу, поэзи у тулдз, бæрз, хæрис; сырд поэзи нæу, поэзи у бирæгъ, тæрхъус, арс æмæ æнд. Пухайы фырт йæхи цæстæй цы федта, йæхæдæг цы бавзæрста, ууыл ныффыста йæ хуыздæр æмдзæвгæтæ: «Балладæ адæмон поэтыл», «Терчы донбылгæрон», «Хур-
^Д^О^^У 217 У^^^^ мæзилаг», «Мæ Ирыстон», «Фыдыбæстæйы картæ», «Майы райсом». Пухайы фырт йæхи цæстæй кæй нæ фены, йæхæдæг цы нæ бавзары æмæ банкъары, ууыл куы фæфыссы; уæд йæ фæлгонцтæ аразы зæрдæаивæй æмæ нæ вæййынц кон- кретон, нæ сæ уыны чиныгкæсæг. Йæ хуыздæр эпитеттæ сты: «рæсугъд», «фидыцджын» æмæ æндæртæ. Пухайы фырт цардæй нæ исы йæ хъуыдытæ; йе 'нкъарæнтæ; йæ фæлгонцтæ; фæлæ сæ исы литературæйы. Уый у йе стыр сахъатдзинад æмæ хъуамæ йæ ныхмæ æгъатырæй стох кæна. Пухайы фыртмæ ис иу характерон миниуæг. Уый тыр- ны йе ’мдзæвгæтæ цахæмдæр афористон; эффектон хъуыдыйы бындурыл амайынмæ. Пухайы фырт нæ арха- йы адæймаджы зæрдæйы хатт эмоци æвдисыныл, ома æмдзæвгæтæ фыссы къаддæр - зæрдæйæ, фылдæр - зон- дæй. Мæнæ йæ хуыздæр æмдзæвгæтæй иу - «Салдат»: Салдат фыд тохты размæ бырсынуарзта, Иæ пост нæуагъта иунæгуысм дзæгъæл, Иæуæхсджытылуый карз хæстыуæз хаста, - Йæ къухы уыд уæлахизы дæгъæл. Нæмыгæмæ цыргъ джебогъы бырынкъ, Уыд афтæ ’лгъин, æмæ йæ фыды зæххæй Нæ радта знагæн тохы бонуылынг.. Ам æнæхъæн æмдзæвгæ амад у фæстаг дыууæ афо- ристон рæнхъыл. Уæллаг æхсæз рæнхъы бынтон куы аппæрстаиккам; уæд цымæ исты фæзиан кодтаид æм- дзæвгæ? Уадиссаг ницы. Æмткæй æмдзæвгæ поэтикондæр уыдаид; дзырд «æл- гъины» бæсты дзырд «рæдау» куы уыдаид; уæд. Пухайы фырты æмдзæвгæты кæронбæттæн афоризм- тæ æмæ фæлгонцтæ арæх вæййынц æбæрæг, æнæцæст- уынгæ, биноныг хъуыдыгонд не ’рцæуынц æмæ æмдзæв- гæ йæ гаччы не сбады. Мæнæ æмдзæвгæ «Ленины парт- билет»-ы кæрон: Зыны, цыма йæ гæххæттыл нырма дæр Нæ ахуыссы дæ цæстытæн сæ зынг.
Гæххæттыл цæстыты зынг куыд хъуамæ зына? Кæнæ мæнæ уыцы æмдзæвгæ: Тæрккъæвда банцад... Арвы рон ысзынд, Фæсырдта мигътæ, дуне та ныррухс. Зыны, цыма сабырадыл фыссы Мæ бæстæйы бæлонхуыз арв йæ къух. Ам дæр та нæ цæстыл нæ ауайы, куыд фыссы арв йæ къух сабырадыл, нæ йæ уынæм. Пухайы фырт, æвæццæгæн, искæй æмдзæвгæтæ куы бакæсы, уæд ыл афтæ тынг бандавынц, æмæ бар-æнæ- бары свæййы сæ уацайраг. Чиныг «Лирикæ»-йы æртæ æм- дзæвгæйы «Кремлы стъалытæ», «Размæ, фæсивæд», «Дох- тыр Тамара Гогричиани» сты Дзугаты Георгийы кадæг «Уарзт»-ы стих æмæ интонацимæ гæсгæ арæзт. Искæй интонацитæ, искæй поэтикон ссарæггæгтæ хъуамæ ма уой поэты уæлтæмæны суадон. Цард, æрмæст цард у по- эзийы уд æмæ дзæцц! «БАЛЦ ЕВРОПÆЙЫ АЛВАРС» «Адæм дзурынц, зæгъгæ, бирæ цæрынæй бирæ фе- нын хуыздæр у. Дзурынц ма, зæгъгæ, дæс боны чингуы- ты цы бакæсай, уымæй иу бон дæхи цæстæй цы фенай, уый бирæ хуыздæр у. Гъе, уымæ гæсгæ диссаг нæу, алчи- дæр алы бæстæтæ уынынмæ кæй бæллы æмæ йын фа- дат куы фæвæййы, уæд уайтагъддæр йæхи арæвдз кæны дард кæнæ æввахс балцмæ. Уый адыл мыхуыры фæзыны куы фæндаггоны фыстытæ, куы æнæнымæц туристон æмдзæвгæтæ, куы та радзырдтæ дæр... Асаты Реуазæн хорз поэтикон цæст ис. Цы предмет, цы фæзындыл фæфыссы, уымæн цæхæмдæр бæлвырд абарстытæ ссары æмæ уый фæрцы нæ цæстыл ауайы. Цæвиттонты фæдыл дард цæуын нæ хъæуы. Мæнæ дзы цалдæр: «Нæ нау «Победа» къæлæтау æрзылди æнæ- хъæн Европæйы континентыл»; «Цæст тыхæй æвзæрста уылæнты зына-нæзына æнцъылдтæ, цыма ныхы ссывд- тытæ уыдысты æмæ фыдæлтыккон денджыз кæй у, ууыл
дзырдтой, уыйау»; «Рахизæрдыгæй бæрзонд къардиуы сæрмæ цы бæстыхæйтæ æрцауындзæг сты, уыдон та- лынг рудзгуытæ нæм зынынц куырм лæджы цæстытау; Эгейы денджызы уылæнтæ сты «цъæх-цъæхид, цыма дзы лыла батайын кодтой, уыйау»; «Комы бæлæсты ’хсæн рудзынджы авгау, зыны денджызы гæппæл»; «Уæртæ америкаг нау каналы хъуыры ныффидар, нартхоры кæр- дзыны хъæбæр хурхы куыд ныббада, афтæ». Ахæм хицæн поэтикон рæнхъытæ чиныджы ис бирæ, фæлæ фæндаггоны фыстытæ æрмæст уыдонæй нæ фæ- хуыйнынц фæндаггоны фыстытæ. Фæндаггоны фыстытæ дæр литературæмæ кæм хауынц, уым сын литературæ- йы æппæт æгъдæуттæ дæр æцæгæлон ма хъуамæ уой. Фæндаггоны фыстыты хъуамæ уа адæймæгты сурæттæ дæр, фæсарæйнаг цардæн характерон деталтæ, типикон диалогтæ. Фæндаггоны фыстыты хæс у, цæмæй нын нæ адæмы æндæр бæстæты цардимæ базонгæ кæной, па- триотизм æмæ сæм интернационализмы æнкъарæнтæ сæвзæрын кæной. Нау «Победа»-йыл йе ’мбæлццон туристты кой бирæ кæны Асайы фырт, фæлæ дзы иуæн дæр бæрæг-бæлвырд портрет не скодта. Ахæм бон баййæфта, фæсарæнты кæуыл фембæлд æмæ кæимæ ныхас кодта, уыдоны дæр. Дзырдæн, Каприйы зæронд коммунист Ариверо Ленин æмæ Горькийæ бирæ цæстуарзон ныхæстæ фæкодта, фæлæ йын мах ницы базыдтам йе ’ддаг бакастæн, йæхи сæрмагонд миниуджытæн. Æз афтæ нæ зæгъын, автор кæуылдæриддæр æмбæлди, уыдонæн се ’ппæтæн порт- реттæ кæна. Нæ. Фæлæ Ариверойы хуызæн чиныджы уæзгæ чи у, ахæмтæн ма портретон характеристикæтæ дæр куы сарæзтаид автор, уæд чиныг хуыздæр рауадаид. Ариверойæ дарддæр ма чиныджы, иннæтимæ абаргæйæ, лæмбынæгдæр æвдыст сты уырыссаг эмигранты фырт Герутский æмæ Голландийы цæрæг украинаг чызг Тося. Уыдонæн сæ царды хабæрттимæ базонгæ вæййæм, фæлæ ты сын сæхи нæ цæстæй нæ фенæм. Хуыздæр сты чиныджы диалогтæ, хицæн эпизодты афыст. Мæнæ автор Италийы поездыл цæугæйæ йе ’мба- лæн зæгъы: «Акалын хъæуы мусорини» (ома мусор - бы- рæттæ).
Уæд нæ цуры италиаг лæг фæцис (поезды кондуктор], уый йæ хурх хъазгæйæ балхъывта йæ дыууæ къухæй æмæ загъта: - Муссолини... Муссолини капут... (ома йæ ныххурх код- там, ныккуыдз æй кодтам). Хæцын никæйы фæнды - адæм кæмдæриддæр сты са- бырады фарс». Фæсарæнты арæх фехъусæн кæмæн ис, ахæм ныхæстæ ма чиныджы иннæ рæтты дæр ис, фæлæ хаттæй-хатт æгæр уæлæнгай рауайынц. Мæнæ ахæм бынат: «Сымахмæ спектаклтæ райдайынц раджы æмæ фæвæййынц раджы. Ам та иннæрдæм, - загъта гид, Верса- лы фæндагмæ куы бахызтыстæм, уæд. - Раст у, мах - рæстырдæм, уыдон та - зыгъуыммæ, - загътон мæ фарсмæ бадæг æмбæлттæн». Парижы спектаклтæ махмæйæ фæстæдæр кæй рай- дайынц, уымæй ахæм уæрæх хатдзæг ацаразын æгæр сæртæгдзинад у. Автор искæцы хъуыддæгтæм йæхи ахаст кæм æвдисы, йæхи æнкъарæнтæ æмæ хъуыдытыл кæм дзуры, уыцы бынæттæ сты интересон æмæ сæ цымыдисæй кæсæм. Фæлæ алыгъуызон зонадон, бæрæгуатон чингуытæй цы райста, уыдоныл куы райдайы дзурын, уæд дзы бар- æнæбары фæлмæцæм. Асайы фырт фыссы алцæуылдæр æмæ йын уый зиан йедтæмæ пайда ницы у. Чиныджы стыр сахъатдзинадуыйу, æмæ автор факттæй ахсджиагдæрты не ’взары, уыдоныл нæ дзуры лæмбынæг, фæлæ нывисæгау йæ цæсты размæ цыдæриддæр бахауы, уый фиксаци кæны. Æмæ чиныг рауад æнæхъуаджы даргъ. ХЪРИХЪУППЫТÆ Æваст мæ сæрмæ, арвыл фæзындысты хърихъуппытæ, Цыма ивгъуыд дугæй æртахтысты.
Фæтæхынц сындæггай, фæтæхынц фæлладæй. Ам, Хъазахстаны, тыгъд быдыры сæрмæ Тыгъд арвыл фæтæхынц, Фæззыгон фæлмагъуыст тыгъд арвыл, Фæтæхынц æмæ кæуынц Мæ фарсмæ комбайн йæ фæлладуадзы, Æнцон ын нæу мæнæуы куыристæ æууилын Райсомæй суанг изæрмæ. Æмæ иумæ нæ фæллад уадзæм. Æваст мæ сæрмæ, арвыл, фæзындысты хърихъуппытæ, Цыма ивгъуыд дугæй æртахтысты. Фæтæхынц, бæласæй раскъуыйæг сыфтæрау, Фæтæхынц, æртæкъуым сау кæрдæнау, Фæтæхынц, адæймаджы зæрдæйау, Фæтæхынц æмæ кæуынц. 0, хърихъуппытæ, Æз царды уалдзæджы рæсугъддæр чызгайæ Куы хицæн кодтон, Куы баззад мæ зонгæ хæдзары ме ’нæзонгæ лæппуимæ, Уæд, сымахау, куыдтон. Зæгъут-ма, Кæд ме ’взонджы уарзтæн нæ кæнут хæрзбон,
Кæд ме ’взонджы бонтæ нæ кæнут хæрзбон? 0 хърихъуппытæ, Сымахыл зарыд мæ уарзон поэт, Куы айтынг-иу стут халгондæй хуссармæ, Уæд-иу æм æрцыдис Æнæнцой уæлтæмæн. Уый амарди сæрды, Уый нал кæсы абон сымахмæ. Зæгъут-ма, Кæд ууыл нæ кæут, Кæд уый тыххæй не стут æрхæндæг? 0 хърихъуппытæ, Раджы кæддæр Мæ фыдæлтæ, хъæбатыр алантæ Цардысты айхуызæн быдырты, Тохты æрвыстой сæ рæстæг, Монголтæ сын ницы фæрæзтой, Лыгъдысты тагъд быдыртæй хæхтæм, Сæ райгуырæн уæзæг, сæ мæрдты ингæнтæ куы уагътой, - Ирон сылгоймæгтæ, сымахау, хæццæ хъарæг, кодтой, тæригъæддаг хъарæг, зæрдæсæттæн хъарæг... Æваст мæ сæрмæ, арвыл, фæзындысты хърихъуппытæ, Цыма ивгъуыд дугæй æртахтысты Мæ абоны хъæлдзæг, Куыстæй æфсæст цардмæ Æмæ фæтæхынц, Фæтæхынц, бæласæй раскъуыйæг сыфтæрау,
Фæтæхынц, æртæкъуым сау кæрдæнау, Фæтæхынц, адæймаджы зæрдæйау, Фæтæхынц, фæтæхынц... 1958-1959 аз * * * Ызнон æваст ныууыгътауад йæ фæччитæ, Фæстæмæ та ысзымæг кодта, схъызыд. Æмæтамитдæр цæгатвæрстæм, лæнчытæм, Цъæхбын рувасау, хъавгæйæ æрхъуызыд. Æз уынгмæ рацыдтæн æмæ мыл амбæлд иу лæг, Фыдтыхтытæ æмæ фыдбæстытæ, Цыма фæтарсти, - нæй йæ хуыз йæ мидæг, Æмæ мын загъта: - Мæнæ бæсты сæфт! Æз бахудтæн æмæ йын афтæ: - Мацы дзур, Æндæра уазал бацæудзæн дæ хъуыры. - Æмæ æваст фæдæлдзæхис лæгуыры. Æз та цæуын, мæ алыфарс цъыбар-цъыбур Дæсгай æвзæгтыл хъуысы æмæ хъуысы, Цыма бынтондæр уазал нæу, нæ хъызы, Цыма зæххыл æрмæстдæр и тæфуадзæг
Сырх дидинтæ, цъæх угæрдæнтæ, задхортæ... Æмæ зæгъын: - Тæхудиаг у уалдзæг, Кæмæн ис ахæм агитатортæ! Сталинир, 1959 аз * * * Нырма хæлæг, чъынды сты хъарм бонтæ, Нырма нæ тавы ирд уа-тынг, Нырма нæ раластам нæ палтотæ, Нырма нæм не ’ртахти зæрватыкк. Фæлæ нæ уынгты дæлæ ’рбауайы Æвзонг, уæнгтæрæуæг, рæсугъд чызг, Цыбырдысджын, зæлдаг цъæх къабайы, - Уайтагъддæр бакодтон мæ рудзынг. Йæ фæдыл гом бæлæстæ акæсынц Æмæ сæ буц къуыпатæ халынц. Ызнонау кæрдæджытæ нал тæрсынц Æмæ сæ сæртæ мæрæй сдарынц. Фæтар сты зымæгон сагъæстæ Цъæх къабаджын чызгæн йæ уындмæ: Цъæх кæнын байдыдта æгас бæстæ, Цъæх кæнын байдыдта рæудымгæ. Уый уалдзæг у! Рæсугъд, фæрнджын æмæ Æппæтæй уарзондæр, фæлмастдæр. Æмæ куыд æхцон у, - лæджы риумæ Æрцыди бæлæстæй дæр раздæр! 1959
ДЕНДЖЫЗ Æз бацыдтæн денджызы, бæгънæгæй дзы бацыдтæн, Афтæ ма бацæуы лæг уарзоны хæдзармæ. Æз æй фыццаг хатт лæгæй-лæгмæ базыдтон, Æмæ йæ æнустæм хонын мæ цардмæ. Æз хæхтæй æрцыдтæн, фæлæ мын нæу æцæгæлон, Кæмдæр ын сусæг ран рагæй фæстæмæ хастон йæ хуыз. Мæнæ уылæн, цы ныддымстай дæ цъæх хæдон. Алайнаг барæгау рогæй тæхыс! Мæ фыдæлты денджыз! Йæ уынæр цы амоны? Денджыз ма афтæ кæд тыхсы? Æви ирон дзырдтæ нал зоны Æмæ сæ мæ фенгæйæ мысы? Куыстуарзаг денджыз! Нæй йын æхсæв дæр æрхуыст, Алыхуыз дуртæ æууæрды, æмæ куы бамбары, Зæгъгæ, фесты йын бæстонæй куыст, Уæдсæ йæ былмæ раппары. *15
Акæс-ма, цас дзы исдуртæ! Чысылтæ ’мæ стыртæ. Кæй зæрдæйæн не сты æхсызгон лæварау? Эх, æмæ афтæ куы цæуиккой мæнæн мæ дзырдтæ, Лæгъз, сылгоймджы русау, ракетæйы буарау? Хъысмæты денджыз! Уæртæ урс нау йæ лæууæнæй фенкъуысы, Кæмæндæр - амонд, кæмæндæр - æнамонд фæласы. Цал науы ацæудзæн абон денджызы, Цал науы абон хæрзбон кæнгæ уасы! Ацы стыр æмæ удæгас цъæх ингæны Науы даргъ хъил фæзыны цыртау. Донацц, цъæхахстгæнгæ, маст кæны æви цин кæны, Донацц изæрмилты урс у æви сау? Æнусты кар денджыз! Зæххы хæбуздзыхъ цæсгомыл æрхаудта Иу цæссыг, - нæй йын ардыгæй ахъуызæн. Уый цавæр маст ныййардта, уый цавæр цин ныййардта,
Нырмæ йын цæмæннæ ис байсысæн! Хур фæцæуы... фæкаст мæм атомон тугхъулон зокъойау арвыл, Нæй, нæй! Хур йæ фæстаг тыны уонг нывондгонду цардæн. Зæххы иннæ кæрæтты фæцæуы - æрзилдзæн дардыл Æмæ райсом ’гас денджыз æссардзæн. НогАфон,1959 САБИ I Кæсын дæм авдæнмæ. Дæ улæфынмæ хъусын, Тæрсын, куы райхъал уай мæ цæстыты æнгасæй. Гæзæмæ стæлфыд мидбылхудты рухс тын Æмæ æртыхст дæ цæсгомыл æгасæй. Фынæйæ худыс, тæкъутимæ худыс, Цы ми кæндзысты ныр цъæхцарм тæрхъустæ? Ды хъæды дзыхы семæ къуыппæй тулыс, Æви сын айвазыс дæ гуккытæй сæ хъустæ? Æви тæрхъустæ не сты, - сау æрсытæ, Дæу стырдæр арс фæхæссы цадæг йе ’ккой. Æруыгътой дын кæрдотæ ’мæ тæрсытæ, - Дæ хуызæн уазæг никæд федтой.
Æви æрцыдис сырдтæй иу æрдузмæ бирæ, Мæнгард, гæды ми ферох кодта рувас. Æрфæлмæнзæрдæ, срухсцæсгомис бирæгъ, Домбаимæ мыр-мырæй худынц хурварс. Куывд дын кæнынц. Зæххыл сæ чи цы ссардта, - Хæссынц сæ куывдмæ. Иумæйаг - кæмæ ци... Фыццаг хатт сæм дæ хуызæн бæппу ’рхаудта Æмæ дæ цинæй бауарзтой кæрæдзи. II Цыма нырмæ мæ цард бынтон афтид зынд, Цыма нырмæ бынтон тудт уыд мæ уарзт. Æвзонг риуы цъæх пиллон калгæ чи сыгъд, Гъе, уыцы арт мæм хиирхæфсæн каст. Цæмæй зыдтон, дæу тыххæй мын мæ зæрдæ Æбæрæг мæт кæй æвдæрзта æдзух. Кæй тылди мæй æнафоны мæ сæрмæ, Фæлмæн дæларм кæй хъарм кодта мæ къух. Дæу тыххæй уарзтон дунейы чызджыты, Мæ сæрæй сын табугæнгæ куывтон. Дæу тыххæй семæ разагъды фысджыты Лæджыхъæдыл уынаффæмæ хуыдтон. Дæу тыххæй бонтæ згъордтой размæ радгай, Дæу тыххæй уыд мæ циндзинад, мæ маст. Ды мын мæ цардæн хъæлдзæг мидис радтай, Æз бамбæрстон, цæмæн хъуыди мæ уарзт. III Æз демæ хъазын. Рох мæ у æппæтдæр: Мæ куыст, мæ фæллад, зæрдæйы мæстытæ... Æнæдæндаг дзых байгом æмæ худы, Ныррухс ысты сыгъдæг-сыгъдæг цæстытæ.
Æз дын кæнын дæ нарст гæккытæн батæ, Мæ рустæ дын сыл асæрфын дыууæрдæм. Цы нæ дæ хонын: «Булæмæргъ», «Уытъыры» Æмæ кæныс дыгъал-дыгъул цыдæртæ. Куы дæ кæнын лæууын ахуыр, куы - бадын, Куы та дæ ’ппарын опп-оппгæнгæ цармæ. Мæн раздæхтай мæ сывæллоны бонтæм, Æз дæ кæнын дæ лæджы ранмæ - кармæ. Куыд тыхджын дæ! Дæ райгуырдæй фæстæмæ Мæ царды бæрц æнæхъæлцау фæдывæр. Зæронд тулдзы æзгæ сыфтæрты фарсмæ Æрыгон тала калдзæни цъæх сыфтæр. Æз демæ хъазын, ды - мæ туг дæ, ме стæг, Дæуау, мæныл нæма уыд ничи барджын. Æмæ кæнын дæ нарст гæккытæн батæ, Мæ рухс фидæн, куыд дзæбæх дæ, куыд адджын! IV Дæу авдæны бæттæм, дæ нывæрзæн æвæрæм хъама. Алантæй баззад ахæм æгъдау Ирмæ: Фыдæлтау уай тыхджын, фыдæлты мысай хъуамæ, Фыдæлты фарн ныххиза арф дæ риумæ. Куы дæ сисæм дæ авдæнæй, уæд ласгæ - Нæ райдзастуынгмæ, фæзмæ æмæ паркмæ. Мæскуыйаг уæрдон - рог, фæлмæн коляскæ,
Хуыссыс æмæ кæсыс цъæх арвмæ. Чысыл ракетæ- хъазæн - исдæфарсмæ. Мæ йыл тæхдзынæ. Кæдæм? Цы бæстæм? Мæймæ æви Марсмæ? Ракетæйыл, коляскæйау, уыдзынæ. Нырмадæуæн дæ цæстытæ æххæссынц, Дæ гуккытау, дæ мады рухс цæсгомыл, - Чысыл дæ, мæ хур, фау дын сæм нæ хæссынц, Куы байрæзай, куы суай, дæ мадау, хъомыл, Уæд аххæсдзысты - знон уа æви сом уа - Æппæт дугтыл, нæ зæхх æмæ уæлæрвытыл. Æрмæст дæм дуне мады рухс цæсгомау Æдзух нæ кæсдзæн, - дар-иу æй дæ зæрдыл. V Æз дæм кæсын, фынæй кæныс. Дæ фын - алæмæт. Дæ улæфын - сыгъдæг æмæ æнцад. Цы ма улæфы афтæ? Хъæд - æнæмæт. Æгæрон денджыз. Хæхты къусы - цад.
Гъе, стæй хæмпусгонд сау быдырты риутæ, Цъæх уыгæрдæнты Сойджын кæрдæг - арф. Цы ма улæфы афтæ? Цъиутæ. Дзæбидыртæ. Сæуæхсид æмæарв. Æз дæм кæсын, дæ туджы алы ’ртах дæр, Дæ улæфынау, у сыгъдæг, æнцад. Дæ улæфын - цы хъуамæ уа зынаргъдæр? Дæ улæфын - мæ цард, дунейы цард. 1959 АРТИСТКÆ Ш.Л. Ацыдтæ нæ горæтæй. Афишæты скъуыдтæ Фæзилæнты хъулæттæй, ’нкъардгъуызæй зынынц. Ауайы мæ цæстытыл: ды тыхсгæйæ скуыдтай Æмæ залы уадултыл цæссыгтæ кæлынц. Ды кæныс дыууæрдæм, удхаргæнгæ, ризгæ, Æмæ срызт æгасæй залы ’нæнцой буар. Диссаджы сылгоймаг, ’нæхатыр артисткæ, Уæд цыдис мæ удыл, намысау, дæ бар. Нал дардтой сæ зæрдæ устытæ сæ лæгтыл Æмæ сæ нæ уагътой тынг дæумæ кæсын. Монцы зынг артисткæ, царды даргъ фæндæгтыл Цалæн радтай амонд, цалæн радтай зын.
Ацыдтæ нæ горæтæй. Афишæты скъуыдтæ Цæсгæмтыл æфтауынц сагъæссаджы хуыз. Афонмæ æндæр кæмдæр ды тыхсгæйæ скуыдтай Æмæ та сыгъдæг удты д ’ахæсты кæныс... Сталинир, 1959 * * * Ног арæзт хæдзар; шиферæй агъуыст, Æвгтæ æрттивынц, къултæ - чъырахуырст. Мидæгæй - æд ведра сæрдæг рахызт, Йæ фæдыл - иннæ, сæ ныхас райхъуыст: - Фæци нын, и? - Ай-ай фæци! Æмæ æрцагътой сæ рыгæйдзаг рæзтæ, Сæ кусæн дзаумæттæ сæ раздарæнты стыхтой. Цы хъайтартæ Паддзахы галуан байсыны фæстæ Æрбадтысты æмæ тамако ссыгътой. Сталинир, 1959 БУЦИТÆ Ногæй зилын нæ хъæууынгты, Хæдзæртты размæ куыйтæ Сæ сæртæ фæхъил кæнынц, райдайынц мыл рæйын. Кæд сæ хицæуттæ ракæсынц: - А-а, уый ды куы дæ! - Æмæ куыйты ныссус кæнынц, уæд сæ ирвæзт вæййын.
Кæннод згъорынц мæ фæдыл. фæсурынц мын мæ хъуыдытæ, Цыма хыл кæнынц: - Чи дæ æмæ дæ ам цы хъæуы? Эх, куыйтæ, куыйтæ, мæ дзæбæх æдылытæ, Сымахæй раздæр æз цардтæн ацы хъæуы. Дæлæ нæ хæдзар нырма дæр, й ’агъуыст - тæрсхъуарийæ, Уый мæ кодта фæндараст: - Ацу фыййау кæнæ скъоламæ атагъд кæн! Уый мæ ахстон у æмæ дзы лæппынхъуын уарийæ Стыр дунейы тыгъдадмæ атахтæн. Сымах хъахъхъæнут хæдзæрттæ, хорз у, уæлдайдæр куы цæуа къæрныхтæ, Уæ фыдæлтæ мемæ адджын æмæ уарзон уыдысты. Æдзух мæм, сымахау, къæппæй нæ дардтой сæ дзыхтæ, Уæ фыдæлтæ мемæ фыййау дæр цыдысты. Гъе, æмæ а-хъæу сымахæй Æвзæрдæр куыд зонон. Куыд ын уарзон къаддæр йæ дуртæ, йæ бæлæстæ, йæ къудзитæ... Эх куыйтæ, куыйтæ, уæздандæр дзыхæй уæ цы схонон, Ма-иу мыл рæйут, æдылытæ, буцитæ, буцитæ! Хъорнис, 1959
ПОЭТ РÆЗЫ Нартыхты Михал у æвзонг поэт. Йæ фыццаг æм- дзæвгæтæ ныммыхуыр кодта 1949 азы. Уæдæй нырмæ ныффыста дзæвгар уацмыстæ, рауагъта дыууæ поэтикон æмбырдгонды - «Уарзондзинады стъæлфæнтæ» æмæ «Иры хæхтæй Сыбырмæ». Михал райгуырд æмæ арвы рухс федта хъæуы, къахæй ацыди æмæ фыццаг хатт ирон дзыхы дзырд фехъуыста хъæуы, рæз схаста хъæууон æрдзы хъæбысы, хъæууон зæхкусæг адæймæгты астæу. Стæй уыцы хъæу алы хъæуы хуызæн нæу. Михал йæ лæджы ранмæ схызти, гуырдзы æввахс кæмæ цæрынц æмæ гуырдзы хæлар кæимæ сты, ахæм ирон хъæуы. Ардыгæй цæуы Михалы гуырдзиаг те- матикæ, гуырдзиаг стихы æндæвдад. Æмдзæвгæтæ «Ека- терина Чъавчъавадзейы хъусцæг», зæгъгæ, уым Михал гуырдзиаг характерон дактилон стихæй фыссы зынгæ поэт Бараташвили Никъалайы уарзондзинадыл. Хъусцæджы змæлдæй поэты Зæрдæмæ рухс нал бакаст. Цæй, цы бакæна! Уый сонт риу Бахсыдта ’гъатыр судзгæ уарзт... Зард та-иу ногæй сытынги, Фæрсагæй дардмæ райхъуысы... Æмæ поэты сонт зæрдæ Хъусцæгæй тынгдæр сæнкъуысы. Æмдзæвгæ «Хуымгæрдæн у», зæгъгæ, уым та Михал ары Давид Гурамишвилийы ном. Хъазахстаны хъамыл зæххытæм хор æфснайынмæ цæугæйæ, ирон фæсивæды эшелон æрлæууыд Дагъистаны зæххыл. Поэт æрымысыд, Гурамишвилийы йæ кæрдинаг хуымæй лекъæгтæ уаца- ры куыд акодтой æмæ уæдæй фæстæмæ йæ цард куыд схæтæнхъуаг, уый. Хуымгæрдæн азы афонты иууыл хуыз- дæр рæстæг у фæрныгад æмæ райгæ царды символау. Хуымгæнды гæппæлыл ныр туджджынты хылы Иргъæвæг нæумадæн йæ кæрдæн. Хæларад, рæстдзинад нæ зæххыл ивылы... Хуымгæрдæну, Дауыт, хуымгæрдæн.
Хъазахстайнаг циклы хуыздæр æмдзæвгæтæ - леген- дæ «Сыбыраг бæрз», зæгъгæ, уым дæр æлдары кæй амард- той, уый тыххæй ирон лæг Тæтæрхъаны æдбинонтæ ар- выстой Сыбырмæ гуырдзиаг лæг Никъоимæ. Уым фæ- мардысты уазал æмæ стонгæй, фæлæ ныр ног дуджы - цыма растынц сæ хуыссæнæй дыууæ æрдхорды æмæ хъæл- дзæгæй хуым кæрдынц. Тæтæрхъан Никъомæ фæдзуры: Уæ,уæртæ «чагуна», «уæрæйдæ» куы хъуысы, Цæй, сыст-ма, цы фæдæ, мæлымæн! Гуырдзиаг «чагуна» æмæ ирон «уæрæйдæ» фæрсæй- фæрстæм хæлар сыхæгтæм кæм фехъусынц, ахæм ирон хъæуы ралæг Михал. Хорз зоны гуырдзиагау, ирон æв- загмæ тæлмац кæны гуырдзиаг поэт Важа Пшавелайы уацмыстæ. Михал нæу нæдæр ногираг, нæ дæр рукъаг - Михал у къахеттаг, къахеттаг поэт. Хъæууон ирон лæджы психологи æмæ царды мидис, йæ алыварс цы æрдз æмæ цæрæгойтæ ис, гъе, уыдоныл фыссы Михал йæ хуыздæр æмдзæвгæтæ. Михал дæсныйадмæ цæуы цадæггай æмæ йæм лæмæгъ рæнхъытæ, зæрдæаив фæлгонцтæ, æнæхъуаджы даргъ бынæттæ ис. Æмдзæвгæ «Мады зæрдæйы» хъуыды загъд у æртæ строфайы, Михал та йæ айвæзта æхсæрдæс стро- файы онг. Хъæууон лæгыл чи нæ фидауы, ахæм орато- рон интонацитæм куы раздæхы Михал, уæд йæ поэзийæ фæсвæд аздæхы. Уæддæр цы нывы тыххæй загътам, уый фæстæ ма цы ахадынц мæнæ ацы риторикон фарстытæ: Цæмæн дарын ныруая азымæ дзыппы Æзме ’фсымæры саугæххæт æвæрд? Нæ фæсивæдæй бирæтæ кæм сты, Цæмæннæ зынынц карз тохæй ныр дæр? Цæмæн æрвиты ’нæхуыссæг æхсæвтæ Мæуарзонмад, цæмæн ын нæйуяæфт? Цæмæнууый фыдох æмæ рыстзæрдæ. Иæ фырты йын цæмæн байста мæяæт? Мады тыххæй æндæр дзæбæх æмдзæвгæ «Мæ хъуы- дытæ нанайыл» зæгъгæ, райдайы афтæ:
Фынафонуыд. Сабырад хызт йæ бартæм, Мæй фæсмигътæй, къæмдзæстыг чызгау, каст. Фынæйуыд хъæу. Æрыхъуыстис-иу ардæм Æввахсхъæдæй цавæрдæр маргъыуаст. Хорз строфайы сафы иу дзырд «цавæрдæр». Цымæ ма искуы «цавæрдæр», поэзи уыд? Поэзийы алцыдæр хъуа- мæ уа бæрæг-бæлвырд. Михалы æмдзæвгæтæй мæм иууыл хуыздæр кæсы «Лæууы ма мæ зæрдыл», зæгъгæ. Иттæг хорз равдыста Михал, колхозты фæзындæй хъæууон адæмы психоло- гийы æмæ, æгæрыстæмæй, цæрæгойты психологийы дæр цы ивындзинæдтæ æрцыд, уый. Бинонтæ сæхæдæг сæ хæ- рæг æмæ сæ фысы баиу кодтой колхозы иумæйаг фосмæ. Æмæ цы? Изæры-иу фос куы здæхтысты, уæд-иу хæрæг æмæ фыс, раздæрау, æрбарастысты сæ кæртмæ. Фыд-иу сæ сырдта, фыс-иу ацыд, хивæнд хæрæг-иу нæ куымдта, фæ- лæ фæстагмæ хæрæг сахуыр «иумæйаг цардыл». Лирикон хъайтар-иу фосы размæ ацыд. Уым се ’хсæнæймæ цъæххæрæг дæр зынд. Нæ кæртмæ йæм æздæхын æнхъæл кастæн. Фæяæмæнмæ дæр нал фæкаст фæрсмæ... Æмæ æз дæр зæрдæбынæй ныккуыдтон. Ныр цалдæр азы фæстæ, поэт æрцыди йæ райгуырæн хъæумæ æмæ æрфæрсы йæ хæрæджы: Кæмдæр ма, дам, ныр фыйауы куыдзæн Фæхæссы хохмæ йе ’рагъыя хæринаг. Хъæууон зæрдæхæлар юмор зыны канд ахæм социа- лон темæйыл фыст æмдзæвгæты нæ, фæлæ бирæ æндæр æмдзæвгæты дæр. Михалы хæрæджы хабарæй къаддæр цымыдисаг нæу йæ гуымыдза сæгъы хабар. Сæгъ фосимæ не ’рцыд хæдзармæ æмæ йæм лæппу ацæуы агурæг. Фем- бæлы йæ уарзон чызгыл æмæ ма сæгъ кæй æндавы!
Æрттывтой иугай рухсытæ нæ хъæуæй, Мах хъæугæрон фæлæууыдыстæм бирæ, Æмæуæд загътон: фос дæр мæ нæ хъæуы, Уадз, бахæрæд гуымыдза сæгъы бирæгъ! Фæстаг рæстæджы Михал ныффыста поэмæ-уацау «Хæхты фарн». Æвдисы дзы 20-æм азты Хуссар Ирыстоны фæллойгæнджыты тох меньшевикты ныхмæ. Нартыхты Михал рæзы æмдзæвгæйæ-æмдзæвгæмæ, æмбырдгондæй-æмбырдгондмæ æмæ йын нæ зæрдæ зæ- гъы хорз æнтыстытæ. ДАЙРАНЫЛ - ХЪЫЗЛАРМÆ Дайран, Дайран... Арвы комæй, цыма, æцæгдæр, арвæй Терчы дон расхъиуьь къæйдуртыл, сонтау, фынккалгæ. Æмæ фыдæлтон Дайранæй - Аланты дуарæй, Цингæнгæ, рахсы йæхи æгæрон тыгъдадмæ. Кæддæр, кæм уагътой сæ фæдтæ Тимуры æгъатыр æфсæдтæ, Хъызлармæ хæдтулгæтыл зымæгиуатмæ фысты ласынц. Кæд чи федта ахæм æнæхъыг, æнæмаст «бæлццæттæ», Нæ тыхсынц, нæ тæрсынц, нæ уасынц. 0, Арвы ком уарзы, Æрмæстдæр æзнæт Терк куы хъазы Æмæ куы хъусы фæндаггонты зарджытæ. Ам нæ фыдæлтæ арвы дуар гомæй федтой сæ иууыл уæззаудæр фыдазы, Ам сын уагътой сæ туджы лæсæнтæ гуннтæ, монголтæ - сæ марджытæ. Ныр æнæхъыг «бæлццæттæ» Хъызлары æрхизынц,
Æрхизынц æмæ æнувдæй хизынц. Арв - цъæх, кæрдæг - цъæх, тас сын нæу цъæх сырдтæй, Арвмæ дардыл быдыртæй æврæгътау зынынц дзыгуыртæй. Уыйбæрц удæгас къуымбилцагъд кæд æрцыд - куыд фæлмæн, куыд хъарм у! Чи у, чи у йæ хицау - кæй фæндон, кæй хъару! Уыйбæрц фосæн сæ фыййау Сындæггай цæуы сæ фæстæ, Фæлгæсы фæйнæрдæм - цæрынæн уæлгоммæ у бæстæ, Хъызлар! Фосæн - бæркадарм, фыййау дыл нæ ивы йæ зæрдæ, Нæ йæ ’ппарынц мæты Дæ уазал, дæ судзгæ изæртæ. Дард Ирыстоны, сæ хъæуы, йæ хъæбул, йæ чысыл сывæллон Фыны уындзæн та: уæрыччытæ - нæууыл, цыма ногдзыд зокъотæ. Йæхæдæг, уæрыккау, дзæбæх у, æвæлмон, Куыд бирæ уæ уарзы, гокотæ, гокотæ! Фыййауы зæрдæ йæм æхсайдзæн, йæ уарзт æй йæхимæ сайдзæн, Цы ма уа хуыздæр: де ’фсин архайы уæларт, дæ саби - дæ цуры... Нæй, фæлтæрд фыййау йе ’мбæлтты, хъæуы зæрдæхудт нæ райсдзæн, Куы бахъæуы арæх, - хуылыдз дæр ныввæййы, йæ хуыссæг фæсуры,
Дайран, Дайран... Дæ сæрмæ æврæгътау, дзыгуыртæй лæудзæни Фæлмæн æмæ хъарм къуымбил, - Искæй цæст хаудзæн нæ исмæ. Æмæ сабиты амондæн, урс æхсыр уайдзæн, цæудзæни, Терчы донау, Нæ бæстæйы денджыз - къæбицмæ. САУДАРÆГ МАД Цал хатты Мæ фæдыл æдзынæг кæсгæйæ баззайы саударæг мад, йæ усгур хъæбулæй афтид чи абадт, æмæ йæ фæстæ чи батад! - хæстæн рохгæнæн нæй, хæсты хъæдгæмттæ - мады зæрдæйы хъæдгæмттæ æмæ сын хосгæнæн нæй. Цал хатты æз бафæрсын мæхи: - Мæн искæмæн Хорзы йеддæмæ куы ницы фæнды, мæалыфарсчи ис, уыдонæн, уæд - уæд сын хæдзар æмæ сыгъдæг зæрдæ, уæд сын сабитæ æмæ рæдаудзинад, уæд сæм радио æмæ рæстдзинад... 0, мæн адæмæн хорзы йеддæмæ ницы фæнды, фæлæ мæ фенгæйæ, цæмæн вæййы саударæг мадæн æнкъард цæстытæ,
цæмæдæр æнхъæлмæкæсаг цæстытæ, цæмæдæр тæхудыгæнаг цæстытæ? Цал хатты мæн мад æруромы: « - Мæ зынгхуыст хъæбулау дæ уарзын æмæ нæм иу чысыл абад. Мæ арахъхъ мын фен, дæ кæрдоты хай дæр æвæрд у... Мæ уд уа дæ фæхъхъау». Æз бацæуын мадмæ, фæбадæм, фæкæнæм ныхæстæ, цыма йæм йæ хъæбул æрыздæхы хæстæй, æмæ йæм нал кæсы къулæй æнæзмæлгæ уазал фæлгæтæй, фæлæ йæ цуры бады, цæрæццагæй, хъæлдзæгæй, буцæй, уыйау æрбайсæфынц мадæн йæ дудгæ фыдтæ. Мадæн мæнæй йæ хъæбулæй хъауджыдæр нæй, Мæхи мадау, ныфсытæ æвæры мæнæй, фæлæ йын «хорз баззай» куы зæгъын æмæ куы рацæуын нæхимæ, уæд та мæ фæстæ фæкæсы æнкъард цæстытæй, цæмæдæр æнхъæлмæкæсаг цæстытæй, цæмæдæр тæхудыгæнаг цæстытæй. Нæй, мадæн йæхи туг, йæхи стæгæй арæзт хъæбулæн баивæн нæй!
Мады иунæг æцæгæлон зæххыл мард, мады иунæг фыдгулы нæмыгæй æрхауд, мады иунæг йæ мадмæ дзырдта, фæлæ дард уыд йæ мад: - Оу, нана, чи мын æрхæцдзæн мæ цæстытыл, нана, æвæгæсæгæй дын куы мæлын. Оу, нана, дæлæ мæм сау халæттæ ’рбатæхынц, уасынц мæм, нана, æххормаг сын у, нана! Оу, нана, дæ дзидзийы хъуыртт кæм фæуагътай, нана, чысылæй фæстæмæ кæй уындæй не ’фсæстæ, Оу, нана, уыцы фидауцджын буар, нана, уæлæмæ сисын куы нал фæразын. Оу, нана, уыцы фидауцджын буарыл, нана, никуыуал атыхсдзынæ, никуыуал, нана, никуыуал, нана, - ацы тыгъд быдыры холыйæн зайдзæн, холыйæн, нана! Оу, нана, айхъус-ма халæттæм, хъуа-хъуайæ не ’нцайынц, - æххормаг сын у, нана, æрбатæхынц мæм, нана, цы ма кæнон, нана!.. Гъе, уæдæй ардæм цæссыглæдæрсы мады цæстытæй, цæмæдæр æнхъæлмæкæсаг цæстытæй, цæмæдæр тæхудыгæнаг цæстытæй. Гъе, уæдæй ардæм
мад кæны йæ хъарджытæ: цæмæннæ, зæгъ, бафсæдæм нæ хъæбулты хурæй, цæмæн атар вæййынц æвзонгæй, æдзардæй, цæмæннæ, зæгъ, сæмбæлд йæ райгуырæн бæстыл? Гъе, уæдæй ардæм мад саутæ йе ’рагъæй нал ласы, дунейы фæллæйттæ йын иууыл куы ’рхæссай, амæй-ай хуыздæр равзаргæ къабатæ, - нæ дзы скæндзæн иуурсдæр, иу сырх дæр, иу цъæх дæр, иу бур дæр, - мадæн а зæххыл уыцы ирд хуызтæй ницыуал баззад, саухуыз йеддæмæ. Æмæ цал хаты мæ фæдыл æдзынæг кæсгæйæ баззайы, æз мæ сæрæй мæ къæхтæм мæхимид нырризын, бирæ мæ нал бахъæуы ныхъхъæрмæ: - Цы ми кæнут, адæм, гормæттæ, æви куырм баистут?! Цæмæн ис мадæн æнкъард цæстытæ, цæмæдæр æнхъæлмæкæсаг цæстытæ, цæмæдæр тæхудыгæнаг цæстытæ! * * * Мигътæ арвæй кæсынц æмæ кæсынц зæхмæ. Афтæ поэт дæр, - Кæсы æмæ кæсы цардмæ, Æрдзмæ æмæ адæммæ,
Стæй æнæнхъæлæджы æваст; Арвау, ферттивы хъуыды, Арвау, анæры хъæлæс, Æмæ, тæрккъæвдайау, ныссæх-сæх кæны æмдзæвгæ! Тæрккъæвда басæтты зæххыты дойны, Æмдзæвгæ басæтты зæрдæты дойны. Сталинир, 1959 КЪОСТАЙЫ ЦЫРТМÆ Нæ горæты астæу æнустæм лæууыс, Нæ адæм дæ хонынц æнустæм сæ ныфс, Сæ мæрдты сын мæрдтæм фæндараст кæныс. Сæ удæгæстæн цардмæ рæствæндаг зæгъыс! 1959 * * * Чидæр айвæзта фæндыр, - фынафон фæсæнтдзæф, Æйттæй балæууыд долийыл чидæр тъæпп-тъæпп. Уый æрымысыд сыхаг фæззыгон чындзæхсæв, Сонты бонтæн сæ фæстæ æрæвæрдта тæпп. Æмæ ’гас хъæу сæ цагъдмæ æрдæгæхсæв райхъал, Алчи фестад йæ сынтæгæй - дуæрттæ кæнынц. Кæмттæм уайы цъæх уæлдæф, зæронд бадт арахъхъау, Рæгътыл бур къохтæ, бур фых кæрдзынтау, лæууынц. Ахæм фæззæг кæд вæййы хъæууон лæг æнæбон, Ахæм фæззæг уæйыг у - хъаруйæ, хуызæй! Ахсæв чызгмæ цæуынц æмæ, растдæр, иннæбон Хъæуы фынгтæ сæтдзысты бæркады уæзæй. Уыцы фæндыр ивазæг æцæгдæр фæсæнтдзæф, Доли атондзæн тъæппæй, куы нæ у æндон. Гъæйда, мардзæ, мæ хъæуккаг æнæнцой чындзæхсæв, Рагæй диссаг дæ афтæ, фыдбылыз, нæртон!
Цымæ усгур куыд кæны, æнкъард у, гъе, хъæлдзæг? Кæд йæ хъуыддагыл химид нæ кæны фæсмон? Цымæ ускуырд зын хондзæн æви йæ æнхъæлдзæн, Искуы минасы бадтау, æхсызгон, æнцон? Мæн фæнды æмæ уарза йæ æвзæрст æмбалы, Уа сæ иумæйаг фæндаг зæрдæрайгæ, даргъ. Уыцы амонд æстæм у, - мæ уд æй æмбары Æмæ зоны бæлвырдæй, цахæм у йæ аргъ. Фæндыр чи цæгъды - ноджы тыхджындæр фæсæнтдзæф, Доли тондзæни - уадз æй! Хъæрдæрæй цæгъдæг. Уадз, хъæууон лæппу скæнæд йæ иунæг чындзæхсæв, Уадз, æцæгдæр йæ царды дыккаг райгуырд уæд! 1959 * * * Ды мæн хоныс дзæгъæлдзу, хæтаг мыл æвæрыс, Уынгты хъеллау фæкæнын, - ды раст зæгъыс, раст. Æмæ алы ныхасæн мæн карзæй æфхæрыс, Æмæ алы æрбадтæн мæнæй кæныс хъаст. Цæй, цы кæнон! Æз арæх мæ куыстыл æрбадын, Фынг мæ цæнгтæй фæвæййы фыдбойнаджы хай. Æз ныххауын йæ уæлæ, мæ роцъо йæм раттын, - Æмæ скъуынын, æррайау, мæ тетрадь сыфгай. Иу фарс афыссын, - ницы у, ницы! Иннæ афыссын, - ноджы фыддæр! Уды ’нцойад мæ афтæмæй дардмæ фæлидзы Æмæ сонтау ныууадзын мæ фыссын æз дæр. Æмæ рацæуын уынгмæ, æмæ рацæуын æрдзмæ, Æмæ агурын растхъуыды, ногдзыд фæлгонц: Хъусын дургæнæг лæджы дзæбуджы къуырцц-къуырцмæ, Æз ныккæсын цæугæдонмæ, - исын йæ монц.
Æз фæсидын нæ цъитиджын урсхъулон хæхтæм Æмæ сцæгъды мæ риуы фыдæлты фæндыр. Стæхынц хъуыдытæ арвы æгæрон тыгъдæдтæм Æмæ ахгæны стыр дуджы улæфт мæ хъуыр. Циу æхца, кæнæ бирæ фæллæйттæ, фæрæзтæ, Циу, сывæллоны бибийау, рогамал цыт, - Иухатт, бирæ мæстытæн, фыдбонтæн сæ фæстæ Ды куы ссарай, æцæгдæр, поэтикон дзырд! Уыцы стыр цин нæ зоны зæххы цъарыл арæн, Уыцы стыр цин куы нæ кæнæм йæ астæуыл дих, Уæд куыд акæнон мемæ дæу царды æмбалæн, Уæд куыд рахонон дæу æз мæ зæрдæйы сих?! Уадз, æфхæр мæ, æлгъит мæ, нæ мæлын æз мæтæй, Æз дæ хылтæм нæ хъусын, уæзбын у мæ зонд. Уый, æвæццæгæн, царды пехуымпар - хъысмæтæй Нæу нæ фæндаг нæ дыууæйæн иумæ нывгонд. * * * Гуыбыр-гуыбыр рацыд зæрондæй æфхæрдæй, Куыддæртæй-цыдæртæй «Победæйы» сбадт. 0, чи у æнæхай ныр айхуызæн сæрдæй! - Дунейы фарн, радт ма йын иу афæдз, радт. Уый ацы æнамонд рынчынты хæдзары Хуыссыди, - йæ дохтыр æм хицонау зылд, Бæргæ ма куы цæрид, фæлæ йæ æмбарын, Зæронд лæджы алфарс йæ адзал æрзылд. Æмæ йæ ныр мæнæ сæхимæ æрвитынц, Мæлæтмæ йæ ласы «Победæ» æнцад. Иæ цæстытæ.къуырфы гæзæмæ æрттивынц, Йæ цæсгом, æлыгконд цæсгомау, æдзард. «Победæйы» дуарыл куыд цъæх дары рудзынг! - 0 уæртæ - хæристæ, цæсткуырмгæнæг цъæх, Сæ бынмæ цъæх къабайы саулагъз рæсугъд чызг, Цыма йæ ныййардта фыддæрадæн зæхх!
Цыма йæ фыддæрадæн рарвыста ардæм, Рынчын зæронд ноджы фæрисса фыддæр. Йæ цард-цæрæнбонты нæма федта ахæм, Паддзах-ус Тамарæй - рæсугъддæр, хуыздæр! Йæ конды - гуырдзиаг рæсугъдад фыдæлтон, Фæлæ дзы нæй мурдæр фæлхатгонд, шаблон. Зæронд лæгæн абон - йæ царды фыддæр бон, Зæронд лæгæн абон - йæ царды кæрон. Зæронд лæг сæхимæ йæ уаты æрхуысдзæн, Фæлладæй æрхуысдзæн, ныххуысдзæн йæ зынг. Йæ ингæны тары цæрæнбонтæм мысдзæн - Цъæх-цъæхид хæристæ, цъæх къабайы чызг. Сталинир, 1959 ЦÆРЫН ЗЫН У Радзырд Мæ иунæг æфсымæрæн I Хуыссы дæлгоммæ Хъауырбег дурвæткъуыйы бæрзонд æмæ бæзджын къутæры аууонмæ. Кæрдæджы туаг æмæ цъæхснаг тæф схæццæ сыджыты тæфимæ æмæ йæ Хъа- уырбег зæрдиаг улæфт кæны. Дымгæйы уддзæф никуы- цæй хъуысы. Хур цадæггай фæцæуы йæ æхсæвбынатмæ æмæ йын цыма фæндараст зæгъынц, уыйау мæргътæ алырдыгæй цъыбар-цъыбур систой. Уæртæ йæ чысыл хуыггомæй ралæст цъырцъыраг æмæ даргъ ауагъта йе ’хситтæй уаст. Хъауырбег æм хъуамæ фæхъил кодтаид йæ къух, кæд, зæгъгæ, фæтæрсид, фæлæ йæ ныууагъта: уадз æмæ зара. Хъауырбегау мæсты куынæ у, мыййаг, фæн- дагыл куынæ бафæллад. Абон горæты рацæуæны бирæ фæкасти машинæмæ, фæлæ куынæ æмæ куынæ зынди, уæд мæнæ рæгътыл къахæй æрбафардæг, йæ фыдæлты рагон-фыдрагон фæндагыл, ныр ыл ничиуал цæуы æмæ
скæрдæг. Хорз фæндаг у, иууылдæр бæлæсты аууæттæм æппары йæхи, лыстæг хъæддаг кæрдо бæлæсты аууæт- тæм. Рæгъæд дыргътæ æрхауынц сæ бынмæ, рауидз сæ æмæ сæ дæ дзых адджын кæн. Цалдæр раны æрбадт Хъа- уырбег æмæ йæ фæллад уагъта ихдзаст рæсугъд суадæтты фарсмæ, баназ дзы, æмæ аргъæутты цæйау фæкæнынц, цы уыдтæ, уымæй авд ахæмы уæнгрогдæр фестдзынæ. Иу-дыууæ хатты фæзраны йæ размæ фæци дыгоппон цъиу, узгæ-узгæ, йæ бур пыхцыл сæр бæрзонд сисы æмæ цымæ а-дунейыл йæхи йедтæмæ ничи ис, ахæм уæздан цыд фæцæй кæны. Схъæр ыл кæн, дæ къухтæ йыл стил - чысыл дæрддзæф атæхы æмæ æрбады. Хорз фæндаг у фыдæлты фæндаг, фæлæ дзы Хъауыр- бег иу бæлццоныл дæр нæ фембæлди. Чи ма йæ хæссы йæ сæрмæ! Кæмдæр, далæ ком-ком ивæзы сосæ фæндаг æмæ ныр адæм ууылты машинæтыл дыууæрдæм кæнынц. Хъауырбег бæргæ рацыдаид машинæйыл, фæлæ æгæр æрæгмæ зынд, горæты та йын баззайæн нæ уыд. Цы ма дзы арæзта? Æртæ сахатыл рараст уыдаид уырдыгæй... Хъауырбег æркаст йæ цонджы сахатмæ, дыууæ бур фатæджы сæ бырынчъытæ комкоммæ скодтой авдмæ. Хъауырбег хуыссы йæ гуыбыныл æмæ кæсы дæлæмæ, хъæумæ. Ардыгæй суанг далæ коммæ ныххаста къулаив. Комы чысыл дон, къæдз-мæдзытæ калмау, кæм лæсы æмæ йæ уæлвæд дыууæ километры дæргъæн дыргъдон кæм айтынг, уырдыгæй фæхæрд кæны æмæ комæн йæ дыууæ фарсы сæ кæрæдзимæ ныхæй-ныхмæ кæсынц. Хъауырбе- джы акомкоммæ ис ныгуылæн-цæгатварс. Хур райсомæй куы скæсы, уæд аходæн афонтæм уыцы фарсмæ ныццæвы йæ тынтæ, изæр куы ныгуылы, мæнæ ныры хуызæн, уæд та ацы фарсмæ ныккæсы йæ тых, йæ бонæй. Дыууæ фар- сы дæр нæ хъыг кæны, радгай сæ алкæмæн дæр йæ рухсы æмæ йæ хъармы хай радты. Ныхæй-ныхмæ скодтой се ’ргæмттæ дыууæ фарсы хæ- дзæрттæ, кæрæдзимæ иугæндзон кæсынц сæ цъæх ав- джын цæстытæй. Ацы фарсы хæдзæрттæ райсом хуры скаст нæ базонынц, цалынмæ уыцы фарсы хæдзæртты цæстытæ æваст æрттывд нæ фæкæнынц æмæ хуры тын- тæй сæнтурс нæ афæлдахынц. Изæры хуры аныгуылд та уыцы фарсы хæдзæрттæ нæ базонынц, цалынмæ еæ ацы
фарсы сыхæгты авгджын цæстытыл хур тыбар-тыбур нæ райдайы, уæдмæ. Дурвæткъуыйы къутæрты аууон хуссары ’рдæм гæ- зæмæ азылд æмæ хуры тынтæ сындæггай бавнæлдтой Хъауырбеджы бæзджын, бæхы къудийы хуызæн, дæрзæг сæры хъуынтæм.^Хъауырбег фæстæмæ-фæстæмæ абырыд аууоны фæдыл. Йæ рахиз фарсыл æрзылд æмæ йæ къух йæ хъусы бынмæ бавæрдта. Хъæу æм хорз зыны афтæ- мæй дæр. Кæм райгуырд, кæм федта арвы рухс, кæм ацыд фыццаг хатт къахæй... Æниу уыдæттæ чи хъуыды кæны, адæм афтæ фæдзурынц æмæ Хъауырбегæй дæр æнæбары сирвæзынц уыцы ныхæстæ. Зæххыл ахæм адæймаг нæ уыдзæн, куыд райгуырд кæнæ къахæй куыд ацыд, уый чи хъуыды кæна. Иу фыссæг кæмдæр фыста: æз, дам, хъуыды кæнын, мæ мад, дам, мæн хæрз чысылæй хæцъилты куыд тыхта, уый. Фæлæ кæй бауырндзæн, - фысджытæ гæды ныхæстæй фылдæр цы зонынц. Хъауырбег йæ зæрдæйы æвæрæнты ацагуырдта, йæхи æмбаргæйæ цы рæстæг рацыд, уымæн йæ тæккæ райда- йæн. Æмæ йæ цæстытыл ауад чысыл ныв, цыма дард кæм- дæр фæлмы æмбæхст у, афтæ йæм зыны. ...Схæрдгæнæны уæрдон хъинцъ-хъинцъ кæны, йæ уæлæ - хæдзары бинаг хъæдтæ, галтæ сæ тыхæй фæра- зынц. Чысыл къæсхуыр саби, айдагъ цыбыр хæлафы, бæ- гъæввад æмæ гомсæр, хурмæ йæ фындзы хъæл растыгъст, хæцы иууыл даргъдæр хъæды кæрон æмæ уæрдоны фæдыл сындæггай цæуы... Уæд Хъауырбегтæ цардысты цъалайы, донбылгæрон, - фæстæдæр ын уыцы хабæрттæ йæ фыд Аслан ракодта. Сæ цæрæнуат лæбырæн разынд æмæ Асланы бахъуыд уæлдæр слидзын, аббн дæр ма кæм цæрынц, уырдæм. Дыууææддæгуæлæ хæдзар, бынæй - дурæй, уæлейæ хъæдæй, уæд иунæгæй лæууыд комы цæугæ донæй дыууиссæдз метры уæлдæр. Фæстагмæ йæ цурмæ слыгъдысты, лæбырæн катæйтты кæй баппæрста, уыдон иууылдæр æмæ дзы ныр Асланы хæдзарæн бирæ æмбæлттæ ис, йæ алыфарс, кæрæдзимæ дæрддзæф æр- лæууыдысты, иу сæ иннæйы куыд нæ хъыг дара, афтæмæй. Уыдон се ’ппæт иумæ аразынц иу сых æмæ йæ хонынц Дæллаг хъæу. Сæ уæлейæ цы сых ис, уый та хуыйны Уæллаг хъæу. Уым ис скъола дæр - стыр урс къул хæдзар. Дардæй
куы ракæсай, уæд æппæты фыццаг дæ цæст схæцдзæн скъолайыл æмæ уымæй фалдæр, къæдзæхы сæр цы дыу- уæ стыр фыдæлтыккон мæсыджы ис, уыдоныл. Хъауырбег æваст йæ дæлармы бынмæ февнæлдта, цы- дæр æй тыхджын нылхыскъ кодта. Рабадт. Йæ хæдон йæ ронæй сласта, хæрдмæ йыл схæцыд æмæ сыгъдæг буарыл ронбастмæ æртылд мыдгъуыз ставд æмæ даргъ мæлдзыг. Хъауырбег æй систа, æркаст æм, хъуамæ йæ ацъист кодта- ид, фæлæ йæ кæрдæджыты ауагъта. Тæригъæд у, уымæн дæр уд ис. Ныр йæ маст ауыл акала. Хъауырбег институт- мæ нæ бахауд, - мæлдзыг цы аххосджын фæци? Эх, йе скъола, йе скъола! Зæрдæхудт дзы фæци. Иуæндæс азы йæ цæмæн фæцахуыр кодта, цæмæн ыл сæ тыхтæ хардз код- той йæ ахуыргæнджытæ? Ныр ын цы зæгъдзысты? Кæнæ йæ мад æмæ йæ фыд?.. Хур йæ был фæсрагъæй ныддардта. Цъиуты зарын но- джы фæтынгдæр. Цъырцъыраг уыцы иугъуызонæй уа- сыд æмæ уасыд. Хъауырбегыл йæ фæллад æртæфст, йæ гуыбын æй бацагайдта, тынг сæххормаг. Æнæ цæугæ дзы нæй, цы уа, уый уæд! Йæ къухтæ йæ разы быцæу æвæрд акодта æмæ фæгæпп ласта, разæй йыл цы рыгтæ æмæ кæрдæджыты муртæ ныххæцыд, уыдон уæлæнгай ацагъ- та æмæ æрчипп-æрчипп гæнгæ ауырдыг дæлæмæ. Цæмæй йæ мачи федтаид æмæ йæ ма райдыдтаид ра- фæрс-бафæрс йæ экзаментæй, уый тыххæй хиды дæле доны сæрты ахызт, багæпп кодта æмбондыл дыргъдонмæ æмæ фæткъуы бæлæсты астæуты сæхимæ фæтындзы. Гом дуарæй мидæмæ бахызт. Цыма уый æрбацыдмæ æнхъæлмæ каст æмæ йæ цыма фæндыд, цæмæй Хъауыр- беджы хуыздæр федтаиккой бинонтæ, уыйау æвиппайд электрон цырагъ ссыгъд. - 0, мæнæ нæ экзаменгæнæг! Цы бадæ? - хъæрæй йæ бафарста, стъолы фарсмæ бадгæйæ, Аслан, цыбыр зæронд лæг, йæ уæлæ - над цæрмттæй, риуæй уæрджытæм чи ’ххæссы, ахæм раздарæн. Куыстæй æрбацыд æмæ йæхи дæр нæма ахсадта, йæ бур урсхæццæ рихитыл - хъæдфа- дæны рыгтæ. Хъауырбег йæ мидбылты æвæндонæй бахудт æмæ æнæбары бакодта:
- Ницы. Нæ бахаудтæн. - Уæдæ мæм дæ къух авæр! - чысыл сабырдæрæй загъ- та Аслан æмæ бакаст йе ’фсин Гыгымæ, ома уый та цы зæгъид. Гыгы пецы фарсмæ ныггуыбыр агмæ, ахсы цыхт æмæ æдзынæгæй кæсы йæ фыртмæ. - Æмæ цæмæннæ бахаудтæ, цæмæннæ? - æрæджиау ба- кодта лæгъзхъæлæсæй. Хъауырбег ын цы хъуамæ зæгъа. Стыр конкурс дзы уыд, иу æмæ дзы дыууæ нæй, мыййаг, Хъауырбеджы хуызæттæ, афтæ кæмæй дзырдтой, «æвзæр къах, дам, сыл амбæлд», зæгъгæ. - Рынчын кæй дæ, уый тыххæй дæ уæддæр фæхатыр кодтаиккой, сæ зынг бахуысса уыцы экзаменгæнджы- тæн! - аджы йæ цыхт æмбырдгæнгæйæ, дзуры Гыгы. Хъауырбегмæ уыцы ныхас хорз нæ фæкаст æмæ цæх- гæр срæтыгъта: - Цал къуылыхы ис зæххыл, уыдонæй хатыр куы кæной!.. - Ацу, нæ бæззыс! - æваст фæтызмæг ис мады хъæлæс. - Худинаггæнæг. Иуæндæс азы цъыфтæ дзæгъæлы фæ- надтай, мæ фыдæбон мын дон йæ бынмæ аласта. Æрбацу мæм æмæ мæнæ колхозы хаф, хæлиудзых. Дæ бæсты иу куыдзы хъæвдын куы ныййардтаин, мæнæ мын мæ кæрт уæддæр хъахъхъæдтаид! Чысыл лæппу Ботаз, тымбыл, нард, сæгъдзаст, фыццаг Хъауырбеджы куы ауыдта, уæд йæ размæ цингæнгæ ра- уад, кæд мын исты æрбахаста, зæгъгæ, уый æнхъæлцау. Фæлæ йын Хъауырбег æнкъардæй куы загъта, дæуæн мæ истытæ хæссын не ’ндæвта, зæгъгæ, уæд Ботаз йæ мады цурмæ бауад æмæ уый дæр ныхасы бон фæци: - Уæдæ мæм æлбалæс, хæлиудзых! Хъауырбег къæ- сæрæй куыд бахызт, уыцы хуызы йæ бынаты дурдзав- дæй лæууыд. Иууылдæр ыл сæхи атигъ кодтой бинонтæ, æрмæст æй сæ куыдз Силæм куыддæр ауыдта, афтæ йыл сцин кодта. Хъауырбег фынгæй донæй конд, торнейы фых кæрдзын райста æмæ æнæдзургæйæ рацыд уынгмæ. Сцлæм ын йæ къæхтыл йæхи расæрф-басæрф кæны, йæ хъыс-хъысæй нал æнцайы, цыма йæ сабыр кæны: ма кæ, дæхи ма ’фхæр, нæ хъæуы маст кæнын.
II Августы райсом. Фыццаг скæсæны гæзæмæ цъæхтæ фæзынд, стæйуыцы цъæхтæ фылдæрæй-фылдæр байдыд- той æмæ чысылгай аивылдысты æгас арвыл. Мæргътæ райхъал сты æмæ сæ цъыбар-цъыбурæй хъусын кæнынц æрдзæн, ногæй бон кæй ралæууыд, уыцы æхсызгон хабар. Уæлдай зæрдиагæй æмбæлынц райсомыл хæрдмæдзог цъиутæ, Хъауырбег сæ ныгъуылитæ хоны. Фæцæуынц арвы риумæ зилгæ-зилгæ æмæ бæрзондæй сæ зарæджы зæлтæ алырдæм æрвитынц, мæнæ хур йæ тынтæ йæ алы- фарс куыд пырх кæны, афтæ. Уым, уæлейæ, арвы хъæ- бысы, куы бафсæдынц зарынæй, уæд уырдыгмæ рауа- дзынц сæхи, чысыл тымбыл дуртау, æмæ искуы мæнæуы æфсирты кæнæ кæрдæджыты астæу æрбайсæфынц, аны- гъуылынц. Хъауырбег дысон æхсæвы сæхимæ нæ баззад. Уыцы карз уайдзæфты фæстæ йæ æрбайрох йе ’ххормаг дæр, фæлæ йын уæддæр цыдæр инстинкт бацамыдта, стъолыл цы ног фых кæрдзынтæ ис, уыдонæй иу куыд райса æмæ бинонты цæсты разæй куыд æрбайсæфа. Иннæ хæтты- тау къанторы цурмæ нал ацыд. Уым æрæмбырд вæййынц фæсивæд, балæууынц долийыл тъæпп-тъæпп, айвазынц фæндыр æмæ суанг æнафонтæм кафынц, зарынц, сæхи худæн ныхæстæй хæссынц. Ныр дæр хъуысти сæ кафы- ны цагъд æмæ æсс-тохы хъæртæ. Хъауырбеджы фæндыд, бынтон иунæг куы уыдаид, уый, æмæ ацыд колхозы дыргъдонмæ. Уым уагълыджын ауæдзыл хосы мæкъуыл зыдта, йæ- хицæн дзы хуыссæн ацарæзта æмæ йæ фарсмæ йæ чъыл- дымыл æрхуыссыд. Кæрдзынæй акодта стыр комдзæг- тæ. Силæм йæ цуры бадт йæ фæстæгтыл, Хъауырбеджы хæрынмæ смондаг, йе ’взагæй-иу йæ былтæ асдæрдта æмæ-иу схъырнæгау кодта. Хъауырбег кæрдзынæй раса- ста æмæ йæ куыдзы размæ баппæрста. Хæрд куы фæци, уæд быноз улæфт ныккодта, Силæмы лæгъз æмæ хъарм сæрыл йæ галиу къухæй æрхæцыд: «Уæддæр ды», зæгъ- гæ, загъта йын æмæ йыл йæхирдæм æрбанцад. Хуыссæг ын йæ æнæуынгæ къухæй арæхстгай æрæмбæрзта йæ цæстытæ æмæ йæ къах дæр нал атылдта.
Ныр, сæумæ цъæхæй, Силæм срæйдта æмæ Хъауырбег райхъал. Йæ русыл, хызау, нысанæй баззадысты хитал- джыты фæдтæ æмæ сæ йæ къухæй æрлæгъз кодта. Силæм йæхи кæйдæр размæ аппæрста рæйгæ-рæйгæ. - Гъе, маркиз Форлипополи! Силæм! - фæдзырдæуыд куыдзмæ æмæ йæ рæйынæй банцад. Хъуырбег базыдта Хазбийы йæ хъæлæсæй. Стæй «мар- киз Форлипополи» ацы хъæуы Хазбийы йеддæмæ ничи дзуры. Кæддæр хъæумæ æрбацыдысты горæттаг артист- тæ, æвдыстой цахæмдæр фæсарæйнаг пьесæ. Иу худæг лæг дзы уыд - маркиз Форлипополи йæ хуыдтой. Гъе, æмæ уæдæй нырмæ уыцы ном Хазбийы дзыхы бафтыд æмæ йæ иугæндзон йе ’взаджы цъуппыл дары. Хазбиимæ ис Лади, дыргъдоны гæс, цыбыргомау лæг. Йæ бу|э пыхцыл рихитæ йын хъазахъхъаджы хуыз дæт- тынц. Иæ дарæс дæр хъазахъхъæгты дарæсы хуызæн. Зæ- ронд, дæрдджын цырыхъхъытæ, галифе хæлаф æмæ гим- настеркæ, лыстæг рон ын йæ астæу фидар алвасы. Лади æмæ Хазби дысон фехъуыстой Хъауырбеджы ха- бар æмæ дзы ахъазын æрымысыдысты. - Студент, - йæ фарсмæ æрбадт æмæ йын йæ уæхск йæ къухæй æрхоста Хазби. - Уæ хæдзары та цæмæннæ дæ? - Дæхицæй йæ нæ зоныс, студент! - фæцарæхст Хъа- уырбег æмæ уый дæр æрхоста Хазбийы уæхск. Лади тынг ныххудт. - Æцæг æмхуызæттæ куы стут, æмхуызæттæ! Сæтти, дам, Бæттийыл бахудти! Хазби дæр, Хъауырбегау, фарон экзаментæ кодта инс- титутмæ, фæлæ дзы ницы рауад. Фыццаг экзаменæй йæ рарвыстой. Фыссынæй уайтагъд æвзæр нысан райста æмæ йæ фæд-йæ фæд æрбаздæхт фæстæмæ, йæ мад йемæ тынг фæхыл æмæ йæ æртæ боны хæдзармæ нал бауагъта. - Чи дыл экзамен кодта? - бафарста Хазби. - Уыдон та кæд нæ уыдысты? - Чи уыдон? - фæдисау Хъауырбег. - Нæ сæ зоныс? - йе ’рфгуытыл бæрзонд схæцыд Хаз- би. 1- Фысгæйæ экзаментæ чи иста, уыдон нæ федтай? Цыдæртæ сусу-бусу кодтой æмæ нæ иувæрсты рацу-бацу кодтой, сæ цæст дардтой, мачи мацы радава, мыййаг. Æз кæмдæр мæ риуы дзыппы иу шпаргалкæ ссардтон, сластон
æй æмæ йæм а-ныр æркæсон, афтæ мæм дзы иу æрбауад æмæ мын æй, æнæдзургæйæ, мæ разæй систа. Уый куы нæ уыдаид, уæд, чизоны, бахаудтаин. - Уæдæ, бахаудтаис, - нал æм фæлæууыд Лади. - Ды дзургæ куыд бирæ кæныс, ахуыр дæр афтæ куы кодтаис, уæд æцæгдæр бахаудтаис. Азæй-азмæ зындæр у инсти- тутмæ бацæуын. Алчи йæхи ахуырмæ æппары. - Гъе, дзурын дæм цæуы, - йæхи барæй фæсерьезон кодта Хазби. - Адæм иууыл ахуыртæ куы уой, уæд ма кол- хозы та чи кусдзæн. Афтæ нæу, Хъауыр? Хъауырбег ницы дзуапп радта, фæлæ Лади Хазбийы худы кепкæмæ февнæлдта æмæ йын æй йæ цæстытыл бынмæ æркодта. - Гъе, кæд ды ницы уыныс. Дæумæ гæсгæ адæм уымæн ахуыр кæнынц, цæмæй ахуыргонд уой? Нæ, куыдз бахæ- рай, нæ! Адæм уымæн ахуыр кæнынц, цæмæй колхозтæ, заводтæ хуыздæр кусой. - Лади бакаст Хъауырбегмæ. - Ды тыхсгæ ма кæн. Æз кусджытæ боныгон цырагъы рух- сæй агурын. - Уый зонын, куыст та куыннæ ис, - сабырæй загъ- та Хъауырбег. - Фæлæ кæцæй базыдтат афтæ раджы, æз институмæ нæ бахаудтæн, уый? - Куыд кæцæй йæ базыдтам! - фæцырд та Хазби. - Ды- сон мын æй къанторы цур Темыр раппæлыди: æз, дам, бахаудтæн, фæлæ, дам, Хъауыры рарвыстой. Йæхицæй уыцы буц у, гъе. Сæрæй-сæрæй схъæл уыд æмæ ноджы нысхъæл. Хъæрццыгъа тæрсынгæнæн быдыргъы хуы- зæн. Тыхлæг! - Æвæццæгæн, нырма æндæр гæнæн нæй, - загъта Ла- ди. - Рæстдзинад цадæггай биноныг кæны адæмты астæу, фæлæ ды тыхсгæ ма кæн, - ногæй та бакаст Хъауырбегмæ. - Гæнæн мын куы уаид, уæд искуыдæм, дард искуы- дæм мæ сæр фесафин. Æфсадмæ дæр мæ нæ акæндзысты... Хъауырбеджы къуылых къах растæй лæууы зæххыл, нæ къæдз кæны. Хазби йын æй фыддæрадæн тыхджын атъæпп кодта æмæ йæм уайдзæфгæнæджы каст бакодта: - Алæ, æдылы куы дæ æмæ дæ куы нæ зыдтон. Къоста дæр къуылых уыд æмæ уый хуызæн лæг ды дæр куы уа- ис. - Хазби сыстад. - Тагъд мæн кæндзысты æфсадмæ æмæ
дын мæнæ дыргъдоны цытджын гæс Ладийы æвдисæ- нæй зæгъын: мæ бынат дæу йеддæмæ никæмæн дæттын! Хъауырбег бахудт Хазбийы ныхæстæм. - Æцæг, æцæг, уый хорз фæнд у, - йæ бур рихи аздыхта Лади. - Æрцу æмæ иумæ кусæм. - Фенон, - сабыргай загъта Хъауырбег. - Фенон та цы у? Ам лæппу ма уæд, Форлипополи, - Хазби йæ рахиз къухæй йæ риу бахоста, - ныртæккæ сæр- дармæ чи нæ ссæуа æмæ йын чи нæ зæгъа: æз цæуын Сырх æфсадмæ Райгуырæн бæстæйы æрсидтмæ гæсгæ æмæ мæ бынаты хъуамæ ме ’рцæуынмæ куса мæ хуыздæр фæдон, мæнау институтмæ чи нæ бахаудта, мæ хæлар маркиз Форлипополи - Дзæхаты Хъауырбег! Лади кæсы Хазбимæ æмæ йын йæ ныхæстыл зæрдиа- гæй худы. Хъауырбег дæр худы, фæлæ - æнæбары. - Бакус колхозы, æвзæр нæ уыдзæн, - ныр хъазгæйæ нал, фæлæ сыгъдæгзæрдæйæ загъта Хазби. Се ’ртæ дæр, Силæм сæ фæдыл йæ къуди тилгæйæ, ацы- дысты хъæуырдæм. Скæсæны цъæх ивын байдыдта фæлмæн сыгъзæрин хуызæй. Сæуæхсид кæмдæр зæххы бынæй сдары йæ был æмæ тагъд арвы тыгъды байтындздзæн йæ сырх зæлдаг базыртæ. III Цы чындæуа? - фыццаг хатт царды мидæг, йæ сæрты зын ахизæн кæмæн у, ахæм стыр хохау, цæхгæр æрлæу- уыд ацы фарста Хъауырбеджы раз. Йæ фыд Асланмæ цъус ахуыр ис - кæсын, фыссын зоны, æндæр ницы. Зæхкусæг лæджы æнусон бæллиц - йæ сабиты рухсмæ ракæнын, уыдон сахуыр кæнын - ни- куы фæиппæрд Асланы зæрдæйæ. Алцæуыл дæр разы у - æххормаг дæр уæд, бæгънæг дæр уæд, фыркуыстæй уыргæфтыд дæр фæуæд, цыфæнды зындзинæдтæ бав- зарынмæ дæр цæттæ у, æрмæст йæ сабитæ талынгæй ма баззайæнт, ахуыры рухс бамбарæнт æмæ адæмы рæгъмæ рацæуæнт. Асланæн йæхицæн фадæттæ нæ уыд ахуырæн, раздæр хъæздыджыты фыртты истой скъолатæм, сове-
тон заманы та йын æгæр байрæджы. Йæ зæронд мад æмæ фыд, йæ ус æмæ йæ зæнæджы йын дарын хъуыди. Аслан къухæй дæсны у, сæурайсомæй суанг æхсæвдалынгтæм кодта, арæзта хæдзæрттæ, скъæттæ æмæ алыгъуызон дзаумæттæ: къустæ, уидгуытæ, фæхтытæ, бандæттæ, скъаптæ... Сыхæгты ног чындзытæй-иу исчи йæхибар куы нæ уыд, уæд-иу Асланы агуырдтой - чи райгуыра, уый кæм хъуамæ бабæттой, авдæн æрцæттæ хъæуы ра- гацау. Куыстæй йæ кæм æвдæлд, фæлæ-иу изæрыгæтты Аслан дæр хъæуы иннæ ас адæмтау æд тетрадь, æд каран- дас æмæ æд абеты чиныг цыдис скъоламæ - ликбезмæ. Йæ райдианы хъæбултæ - фаззæттæ, стыртæ уыдысты уæд, 9-æм къласмæ цыдысты æмæ-иу сæ фыды хъазгæйæ «фыццагкъласон» хуыдтой. Фыдыбæстæйон хæст ын сæ аныхъуырдта, уас мæрдты кæм ис, уым ноджы дæлдæр ныххауæд Гитлер! Хорз ахуыргонд уаиккой ныр йæ лæппутæ, хæдзардарджытæ, фæсивæды фидыц, фæлæ - амондскæнæгæн æвзæртæ хæринаг. Аслан йæхæдæг дæр фронты уыд. Йæ хъæбулты бæсты йæхæдæг куы нæуал ’рыздæхтаид, йæхи сау гæххæтт куы ’рцыдаид... Фердиаг кодта, йæхи фæхордта, афæдзæй-афæдзмæ сын хисты- тæ фæкодта... Хъæубæстæй худинаг уыд æмæ йе уонг нæ ауагъта. Стæй йæ кæстæр хъæбул Хъауырбег, кæд низ- æфхæрд баййæфта, уæддæр рæз хаста, æрмæст уый тых- хæй дæр цæрын хъуыд. Уæдмæ йын фæзынд Хъауырбе- джы кæстæр Ботаз дæр. Ныр æртиссæдз азы цæуы Асла- ныл æмæ, цы æнхъæлут, кусы, кусы колхозы арæзтады бригадæйы. Хъауырбегæн фæуын кодта иуæндæсæм кълас, арвыста йæ институтмæ æмæ... Асланæн стыр маст у, йæ фырты йын уæлдæр скъола- мæ кæй нæ айстой, уый, фæлæ йæхи барæй æнцад æвди- сы. Йе ’фсин Гыгымæ дæр хæцыд: æлгъитынæй ма цы рауайдзæн, Хъауырбегæн йæхицæй зындæр никæмæн у, æррæвдауын æй хъæуы, тæригъæд у. - Мæхæдæг дæр æй зонын, - уыцы изæр йæ цыхт ахст куы фæцис, уæд йæ къухтæ йæ раздарæнæй асæрфта Гы- гы æмæ йæ сæр тылдта. - Ме ’взаг бахус уæд... «Стæй уый чердыгон ныхас у: «колхозы хаф», - фарста Аслан.
- Мæхæдæг дæр арæх дзурын афтæ. Мæнæ не ’фсин куы нæ фæразæй уыдаид, уæд мæхи дæлæвзаг дæр рауай- бауай кодта цыдæр ахæм хъылма. Ахъуыды йыл кæнын: раст нæу, раст нæу афтæ дзурын! Куыстæй æвзæр нæй: колхозы куыст уа, заводы куыст уа, скъолайы куыст уа... Алы куыст дæр дзы адæмæн ахсджиаг у. Уæдæ адæмы цы хъæуы, уый æвзæр цæмæн хъуамæ уа! Фæлæ уæддæр нæ дзыхы бафтыд: «колхозы хаф», кæнæ «лух», кæнæ «хырх», кæнæ «цъыфтæ нæм». Цæмæн афтæ у, - ницы йын хатын мæ къуымых зондæй. Раздæр, æлдæртты дуджы дæр, зæххы куыст худинагыл нымадтой. Ай дын мæ къух, кæд нæм уырдыгæй не ’рцыдысты уыцы ныхæстæ. Æвзæр ныхæстæ сты, - йæ иу рæбынкъæдзæй стъолыл, иннæмæй та бандоны рагъыл æнцойгæнгæйæ, хъуыды кодта æмæ йæ размæ æдзынæг каст Аслан. - Мæ фырт институтмæ нæ бахауд. Иунæг уый куы нæ бахаудтаид, уæд йæ хурхæй ауындзинаг у, фæлæ дзы ахæмтæ цас ис! Сæдæгæйттæ, минтæ! Уыдон куыд цæрой, мæ фырт дæр афтæ цæрæд. Министрæй дзы никæй бауромдзысты, уый бæлвырд у: чи дзы заводы кусдзæн, чи шахты, чи та колхозы. Уæдæ куыд! Уымæй уæлдай ма алы аз дæр а-хъæуы фæсивæ- дæй институт фа^вæййы æртæ-цыппар адæймаджы. Иу- уылдæр ахуыргæнджытæ. Æмæ цы? Колхозы кусынмæ сæ сæр нæ дарынц, скъолаты та сын бынæттæ нæй». Асланы фæндыд йæ фыртимæ бауынаффæ кæнын, фæ- лæ дзы Хъауырбег йæхи хизы. Хæдзармæ æрцæуы, Аслан уым куы нæ вæййы, уæд, кæрдзын бахæры æмæ ай бон сау изæрмæ уынгты хъеллауæй дæлфадихсыд баци. Æхсæв хуыссы холлагдоны, хосы сæр. Абон æгæр раджы райхъал Хъауырбег. Холлагдонмæ дысон кæцæйдæр æрбабырыд уасæг æмæ куыддæр бон кæнын райдыдта, афтæ тыхджын ныццагъта йæ базыр- тæ æмæ йæ тых йæ бонæй ныхъхъихъри кодта. Хъауыр- бег фестъæлфыд кæлмдзæфау, йæ цæстытæ^аууæрста æмæ сонтау йæ алыфарс аракæс-бакæс кодта. Йæ сæрмæ цархъæдыл бадт стыр урс уасæг. - Æнæрай дæ фæуæд... - хуыссæгхъæлдзæгæй рал- гъыста Хъауырбег æмæ фæстæмæ ауагъта йæхи фæлмæн хосыл. Уасæг, цыма бамбæрста Хъауырбеджы ныхас, уый-
ау хъæдыл фалæмæ, кæронмæ, сабыргай ацыд æмæ уым нынныгъуылд. Нырма йын ратæхын афон нæу. Хъауырбеджы зæрдыл æрбалæууыд, иухатт скъолайы цы æмдзæвгæ ахуыр кодтой, уый. Афтæ хъуамæ уыдаид: 0 уасæг, уасæг, Сыгъзæрин къоппа!.. Куыд раджы фестыс, Куыд хъæрæй зарыс, Нæ буц лæппуйы хуыссын нæуадзыс! Хъауырбег чиныгмæ сусæгæй касти æмæ йæ ’нæ- къæрццæй дзырдта, фæлæ йын чиныг куы бахгæнын код- та ахуыргæнæг, уæд ма схæц-схæц кодта. - Цæй-ма, цæвæджы хъæд аныхъуырдтай, æгомыг бадæ?! - райдыдта йæм хæцын ахуыргæнæг, тыппыр, хы- тъынджын, бурдзалыг, хæларзæрдæ лæг. - Магуса дæ, фы- дуаг! Нæ бæззыс! - æмæ йын йæ хъус тыхджын сивæзта. Лæппу йæ мидбынаты сгæпп кодта, афтæ тынг фæрыст йæ хъус. - Уый дæу тыххæй уыд, гъе! - сдзырдта Хъауырбег къуымы бабукъуæвæг уасæгмæ. Уый дæр та йæм зулмæ ницыæмбарæджы каст æрбакодта. - Цæй ахуыргæнæг мæ хъуыд! - уасæгæй фæиппæрд сты Хъауырбеджы хъуыдытæ æмæ кæд йæ цæстытæ холлагдоны цармæ здæхт уыдысты, уæд кæсгæ та цыма Хъауырбегæн йæ мидзæрдæмæ кодтой. Хъауырбег зыдта ахуыргæнджытæ бирæ кæй ис, стæй йæм ахуыргæнæджы куыст тæхудиаг дæр нæ каст. Агро- ном кæнæ инженер - сæ иу кæнæ се ’ннæ! Æмæ хъуамæ ацыдаид искуы хъæууонхæдзарадон кæнæ политехникон институтмæ. Фыд ын «нæ» нæ загъта. Фæлæ мад йæ къæх- тæ ныццавта: мæнæ, зæгъы, базæронд стæм, æнустæм нæ цæрдзыстæм. Дард искуыдæм куы ацæуай, уæд дæм нæ зæрдæ æхсайдзæн. Дæлæ нæхи институт къæсæрæй дуармæ у, ныццу уырдæм, ахуыргæнæг рацæудзынæ. Къуырийæ-къуыримæ нæ бæрæг кæндзынæ. Ныр Хъауырбег фæсмонгонд фæцис. Цæмæн байхъуыс- та йæ мадмæ? Æгайтма нæ бахаудта. Куы фæуыдаид, уæд- ♦17
дæр цы уыдаид? - Литератор - ахуыргæнæг! Мæнæ адæм бирæ дзурынц, æндæр!.. Æндæрæбон ыл Темыры сау мад амбæлд суадоны цур æмæ, йæ сыгъзæрин дæндæгтæ ныз- зыхъыр кæнгæйæ, афтæ бакодта; - Мæ зæрдейæ æмæ институт сурæй акъæрцц ластай! - Дæндæгтæ не ’лхæнын, - тызмæгæй йын загъта Хъа- уырбег æмæ йæм фæрсмæ дæр нал фæкаст. - Цы бачындæуа? - хъæрæй бафарста Хъауырбег. Уа- сæг та йæм раздæхта йæ сырхкъоппа сæр. Хъауырбег йæ мидбынаты базмæлыд, йæ къухтæ йæ сæры бын бакодта. Ардыгæй, хъæуæй йын ацæуæн никуыдæм ис. Хæдзары бада? Йæ мад æмæ йæ фыды мæстæй мардзæн. Колхозы бакуса? Æндæр гæнæн дзы нæй. Йе ’взæрмæбæлджытæ фæрæйдзысты, фæрæйдзысты æмæ банцайдзысты. Буц- хаст нæу. Чысылæй фæстæмæ цы нæ хъæууон куыст ба- кодта, ахæм нæй: фыййау цыди, хъæдæй суг ласта, йæ фыдимæ хæдзæрттæ арæзта, гутон дардта, дыргъбæлæс- тæмзилынзоны... - Цы бачындæуа? - ногæй та бафарста Хъауырбег æмæ йын цахæмдæр мидæгон хъæлæс дзуапп радта: «Макæй фæрс. Цардæй зондджындæр ницы ис. Цард дын куыд зæгъы, афтæ бакæн!» Уасæгæн къуымы фадат нæ уыд йæ базыртæ дардыл айвазынæн, фæлæ сæ уæддæр сцагъта æмæ хъæрæй ныу- уасыд. Холлагдоны фæрухсдæр æмæ уасæг дуары сæрмæ цы гом уыд, уырдыгæй атахти уынгмæ. Хъауырбег дæр йæ фæдыл рацыд æмæ арасти дыргъ- донмæ - Лади æмæ Хазбимæ. IV Дыргъдоны йæ цæнгтæ кæмæн ралыг кодтой æмæ ма айдагъ, ставд, æртæ лæджы кæуыл нæ аххæссой, ахæм æнгуз бæласы бындзæфхады фарсмæ лæууы халагъуд. Йæ къултæ - хъуарийæ, йæ сæр - хосæй æмбæрзт. Йæ размæ бандоныл бады Лади æмæ тамако дымы. Хъуынджын бур куыдз хуыссы йæ гуыбыныл, йæ раззаг къæхтыл йæ сæр æрæвæрдта æмæ цæуылдæр сагъæс кæны. Æваст йæ хъустæ фæхъил кодта, йæ дзых фæхæлиу æмæ цырд
цæстытæй акаст хъæуырдæм. Лади куы ауыдта Хъауыр- беджы æрбацæйцæугæ, уæд - «Буци, сабыр лæуу», зæгъ- гæ, загъта куыдзæн æмæ фестад. - Цæй цом, кæм хъахъхæнон, уый мын бацамон! - загъ- та Хъауырбег. - Цом! Цом! - йæ цъæх цæстытæй бахудт Лади æмæ ацыдысты. Сæ алыфарс фæткъуы бæлæстæ зæу-зæу кæ- нынц. Заддæр цæнгтæм æвæрд ис быцæутæ, тыхæй сæ уромынц, æркъæлæт сты. - Ахæм диссаджы зад цыппар азы æрмæст иухатт кæнынц! - загъта Лади. - Кæд сæ хорз бахъахъхъæнæм, æнæзианæй сæ бафснайæм, уæд ацы аз нæ колхоз мил- лионерæй агæпп ласдзæн. Гъе, мæгуыр Хазби, нал сæ фæхъæстæ уыдзæн. Абон æй афæндараст кæндзыстæм. Дæ сæрыл тынг рахъызыд, сæрдаримæ куы ныхас код- там, уæд. Сæрдар дæр мах уæлдай цы хъуамæ загътаид. Æрмæст агроном цыдæртæ бæр-бæр кодта. Цæуылдæр дæм мæсты у. - Æмæ йæ нæ зоныс? - зулмæ æрбакаст Хъауырбег Ладимæ. - Ницы зонын. Мæ мард фен! - Тутаты хабар нал зоныс? - 0, хæдæгай! - даргъ ауагъта Лади. - Акса, акс... Уыцы хабар фарон уыдис. Æртæ азы размæ дыргъдо- ны кæрон цы уыгæрдæн уыд, уым ныссагътой бирæ тута- ты талатæ. Зæлдаджы къуыдыр кæлмытæ тутайы сыфтæр хæрынц. Цыдæр фыдбылызæн тутайы талатæн сæ сыфтæр чысыл æмæ фæлурс разынд. Райсомæй изæрмæ сæ куы тыдтаис, уæддæр дзы иу голладжы дзаг нæ равзæрдаид. Бахъуыд сæ æндæр, фæтæн æмæ цъæх-цъæхид сыфтæр чи ’фтауы, ахæм тутайы мыггагæй раивын. Лади иухатт фед- та, Хъауырбег сæ хæдзары размæ цы тутатæ ныццарæзта, уыдон. Иу дæр дзы нæ фæмæнг. Æмæ ныр йæ зæрдыл æрбалæууыд Хъауырбег, фæдзырдта йæм: аххуыс, дам, мын кæн æмæ дын кусæг бон ныффысдзынæн. Хуыцау- боны æвдæлон уыд Хъауырбег, сигæсыл ассадта йæ хы- рынкъа æмæ ацыд Ладиимæ. Арæхстгай слыг кæны та- лайы зæнг, цъарыл зæнгæй цыргъ къæцæлæй фæрсæрдæм ахæцы æмæ дзы æртъыссы, кæмæй йæ ивы, уыцы тутайы
чысыл къабуз. Иудзæвгар дзы куы фесты арæзтгонд, уæд сæм кæцæйдæр фæзынд Уано, агроном. - Цы ми кæнут ам? - йæхи уайтагъд хылгæнæг скодта. - Чи уын радта бар æмæ колхозы фæллой сафат? - Æмæ дæуæн дæ зæрдæ фылдæр риссы колхозыл? - сабырæй йæ бафарста Лади. - Ды дыргъдонгæс дæ, фæлæ адон ныццарзын дæумæ нæ хауы! - не ’нцади Уано. - Агроном æз дæн æмæ адæмы ницыæмбаргæтæ та мæ куыст кæнынц. Айсут уæхи ар- дыгæй ныртæккæ. Мæхæдæг сын хос кæндзынæн. - А, дæ рын бахæрон! - йæ кард йæ хæлафы къахыл асæрфта Лади æмæ фæдзырдта Хъауырбегмæ: - Цом, фес- тæм нæ куыст. Мæнæ бæлæстæ ныццаразыны рæстæг фæфæуы æмæ æз ууыл тыхсын... - Уый маст ма кæн! - Уано феппæрста йæ пальто æмæ бавнæлдта кусынмæ. Æртæ мæйы фæстæ сæм сæрдар æмæ Лади æрцыдыс- ты бæрæггæнæг. Хъауырбег кæй ныццарæзта, уыдон иууылдæр схæцыдысты, бæзджын цъæх сыфтæр æфтыд- той. Уанойы уæттæй æрмæст дæр иуæй-иутæ фæрæстмæ. - Ацу, цæй агроном ис дæуæй! - мæстыйæ загъта сæрдар, уый фæстæ Уанойыл куы фембæлд, уæд. - Адæмы чысыл сывæллæттæ хуыздæр арæхсынц... Уыцы æфхæрд Уано æгасæй Хъауырбеджы æфсон фæкодта: уый куы нæ уыдаид, уæд æй сæрдар никæуыл абарстаид. Æмæ уæдæй фæстæмæ Хъауырбегмæ сусæг фыдæхдзинад хæссы. - Лæгæн къух куы нæ уа, æгуыдзæг куы уа, - дзуры Лади йæ фарсмæ цæуæг Хъауырбегæн, - уæд ын искæй хорз хъыг у. Ахæм лæг æппæт амæлттæй архайы, хорз къухты хицауæн, хорз арæхсдзинады хицауæн иугæндзон йæ цард æнæад цæмæй уа, ууыл. Ныххæццæ сты Хазбийы халагъудмæ. - Мæнæ гъе, дæ резиденци! Халагъуды мидæг ис сынтæгыл хос калд - æндæр ни- цы. Хазби дысон ахаста йæ муртæ. Хъауырбег акаст йæ алыварс - ам у дыргъдоны дæллаг кæрон, иууыл зындæр хъахъхъæнæн.
* * * Хурыскастимæ рараст æфсадмæ Хазби. Йæ мад æмæ йын йæ хо йæ хæссинæгтæ сæ къухы айстой æмæ ацыды- сты разæй сосæ фæндагмæ, машинæмæ. Хазби афæстиат хъæууынгты: йæ къух ын истой, арфæтæ йын кодтой, фæндагсар Уастырджыйæн æй фæдзæхстой. Лади æмæ Хъауырбег бацыдысты йæ размæ, фæндагмæ. - Гъе, маркиз Форлипополитæ! - Сæ къухтæ сын райс- та. - Хъауыр, арфæ дын кæнын! - æмæ йын дыккаг хатт йæ къух райста. - Æнæмæт у, мæнæ мæнау. Лæг иу хатт цæ- ры æмæ... - Хазби йæ къух ауыгъта æмæ сæртæг ралгъы- ста. - Мæнæ мæнмæ кæсыс! - йæ риу ракъуыпп схъæлæй æмæ йæ бахоста. - Мæ мад кæуы: куыд, дам, цæрдзынæн дæ фæстæ, мæ хæдзар, дам, мын чи дардзæн... Эх, зæгъын, æз æнæмæт лæг дæн, маркиз Форлипополи, æмæ мын цæссыгтæ мæ зæрдæ нæ агайынц! - Ахæм ныхæстæ ма кæн, - фæлыг æй кодта Лади. - Мады зæрдæ зон, - никуы фехъуыстай? Ладимæ фыццаг Хазбийы кусынмæ куы æрæрвыстой, уæд дæр ахæм хъазæн ныхæстæ кодта æмæ йæм гуы- рысхойæ бакаст: амæн, зæгъы, йæ уæлхæдзар æнгом æм- бæрзт уа, уый мæ нæ уырны. Фæлæ уымæй фæрæрыд æмæ йын æхсызгон уыд. Цумамæ - рæвдз, куыстыл - æнувыд, гæды дзурын йæ удхæссæг æмæ йæ бирæ бауарзта Лади. Хорз у, æвæдза, ахæм лæппу дæр, йæ зæрдæ иугæндзон хъазын кæмæн агуры! Хазби дæлæмæ, сосæмæ, акæс-акæс кæны, тæрсы, мый- йаг, машинæ куы рацæуа æмæ йæм куы бафæстиат кæна, фæлæ йæ ардыгæй йæ къах нæ хæссы. - Уæртæ мыл уым агроном Уано амбæлд æмæ дын уый дæр, Хъауыр, арфæтæ æрвыста, - йæ ныхасы къуди не скъуыди Хазбийæн. - Уый тыххæй Хъауырæн æз загътон, Хазби, уый ног хабар нæу. - Æмæ йын цæй тыххæй æрвиты арфæтæ, уый дæр зо- ныс? - дзуапмæ дæр нал банхъæлмæ каст Хазби, афтæмæй æнæкъæрццæй ныхас кодта: - Тутаты тыххæй. Уыцы аз зæлдаджы къуыдыр кæлмытæн тутайы сыфтæр не
сфаг æмæ æцæг ныкъуыдыртæ сты. Æмæ стæй цы ’рцыд, уый зоныс? Сæрдар æм хæдзармæ бацыд хылкæнынмæ. Хицауадмæ, дам, ныр кæй коконтæ радтæм? Коконтæ куыд нæ зондзыстут. Кæлмытæ уæддæртæфтыды хуызæн зæлдаг стухынц, уыдон уырыссагау коконтæ хуыйнынц. 0, æмæ Уанойæн сæрдар куы загъта, кæй коконтæ, дам, радтæм паддзахадмæ, уæд Уано фæтарст, уæхæдæг æй нæ зонутхицæутты раз - фыс! Гъе, æмæ цы загътаид, уымæн, дам, ницыуал зыдта æмæ гæвгæвгæнгæ, цыма йыл фыдих æскодта, йæ ныхас йæ дзыхы дæр нал арæхст, афтæмæй йæ усмæ ацамыдта - зæлдаджы тулайау фæлмæн нарст, Кокойтæй у йæ чызгон мыггаг: - «Цы уæ хъæуы? Кокон? Мæнæ уын Кокйон!» Лади æмæ Хъауырбег худæгæй бакъæцæл сты. - Эх æмæ дæ куы фехъусид! - загъта Лади. - Уый дын фенын кæнид. - Фенын кæнид йæ... - Цæй ныр цу, афон дын у. Æрмæст ма фæндагыл искæуыл куы фембæлай, уæд та-иу радио ма аныхъуыр! Хазби сын райста сæ къухтæ: - Пъатæ æмæ уын хъæбыстæ куы ’рыздæхон, уæд кæндзынæн. Хорзæй баззайут! - Хорзыл амбæл! - æмдзыхæй загътой Лади æмæ Хъа- уырбег. - Писмотæ-иу фысс! - Мæ быгъдуан! - фæстæмæ ма иу каст фæкодта æмæ йæ къух фæтылдта Хазби. Лади æмæ Хъауырбег лæууыдысты æмбонды цур, фæндаджы хъæбæрыл æмæ кастысты йæ фæдыл. V Райдыдта ног цард. Æнæхæдзар цард. Аходæнафон Хъауырбеджы хъустыл ауад, нæмыгзгъа- лы æнæаскъуыйгæ æхсты хуызæн, цæйдæр къæр-къæр. Цы уыдзæн уый? Чи цы æрымысыд? Рауад æмбонды цур- мæ æмæ ахъахъхъæдта мидæмæ, фæндагмæ. Чысыл Бо- тазæн йæ галиу къухы стыр тыхтон, йæ рахизы - даргъ уис, йæ иу кæрон ын æмбондыл сæвæрдта, æмæ Ботаз куыд цæуы, афтæ уис дæр иу рейкæйæ иннæмæ гæпп кæ- ны æмæ йæ къæр-къæр хъуысы.
- Уый цы ми кæныс, а! - æваст фæхъæр кодта Хъауыр- (5ег. Ботаз фæтарст æмæ дзыхълæуд фæкодта. Хъауырбег æмбондæн мидæгæй æрныгъуылд æмæ сусæгæй каст Ботазмæ. I - Чи дæ, чи?! - джихæй бафарста Ботаз æмæ рейкæты зыхъхъырæй мидæмæ бакаст. - Гъе, уæлтæ!.. - фæфип- гтйдта Хъауырбеджы. - Уынын дæ, уынын. Сыст! Дæ сау хъуынтæ зынынц. / Хъауырбег ныххудт æмæ йæхи равдыста Ботазæн. / - Мæнæ адон айс! - Ботаз йæ дыууæ къухæй уæлиау схæцыд тыхтоныл, фæлæ уæддæр рейкæты цъупмæ нæ сæххæсыд. Хъауырбег тыхтонмæ нывнæлдта æмæ йæ бай- ста мидæмæ. - Ницы лæг дæ, уылынджы йас, - æрфæндыд æй Бота- зы амæстæй марын. - Лилипут. - 0 - гъы, липут! - фæхъыг æм Ботаз. - Мæнæн гыц- ци загъта: æз тагъд дæ сæлты акæсдзынæн. Афтæ æн- къæлыс... - Ацу, ацу, ницы лæг дæ, - ноджы йæ мæсты кæны Хъа- уырбег. - 0 - гъы, ницы лæг. - Йæ уисæй зæхх хойы, афтæмæй дзуры Ботаз. - Ды мæ нæ уалзыс, фæлæ дæ æз уалзын. Гыцци дæл афтæ: ма, дам, мæсты кæнæд! Гъе, уым дын хъалм хъæццул лалвыста, ноджы кæлдзын, ноджы цыхт æмæ ноджы дулын. Дон, дам, йæхæдæг æлбахæсдзæн суа- донæй. - Æз дæ хъазгæ кæнын, - Хъауырбег йе ’фсымæры зæр- дæ цæмæй бахъæлдзæг уа, уый тыххæй дзы раппæлыд. - Ды хорз лæг дæ. Æрмæст æмбондыл дæ уис хафгæ мауал цу, кæннод дæ сæрдар фæнæмдзæн. - 0 - гъы, фæнæмдзæн. Æмæ сæ цъæл кæнын? - Ацу ныр. Изæры-иу Силæмы демæ ракæн. Хъауырбег йæ халагъудмæ нæма бахæццæ, афтæ та йæ хъустыл ауад уыцы иугъæдон къæр-къæр. Ботаз æм нæ байхъуыста. Хъарм кæрдзын æмæ цæхджын цыхт иумæ куыд ад- джын сты! Раскъуын урс нуарджын кæрдзынæй къæбæр, урс сойджын цыхты къæртт дзы атух æмæ йæ дæ дзыхы баппар. Хуыздæр ма цы хъуамæ уа!
Хъауырбег райста дурын æмæ ацыд æмбондгæрон, дæлбыл, цæугæдоны фарсмæ цы суадон ис, уырдæм. Æрь гуыбыр æм кодта йæ цыппæртыл, йæ былтæ доны уазал уæлцъарыл куы аныдзæвдысты, уæд цыма цъæх пи/1- лоныл асыгъдысты. Дзæбæх дзы фæнуæзта æмæ зæЬ- дæбынæй ныуулæфыд. Дзуццæг бадт æркодта æмæ суа- доны хуырбынмæ дурын ауагъта, йæ хъуыр ын гæзæмæ æркъул кодта æмæ дурыны афтид талынг гуыбынæй доны хъуыр-хъуыр сыхъуыст. \ А-ныр слæууа Хъауырбег, афтæ уæлбыл цæджындзаУ æрсагъди Темыр. \ - Дæ донæй мын авæр, хистæр, - уæлейæ æрдзырдта Темыр. - Дæлæ чызджыты фæндараст кодтон горæтмæ æмæ семæ дзурынæй мæ ком ныххус. Хъауырбег бамбæрста, цы зæгъинаг у Темыр, «хистæр» æй кæй рахуыдта, уымæй, фæлæ йæ цæсгомыл ницы фыдæхы нысан разынд. - Ныххиз æмæ баназ, - куы фæуæлбыл, уæд загъта Хъа- уырбег. - Суадон иумæйаг у. Æхца фидын дзы нæ хъæуы. Темыр ныххызт суадонмæ. Хъауырбег уæдмæ æмбон- дæй мидæмæ багæпп кодта æмæ йæм Темыр, бадзырдта: - Дон дæ нæ рантыст, фæткъуытæ мын уæддæр радæтт! - Мæ фыды дыргъдоны нæ дæн! - æмæ йæм кæсгæ дæр нæ ракодта, афтæмæй йæ халагъудмæ бацыд. «Æвæццæгæн, Галяйы фæндараст кодта!» - йæ зæрдæ фехсайдта Хъауырбегæн. Иæхæдæг дæр æй нæ зоны, цæ- мæн кæны афтæ, - нывнæлдта йæ риуы дзыпмæ æмæ йæ паспорты астæу цы къам уыд, уымæ нымдзаст. Чызджы- тæ æмæ лæппутæ къордæй ист. Сæ фæстæ нартхоры стыр кæри. Фарон фæззæджы æгас скъолайæ ацыдысты нарт- хор æвзарынмæ, колхозонтæн æххуыс кæнынмæ. Алы кълас дæр æвзæрста хицæнæй. Иууылдæр тымбыл бадт кæнынц, алчи йæ разы нартхоры къона айхалы, йе ’фсир- тæ йын стигъы, цъæл сæ кæны æмæ сæ кæримæ æппары. Æвзæрст куы фæвæййы къона, уæд æй ногæй абæтты уйсæй æмæ æвзæрстгонд къонатæ кæм сты, уырдæм æй ахæссы - зымæгмæ фосæн холлаг. 11-æм æмæ 9-æм кълæстæ фæрсæй-фæрстæм бадт фесты. Хъауырбегмæ зынди Галяйы чъылдым, йæ дыууæ, цонджы стæвдæн, сау
дзыккуйы æрдаргъ сты синтæм. Хъауырбег, куыд ничи йæ фæфиппайдтаид, афтæ æвиппайды фехста нартхоры уæззау æфсир æмæ Галяйы сины фæлмæныл сæмбæлд. Чызг фæстæмæ ракаст. Хъауырбег удуæлдай æвзæрст кæны, цыма æппындæр никуы ницы уыд. Иннæтæ дæр - афтæ. - Худинаг уæм ницы кæсы, 11-æм кълас! - исдуг сæм куы фæкаст, уæд йæ хъæлæсы дзаг фæхъæр кодта Галя. - Чи мыл уæ фехста нартхоры æфсир?! Къулбадджытæ! 11-æм кълас æм ницызонæджы каст бакодтой æмæ сæ чидæр загъта: - Дæ хорзæхæй, дæсны кæныс? Иууылдæр ныххуд- тысты. Уæд цæмæн афтæ бакодта Хъауырбег, уымæн нырма дæр ницы зоны. Кæд æй, мыййаг, Галяйы цæсгом фенын фæндыд... Куыст куы фæци, уæд физкультурæйы ахуыргæнæг 9-æм æмæ 11-æм кълæсты иумæ къордæй алæууын код- та æмæ сын сæ ныв систа. Мæнæ дзы Галя худæндзастæй лæууы. Куыд рæсу^гъд у! Сау лыстæг æрфгуыты бын сау æргом цæстытæ. Йæ урс дæндæгтæ уардигъуыз былты астæуæй æрттивынц. Бигæ кофтæ йын йæ риутæ æнгом балхъывта æмæ бæрæгæй къуыпп дарынц. Кæсы йæм Хъауырбег æмæ йæм исты фау æрхæсса, уый йæ бон нæу. Галяйы хæдфæстæ - Темыр, кæсы кæдæмдæр фæр- сырдæм, йе ’мбæлтты сæрты, æгæр асхъæл кодта йæхи æмæ йæ роцъо йæ хъуырыл баныхæст. Иу нерв дæр дзы не змæлы. Сæры хъуынтæ фæстæмæ лæгъз фаст. Иу æрду дæр дзы не змæлы. Хиуыл æввæрсондзинадæн цардæгас цырт! Чизоны, тынг рæсугъд дæр у, фæлæ Хъауырбегмæ афтæ нæ кæсы. Гъеуæд, нартхор æвзарæны, Темыр, къласы хистæр кæй уыд, уымæ гæсгæ иу ран не ’рбадти, иннæтау кусгæ нæ кодта. Куы иу ахуыргæнæджы цур схъил вæййы, куы иннæйы цур æмæ цахæмдæр куырыхон лæгау ныхæстæ кæны, худы... Йæ уæхскы сæрты ракæсы 9-æм къласы ахуыргæнинæгтæм, Галямæ. Æнхъæлы, уыдон иууылдæр сæ цæст æрæвæрдтой Темырыл, иууылдæр Темыры дзырд кæнынц. Галя Темырæй фылдæр кæмæ хъуамæ дара йæ хъус, Темырæй фылдæр чи хъуамæ хæта йæ хъуыдыты...
Хъауырбеджы нæ уырны Галя Темырмæ хорз цæстæй кæса, уый. Æниу... Искæй зæрдæйæн чи цы бамбардзæн. Адæм дзурынц, сæ кæрæдзийы, дам, уарзынц. Адæмы цæст стыр у. Хъауырбег бакаст йæхимæ дæр кæмдæр кæронæй, æппæты фæстейæ, гæзæмæ зыны йæ сæр. Сау пыхцыл сæ- ры хъуынтæ, сау бæзджын æрфгуытæ баиу сты уынгæг къуыпп ныхы бынмæ, цæргæсы бырынкъау, цыргъ æмæ къæдз фындз, зыкъуыриджын дæндæгтæ ранæй-рæтты зыхъхъырæй лæууынц... Æмæ ма уымæн дæр ницы у, фæ- лæ... Кæм къуылых лæг æмæ кæм онгæй æххæст лæг! Сусæг уарзт кæны Галяйы Хъауырбег. 8-æм къласмæ æрбацыд Галя горæтæй, ам йæ хæстæджытæм цæры. Фыццæгæм сентябры скъолайы къæлидоры кæрæдзи- йыл бахаудтой, комкоммæ бакастысты кæрæдзийы цæс- тытæм. Хъауырбег къулмæ балæууыд хæстæг æмæ Галя ацыд кæртмæ. Хъауырбег йæ фæдыл каст, цалынмæ йæ дзыккутæ фæсдуар нæ фесты, уæдмæ. Никуы йæм скод- та Хъауырбег иу ныхас дæр, никуы йын райста йæ къух, никуы йын радта салам. Куы йæ фены, уæд æваст ссу- дзы, сæрæй къæхты бынмæ баризы, йæ цæсгом тæвд ту- джы æхсыстæй сырх афæлдахы. Хъауырбеджы нæ хъæуы, Галя йемæ куы ныхас кæнид, йемæ куы цæуид, йемæ куы хъазид. Хъауырбегæн фагæй уæлдай дæр у, Галя йæм ис- куы хæстæг уæд, цыппар фæтæн къулы йæ хицæн кæнæд Хъауырбегæй, æрмæстдæр скъолайы уæд. Райсомæй ра- джы æрцæуы скъоламæ æмæ йæ цæстытæй агуры Галяйы. Кæд ам ис, уæд Хъауырбеджы зæрдæ хуры фарсмæ бады. Кæд нæ, уæд та æгас бон-изæрмæ у æрхæндæг. Фæсурокты бацæуы Галяйы къласмæ, ссары йын йæ партæ æмæ йыл æрбады. Лагъзы йæ къухтæ арасæрф-басæрф кæны, кæд, мыййаг, Галяйæ исты æрбайрох. Гæххæтты гæбаз дæр дзы куы ссары, уæд æм фæракæс-бакæс кæны, йæ къухты йæ бирæ фæдары. Галя хæцыди ацы гæххæттыл, Галя йæм касти йæ сау цæстытæй, Галяйы буары хъармæй йыл ис... Галя уыдæттæн ницы зоны, фæлæ Хъауырбег амонд- джын у. Куы нæ йæ фены æмæ æнкъард куы кæны, уæд ын уый дæр æхсызгон у. Хъауырбеджы фæндыд, Галя йын йæ зæрдæ куы бамбарид æмæ йын иухатт йæ партæйы лагъ- зы бавæрдта тетрады сыф дыдагъæй. Иу даргъ æмдзæвгæ
дзы ныффыста, цыма мын кæд споэт ис. Иууыл æй нал хъуыды кæны ныр, фæлæ йын йæ кæройнаг рæнхъытæ йæ зæрдæйы арф ран бафснайдта: Куы зонис, куыд тынгмæ фæнды Дæу буцæй ныявасын мæ риумæ. Куыуаисмæ цардæмбал ды, Мæяæтмæ куы цæриккам иумæ. Æмдзæвгæйы сæрмæ уыд фыст «Г-мæ», зæгъгæ. Галя бакаст æмдзæвгæ æмæ сæ къласы чызджытæ куыд дзырд- той, афтæмæй тыхджын смæсты, кæугæ дæр, дам, кодта. Чи уыдаид йæ фыссæг, чи уыдзæн уыцы сагъæсты баха- уæг уарзон, - бирæ фæрахъуыды-бахъуыды кодтой æгас къласæй æмæ куы ницы бæрæг фæдыл сæмбæлдысты, уæд, дам, æмдзæвгæ директормæ бахастой. Хъауырбеджы мидзæрдæйæ фæндыд, куы йæ базыдтаиккой, - уадз æмæ Галя зонæд, кæй йæ уарзы Хъауырбег. Фæлæ иу-дыууæ боны фæстæ æмдзæвгæйæн йæ кой дæр ничиуал кодта. Институтмæ куы нæ бахауд Хъауырбег, уæд канд йæ мад æмæ йæ фыдæй, канд йæ ахуыргæнджытæй æмæ йе ’мбæлттæй нæ аргъуц кодта. Иугæндзон йæ цæстытыл уад Галяйы фæлгонц. Цымæ Галя та цы зæгъдзæн? Цымæ Галя дæр йæ зæрдыл дардта, Хъауырбег экзаментæ кæ- ны, уый? Чи йын цы зоны? Хъауырбег ныв бакодта фæстæмæ паспорты хуылфы æмæ сæ йæ риуы дзыппы нывæрдта. VI Фæцис август. Сентябрæй дæр къуырийæ фылдæр аивгъуыдта æмæ фæззæджы комулæфт гæзæмæты аны- дзæвд æрдзыл. Фæндаггæрон стыр æнгуз бæлæстæй ра- хаудта фыццаг хус сыфтæртæ. Уыдон æрбадтысты тæккæ фæндаджы астæу æмæ бæлццæттæн дзурынц: «Мах фæз- зæджы фидиуджытæ стæм, фæззæг ныллæууыд æмæ уæ куыстæгтыл батагъд кæнут». Колхоз æркарста æмæ банай кодта йæ мæнæутæ. Тагъд бавналдзæн нартхæрт- тæ кæрдынмæ, сæкæры цæхæра æмæ картоф къахынмæ.
Уæлдай фылдæр мæт æмæ сагъæс æфтауынц адæмыл фæткъуы тонæнтæ. Афтæ снæрстысты, афтæ æруæз код- той бæлæсты къалиутыл, æмæ сæ зæхх тыхæй уромы. Хъауырбег, Силæм йæ фæдыл, йе ’ккой иуæхстон æх- сæнгарз, разил-базил кæны дыргъдоны дæллаг кæрон. Къæрных нæ, фæлæ йæм тæхаг маргъ дæр нæ уæнды. Силæм уымы æмгæрæтты никæй уадзы. Æхсæв Хъауыр- бег æнцад-æнцойæ бафынæй кæны йæ халагъуды, кæд истæй уынæр фехъуысы, уæд æй Силæм райхъал кæны йæ рæйынæй. Сау, асфальты хуызæн. Æрмæст йæ риуыл ар- мыйас урс фæлмæн гæппæл, йæ даргъ бæзджын къудийы кæрон, йæ бырынкъ æмæ йæ къæхты æлгътæ йын цыма исчи барæй аурс кодта, цыбыр къуырд тæнæг хъусты бынæй зæндджын каст кæнынц бур цæстытæ, сæ астæу сау нæмыджы хуызæн чысыл гагуытæ. Бæрзонд ставд къæхтæ рог æмæ сæрыстырæй хæссынц тыхджын æмæ æлвæст буар. Хъæубæстыл ахъæр Силæмы хорзы кой æмæ дзы иууылдæр æппæлынц: - Ахæм куыдзæй дæ ныфс уæд. Бæхджын лæджы æрисдзæн! Иу бон Хъауырбег бавдæлд æмæ йæ сыхаг хъахъхъæнæг Тотырмæ бæрæггæнæг бацыд. Цом фенон æй, зæгъгæ, æхсæв ын стæм хатт йе ’хситт фехъусын, æндæр куыд у, цы у, уымæн ницы зонын. Тотыры халагъудмæ хæстæг Си- лæм йæхи æмбонды ’рдæм ауагъта. Хъауырбег фæгуыбыр кодта æмæ акаст Силæмы фæдыл. Дыууæ стыр дзæргъы зилынц бæлæсты бынты æмæ фæткъуытæ хæрынц. Си- лæм сыл йæхи ныздыхта, йæ разæй сæ айста мидæмæ. Уым рейкæ хауд уыд æмæ уырдыгæй алæстысты. Хъауырбег бахæцыд Тотыры халагъуды дуарыл, æн- хъæлдта, уым нæй. Тотыр уæлгоммæ хуыссы фæлмæн хосыл æмæ хуыррытт фынæй скъæры. Йæ нард гуыбын, куынцау уæлæмæ-дæлæмæ цæуы, йæ цывзыйы хуызæн фындзы хуынчъытæ фæйнæрдæм анæрсынц æмæ атæ- бæкк вæййынц, йæ уадултæ сырх цæхæр уадзынц. Хъа- уырбег ын йæ къах бакъуырдта æхсæнгарзы хъæдæй. То- тыр змæлд дæр нæ фæкодта. Дыккаг хатт æй бакъуырдта. Уæддæр читт нæ кæны. Æртыккаг хатт æй тыхджын ба- тъæпп кодта æмæ уæд йæ хуыр-хуыр фескъуыд. Рабадт, йæ цæстытæ аууæрста æмæ сæ ракаст. Рæсыд цæстытæ.
Кæддæр, æвæццæгæн, цъæх уыдысты, фæлæ сын рæстæг сæ хуыз айста, мæнæ гæххæттыл цъæх ахорæнæй фысты- тæ хурмæ æмæ умæлмæ куыд сивынц, афтæ. - Дæ мæрдты стæн, хуыты дæ бæсты хъахъхъæнджы- тæ баурæдтай? - Цæй хуытæ сты, цæ? - йæхæдæг бафарста Тотыр. - Исчи сæ æмбонды сæрты æрбаргъæвта? Æрбахизæн дзы кæм и? - Иу рейкæ дзы хауд ис, - дзуапп ын радта Хъауырбег. Къуымты аракæс-бакæс кодта æмæ дзы дурыныл йæ цæст куы нæ схæцыд, уæд æй афарста: - Дон дæм нæй? Мæ уд дойныйæ схауы. - Æз дон дарын? - йæ былтæ базыхъхъыр кодта Тотыр. Йæ бинаг æфсæры дæндæгтæ сты æгæр разийау æвæрд æмæ уæллаг æфсæры дæндæгтыл хæцынц æддейæ ми- дæмæ. Худгæ-худын дæндæгтæ кæрæдзийæ нæ фæип- пæрд вæййынц. - Иннæмæй дæ нæ хъæуы, иннæмæй? - Тотыр йæ иу цæст фæныкъуылдта Хъауырбегмæ: - Цæй иннæмæй? - Мæнæ нæхионæй, æрбад уал, - Тотыр æрхæцыд Хъа- уырбеджы зæнгойыл дæлæмæ. Хъауырбег æрбадт. Тотыр хос ракъахта æмæ дзы голладжы мидæг тыхтæй систа хæбизджын, авджы ’рдæг арахъхъ сыкъаимæ. Хъауырбег нæ куымдта сыкъа, фæлæ йæм Тотыр æгæр куы хатыд, уæд æй айста æмæ йæ ахуыпп кодта. - Мæнæ хæбизджын, - Тотыр дзы расаста æмæ йæ Хъа- уырбеджы къухы фæсагъта, - Хъуамæ дæм мæхæдæг ныу- уадаин, фæлæ ды фæраздæр дæ, - дзуры Тотыр. - Хъæугæ афтæ кæны. Ды кæстæр дæ æмæ кæстæр хистæрæн аргъ кæнын хъуамæ зона. Деттæ дзы дæ размæ чи куыста, уый сæрхъæн уыд. Кæй йæ акодтой æфсадмæ... Быны бынтон ыл зæрдæйы хъустæ нæуыд. Гъе, хуыцау, мацы мын кæн... - Фæлæуу-ма, фæлæуу, - йæ комдзаг нæ аныхъуырд- та, афтæмæй фæурæдта Тотыры ныхас Хъауырбег. - Хаз- би æвзæр лæппу никæд уыд. - Мæнæ ма иу аназ, - Тотыр сыкъа байдзаг кодта арахъхъæй. Хъауырбег æй анызта. - Къæбæр ахæр, - ба- лæвæрдта та йæм ног хай Тотыр æмæ йæ ныхас дарддæр кæны: - Ды мæнмæ хъус æмæ ницы фæзиан кæндзынæ.
Акæс-ма, цахæм дыргъдон ис нæ бæрны. Ам кусæн ис, цæрын зон, уый йеддæмæ. Æрбакæс ма мæм, - Тотыр йæ нарст хъуынджын къух æруагъта йæ дымст гуыбыныл. - Уыцы хæлиудзыхæн та йæ гуыбыны цъар йæ чъылдымы стджытыл баныхæст. Нæ зыдта цæрын. Хъауырбеджы зæрдæмæ нæ цæуы, Тотыр ын йе ’мбалы кæй æфхæры, уый, фæлæ дзы хистæры хатыр кæны æмæ йемæ быцæуыл куыд схæца! - Лæг хъуамæ йæ алыварс кæса æмæ адæм куыд кæнынц, афтæ хъуамæ кæна, - Хъауырбег æм хъусы, уый куы базыдта, уæд ноджы ныфсджындæрæй дзуры То- тыр. - Адæм иууылдæр иу джиппы уагъд сты, алчидæр сæ йæ цард аразы. Фæнды колхоз фесæфæд, фæнды ма, - уæлдай сын нæу, æрмæст сæ хæдзары исты уæд. Иумæйаг фæллой, иумæйаг цард - уыдон аргъæуттæ сты æмæ дæ ма уырнæд. Деттæ кæмæндæр ницы куыст уыд æмæ сæ æрымысыд адæмы сайынæн. Хъауырбегæн уыцы дыууæ сыкъайы йæ сæры бацы- дысты, йæ уадултæ фæсырх сты. Цом уæлдæфмæ, ам æнуд у, зæгъгæ, бакодта æмæ куыд рацæй хызт, афтæ йæ къах цæуылдæр фæхæцыд æмæ чысыл ма бахъæуа фæкæла. - Уый та циу, Тотыр? - 0, уый Уанойы рон куы у, агрономы, дысон æй агуырд- та, - Тотыр ныггуыбыр кодта æмæ йæ систа. - Ам фæйнæ анызтам, Уано æгæр стæвд æмæ. йæ, хæдон раппæрста. Гъе, æмæ йæ рон ам æрбадæлдзæх. Кæй разынд, уый хорз у. Мæ адджын лæг у Уано. - Цæй, дæ минас бирæ, - æддæмæ куы рахызт, уæд йæ æхсæнгарз йе уæхскыл баппæрста Хъауырбег. - Арахъхъ хорз дарыс, æрмæст уæлæ дæ рейкæ бахуый! «Куыддæр суæззау мæ зæрдæ йæ ныхæстæй, - хъуы- ды кæны Хъауырбег. - Фæлтау æм куы нæ бауадаин. Цом, Ладийы дæр фенон æххæст» Арахъхъæй ноджы тынгдæр сдойны Хъауырбег, ратыдта иу туаг фæткъуы æмæ йæ æрхæмс-хæмс кодта йæ дæндæгтæй. Иудзæвгар куыд ра- уад Тотыры халагъудæй, афтæ та Силæм æмбонды ’рдæм ныййарц. Хъауырбег та фæгуыбыр кодта æмæ акаст Си- лæмы фæдыл. Тæккæ æмбондгæрон чидæр хизы йæ гал- тæ. Силæм лæгмæ лæбуры, лæг æй уисæй цæвы. Хъауыр- бег сæм атындзыдта.
Хъауырбеджы æрбацæйцæугæ куы федта галты хи- цау Гыбыл, уæд ныхъхъæр кодта: - Мæнæ дæ куыдзæн æддæмæ зæгъ! Дæ мæрдты дзыхы дын лæууа! Хъауырбег Силæмæн йæ бæрзæй æрцахста æмæ Гы- былмæ базылдта йæ сау цæстытæ. - Азымджын ды дæ æмæ хъæр та мæныл кæныс! Чи дын радта бар - дæ галтæ дыргъдоны хизай! - Уый дæумæ нæ хауы, - ныр сабырæй загъта Гыбыл æмæ йæ чъылдым Хъауырбегмæ сыздæхта. - Ам дæ хай нæу, ам Тотыр у хъахъхъæнæг. - Æз Тотыр-Мотыр нæ зонын, фæлæ дæ ныртæккæ ам цæстæй дæр куыд нал фенон. - Афардæг у, къуылых хæр-рæг! - цæхгæр фездæхт Гы- был Хъауырбегмæ æмæ йæм йæ уис батылдта: - Мæнæ дын амæй де ’ннæ къах дæр ныцъцъæл кæндзынæн. Хъауырбег куыд фæци, уымæн ницыуал базыдта. Ба- цыд Гыбылы размæ æмæ йыл йæ къухæй ахæцыд: - Аскъæр дæ галтæ! - Нæ сæ скъæрын! Хъауырбег æхсæнгарзы хъæдæй бариуыгъта галы. Силæм йæхи атыдта Хъауырбеджы къухæй æмæ гал- тыл рæйы. Гыбыл æхсæнгарзыл фæхæцыд æмæ йæ тоны Хъауырбеджы къухтæй. Хъауырбег ыл йæхирдæм тынг рахæцыд, стæй йæ феуæгъд кодта æмæ дзы Гыбыл йæхи къухтæй йæ дæндæгтæ нытътъæпп ласта. Сæ туг æр- мызт. Дард фæхаста Гыбыл æхсæнгарзæй, Хъауырбег фæгуыбыр кодта, æхсæнгарз Гыбылы къухтæй феуæгъд, Хъауырбеджы сæрты атахт æмæ фæткъуы бæласы зæнгыл хъæлтæ фæхаудта. Гыбыл йæхи ныццавта Хъауырбегыл æмæ тымбыл къухæй аздæхтой кæрæдзийыл. Силæм гал- ты рæйгæ-рæйгæ йæ разæй аскъæрдта иудзæвгар, стæй фæстæмæ фездæхт. Уайтагъд йæхи Гыбылыл сæндæгъта, йæ хæлафы сыдзæг ын кæрæй-кæронмæ æрыскъуыдта æмæ æгасæй фегом... Хылгæнджыты хъуырдухæнмæ æрбазгъордтой Лади, фæндагыл чи цыд, уыцы бæлццæттæ æмæ сæ баиргъæв- той. Гыбылыл ныххæцыдысты, фæлæ уый уæддæр йæхи тоны æмæ йæ дзыхы дзаг хъæр кæны:
- Ауадзут мæ! Ауадзут мæ æмæ æз уыцы къуылых куыдзæн аккаг фæуон! Хъæуы мæлинæгтæй йæм чидæр бакаст æмæ йын афтæ: - Ацу, дæ хæлафы сыдзæг уал бампъуз. Кæннод æнæ- аргъ кино уынынмæ адæм æнæзивæгæй цæуынц! Лади æхсæнгарзы цъæлтæ æрæмбырд кодта. Хъауыр- бег бацыд йæ цурмæ. Йæ галиу уадул сцъæх æмæ арæсыд. - Ницы кæны, - лыстæг ын бакаст Лади йæ цæфмæ. - Мæнæ уый дын, - æркаст йæ къухты æхсæнгарзы цъæл- тæм, - дзыхъхъынног æрхæсдзæн!.. VII Хъауырбегæн никуы ничи бафидис кодта, къуылых кæй у, уый. Æмæ дысон-бонмæ йæ масты дзæкъул дымс- тæй хæссы йæ риуы. Хаттæй-хатт йæхимæтæригъæдда- джы хуызæн фæкæсы æмæ уæд йæ цæстытæ донæй ай- дзаг вæййынц. Цыма æвæгæсæг æмæ æнæхицау у, ам æд ха- лагъуд, Силæмимæ, ахæм хъуыды стæлфы йæ сæры зонды. Æрфæндыд æй йæ райгуырæн хæдзармæ ацæуын. Лæгæн, дам, йæхи хæдзары къултæ дæр æххуысгæнæг. Силæмы ныууагъта халагъуды цур хъахъхъæнæг, йæхæдæг ацыд сæхимæ. Йæ мад кæрт мæрзын фæуагъта. - Цæмæн фæлурс дæ, дæ нывонд фæуон, - йæ цæстытæ чысыл æрцъынд кодта, афтæмæй кæсы Гыгы йæ фырт- мæ. - Цæмæн фæхыл ис Гыбыл демæ, йæ буррондз фæкала, йæ хъæбулты фыдтæ бахæра! Фыдцæф дæ кæд нæ нык- кодта? - Нæ, нана, - ныллæг æмæ фæллад хъæлæсæй дзуапп радта Хъауырбег. - Мæнæ нæ хæдзар æрымысыдтæн æмæ уымæн ссыдтæн. - Ацу, дæ фæллад суадз, дæ сæрыл хаст фæуон. Цард-к амонд дын фестæд Гыбыл æд мыггаг! Хъауырбег схызт уæллаг æддæгуæлæмæ, бацыд рухс æмæ уæрæх уатмæ, тæрхæгыл йæхи ауагъта. Скаст къул- мэ^ - къамæй йæм кæсынц йæ дыууæ зынгхуыст æфсы- мæры, Хъауырбегæн йæ масты дзæкъул тынгдæр адæн- гæл. Арф куы нæ сулæфыдаид уыцы уысм, уæд, æвæццæ- гæн, аскъуыдаид йæ зæрдæ.
Цæмæн ын бафидис кодта Гыбыл?!. Йе ’взæрæй у къуы- лых, мыййаг? Цыма йæхи фæнды, æмæ къуылых уа? Фыдыбæстæйон хæсты дыккаг аз Хъауырбегыл цы- дис æхсæз азы. Фыд - хæсты, дыууæ æфсымæры хæсты. Хæдзары ма баззадысты Хъауырбег æмæ йæ мад. Гыгы куыста колхозы, Хъауырбег та цыдис фыййау æмæ ахуыр кодта скъолайы. Хазбиимæ бадзырдтой: Хъауырбег рай- сомæй куы хызта фос, уæд Хазби скъолайы уыд, сихорæй фæстæмæ Хазби куы хызта фос, уæд та Хъауырбег уыд скъолайы. Хазби иу кълас раздæр уыд æмæ райсомæй ахуыр кодта. Уыдоныл дæр хуыздæр бон нæ уыд. Сæ фыды сын Керчы цур денджыз æнусмæ удæгас, цъæх ингæны бавæрдта... Асланæй письмотæ истой иугæндзон, æфсымæртæ дæр сæ хабæрттæ хъусын кодтой, фæлæ тагъд ныхъхъус сты. Фæстаг хатт ма письмотæ æрæрвыстой Сталинградæй. Зымæгон даргъ æмæ хъызт æхсæвты арæх се стыр хъулон куыдз райдайы, зæрдæхалæн хъарæджы хуызæн, ниуын. Хъауырбег рабады йæ уаты æмæ тарст ирд цæстытæй бакæсы Гыгымæ. - Нана, цæмæн ниуы куыдз? - Ма йæм хъус, бафынæй кæн, - Гыгы пецы фарсмæ бады æмæ биинаг йæ къухы æнæзмæлгæйæ баззайы, - Уый хорз нæу, куыдз куы ниуа, уæд. Мæ бæлццæттыл мацы æрцæуæд. - Æмæ йæ Хъауырбег куыд нæ фены, афтæ йæ цæссыгтæ йæ рустыл æрхъуызынц. Рауайы тыргъмæ æмæ куыдзыл схъæр кæны: Банцай, бирæгъты холы фæуай! Æфсымæрты сау гæххæттытæ раджы æрцыдысты, хæст æрдæг дæр нæма уыд, афтæ. Фæлæ сæ Гыгыйæ бам- бæхстой, цалынмæ хæсты фæстæ Аслан не ’рыздæхт сæхи- мæ, уæдмæ, тарстысты, мыййаг, сæ куы нæ баурома мæ- гуыр мад... V Хæст фæсахъатджын кодта Хъауырбеджы дæр. Ас лæ- ,джы куыст кодта иугæндзон. Худынмæ, хъазынмæ, хиир- ’ хæфсынмæ кæй æвдæлд. Хъауырбеджы æнæзонгæ исчи куы фены, уæд æм йæ азтæ цы сты, уымæй бирæ хистæр фæкæсы. Æнудæсаздзыд лæппуйæн ис æртыназдзыд лæп- пулæджы хуыз! Сывæллон ма кæм уыд? - Иууылдæр сæ базæронд кодта хæст! *18
Хæсты фыдвæззæджытæй сæ иуы æнгуз бæлæстæ диссаджы зад æркодтой. Чи сæ æрцагътаид, уый нæ уыд, æмæ Хъауырбеджы бахъуыд æд стыр даргъ хъил сæ цъуппытæм хизын. «Сывæллон исты кæндзæн», - дзырд- той хъæуы устытæ, фæлæ æндæр кæй сæрвитой. Иу ахæ- мы æнгуз бæласы цонг æрцъæл, Хъауырбег расхъиудта æмæ - дæ балгъитæг афтæ! - йæ галиу къахы уæдæртт дурмæ æрхаста æмæ ныппырх. Зæронд устытæ йыл алы- гъуызон кæрдæджытæ февæрдтой, бабастой йæ, фæлæ къах срæсыд, Хъауырбег тæвд кодта æмæ дзæгъæл дзырд- та. «Ахæссын æй хъæуы горæтмæ, кæннод лæппуйæ пай- да нал и», загъта Гыгы. Ныууагъта йæ куыст, хæдзар Хаз- бийы мадæн бафæдзæхста æмæ Хъауырбеджы йе ’ккой ба- кодта. Уыцы изæр колхозы дыргъдонæй машинæ горæт- мæ ласта къабускæ. Гыгы фæлæгъстæ кодта сæрдарæн, мæ лæппуимæ, дам, мæ кабинæйы бауадз. - Æз мæхæдæг рынчын дæн, загъта йын сæрдар. - Прастудгонд дæн. Гыгыйыл цы бон уыд. Сбадт гуыффæйы уазал, хъыс- хъысгæнаг къабускæты сæрыл. Фæндагыл сæ тынг фæ- хоста машинæ, Хъауырбег сихæн кодта æмæ йæ рæуджы- тæ дæр райдыдтой риссын... Сæрдарæй Темыры фыд куыста, йæхиау даргъ, тæн- тъихæг Сандыр. Мæ зæрдæ, дам, риссы, цалдæр мæйы хæдзарæй æддæмæ нæ каст æмæ йæ стæй сæрдарæй бау- рæдтой. Хъауырбег нырма дæр ницы зоны, цæмæн баззад уæд Сандыр ам, цæмæннæ йæ акодтой æфсадмæ! Адæмы хуыздæртæ сæ туджы мæцыдысты, уый та ам йæхицæн дыууæддæгуæлæ галуан сыскъæрдта! Цы ныффæрæзта дыууæ азы Гыгы йæ лæппуйы рахæс- бахæссæй, йæ фæдыл рахау-бахауæй! Цы ныффæрæзта йæ лæппуйы æрыгон уд низы æфхæрдæн, алыгъуызон операцитæн!.. Æмæ йын ныр Гыбыл фидис кæны. Эх, цы загъдæуа! Уыцы дыууæ фыдазы Гыгы Хъауырбеджы мæтæй, æгæрыстæмæй, ферох кодта йæ бæлццæтты дæр. Хорз ба- кодтой хъæубæстæ кæй йын не схъæр кодтой йæ хистæр лæппуты зиан, уымæй, кæннод... чи зоны, цы уыдаид? Хъауырбегмæ кæсынц йе ’фсымæртæ. Ныр ын уыдон удæгас куы уаиккой, æвæдза, Хъауырбегæй хъæздыгдæр
ничи уаид а-дунейыл, уæд ын Гыбылы хуызæттæ фидис бæргæ нæ кæниккой. Зоны Гыбыл, Хъауырбеджы сæрыл чи рахæца, уый йын нæй: йæ фыд Аслан базæронд, йæ чысыл æфсымæр Ботаз, фидис цы у, хæринаг у æви нуа- зинаг, уымæн æмбаргæ дæр ницыма кæны. Хъауырбегæн йæ фыд арæх ракæны Хæсанæйы кадæг. Æфхæрдтæй уыд (æфхæрд кæй ^æййæфта, уый тыххæй йыл сæвæрдтой ахæм мыггаг (Йæ фыды йын амардтой Мулдартæ, стæй та йын йæ мадæй хъуамæ фæхынджылæг кодтаиккой. Хæсанæ ралæг, Мулдарты хъал мыггагæй йæ туг райста - сæ равзаргæ фæсивæды сын фæцагъта æмæ йæхæдæг дæр амард æнæхъæн мыггаджимæ тохы... Хъауырбег кадæджы ныхæстæ йæхинымæр дзуры: Ацы мæнг дунейы æфсътæр кæмæн нæй, Хъомыл фырт кæмæн нæй, æрвад чи нæ зоны, Цæвиттон, яæппутæ, фæхæцæг кæуыл нæй, Уыцы лæг иунæгу, уыцы лæг мæгуыру, Хъæды халæттæм дæр нæиуымæй иунæгдæр, Нæйуымæй мæгуырдæр ацымæнг дунейы. Хъауырбег зоны - уæдæ ма йæ иуæндæс азы скъо- лайы цæмæн фæахуыр кодтой! - уый махæн, советон адæмæн, æцæгæлон философи у. Хъауырбег иунæг нæу, - рæстæгмæ йæм афтæ фæкаст, æндæр!.. Ис ын хæлæрттæ, ис ын алцыппæт дæр. Фæлæ уæддæр мады зæнæг, хи туг, хи стæг! - уыдон дзы ничи баивдзæн. Гыгы æрбацыд уатмæ, фынгыл æрæвæрдта хъæдын къусы бур-бурид хъайла æмæ торнейы фых кæрдзын. - Рауай æмæ бахæр, - бадзырдта Хъауырбегмæ. - Æмæ мæсты ма кæн. Афтæ вæййы. Хъауырбег расаста кæрдзыны къæбæр, хъайлайы кæ- ронæй стыдта æмæ сæ акомдзаг кодта. Гыгы ма лæууыд йæ цуры æмæ йæм тæригъæдгæнгæ каст. VIII Фæскомцæдисон æмбырд æнафонтæм нæ фæцис. Хъа- уырбег Силæмы æвджид ныууагъта дыргъдон. «Цæй æмбырд у, цæ, - фæцæуы Хъауырбег дыргъдонмæ æмæ
дзуры йæхицæн. - 10 сахатмæ йæ снысан кæнынц, райда- йы иуæндæс сахатыл æмæ йын фæуын æнхъæл ничи- уал вæййы. Кæнæ афтид сур ныхæстæ фæкæнынц, кæнæ та, æвзæр къулбадæг устытау, кæрæдзийæн алвыд фæ- калынц. Сæ иуæй дæр æмæ се ’ннæмæй дæр цы пайда ис колхозæн?» Хъауырбег æрлæууыд æмæ айхъуыста. Кæйдæр тых улæфт, лæнк-лæнк цæуы. Чи уыдзысты? Æргуыбыр код- та æмæ æнæзмæлгæйæ æнхъæлмæ кæсы. Дыууæ сылгой- маджы се ’ккой дзаг голлæгтæ æрбахæссынц. Хъауырбег æваст фестад æмæ сыл фæхъæр кодта: «Цы ми кæнут ам?!» Устытæ сæ бынæтты дурдзавдæй аззадысты. Хъа- уырбег сæм хæстæг бацыд æмæ йæ куы базыдтой, уæд сæ иу лыстæг хъæлæсæй бакодта: - Æй, ме ’нæуынон фæу, кæд дæ цæмæй фæтарстыс- тæм. Нæ уд нæ къæхты бынæй алиуырдта. Хъауырбег сæ базыдта - Темыры сау мад æмæ Гыбылы ус. Фæлæ сæ ардæм цы ’рхаста? - Цы хæссут, аипп ма уæд бафæрсын? - Хъауырбег ба- каст дзаг голлæгтæм. - Мæнæ куыройы уыдыстæм, ссад хæссæм, - мæйрухс- мæ ферттывтой Темыры мады сыгъзæрин дæндæгтæ. Хъуамæ та йын иухатты загъд кодтаид Хъауырбег. Кæй сайы цымæ? Хорз куы уыны, голлæгты фæткъуытæ кæй ис, къуыппытæ-къуыппытæ дарынц. - -Æриут-ма, уе ссад уын фенон, - барæй фæлмæн сæм дары, йæхи Хъауырбег. - Æнхъæл дæн æвзæр ссын, дам, райдыдта нæ куырой, лæхуры, дам. - Алæ æмæ сæ цы уыныс, - бамбæрста йе ’намонд Те- мыры мад. Хорз ссад сты, дæлæ сæ уым Тотырæн фенын кодтам. - Цы, уый зонут! - айтæ-уйтæ нал фæкодта Хъауыр- бег. - Фæткъуытæ давут æмæ йыл басæттут. Ныртæккæ мæ разæй - Ладимæ! - Мах ницы цæуинаг ис дæ разæй, - йæхи фæпыхс код- та Гыбылы ус. - Фæткъуытæ хæссæм, цы дæ хъæуы! Ам дæ хай нæу. Дæлæ кæм хъахъхъæныс, уым дзуапп дæтт... Мæлæты лæг, йæ разæй нæ акæндзæн! - Усыл, дам, куыдз дæр нæ хæцы! - йæ дæндæгты къæпп-къæпп: фæцыд Хъауырбегæн фырмæстæй.
г Нæ уæм æвналын, æрмæст уын а-лæппу фенын кæндзæн. - Дæ мадæн фенын кæндзынæ!.. - дзаг голладжы бын ныкъкъæдз, афтæмæй йæм цæугæ-цæуын фæстæмæ ра- хъæр кодта Гыбылы ус. - Абырджытæ! - йæ дыууæ къухы дæр стымбыл кодта æмæ сæ тыхджын ныхъхъæбæр кодта Хъауырбег. - Цом-ма «мæ зондамонæгмæ»! «Ам дæ хай нæу!» Гыбыл дæр афтæ дзуры æмæ йæ ус дæр. Раст у, ам Хъауырбеджы хай нæу. Фæлæ иумæйаг фæллой папылой куы цæуа, уæд кæй фæнды хайы уæд; æвзæргæвæгæн макæ зæгъ, хурмæ йын ракал йе ’нак- каг хъуыддæгтæ! Алыхатт та йын Тотыры радавынц, ома йын Тотыры кой куы скæнæм, уæд уæлдай ницыуал зæгъдзæн. Чи сын у Тотыр? Кæнæ чи у йæхæдæг Тотыр? Ныр æй æмбарын байдыдта, «Ам кусæн ис, цæрын куы зонай, уæд», - адон уыдысты Тотыры фыццаг ныхæстæ Хъауырбегæн. «Цæрын куы зонай, уæд». - Хорз куы зоныс, хорз, цæрын, Тотыр! Иумæйаг фæллой алы базаргæнджы- тæн, æдзæсгом адæмæн сусæгæй дæтт æмæ бухъ цард кæн. Хазби йе ’мдзæхтон не сси æмæ йæ уымæн æфхæрдта. Хъауырбег та? Ахæм цъаммар ныхæстæ кодта йæ цуры æмæ йæ ныхмæ ницы загъта. Бадти æмæ йæм хъуыста. Уыцы хæбизджын, уыцы арахъхъы авг. Кæм уыдысты Тотырæн? Чидæр ын сæ æрхаста, фæткъуытæ йын радта æмæ... Чи зоны Темыры мад уыд... Нæ, нæ, уыцы бон ын сæ Гыбылы ус æрхастаид, кæнæ Гыбыл йæхæдæг. Кэад фæ- хыл ис йемæ? Тотырæй куы рацыд, уæд. Æнæмæнг Гыбыл. Тотыры ныфсæй æрбауагъта йæ галтæ дыргъдонмæ дæр... Уыцы хæбизджын, уыцы арахъхъ... Куыд бахæцыдысты Хъауырбеджы фарсыл. Уæд та афтæ куы уаид, æмæ-иу искæмæй давæггаг, чъизи хъуыддагæй равзæргæ цæх- джын хойраг ахсæны куы нæ таид æмæ-иу æй куы скалид фæстæмæ. Уæд-иу лæг уайтагъддæр базонид æнаккаг лæджы æмæ-иу дзы йæхи иуварс айсид. Нæ, Хъауырбег никуы уыд Тотыры æмдзæхтон! «Адæм иууылдæр иу джиппы уагъд сты» - уый дæр То- тыр дзырдта. «Иу джиппы уагъд»? Хъауырбеджы дзыхæй ахæм ныхæстæ никуы схауид, уæлдайдæр ам, дыргъдо- ны. Комыйаргъ лæг уыд Гиго, ацы дыргъдоны базæронд.
Алы бæлас, алы дур дæр ын дзы бæрæг уыд. Ам ахйем бæлас нæй, Гиго йæ къухтæ кæуыл не ’руагъта, Гиго рæзинаг сабийау, кæй нæ барæвдыдта. Æхсæвæй бонæй дыргъдоны уыд, нæ дзы фæллад, нæ дзы æнкъард кодта, нæ дзы цъæх кодта йæ зæрдæ. Æнæдзургæйæ æмбæрста бæлæсты, семæ ныхас кодта æмæ йæ зæрдæ уыд райгонд. Искуы исчи бæласы къалиу расаста - Гиго йæ сисы, удæ- гас лæджы къабазау, æмæ йæхинымæр арсау райдайы гуым-гуым кæнын. Куыд æвгъау у! Лæхъир цъыфæй байсæрды бæласы хъæдгом. Искуы исчи æрæппæрста къалиуæй цъæх фæткъуытæ - Гиго лæууы сæ уæлхъус æмæ хъынцъым кæны, йæ сæр тилгæ. Æнафоны дыргъ æртонын æнафоны мæлæтæй хъауджыдæр нæу. Кæддæр чидæртæ æхсæвыгон фæцæйхъуызыдысты дыргъдон- мæ. Гиго сæм стыр æнгуз бæласы аууонæй рахызт. Æвип- пайд фæтарстысты давджытæ, кæрæдзиимæ асусу-бусу кодтой: «Лидзгæ. Уæйыг!» æмæ таппызары хай баисты. Адæмыл ахъæр кодтой, дыргъдоны иу æнгузы, дам, цæры уæйыг, фыдбылызджын бынат, дам, у. Æнаккæгтæн Гиго, æцæгдæр, сæ фыдбылыз уыд, æмризæджы кæй койæ рыз- тысты, уыцы уæйыг. Абон дæр ма цæры уыцы æнгуз бæ- лас, Гигойы æнгуз бæлас æй хонынц. Гиго йæхæдæг, æнгуз бæласау, дынджыр уыд. Ам-иу дыргъдоны куы лæууыд, уæд æй чи уыдта, уыдонмæ афтæ каст, цыма йæ къæхтæ зæххы ауагътой даргъ уидæгтæ æмæ фидар, æнæзмæл- гæйæ лæууы, æнусон æнгуз бæласау. Хъæубæстæй ничи хъуыды кæны æмæ Гиго искуы йæ хæдзармæ фæткъуы- тæ ахаста. Уæд та рæдигæ фæкæн! Æхсæны фæллоймæ не ’внæлдта æмæ йæм æвналын никæй уагъта. Иухатт Сан- дыры сау усы баййæфта дыргъдоны фæткъуытæ тонгæ æмæ йын сæ акалын кодта... Уæд ма Сандыр сæрдар уыд, йæ ус æм æвзаг бахаста æмæ иу æмбырды Гигойы баф- хæрдта, сисын æй кодта йæ куыстæй. Тотыр та афтæ зæгъы, адæм, дам, иу джиппы уагъд сты. Тотыр æмæ Сандыр, Гыбыл æмæ йæ ус, агроном дæр... Хъауырбег се ’ппæты кæм æрымысдзæн, фæлæ йæм адон кæсынц «иу джиппы уагъды» хуызæн Бынтон æндæр адæм сты Гиго, Лади Хъауырбеджы фыд Аслан, йæ хъус- тæ йын чи ивæзта, уыцы тыппыр ахуыргæнæг, Хазби... 0, нæ, Тотыр: адæм иу джиппы уагъд не сты!
Т(отыры халагъудæй хъуысы хъæлæба. Хъауырбег æм хæстæг бацыд æмæ дзыхълæуд фæкодта - йæ кой кæнынц. - Хазби нæ бæззыд, - иугай æвзары дзырдтæ Тотыр. - Амаай дæр мæ ницы ныфс и. Æнæрцæф у. Гыбылмæ йæ къух куыд систа, йæ хистæрмæ. -^Никуы фехъуыстай. - Хъауырбеджы зæрдæйы кæрон сæм]бæлд агрономы сабыр, æнæуынон хъæлæс. - Къуы- лых)æмæ онгцухæн йæ зонд зондтимæ кæд уыд! Хъауырбег йæ æнæниз къахæй тынг ныццавта хала- гъуды дуар æмæ фегом. Ч Зæгъут-ма мын, - йæ хъæлæсы дзаг фæхъæр кодта Хъауырбег. - Чи радта устытæн фæткъуытæ? аотыр æмæ Уано иудзæвгар æдзынæгæй бадтысты, Хъауырбег сæм ирд боны арвы нæрдау, æнæнхъæлæджы кæй фæзынд, ууыл джихтæ кæнынц. - Сымах нæ фæрсын?! - ногæй та фæхъæр кодта Хъа- уырбег - Цы ’рцыди, цы кæныс? - сабырæй йæ фæрсы Тотыр, - æрбад уал æмæ стæй... - Æз бадынмæ не ’рбацыдтæн, - фæлыг æй кодта Хъа- уырбег. - Фæлæ мын зæгъ, цæмæн радтат фæткъуытæ устытæн? - Цæй устытæн? Æрра фæдæ - йæ сæр банкъуыста æмæ йæ цæстытæ æрцъынд кодта Уано, йæ дыууæ къухæй хæцы æрдæгхæрд карчы сгуыйыл. - Мах никæмæн ницы радтам. Фыны дæ? - Фыны нæ дæн, фæлæ... Ладийæн уал зæгъон. Тотыр сыстад йæ бынатæй, Хъауырбегыл ныххæцыд æмæ йыл мидæмæ æнцайы: - Байхъус мæм... - Байхъуыстон дæм! - йæ къух ын атъæпп кодта Хъа- уырбег æмæ йæ халагъудырдæм ацыд. Тотыр æмæ Уано кæрæдзимæ кæсынц. Уано ногæй æх- сынын райдыдта карчы сгуы æмæ загъта Тотырæн: - Сбад, тæрсгæ ма кæн! IX Фæткъуы тонæнтæ. Ныронг сабыр чи уыд, уыцы дыргъ- дон хъæлæбайæ байдзаг. Ай бон изæрмæ нæ нымæг кæны хъæлдзæг худын, машинæты гуыв-гуыв. Кæритæ кæнынц
фæткъуытæй, асыччыты сæ ’вæрынц, барынц сæ æмэ^ сæ машинæтыл æрвитынц горæтмæ. Абон фæткъуы тон’ын- мæ æрцыдысты скъолайы ахуыргæнинæгтæ дæр. Ф|елæ Галяиты кълас, Хъауырбег кæм хъахъхъæны, уым нæ ку- сынц. Бæргæ азилид Хъауырбег мидæмæ, бæргæ скъуь рид Галяйыл йæ цæст, фæлæ ам хъус дарын хъæуы кусджы- тæм. Кæсы Хъауырбег кæритæм. Сисы ставд уæззау фæт- къуы, хæрдмæ йæ сæппары йæ къухæй æмæ йæ фæстæмæ ацахсы. Зæххы хуыздæр сой æмæ хуры хъармдæр тынтæй ныннæрсти фæткъуы дæндагдзæф æй фæкæн æмэ^ де ’взагыл абаддзæн æлутон ад. Адæймæгтау, фæткъуытæ дæр иугъуызон не сты. Уымæй дæр алы адæймæгтау ^æ. Цæвиттон, фæткъуыты ницы амалæй абардзынæ нæл- гоймæгтыл. Фæткъуытыл дзæбæх фидауы уæздан сконд удтимæ - сылгоймæгтимæ абарст. Æддаг бакастæй дæр æмæ удыхъæдæй дæр сылгоймæгты хуызæн сты. Мæнæ сылгоймаджы нарст уадулау, сæуæхсидхуыз фæткъуы - паддзахы фæткъуы хуыйны. Æддейæ куыд у, афтæ рæ- сугъд у мидæгæй дæр. Хъауырбегмæ амæй хуыздæр ни- кæцы æндæр фæткъуы кæсы. «Галя ма уыдзæн ахæм» - кæцæйдæр февзæрд Хъауырбеджы сæры магъзы. Бын- тон æндæр у броцки фæткъуы. Йе ’ддаг бакаст уадиссаг ницы у, фæлæ фæткъуытæй уазалæн уымæй фидардæр нæй, уымæй фылдæр дзы ничи лæууы, иууыл диссагдæр та у, æмæ цас фылдæр лæууа, уыйас кæны адджындæр. Уæлдай арæхдæр сайы кехура фæткъуы. Æддейæ - сырх рæсугъд, фæлæ йæ куы алыг кæнай, уæд лæджы арæх фыдæнхъæлцау фæкæны: кæнæ разыны æмбыд, кæнæ та - хъæбæр, æнæад. Хъауырбег ма хъуамæ абарстаид иннæ фæткъуытыл дæр сылгоймæгты, фæлæ йæм айв нал фæкаст æмæ йæ ныууагъта. - Хъауыр! - уайтагъд ыл аныдзæвд Ладийы хъæлæс. Хъауырбег æм фездæхт. - Уæртæ дæ уым сæрдар агуры, Бауай ма йæм! Сæрдар Иуан, æртыназдзыд, рæстæмбис ас, цъыфæй- дзаг гуырымыхъ цырыхъхъыты, галифе хæлафы, тар- цъæх дæргъытæ къандзолы, гомсæрæй лæууы барæны цур цыппар колхозонимæ æмæ, йæ рахиз къух тилгæ, ны- хас кæны.
- Абон хъуамæ дæс машинæйы аласат, - Хъауырбеджы къухыл ныххæцыд Иуан, кæсгæ æмæ дзургæ та колхо- зонтæм кæны. - Рæхджы куы нæ фæуæм тынд æмæ ласт, уæд нæ къæвдатæ сæ разæй æрсырдтытæ кæндзысты. Иуан акодта Хъауырбеджы хибар æмæ сæ куыд ничи фехъуыстаид, афтæ бафарста: - Куыд уыд, куы, уæ иуæхсæвы хабар? - Лади дын æй нæ дзырдта? Иуанæн йæхи бафарста Хъауырбег. - Лади мын æй дзырдта, - йæ галиу къух йæ сины сæр сæвæрдта Иуан, иннæмæй йæ сæры хъуынтыл фæстæмæ: ахæцыд æмæ йæ къæбут йе ’нгуылдзтæй сæрфы. - Куыд нæ мын æй дзырдта Лади, фæлæ... - Иуан ферхæцыд æмæ цæуылдæр ахъуыды кодта. - Фæлæ раст нæ бакодтай. Гыбылы усы æмæ Сандыры усы фæрсын, - «ницы уыдыс- тæм» - сæ дзуапп. Агрономы фæрсын, - «ницы федтон» - йæ дзуапп. Тотырæн йæхи фæрсын, - «ницы радтон» - йæ дзуапп. Ацу æмæ сæ фæзылынджын кæн афтæмæй. - Æмæ мæныл не ’ууæндыс? - йæ цæстытæ сзылдта Хъауырбег Иуанмæ. - Дæуыл æууæндын, - бахудт Иуан, йæ къух Хъауыр- беджы уæхскыл æрæвæрдта æмæ йæм комкоммæ ба- каст. - Дæуыл æууæндын, мæхæдæг дæр куырм нæ дæн æмæ зонын, чи цы у, уый. Фæлæ цæмæй сбæлвырд кæ- нон, Тотыр устытæн фæткъуытæ радта, уый? Цæмæй йæ сбæлвырд кæнон? - Уый раст у, - Иуаны цыргъ цæстæнгасæй фæиппæрд кодта йæ цæстытæ Хъауырбег æмæ зæхмæ ныккаст. - Фæрæдыдтæн... - 0, фæрæдыдтæ, - йе уæхск ын æрхоста Иуан æмæ йæ дыууæ къухы дæр йæ галифейы дзыппыты ауагъта. - Æд голлæгтæ сæ мæнмæ кæнæ Ладимæ сæ хъустæй нылла- сын хъуыд. Сылгоймæгтæ кæй уыдысты, уымæй дæр сæ ма фæхатыр кодтаис. - Уæдæ ма цы бакæнæм? - Смæсты Хъауырбег æмæ йæ бæзджын æрфгуытæ нылхынцъ сты. - Уадз уал сæ, - Хъауырбеджы иувæрсты æбæрæг ран- мæ кæсы æмæ афтæмæй дзуры Иуан. - Агрономæн дæр æмæ Тотырæн дæр сæ бынæттæ ссардзыстæм. Сæ на-
мыс фесæфтой æмæ йыл мæт дæр нæ кæнынц. Ды уый зоныс, - Иуан бакаст Хъауырбегмæ, - æмæ мæм дæу тыххæй куырдиат æрбалæвæрдта Тотыр, фысгæ та йын æй агроном ныккодта. - Æмæ дзы цы фыссы? - бацымыдис кодта Хъауырбег. - Цы фыссы? Цы хъуамæ фысса фæстæмæкъахджын? Хъауырбег, дам, мыл мæнг даутæ кæны, фæткъуытæ, дам, арахъхъыл устытæн дæттыс. Гъе, æмæ, дам, æй ахæм ха- хуырты тыххæй бафхæрут. Афтæтæ, мæ хур, - загъта ма Иуан æмæ барæны цурмæ раздæхт. Тотыр дæлейæ æрбацæйцыд, федта Хъауырбег сæр- даримæ кæй лæууыд, уый, базыдта цæуыл уыд сæ ныхасы сæр, уый дæр. Хъауырбег æм кæсгæ дæр нæ бакодта æмæ йæ иувæрсты ахызт. - Зын дын уыдзæн цæрын, - йæ фæдыл адзырдта То- тыр. - Тæригъæд дын кæнын. Хъауырбег мæстыйæ куыд цыд, уый дæр не ’мбæрста. Йæ алыварс фæткъуытонджытæм дæр нал каст. Афонмæ йын Ботаз æрхаста сихор йæ хызыны æмæ Хъауырбег æхсгæ уадæй цыдис йæ халагъудмæ. Халагъуды раз Си- лæмы уæлхъус Ботаз лæууы йæ зонгуытыл æмæ йæ до- нæй дзаг цæстытæ сзылдта Хъауырбегмæ: - Силæмы амалдта... - Чи?!. - сæнт хъæр фæкодта Хъауырбег, куыдзы фарс- мæ æрхауд æмæ йын йæ сæрмæ фæлæбурдта. Æркаст æм æмæ йæ фæстæмæ ауагъта кæрдæгыл. Йæ фæтæн риу урс тугæй ссырх, - Чи йæ амардта? - ныр сабырæй бафарста Хъауырбег. - Дыбыл, - йæ цæстытæ йæ тымбыл къухæй сæрфы æмæ кæугæ дзуапп дæтты Ботаз. - Абон ам æлбацæй цыд дæлийæ. Силæм ыл лæйдта. Дыбыл æй фыццаг лæдзæгæй цавта. Силæм ын нæ саст æмæ йæм йæ галиу лæбын къæдз бадалдта. Силæм ын ыл куыд ныххæцыд, афтæ Дыбыл йæ фалсæй стыл калд сласта æмæ дзы Силæмы ныццавта. Силæм æлхауд, фæлæ йын йæ лæбынкъæдз не суагъта, Дыбыл ын йæ сæлыл æллæуыд къахæй æмæ стыдта йæ къух. Мæнæ ма... - йæ хæкъуырцц нæ уромы, афтæмæй авæрдта Ботаз йæ къух Силæмы зыхъхъыр урс дæндæг- тыл. Хъауырбег сæм ныккаст æмæ сын се ’хсæн федта
хъуымацы скъуыдтæ. Хъауырбег сыл сæнцад, фæлæ не скуымдтой. - Гъе, уыдоны ран мын Гыбылы зæрдæ куы уыдаид! - Суæрæх сты Хъауырбеджы цæстытæ æмæ æрра æрттывд кæнынц. - Мæнæн афтæ, мацы, дам, зæгъ, æндæла, дам, дын дæ гыццыл уд сласдзынæн. - Дæ мады сæндæг, дам сласдзынæ, афтæ йын нæ загъ- тай! - Хъауырбег æрлæгъз кодта Ботазы сæр. - Ма ку ды. - О-гъы, маку, - йæ кæуын фæтынгдæр кодта Ботаз. - Силæм тæлигъæд у. Кæм ма нын уыдзæн Силæм? - Ма ку, дæ низтæ, ма ку. Ме ’фсымæр нал дæ? Хъæмæ ацу, - Хъауыр хызын равдæлон кодта æмæ йæ радта Бо- тазæн. - Æмæ Силæм та? - цæуынæввонгæй ма бафарста Ботаз. - Баныгæндзынæн æй. Ацу, ацу... Хуры бирæ нал хъуыд ныгуылынмæ. Хъауырбег баз- гъордта халагъудмæ, уым хосы бынæй сласта йæ зæронд цъæх майкæ, бабаста дзы куыдзы цæф æмæ йæ йе ’ккой баппæрста. Бел айста йæ къухы æмæ араст дыргъдоны астæу уагълыджын ауæдзмæ. Ацы ран гутоны бырынкъ никуы аныдзæвы, ам цæргæ-цæрæнбонты у æгайнæг æмæ никуы ничи бахъыгдардзæн Силæмы сыджыты хай. Хъауырбегæн йæ лæнк-лæнк цæуы, схæццæ ауæдзмæ, Си- лæмы æрæвæрдта цъæх нæууыл æмæ райдыдта ингæн къахын. «Тагъддæр, цалынмæ хур нæ аныгуылд», - зæлы Хъауырбеджы хъусты. Йæ хид йæ ныхыл æрмызт, йæ цæстыты бакалд æмæ сдудыдтой. Хъауырбег раппæрста йæ хæдон, йæ цæсгом дзы асæрфта æмæ айдагъ цыбыр- дысджын майкæйы къахы æмæ къахы. Æппæт дæр æй у рох, цæуы йыл иунæг мæсты бар æмæ æлгъиты Гыбы- лы. Иу метры бæрц куы ныкъкъахта, уæд йæ бел иуварс аппæрста æмæ Силæммæ æмырæй ныккаст. Хъауырбе- джы цæстытæй рахицæн дыууæ стыр цæссыджы æмæ уадултыл цæрдæг æрлыгъдысты. Чысыл Ботазы цур æф- сæрмы кодта, ныр æй ам ничи уыны æмæ йæ хъыджы тыппыртæ фæкъæртт сты. Хъауырбег цадæггай, цыма йын йæ буарæн фæриссынæй тарст, ауагъта Силæмы ин- гæны бынмæ, йæ рахиз фарсыл æй æрæвæрдта, йæ сæр ын скодта ныгуылæнмæ. Хуры фæстаг тынтæ хæхты
цъуппытæм куыд сивгъуыдтой, афтæ йыл бакалдта фæс- таг армы дзаг сыджыт æмæ сбадти йæ фарсмæ. Куыд бирæ йæ уарзта Силæм, зæрдæхсайгæ уарзт æй кодта. Фарон Хъауырбег кæмæйдæр къæбыла æрхаста, уадз æмæ, дам, Силæмæн чысыл æфсымæр уæд. Тымбыл, къуыдыры лыггаджы хуызæн уыд къæбыла, фехсой йæ æмæ къуыбылойау атулы. Чысылмæ алчи дæр фылдæр хъус дары æмæ Хъауырбег дæр арæх иста къæбылайы йæ хъæбысмæ, йæ дзыхы йын кæрдзыны къæбæртæ тъы- ста, йæ фæлмæн хъарм рагъыл ын йæ къухтæ уагъта. Хъауырбег иу къæбылаимæ куы хъазыд, уæд-иу Силæм дуаргæрон слæууыд, дурдзавдау, хъуынтъыз æмæ тар цæстытæй æдзынæг касти. Стыр мæт ын уыд, Хъауыр- бег къæбылаимæ хъазгæйæ, Силæмы кæй рох кæны, уый. Æмæ иуахæмы, бинонтæ мидæгæй уаты куы уыдысты, афтæ кæрты къæбыла узгæ-узгæ бауад Силæмы размæ. Силæм ын йæ астæумæ фæлæбурдта æмæ йын æй бал- хъывта йæ æндон æфсæрты æхсæн. Къæбыла ма æрмæст иу хъыззытт фæкодта. Бинонтæ разгъордтой кæртмæ, фæлæ ма цафон... Силæм æртæ боны хæдзары тæфтыл нал æрцыд... Зæндджын куыдз уыди Силæм. Хъауырбегæн æй Гы- былы хуызæн цыппар лæгыл куы ивтаиккой, - ницæй тыххæй сын радтаид ком. X Дысон уарыд къæвда. Фæткъуытæ тынд фесты æмæ ма дзы горæтмæ ласинаг чи баззад, уыдон Хъауырбе- джы халагъуды цурмæ æрæмбырд кодтой æмæ сæ хо- сæй бамбæрзтой. Фæззыгон сын тас у сийынæй. Халагъу- ды тагъди æмæ Хъауырбег йæ цæст не ’рцъынд кодта. Хъæццулы стыхта йæхи сæрæй къæхты бынмæ, бакъул кодта дуаргæрон æмæ касти æддæмæ, къæвдамæ. Æр- дæгæхсæв къæвда банцад, мигътæ абырæгътæ сты ар- выл æмæ се скъуыдтæй зæхмæ рагудзицц кодтой тыбар- тыбургæнаг стъалытæ. Цыма уыдон разындмæ æнхъæл- мæ касти, уыйау. Дæллаг сыхы иу куыдз срæйдта. Йæ рæйынмæ райдыдтой æу-æу кæнын сыхæгты куыйтæ дæр,
райхъал сты æмæ сæмбу кодтой уыцы фарсы куыйтæ дæр. Куыйты рæйдæй чысылтæ хъуысти расыг адæмы ныхас, æлгъитын. Æваст кæйдæр цъæхснаг хъæлæс айгæрста уæлдæф «0, уæрæйдæ!» æмæ йæ фæдыл даргъ ауагъта «гъе-е-еей!» Цымæ чи уыдзысты? Хъауырбег ам иунæгæй къæвдайы бын фæткъуыты уæлхъус æхсæвбадæн кæны, чидæр та йæ хъал бон калы. Райсоммæ арв бынтондæр раирд, фæззыгон фæлурс хур рагъæй сдардта йæ сæр æмæ йæ сыгъзæрин рухс ал- фамбылай æрбадт. Хъауырбег кæриты æхсæнты рацу- бацу кæны, йæ ком айвазы æмæ йæ цæстытæ аууæрды, хуыссæг йæхицæй суры. Æмбонды сæрты рог æрбагæпп кодта Хазбийы хо Мæ- динæт æмæ комкоммæ Хъауырбегмæ æрбацæуы. Афтæ раджы йæ цы хæйрæг хæссы ардæм, Хазбийыл мацы æр- цæуæд? Мæдинæт йæ развæдмæ кæсы æмæ йæ мидбыл- ты æнахуыр худт кæны. - Кæдæм цæуыс, кæ? - нæма йæм æрбахæццæ, афтæ йæ афарста Хъауырбег. - Никуыдæм, - дзуапп ын радта Мæдинæт. - Цы мын æрхастай? - Бирæ ницытæ. Хъауырбеджы цурмæ æрбахæццæ æмæ æркасти йæ урс тапочкæтæм: - Ныххуылыдз дæн. - Цæй-ма, дæу нæ фæрсын? Дзуапп мын радт. - Лæгмæ уазæг куы фæзыны, уæд æй фыццаг бадын æркæнынц, стæй та йæ хабæрттæй фæрсынц, - галиу æр- фыгыл хæрдмæ схæцыд æмæ цæстытæй Хъауырбегмæ зулмæ бакаст. Хъауырбегæн æндæр цы гæнæн уыд, ха- лагъудæй хъæбысы дзаг сур хос рахаста æмæ йæ хурварс æркалдта. - Рацу сбад! Сбадтысты. - Ныр мæм хъус! - йæ сæр йæ зæнгтыл æрæвæргæйæ, райдыдта Мæдинæт. - Дысон цы уыд, уый зоныс? - Нæ, ницы зонын. - Уæдæ дæхи фæхъæбæр кæн. Галя æмæ Темыр бафи- дыдтой.
Хъауырбег дæр, Мæдинæтау, йæ иу зæнгыл йæ къух дары æмæ йын йæ амонæн æнгуылдз йæ дæндæгтæй æлхъивы. - Æмæ цы? - даргъ паузæйы фæстæ бафарста Хъауыр- бег. - Ницы. Дæ уарзон, дам уыд, - Мæдинæт фиппайы Хъа- уырбеджы цæсгом туджы куыд зилы, уый. - Афтæ æнхъæл дæ, æз ницы зонын? Ды-иу Галямæ куы кастæ, уæд æз та - дæумæ, - цыма йæхæдæг йæхицæн хъуыдытæ кæны, уый- ау дзуры Мæдинæт. - Иухатт нартхор куы ’взæрстам, уæд ды Галяйыл нартхоры æфсир фæкодтай. Афтæ æнхъæл дæ, ничи дæ федта? Кæнæ нæ кълас æмдзæвгæйы авторы агурынæй сæрзылд куы фесты, уæд дæ ничи базыдта. Æз æм куыддæр æркастæн, афтæ дæ де ’рмдзæфæй базыд- тон. Дæ карчы къæхтæй... Мæ бон нæ уыд æмæ дæ схъæр кодтаин. Тарстæн дын. Бафхæрдтаиккой дæ. Къæйных æмæ къæбæда Мæдинæты хъæлæсы Хъа- уырбегмæ фехъуыст фæлмæн, рæвдауæн мыртæ æмæ фырдисæй йæ цæстытæ æртъæбæртт-æртъæбæртт код- та. Циу ай, зæгъгæ. - Галя та дæ... - Мæдинæт дарддæр йæ ныхас кæны. - Мæ маст-иу æм скъуыд. Уыцы горæттаг рæуæд! Хъауырбег фестъæлфыд. Æрра сси Мæдинæт æви... Цы ныхас схауд йæ дзыхæй. Мæдинæт тынгдæр нылхъывта йæ гуыр йæ уæрджытæм, йæ къухтæй сæ æрбахъæбыс кодта, афтæмæй. Хъауырбеджы æрдыгæй рахиз цæсты хаутыл сæууон æртæхы хуызæн цæссыг хуры тынтæм зыр-зыр кæны. Хъауырбег фергъуыйау. Кæцæй йæм каст ацы бæллæх та? - Мæ-Мæди, - йе ’взаг йæ дзыхы нал арæхсы Хъауыр- бегæн. - Уый та... Цы ми кæныс? Афтæ хорз нæу. Æз Хаз- бийы хæлар дæн. - Æмæ у Хазбийы хæлар. Æз та дын чи дæн? - Ды та Хазбийы хо дæ æмæ худинаг у. - Худинаг, - Мæдинæт йæ цæст асæрфта йæ зæнджы уæдæрттыл æмæ зыр-зыргæнаг цæссыг айсæфти ,- Худинаг æндæр цыдæр у... Æз æй зыдтон, Галя дæу кæй нæ равзардзæн æмæ дæм мæ зæрдæ никуы бауа- зал. Æцæг дæм мæсты кодтон æмæ дын мæхинымæр дзырдтон: «Куырм! Куырм?» Афтæ æнхъæл дæ, Темыр
дæуæн дæ мæрдты уæнгæл у æмæ Галяйæн дæр афтæ у. Галя йæ уарзгæ, чи зоны, нæ кæны, фæлæ, дам, Темыртæ хъæздыг цæрынц. Ам сын хæдзар, ныр Сандыр горæты дæр сарæзта хæдзар. Куыддæр Галя ам скъола каст фæуа, афтæ ныццæудзæн горæтмæ æмæ уым Темыримæ цæр- дзæн. Фæллой бирæ, æхца бирæ. Æндæр æй цы хъæуы Галяйы! Алы хатт та-иу афтæ фæкодта: æз, дам, смой кæндзынæн ног хæдтæхджытæ чи фæлвары, ахæмæй, кæннод та академикæй. Уыдон, дам, бирæ æхца исынц. Æмæ базаргæнæджы фыртæй смой кодта. Уыдон дæр... Цин дын фенон... Ацы аз Сандыр Уырысмæ сæ дыргъдоны фæткъуытæ аласта æмæ дунейы æхца æрхаста. «Æз та йæ паддзахы рæсугъд фæткъуыйыл барстон, - йæхинымæр дзырдта Хъауырбег - Кæд æцæг Темырæн, хъæзныг кæй у, уый тыххæй сразы, уæд... Æддейæ рæ- сугъд, мидæгæй - æмбыд». Хъауырбег рахатыд, æгæр би- рæ æнæдзургæйæ кæй лæууы æмæ йæм Мæдинæт цы- дæр ныхасмæ æнхъæлмæ кæй кæсы. - Дис кæнын, уыцы расыг адæм кæмæй цæуынц... - Афтæ æнхъæл дæ, горæтæй едæн æрбацыди. Гъе, уым, дам, хæтыд, йæ фыд дзы нал фæрæзта æмæ йæ ардæм йе ’фсымæрмæ рарвыста, ноджы фергомдæр Мæдинæ- ты фыдæх Галямæ. - Æмæ сын ссардта сиахс. Телеграфы цæджындз. Куы фæцуда, афоныл æм быцæу куынæ бавæ- рай, уæд йæ сæрæй зæхмæ ницыуал æрхæццæ уыдзæн! - Уыдон ныууадз, - бахудти Хъауырбег Мæдинæты ныхæстæм æмæ йæм фыццаг хатт йæ царды лыстæг ба- касти. Монгойлаг къуыпп уадултæ, саулагъз рæхснæг хъуыр æмæ гом хурмæсыгъд цæнгтæ хъæддых æмæ хъан- дзалæй лæууынц, Хъауырбегмæ афтæ кæсы, цыма сыл кæсаджы буарау къух бырдзæн, нæ сыл хæст кæндзæн. Сатæг-сау дзыккутæ, Хъауырбегæн йæхи сæры хъуын- тау, бæзджын æмæ дæрзæг, къæбутыл сæ амбырд кодта æмæ сæ хæцъилæй абаста. Донæй сæ алæгъз кодта æмæ æрттивынц. Хъауырбег кæсы Мæдинæтмæ æмæ йæ цæс- тытыл не ’ууæнды. Кæд сдзæбæх афтæ! Чысылæй нырмæ фæрстæй-фæрстæм рæзынц, иу скъолайы ахуыр кодтой æмæ йæ ныронг куы никуы бафиппайдта. Кæрдæггъуыз цъæх æдгуыр къаба æнгом бады Мæдинæты буарыл.
Цыма айдагъ тæнæг къабайы куыд рацыд сæумæ раджы æмæ йæ æнæнхъæлæджы афарста: - Цæмæн скодтай ацы къаба? Уазал дзы нæу? - Куыд цæмæн? - Мæдинæт æм æрбазылдта йæ сау хинæйдзаг цæстытæ æмæ сæ бахудт. Хъауырбег бамбæрс- та, æнæхъола фарст кæй бакодта Мæдинæты, æмæ уый дæр бахудт. «Æмбары мæ, - ахъуыды кодта Мæдинæт. - Æниу... ацы лæппутæ къодæхтæ сты», - æмæ йæ цæмæй Хъауырбег хуыздæр бамбæрстаид, уый тыххæй йын æры- мысыд бынтон рагон хабар. - Цъалайы лæбырæнæй сымах раздæр слыгъдыстут ныр кæм цæрæм, уырдæм. Мах уæ фæстæ слыгъдыстæм æмæ нæ сымах рæстæгмæ уæ цæттæ уæттæй сæ иумæ ба- уагътат. Уæд ма мæн авдæны бастой. Нана йæ дзырдта, ды, дам, нæм æрбацыдтæ Гыгыимæ, ныккастæ, дам, мæнмæ авдæнмæ, иу къуымых кард, дам, дæ къухы уыд æмæ, дам, бадзырдтай Гыгымæ: «Нана, алгæЪдон æй!»... Уый мæнæй загътай... Отелло æмæ Дездемонæ! - ныкъ- къæл-къæл кодта Мæдинæт, фæгæпп кодта æмæ бауад ха- лагъудмæ, - фенон дын дæ цæрдтытæ... Хъауырбег дæр йæ фæдыл бараст. - Нæй, нæ дæ рухс кæны мæ зæрдæ, - къуымты йæ цæстытæ рахаста Мæдинæт. Февнæлдта къуыммæ æмæ райста Хъауырбеджы хæдон. Нычъчъизи дын. Æри æз æй ахсон. Гыгыйы йæ хæдзары митæй не ’вдæлдзæн. - Нæ хъæуы, уадз æй... - хъуамæ ма исты загътаид Хъауырбег, фæлæ йæм Мæдинæт цæхгæр фæзылд, йæ былтæ йын йæ æнæдаст русыл андæгъта æмæ дуар йæ фæдыл ратъæпп кодта. Хъауырбегæн йæ къухтæ ауыгъ- дауæй аззадысты. - Мæнæхæйрæг! Рацыд халагъудæй, фæлæ Мæдинæт никуыуал ра- зынди. Маст кæнын дæр æй нæ бауагъта. Йе ’ппæт зæрдæ йын æнæнхъæлæджы æхсызгондзинады хай фæкодта. Афæл- дæхт, кæм бадтысты, уыцы хосыл уæлгоммæ, йæ къухтæ фæйнæрдæм аппæрста, тохы быдыры æваст фæмардуæ- вæг салдатау, æмæ арвы цъæх бынмæ кæсы. Цыдæр фæ- хъуыды кодта æмæ растад. Систа йæ риуы дзыппæй йæ
паспорт æмæ, нартхор æвзарæны цы ныв систой фарон, уымæ æркаст. - Мæнæ гъе, - йæ амонæн æнгуылдз æрæвæрдта ны- вæн кæронæрдыгæй. Мæдинæт зыны Хъауырбеджы фæс- уæхск. Бæрæг нæу, кæдæм кæсы - нывисæгмæ æви Хъа- уырбегмæ. Кæдæй нырмæ цыдис йæ фæрсты Хъауырбегæн æмæ йæ куыд нæ уыдта! «Куырм! Куырм!» XI - Абонæй фæстæмæ - сæрибар! Лади ницы дзуры Хъауырбеджы ныхасмæ, æрмæст «о; о» кæны æмæ йæ риуы дзыппæй цæйдæр гæххæттытæ исы. Иу сыф дзы æрхаудта зæхмæ æмæ йæ фæдыл ныг- гуыбыр кодта. - Зоныс, адон цы сты? - гæххæтты сыф куы систа, уæд бафарста Лади. Хъауырбег сæм бакаст: - Мæнæ календары сыфтæ. - Календарæй календары сыфтæ сты, фæлæ сæ цы фыст ис, уыдон ма мын раив. Хъауырбег айста календары сыфтæ, сæ фæстейæ фæрс- тыл ис дыргъдоны кусæгæн уынаффæтæ. - Æз мæхæдæг уырыссагау уый бæрц дæсны нæ дæн, - цыма истæмæй зылынджын у, уыйау æфсæрмы кæны Лади. - Æфсады уыдтæн, дыууæ лвы дзы фæхæцыдтæн, стæй мæ галиу цонг фæцæф æмæ нал сбæззыд, бахуыскъ æмæ мæ рарвыстой ардæм. Уыцы æрцыдæн ахуырыл куы ныххæцыдаин, уæд уырыссаг æвзаг дæр зыдтаин. Мæ бинонтæм фæкæсæг нæ уыд æмæ фыййау ныллæууыд- тæн. Абон-сом, абон-сом кодтон - æмæ кæсыс: мæ дыу- уиссæдз азы мæхи фесты. Ахуыр дæр не скодтон æмæ ед дæр. Бирæ нæ, фæлæ уырыссагау æдæрсгæ кæсын- фыссын куы зонин. Иронау бæргæ зонын, фæлæ иронау та дыргътæм куыд зилын хъæуы, уый фæдыл чингуытæ нæ арын. Гъе, æмæ мæм сæвзæрд ахæм фæнд: зымæгон фылдæр уæгъды бадæм. Ды, æвæццæгæн - æвæццæгæн нæ, фæлæ æнæмæнг - дæхи цæттæ кæндзынæ фæсаууон ахуырмæ нæхи хаххыл цы институт ис, уырдæм æмæ- иу мæнæн дæр истытæ ацамон. Дыргъдоны куыст куыд *19
æнхъæлыс? Æнцон нæу. Мæнæ дæ цæсты раз бур кæны фæткъуыбæлас, йе ’мбæлттæ йæ фарсмæ цъæх-цъæхид дарынц. Цæмæн афтæ у? Дæ сæр ыя сæттыс æмæ йын ай бæрц дæр... - Лади йæ хистæр æнгуылдзы ныхæй йæ уæллаг дæндаг фæкъæпп кодта, - ницы æмбарыс. Ахуыр лæг ам хъæуы, ам, мæ лымæн, фæлæ ахъуыды кæн... - Хорз, - гæххæтты сыфтæн се ’ппæтмæ дæр куы ’ркаст, уæд загъта Хъауырбег. - Æз дын сæ раивуцзынæн ирон- мæ, тетрады дын сæ ныффысдзынæн. - Иæ дзыппы сæ нывæрдта. - Институт та... Фенæм. Мæхи зæрды дæр аф- тæ ис... Цом, ныр мæ халагъудæй мæ муртæ рахæссон, æмæ куыд фæцæйцыд, афтæ йæм Лади адзырдта: - 0, хæдæгай, фæцæй мæ рох кодта. Гъе, уым дын ног æхсæнгарз ныххастон. Гыбылы лæвар! Хъауырбег йæ халагъуды канд æхсæнгарз нæ ный- йæфта. Æхсæнгарзы фарсмæ - ауыгъд йæ хæдон, сыгъ- дæг æхсад, итуæвæрд. Мæдинæт æй æрхаста. - Мæнæ ай та цы у? - дуаргæронмæ фæгуыбыр код- та Хъауырбег æмæ систа цыппæрдигъон цъæх конверт, «г.Сталинабад - 13. №... Хъоцыты Хазбимæ. - Æмæ дзы куыд рантыст! - бадис кодта Хъауырбег. - Æрæджы йын йæ мады фарстон æмæ афтæ: æрмæст, дам, иу письмо æрæрвыста, уымæй дæр цахæм - дыууæ хъуы- дыйады дзы уыд æгасæй: «Дзæбæх, æнæниз дæн. Уæ зæрдæ мæм ма хсайæд». - Хъауырбег райхæлдта письмо - стыр, гауызы йас. - Кæд мын фæуыдзæн каст? - æрбадт хосыл æмæ йæ райдыдта кæсын. «Зынаргъ маркиз!» - Йæ къулбадæг ныхæстæ уым дæр нæ уадзы, - бахудт Хъауырбег. «Мæ письмойы фыццаг рæнхъыты дæм æрвитын æх- сидгæ большевикон, фæскомцæдисон æмæ хæстон са- лам! Мæ номæй иу къоды дзаг салæмттæ радт нæ цыт- джын хистæр Ладийæн! Бауырнæд дæ, æвзæр лæг нæу. Æз æй ам хуыздæр бамбæрстон. Æвæццæгæн, лæг хохæн йæ фарсмæ куы лæууы, уæд æм уыйбæрц стыр нæ кæсы, дард дзы куы ацæуы, уæд æм, æцæг, стыр æмæ бæрзонд разыны. Дедтæ дын иннæмæй цæмæннæ зæгъын, Тоты- рæй. Марг у, фæлæ дзы дæхи хиз. Куы цыдтæн, уæд дæ нæ афæдзæхстон æмæ дын тæрсын, йæ хызы дæ ма баппа-
рæд, хæлуарæгау. Мæнæй тарсти. Æз ыл-иу счордтытæ кодтон æмæ-иу зæххæй уæлæмæ нал зынди. Иннахæм - Уано, агроном. Кæд ма дæм фыд-зæрдæ хæссы, уæд- ма-иу ын йæ Кокйоны кой скæн. А-лæппу дын æй æддæг-мидæг ауайын кæндзæн. Нырма уал аздæхон»... - Куы йæ зонис, тагъд сын сæ фарст правлени æвзар- дзæн, уæд бастæй дæр не ’рлæууис, æрхæццæ уаис! - цыма Хазби йæ фарсмæ ис, ахæм ныхас кæны Хъауырбег. - Кæд де ’рцæуынмæ сæ бынæтты нал уаиккой... «... Æвзæрты кой - къаддæр! Цард хорз адæймæгтæй фидауы æмæ-иу Ладийæн ноджыдæр мæ зæрдиаг са- лæмттæ радт. Нæхиуæттæн дын ницы æрвитын. Æрмæст, дæ хорзæхæй, исты хъуаг куы ’ййафой, кæнæ сæм искæй сæлхæр куы хъыззы-хъыззы кæна, уæд-иу сæм дæ хъус фæдар. Мæ мад дæр, дæ мадау, йæ царды фыдæбоны йед- дæмæ ницы федта æмæ йын тæригъæд кæнын...» - Гъæ, æнæмæт лæг! Федтай! - æхсызгон худт бакодта Хъауырбег.- Æз, дам, ницæуыл тыхсын. Мæлæты лæг! «Абæрæг-иу нæ кæн хæдзары»... - Уый дын гъе, - уайтагъд сагъæссаг хуыз равдыста Хъауырбеджы цæсгом. Стæй куы ’рцæуа, уæд зæгъа: мæ хойы, дам... Ох, ацы чызджытæ! Лæг сæ хъуамæ иу арты сфизонæг кæнид... «...Мæхи цард æйтт у. Æцæг, нæ хистæр къухыл тухгæ нæу. Гаупвахтæйы мæ иу-дыууæ хатты баппæрста. Уым дæр æвзæр нæу, фæлæ - дæхæдæг нæ зоныс - къахæвæ- рæн сыгъдæг кæнын хорз дæр нас хъуамæ уа!...» - Нæ, нæ! - ногæй та худынæй барухси Хъауырбеджы цæсгом. - Уым дын Лади нæй. «...Горæты цæрынц таджиктæ. Куыннæ сæ фехъуыста- ис? Кæддæр нын афтæ куы амыдтой скъолайы: ирайнаг, таджикаг æмæ ирон æвзæгтæ, дам, иу бинонтæй сты. Уæд сæ бинонтæ макуы аскъуыйæнт, кæд нæу афтæ. Æз мæ бинонтæй нæ, фæлæ нæ хъæубæстæй кæй фæнды ныхас ардыгæй дæумæ дæр ’мбарын. Адонæн сæ дзыхы бахауын: дыгъал-дыгъул кæнынц. Хейæ-бойæ сын хуыцауы бын ницы æмбарын. Æнæуый хорз адæм сты. Зæрдæхæлар, уазæгуарз. Мæнæн дзы ныр цалдæр æмбалы ис. Шофырыл иумæ ахуыр кæнæм. Шофыр уыдзынæн, шофыр æмæ - æй дæ мард макуы фесæфа, маркиз Форлипополи! Гъе уым
мæ ныццыдмæ чындзæхсæвыл сархай. Æз дын дæ бæлоны машинæйыл æрдавдзынæн. Ацы рæстæджы уæрдоныл ничиуал кæны чындз. Атомы энерги æмæ ракетæты дуг у. Газетты нæ кæсыс?!.» - О-о! - йæ сæр æркув-æркувгæнæгау, бакодта Хъауыр- бег. - Сымахæй хъæмæ цы дард у. Æгасæй ссæдз къах- дзæфы. Уырдыгæй уырдæм машинæйыл нæ, ракетæйыл хæссын хъæуы чындз! «...Иудзырдæй, ма тыхс. Æз дын удæгас уон æмæ ды та мæнæн, уый йеддæмæ махæн чи цы хъомыл у. Æз рагæй дæр мæхи гени æнхъæлдтон æмæ æцæг афтæ нæ рауади! Ибон иу чиныджы бакастæн: гени, дам, у фæразондзи- над! Дæ уд - де ’вдисæн, æз алцæмæн дæр фæразын Гени- йыл ма сыкъатæ вæййы! Фæраз æмæ тох кæн! Фысс мæм письмотæ. Дæ уындмæ бæллæг Маркиз Форлипополи». - Гъе, худæг фæуай, нæхи Хазби! - Письмо батыхта æмæ йæ конверты бавæрдта Хъауырбег. Рацыд æддæмæ хала- гъудæй. Цæй ирд æмæ цæй хъарм бон у! Афтæ куы уа, уæд ардыгæй январмæ саузым ахæсдзæн. Хъауырбег ныр сæрибар у, фæткъуы тынд æмæ ласт фæцис горæтмæ. Йæ къухтæ дард фæхаста æмæ йæ уæнгтæ тыхджын ай- вæзта. Цыма ныронг дыргъдонæй æддæмæ цæугæ дæр æмæ кæсгæ дæр никуы кодта æмæ цыма абон цалдæр мæйы фæстæ фыццаг хатт кæсы сæ хъæумæ, урс агъуыст скъоламæ æмæ цъæх бын æндонгъуыз лчæсгуытæм. Ра- гæй нал ацыд Хъауырбег сæ цурты. Абон скæндзæн йæ ногæхсад итуæвæрд хæдон æмæ сыл азилдзæн. Ацы зæхх бирæ диссæгтæ бавзæрста. Йæ фыдæлты хъайтардзинады цыртдзæвæнтæ - уæлæ уыцы сæрыс^ыр мæсгуытæ. Йæ ныры фæлтæры ног рухс царды гæнах - уæлæ уыцы райдзаст скъола. Бирæ сæ уарзы Хъауырбег. Уадз зын ын уæд цæрын. Æнцон та кæд уыди! Хъауыр- бег ныртæккæ ныууадздзæн йæ халагъуд, фыццаг уал бацæудзæн сæхимæ, стæй уырдыгæй - скъоламæ æмæ мæсгуытæм. 0, фæлæ йæ Гыгы куы бафæрса, чи дын ных- садта æмæ ныйиту кодта дæ хæдон, уæд ын цы зæгъдзæн? Хъорнис, 1959
МАЯКОВСКИЙЫ ЦЫРТ МÆСКУЫЙЫ Бакæс æм, - сауайнæг хох, Лæууы, мæ хуызæттæй сæдæ хатты стырдæр. Дуджы намыс, йæ хъару, йæ тох, Дугимæ чи кæны цин дæр, мæсты дæр. Лæууы, æмæ дæ кæд фæнды, - Æсхиз йæ цъуппмæ, альпинистау. Уым фендзынæ, кæй онг сырæзтæ ды Поэзидæ цахæм бæрзæндмæ систа! Сталинир, 1959 РАСЫГÆХСÆВ Бæлæстæ ’нкъуысынц бæгънæгæй, не ’нцайы дымгæйы тухи, Мæй фæзыны, æрбайсæфы Рудзынджы ’ддейæ. , Фынгыл зары ирон чызг, нуазæн - йæ къухы, Цыма кæдæмдæр фæхаудтон мæ зонгæ дунейæ. Зары фыдæлтон хæстоныл, кады мæлæт равзæрста, Йе знæгты милмæ æвæргæйæ мисхал нæ ивгъуыдта. Чызг цыма алцыдæр йæхæдæг бавзæрста,
Ивгъуыдæй цыма ’рцыдис, ивгъуыдау. Цæстытæ - аивзул, сау, уадултæ - монгойлаг, Схæццæ сты дыууæ туджы фыдазты тары. Нуæзтджын нæлгоймæгтæ бахъырнынц, зары ирон сылгоймаг, Аланты æнусон уæздан хъæлæс зары. Аланты байзæддаг, алайнаг рæсугъд чызг, Мæ цардмæ æрцыдтæ, - ныджджихи дæ зарынмæ. Хæлар ын кæндзынæ дæ зæрдæйы рухс зынг Æви йæм монголтау æрцыдтæ халынмæ? Нæй, ничима кодта дæ хуызæн мæ цæргæйæ Мæ номдзыд фыдæлты уыраугæ зарæг, Æмæ нæ зонын, цы у мæ зæрдæйæн: Алæмæтаг зарæг гъе удхайраг хъарæг? Зар, мæ уарзон! Дæ хъæлæс тæхæд тызмæгæй, сыгъдæгæй Дæ хъæлæс судзæд, фæдисы артау. Монгойлаг æрцытау, бæлæстæ ’нкъуысынц бæгънæгæй Мигъуылæнты фæленк кæны мæй, алайнаг уартау. 1959
* * * /Нæй æнæ фæззæг иу аз дæр зæххыл гæнæн, Нæй гæнæн, фæлæ мæн цы хъæуы? Фæззæг æрдзмæ æрцæуы - æрхæндæг лымæн, Фæззæг алкæмæ дæр æрцæуы. Кяердæг бахуси, цъыфы нæй, сурау, цæуæн, Хъæды бæлæстæ калынц сæ пакъуы. Макуы, макуы уæд афтæ дæ царды дæуæн, Аготæ макуы уæд, макуы! гЬвэ ПАРТИМÆ ДÆ БАЦÆУÆН БОН Арфæйаг дæ бацæуæн бон партимæ! Арфæйаг фыццаг хатт азæххыл цæуыс партионы бартимæ, Дæ алы къахдзæф дæр - бæрндзинад. Парти - уый нæу алцæмæй йедзаг хæдзар, Бацу, фæлмæн къæлæтджыныл æруадз дæхи фæстæдзæг, Дæ уды фæндиаг дæхинымæр истытæ зар, Нуаз шампайнаг сæн, куыд дзы кæнай хъæлдзæг. , Тас дзы ницы ис, - къултæ уазал нæ уадзынц, Къæвда не ’ртæдздзæн царæй, - ма тæрс!.. Нæ, уый парти нæу - милуантæ йæ хорз æмбарынц
Æмæ партийæ уыдоны бафæрс. Парти - уый у æгæрон тыгъдад, Уым быдыртæм хæхтæ æркæсынц бæрзондæй, Уым дымгæ нæ зоны æрулæфт, æрбадт, Уым денджызтæм фурдтæ уайынц сонтæй. Уым - арв æмæ зæххы æхсæн - Тох цæуы æрдзы æрра тыхтимæ. Уым хæдзæрттæ - хæхты хуызæн - Схæрд кæнынц арвы риумæ, Уым лæджы æнæнцой хъуыды Фехсы ракетæтæ стъалытæм. Уым рæстдзинад нæ мæлы фыдты, Кремлы рухсау, æрттивы алырдæм. Уым æнæтайгæ ихты бын агурынц цард, Уым кæддæры сыгъд быдыртæ фестынц дыргъдæттæ. Уым мыггæгтæ цæрынц кæрæдзимæ дард, Фæлæ иумæ сты се ’ппæт хъуыдытæ, сæ фæндтæ. Гъе, уый у парти æмæ-ма зæгъ, мæ бон, Саби къæбæрыл куы кæуа, уæд ын фæстаг комдзаг раттын суыдзæн дæ бон?! Уадтымыгъ бæстæ куы хæсса, уæд йæ ныхмæ цæуын суыдзæн дæ бон?!
Адæм куы ныссæдзой цъыфы, уæд сæ раласын суыдзæн дæ бон?! Знаг дæ куы ’рæвæра милмæ, уæд æм комкоммæ кæсын суыдзæн дæ бон?! Æнцон у мæт кæнын; - æнæмæт уæвын у зын, Æнцон у тасæй кæуын, - фидар уæвын у зын, Æнцон у гæды зæгъын, - æцæг зæгъын у зын, Æнцон у ахауын зæххыл, - зæххыл лæууын у зын, Æнцон у мæстæй мæлын, - цинты цæрын у зын, Æнцон у стыр бынат ахсын, - стыр лæг уæвын у зын, Æнцон у дуртæ хæссын, - сырх билет хæссын у зын. Парти - уый у тыхджынты бынат, Уым цы ми кæнынц фæлитойтæ, тæппудтæ. Парти - уый у Ленины номдзыд æфсад, Намысы рицартæ, Удæй рæсугъдтæ! Парти! - Уымæн йæ фæндагæй макуы аздæх, Сты йæм дзыллæты рухсдæр, цырен сæнттæ Æмæ йæ фæдыл ацæудзæн æгас Зæхх, Зæххы фæдыл та - планетæтæ! Сталинир, 1959
ДУРГÆНÆГ - Бирæ чи куыста, уый дæр, дам, нал ис, Уымæн дæр, дам, йæ риуыл сыджыт ныккалдис. 0, алкæмæндæр ис йæхи зонд, Бирæтæм алцы цæуы æввонгæй, Фæлæ æз хъуамæ уæлæмæ схизон Æмæ та къултæ амайон ногæй. Хæдзар рæздзæн, хæрдмæ цæудзæни, М’ алфамбылай бæстæ уæрæхдæр кæндзæни. Ку ’акæсын алырдæм - байрайы зæрдæ, Уынгты машинæтæ кæнынц дыууæрдæм. Æхсæв электронтæ калынц æнæнтау цæхæртæ, Слæууынц хъахъхъæнæг хæдзæртты дуæрттæм. Хæдзæрттæ рудзгуытæй улæфынц сатæг, Дыргъдоны бæлæстæ базмæлынц цадæг. Поэты чингуытæ - магазины рæдзагъдæй, Радио циндзинад тауы йæ цагъдæй. Уый - чи куыста, уыдон цæрынц æмæ цæрдзысты: Зæгъут-ма, чи нæ куыста, уыдон та кæм ысты?! Сталинир, 1959
СÆЙРÆГТÆ: 1948 аз Азар 3 Октябрь 3 Фæззæг 4 1949 аз Сталины монумент с. Сталиниры 5 Фæскомцæдисон билет 5 1950 аз Ногзарæг 7 Бригадир 7 Садзæмталатæ 8 Электростанц 8 Къостайæн 9 1951 аз Фидыдад 10 Райгуырæн хъæу 10 Хæхтыл 11 МæИр 12 Сталинир 12 1952 аз Хæлардзинады мотивтæ ирон советон поэзийы 13 Уанаты къанауаразджыты зарæг 20 Корейаг æмбалмæ 20 1953 аз Журнал «Фидиуæджы» гуымир рæдыдтыты тыххæй 22 Мæнæн цыдæр, дæуыл куы фембæлдтæн 27 «Æмбисæхсæвæй ахызт. Уынгты нал ис адæм...» 28 «Æз мысын дæу...» 28
Поэт æмæ бригадир 29 «Нæу алкæмæн мæ зæрдæйы дуар гом...» 31 Дзуры фæскомцæдисон ерас!: - цæуыл фæцис фырдæимæ йæуарзт 31 Нæ мæ ’вдæлы 33 Мыст æмæ йæ лæппын 34 1954 аз Иумæ 36 Фыстæг 37 «Мæхæлар...» 39 Ирыстонмæ цæугæйæ 40 1955 аз Къухтæ 41 Кафагчызг 41 Нæзы 42 Нæзы (вариант) 43 Æрдæгмæй 43 «Сырх уардитæ, æрцыдис та уын афон...» 44 Цад 44 «Бæргæ, мæныл дæуæй хъаст кæнын не ’мбæлы...» 45 Фыццагныхас 45 Мæчысыл саби 46 Сæдæаздзыд 47 Быдыргæс 48 Ирон лæппу - тбилисаг 49 Æдзæрæгбыдыр 50 Мадмæ 51 Зæронды бæллын 52 «Ды, куыд мæнæ хохаг суадон...» 53 Бало-Отелло 54 Отелло 54 «Бæрæгбон та фæцис æмæ та ногæй...» 55 «Æддæдæр лæуу, - дæхи йыл уæгъды ма ныхас...» 56 «Мæ рудзынджы цурты...» 56 Уырыссаг 57 Бæрзондхох 58 «Денджызы былыл æруыгътон æз дуртæ...» 59
1956 аз Цардмæ уæлæнгай цæстæнгас 60 Фæндаг æмæ дымгæ 65 Мысæнæхсæв 67 «Фæцæуын æз сæумæйæ ногуард митыл...» 68 «Ды рахызтæ хæдзарæй...» 68 «Рынчындоны æнуд палатæмæ...» 70 Хæлæрттæ - бæлæстæ 72 «Силæм, Силæм...» 75 «Силæм, Силæм, мемæ фыййау фæцыдтæ...» 76 Шакро 77 «Цæуы æгъатырæй, æнæуромгæ, рæстæг...» 87 Цардмæ хæстæгдæр 88 Цалдæр фиппаинаджы 92 «Æз мæ хъæу...» 95 Нафийы чиныг «Лирикæ»-йы тыххæй 98 Сабитæм 103 1957 аз Уарзын 104 «Куыд мæгуыр у...» 105 «Адæм дзурынц: - Цæуыл у дæ сагъæс...» 106 «Мæ алыварс кæй уынын æмæ чи ис...» 107 «Абон уары, уары æмæ уары...» 108 «Мæнæ, гъе, мæ Иры зæхх, мæ хæхтæ...» 108 Уарзтæй зæрдæдзæф 109 «0 ме стъалы, куыд рæсугъд дæ, куыд рæсугъд!..» 112 «Куыд зын у!..» 112 «Дæу цы фæнды...» 113 Октябры боны 114 ХикметУырысы 116 Къоста - мæ уазæг 116 «Бонцъæхтæ...» 120 Фæззæг 120 «Мах абон кусæм фидæны рæдау бонтæн...» 122 Мæ хъæу- мæ раттæг 122 Тæрккъæвдайы 123 Гæцийыуацмыс 125 Поэт-разамонæгмæ 126
«Мæн рынчындонæй рафыстой нæхимæ...» 126 Къоста 127 Мад 128 «Цом-ма, ацæуæм, ацæуæм иумæ...» 129 Гæбилаты Гæбил 129 Критикæ æмæ публицистикæ Гафезы «Тулдзы къох» 133 1958 аз Цæргæс 142 Æгъатыр хъуыды 145 Быдыр 151 Миллиард 153 Изæрыгон 154 Зæрдæ 155 Поэтмæ 159 Романтикæ . 160 «Мæн фæндыд кæсагдзауау фæцæрын...» 161 «Мæнæн æй радзырдта мæ коймаг...» 162 «Æз тагъд нæ кодтон, æз цыдтæн сындæггай...» 163 Хъысмæтыхин 164 Лæджы бæллиц 165 Фыстæджытæ Хъазахстанæй 166 Хъуылаты Созырыхъо 169 1959 аз Критикæ хъуамæ уа эстетикон 205 Гоголь 210 Шекспир 213 Поэтикон хæдбарад 215 «Балц Европæйы алварс» 218 Хърихъуппытæ 220 «Ызнон, æваст...» 223 «Нырма хæлæг, чъынды сты хъарм бонтæ...» 224 Денджыз 225 Саби 227 Артисткæ 231 «Ног арæзт хæдзар, шиферæй агъуыст...» 232 Буцитæ 232
Поэтрæзы 234 Дайраныл - Хъызлармæ 237 Саударæгмад 239 «Мигътæ арвæй кæсынц æмæ кæсынц зæхмæ...» 242 Къостайы цыртмæ 243 «Чидæр айвæзта фæндыр, - фынафон фæсæнтдзæф...» 243 «Ды мæн хоныс дзæгъæлдзу, хæтаг мыл æвæрыс...» 244 «Гуыбыр-гуыбыр рацыд зæрондæй æфхæрдæй...» 245 Цæрынзыну 246 Маяковскийы цырт Мæскуыйы 293 Расыгæхсæв 293 «Нæй æнæ фæззæг иу аз дæр зæххыл гæнæн...» 295 Партимæ дæ бацæуæн бон 295 Дургæнæг 298
Дзуццати Хаджи-Мурат Аранбекович ИЗБРАННОЕ (Первая книга) Книга издана по решению Издательской комиссии Государственного комитета информации и печати Республики Южная Осетия Редактор М. Р. Казиев Художественный редакторÆ Н.Джиоева Технический редактор В. А. Тедеева Корректор В. С. Кудзиева Компьютерная верстка В. И Вазагов Подписано в печать 10.09.2020. Формат 84x108 У32. Бумага офсетная №1-80 г. Печать офсетная. , Уч.-изд. л. 14,6. Усл. -печ. л. 15,96. Тираж 300 экз. Заказ № 127 Дом печати РЮО, 100001, г. Цхинвал, ул. В. Путина, № 7. Полиграфическое производственное объединение РЮО. 100001, Республика Южная Осетия, г. Цхинвал,ул. В. Путина, № 5.