Текст
                    ЧИНЫГУАДЗÆН <ИР»
ОРДЖОНИКИДЗЕ * 1986


840сет М21 Мамсыраты М. ■ М21 Æцæгæлон бæстæ. — Орджоникидзе: И1 1986.—105 ф. ш Мамсуров М. М. Чужбина. 15 к. В путевых заметках автор рассказывает о своих встречах с потомками осетин, примкнувших к персселсиию горцев в Турцню в 60-х годах прошлого столетия. 5000000000—25 М 5—86 840се{г М131(03)-86 й © Издательство «Ир», \9бр
АВТОРÆЙ Чысыл лæппуйæ федтон уыцы цау, фæлæ мæ цæ- мæдæр гæсгæ абоны онг нæ рох кæны. Æвæццæгæн, кæйдæр бæллæх, кæйдæр æнамонддзинад фыццаг хатт кæй уыдтон, уымæн афтæ арф ныххызт æззонг зæрдæ- йы хуымæтæджы чысыл хъуыддаг. Цы ’рцыдис уæзгæ та? Кауы рæбын задис бæрзонд пысыратæ. Æмбæхсты- тæй хъазыдыстæм, æмæ æз уыдоны чъылдыммæ ба- лыгъдтæн, бамбæхстæн. Пысырайы сыфтæй иу мæлдзы- джытæй æмызмæлд кодта. Бурбын, кæлмхæрд, æн- цъылдтæ сыф уыдис. Цæйдæр быр ыл сдзыгуыртæ, æмæ мæлдзыджытæ уый уыгътой, гъæйттæй йæ кæ- дæмдæр скъæфтой. Хорз цæрæгойтæ сты мæлдзыджы- тæ, куыстуарзаг, æрдзæн пайдайаг. Уымæ гæсгæ сæ уарзын æмæ сæм лæмбынæг кастæн. Уалынмæ æвип- пайды дымгæ æрбариуыгъта. Æмбыд сыф йæ зæнгæй феуæгъд, кауы рæбынты цы къанау уыдис, уый фал- лаг фарсмæ атахт, хæмпæлы æрбайсæфт. Æмæ уый мæнæн стыр сагъæсы хос фæци: «Цы фæуыдзысты, мæгуырæг, сыфыл цы мæлдзыджытæ уыдис, уыдон? Сæхимæ сæм æнхъæлмæ кæсдзысты, фæлæ никуыуал сæмбæлдзысты сæ губаккыл, уымæн æмæ доны фал- яаг фарс фесты. Уæд та сæм ахæм зонд куы уаид: фа- лæрдыгæй ацырдæм куы дыма, уæд бæласмæ схил, <дæхи раппар æмæ ацы былыл фестдзынæ. Æз сын ныртæккæ дæр бæргæ феххуыс кæнин, фæлæ афонмæ з
хæмпæлы ныххæлиу сты æмæ ма сæ куыд ссарон^ Уæвгæ мæлгæ нæ акæндзысты мæлдзыджытæ, хæри- наг, цæрæнбынат доны фаллаг фарс дæр ссардзысты, фæлæ, мæгуырæг, кæм цардысты, уыцы бынат, стæй се ’мбæлтты тынг мысдзысты... Афтæмæй чысыл раз- дæр дæр ма иумæ æвæрæнтæ кодтой... Ныр сæ фыдуаг дымгæ æмæ ацы ауæдзы дон æнусмæ фæхицæн кодтой.. Иутæ ацырдыгæй цæрдзысты, иннæтæ — фалæрды- гæй... Кæрæдзи мысдзысты, æмбæлгæ та нал скæн- дзысты...» Ацы цау кæддæриддæр мæ зæрдыл æрлæууы, Тур- чы ирон адæмы кой куы фехъусын, уæд. Уыдоны дæр сæ хъысмæты тымыгъ кæддæр афтæ ахаста сæ рай- гуырæн зæххæй æмæ сæ доны — Сау денджызы фал- лаг фарс кæйдæр тыгъд быдырты байтыдта. Æрмæст Турк нæ, фæлæ Сиримæ дæр афтыдысты кавказæгтæ, хицæн чысыл къордты та дзы суанг Мысыр æмæ Ли- ванмæ фæхаста царды зилгæдымгæ. Адæймаг æнæниз, æнæсахъат куы вæййы, уæ& стæм хатт йедтæмæ, мæнæ цы амондджын дæн, зæгъ- гæ, ахæм хъуыды йæ зæрды не ’рæфты. Æмæ алчидæр æнæфыдбылыз уæд, фæлæ лæгыл исты куы ’рцæуы, къах, къух кæнæ æгæр-мæгуыр æнгуылдзхъуаг куы фæвæййы, æрмæст уæд базоны уыцы уæнгæн йæ аха- дындзинад, йæ ахсджиагдзинад, уæд ахъуыды кæны сагъæсхуызæй, гъæй-джиди, мæ уæнг ма мæ уæлæ куы уаид, зæгъгæ. Афтæ вæййы, дæрдтыл нæ ахъуыды кæнгæйæ, кæм- дæр æнæхæрд бынæттæ, уæлæуыл дзæнæт ис, зæгъгæ) йæ райгуырæн зæххыл йæ къух чи сисы æмæ æцæгæ^ лон бæстæм чи атырны, уыдоны.хъуыддаг дæр. Ивгъуыд æнусы Цæгат Кавказы хæххон адæмы иу хай сæ бæстæйæ цæмæн лыгъдысты, уЫй тыххæй би- рæ фыст æрцыд: паддзахы Уæрæсе кавказæгтæй йæ^ хицæн скæнынмæ хъавыд цагъайрæгтæ. Фæлæ мæн иу хъуыддаг нæ уырныдта, цалынмæ архивты гæххæтты- 4
тæ нæ фæкастæн, уæдмæ: хæххон адæмы Туркмæ Куындыхаты Муссæ кæй асайдта, уый. Уымæн мæ нæ уырныдта, æмæ-иу мæхæдæг мæхи фарстон: «Цы пайда уыдис Муссæйæн, адæмы бабын кæна, уый? Мæсты сæм истæуыл уыдис? Уæд та кæд йæхи бафæндыд Туркмæ, ам йæ зæрдæмæ кæд нал цыдис. Æмæ иунæг цæмæй ма уа, кæд уый тыххæй асайдта йемæ адæмы? Фæлæ, ау, паддзахы æфсады инæлар чысыл мызд иста, хуымæтæг зæхкусæг адæмау хæрд- хъуаг, дзаумахъуаг уыдис? Нæ, уымæн уæвæи нæй. Йæ бæстыхæйттæ Туркмæ лидзгæйæ уæды æхцайæ 45 миныл куы ауæй кодта». Ацы фарстытæн дзуапп раттын мæ бон нæ уыдис. Архивты гæххæттытæ куы бакастæн, Турчы ирон адæммæ мæйы дæргъы уазæгуаты куы фæдæн, ’æрмæст уый фæстæ æрцыдтæн мæнæ ахæм хатдзæгмæ. Иуæй, Муссæ инæлар уыдис, æмæ йын паддзахы- рдыгæй бабар кодтой, цагъайрадокы æфсондз сыл æвæргæйæ, кавказæгтæн цæмæй сæ бон ныхмæ æр- лæууын ма уа, уый тыххæй сын сæ иу хай Туркмæ асайын. Дыккагæй та, ахæм адæймæгтæ ис, æмæ раз- дæр мулкмæ, исбонмæ фæбæллы, уыдон йæ къухы куы бафтынц, куы бафсæды, уæд та фæтырны йæхи- цæн ном скæнынмæ. Æмæ, æвæццæгæн, ахæм уыдис Куындыхы-фырт дæр, æидæр ын ам цы иæ фаг кодта. Æвæццæгæн, загъта: «Туркмæ цы хæххон адæм ацæ- уа, уыдоны æхсæн мæхицæй стырдæр лæг нæ уыдзæн. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ фалæ сараздзынæн «чы- сыл Кавказ», афтæмæй йæ сæргъы æрлæудзынæн». Ацы хъуыдыйыл мæ бынтон баууæндын кодта То- тойты Михалы иртасæн куыст «Ирæтты алыгъд Турк- мæ 1859—1865 азты», зæгъгæ, уый. Цæгат Ирыстоны паддзахадон архивы Терчы об- лæсты хицауы къæнцылары фонды 118—119 фæрстыл та ис, 1860 азы 12 мартъийы Хæстон-Ирон окруджы хицау Куындыхаты Муссæ Кавказы æфсæдты Галиу 5
къабазы командыгæнæг кънйаз Евдокимовмæ кæй фыста, уыцы писмо: «...Æз æппæт фадæттæй дæр архайдзынæн, ныхмæ- лæууын, фыдбылыз йедтæмæ кæмæ ницæмæ æнхъæл- мæ кæсæн ис, уыцы хæххон адæмы Туркмæ алидзын кæныныл...» Хъаныхъуаты Инал дæр лыгъд адæмимæ уыдис æмæ лæмбынæг ныффыста, фæндагыл цы хъизæмæрт- тæ бавзæрстой, фалæйы уавæртæ фенгæйæ, фæстæмæ ардæм куыд тырныдтой, уыдæттæ. Уымæ гæсгæ, ирон адæм ивгъуыд æнусы Туркмæ куыдæй æмæ цæмæн афтыдысты, ууыл æз бæлвырд нал дзурдзынæи. Фæлæ сæ байзæддæгтæ ныртæккæ кæмыты сты, цытæ ар- хайынц, уыдæттæ мæ радзурын фæнды, сæ хъысмæтыл сын чи мæт кæны, уыцы адæмæн.
ТÆДЗЫНÆГÆЙ — ЦЫХЦЫРÆГМÆ Муссæ фалæ дæр æвзæр нæ цард, пашайы ном ын радтой, 1879 азы ссис, Туркæн Чысыл Азийы цы æф- сæдтæ уыдис, уыдоны сæйраг штабы хицау. Фæлæ йæ фæдыл цы адæм ацыд, уыдон тæдзынæгæй цыхцырæг- мæ бахаудтой. Муссæ сын цы амондджын цардæй зæрдæ æвæрдта, уымæн йæ фæд дæр нæ федтой. Ирон адæм Турчы зæххыл æрцардысты Хъарсы зылды, Токат æмæ Сарыхъамысы горæттæм хæстæг. Нæ сын уыдис, куыд æнхъæлдтой, афтæ «æнæхæрд бынæттæ, сойджын зæххытæ». Æдзæрæг рæтты сæ ног цæрæнбынæттæ, ног хъæутæ аразын бахъуыд. Уы- мæн æмæ Турчы хицауады уыцы рæстæг лыгъд адæм- мæ не ’вдæлдис. Кæдд|æры егъау, тыхджын, йæ койæ дæр ризгæ кæмæн кодтой, уыцы Оттоманты импери нудæсæм æнусы дыккаг æмбисы лæууыд йæ сæфты къахыл. Иуæй йыл æддагон тыхтæ уæлахиз кодтой, кæддæр цы бирæ æнæкæрон зæххытæ бацахста, уыдон ын фæстæмæ истой, иннæмæй та бæстæйæн йæхи ми- дæг хицæн политикон партиты æхсæн хицаудзинадыл тох цыдис. Ахæм уавæрты, ай-гъай, Кавказæй балидзæг адæм- мæ цæст фæдарыны, феххуыс сын кæныны фадат нæ уыдис Турчы хицауадæн, цыфæнды æнувыд сыл куы уыдаиккой, уæддæр. Стыр хъизæмæрттæ федтой лыгъд адæм фæндагыл дæр. Иутæ дзы Туркмæ денджызыл ахызтысты, иннæ- тæ сурзæххыл. Муссæйы хæрæфырт, æрыгон афицер (корнет), фыццаг ирон профессионалон поэт Мамсыраты Осмæ- 7
ны фырт Темырболат дæр алыгъд Туркмæ. Фæндагыл цытæ бавзæрстой, уый тыххæй йе ’мдзæвгæ «Дыууæ #мбалы»-йы фыссы: ...Нау сыстад, араст и. Бадæн, лæууæн чи ардта! Чи нæ быны амарди, Чи нæ донмæ куы хаудта. Мад нал ардта йæ фырты, Кæрæдзимæ дзынæзтой. Иукъорд та нæ нæ быны Хуыцауы хæс лæвæрдтой... Ахæм бæллæхтæ фенгæйæ, фæндагæн æрмæст йæ койæ дæр адæймаджы зæрдæ рыстаид. Уæддæр, цы æвирхъауы рæдыд сыл æрцыдис, уый бамбаргæйæ, лыгъд адæмæй бирæтæ æппæт хъарутæй архайдтой фæстæмæ сæ райгуырæн зæххыл сæмбæлыныл, фæлæ сæ Уæрæсейы паддзахы хицауад нал уагъта. 1872 азы 850 «черкесаг» бинонтæ1, фæстæмæ нын нæ райгуырæн бæстæмæ ацæуыны бар раттут, зæгъ- гæ, ахæм курдиат балæв-æрдтой Уæрæсейы минæвар Константинополы инæлар Игнатьевмæ. Сæ тыхст уа- вæры тыххæй уыдон фыстой: «...Ныр аст азы дæргъы кæнæм æххуырсты куыст. Цы тыллæг æрзайын кæ- нæм, уымæн йæ растæмбис айсынц зæххыты хицæут- тæ. Исынц нын нæ фос, адæймаг цæмæйдæриддæр цæ- ры, уый, суанг ма нæ сывæллæтты дæр æмæ сæ ца- гъайрæгтæй уæй кæнынц... Нæ уæрджытыл лæугæйæ дын 850 бинонты номæй лæгъстæ кæнæм æмæ йæ бæрзонддзинад императорæй ракур, цæмæй нын бар 1 Цæгат Кавказæй цы адæмтæ алыгъд,— кæсæг, хъæрæ- сейæгтæ, черкесæгтæ, ирæттæ, цæцæн, мæхъхъæл, дагъистайнæг- тæ,— уыдоны се ’ппæты дæр Турчы хонынц иу адæмыхатт —чер- кестæ (М. М.). 8
радта нæ райгуырæн бæстæмæ аздæхынмæ. Хуыцауы номæй дæ курæм, адзалæй, хъизæмары мардæй нæ фервæзын кæн». Ацы документ ис Гуырдзыстоны сæйраг архивы. Фонд—12, 6995-æм хъуыддаг, 1-5 фæрстæ. Фæлæ паддзахы хицауад хæххон адæмы уый тых- хæй нæ фæлидзын кодта, цæмæй сæ фæстæмæ æр- бауадза. Æмæ уыцы курдиатмæ 1873 азы райдианы император Александр II куы ’ркасти, уæд ыл цæхгæр- мæ бафыста: «Се ’рбаздæхыныл дзургæ дæр мачи кæ- нæд». Уæддæр адæм æппæт тыхтæй фæстæмæ Кавказмæ тырныдтой. Бирæтæ-иу дзы, кæм къордтæй, кæм иу- гæйттæй, сусæгæй арæныл æрбахызтысты. Фалæйæ-иу æнцондæрæй раирвæзтысты, фæлæ-иу сæ фылдæры амы арæнхъахъхъæиджытæ æрцахстой æмæ сæ фæс- тæмæ тардтой. 1866 азы Дайраны заставæйы баурæдтой, Туркæй сусæгæй чи ралыгъд æмæ фæстæмæ йæ райгуырæн бæстæмæ чи цыдис, цалд/æр ахæм ироны. Уыдон уы- дысты Цæлыккаты Дзæрæхмæт æмæ Гадзе (архивьг гæххæтты фыст у Гаце, фæлæ ахæм ном нæ фехъуыс- тон, ис ирон ном Гадзе (М. М.)у Карсанаты (кæнæ Карсанты) Гугу, Æлбегаты Хъуыбады æмæ сæ цал- дæр æмбалы. Æрцахстой сæ, Владикавказмæ сæ æр- бакодтой. Туркмæ алидзыны размæ «сæхи хорз кæй нæ дардтой», уый тыххæй сæ Терчы зылды хицау фæс- тæмæ арвитын кодта. 1860 азы Дыгургомæй чи алыгъд, уыдонæй иу — Таухъазахты Шамил фараст азы фæстæ фистæгæй,. æмбæхсгæйæ, æрбахъуызыд арæныл, æрбаирвæзт. Ирыстонмæ Дайраны комыл не ’рбауæндыд, куы мæ æрцахсой, зæгъгæ, æмæ Гуылæры æфцæгыл æрбахызт. Фæлæ йæ ам Дыгуры æрцахстой. Июлæй ноябрмæ Владикавказы æфсæддон ахæстоны фæци. «Турчы мæ ус æмæ ме ’фсымæр баззадысты, фæлæ 9
уæддæр уырдæм нал ацæудзынæн,—дзырдта Шамил слестгæнджытæн.— Фæлтау мын цыфæнды фыдмитæ дæр фæкæнут, кæдоемфæнды мæ ахæссут». Ноябры йæ этапæй Туркмæ арвыстой. Лыгъд адæм Муссæйæ разыйæ нæ баззадысты. Бар-æнæбары куы ’рбынæттон сты, уæддæр ма йæм мæсты уыдысты. Куыд дзурынц, афтæмæй йæ марын- вæнд дæр скодтой, фæлæ уыцы хъуыддаг сусæгæй ба- кæнын сæ къухы нæ бафтыд. Нæ дзы фæбузныг йæ хæрæфырт Темырболат дæр. Муссæйы руаджы æрыгон афицер Турчы æфсады хорз сырæзыдаид, æнцонæй размæ ацыдаид. Фæл& поэты зæрдæ уыдис йæ райгуырæн Ирыстоны, кæйдæр бæс- ты йæ сыгъзæринтæ дæр не ’ндæвтой. Темырболат дэер иннæ лыгъд адæмау Муссæмæ сфыдæх, уымы æфсаХ^ мæ нæ бакуымдта, Батманташы хъæуы æрцард, хоры куыст кодта, фос дардта, йе ’намонд хъысмæтыл, зæр- дæйы уидæгтæй чи æвзæрдис, ахæм æмдзæвгæтæ фыста. Темырболаты сфæлдыстад иртасджытæ куыд нымайынц, афтæмæй «Ме ’мгармæ», зæгъгæ, йæ уыцы æмдзæвгæйы дæр поэт йе ’мгары нæ, фæлæ йæ мады æфсымæр Муссæйы кой кæны: 0, ме ’мгар, мæ уарзон! Ме ’фсымæр дæ куы хуыдтон. Нæ цардаис, базон,— Æнæ дæу цæрын нæ зыдтон. Мæ фос, мæ цин, мæ рис дæр Дæуæй хицæн нæ дардтон. Бауырнæд дæ, мæхи сæр Æз дæуыйас нæ уарзтон. Фæлæ куыддæр фæхицæн Махæн нæ цард иу ранæй, Афтæ тæрсын дæхицæн Ды байдыдтай де ’мгарæй... 10
Ацы æмдзæвгæйы ныффыстыл æнусы бæрц цæуьк Фæлæ мын Анкарайы цæрæг 82-аздзыд Мамсыраты Хадзымуссæ та ахæм хабар ракодта: «Нæ фыды фыд Умар (Бобæ дæр æй хуыдтой) ма æрыгон куы уыдис, ома, сæ ног æрбалидзгæйæ, уæд, дам, иу чындзхасты Муссæйы тынг бафхæрдта. Уый рауадис афтæ. Куындыхы-фырт инæлар куыд уыдис, æппæты стырдæр адæймаг, уымæ гæсгæ хъаст уый байгом кодта, чызджы цонгыл æрхæцыд æмæ асимд- та. Уый фенгæйæ, Бобæ адæммæ фæдзырдта, Муссæ- йы фæдыл, дам, Кавказæй Туркмæ «фæсимдтам» æмæ дзы хорзæй ницы федтам. Ныр, дам, æгъгъæд фæуæд, æмæ, мæ фæндыл разы чи у, уыдон та мæ фæдыл расимæнт,—æмæ чызджы цолгыл æрхæцыд, Муссæйы ныхмæ асимдта. Иннæтæ дæр Бобæйы бафæзмыдтой, йæ фæдыл рарæнхъ сты. Куындыхы-фырт смæсты, фæлæ сдзурын нæ бауæндыд, адæм се ’ппæт иннæрдæм кæй асимдтой, уымæ гæсгæ. Æрмæст фæтæргай æмæ хъазтæй ацыд». Турчы нæ, фæлæ ма ам нæхи бæстæйы куы цар- дысты, уæд дæр ирон адæмæй бирæтæ Муссæмæ хæ- рам уыдысты. Суанг, дам, йæ ус Косерханæн дæр зна- гау æнæуынон уыдис, æмæ йæ ус дурæй амарынмæ хъавыд кæддæр. Уымæ гæсгæ Туркмæ алидзыны раз- мæ Муссæйыл адæм ахæм зарæг скодтой (фыссын æй„ архивы куыдæй ис, афтæмæй.— М. М.). Ацыйазы уалдзæг хурæй уары, Косерхан Муссæйы дурæй мары. Къосы2 нымæт, дам, набади3. Уæд Косерхан ныхъхъæр ласы: — Мæ хæдзар фехæлди — Уыцы дурæй дæр мын н’амарди. Солтæты хæдзар йæ дарæн хъæуæй, 2 Къос —лæджы ном. 3 Набади — гуырдзиагау — нымæт. 11
Ай бæсты мæм куы ’рæмбырд уыдаиккой Арыхъхъ æмæ Берды хъæу хæдзарæн лæгæй! Хæбойæн Сыбыры кæрдæг уыдзæн. Косерхан афтæ дзуры: «Ацы дур нæ фесафдзынæн, Чырыны йæ æвæрдзынæн»... Мæнæ уый та æндæр зарæг Муссæйы тыххæй: Гуд, гуды, гудала! Стамбулмæ цæудзыстæм, Урс пырындз дзы хæрдзыстæм! Урс дæллагхъуыр кæндзыстæм. Сырх мæнæу дзы кæрддзыстæм! Сырх уадул дзы кæндзыстæм! Паша-мæйттæ кæндзыстæм! Муссæйы хъæбул амæла, Дæлæты цом, уæлæты? Цæй-ма, Муссæ, цыбыр дзырд? «Муссæ та уын цы зæгъа»! (Зæгъы Муссæ.) Æмæ йæ уарзгæ дæр куыд кодтаиккой Муссæйы, кæд æмæ утæппæт дзыллæты æнæхæдзар фæкодта. Раст зæгъын хъæуы, хæххон адæм Туркмæ уыйразмæ дæр лыгъдысты, фæлæ чысыл къордтæй. Уæдæ Турчы хицауады та цæмæн хъуыдысты, фæс- тæмæ алидзыныл чи архайдта, уыцы кавказаг адæм? Нæфæндонæй сæ цæмæн урæдтой? Исты пайда сын уыдысты? О, уыдысты. Иуæй дзы цы æдзæрæг быдыртæ уы- дис, уыдоны хæххои адæм бар-æнæбары цардхуыз скодтой, хор тауын, фос дарын дзы байдыдтой, иннæ- мæй, сæрæн, хæстхъом кавказæгтæ æфсадæн иттæг хорз уыдысты. Уыцы зонд нæ фæсайдта Турчы хицауады. 1877— 1878 азты Уæрæсе æмæ Турчы æхсæн хæсты Муссæ 12
Ææ кавказæгты стыр къордимæ хæцыд Уæрæсейы ных- :мæ. Турчы хицауад æй Чысыл Азийы йе ’фсæдты сæй- раг штабы хицауæй уый фæстæ сæвæрдта. Гъе ахæм нысанты азарæй афтыдысты кæддæр хæххон адæм сæ фыдæлты уæзæгæй. Фæстаг рæстæг ирон адæм горæттæм атырныдтой. Æмæ раст бакодтой. Туркаг хъæутæ сты æвадат. Би- рæты дзы электрон рухс, донуадзæнтæ, рынчыидон, скъола дæр нæй. Стæмтæй фæстæмæ, хъæутæм авто- бустæ нæ цæуы. Хæдзæрттæ фылдæр сты тъæпæн- <:æр, хæмпæл сыл зайы. Ирæттæй хъæуты бирæ нал баззад. Мæнæ дзы æр- мæст ирон адæм цæры, зæгъгæ, ахæм хъæутæ та Тур- чы æппындæр нал ис. Афтæмæй дзы раздæр уыдис хицæн мыггæгты хъæутæ дæр: Цъæхилты хъæу, Мы- рыкаты хъæу, Рубайты хъæу, Милдзыхты хъæу, Сæ- бæтхъуаты хъæу, стæй, цалдæргай мыггæгтæй иумæ кæм æрцардысты, ахæм хъæутæ дæр. Ацы рæнхъытæ кæсгæйæ, адæймагмæ сæвзæрдзæн ахæм фарста: «Уагæр цас ирон адæм алыгъд Турк- мæ?» Æмæ уымæн ныр, æвæццæгæн, бæлвырд дзуапп ничиуал ратдзæн, уымæн æмæ архивты лыгъд адæмы тыххæй бæлвырд нымæцтæ нæй. Уæдæ сыл фысгæ та чи кодта, уыдон дæр нымæцтæ кæцæй истой, уый бæ- рæг нæй, æмæ сæ уæд раст кæцыйы схуындæуа? Мæнæ куыд алыхуызон æвдисынц ацы нымæцтæ. 1932-æм азы Мæскуыйы уагъд литературон эн- диклопедийы Мамсырагы Темырболаты кой кæм ис, уым афтæ зæгъынц, хæххон адæмæй Туркмæ милуа- нæй фылдæр алыгъд. Джусойты Нафийы нымадмæ гæсгæ уыцы нымæц æмбис къаддæр у. Турчы адæмы 1975 азы сфыстмæ гæсгæ дзы «черкестæ» ис 65 минæй чысыл фылдæр. Анкарайы цæрæг 85-аздзыд Хосонты Керым мын куыд дзырд^га, уымæ гæсгæ та «...мæ фыд- иу дзырдта ацы хабæрттæ. Муссæйæ фæстæдæр æр- балыгъдыстæм мах дæс æмæ ссæдз мин хæдзары. Ден-
Хъæу Сарыхъамыс. Ирон хæдзары кæрт. джызы былтыл æрцардыстæм рæстæгмæ, цатырты. Бирæтæ фæстæмæ лыгъдысты, фæлæ искуы-иуы къу- хы йедтæмæ нæ бафтыд». Норвегиаг ахуыргонд, Ослойы университеты кусæг Фридрик Тордарсон у ирон адæмы равзæрд, се 'взагг се ’гъдæуттæ иртасæг. Къорд азы размæ ам Ирысго- ны уыдис, æмæ ме ’мкусæг Хæблиаты Сафаримæ йемæ иронау фæныхас кодтам. Уыдис Ф. Тордарсон Турчьг ирæттæм дæр. Æмæ уый нымадмæ гæсгæ та стьг æдæппæт цыппар мины бæрц. Сфысты рæстæг ирæтты хицæнæй нæ фæнымайыиц, фæлæ æппæт цæгаткавказæгтимæ. Иумæ — куы йæ загътон — се ’ппæты хонынц черкестæ. Фæлæ ирæттæ сæхæдæг куыд зæгъынц, уымæ гæсгæ ныртæккæ Тур- чы зæххыл ирон адæм ис авд-аст мины. Сиримæ æмæ дзы æндæр бæстæтæм цас афтыд, уый бæлвырд ничи зоны. Фæлæ фæсарæйнаг бæстæтæй ирон адæм æп- пæтæй фылдæр цæры Турчы. 14
Куыд уынут, афтæмæй иу бæлвырд нымæц нæй лыгъд ирон адæмæн. Стæй зын банымайæн сты ныр- тæккæ, уымæн æмæ æппæт Туркыл ныххæлиутæ сты. Фæлæ бæлвырд, æнæгуырысхойаг у иу хъуыддаг: Туркмæ цы ирон адæм алыгъд, уыдонæн æнусы дæр- гъы сæ нымæц дзæвгар фæкъаддæр. Уый уымæн аф- тæ у, æмæ, иуæй, æндæр бæстæтæм куысты фæдыл аф- тынц — Америчы Иугонд Штаттæм, Францмæ, Ныгуы- лæн Германмæ, ноджы æндæр бæстæтæм, æмæ уым «баззайынц, Туркмæ нал æрбаздæхы сæ иу хай. Ин- нæмæй та дзы ис, тæргай зондыл хæст чи у, ахæмтæ дæр: «Æз кæйдæр бæсты мæ хъæстæ нæ уадзын. Нæ мæ фæнды, æз мæ хистæрты мæрдтæ куыд æлгъитын, афтæ искуы мæ зæнæг дæр мæ мард| æлгъита, уый». Ахæмтыл иннæты зæрдæ худы, ома, нæ хъæстæ цæ- мæй ма сыскъуына, нæ нымæц фылдæрæй-фылдæр цæмæй кæна, ууыл, дам, архайын хъæуы, адон та, дам, галиузондыл ныххæцыдысты. Фæлæ ус курын бархи- йæ у, æмæ уыцы хъуыддаг бакæнын кæй нæ фæнда, уымæн цы чындæуа? Æвæццæгæн, бирæтæ бæллынц, Турчы цы ирон адæм цæры, уыдоны фенынмæ, куыд цæрынц, цавæр æгъдæуттæ сæм ис, ирондзинадæй ма сæм цы баззэд, уыдæттæм бакæсынмæ. Мæнæн дæр мæ рагон бæллиц уыдис уый, æмæ мын фадат фæцй йæ сæххæст кæны- нæн. Уæвгæ та рауадис афтæ. Ардæм, Ирыстонмæ, æр- бацыд æнæадрис писмо, ома, бæлвырд никæйы номыл уыдис. Писмойы фыст уыдис, æз, дам, дæн Мамсыра- ты Темыры фырт Мурат, цæуы мыл 71 азы. Стамбулы цæрын, мæнæ мæ адрис, æмæ ма кæд Ирыстоны иæ мыггагæй исчи баззад, уæд мæм ныффыссæд. Уыцы писмо мæнмæ æрбафтыд æмæ бæлвырд ха- бæрттæ ныффыстон ме ’мном, ме ’рвадмæ. Хуыдтон æй, аёрбацу æмæ, зæгъын, дæ фыдæлты райгуырæн зæхх фенай. Фæлæ мын уый дзуапп радта, ды, дам, кæстæр дæ, æмæ уал ды махмæ рацу. 15
Хъæу Сарыхъамыс. Ирон хæдзары тыргъ. Гъе афтæ рауадис мæ балцы хъуыддаг. Фалæйæ мæм фыстой, куы цæуай, уæд, дам, нæм рагацау фехъусын кæн æмæ дæ размæ рацæуæм. Æмæ къуыри раздæр тел арвыстон, цыппæрæм июны арæ- ныл бахиздзынæн, зæгъгæ. 16
Поезд къуыри дыууæ хатты цæуы Туркæй мах æх- сæн — дыццæг æмæ майрæмбоны. Ленинаканæй æхсæзт километры æддæдæр тыгъд быдыры тæккæ арæныл ис чысыл станцæ Ахуриани. Уырдæм æрбацæуынц дыууæ бæстæйы поездтæ. Махæй фалæмæ чи цæуы, уый нæхионæй рахизы æмæ туркаг поезды вагоны сбады, уыдонæй ардæм цæуджытæ та — мах вагоны. Æмæ поездтæй алкæцы фæстæмæ йæхи бæстæмæ араст вæййы. Ленинаканмæ къуырисæры мæ изæр бахастон. Æфсæнвæндаджы вагзалы перроны дыууæрдæм тез- гъо кæнын. Æхсæвы дыууадæсæм сахат ссис. Поезд та æрмæст райсом сихæрттыл уыдзæн. Æмæ бафынæй у, уæд рæстæг бæргæ тагъддæр азгъорид, фæлæ—дис- саг — хуыссæг æмгæрон нæ цæуы. Сæры зилдух кæ- нынц алыхуызон сæнттæ: цымæ цæмæн ахæм æгъатыр разыны иуæй-иуты хъысмæт! Кæрæдзи фенынмæ цы адæм тырны, уыдонæн æнцонæй фембæлыны фадат цæуыннæ вæййы?.. Мæнæ арæнырдыгæй æрбадымдта рог дымгæ. Чи зоны, чысыл раздаер уый мæ туркаг æфсымæрты цæс- гæмттыл дæр андзæвыдис, сæ ныхасмæ сын хъуыста. Мæнæй чысыл фалдæр сты, хæрзхæстæг. Фистæгæй ауай, уæддæр цыбыр рæстæгмæ бахæццæ уаис. Афон- мæ мæм уыдон дæр æнхъæлмæ кæсынц. Мæ цæстытыл уайынц, кæд кæрæдзи никуы федтам, уæддæр. Фæлæ арæн арæн у. Цы фидар æгъдæуттæ дзы ис, уыдон æххæст кæнын хъæуы. ...Мах поезд æмæ туркаг поезд баиу сты Ахуриани- йы. Фæрсæй-фæрстæм æрлæууыдысты. Æппæт поезды æз дæн иунæг бæлццон. Нæ арæнхъахъхъæнджытæ, таможняйы кусджытæ мын фæндараст загътой, рахыз- тæн, туркаг вагоны сбадтæн. Чысыл фæстæдæр дыу- уæ поездæй алчи йæхи бæстæмæ араст. Æмæ мæнæ гом рудзынджы æдде кæйдæр зæхх, æцæгæлон бæс- тæ. 1?
Вагонмæ æрбахызтысты пъæлицæйы кусджытæ. Кæрæдзийæн салам радтам, тамако мæ ракуырдтой, мæнæн та сæхирдыгон сигарет радтой. Сæ хистæр — бæзæрхыгтæ, рихиджын лæппулæг мын мæ паспорт бацагуырдта, йæхимæ цыдæртæ ныффыста, стæй уæд, йæ ныхæстæ къухтæй æмбарын кæнгæйæ, дзуры: «Са- нуики хъардаш, истансион Хъызыл чах-чах». Бамбæр- стон æй. Дæ дыууæ æфсымæры, дам, станцæ Хъызыл чах-чахы æнхъæлмæ кæсынц. «Дæ дыууæ ’фсымæры...» Уыдон ын сæхæдæг загъ- таиккой, сæхæдæг мæ схуыдтаиккой æфсымæр. Афтæ- мæй уыдон Турчы райгуырдысты, æз — Ирыстоны. Уы- дон иу паддзахады граждæнтæ, æз — æндæр паддза- хады. Æмæ се ’нæзонгæ æрвады æфсымæр кæм схуыд- той, уым сæ ирон туг нæма фесæфт, сæ фыдæлты рæ- сугъд æгъдæуттæ нæма ферох кодтой, сæ зæрдæ Ирыс- тоны ис—кæй никуы федггой, уыцы райгуырæн зæх- хыл,— хъуыды кодтон хинымæр. «Хъарсы фидар цыма батыдта»,— фæзæгъынц ныр дæр ма, йæхицæй æнæбындур хъал чи вæййы, уымæй. Æмæ уæртæ вагоны рудзынгæй зыны уыцы фидар: æнæкæрон даргъ дурын сис тыгъд быдырьт. Иæ бæр- зæнд дæр æмæ йæ уæрх дæр, æвæццæгæн, фæйнæ мет- ры сты. Ныртæккæйы хæстон техникæйæн уый цас фи- дар у, фæлæ йæ заманты, ай-гъай, топпы, пул.еметы нæмыгæй хъахъхъæдта ад^æмы. Ахæм у æмбисонцы Хъарсы фидар. Уалынмæ æрбахæццæ стæм, арæнмæ æппæты хæс- тæгдæр чи у, уыцы туркаг станцæмæ. Дзæвгар адæм дзы лæууы. Кæцытæ сты уыдонæй мæ туркаг æфсы- мæртæ? Къамы дæр сæ никуы федтон æгæр-мæгуыр. Фæлæ æрдз диссаг у. Кæсын адæммæ, æмæ мæм мæ зæрдæ дзуры: «Уæртæ уыцы дыууæ лæппуйы сты де ’нæзонгæ æфсымæртæ». — Байриат, ирон фæсивæд! — рахъæр кодтон ру- дзынгæй, мæхæдæг хъуыды кæнын: кæд фæрæдион, 18
кæд туркæгтæ сты, уæд нæ бамбардзысты, уыдонмæ кæй дзурын, уый. Лæппутæ сæ бынæттæй фесхъиудтой, поезд бынтон нæма æрлæууыд, афтæ вагоны смидæг сты, радыгай мыл ныттыхстысты. Фæрсынц, куыд нæ базыдтай утæп- пæт адæмы æхсæн? Нæ йæ зонын мæхæдæг дæр, абон дæр ницы дзуапп раттын у мæ бон уыцы фарстæн. Афтæ мæм мæ зæрдæ сдзырдта, уартæ уыдон сты, зæгъгæ. Хуызæй дæр уæдæ туркаг æмæ ирон ницы уæлдай сты. Фуат æмæ Мамсыр. Афтæ хуыйнынц мæ ног æф- сымæртæ. Сты дыууæ ’фсымæры цот. Хистæртæ сæ мæ размæ рарвыстой. Дзурынц мын, Хъарсæй Стамбулы онг (бæстæйы иу кæронæй иннæмæ) машинæйы фæн- дагмæ (афтæ хонынц æфсæнвæндаг, поездæн йæхи та — машинæ) хæстæг чи цæры, уыцы ирæттæй, дам,. бирæтæ фехъуыстой, кавказаг ирон кæй æрбацæуы, уый, æмæ дæ размæ згъордзысты. Лæппутæн сæ фыццаг фарст уыдис: «Ирон чингуытæ æмæ тэптæ (афтæ хонынц грам- пластинкæтæ) не ’рластай?» Аластон цалдæр пластинкæйы. Куы федтаиккат,. уыйфæстæ сæ куыд здыхтой æмæ сæм куыд цымыди- сæй хъуыстой, уый. Уæлдайдæр Дулаты Ацæмæзы «Инал». Ома, ирон, кавказаг сывæллоны хъæлæс фе- хъусын сæм уæлдай диссаг фæкаст. Чингуытæй сын.аластон «Ирон фæндыр»-ы фæстаг рауагъд (чысыл чиныг). Мамсыраты Темырболаты æмдзæвгæты æмбырдгонд, Богазты Умары «О, нæ хæхтæ, нæ бæстæ!» æмæ Хуссар Ирыстоны рауагъда- ды «Зæххыл рæстагон хæст цыдис», стæй «Мах дуг» æмæ «Рæстдзинад»-ы цалдæргай номыртæ. Тынг сыл фæцин кодтой. Поезд ныллæууыд Хъарсы станцæйы. Вагзалы фæ- зы лæууы дæсгай файтонтæ. Ис дзы автомобиль-так- 19?
ситæ дæр, фæлæ, мæ фæндмæ гæсгæ, файтоны сбад- тыстæм. Отелы æрфысым кодтам. Ардæм Селимæй æрбацы- дысты Фуат æмæ Мамсыры фыды æфсымæр Хадзы- мæт, стæй йæ фырт Муртаза дæр. Æхсæвæр хæрæм ныллæгцар, чысыл, фæлæ сыгъ- дæг æмæ хъæздыг ресторангонды. Адæм дзы дзæв- гар ис, фæлæ æнæхъуаджы дзолгъо-молгъо ничи кæ- ны, сабыр, уæздан ныхас, бæгæныйы кæнæ арахъхъы нуазæнимæ сæ фæллад уадзынц. Нæй дзы гыбар-гы- бургæнаг оркестр дæр. Уартæ кæмдæр къуымы радио- лæ цæгъды æнкъардгомау, фæлæ зæрдæйæн æхсызгон мелоди. Тынг нæ хъæр кæны, ныхас кæнынмæ нæ хъыгдары. — Нырма æцæг Ирыстон стут, не ’фысмæр, ирон хъæутæ, ирон æгъдæуттæ ма уæм ис? — фæрсы Ха- дзымæт, фæлæ æмбарын, уый се ’ппæты фарста кæйу, уый... Дыккаг бон фæссихор Стамбулмæ араст стæм. Поезд згъоры æнæкæрон тыгъд быдырты. Уалынмæ галиуырдыгæй нæзыхъæд райдыдта. Иæ кæрон æхгæд у сындзтелæй. Ацы бæстæйæн йæ хъæдтæ кæддæр тынг скуынæг сты, бахсыдтой, дам, сæ... сæгътæ. Æмæ ныр паддзахад хъахъхъæны йæ æрдзы хæзна- тæ. Рæстæгæй-рæстæгмæ купемæ æрбакæсынц дæс- фынддæсаздзыд лæппутæ. Сæ къухты фанерæй кæнæ хъæбæр гæххæттæй конд къоппытæ. Уым аив рæнхъы- тæй æвæрдæй лæууынц æууилæн чъиу, булавкæтæ, ручкæтæ, къухты кæлмæрзæнтæ, боннымайæнтæ. Лæп- путæй чи куыд хъомылдæр у, афтæ ахсджиагдæр, зынаргъдæр у йæ товар дæр. Станцæты ноджы фæ- фылдæр вæййынц æвзонг сæудæджергæнджытæ. Уæй кæнынц дидинджытæ, газеттæ, алыхуызон хæринæгтæ, суанг нуазыны дон дæр. Вагонæн йæхи мидæг дæр ис дон, фæлæ схъарм вæййы. Ам та йæ, станцæты, къран- 20
тæй куыддæр рауадзынц, афтæ йæ уæй кæнынц. Æцæг се ’ппæт хорз нæма арæхсынц базар кæнынмæ. Алы вагæттыл ахæлиу уæвыны бæсты къордæй уыцы иумæ цæуынц. Мæнæ та поезд иу станцæйы æрлæууыд. Лæппутæ- донуæйгæнджытæ вагæтты рудзгуыты бынты сæрæй кæронмæ фæцæуынц. Уæртæ дзы иу, æппæты къаддæр, æхсæз-авд азы кæуыл цæуы, ахæм, фæсте аззад, фæлæ уæддæр иннæты фæдыл тырны. Иæ цæсгом ахæм сагъæсхуыз у, раст цыма стыр хъуыддаджы бацыдис. Дарæсæй йыл ис æрмæст цыбыр хæлаф. Æнæ хæдо- нæй, бæгъæввадæй. Æвæццæгæн, афтæмæй арæх фæ- цæуы, æмæ сау-сауид, хурсыгъд. Иæ иу къухы пласт- массæйæ мигæнæн, иннæйы къус. Уæртæ кърантæй дон рауагъта. Нæма æмбары, мæгуырæг: мигæнæны уал дон иучысыл ныккæн æмæ дын æнцондæр хæссæн уа. Уæддæр дын дзы искуы-иу адæймаг йедтæмæ куы- нæ ’лхæны. Ай та йæ йе дзаг бакодта, иуварсырдæм ныкъкъæдз, афтæмæй йæ ласæгау кæны, уæззау ын у. Хæлафы резинæ æгæр уæгъд у æмæ йын уæрджытæм æрцæйхауы. Уæд ыл, къус цы къухы ис, уымæй схæ- цы, йæхæдæг адæммæ хæрдмæ скæсы, цыма афтæ зæ- гъы: цæй, рæвдздæр мын алхæнут мæ дон, цалынмæ нæ фæхудинаг дæн, уæдмæ. Иннæ дрнуæйгæнæг лæппутæ хъæр кодтой æрмæст дыууæ ныхасы: «саухъ су» (уазал дон). Ацы лæппу та æндæр ныхæстæ дзырдта. Ратæлмац мын сæ код- той. Разындысты æнæхъæн рекламæ. Æвæццæгæн ын хистæртæй исчи бацамыдта, æмæ кæд йæ дон хуыдта... «ихджын цъитийы бынæй хаст». Афтæмæй йæ вагонæй цалдæр къахдзæфы æддæдæр кърантæй куыд уагъта, уымæ кæсгæ кодтам чысыл раздæр. Зæрдиагæй йыл фæхудтыстæм. Сывæллон кæмдæ- риддæр сывæллон у. Чи зоны, искуы дзы хорз базар- гæнæг рауайа. Сарыхъамысмæ бахæццæ стæм. Æнтæф кæй у, уы- 21
мæ гæсгæ вагоны рудзгуытæ сты гом. Куыддæр цæл- хыты уынæр фæмынæг, афтæ айхъуыстон: — Ие, ирон лæг, кæм дæ, ракæс-ма нæм. Рудрынгæй ракастæн. Мæ акомкоммæ лæууыд æх- сæз-авд рæстæмбис кары лæджы æмæ дыууæ æрыгон чызджы. Нæлгоймæгтæй иу разынд мæ зонгæ — Ко- дзырты Батырбег. Уый разæй ам Ирыстоны уазæгуа- ты уыдис, æмæ уæд базонгæ стæм. Ныр та Турчы зæх- хыл фембæлдыстæм. Сарыхъамысы цæры. Иæ биной- наг æмæ йæ фыртимæ Анкарамæ цыдис, мах вагоны сбадтис. Чызджытæн сæ фыд дæр семæ уыдис. Хосонтæй схуыдтой сæхи, фæлæ иннæты мыггæгтæ мæ зæрдыл нæ бадардтон, уымæн æмæ поезд фондз минуты йед- тæмæ нæ фæлæууыд. Тынг фæдзæхстой, фæстæмæ раз- дæхгæйæ, дам, æнæ мах фенгæ ма ацу, фысым дын уыдзыстæм. Фæлæ сæ курдиат сæххæст кæнын мæ къухы нæ бафтыд, рæстæг мын нал фæци. Анкарамæ поезд бахæццæ вæййы фæсæмбисæхсæв фыццаг сахатыл. Уыцафон мæ размæ рацыдысты Тау- тиаты æмæ Мамсыраты лæппутæ. Вагонмæ æрбахыз- тысты. Кæрæдзийæн салам радтам, хъæбыстæ мын кæнынц. Сæ фыццаг фарстытæ уыдысты: — Æцæг ирæттæн хицæн джумхуриет (республи- кæ) ис? Иран хъæутæ уæм ис? Бирæ сты. ирон адæм? ...Стамбул. Дунейы рагондæр, рæсугъддæр æмæ стырдæр горæттæй иу. Зын зæгъæн у, йæ мæзджыт- тæй, йæ музейтæй кæцытæ хъæздыгдæр æмæ рæсугъд- дæр сты, уый. Уымæй æнцондæр зæгъæн нæу, æлхæн- джытæ æви уæйгæнджытæ, адæм æви дзы машинæтæ фылдæр ис, уый дæр. Æртæ мин азы цæуы горæтыл. Уыдис Византия, уыйфæстæ Константинополь, ныр та — Истанбул. Рæс- тæджы алы дуг дæр дзы ныууагъта йæ фæдтæ. Уыдон уæлдай тынг зынынц горæты архитектурæйыл. 1923 22
азы Турчы столицæ ивд æрцыд Стамбулæй Анкарамæ. Фæлæ ныртæккæ дæр Стамбул у бæстæйы сæйрагдæр экономикон æмæ культурон центр, дунейы стырдæр наулæууæнтæй иу. Горæты цæрджыты нымæц у цыппар милуанмæ хæстæг. Бæстæйы æппæт промышленностæн йæ рас- тæмбис ис ам. Æмæ йæм алырдыгæй, уæлдайдæр хъæутæй, адæм тыннывæндæгау кæнынц. Алы аз дæр рæстæмбис нымадæй йæ цæрджыты нымæцыл бафты 140 мины бæрц. Уымæ гæсгæ, стæй йæ рагон уынгтæ нарæг æмæ къæдз-мæдз кæй сты, машинæтæ та дзы бирæ кæй ис, уый аххосæй горæты иуæй-иу рæгты азмæлæн нæ вæййы. Хицауад архайы уыцы тыхстдзинæдтæй фервæзы- ]ныл. Нысангонд цæуы Стамбулы метро саразын. Со- .ветон метроаразджыты æххуысæй. Фæлæ цыфæнды къуындæгæй дæр диссаджы рæ- сугъд æмæ хъæздыг горæт у Стамбул. Босфор æй кæ- ны дыууæ дихы. Гъе æмæ бирæтæ, зæгъæм, цæргæ Азийы кæнынц, кусынмæ та æрвылбон Европæмæ цæ- уынц, Галатайы хидыл кæнæ быранæй Босфорыл -ахизгæйæ. Науæд Стамбулы æхгæд (ома йын цар ис) базар. .Дыккаг ахæм никуы ис æппæт дунейы йæ ас æмæ хъæздыгдзинадмæ гæсгæ. Иæ алы къуым дæр ын цæ- тлæй фенай, уый тыххæй бахъæуид æппынкъаддæр мæй. Стæй дзы æнахуырæй адæймаг фæстæмæ фæндаг зынтæй ссардзæн. Æлхæнынмæ та дзы ис, цыдæрид- дæр дæ бахъæуа, уый. Иу кæронæй, дæ дзыппыты дæ къухтæ, афтæмæй бахиз, иннæ кæронæй ногæлхæд уæзласæн машинæйыл дæр рацæудзынæ. Æхца дæм куы уа, уæд... Алы бæстæйы дæр йæхи хицæн закъонтæ, йæхи æгъдæуттæ ис. Уыдонæй иуæй-иутæ æндæрбæстагмæ æнахуыр фæкæсынц. Стамбулы егъау галуаны фарс- .мæ фендзынæ чысыл хæдзаргæндтæ. Знон дзы нæма 23
Стамбул, султан (паддзах) Ахмæты мæзджыт. Арæзт æрцыд 1616 азы. уыдысты, абон фæзындысты. Карчы цъиутæ сæ мады бын куыд фæбырынц, афтæ чысыл халагъудтæ рагон егъау бæстыхæйттæм сæхи æлвасынц. Хонынц сæ «æх- сæвы конд хæдзæрттæ». Ома, æвастæй, æнæ бафæрс- гæйæ, кæм дæ бафæнда, уым æрбынат кæн, зæгъгæ, ахæм бар нæй паддзахады закъонмæ гæсгæ. Фæлæ иугæр сусæгæй дæ къухы бафтыд, уæд атæрын дæр, «хæдзар» фехалын никæйы бон у закъонмæ гæс- гæ. Гъе æмæ рагацау аивæй бынат равзар, фæйнæ- джытæй æнæхъæн къултæ, цар ацараз, æхсæвы сæ су- сæгæй æрбалас дæ равзæрст бынатмæ, кæрæдзийыл 24
■сæ цалдæр зæгæлæй фæхæцын кæн —æмæ «хæдзар» цæттæ у. Райсомæй йæ пъæлицæйы кусæг куы фена, уæд дис кæндзæн, ам тæккæ знон дæр ма куы ницы уыдис, уæд.дзы ныр ацы цæрæнбынат кæцæй февзæр- дис, зæгъгæ, фæлæ дзы мацæмæй тæрс, дæ атæрын йæ бон нæу, «хæдзарæн» фехалыны бар нæй. Горæты арæзт цæуы ног уæрæх уынгтæ. Амал кæм ис, уым уæрæхдæр кæнынц зæронд уынгтæ дæр. Фæ- лæ даы уæддæр бирæ змæлд ис. Шофыртæй та иуæй- иутæ сабыр цæуын «нæ фæразынц», алы тигъыл дæр инспектор куы сæвæрай, уæддæр сæ нæ бауромдзынæ. Уый та фыдбылызæй тæссаг у. Уымæ гæсгæ иу ног уынгæн æрхъуыды кодтой ахæм хорз хъуыддаг. Ставд æфсæйнаг хæтæлтæ дæргъырдæм æмбисыл афазтой. Сæ «синтæ», къуыпфæрстæ уæлæрдæм, афтæмæй сæ уынджы иу фарсæй иннæмæ цæхгæрмæ баныгæдтой, фæндаджы æмвæзæй цалдæр сантиметры уæлдæр куыд уой, афтæ. Иу хæтæлæй иннæйы æхсæн ис фон- дзыссæдз метры. Æмæ ацы уынджы бар-æнæбары са- быр цæуынц шофыртæ. Тагъд куы аскъæра, уæд ма- шинæ схъиугæ кæны. «ÆНÆХАЙ» Суанг мæ фыццаг бон агурын байдыдтой, Стамбу- лы цы ирæттæ цæры, уыдон. Кавказæй уазæг æрба- дыд, зæгъгæ дзы чи фехъуыста, уыдон мæм æмбырд кодтой Бакыркейы’районмæ мæ фысымтæм. Цæмæйты мæ фарстаиккой, уый æмбæрстгонд у Анкарайы фембæлдæй. Кавказаг, сæ фыдæлты зæххæй æрбацæуæг лæджы фенд сын куыд æхсызгон уыдис, уый та иу чысыл цауæй равдисон. Дыккаг изæр мæ Хоситы æмæ Газаццаты лæппутæ ахуыдтой, Стамбул, дам, дын фенын кæнæм. Хоситы лæппутæй иу таксийы шофырæй кусы, æмæ уый ма- 25
шинæйæ ацыдыстæм. Уыдыстæм денджызы был, фед- там Босфоры донкъубалæг, æрзылдыстæм горæтыл. Кæд изæр уыдис, уæддæр термометр амыдта 31 гра- дусы тæвд. Дæргъвæтин ахаста нæ ныхас. Фарстой мæ Ирыс- тонæй. Фæсæмбисæхсæв уыдаид, афтæ мæ фысымтæм араст стæм. Уынгтæ тæмæнтæ, æрттывдтытæ калдтой рекламæтæй. Машинæйы рудзгуытæ гом уыдысты, æмæ дымгæ адæймаджы буарæн æхсызгондзинад хас- та. Ме ’мбæлттæ кæрæдзиимæ туркагау цæуылдæр ны- хас код/гой, стæй мын уæд Газаццаты Исмæт афтæ: — Бахатыр кæн, фæлæ туркагау уый тыххæй дзырдтам, æмæ дын нæ иумæйаг курдиат зæгъын нæ уæндæм. — Ау, уагæр цы у? — Ирон зарæг нын куы акæнис. — Дæсны нæ дæн, æмæ лæмæгъ зарæггæнæгæн уæлдай хорз хъырнджытæ хъæуы. — Омæ куыд рауайа, афтæ рауайæд. Цы гæнæн ма уыдис. Ныззарыдтæн сын Къостайы «Æнæхай». Лæппутæ бахъырныдтой. Уалынмæ мæ фысымтæм æрбахæццæ стæм. Хæдза- ры хицауы æрбаййæфтон тилифонæй дзургæ. — Фæлæуу-ма, мæнæ æрбацыд æмæ йæафæрсон,— зæгъы кæмæндæр æмæ мæ фæрсы: — Мыййаг, заргæ кодтай чысыл раздæр? — Кодтон. — Гъа уæдæ маанæ иу ирон лæгимæ аныхас кæн,— æмæ мæм тилифоны хæтæл радта. — Æгас нæм цу, кавказаг лæг, æмæ дæ цæрæнбон бирæ уæд, ирон зарæг мын чи фехъусын кодта. Куыд- дæр æрфынæй дæн, афтæ мæ хъустыл ауад «æцæгæ- лон адæм, æцæгæлон бæстæ...» Фæгæпп ма кодтонг рудзынгæй ракастæн, фæлæ ницыуал. Уæд, ирæттæй 26
тилифонтæ кæмæ ис, уыдонмæ дзурын байдыдггон, жмæ мын дæ фысымтæй загътой, уыдонмæ, дам, Кав- казæй уазæг ис. Цыфæнды зын дын кæд у, уæддæр дæм ныртæккæ фæцæуын, мæн хуыссæг нал æрцахс- дзæн. Сахаты æрдæджы фæстæ мæ разы æрбалæууыд Рубайты Бечыр йæ бинойнаг Сæлиатимæ (Таутиаты чызг). Уæд лæгыл цыдис 58 азы. Иæ фыды фыд уы- дис зилгæйаг. Æхсæв-бонмæ фæбадтыстæм, фæныхас кодтам. ЛОЛОЙЫ ЛУЛÆТÆ Куыд цæрынц, цы хъуыддæгтыл хæст сты туркаг ирæттæ? Хъæуты дзы чи баззад, уыдон кæнынц зæххы куыст, фос дарынц. Фæстаг рæстæджы бирæ ивддзи- нæдтæ цæуы туркаг хъæуты. Фæзынд дзы егъау коопе- ративтæ — ад|æм сæ зæххытæ баиу кæнынц æмæ сæ æмдыхæй кусынц. Фæлæ дзы нырма хицæн чысыл хæ- дзарæдтæ дæр бирæ ис. Æмæ уыдонæн сæ хъуыддаг хорз нæма цæуы. Æз фыццаг хатт дзывыр федтон Цæгат-Ирыстоны бæстæзонæн музейы, дыккаг хатт та Турчы. Хъараса- паны (туркаг дзывыр афтæ хуыйны) дыууæ къамбецы ифтыгъд уыдис, афтæмæй дзы хуым кодтой, мæнæуæй цы зæххытæ суæгъд, уыдон ногæй фæлдæхтой. Уымæй чысыл фалдæр та æндæр хуымы нырыккон трактор æнцонæн скъæфта цыппарæфсæнджын гутон. Бирæ зæхх кæмæ ис, уымæ техникæ дæр ис, къаддæр хуым- ты хицау чи у, уый та хуымæтæджы кусæнгæрзтæй ар- хайы. Дарынц фос дæр. Æмæ хуымзæххытæ, фос ка>мæ ис, уыдоны сæхи хæдзарæдты хъуыддæгтæй не ’вдæ- лы, æндæр ран никуы кусынц æмæ мызд нæ исынц. 27
Гъемæ сæумæцъæхæй сыстынц æмæ суанг изæрда- лынгтæм æнцой нæ зонынц: фосмæ зилын хъæуы, хуымты куыстытæй дæр иу иннæйы æййафы. Афтæ- мæй æрвитынц сæ бонтæ. Мæ фос кæд сбирæ уаиккой, зæгъгæ дзы бирæтæн сæ цæст æргæвдын дæр нæ уар- зы. Ахæмтæ дзы ис, æмæ ис фосæй дæс боны иу хат- тæй арæхдæр дзидзайы хъæстæ чи нæу. Мæнæ рагза- манты нæхимæ куыддæриддæр уыдис, афтæ. Туркæгтæ иннæ азиаг æмæ скæсæйнаг адæмтау сæудæджермæ æмхиц сты. Суанг æвзонг лæппутæй байдайынц уыцы куыст. Æмæ ирæттæ дæр уыдоны фæзмынц. Æвæццæгæн, заводты, фабрикты, иннæ куыстуæтты уыйас адæм нæй, алы горæты дæр сæу- дæджергæнджытæ цас ис. Æцæгæлон адæймагмæ диссаг фæкæсы Турчы ба- зарад. Зæгъæм, дуканимæ бацыдтæ, исты дзаумайыл фыст ис аргъ 150 лирæйы. Уæйгæнæг зоны, уыйасы аргъ кæй нæу йæ дзаума уый, фæлæ йыл уæддæр фылдæр ныффыста. Æлхæнæг дæр æй зоны, асламд^æ- рыл æй кæй ратдзæн дуканийы хицау, уый æмæ йын йæ аргъ дæлæмæ тæры. Фæстагмæ бафидауынц 100— 110 лирæйыл. Фæлæ уæйгæнæг æлхæнæгимæ куыд арæхстджынæй дзуры! Хъарсы дуканитæй иумæ æрбацыдысты хъæуккæг- тæ. Лæппу ус куырдта, æмæ чындзы дзаума æлхæд- той. Ацы дуканийы алцыдæр разындис, дзабыртæй фæстæмæ. Уæйгæнæг сын аргъ дæр нæма загъта, æр- мæст чызгæн йæ ас бафарста æмæ уайтагъд дзаумæт- тæ æвзарынмæ фæци: кæд саулагъз у, уæд ын мæнæ ацы хуыз хорз уыдзæн, кæд бурдзалыг у, уæд та мæ- нæ уый. Дзаумæттæ тагъд-тагъд æвзары, целлофан дзæ- къулты сæ æвæры, йæхæдæг уыцы рæстæг арфæгæ кæны: — Хатыр мын бакæнут, уæ чындзæхсæвы сæмбæ- лынæн мын фадат кæй нæ фæуыдзæн, уый тыххæй 28
(афтæмæй йæ ничи хувдта, æлхæнынмæ чи æрбацыд„ уыдон æй уынгæ дæр фыццаг хатт кодтой), фæлæ амондджын чындз уæд, йæ ныхас сой куыд уа, йæ къух бæркадджын, цы бинонтæм æрбацыд, уыдоны нымæцыл æппынкъаддæр дæс куыд бафтауа!.. Цалдæр минутмæ æппæт дзаумæттæ дæр арæвдз сты, рæсугъд сæ иумæ атыхта. Дуканийы иу къуыммæ фæдзырдта, уырдыгæй дæс-дыууадæсаздзыд лæппу цай радавта æмæ йæ æлхæнджыты цур тæрхæгыл авæрдта. — Фæндаггон стут æмæ уал фæйнæ цайы ацымут,. уæ фæллад суадзут, дзаумæттæ дæр никуыдæм алидз- дзысты, æз та ныртæккæ фездæхдзынæн,— загъта уæй- гæнæг æмæ кæдæмдæр згъорæгау акодта. Иу-фондз минуты фæстæ æрбаздæхт, йæ къухы æрбахаста ас- лам, фæлæ. рæсугъд дзабыртæ, чындзы дзаумæттыл сæ æрæвæрдта æмæ загъта: — Уыдон мæ лæвар уæ ног чындзæн — мæ ног хойæн. Амондимæ сæ дарæд! Ацы дзаумæттæн та цас дæттут, уый уæ уæздандзинад æмæ уæхæдæг. Дыууæ мин лирæйы йедтæмæ мын куынæ раттат, уæддæр зæрдæхудтæй ма тæрсут. Мæнæ ахæм рæсугъд хъуыд- даджы фæдыл кæй базонгæ стæм, уый цыфæнды æх- цайæ д^æр зынаргъдæр у... Æлхæиджытæ аивæй кæрæдзимæ бакастысты, фæ- лæ арфæйы ныхæстæй уæлдай ницы загътой, дыууæ мины йын банымадтой æмæ бузныгæй ацыдысты. Уæй- гæнæг дæр разынæ баззад. Уымæн æмæ йæ арæхстдзи- нады руаджы йæ дзаумæттæн райста, цас сын æмбæ- лыд, уымæй æппынкъаддæр 200 лирæйы фылдæр. «Лæваргонд» дзабырты аргъ дæр баиымай, афтæ- мæй. Турчы ис ахæм лотерейæ: дæ билеты номыр куы схауа, уæд дын ратдзысты де ’муæз æфсæйнаг æхца— иугай лирæтæй. Иу лирæ у иуæндæс граммы. Мæ ра- зы ахæм амонд æрхаудта Анкарайы цæрæг Хъуысаты 29
чындз Бзарты чызг Нерминмæ. Уыцы рæстæг æнæфæ- разгæ уыдис æмæ сагъæс кодта, йæ уæз 65 килограм- мы йедтæмæ кæй нæ рауад, ууыл. (Мах æхсæз сомы уæд уыдысты 109 лирæйы аргъ). Лотерейы билеттæй æлхæнгæ мингæйттæ бакæ- нынц, æмбулгæ та—иугæйттæ. Гъе æмæ афтæ у сэеудæ- джергæнджыты хъуыддаг дæр. Алчидæр дзы тырны бирæ бынтæ саразынмæ, фæлæ уый, ай-гъай, се ’ппæ- ты къухы не ’фты. Уымæн æмæ базар кæнынæн арæхстдзинад, курдиат хъæуы, уый та алкæмæ нæ вæййы. Æппæт Турчы, стæй æндæр бæстæты дæр уыцы рæстæг хъуыстгонд уыдис Вехби Хъочы ном (хъоч туркагау у фыр). Дзырдтой мын, æхца, дам, æм ис, æппæт Турчы хъæздгуытæм цас ис, уымæй цалдæр хатты фылдæр. Фæлæ йын йæ фыдæй нæ баззад уыцы мулк, йæхæдæг æй скодта. Райдыдта, дам, дзабыр- сæрфæгæй. Цы капеччытæ куыста, уыдонæй йæ гуы- бын не ’фсæста, дзул, цыхт æмæ цайæ цардис, иинæ- тæ, суари суарийыл æфтаугæйæ, æвæрдта. Фæстæдæр байгом кодта чысыл дукани, уалынмæ стырдæр, фæс- тагмæ ссис миллионер. Кæддæр йæ дзабыртæ кæмæн сæрфта, уыдон-иу ыл куы амбæлдысты, уæд ын-иу сæ- рæй акуывтой. Уæйгæнджытыл фембæлдзынæ æрмæст дуканиты иæ, фæлæ уынгты, фæзты, мæзджыттæм бацæуæнты, поездты, науты — адæм кæмдæриддæр ис, уым. Иуæй- нутæ дзы, æвæдза, цæй арæхстджын сты! Стамбулы Галатайы хиды цур, адæм фылдæр кæм цæуынц, ахæм ран æрбынат кодта æрыгон туркаг лæп- пу. Уæй кодта алмаситæ. Тынг хорз уыдысты, фæлæ сæ равдисынмæ куынæ арæхстаид, уæд ын сæ афтæ не ’лхæдтаиккой. Авджы гæбаз фелвасы, алмаси йыл къæдз-мæдзæй æруад^зы æмæ йæ уыцы фæдыл фæлыг тсæны. Уыйфæстæ авджы нарæг уадздзаг лыгтæ кæны цæхгæрмæ æмæ дзуры, цыргъ кардæй, дам, дзидза 30
куыд кæрдай, афтæ кæрды авг. Æмæ цы дзырдта, уый хъуыддагæй æвдыста. Иæ цуры уыдис цæвæг æнæ хъæдæй. Дурыл ын йæ ком ахафта, фæкъуымых æй кодта, стæй йæ уæд йæ бæрзæйыл æруагъта, ома, уынут? — нæ лыг кæны. Ал- масийæн йæ дыккаг кæрон та уыдис саджилгонду кæрдтæ цыргъ кæнынæн. Уыцы саджилгонд уæйгæнæг цæвæджы комыл дыууæрдæм ахафта æмæ йæ сæрда- сæнау ацыргъ кодгга. Иттæг хорз арæхст къухæй, йæ февнæлдыл цæст нæ хæцыд, фæлæ дзыхæй та ноджы хуыздæр арæхст æмæ адæмы æргом йæхимæ здæхта, бирæтæ дзы æл- хæдтой алмаситæ. Уæйгæнджытæй чи куыд сарæхса, уымæй аразгæ у йæ цард. Æмæ дзы ахæмтæ дæр ис, цæстфæлдахæи митæ чи кæны. Мæнæ, алмаситæ чи уæй кодта, уымæйг чысыл æддæдæр иу лæппу зæххыл газет æрытыдта, хуымæтæг пластмассæйæ ручкæтæ йыл æрæвæрдта æмæ аралло систа, æппæлы сæ. Дыууæ йæхи кары лæппуйы йæм хæлофгæнæгау бауадысты, фæлæбурд- той фæйнæ дыууæ ручкæмæ, æхца йын авæрдтой æмæ хъæрæй дзургæйæ дистæ кæнынц, мæнæ цы хорз æмæ аслам сты, зæгъгæ, афтæмæй ацыдысты. Фæлæ та чы- сыл фæстæдæр ногæй фæзындысты «æлхæнджытæ» æмæ та — æппæлгæ. Уыдон уыдысты уæйгæнæгæн йе ’мбæлттæ... Фæлæ дзы уæддæр, мæнмæ гæсгæ, нæхи Лолойæи æмбал нæй. Хосонтæй у й-æ мыггаг. Иæ фыд^лтæ ив- гъуыд æнусы алыгъдысты Туркмæ. Йе ’цæг ном у Ид- рис, фæлæ йæ Лолойæ зонынц ирæттæ. Иæхи раз мыи дзырдтой йæ хабæрттæ, йæхæдæг дæр иннæтæм гæсгæ тынг фæхудтис. Стыртæ лæг у Лоло. Уæд ыл цыдис æртиссæдзы бæрц. Сабыр, мадзурагонд. Цæстытæ, цыма кæддæ- риддæр истæмæй æфсæрмы кæны, уыйау цъындгонд. 31
Тъе фæлæ йæ бакаст куыд у, æнæуи та ахæм нæу -Лоло. Райдиан скъола йедтæмæ нæ сахуыр кодта. Æфса- дæй куы рацыд, уæд сфæнд кодта оæудæджерадыл æрлæууын. Райдыдта лыстæг хъуыддагæй. Англисаг сæрдасæны кæрдтæ-иу балхæдта æмæ сæ зынаргъдæ- рыл уæй кодта. Уымæй уæй дæр кæм? Мæзджытмæ бацæуæны, ламаз кæныны агъоммæ. Асæй стыртæ тсæй у, уымæ гæсгæ адæмы æхсæн бæрæг дардта æмæ сæм хъæрæй дзырдта: «Ие, пысылмон адæм! Кæдæм фæцæут, уый зонут? Хуыцауы хæдзар у уый, кувæндон. Хуыцау та сыгъ- дæгдзинад уарзы. Лæг йæхимæ куынæ зила, уæд йæ ламаз хъабыл нæ уыдзæн. Сыгъдæгдзинадæн та мæнæ ацы сæрдасæн кард йедтæмæ ницы хъæуы. Хæрзасла- мыл сæ дæттын: иу кард — иу лирæ. Æцæг пысылмон лæгæн та йæ динæн аргъ нæй. Цæй, ма фæзивæг кæ- нут æмæ уæ ламаз хъабыл уа...» Æмæ цыбыр рæстæгмæ дзæвгар æхца бакуыста. Уыдис æм хойраджы дукани. Афтæмæй йæхæдæг ла- маз нæ, фæлæ мæзджыты дуармæ дæр сæудæджер кæныны охыл йедтæмæ никуы æрлæууыд. Иухатт Лоло Стамбулы фæцæйцыд. Босфоры дон- къубалæджы хидыбыл асфальтыл бадтис туркаг зæ- ронд лæг. Иæ размæ чысыл чумæдан гомæй. Уыдис дзы лулæтæ. Лоло фæссихор фæстæмæ куы æрбацæй- дыд, уæддæр ма уыцы зæронд лæг йæ лулæты цур бадтис. Лоло йæ фæхъуыды кодта æмæ йе ’мбæлттæм дзуры: — Æвæццæгæн, мæгуырæг, абон къæбæры фаг дæр нæ бакуыста. Тæригъæд у, чысыл-ма фæлæуут, æз ын аххуыс кæнон... — Омæ дзы исчи куы ’лхæнид, уæд æй нæ уынынц? Адæм йæ цурты дыууæрдæм куы кæнынц. — Афæлварон... Лоло зæронд лæгæн загъта, ды, дам, æрмæст æхца 32
исынмæ рæвдз фæлæуу, уæй кæнын та мæ бар уадз. Лулæтæй цалдæр йе ’нгуылдзты æхсæнты бакодта æмæ райдыдта: — Уæртæ лæппу, ды, æнæмæнг, сафронæй рынчын дæ. Дæ хуызыл бæрæг у. Дохтыртæм дæр уыдаис? Ма сыл æууæнд. Æхца дæ айсдзысты, æххуыс та дын ни- цы фæуыдзысты. Дæ дохтыр мæнæ ис,— æмæ йæм лу- лæ æвдисы,— америкаг профессор æй æрхъуыды код- та æрæджы. Тамакойæн йæ марг фæрсудзгæ кæиы, адæймагæн дзы пайда чи у, уæлдайдæр низджынæн, уыцы буаргъæдтæ та хуылфмæ, сахъат рæттæм уа- дзы. Дæхи чъындыйæ ма равдис, фондз лирæйы ницы сты, мæнæ сæ мæнау минутмæ бакусдзынæ, дæу хуы- зæн хæрзконд адæймаджы æнæниздзинадæй стырдæр мулк æмæ хæзна та нæй. Цæй, гуырысхо ма кæн. Кæд дын нæ феххуыс уа, уæд-иу æй дыууæ къуырипы фæстæ ардæм æрбахæсс æмæ дын де ’хца процентти- мæ ратдзынæн... Дæуæн та, уæртæ лæппу, дæ сæр фæриссы арæх,— дзуры иннæмæ.— Дæуæн та мæнæ ацы лулæ у дæ ир- вæзынгæнæг (афтæмæй иухуызæттæ уыдысты се ’ппæт дæр, хуымæтæджы хъæдын лулæтæ). Гъа-ма, стæппы- тæ дзы кæн, кæддæра дæ сæры рыст Босфоры дамгæ- йау нæ алидзид!.. Æмбæрстой йæ, ай-гъай, гæдыныхæстæ кæй кæны Лоло, уый. Фæлæ йæм мидбылты худгæйæ здæхтысты æмæ хæлофæй æлхæдтой. Фынддæс-ссæдз минуты фæстæ чумæданæй фæстаг лулæтæ куы систа æмæ та сæ æппæлын куы райдыдта, уæд æм зæронд лæг хæрд- мæ скаст, цыма йын афтæ зæгъы, фæлæуу-ма, кæд ахæм хæзна сты, уæд дзы мæхæдæг дæр балхæнон... Фæлæ куыд загътам, ахæм дзыхы ахаст се ’ппæтæн нæ вæййы. Æмæ иннæ ирæттæй чи лыстæг сæудæдже- радыл хæст у, чи наутæ æвдæлон кæны, æккойæ уæ- зæгтæ хæссы, чи шофырæй кусы, чи дзы хъæздыг у, чи мæгуыр. 2 Æцвгжлон бжстж 33
ФИДÆНЫЛ САГЪÆС Куырттаты комы бæрзонд айнæджы гæмæх фах- сыл зайы цалдæр нæзыбæласы. Сæ уидæгтæ къæдзæх- дуры скъуыдты цæргæсы дзæмбытау ауагътой, карз тох кæнынц цардыл. Уыцы бæлæстау мæм кæсынц туркаг ирæттæ дæр. Нæ мыггаг ма сыскъуыйа, æндæр адæмты æхсæн ма ныдздзæгъæлтæ уæм, ма сæмхæццæ уæм, зæгъгæ, ууыл у сæ сæйраг сагъæс. Фæлæ, иуæй, бирæ кæй не сты, уымæ гæсгæ сæ фылдæр кæрæдзи- йыл уыйас арæх нал æмбæлынц, уæлдайдæр фæсивæд|. Æмæ ирон лæппуйæн ирон чызг ракурын, ирон чызгæн ирон лæппумæ смой кæнын алыдзух къухы нæ бафты. Уымæ гæсгæ туркаг, курдаг чындзытæ дæр фæзынд ирон хæдзæртты, стæй ирон чызджытæ дæр уыдонмæ мой кæнынц. Сæхимидæг та, зæгъæм, лæппу, æмхæрæ- фырт кæимæ у, ахæм чызджы дæр курын байдыдта. Иу хæдзары хæрæфырттæ ма уæнт æрмæст, иу мыгга- джы хæрæфырттæ куы уой, уæд уымæ нал кæсынц. Æнæуи та тынг фидар хæцынц рагон ирон æгъдæут- тыл. Турчы ирæттæн сæ ныртæккæйы рæстæмбис кары адæм сты, Муссæимæ чи алыгъд, уыдонæн сæ цыппæ- рæм фæлтæр. Сæ фыдæлтæ Ирыстонæй куы афтыдыс- ты, ууыл цæуы æхсæзыссæдз азы. Фæлæ рагон ирон æгъдæуттæ иу фæлтæр иннæмæ хæссы, æмæ сæм сæ иутæ ныр дæр баззадысты, æнусæй фылдæры размæ куыддæриддæр уыдысты, афтæ. Чындз æнæмæнг уай- сады йæ хицаумæ, йæ хистæр тиутæм, мыггаджы нæл- гоймæгтæм. Иæхицæй кæстæр чи у, уыцы тиутæн æмæ æрвадæлты лæппутæн та хойау у. Сылгоймæгтæ нæлгоймæгтимæ иу фынгыл нæ ба- дынц, фæлæ сылгоймаг æрбахызт, уæд ын се ’ппæг дæр сыстынц. Нæ бадынц хистæртимæ фæсивæд дæр„ сæ уæлхъус лæууынц, лæггад сын кæнынц. Тынг фидар æвæрд у хистæрæн кад кæнын. Раст 34
уа, нæ — йæ ныхасыл ын дыккаг ничи зæгъдеæн, фæс- тæмæ йæм ничи сдзурдзæн, кæстæр йæ цуры тамако не сдымдзæн. Анкарайы аст боны фæцардтæн ме ’рвадæлты хис- тæр Хадзымуссæмæ. Дыууæ æмæ цыппарыссæдз азы йыл цыдис. Бæрзонд, къæсхуыртæ зæронд лæг. Æнæ- уи замманай уæздан адæймаг, зæды хуызæн, кæмæй фæзæгъынц, ахæм. Боныцъæхтыл-иу райхъал, сабыр- гай-иу мæ уатмæ æрбацыд, æдзынæг мæм-иу кастн æмæ йæхæдæг йæхиимæ ныхас кодта: — О, мæнæ мын хуыцау цы хорздзинад ракодта! Кавказаг адæймаджы мын фенын кодта мæ амæлæты размæ. Мæ туг, ме стæджы! Уæ дæ цæрæнбон бирæ уа, мæ хур, кæй нæ фæзивæг кодтай иу бæстæйæ ин- нæмæ æмæ нæм кæй æрбацыдтæ. Стыр удыбæстæ скодтай дæхицæн... Раст сæм цыма уæларвæй æрхаудггæн, афтæ цин мыл кодта, иу минут дæр йæ цурæй куынæ цыдамн, уый йæ фæндыдис. Фæлæ мæ иуизæр æвиппайды тынг бафхæрдта. Æмæ мæнæ цæй тыххæй. Йæ кæстæр фырт Джигъан æмæ йæ кæстæр æф- сымæры лæппу Езкан мæ изæры ахуыдтой горæтмæ, боны, дам, дæ адæм цух не суагътой, хæдзары фæ- бадтæ, ныр цом æмæ атезгъо кæнæм. Дзæвгар рæстæг фæзылдыстæм. Боны тынг æнтæф уыдис, æмæ ныр са- тæг уæлдæфæй æхсызгонæн улæфыдыстæм. Цасдæр рæстæджы фæстæ нæх.имæ раздæхтыстæм. Уаты чы- сыл алæууыдыстæм. Хадзымуссæ ма бадгæ кодта, æмæ мæ фæрсы, дæ зæрдæмæ, дам, фæцыд нæ сахар? Цæуылнæ, зæгъын, фæлæ Стамбул рæсугъддæр у... Зæронд лæг мæм кæронмæ хъусгæ дæр нæ бакодта, афтæмæй æваст раздæр мæ дыууæ цæстмæ, стæй та -лæппутæм сонт каст фæкодта, цæсгом асырх, фæхъæр ныл кодта: — Ацæут ардыгæй!..— æмæ нæ схуыдта хæдзары Цæрæгойтæн сæ тæк’кæ фыдынддæртæй.— Сæ арахъ- 35
хъы тæф сæ хъустæй кæлы, сæхæдæг мын сахар уы- нынмæ ацыдысты!.. Лæппутæ, цыма сæ дымгæ фæхаста, уыйау æрбай- сæфтысты, иннæ уатмæ алыгъдысты. Æз дæр уыдоны фæдыл фæраст дæн. Нозтджын нæ бæргæ ничи уыдис, бæгæны йедтæ- мæ ницы банызтам, фæлæ тæфæн уын дæр æгъгъæд разынд. Лæппутæ мæнмæ кастысты æмæ сусæгæй худтыс- ты, Хадзымуссæ та ма и-ннæ уаты йæхæдæг йæхиимæ дзырдта: — Уыдонмæ бацу æмæ сын сæ хурхытыл кард сæ- вæр, æдзæсгæмттæ!.. Пысылмон диныл фидар хæст сты туркаг ирæттæ искуы-иуæй фæстæмæ. Уыцы динмæ гæсгæ та нозт хæрам у. Бæгæны куы бануазай, уæддæр афтæ нымад у, æмæ дæ ламаз хъабыл нæ уыдзæн. Уымæ гæсгæ Турчы ирæттæ сæхæдæг ницы нозт кæнынц махсымæ йедтæмæ. Дуканиты, ресторанты ис арахъхъ дæр æмæ бæгæны дæр. Фæлæ нуазын тынг æгаддзинад у. Арæх сæм æнæ карз нозтæй вæййы бæрæгбоны, чындзхасты фынг дæр. Кусарт акæнынц, физонæг, лывзæ, къуы- дырвых дзидза æрæвæрынц. Кæнынц уæлибæх, цæхæ- раджынтæ дæр. Стæй сæ тынг хæрзад кæнынц. Æцæг сæ фынгмæ лыгæй æрбадæттынц. Алкæмæн дæр агуывзæйы дзаг нуазыны дон æрæвæрынц. «Бисмил- лагъи» — æмæ хæрын байдайынц. Æнæ сидт, æнæ га- джидауæй. Сæр дæр сфыцынц, фæлæ йæ нысаниуæг махмæйау нæу. Афтæ йæ хæрынмæ æрæвæрынц, йæ хъустæ æмæ сыкъатæ йын сæ рæбыныл аппарынц, аф- тæмæй. Уæддæр адæм алыхуызæттæ сты. Графииы уæл- хъус абадын чи уарзы, ахæмтæ дæр дзы ис. Æмæ аба- дынц. Кæддæр сæм чындзхасты мах æгъдæуттæ уыдис. Хъæуты ма хицæнтæй куы цардысты, уæд. Фæлæ ныр
горæттæм фæлыгъдысты, кæрæдзимæ дæрддзæф цæ- рынц, æмæ сын æгъдæуттæ æххæстæй кæнынæн фа- дат нал ис. Чындзхасты дзы нæ бафтыдтæн, фæлæ мын сæхæдæг дзырдтой хабæрттæ. Рестораны, науæд чындзæхсæвтæ кæм кæнынц, ахæм сæрмагонд хæдзары баныхас кæнынц, уыцы бонмæ нын уыцы афонмæ уал æмæ уал адæймагæн ахæм фынгтæ æрæвæрут, зæгъгæ. Æмæ чындзæхсæв уым ахицæн кæнынц, стæй уæд чындзы иу цалдæрæй лæппуйы хæдзармæ аласынц, иннæтæ сæхимæ ацæ- уынц. Хуынд нæ уыдис, уæд йæ хæрзæфсымæры чындзхастмæ дæр хæддзуйæ ничи æрбацæудзæн. Нæ зонын, уый сæ амондæн у æви нæ, фæлæ, нæ уавæртæ куыд амонынц, афтæ, дам, кæнæм нæ чындз- хаст. Сæ зианы æгъдау та сын мæхæдæг федтон. Рухсаг уæд, мæ рæстæджы дзы Сарыхъамысы амард Хъуы- саты Дзиппайы фырт Инус. Цыдис ыл цыппар æмæ æртиссæдз азы. Селимæ мæ фысымтæм хъæргæнæг уыдис, æмæ æз дæр уыдонимæ ацыдтæн. Дæс бынаты кæм ис, ахæм чысыл автобусы дзаг мах уыдыстæм — нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгтæ, иу-дæс æмæ ссæдз адæймаджы та уым баййæфтам. Æндæр дзы ирон адæм хæстæг нæ цæры. Сылгоймæгтæ хæдзары уыдысты марды раз, æмæ уырдыгæй кæйдæр хъарæг хъуысыд: «Дæдæй, мæ бон бакæла, Инус! Кавказ, Кавказ куы фæкодтай, ныр дæ кæйдæр зæххы куы амбæхс- дзысты!..» Ды бон амард, уыцы бон баныгæдтой Инусы. Зианæн фынджыдзаг кæнынц уым дæр. Æцæг йæ ныгæнæн бон нæ, фæлæ фыццаг майрæмизæры, стæй уый фæстæ, пысылмон динмæ гæсгæ цы хистытæ æм- бæлы, уыдон. Æнæ карз нозтæй. Æмæ мæ уый тых- хæй бæлвырддæр зæгъын фæнды. Арæх фехъусæн ис, зианы фæдыл/дам, ирон адæм 37
арахъхъ кæддæриддæр нызтой. Фæлæ мæнæн та Тур- чы ирæттæ куыд дзырдтой, афтæмæй уый раст нæу. Ам дзы уазæгуаты чи фæци, нæ цины æмæ зианы хъуыддæгтæ дæр нын чи федта, уыдон-иу загътой: «Уæллæгъи, тынг хорз цæрут, алцыдæр уæм тынг рæ- сугъд у, дыууæ хъуыддагæй фæстæмæ. Иуæй, далæ фынджы кæронæй кæстæртæ хæрдмæ сдзурынц, дæ цæрæнбон бирæ уæд, иæ хистæр, зæгъгæ. Æмæ уый нæ фидауы, худинаг у. Кæстæры цæй ныхасы æфсæрм ис. Кæд дæм исты æрхаудта, уæд æй сусæгæй ануаз, хæр æмæ дæ дзыхыл хæц. Иннæмæй та, зианы фын- гыл карз нозт æрæвæр, уымæй тæригъæддæр, æвир- хъаудæр хъуыддаг ма цы уа! Кæй фыиджы уæлхъус бадыс, ууыл бæллæх æрцыд æмæ кæугæ кæны, ды та уый зианыл дæхи хъыггæнæг скæн, афтæмæн хæрд æмæ нозтæй дæ гуыбын дзаг кæн! Ничердæм бады ахæм «æгъдау» æмæ йын бамбарæн нæй. Зианы фыи- гæй куы рацæут, уæд фæндагыл къуымæлдзæфæй хъæлдзæг ныхас, худын байдайут. Æмæ мардыл æцæ- гæй чи риссы, уый хъуамæ хъæлдзæг ныхас æмæ мн- нас кæна?!» Цы зæгъæн ис уый ныхмæ? Мæнмæ гæсгæ, мурдæр пицы. Æз сын бæргæ æмбарын кодтон туркаг ирæттæн, ахæм æгъдау нæм ныффидар, зианæн «рухсаг.* зæгъын хъæуы арахъхъæй, зæгъгæ. Фæлæ уыдон та ууыл лæуд сты, пысылмон уа — чырыстон, æви кæцы- фæнды дины æгъдау, уæддæр зианы фынгыл карз нозт бануазын тæригъæд у, хæрам. Кæд, дам, гъа, æнæ уымæй нал фæразут, уæд та-иу зианы хæрнæгæи куывд ма аразут. Дыууæ-æртæ аназут, къæбæр сахо- дут, сахатырдæг уæ фæллад суадзут æмæ сыстут. Тынг æвзæр хъуыддагыл нымайыцц, зианы фæдыл нæм бирæ алыхуызон хистытæ кæй ис, уый дæр. Уы- дон, дам, гуыбындзæлтæ фæминас кæнынæн æфсонæн мысынц. Æмæ æрхастой ахæм дæнцæг. Хистытæ бирæ кæнын хъæуы чи зæгъы, уыдонæн ма ахæм фæтк сæ- 38
вæр: хист марды ном ссарынæн, чи.нал ис, ууыл фæ- хъыг кæнынæн вæййы. Æмæ йыл кæд æцæгæй хъыг кæныс, кæд ыл æцæгæй дæ зæрдæ риссы, уæд хисты бон дæхицæн ахæм зын скæн уыцы марды ном ссары- ны охыл, æмæ нуазгæ нæ, фæлæ хæргæ дæр ма бакæн, ком бадар. Афтæ куы уаид, уæд хистхортæ æппæты фыццаг сæхæдæг стох кæниккой ахæм саударæн — марходарæн бонты ныхмæ, талынг, зианхæссæг хъуыд- дæгтæ сæ схониккой. Зианæн йæ ныгæныны бон раджы заманы мæрд- джын хæдзары кæрты нуазгæ нæ, фæлæ хæргæ дæр кæй нæ кодтой, уымæн æвдисæнæн мын Турчы ирæттæ æрхастой ахæм дæицæг. Ныр дæр ма ирон æвзаджы баззад æлгъыст, фыдгулæн йæ зынг ахуысса, йæ къо- на ныууазал уа, зæгъгæ. Иæ бындур цы у уыцы æл- гъыстæн? Кæддæр спичкæ арæх нæ уыдис. Уымæ гæсгæ-иу изæр къонайы, пецы арт сыгъд куы фæци, уæд-иу цæ- хæртæ иу ранмæ æрбахафтой, фæныкæй-иу сæ банорс- той, æмæ райсоммæ нæ хуыссыд аынг. Лыстытæ-иу сыл æрæвæр, бафу сыл кæн, æмæ ссыгъдаиккой. Фæлæ зианджын хæдзары тохынайæ хъуамæ фæздæг ма ссы- даид—сау дардтой биионтæ. Зынг та æхсæвæй райсом- мæйы фаг йедтæмæ нæ кодта, ахуыссыд-иу, къона-иу ныууазал. Ома, æлгъыст «йæ зынг ахуысса, йæ къона ныууазал уа» амоны «Мард ыл æрцæуа». Мард цы хæдзары уа, уым та арт дæр нæ чындæуыд, фынгæ- вæрд нæ фæлæ. Уæдæ-иу мæрддзыгой бон-изæрмæ æххормагæй баззадысты, стæй зианджын бинонтæ дæр? Нæ. Сых- бæстæ, хъæубæстæ-иу сæ цалдæргæйттæй ахуыдтой, уым-иу чысыл абадтысты уаздокытæ, хæргæ, нуазгæ дæр-иу акодтой бæрцæй, сæ фæллад-иу суагътой. Аф- тæ зианджын бинонтæ дæр. Иугæйттæй сæ-иу ахуыд- той сыхæгтæ. Иу дзы æрбаздæхт, уæд дыккаг ауадаид, стæй та æртыккаг æмæ афтæ дарддæр. &
Гъе ахæм карз æвæрд у нозты хъуыддаг Турчы ирон адæммæ. Æндæр сын ницы ивддзинæдтæ бафиппайдтон се ’гъдæутты. Æрмæст ма иунæг, æвæццæгæн, туркæггæй кæй райстой, ахæм: кæстæрæн салам зæгъгæйæ йæм дæ къух куы радтай, уæд ын апъа кæны, стæй ма йæ йæ ныхыл авæры, ома дын сæрæй акувы. Æнæуи та, мах ирои адæммæ цыдæриддæр æгъдау ис, уыдон кæ- нынц. Нозтимæ дзы баст чи у, уыдонæй фæстæмæ. Афтæ куы зæгъин, Турчы ирон адæм сæ мадæлон æвзаг нал зонынц, уæд мыл, æвæццæгæн, алчидæр баууæндид, стæй сыл нæ фæхудид. Уымæн æмæ æцæ- гæлон бæсты, алы рæтты цæргæйæ, цалдæр фæлтæры раивтой ныр. Ам, нæхимæ, фæсивæдæй иуæй-иутæ сæ- хи æвзаг хорз куынæ зонынц, ирон скъолатæ, чингуы- тæ, газеттæ, радио, театр нæм уæвгæйæ, хи республи- кæйы цæргæйæ. Ис Турчы ирон фæсивæдæй, йæ фы- дæлты æвзаг чи нал зоны, ахæмтæ. Искуы-иутæ. Иæ мад дæр, йæ фыд дæр, зæгъæм, Стамбулы кæмæп райгуырдысты, ирон адæймагыл афæдз иу хатгæй арæхдæр чи не ’мбæлы, уыцы æрыгон лæппу кæнæ чызг куыд нæ ферох кæна йæ мадæлон æвзаг! Уæл- дайдæр æй скъолайы туркагау ахуыр кæнынц, ирои фыссынад дзы нæй, ирон чиныг кæнæ газет сæм ар- дыгæй стæм хатт йедтæмæ не ’фты. Фæлæ уæддæр зæрдæйæ ам сты, сæ фыдæлты рай- гуырæн зæххыл, æмæ архайынц, цæмæй сæ мадæлон æвзаг ма фесæфа, ууыл. Бинонты æхсæн кæрæдзиимæ сæ ныхас у иронау. Æмæ искуы-иуæй фæстæмæ сыгъ- дæг дзурынц сæхи æвзагыл. Сæхи диалектыл дзурынц дыгур дæр. Ам семæ фембæл, уæд сыл ничи фæгуы- рысхо уаид, æндæр бæсты райгуырдысты, зæгъгæ. Уæ- дæ кæд фысгæ туркаг мыггæгтæ кæнынц, уæддæр кæ- рæдзи сæ ирон мыггæгтæй зонынц, стæй дзы йæ фы- дæлтæ кæмæн кæцæй алыгъдысты, уырдыгæттæ хо- нынц сæхи; æз арыхъхъаг дæн, мæнæ уый зилгæйаг, 40
уæртæ уый елхотаг. Афтæмæй æрмæст сæхæдæг нæ, фæлæ сæ ныййарджытæ дæр никуы федтой уыцы хъæутæ. Фæлæ хъæуæй хъæумæ дæр хицæн æгъдæуттæ, хи- цæн ныхæстæ вæййы. Æмæ Турчы ирæттæн дæр се ’взаджы ис махæй чысыл хъауджыдзинæдтæ. Иуæй- иутæ дзы, æвæццæгæн, туркаг æвзагæй кæй райстой æмæ комкоммæ тæлмац кæй кæнынц, ахæмтæ. Ис сæм сыгъдæг туркаг ныхæстæ дæр, хъуыды цыбырдæрæй зæгъæн кæй руаджы ис, ахæмтæ. Уыдонæй иу у æл- буки». «Æз ын урс æнхъæл уыдтæн, æлбуки (æцæг- дзинадæй та, афтæмæй та) тар разындис». «Адæмы хуылфы цæры»—адæмы æхсæн цæры... «Хъахъхъæиы йæ» — æнхъæлмæ йæм кæсы. «Тилифон мæм скодта»— тилифонæй мæм æрбадзырдта. «Атилифон æм кæн» — тилифонæй йæм адзур. «Суыдзæн» — уыцы хъуыддаг сырæздзæн, фадат ыи ис. «Иæ цæсты ныххаудис» — йæ зæрдæмæ тынг фæцыд. «Нæ йæ схъабыл кодта»— йæ зæрдæмæ нæ фæцыдис, нæ йыл сразы. Кæй æхсæн цæрай, уыцы адæмы æвзаджы миниу- джытæн, æвæццæгæн, дæхи æвзагыл æнæ фæзынгæ нæй. Уымæ гæсгæ мæ зæрдыл æрбалæууыд ахæм хъуыддаг. Норвегиаг ахуыргонд, Ослойы университе- ты кусæг Фридрик Тордарсоны кой уын куы кодтон. Æвзаг мыхуырмæ гæсгæ хорз сахуыр кодта, иронау кæсгæ æмæ фысгæ тынг хорз кæны, фæлæ, дзургæ куыд кæнынц ирон адæм, уый никуы фехъуыста. Гъе- мæ йæ балцы сæр дæр уый уыдис. Ме ’мкусæг Хæблиаты Сафаримæ йæм бацыдыс- тæм, нæхи бацамыдтам. Тордарсон нæм сдзырдта... хуссайрагздæхтæй. Куыд рабæрæг. афтæмæй раздæр Хуссар Ирыстоны уыдис, фыццаг хатт ирон ныхас уым фехъуыста, æмæ хуссар ирæттæ куыддæриддæр дзурынц, афтæ дзырдта уый дæр. Ацы хабар та нæ ныхасмæ комкоммæ ницы бар дары, фæлæ мæм худæг фæкаст æмæ йæ радзурон. 41
Уазæгимæ ныхас кæнгæйæ, Сафар тамако сдымынмæ хъавыд æмæ уал раздæр йæ сигареттæ уымæ бадард- та, бадым, зæгъгæ. — Бузныг, фæлæ ахæмтæ нæ дымын,— загъта Фридрик. — Æвæццæгæн бапъирозтæ дымыс? — Нæ. — Уæдæ трубкæ? — Трубкæ циу, уый нæ зонын, фæлæ лулæ дымын. Алы хъæрмхуыпп дæр Турчы ирæттæ хонынц кас- дон — хæнкъæлæй уа, хъæдурæй, къурупайæ, карто- фæй йе та æцæг касдон уа. Нымæцтæ «æртын»... «фæндзай»... «сæдæ» нæ зо- нынц. Нымайынц «дæс æмæ ссæдз»... «дæс æмæ дыу- уиссæдзы»... «фондзыссæдзы»... «дæс æмæ æхсæзыс- сæдзы» æмæ афтæ дарддæр. Арвыдуары фегоммæ æнхъæлмæ кæсы, кæмæй фæ- зæгъынц, уыйау Турчы ирæттæ дæр стыр цымыдисæй <сæ хъус дарынц Кавказæй исты хабæрттæм. Æмæ сæм байхъуысы цыдæртæ. Хатгай æцæг хабар, хатгай та «къæхтæ æмæ къухтимæ». Фехъуыстой нæ инæлæргтæ Плиты Иссæ, Мамсыраты Хаджумар, Цæлыккагы Хъантемыры кой. Стæй, дам, уæм маршæл дæр куы ис... Къониатæй. Коневæн ирон æнхъæл уьдасты. Цалдæр азы размæ Турчы цыдис киноныв «Фа- тъимæт». Тынг æм цыдысты кавказæгтæ. Зæрдæхæлд- тытæ, дам, фестæм, фæкуыдтам. Стамбулы цæры Мехмет Гюнеш (Ацæты Мæхæ- мæт). Уый ратæлмац кодта æмæ туркаг газеты ным- мыхуыр кодта Къостайы «Хъуыбады» æмæ «Марды уæлхъус». Тынг æппæлыдысты, хорз тæлмацтæ, дам, сты. Адæмон сфæлдыстадæй ардыгæй цы ахастой, æн- дæр сæм ницы ис. Уый дæр стæмтæй фæстæмæ ферох кодтой. Уымæн æмæ йæ куы загътам, бæстæйы алы кæрæттæм кæй фæлыгъдысты, сыгъдæг ирон хъæутæ 42
дзы кæй нал ис, уый. Афтæмæй та, ай-гъай, фыдæлты таурæгътæ, зарджытæ рох кæнынц, сфæлдыстадыл дзурæн дæр нæй. Æрмæст мын иу хабар радзырдтой. 1915-æм азы, дам, Хамамлийы хъæуы Тугъанты (Дзатцеты) Дрис абырджытимæ тохы фæмард, йæхæ- дæг дзы йæ разæй мæрдтæм фондзы барвыста, афтæ- мæй. Дрисыл уæд ирæттæ зарæг скодтой, фæлæ йæ ныр ничиуал хъуыды кæны. Ис зарæг Хъæстуаты Ханджерийыл дæр. Турчы ирæттæ йæ скодтой. Хосонты Керым ма æрымысыд зарæджы ныхæстæ. Фæлæ чи уыдис Ханджери, кæд æмæ куыдæй фæмардис, уыдæттæ ныффыссын мæ къухы нал бафтыд, ничиуал æй зоны. Мæнæ уыцы зарæджы ныхæстæ: Машинæйы фæндаг Ларсмæ бацыди. Ханджери бадзуры: «Мæнæн мæ адзалы фæндаг Хъарсмæ бацыдп. Сарыхъамысы дон нын ласы тулдзæй тулæнтæ, Ныр мын мæ урс цухъхъа Кавказмæ арвитут Тугæй хъулæттæй». Сарыхъамысы аргъуанæн дзæнгæрæг нæй. Ханджери бадзуры: «Мæ тыхсты сахатыл мын Стыр Бозатмæ хъæргæнæг нæй. Сæ уæрдон сын — сæнарласæн, Уырысы машинæ сснс мæнæн мæ мардласæн». Мæмсыраты Темырболаты уацмыстæй иугай ны- хæстæ йедтæмæ нал хъуыды кæнынц. Уый дæр сæ хис- тæртæ. Йæ хо Азизæ, дам, тынг базæронд, афтæмæй амард 1969 азы. Темырболаты къухфыстытæ кæддæр уымæ уыдысты, æмæ Турчы ирæттæй чидæртæ архайд- та се ссарыныл. Азизæ ма æгас куы уыдис, уæд-иу æй фарстой, фæлæ ницы. Æрмæст, дам, иу афтæ загъта: «Уыдæттыл ма уыдтæн æви цы! Ай нæ хъæстæ куы сыскъуыд, бындар нын куы нал баззад, уæд ма гæх- хæттытæй цы кодтон. Нæ мадмæ уыдис стыр чырын, 43
æрхуыйæ тæлмытæ йыл. Ме ’фсымæр куы бабын, уæд ын йæ фыстытæ уыцы чырыны сæвгæдтон. Иу ранæй иннæмæ ралидз-балидз кæнгæйæ-иу æй куы цары авæрдтон, куы уæрмы, æмæ кæм баззад, уый нал хъуыды кæнын». Азизæ Хъуыбадты чындз уыдис, йæ лæг — æфсæд- дон. Кæм баззад, райгуырæн бæстæмæ тырнæг поэты, сæрибардзинадмæ сидæг булæмæргъы хъæлæс къух- фыстытæй кæцæй хъуысыдис, уыцы зынаргъ чырын? Æвæццæгæн, йе ссарын къухы нал бафтдзæн. Темырболатæн йе ’ннæ хотæ æмæ æфсымæртæй, стæй уыдоны цотæй дæр æгас ничиуал у. Афтæ рауа- дис, æмæ сæ хъæстæ сыскъуыд, адзал сæ фæхаста. Фæлæ ма, поэтæн йæхи чи æрæййæфта, ахæм зæронд адæймаджы ныхæстæ Ацæты Халисæй фехъуыстон. Анкарайы цæры Халис. Куыд зæгъы, афтæмæй йæ фыды фыдыфыд Бечмырзæ алыгъд Куырттаты комæй. Хъæуы ном дæр хистæртæй хъуыста, фæлæ йемæ куы ныхас кодтон, уæд йæ зæрдыл нал æрлæууыд. Ахæм мыггаг — Ацæтæй — никуы фехъуыстон. Æвæццæгæн, бирæ нæ уыдысты, æмæ се ’ппæт дæр Туркмæ алыгъдысты. Фæлæ, дам, Гæриатимæ æрвади- уæг кæнæм. Гæриатæ та ис Ирыстоны. Ноджы дæр ма, дам, æртæ мыггагимæ æрвадиуæг кæнæм, фæлæ •сæ нал хъуыды кæны. Гъе æмæ мæ Халис фарста, Кавказы (ома, Ирыс- тоны), дам, зонынц, ам махмæ, Турчы, ирон сæир (поэт) Мамсыраты Темырболат кæй цардис æмæ Бат- манташы ныгæд кæй ис, уый? Зоныиц, зæгъын. Радзырдтон ын, йе ’мдзæвгæты ;æмбырдгонд кæй рацыд, мемæ дзы Туркмæ дæр кæй аластон, уый. Æмæ мын уæд’Халис ракодта ахæм ха- бар. Мæ мад, дам, хъæуы цæры, зæронд ус у, Хоситы чызг. Æмæ, дам, мын зæронд хабæрттæ мысгæйæ фæ- дзуры: «Темырболат æмæ мæ фыд æрдхæрдтæ уыдыс- •ты. Нæ.хъæумæ-иу куы ’рбафтыд, уæд йæ фысым дæр .44
махмæ уыдис. Сыхы лæгтæ-иу нæм æрæмбырд сты, Темырболат-иу сын цыдæртæ дзырдта, æмæ-иу арæх кæуын байдыдтой. Æвзонг чызг уыдтæн, æмæ уæд фыццаг хатт федтон, лæг дæр кæугæ кæны, уый. Фæ- лæ-иу хатгай худгæ дæр кодтой йæ ныхæстыл». Иннæ ран мын дзырдтой, нæ фыдæлтæй, дам, аф- тæ хъуыстам: Темырболатæн йæхи нæ фæндыд Турк- мæ лидзын, фæлæ йæ мады ныхасы сæрты ахизын нæ бафæрæзта. Цалдеер барæджы йæ фæдыл фæцыды :ты Ирыстонæй суанг денджызы былмæ, науы цалынмæ сбадтис, уæдмæ. Тынг ын фæдзырдтой, раздæх, зæгъ- гæ. Сразы-иу ис, фæлæ-иу уæд мад кæуын байдыдта. Гъе афтæ зынтæй ныууагъта поэт йæ райгуырæн «бæстæ. Æмæ ам ногдзинадæй ницы ис, фыдæлты зæхх ын куыд зынаргъ уыдис, уый йе ’мдзæвгæтæй дæр бæ- рæг у. Фæлæ дзы ногæй та базыдтон ахæм хъуыддаг. Махмæ ам афтæ нымад цæуы, цыма Темырбола- тæн бинонтæ нæ уыдис. Уæвгæ та йын уыдис бинонтæ, цот. Йæ сывæллæттæй æгас .ничиуал у, æмæ, цал уы- дысты, уый бæлвырд базоныи мæ къухы иæ бафтыд. Фæлæ мын цы дыууæ рагон сурæты радтой, уымыты сты Темырболаты дыууæ чызджы æмæ дыууæ лæппу- йы. Иу къамы дзы алы адæймагыл дæр ныффыстæуыд номыр, къамæн йæ чъылдымыл та туркагау: «1—Хъуыбадты Сафары ус Азизæ. 2 — Йæ хо Гюлине. 3 æмæ 4 —Темырболаты чызджытæ Аслыхан æмæ Ельмас. 5 — Мамсыраты Керымы чызг Сабихæ. 6 — Уый лæг. 7 — Тугъанты Исмаилы чызг Саадат, ахуыргæнæг. 8 — Уый хо Самие. 9 — Аслыханы чызг Яшар». Иннæ къамы чъылдымыл фыст: «Бадгæ чи кæны, уый у Мамсыраты Аслыханы лæг, дохтыр, мæхъхъæ- лон. Иæ фарсмæ галиуырдыгæй лæууынц Мамсыраты Темырболаты сывæллæттæ (амардысты)». Лæппутæн сæ нæмттæ фыст не сты. Фæлæ сæ хо- тимæ— бынтон халдих. 45
* Фарæстæм номыр кæуыл æвæрд ис къамы (æх- сæз-авдаздзыд чызг), уый — Яшар — ныртæккæ цæры Анкарайы. Темырболатæн йæ чызджы чызг у, Хосон- ты чындз. Фæлæ поэты амардæй ссæдз азы фæстæдæр райгуырд, нæ йæ æрæййæфта. Чысыл раздæр æй куы загътам: адæмон сфæлдыс- тад — таурæгътæ, зарджытæ рох кæнын байдыдтой туркаг ирæттæй. Фæлæ сæ ирон туг, ирон æгъдæуттæ æмæ зондахаст нæма фесæфтысты. Махмæ куыд у, афтæ уым дæр ахудыны охыл кæрæдзи истæмæй аса- йынц, исты худæджы цау куы ’рцæуы, уæд æй айхъуы- сын кæнынц, ирон кады, лæгдзинады сæрыл та кæрæ- дзи æфхæргæ дæр бакæнынц. Æмæ уый тыххæй иу ха- бар радзурон. Цыппар æфсымæры кæмæн.уыдис, ахæм чызг сы- хаг хъæуы чындзхæссæг уыд|ИС æмæ уыцыхъæуккаг лæппуйы зæрдæмæ фæцыд, фидарæй скарста, æнæра- кургæ, йын нæй, зæгъгæ. Фæлæ, чызджы хорз чи зыд- та, ахæм æмбæлттæ загътой лæппуйæн, дæуæй йыл бонджындæртæ дæр дзырдтой, æмæ, дам, уыдонæй дæр никæмæн бакуымдта. «Уæд та — скъæфгæ»,— ссонт ис лæппу. Уыцы ны- хас чызджы æфсымæрты хъусыл æрцыди, цы! Мæстæн рафыхтысты, алæбурынмæ хъавыдысты, фæлæ сæ хис- тæр загъта: «Æнцад лæуут, æрра гæппытæ ма кæнут, мæхи бар æй уадзут. Кæд æз нæ сарæхсон, уæд-иу ай- сут уæхимæ хъуыддаг». Цы бакæнынмæ хъавыд, уый нæ загъта хистæр æфсымæр. Иуæхсæв сабыргай, æнæуынæрæй сыстад, йæхи арæвдз кодта, бæхыл сбадт æмæ быдырты сыхаг хъæу- мæ араст. Иемæ ахаста гæрзтæ ауындзæн фидар си- наг, хæцæнгарзæй та хъама æмæ дамбаца. Ие «фхæ- рæг» кæм цæры, кæцы уаты фæхуыссы, уый рагацау зонгæты руаджы сбæрæг кодта æмæ ныр бæхы дæрд- дзæф" баурæдта, хæдзармæ бахъуызыд, ныллæг ру- дзынгыл æнцонæй бахызти. Фынæй лæппуйы хъæццу- 47
лы атыхта æмæ йæ синагæй фидар сбаста. «Тыхтон» рудзынгæй аргъæвта æмæ рахызт, бæхы рагъыл æй саргъы разæй цæхгæрмæ сæвæрдта æмæ араст. Дыу- уæ хъæуы астæу быдыры баурæдта, «уацайраджы» æриста ,синаг хъам^йæ фæлыг кодта. Уыцы рæстæг, дам, ахæм мæгуыр цардысты, æмæ мидæггаг дзаума иæ дардтой. Лæппу мадард бæгънæгæй хуыосыд æмæ йæ афтæмæй раласта, æрмæст æй хъæццулы æрбатых- та, йæ уынæр ма хъуыса, зæгъгæ. Ныр æй райхæлдта,. хъама бæгънæг гуыбьшмæ сарæзта: — Цы ныфсæй суæндыдтæ, сæ хойы сын аскъæф- дзынæн, зæгъгæ, мах цыппар æфсымæры куы стæм, уæд?! Лæппу йæ зонгуытыл æрхауд æмæ хатыртæ курын байдыдта, мæ фыруарзтæй, дам, срæдыдтæн, ма мæ амар. Ныххатыр ын кодта. Æцæг, хъæццул нал радта æмæ йын загъта: — Ныр дын хатыр фæуæд, фæлæ ма дæ дзыхæй мæ хойы кой суагътай, уæд дын æз дæ хъæццул уæ хъæуы бæрзонддæр бæласыл тырысайæн æрсадздзы- нæн, æмæ уæд, цавæр скъæфæг дæ, уый адæм базон- дзысты. Ныр та гъæй кæн дæ хæдзармæ. Æцæг-иу фæсфæдты бацу, науæд уæ сыхы куыйтæ зæрдæс- къуыдтæ фæуыдзысты, ай цавæр хæйрæг у, зæгъгæ. Лæппу уыциу тъæбæртт фæкодта. Æвæццæгæн, суанг хæдзармæ йе згъордæй не ’рлæууыд, бæгъиæ- гæй мыл уынджы ма æрбабон уа, зæгъгæ. Гъе, афтæмæй «скъæфæг» йæхæдæг скъæфт æрцыд. Йе ’взаджы аххосæй. Худæджы хабæрттæ та мын ахæмтæ кодтой. Æмгæрттæ кæрæдзийы истæмæйты фæмæстæйма- рынц. Æмæ иу хъазты лæппуйы, цы чызджы уарзта, уыимæ ракафын кодтой. Архайы, мæгуыр, йæхиуыл нал ауæрды, хæрдмæ хауы, къахфындзтæ ныссадзы. Йе ’мбæлттæ йын гъæйттæй æмдзæгъд кæнынц. Тынг 49
хорз акафыд. Æмæ куы фæци, фæндыр куы фенцад, уæд йе ’рдхæрдтæй иу хъазты адæммæ дзуры: «Афтæ дæсны цæмæн кафыд, уый зонут? Йæ къæхтыл мæ дзабыртæ сты...» Зæрдиагæй фæхудтысты кафæгæй, «дзабырты хи- цауæй». Раджыйы хабар у уый, фæлæ ныр дæр нæ рох кæны. Иннæ цау та ахæм уыдис, æмæ æртæ сыхаджы хос кæрдынмæ ацыдысты. Иу дзы уыдис тынг бæрзонд лæг, дыууæ метрмæ æввахс, дыккаг рæстæмбис ас, æр- тыккаг та — ныллæг. Сихоры онг хорз бакуыстой, бахордтой, сæ фæл- лад суагътой. Уалынмæ арв æрбахъулæттæ, нæрын, цæхæр калын байдыдта, уарын къæртайæ калæгау æр- кодта. Цæй куыст æмæ ма цæй æндæр. Цæвджытæ ферттывтой, хъæдты æмбуар сæ фæфидар кодтой — æмæ лилзгæ. Арв афтæ цæхæр калы, афтæ гæрах кæ- ны, цыма хæст бацайдагъ. Хосгæрдджытæй даргъдæр разæй згъордта. Мæнæ та бынтон хæстæг цæхæр акалди, тыхджын къæрцц азæлыд. Æмæ разæй чи згъордта, уый уæлгоммæ ахауд. Бæргæ ма йæм баз- гъордтой, фæлæ цæстытæ дзагъырæй баззадысты, сæ къуырфытæ уарыны донæй айдзаг сты. Дæлгоммæ йæ æрфæлдæхтой. Цæвæг дæр йæ къу- хы баззад æмæ йæ зынтæй скъахтой — æнгуылдзтæ нал тасыдысты. Хъæуы иу зæронд сылгоймагæй афтæ дзырдтой, искуыдæм цæугæйæ дыл амбæлдис, уæд, дам, фæлтау раздæх, нæ фæрæстмæ уыдзынæ. Æмæ-иу стгæ дæр боныцъæхтыл скодта. Хосгæрдджытæ райсомæй хъæ- уæй куы рацæйцыдысты, уæд уыцы ус сæ фæдыл фæл- гæсыд. Дыууæйæ бæргæ загътой аздæхæм, рæствæн- даг нæ фæуыдзыстæм, зæгъгæ, фæлæ сыл ацы даргъ худын байдыдта, цæуылты æууæндут, зæгъгæ. Æмæ ныр мæнæ... 50
Систой йæ, радыгай йæ æккойæ хæссынц. Хъæу дæрддзæф у, рæстæг сын ис æмæ фæндтæ кæнынц: куыд бадзурдзысты се ’мбалы бинонтæм, куыд сын схъæр кæндзысты ацы æнæнхъæлæджы æвирхъау ха- бар? Уарын фенцад, фæлæ цъыфы зынхæссæн у мард. Уæддæр сæхи фæллад ницæмæ дарынц. Мæнæ та йæ æмбæлттæй къаддæр фæхæссы. Афтæ йæм кæсы, цы- ма ныртæккæ сдзурдзæн, хъазæн ныхас та райдай- дзæн — афтæмæй йæ цæстытыл уайы, чысыл раздæр къæбæр кæимæ хордта, йæ уыцы æмбал. Даргъ къух- тæ дæр, кæд бæндæнтау æрдзедзыкка сты, уæддæр марды буары хуызæн нæма сты. Уаргъхæссæгмæ хат- гай афтæ дæр фæкæсы, цыма мард йæ къæхтыл схæ- цы, зæххыл сæ ма хафон, зæгъгæ. Æмæ уыд,он сæнттæ сты, фæлæ мæнæ æрбахæццæ кæнынц, куыд фехъусын кæндзысты æнамонд хабар? Хъæуæй уыгæрдæны æхсæн чысыл цæугæдон кæлы. Ацырдæм дзы æнцонæй æрбахызтысты, фæлæ ныр уарыны донæй раивылд, гуылф кæны. — Кæуылты хуыздæр бацыдæуа уæдæ,— катай кæнынц дыууæ æмбалы, куы иу ран асгарынц, куы иннæ. — Æз ма æгас куы уыдтæн, уæд уартæ ууылты æрбахызтыстæм,— сдзырдта даргъ лæг æмæ къухæй бацамыдта. Гыццыл фæтарст, сæлхæрау фæци: «Мард» сдзырдта — æмæ йæ æрæппæрста, фæцæйлыгъд, фæлæ йын уый йæ къах ацахста: — Æз мæрдтæм иунæгæй нæ цæуын, мемæ дæ кæнын!.. Абон дæр ма радзурынц, иу æмбал иннæтæн йæхи куыд фæхæссын кодта, уый. Даргъ адæймаджы тыххæй ма ис ахæм хабар дæр, Хъæуæн йæ кæроны уый царди, йæ астæуы та куырд. Даргъ лæгæн йæ бæхыл цæфхæдтæ ныссадзын 51
хъуыдис, фæлæ йæ не ’вдæлд, абонæй райсоммæ æр- гъæвта хъуыддаг. Иубон фистæгæй куырды рæзты æрбацæйцыд æмæ сфæнд кодта, уæдæ йæм бадзурон, æмæ мын кæдмæ сæмгъуыд кæна, уæд æрбакæндзы- нæн мæ бæхы, зæгъгæ. Бæрзонд кауæй æхгæд уыдис куырды кæрт. Кауыл хъилхъæдур схылд. Лæг æрлæууыд, бадзырдта: «йе, хæдзар!» Ракастис ус. Сылгоймаг адæмы æхсæн уыйас нæ вæййы æмæ нæ зыдта, кауы сæрты чи каст, уыцы лæ- джы. Уазæг салам радта æмæ загъта, хæдзары хицау мæ хъæуы, зæгъгæ. — Нæхимæ нæй,— дзуапп радта ус,— фæлæ уал дæ бæхæй æрхиз æмæ мидæмæ рацу, уый дæр уæдмæ зындзæн. — Бузныг,— раарфæ кодта «барæг» æмæ араст. Æцæг йæ бæхы къæхты хъæр куыннæ райхъуыст, ууыл дис кодта ус. Æвæццæгæн, æнæ цæфхад кæй у, уый ’Гыххæй... ФЫДÆЛТЫ УÆЗÆГ Фыдæлты зæхх, райгуырæн бæстæ куыд зынаргъ у, зæрдæмæ куыд хæстæг у, уый цыма алчидæр зоны, афтæ нæм кæсы. Фæлæ дзы адæймаг куы фæиппæрд вæййы, æвæццæгæн ын æрмæст уæд бамбары йе ’цæг аргъ. «Мæнæн Турчы æрмæст мæ къодах ис, мæ зæрдæ та — Кавказы». Ацы ныхæстæ арæх фехъусæн ис туркаг ирæттæй. Анкарайаг Хосонты Керымыл 85 азы цыдис, æз сæм куы уыдтæн, уæд. Йæхæдæг райгуырд горæт Сарыхъа- мысмæ хæстæг, Бозаты хъæуы, фæлæ йæ фыды фыд 52
Берд уыдис заманхъуйлаг. Уæвгæ «ацы хъæу Турчы ирæттæ Арыхъхъ хонынц, ныртæккæйы номæй йæ нæ зонынц. Йæ фыдæй хъуыста, Берд, дам, хъæугæроны абырджытимæ тохы фæмард æмæ йын уым цырт ныс- сагътой. Уыцы цырт ныр дæр ма лæууы, фæлæ Керым йæ фыды ныхæстæ йæ зæрдыл афтæ лæмбынæг бадардта, дыма Ирыстоны райгуырд æмæ æппæт хъуыддæгтæ дæр йæхи цæстытæй федта. Керымы ацы ныхæстæ ныффыстон йæхи курдиат- :мæ гæсгæ: — Ирыстоны-иу мæ номæй зæгъ: махæй, зæрæд- тæй, ницыуал рауайдзæн, ома ам райгуырдыстæм æмæ ам амæлдзыстæм, фæлæ нæ кæстæртæн кæд сæ амонд хуыздæр уаид. Нæ дыууæ паддзахады æхсæн ахастдзинæдтæ хуыздæр кæнынц, зæгъгæ, хъусын, æмæ кæд искуы нæ кæстæртæн Кавказмæ ацæуыны фадат фæуид. Гъе æмæ сæ сымах та рох ма кæнут, кæд ам æндæр мыггæгтæй фыссæм, уæддæр ирон кæй стæм, уый уæ зæрдыл дарут. (Ирон адæм кæрæдзийы ирон мыггæгтæй хонынц, фæлæ фысгæ та кæнынц: Хосон- тæй иутæ Абай, иннæтæ Егюн, æртыккæгтæ Хосхьан; Таутиатæ — Таутай; Цъæхилтæ — Алпай; . Хоситæ — Бурхан; Кодзыртæ — Октар, Батиатæ—Батыбай æмæ ;афтæ дарддæр.) Мах ам кæй аххосæй стæм, нæ уыцы фыдæлтæ та дæлдæр ныххауæнт, æндæр сын цы зæгъон. Кæддæр зындзинæдтæй фæтарстысты æмæ фæлыгъдысты, ныр æнæхъæн адæм та^сæ байзæддæгтæ—фыдæй-фырт- мæ фыдæлты зæхмæ сæ былыцъæрттæ хъуамæ хæ- рой. Æрæджы йозгъатыхъæуккаг Болиаты Хуысен йæ чызджы туркаг хæдзармæ моймæ радта. Æмæ дзы, дæ зæрдæйæ, ирон æгъдау уыдис? Куыннæ стæй! Адæм æрбадтысты, æнæ куывд, æнæ гаджидауæй, æнæ хъазтæй бахордтой æмæ сыстадысты, чындзы 53
Хъæу Батманташ. Ам фæЦард йæ фæстаг бонты онг Темыр- болат. аластой. Æз Хуысенæн бауайдзæф кодтон, уæддæр„ зæгъын, мах ирон стæм. Фæлæ ма къухы 4 дæр кæм æфты æгъдæуттæ кæнын. Алы рæтты ныххæлиутæ- стæм, кæрæдзимæ нал æфтæм, æмæ ма кæимæ, кæмæи’ кæнæм не ’гъдæуттæ дæр!.. Фæлмæст, рыст зæрдæйы уидæгтæй чи цæуы, ахæм: уыдысты зæронд лæджы ныхæстæ. Фыдæлты зæхх, райгуырæн уæзæг. Дунейы хæзна- тæн сæ тæккæ ахсджиагдæр æмæ зынаргъдæр. Чи дзы фæиппæрд вæййы, уый æнамонд у. Ис бердзенаг ны- хас ностальгия. Амоны райгуырæн бæстæм тырнгæйæ- зæрдæ риссын. Æвирхъауы низ у ностальгия, хос кæ- мæн нæй, ахæм. Æмæ стыр тæригъæд вæййынц ацы низæй сæйджытæ. Ома хуысгæ рынчын нæ вæййынц,„ фæлæ сын райгуырæн бæстæм тырнындзинад кæддæ- 54
риддæр сæ зæрдæ æвдæрзы, царды хорздзинæдтæй сæ ницыуал фендавы. Раздæр æй куы загътон: алы хъуыддæгтыл хæст сты Турчы ирон адæм æмæ цæргæ дæр алыхуызæттæ кæнынц. Ис дзы мæгуыртæ, ис хъæздгуытæ. Цъæхил- ты Зæкæриа хъæздгуытæй уыдис (рухсаг уæд, 1983 азы амард), сыгъзæрин æмæ бриллиант дзаумæтты дуканийы хицау. Ам йæ мады æрвадæлтæ Хабæтæм уазæгуаты уыдис, Ирыстоныл фæзылди, федта, куыд цæрæм, уый. Фæлтæрдджын сæудæджергæнæг кæй уыдис, уымæ гæсгæ дзы æнæбафиппайгæйæ ницы аир- вæзтаид. Зæкæриа Стамбулы царди, æмæ мæ иубон бахуыд- та. Хорз фынг æрæвæрдтой. Хæдзары хицау ыл йæ цæст ахаста æмæ йæ бинойнагмæ хæлцгæнæнмæ дзу- ры: «Берозон, адонмæ Кавказы стурыфыд уыйас ка- ды нæу, карчыфыд рахæсс». Æрæвæрдтой карк дæр. Бадæм, ныхас кæнæм. — Сымах стыр амондджын стут,— загъта фы- ’Сым.— Мæнмæ уыйас æхца ис, æмæ мæ кæстæрты авд фæлтæры куы нал бакусиккой, уæддæр сын цæрыны $аг уаиккой. Фæлæ мын фадат куы уаид, уæд ме ’ппæт бынтæ дæр ныууадзин, мæнæ ныртæккæ сыстин æмæ демæ Кавказмæ фæраст уаин. Ахуырдзинад мæм уыйас ницы ис, фæлæ хъомгæсæй фæцæуыныл дæр разы дæн, æрмæст фыдæлты зæххыл цу, Иры хæхты уæлдæфæй улæф... Селим у, махмæ. районы сæйраг хъæу куыд уаид,, афтæ. Уый йæ нысанмæ гæсгæ. Æнæуи та бирæ къад- дæр. Рагон ирон хъæу-иу цы уыдис, ахæм: дон хæс- сынц цæугæдонæй, нуазгæ дæр, æхсгæ дæр уымæй кæнынц. Электрон рухс дзы сыгъдис изæры авд саха- тæй иуæндæсмæ. Чидæр æрбаласта, дизелæй чи кусы, ахæм динамомашинæ, æмæ йæ суткæ цыппар сахаты йедтæмæ нæ кусын кæны. Æвæццæгæн, уыцы рæстæ- :гæн дæр хъæубæстæй цы æхца- исы, уый йын фаг у. 55
Æртæ боны йедтæмæ нæ фæдæн Селимы. Куы цыд- тæн, уæд æппæты разæй райстон Цырыхаты Ненуца- йы къух, уымæн æмæ дзы уымæй хистæр нæ уыдис. Ненуца мыл ныттыхст, хъарæггæнæгау ныккодта: — Куыд нæ уадзыс æмæ дæхæдæг куыд цæуыс„ мæ хур? Гъа, æз Кавказ, зæгъгæ, мæ былыцъæрттæ хæргæйæ арвыстон мæ цард, нал æй фендзынæн. Фæ- лæ мæнæ кæстæрты та куыд уадзыс, куыд нæ сын тæ- ригъæд кæныс?! Ненуцамæ гæсгæ нæлгоймагæй, сылгоймагæй богъ- богъ систой. Мæнмæ та афтæ фæкастысты зæронд усы ныхæстæ, цыма раст зыи ранæй лидзын, мæ уд фервæза, зæгъгæ, ме ’мбæлтты уым ныууадзгæйæ... — Саламтæ нæ фыдæлты райгуырæн зæххæн, æп- пæт ирон адæмæн дæр,— уыдис мæ фысымты ны- хас.— Ма нæ ферох кæнут, æмæ уæд махæн дæр æн- цондæр уыдзæн. Демæ та кæм сæмбæлдыстæм, уым дæ ныр иæ алкæцы дæр йæхицæн æфсымæрыл ныма- йы, æмæ иу хъуыддагыл баныхас кæнæм. Куыд вæй- йы, ахæм дуг та куы скæна, æмæ нын Кавказимæ бастдзинæдтæ дарæн куы нал уа, писмо дæр та куы нал цæуа. Уымæ гæсгæ афтæ бакæн, æмæ-иу алы мæ- йы фыццаг бон дæр изæры дæс сахатыл мæймæ скæс. Æцæг махмæ рæстæг сахат фæстæдæр цæуы, загътай^ æмæ йæ дæ зæрдыл бадар. Мах дæр-иу уыцй заман мæймæ кæсдзыстæм æмæ афтæ нымай, цыма кæрæдзи уынæм. Алы хатт, чи зоны, нæ зындзæн мæй, асæст рæстæг дæр скæны. Фæлæ уымæ кувдзыстæм, цæмæй арв арæхдæр сыгъдæг уа... Уыцы фæдзæхст æз лæмбынæгæй æххæст кодтон. Фæлæ зымæгон æгæр æнафонмæ цыдис хъуыддагæмæ ныффыстон, аст сахатмæ йæ рахæссæм, зæгъгæ (мах рæстæгмæ гæсгæ). — Рахастам æй, аст сахатыл-иу кæсдзыстæм,— æрбарвыста мæм Хъуыбадты Салым. Искуы-иу хатт Туркмæ ирон чингуытæ бафты. 56
Стыр цин сыл фæкæнынц, фæлæ сæ... кæсын нæ зо- нынц. Растдæр зæгъгæйæ та — нæ зыдтой. Фæстаг аз- ты фылдæрæй-фылдæр туркаг ирæттæ сæхи хъаруйæ, кæрæдзийæн æххуыс кæнгæйæ чысылтæ базыдтой ны- рыккон ирон фыссынад. Уый нæ, фæлæ ма фæсивæдæй иуæй-иутæ иронау æмдзæвгæтæ фыссын дæр фæлза- рынц. Чи зоны, техникон æгъдауæй бынтон рæвдз не сты сæ уацмыстæ, фæлæ сæ фылдæрæн сæ мидис у фыдæлты зæххыл, райгуырæн бæстæйыл сагъæс. Мæнæ цы фыссы стамбулаг лæппу Мамсыраты Музаффар. МÆ ИРЫ АДÆММÆ Нс ’взаг иу, нæхæдæг — хнцæн. Ад нæ кæны афтæмæй мæ цард. Ныфс æз февæрын мæхнцæн, Аскъæфынц мæ рог сæнттæ уæд дард. Кæдæм? — Мæ Кавказмæ, Нæхнмæ, Фыдæлты Райгуырæн Зæхмæ, Кæй ннкуы федтон, уыцы Ирмæ, Ирон кæрдзын æмæ цæхмæ... Фæуынын уыдæттæ мæ фыны, Фæлæ куы ’рбабон вæййы, куы!.. Зæхх-иу куы ныттонид мæ быиы — Ысразы уаин æз бæгуы! Хъысмæты тымыгъ нæ фæхаста кæддæр, Рох нæу Кавказ махæй никуы уæддæр. Нæ урссæр хæхтæ мах æдзухдæр мысæм, Нæ Иры кæмттæм ма æнхъæлмæ кæсæм. 57
Цæуыл дарынц сæ зæрдæ, цы у сæ сомбоны сæй- рагдæр бæллиц? — Советон Цæдис æмæ Турчы æхсæн ахастдзинæдтæ хуыздæрæй-хуыздæр кæнынц. Влад(и- мир Ильич Ленин æмæ Кемаль Ататюрк дыууæ сыхаг бæстæйы æхсæн цы хæлардзинады нысантæ сарæзтой, уыдон рæзынц, фидарæй-фидардæр кæнынц. Кæд ис- куы ахæм дуг скæнид, дыууæ бæстæйы æхсæн ахæм сразыдзинад сæвзæрид, ирон адæмæн сæ фыдæлты зæхмæ æрбаздæхынæн фадат куыд фæуа. Æрмæст ирæттæ, кавказæгтæ нæ — туркæгтæ сæ- хæдæг дæр тырнынц нæ бæстæты æхсæн хæлардзинад- мæ. Фæлæ ахæмтæ дæр ис, зыгъуыммæ зондыл хæст чиу.Æмæ зианхæссæг дам-думтæ ауадзынц,дзыллæты æхсæн гуырысходзинад, хæрамд^зинад æвзæрын кæ- нынц. Хатгай та фыддзинады охыл нæ, фæлæ æнæн- хъæлæджы дæр сæвзæрынц койтæ, исчи исты хъуыд- даг бæлвырд нæ бамбары, афтæмæй. Уымæ гæсгæ мæ зæрдыл æрлæууыд иу цау. Кæддæр Хуссар Ирыстонмæ фæцæйцыдыстæм. Па- санаурийы бæлццæттæ сæ фæллад суадзынмæ æрлæу- уынц, æмæ мах дæр баурæдтам, машинæйæ æрхыз- тыстæм, тезгъо кæнæм. Уыдис дзы æндæрбæстаг бæлц- цæттæ дæр — Германы Федеративон Республи- кæйæ. Машинæтæ кæм æрлæууынц, уым иуварсырдыгæй сæвзæры чысыл базаргонд. Бынæттон æмæ хæстæгдæр хъæуты цæрджытæ алыхуызон дыргъ, халсартæ уæй- мæ æрбаласынц. Чи къæртайы дзагæй уæй кæны, чи чыргъæдæй, къусæй, литр банкæйæ — цавæр дыргъ кæнæ халсар уа, уымæ гæсгæ. Германы, иннæ европæ- йаг бæстæты та ахæм бæрцбарæнтæ нæй. Уым база- рад кæнынц уæзы кæнæ иуæджы бæрцæй: граммтæ, килограммтæ, иу дзул, иу авг æмæ афтæ дарддæр. Къæртайы, чыргъæды, банкæйы дзаг нæ зонынц, ахуыр ыл не сты. Гъемæ дын уæртæ гуырдзиаг зæронд ус литруат 58
’банкæйæ æхсæртæ уæй кæны. Немыцаг æм бацыд æмæ къухæй амонгæйæ фæрсы, цас кæныс де ’хсæртæ, зæгъгæ. Зæронд ус дæр æнгуылдзæй бацамыдта — иу сом. Æлхæнæгæн фырдисæй йæ цæсты гагуытæ фæ- уæрæхдæр сты æмæ та къухæй амонгæйæ фæрсы: «Иу æхсæр — сом?» Зæронд ус та йæ банкæйы дзагмæ æм- •бары æмæ та «о» загъта. Уæд лæг йæ сæр ныттылдта, йе ’мбæлттæм бацыд æмæ сын хабар дзуры. Ме ’мбæлццон Хæблиаты Сафар уыцы хъуыддаг федта, бацыд æмæ йæ тæлмацгæнæгæн радзырдта. Уый та йæ бæлццæттæи бамбарын кодта. Иууылдæр зæрдиагæй фæхудтысты, цалдæрæй æхсæртæ дæр бал- хæдтой. Сафар нæ федта уыцы «базарад» æмæ нæ бамбарын код|та, зæгъгæ, уæд та, чи зоны, ныгуылæн- гермайнаг газетты «дмссаджы хабар» фæзындаид, суанг зæронд усы къамимæ дæр, Советон Цæдисы рæстæмбис кусæгæн йæ боны мыздæй аст æхсæры йедтæмæ нæ цæуы, зæгъгæ. Æмæ йыл баууæндыдаик- кой газеткæсджытæ, уымæн æмæ, зæронд ус æхсæртæ куыд уæй кодта, уымæн æвдисæнтæ бирæ уыдис, сæхи цæстæй йæ федтой. Раст ахæм хабар байхъуыст Туркмæ дор. Уымы ирæттæй ам уазæгуаты чи уыднс, тынг йæ зæрдæмæ кæмæн фæцыд нæ адæмы цард, уый фалæ хабæргтæ фæкодта, иттæг хорз, дам, цæрынц алцæмæй дæр, бон- джын, барджын сты советон ирæттæ, иунæг хъуыдда- гæй фæстæмæ: радиойæ, дам, сæ, кæй цæмæ фæнды, уымæ хъусын нæ уадзынц, фæлæ алы хæдзары дæр къулыл цыдæр къопп ауыгъд ис, æмæ уымæ хъус, фæнды дæ — нæ, уæддæр. Сæттын ыл: тынг хъыг мын уыдис, стæй йыл дис дæр фæкодтон, сыгъдæгзæрдæ адæймаг мæм чи фæ- каст, æнæуи нæ алы хъуыддагæй дæр æппæлгæ чи фæкодта, уый ахæм гæдыныхас цæмæн æрымысыд, зæгъгæ. Иемæ ам Ирыстоны базонгæ дæн. Уыйфæсгæ Турчы куы уыдтæн, уæддæр ыл арæх æмбæлдтæн, ??
æмæ уыцы хъуыды мæ сæрæй нæ цух кодта: цæмæн æй бахъуыд ахæм мысгæ ныхас? Иубон та, мæ фысымтæм бадгæйæ, «къулыл къопп ауыгъд», зæгъгæ, уый мæ зæрдыл æрлæууыд. Аивæй къултыл мæ цæст ахастон: уæд^æ адонмæ та цавæр динамиктæ ис, махонты къоппытæ кæм схуыдтой„ уым? Мæ зæрдыл æрлæууыд мæ раздæры фысымты хæдзар дæр æмæ уæд бафиппайдтон, Турчы телтыл уагъд радио... кæй нæй, уый. Уæддæр афарстон. Æмæ мæм приемник равдыстой. Æндæр, дам, ма цавæр ра- дио вæййы? Гъе, афтæ æнæнхъæлæджы рауад «къоппыты» ха- бар. Æмæ уый радзурæг хъуыддаг не ’мбаргæйæ ауагъта кой, фæлæ — куы йæ загътон — барæй, хæ- рамдзинадæн мæнг хъуыддæгтæ чи мысы, ахæмтæ дæр ис, хъыгагæн. Кæнæ, «сырх пропагандæгæнæгыл» мæ куы банымайой, зæгъгæ, фыртæссæй чи мысы гæ- дыныхæстæ, ахæмтæ дæр. Кодзырты Батырбег — раздæр ма йæ кой скод- тон — ам уазæгуаты уыдис. Фысымтæ дæр, æцæгæлон адæм дæр æй хорз сбуц кодтой. Ныр фалæ куы ам- бæлдыстæм, уæд мын сусæгæй мæ хъусы бадзырдта: «Тæрсгæ кæнын хицауадæй, æмæ мæ амы ирон адæм куы фарстой, Кавказы не ’фсымæртæ куыд цæрыиц, зæгъгæ, уæд сын æцæгдзинад зæгъын нæ бауæндыд- тæн, фаугæ уæ ракодтон, æмæ дын уыдæттæ куы дзу- рой, уæд дæ рагацау хатыр курын». Поезды рауад ацы ныхас, Сарыхъамысæй Анкара- мæ иумæ цыдыстæм Батырбегимæ. Æмæ йын æз дæр, иннæтæ мæ куыд нæ бамбарой, афтæ йæ хъусы худæн- былæй бадзырдтон: «Цы хатыртæ курыс, ды хорз зæгъай-æвзæр, уымæй нæ цард ницы аивдзæн, хуыз- дæр дын куыд у, афтæ дзур. Дæ фысымтæ дыл Беслæ- ныхъæуы минасæй цы сфæлхас кодтой, уый сæ къæ- бицыл куынæ фæзынд, уæд сыл ныхæстæй цы ’рцæу- дзæн!» 60
Хинымæр та хъуыды кодтон: ау, лæг хъуамæ ахæм хъуыддæгтæ йæ сæрмæ хæсса! Уазæгуаты фæу, дæ фысымтæ дын дзаджджын фынгтæ февæрæнт æмæ фæминас кæн, стæй дæ хæдзармæ куы ’рбаздæхай, уæд хъаст кæн, сыдæй мæлынц, зæгъгæ! Бакастæй уындджын у Батырбег, бæрзонд, бæзæр- хыгтæ ацæргæ лæг. Уæд ахæм тæппуд разын, æмæ гæдыныхæстæ фæкæн. Уæлдай дис та абон дæр ууыл кæнын: Турчы закъонтæм гæсгæ дæр лæгæн уыцы иу рæстæг иу ус йедтæмæ не ’мбæлы, Батырбегæн та дыууæ сты. Æмæ цы бæстæйы цæры, уый æгъдæуттæ халынмæ, стæй дыууæ усмæ йæ ныфс бахаста, фæлæ уазæгуаты кæм уыдис, уыцы бæстæйы тыххæй æцæг- дзинад зæгъын нæ бауæндыд. Æппæлын нæ — æцæг- дзинад радзурын... Батырбегимæ фалæмæ цæугæйæ поезды амбæлд- тæн. Зианы та уымæй дыууæ къуырийы фæстæдæр уыдтæн Сарыхъамысы. Тæвд рæстæг уыдис, æмæ, тæ- фæрфæс куы ракодтам, уæд ме ’мбæлттимæ сисы ау- уоны æрлæууыдтæн. Кавказаг ирон, зæгъгæ, куы фе- хъуыстой, уæд мыл уайтагъд адæм амбырд сты. Бирæ алыхуызон фарстатæ. Кодзырты Зеки—ме ’мгар уы- дзæн — уый та афтæ зæгъы: «Мах ирæттæй Кавказы цалдæр уыдис, æмæ куы æрбаздæхтысты, уæд дзы чн афтæ зæгъы, хорз цæрут, чи афтæ дзуры, æвзæр. Гъемæ ньш, дæ хорзæхæй, æцæгдзинад схъæр кæн». Ахæм фарстæн дзуапп æнцон раттæн нæу. Уымæн æмæ уыцы иу бæстæйы адæм дæр хорз æмæ æвзæрыл æмхуызон нæ хъуыды кæнынц. Иуæн, зæгъæм, йæ гуы- бын æфсæст уæд, мулк æм уæд, æндæр æй ницы хъæ- уы, скъолайы дуарыл дæр ма бахизæд. Иннæ та, зо- нындзинæдтæм тырнгæйæ, йæ мызды дзæвгар хай чингуытыл хардз кæны. Уымæ гæсгæ куыд бамбæрс- тæуа цыбыр рæстæгмæ, æндæрбæстаг адæм хорзыл цы нымайынц æмæ æвзæрыл цы нымайынц, уый. Æр-
^æст дзы уый бафиппайдтон, æмæ-иу мæ искæимæ куы базонгæ кодтой, кæнæ мын фæсаууонмæ йæ кой куы кодтой, уæд ын, зæгъæм, бинонтæ цы ис, уый зæгъын куынæ æрхъуыды кодтаиккой, уæддæр-иу æнæмæнг загътаиккой, цы хъуыддагыл хæст у, мул- кæй йæм исты ис æви нæ, уый. Ома сæм царды сæй- раг бæрцбарæн исбон у, куыд раиртæстон, афтæмæй. Гъемæ, зæгъæм, ам нæхимæ чидæр раикомы секре- тарь, районы прокурор, колхозы сæрдар, скъолайы ди- ректор, рынчыидоны сæйраг дохтыр у, фæлæ йæм фос, зæххытæ кæиæ дукани иæй йæхимæ, зæгъгæ, уæд сын уый зын бамбарæн уаид Турчы ирæттæн. Ома, рай- сом уыцы куыст куы нал кæна, уæд, цалынмæ æндæр хъуыддагыл æрлæууа, уæдмæ цæмæй цæрдзæм, исбоп æм куынæ уа, уæд! Мæ бацыды размæ Турчы ирæттæй ам чи уыдис, уыдоны се ’ппæты дæр федтон. Иу дзы уыдис зæронд ус, хорз адæймаг, фæл’æ æнахуыргоыд. Иннæтæ дæр Цъæхилты Зæкæриайæ фæстæмæ уыйас рæвдз нæ уы- дысты, стæй сæ фысымтæй цæугæ дæр никуыдæм ра- кодтой, хæдзары фæбадтысты æмæ афтæмæй цытæ федтаиккой. Уый нæма загътон, афтæ Зеки, цыма раст Туркæй ардæм уынгæ кодта, уыйау йæ хистæр, йе ’рвад Ба- тырбегæй дзуры: «Хуыцау дæр, æвæдза, рæстытæ нæ кæны, æндæр Кавказмæ ацæуыны амонд мæнмæ цæ- уыннæ æрхауд<та, Батырбег цæмæн ацыд! Ардыгæй куы цыдис, уæддæр æй æз зыдтон, искуы къуымы къуырмайы бадт кæй фæкæндзæн æмæ бæлвырд ха- барæй кæй ницы æрбахæсдзæн, уый. Æмæ йæ ныр куы фæрсай, уæд мæнæй уæлдай ницы зоны Кавказы цардæн...» Зекийы фарстæн радтон ахæм дзуапп: «Нæ зонын, уæ бæлццæттæй «хорз» чи загъта æмæ «æвзæр», уый, фæлæ дзы Ирыстоны чи уыдис, уыдонимæ-иу сæм- бæлдтæн, семæ ныхас кодтон. Гъемæ дзы цардæмба- 62
рынхъом, мæнмæ гæсгæ, у Цъæхилты Зæкæриа. Стæй зилгæ дæр хорз æркодта Ирыстоныл. Æмæ кæд .уый сыгъдæгзæрдæйæ «æвзæр» загъта мах цардæй, уæд, æвæццæгæн, уый цæстæй акæсгæйæ афтæ у, кæд «хорз» загъта, уæд та—хорз. — Уæдæ Зæкæриа тынг æппæлгæйæ æрбацыд,— загътой цалдæрæй, ныхас кæрæдзи дзыхæй исгæйæ.— Сæ дуканимæ, дам, бацæуай, сæ колхозмæ, æви уын- Д|ЖЫ уай—алыран дæр сæхй æвзагыл, иронау дзу- рынц. Цæргæ дæр, дам, хъæздыг кæнынц, кусæрттæ мын кодтой. Хъæстгæнгæ чи бацыд, уый та, куыд бамбæрстат, афтæмæй Батырбег уыдис. Стæй, цы зæронд усы кой кодтон, уымæн дæр цыдæртæ йæ зæрдæмæ нæ фæцы- дис ам. Зæгъæм, сылгоймæгтæ сæрды тæвды цыбыр- дыс æмæ тæнæг къабатæ кæй дарынц, уый. Комкоммæ цы сылгоймæгтæй загъта, уыдон йæ хæстæджытæ сты, дыууæ хойы, рæстæмбис кары адæм. Æз сæ хорз зонын — кадджынæй, æгъдауджынæй. Фæлæ араугæ æнтæф рæстæджы даргъдысджын тæ- бын къабатæ æмæ къуымбил кæлмæрзæнтæ куыд хъуамæ дардтаиккой? Гъемæ зæронд, усæн уый æгъ- гъæд фæци, æгъдау сæм нал ис Кавказы ирæттæм, фехæлдысты, зæгъгæ, ахæм хатдзæгтæ скæнынæн. Фæ- лæ—иу хатт ма йæ зæгъын—йæхи аххос нæ уыдис усæн, фаугæ кæй кодта, уый, знаггад ракæныны охыл нæ дзырдта, йæ зæронд зонд цас ахста, уымæ гæсгæ хъуыды кодта. Цас ахста, уымæн та мæнæ иу дæн- цæг. Анкарайы куы уыдггæн, уæд мæм иубон уыцы зæ- ронд ус дæр æрбацыд. Ам кæй сæмбæлдыстæм, уымæ гæсгæ мæ зыдта, æмæ мын ныхъхъæбыс кодта. Ие ’рбацыдмæ уаты бирæ адæм уыдис æмæ мæ фарстой Ирыстоны цардæй: чындзхасты, зианы нæм цавæр æгъдæуттæ ис, колхоз та цы у, кæд уæм ирон хъæутæ æцæг ис, уæд-ма зæгъ, ахæм мыггаг та кæцы хъæуы 63
цæры; рæстæмбис кусæджы мызд уæм цас у —æмæ æндæр хъуыддæгтæ. Бафарста мæ зæронд ус дæр. Цы уыдис йæ сæйраг сагъæс иу паддзахадæй иннæмæ? — Копрадз, дам, уæм цас кæны? Сæттын ме ’гуыдзæгдзинадыл ныр дæр, уæд дæр ыл басастæн: нæ зыдтон, копрадз цас кæны, уый, ни- куы йæ æлхæдтон. Чи зоны, уый тыххæй æз дæр зæ- ронд усæй хъæстагæй баззадтæн. Фæлæ ныр мæ бои мæхи сраст кæнын у: ардæм куы ’рбацыдтæн, уæд ба- фарстон, æмæ йæ ныр бахъуыды кæндзынæн — коп- радз авд капеччы кæны... Кæд нæ дыууæ бæстæйы хицауæдты иудадзыг ар- хайды руаджы нæ сыхагдринад, хæлардзииад хуыздæ- рæй-хуыздæр кæны, уæддæр нырма туркæгтæй ахæм- тæ ис, «коммунизм», зæгъгæ, æрмæст уыцы ныхасæй дæр йæ уæнгæл чи уыны, кæд ын бæлвырд æмбаргæ ницы фæкæны, уæддæр. Æмæ ахæмтæй хатгай æр- мæст хуымæтæджы адæймæгтæ нæ, фæлæ бæрнон кусджытæ дæр «коммунизмы иыхмæ къæрцхъус уæ- выны» охыл æнæсæрфат митæ бакæнынц. Иурæстæджы Стамбулы арæзтæдтæй иуæн æххуыс кодтой советон инженертæ. Адæймаг адæймаг у, æмæ фæрсæй-фæрстæм чи фæкусы, уыдоны æхсæн хæлар- дзинад сæвзæры. Афтæ рауад мах инженертæй иуы хъуыддаг дæр. Иæ туркаг æмкусæгимæ схæлар. йæ гуырæнбон æй уым æрæййæфта, æмæ туркаджы дæр æрбахуыдта. Фæбад^гысты уæдæ цы уыдаид, фæлæ уа- зæг сæхимæ куы цыдис, уæд ын йæ советон хæлар балæвар кодта, риуыл кæй дарынц, А. С. Пушкины ахæм сурæт чысыл тымбыл агъуды. Туркаг æй йæ риуыл бакодта, фысымæн хæрзизæр загъта æмæ йæ хæдзармæ ацыд. Фæлæ нæ бахæццæ. Уынджы йын пъæлицæйаг йæ риумæ фæкомкоммæ æмæ йыл æрхæ- цыд: «Коммунист?! Марксы пропагандæ кæныс?!» Лæг фæтарст, сомытæ кæиын байдыдта, нæ, дам, 64
дæн коммунист, фæлæ мын ацы риуылдаргæ нысан мæ советон хæлæр балæвар кодта, Марксы кой дзы нæ уыдис, Пушкин, дам, у, фыссæг. — Ды мæн сайынмæ хъавыс! Нæ йæ уынын уæр- тæ: ахæм хилджын цæсгом Марксæн ис... Цыбырдзырдæй, туркаг бацамыдта, чи йын балæ- вар кодта «Марксы», уый. Инженеры раластой. Мах консулы бахъуыд æртæ боны фæтох кæнын, къамы Маркс нæ, фæлæ Пушкин кæй ис, уый бамбарын кæ- -нынæн. Æмæ æрмæст уæд рауагътой инженеры. Фæлæ уæддæр рæстдзинад æмæ хæлардзинад| кæд- -дæриддæр тыхджындæр кæнынц. Æмæ рæзы нæ дыу- уæ бæстæты кæлар сыхагдзинад. ССР Цæдисы æмæ Турчы разамонджыты- бастдзи- нæдтæн кæддæриддæр вæййы хорз фæстиуджытæ. Дыууæ бæстæйы ’хсæн æмгуыстдзинады бастдзинæдтæ сты иттæг пайдайаг. 1984 азы июны арæзт æрцыд Хæстæг æмæ Астæуккаг Скæсæны æппæты егъаудæр Искендеры металлургон комбинат (сарæзтой йæ ССР Цæдисы æххуысæй) фæуæрæхдæр кæныны тыххæй бадзырд. Советон Цæдисы æххуысæй арæзт æрцыд Турчы фыццаг алюминийы завод Сейдишехиры, Из- мирмæ хæстæг нефткусæн æмæ æндæр куыстуæттæ. ССР Цæдисы æххуысæн стыр аргъ кæнынц бæстæ- йы. Металлургон комбинаты генералон директор •А. Акпынар куыд загъта, афтæмæй куыстуат национ экономикæйы паддзахадон секторы сси раззагдæр, •фæсарæнтæм æндон кæй æрвйты, уымæй бæстæйæн ахъаз у доллæрты бирæ милуантæ фæстауæрц кæны- яæн. . Азæй-азмæ рæзы ССР Цæдис æмæ Турчы Респуб- .ликæйы æхсæн базарад. Кæд 1985 азы уыцы база- рад уыдис 212,8 милуан сомы, уæд ацы аз та фæуы- дзæн.дыууæ хатты фылдæр. Советон Цæдис Туркмæ • æрвйты алыхуызон машинæтæ æмæ кусæнгæрзтæ, ста- •ноктæ, транспортон фæрæзтæ, нефт æмæ нефты про- ;3 Æцæгæлон бæстæ 65
дукттæ, дæтты электрон тых дæр. Ныридæгæн советои туркаг арæны сæрты ахызтысты, электрон тых кæуыл цæуы, ахæм телты æнцæйттæ. Нысангонд цæуы Лени- наканæй Хъарсмæ ног электрон тыхдæттæны арæзтад. Бадзырд арæзт æрцыд 1987 азæй райдайгæйæ, ССР Дæдисæй Туркмæ 25 азмæ æхсæз миллиард кубомет- ры æрдзон газ раттыны тыххæй. Турчы Республикæ та нæ бæстæмæ æрвиты бæм- бæг, фос, сæракæй конд дзаумæттæ æмæ æндæртæ. «Экономикæйы æмæ базарады туркаг-советон баст- дзинæдтæ кæй рæзьгнд, уый ахъаз у дыууæ бæстæйы: ’хсæн хæлардзинады ахастдзинæдтæ фидар кæиы- нæн»,—фыссы стамбулаг газет «Дюнья». Уый хъуы- дымæ гæсгæ цæгатаг сыхагимæ хъуыддаджЫ бастдзи- нæдтæ «Туркæн феххуыс уыдзысты ныгуылæйнаг бæс- тæты цагъардзинады дæлбарадæй фервæзынæн». Нæ дыууæ бæстæйы дæр хæлардзинады ахастдзинæд- тæм кæй тырнынц, ууыл дзурæг у ССР Цæдисы раза- монæг бæрнон кусджыты къорды балц дæр сыхаг бæс- тæмæ 1984 азы декабры. Турчы Республикæйьг премь- ер-министр Т. Озал сæ ахуыдта уæд официалон бал- цы. Уазджыты размæ рацæугæйæ, Анкарайы аэродром- Эсенбогайы Т. Озал мыхуыры кусджытæн загъта (кæс* газет «Пра1вда»-йы 1984 азы 26 декабры номыр), Турк, дам, стыр хъуыддагыл нымайы ССР Цæдиеимæ* хорз сыхагдзинады æмæ хæлардзинады ахастдзинг^д- тæ, фæнды йæ, цæмæй парахатдæр кæной, уьгй. Нæ- хицауад, дам, цæттæ у ССР Цæдисимæ базарадоы æмæ экономикон æмгуыст ноджы уæрæхдæр кæнынмæ,. нæ дыууæтæн дæр пайда куыд уа, ахæл* уавæры. «Мæ;г фидарæй уырны, —дзырдта премьер-министр, — ацьг фембæлд нæ хæлар ахастдзинæдтæн хорз ахъаз кæй фæуыдзæн, уый.» Т. Озал æхсызгонæн æрымысыд, уыцы язьг райдиа- ны, махмæ уазæгуаты уæвгæйæ, йын советоя раза- 66
ъюнджытимæ цы фембæлдтытæ уыдис, уыдон æмæ загъта, ахæм хæлар ахастдзинæдтæ, дам, æрмæст Турк æмæ Советон Цæдисæн пайда не сты, фæлæ æп- пæт бæстæтæн дæр, уымæн æмæ ахъаз кæнынц кæрæ- дзи æмбарынæн. Туркæн æрмæст йæ хицауадон кусджытæ нæ, фæ- лæ йæ хуымæтæг адæм дæр зонынц Турчы Республи- кæйæн суанг йæ сæвзæрды рæстæг Советон Уæрæсе, йæхæдæг дæр æругон уæвгæйæ, йæ къахыл фидар нæ- ма слæугæйæ, цы бирæ æххуыстæ бакодта, уый. Хъар- сы æфсæнвæндаджы станцæйы вагзалы агъуысты фарсмæ хибар ран абоны онг музейы экспонаты ны- саниуæгæн лæууы рагон уæзласæн вагон. Йæ фарсыл .ахорæнæй фыст: «Турчы Республикæйæн Советон Уæ- рæсейæ лæварæн». Нæу рох рæстзæрдæ туркæгтæй Кемаль Ататюркы фæдзæхст дæр, Советон Цæдисимæ хæлардзинад хъахъхъæнут æмæ йæ фидар кæнут, зæгъгæ. Туркæгтæн сæ фылдæр кæддæриддæр уыдæттæ сæ зæрдыл дарынц, зонынц, æцæг хæлар сын чи у æмæ мæнг, уый. Зæгъæм, рæстæмбис службæгæнæг, астæук- каг ахуырад дæр кæмæ нæй, ахæм адæймаг мын дзырдта: «Америк йæхи мах хæлар хоны, нæ хæстон æмбал, ома НАТО-йы иумæ стæм. Афтæмæй нæ алы- хуызы æлхъивы. Хæцæнгарз уын бæтгæмæ уæй кæнын (ома йын йæ аргъ æмбойны бафидын уæ бон нæу æмæ йæ сабыргай фондз-дæс азмæ бафиддзыстут), зæгъгæ, йæхи чи нал фæхъæуы, рæстæджы домæнты аккаг чи нал вæййы, уый нын ратты «нæ хистæр æф- сымæр». Иу хæс фыст нæма фæвæййæм, афтæ ныл ин- нæ æрбаппары». Уый хуымæтæджы кусæг дзырдта. Мæнæ адон та сты Турчы хицауады раздæры сæргълæууæг С. Деми- релы ныхæстæ газет «Хурриет»-æй: «...60-æм азты Турк Советон Цæдисимæ хæлар сыхагдзинад æмæ æмгуыстдзиняд саразын куы сфæнд кодта, уæд уый 67
Вашингтонæн йæ тъæнгтæ ныццагъта. Раздæры баны- хасмæ гæсгæ нын уый хъуамæ баххуыс кодтаид уæз- зау промышленносты куыстуæттæ саразынæн, фæлæ уæд иннæрдæм ныццавта, йæхи тæргайхуыз скодта. Уæд мах нæ курдиат Советон Цæдисмæ бахастам. Æмæ уый техникон-экономикон æххуысы руаджы арæзт æрцыдысты ахæм стыр куыстуæттæ, куыд згъæры комбинат Искендеруны, нефткусæн завод Из- миры цур, алюмины завод Сейдишехиры. Уыдон стыр ахъаз сты нæ национ экономикæйы рæзтæн». Советон Цæдисы æххуысæй арæзт æрцыд, рудзын- джы авг кæм уадзынц, ахæм фыццаг куыстуат дæр Турчы, Стамбулмæ хæстæг. Уымæйразмæ йæ авг æн- дæр бæстæты æлхæнын хъуыдис. Рæзы, нæ дыууæ бæстæйæн дæр пайда чи у, уыцы æмгуыстад. Зæгъæм, æрмæст 1985 азы ССР Цæдисы æмæ Турчы æхсæн базарад уый раздæр азимæ абар- гæйæ сырæзыд дыууæ хатты. Туркæй махмæ цæуы бæмбæг, оливæйы зети, цитрустæ, сыгъдæггонд, ома æнæцъар æхсæртæ, хъæдур, зад, фос, тамако, мине- ралон хомаг, химийы продукци, адæмы хъæугæ про- мышленнон товартæ. Мах та Туркæн æрвитæм про- мышленнон кусæнгæрзтæ, нефт æмæ уымæй конд про- дукттæ, æндæр алыхуызон товартæ. Цыбырдзырдæй, хорз сыхæгтæн куыд æмбæлы, ахæм ахастдзинæдтæ ис не ’хсæн. Ууыл цин кæнынц рæстзæрдæ адæм. Мæйы дæргъы ирон хæдзæртты фæцардтæн Турчы. Ме ’рвадæлтæй уæлдай уазæгуаты уыдтæн Цъæхил- тæм, Хъуыбадтæм, Батиатæм, Хосонтæм, Цæлыкка- тæм, Гайттатæм æмæ бирæ æндæртæм. Фембæлдтæн æмæ ныхас кодтон фондзыссæдзгай адæймæгтимæ. Се ’ппæтæй дæр стыр разыйæ баззадтæн, тынг мæ буц кодтой, тынг уæзданæй сæхи равдыстой. Стæй æрмæст ирæттæ нæ, фæлæ туркæгтæ дæр. Фæлæ иу мады цот дæр æмхуызон зондыл хæст нæ ба
вæййынц хатгай. Æмæ мæ уый тыххæй иу цалдæр чы- сыл цауы радзурын фæнды. Рагацау æй зæгъын: ныртæккæ кæй кой ракæнынмæ хъавын, уыцы æртæ адæймагæй йедтæмæ къахæн ныхас никæмæй фе- хъуыстон. Ирон фæсивæдимæ бадтæн, Ирыстонæй, ирон адæ- мæй мæ фарстой æмæ сын нæ хабæрттæ кодтон. Уа- лынмæ дзы иу лæппу радзырдта, æппындæр нæ ны- хасимæ баст чи нæ уыдис, ахæм таурæгъ. Йе ’мбæлт- тæ йыл фæхудтысты, фаг æфхæрд баййæфта, фæкъæм- дзæстыг, æмæ йын йæ ном уымæ гæсгæ нал зæгъын, æгъгъæд ын фæуæд. ...Турчы æфсæддон министр, дам, сæхицæй мах æхсæн арæныл азылд, куыд æй хъахъхъæнынц, уый бæрæг кодта. Зылд куы фæци, уæд, дам, арæнхъахъ- хъæнæджы хицаумæ фæсидт æмæ йын загъта: — Де ’фсæддонты уыцы арæныл дзæгъæлы дарыс, ракæн сæ. — Цæмæн? — Уæрæсе йæхæдæг афтæ тынг хъахъхъæны арæн, æмæ дзы иуырдæм дæр ничи аирвæздзæн... Фæсивæдæй иуæй-иутæ чысыл мидбылты бахудтыс- ты, мæнмæ æрбакастысты, кæд ын хъыг уыдис, зæгъ^ гæ. Æз дæр бахудтæн æмæ загътон таурæгъгæнæгæн: — Арæн уый тыххæй у, æмæ йæ хъуамæ хъахъ хъæнгæ кæнай. Нырма фæныхилджытæ дæр вæййы, уый зонут. Цал æмæ цал хатты æрбалæбурдæуыд нæ бæстæмæ, уый дæр фехъуыстаиккат. Гъемæ нæ бар- æнæбары къæрцхъус уæвын, хи хъахъхъæньщ хъæуы. Фæлæ кæд искуы адæмты æхсæн ахæм кæрæдзи æм- барындзинад, хæлардзинад сæвзæра, цæмæй сæ кæ- рæдзийæ хи хъахъхъæнын мауал хъæуа, уæд мах стыр æхсызгонæн райхалдзыстæм нæ арæны «кау». Анкарайы мæм мæ фысымтæм æрбацыд, хæсты рæстæджы ардыгæй немыцимæ чи алыгъд æмæ фæс- тæдæр Туркмæ чи бафтыд, ахæм лæг. Уæвгæ Ирысто? 69
нæй куы лыгъдис, уæд æвзонг лæппу уыдис. 14—15-а.<- дзыд, йæхæдæг дæр не ’мбæрста, цæмæн лидзы йæ райгуырæн хæдзарæй, уый. Æххормаг рæстæг уыдис, æмæ йын-иу, чи зоны, сугсæттæггаг, донхæссæггаг не- мыцаг хæринаггæнæг йæ гуыбын бафсæста. Фæлæ ныр та лæг уыдис, бинонты хицау. Гъемæ мæ йæ хæдзар- мæ ахуыдта -иубон. Хорз фынг æрæвæрдта. Иæ уаз- джытæ уыдысты иу-15—20 адæймаджы. Иуæй фæстæ- мæ— фæсивæд. Фынджы уæлхъус нæма æрбадтыстæм, афтæ фысым чысыл транзисторджын радиоприемник скусын кодта, Мæскуыйыл æй с’арæзта. Уырыссагау дзы ныхас цыд, Америчы Иугонд Штаттæ Вьетнамы цы хæст самадтой, уый тыххæй. — Хъусыс, Мурат,— дзуры мæм фысым.— Сыма- хонтæ та дзы Америкмæ «дæттынц», сæ фыдгой кæ- нынц. Æлхыскъхуызæй загъта уыцы ныхæстæ, æмæ йæ фæрсын: — Ау, æмæ’ ды дæхи махыл нал нымайыс, æви «сымахонтæ» цæмæн зæгъыс? Ирыстоны куы рай- гуырдтæ. Цыма мæ нæ фехъуыста, йæхи афтæ скодта æмæ æваст фынгмæ фæсидт. Чи бæгæны нызта, чи арахъхъ. Хæрзчысыл. Алчи йæхимозтæй хъахъхъæдта. Иу-æртæ сидты куы фæкодтам, уæд та мæм фысым дауры: — Гъер мæнæ уыныс, цы дзæбæх фæсивæд нæм ис, уый. Фæлæ сæм рæдыд хъуыдытæ вæййы, æмæ сын æй æз æмæ дьт куыд хистæртæ, афтæ хъуамæ бамба- рын кæнæм. Афтæ фæдзурынц, мах, дам, ам рæстæгмæ стæм, тагъд уа — æрæджы, уæддæр, дам, хъуамæ ис- куы нæхимæ, Кавказмæ алидзæм. Æз та сын афтæ зæгъын, мах ардæм тыхæй ничи æрбаласта. Замма- най сæрибар цард нын ис, кæй цы фæнды, уый æрго- мæй дзуры, кæй куыд фæнды, афтæ хъуыды кæны. 70
Стæй нæ хъуамæ уый дæр рох м&уа, туркаг дзул кæй хæрæм,— æмæ фынгæй дзулы карст систа, æвдисы йæ.—Иуныхасæй, ирон æмбисондау—кæй уæрдоны ба- дай, уый зарæг кæн. Раст нæ зæгъын, Мурат? Куыд бамбæрстон, афтæмæй йæ фæнд уыдис ахæм: «Раст нæ зæгъын?», зæгъгæ, уыцы æнæнхъæлæджы фарстæн Мурат, æнæ ахъуыды кæнгæйæ, æвиппайд>ы «о» зæгъдзæн, фæсивæд та йæ алы ныхасмæ дæр цы- мыдисæй хъусынц (Ирыстонæй æрбацæуæг у, æцæг ирон!..) æмæ уый руаджы мемæ дæр сразы уыдзыс- ты». Нæ зонын, цæмæн æй бахъуыдис ахæм ныхас йæ уазæгимæ, чи зоны, искæмæй йын баргонд уыдис. Ахæм хатдзæгмæ та уый тыххæй æрцыдтæн, æмæ мæм уымæй размæ лæппутæ æвдыстой журнал. Уыдис дзы, ныр кæй хæдзары бадтыстæм, уый къам, стæй цыдæр фыст. Туркаг æвзаг нæ зонын æмæ мын æй ратæлмац кодтой: «Немыц Кавказмæ куы бахæццæ сты, уæд уы- доны фарс æрлæууыд æмæ коммунистты ныхмæ хæ- цыд, стыр хъæбатырдзинад равдыста, бирæты дзы ныццагъта...» Ие ’фсымæр, йæ хотæ, йе ’рвадæлтæ, сыхбæстæ ныртæккæ дæр ам, нæхимæ, Ирыстоны, цæрынц, сыгъ- дæгзæрдæ адæмæй сæ хъусын, æмæ сæхæдæг зæ- гъæнт — бынтон гæдыныхæстæ фæлæхурдта, знаджы агхафæнты фæдыл чи адзæгъæл, сæ уыцы æфсымæр* æрвад, сыхаг. Гъе æмæ мæм журнал чи æвдыста, уы- цы лæппутæн бамбарын кодтон хъуыддаг. Ай-гъай, ахæм адæймагæн йæ къæбæр бахæрынæн нæ бæззы, фæлæ йæм куЫнæ бацыдаин, науæд мын йæ хæдзары дæлгоммæ ныхæстæ кæнын куы байдыдта, уæд тæргайæ ралыгъдтæн — исчердæмты сыздыхтаид хъуыддæгтæ æмæ фæсивæдæн сæ сæрызонд уымæй дæр сзыгъуыммæ кодтаид, дзырдтаид сын: «Уынут, коммунисттæ рæстдзинад нæ уарзынц, уый йедтæмæ 71
æз дæр мæ райгуырæн бæстæйæ мæ фырхъалæй нæ ралыгъдтæн». «Раст нæ зæгъын?» зæгъгæ йын йæ уыцы æваст фарстæн дзуапп радтон. — Хатыр бакæн, нæ хорз фысым, фæлæ дæ ныхæс- тае сæхæдæг кæрæдзи ныхмæ сты, æмæ сыл уæд æз куыд сразы уон? Иуæй, афтæ зæгъыс, сæрибар цард уын; ис, иннæмæй — кæй уæрдоны бадай, уый зарæг ’Кæн. Иуæй, афтæ зæгъыс, кæйкуыд фæнды, афтæ хъуыды кæцы, иннæмæй та дæ афтæ фæнды, цæмæй адæм се ’ппæт дæр дæ зондыл хæст уой, йæхи хъуы- :ды дзы макæмæ уа. Уый цавæр сæрибар цард у уæд? .Ныр афтæ зæгъыс, туркаг дзул хæрут. Æмæ уый дæр, .æвæццæгæн, лæвар нæу, алчи йæ йæ фæллойæ æлхæ- .ны... •,... Адæм базмæлыдысты, лæппуты цæсгæмттыл цины, .æхсызгондзинады уылæн анхъæвзта. — Цæй, уæдæмæ нæ фынджы хъуыддаг кæнæм,— •загъта фысым, цыма ныхас йæхæдæг нæ ракъахта, .уыйау. • Сæ курдиатмæ гæсгæ фынг æз хастон, ардыгон :сидтытæ сæм стыр диссаг æмæ хорз кастысты, æмæ, • ныхасмæ кæй æрцыд, уымæ гæсгæ гаджидау рауагъ- тон, ирон лæг-иу кæмдæриддæр æмæ кæддæриддæр иронæй куыд баззайа, йæ райгуырæн Ирыстон куыд никуы ферох кæна æмæ йæм куыд тырна, уый тых- хæй. Дзæвгар ма фæбадтыстæм, суанг фæсæмбисæхсæв- тæм, фæлæ зыгъуыммæ ныхас ницыуал рауад не ’хсæн. •Фысым бамбæрста, йæ митæй разы кæй не сты йæ уазджытæ, уый æмæ, æвæццæгæн, ницыуал суæндыд. Ам цы цалдæр къласы бакаст æвзонгæй, æндæр •ницы сахуыр кодта. Анкарайы америкаг колледжы /цыдæр хæдзарадон куыст кодта. Æмæ куы цыдыстæм, •;уæд ын сæрмагонд сидтæй раарфæ кодтон: — Бирæ зындзинæдтæ федтай де ’взонгæй абоны 12
онг—Ирыстоны райгуырдтæ, немыцимæ алыгъдтæ, Туркмæ æрбафтыдтæ, америкæгтæм кусыс. Гъемæ ны- рæй фæстæмæ та, дæ зæрдæ куыддæриддæр у, дæ цард афтæ ацæуæд... Фæстæмæ цыдыстæм нæ фысымы кайыс, йæ усы æфсымæры машинæйы. Чысыл куы рауадыстæм, уæд загъта: — Дæ зæрдæйæ, Мурат, мах нæ бамбæрстам, мæ сиахсæн цы арфæ ракодтай, уый? — æмæ йæхæдæг дæр, лæппутæ дæр бахудтысты. Фалæмæ дæр, фæстæмæ дæр мæ фæндаг Хъарсыл уыдис. Уым цардис ме ’рвад Фуат. Ацырдæм цæугæ- йæ йæм куы æрфысым кодтон, уæд мын афтæ зæгъы, дыууæ адæймаджы, дам, демæ аныхас кæнын фæнды. — Табуафси. Чи сты? — Сусæгкуыстгæнæг пъæлицæйæ. Иу дзы у дæл- булкъон Ердогъан Хъуртогълу, иннæйы нæ зонын. Нæ бæстæ, дам, йæ зæрдæмæ куыд фæцыдис, уымæй йæ бафæрсæм. Фембæлд снысаи кодтой отелы. Фыццаг уæладзы- джы дзы хæрæндон, дыккаджы — цæрæнуæттæ. Хæ- рæндон адæмæй йе ’дзаг, чи цай цымы, чм хæргæ кæ- ны. Фæлæ куыддæр бахызтыстæм, афтæ дыууæ рæс- тæмбис кары нæлгоймаджы кофи цымгæ ауыдтол æмæ мæм мæ зæрдæ сдзырдта: адон сты, чи зоны. Уымæн æмæ, мах куы ауыдтой, уæд куыддæр сæ мид- бынаты базмæлæгау кодтой, иннæ адæмæй та нæ хъуыды дæр ничи æркодта. Фуат сæм бацыд, дæгъæл æм радтой, дыккаг уæ- ладзыгмæ схызтыстæм. Дæгъæлыл цы номыр амынд уыдис, уыцы уаты дуар дзы байгом кодта. Нæ хæд фæстæ æрбацыдысты «фысымтæ» дæр. Кæрæдзийæн салам радтам, стъолы фæйнæ фарс æрбадтыстæм. Пъæлицæйæгтыл уыдис, хуымæтæг адæмыл чи вæййы, ахæм дарæс. Сæ иу фыссæн æрмæг æрцæттæ кодта, æмæ уæд иннæ бафарста: 73
— Нæ уазæг нæ бæстæйы кæмыты уыдис æмæ йæ зæрдæмæ куыд фæцыдис? — Уыдтæн Стамбулы, Анкарайы, Селимы, Сар- хъамысы æмæ ныр мæнæ дыккаг хатт дæн Хъарськ Алы бæстæмæ дæр йæхи миниуджытæ ис, йæхи рæ- сугъддзинæдтæ, æмæ æз дæр уæ бæстæйы бирæ ног- дзинæдтæ федтон. Уæлдай рæсугъд мæм фæкаст Стам- бул, йæ диссаджы архитектурæ, йæ рагон мæзджыт- тæ. Алкæцыдæр дзы у æнæхъæн музей. Стыр æхсыз- гонæй æрзылдтæн Анкарайы Ататюрчы музей-мавзо- лейыл. Ме ’мныхасгæнæджы æмбал фыста, цы фарстатæ мæм лæвæрдтой, уыдон дæр æмæ мæ дзуаппытæ дæр. Тæлмацгæнæг та нын Фуат уыдис. — Нæ адæмы цард та дæм куыд фæкаст? — Мæнæн мæ балцы сæйраг нысан ирон адæмы фенын уыдис: цы баисты, се ’взаг, се ’гъдæуттæ куыд бахъахъхъæдтой. Ома уæ экономикæ равзарынмæ не ’рбацыдтæн. Фæлæ мæ кæм фæрсут, уым уын мæ хъуыды зæгъдзыиæн: уæ хъæуты цæрджытæм бахæ- лæг кæнæн нæй. Зæгъæм, Селим æмæ Сархъамыс- Уæллаг хъæуы цæрджытæм. Ныронг сæм йæ электрон рухс уагъд нæй, йе тилифон. Æхсынæн дæр æмæ нуа- зынæн дæр дон хæссынц къанауæй. Махмæ Ирыстоны ахæм фæстæзад, æвадат хъæутæ суанг хæхты дæр нал ис, быдыры нæ фæлæ. Тынг тæригъæд мæм кæ- сынц, ахуыр чи нæ кæны, фæлæ алы фæрæзтæй — дзабыртæ сыгъдæг кæнгæйæ, дон, газеттæ уæй кæн- гæйæ, цумайы лæппу уæвгæйæ,— къæбæр чи амал кæ- ны, уыцы сабитæ. — Ды газеты кусæг дæ. Гъемæ дæ мæйы мызд цас у. Зæгъæм, мæнæ дæ уæлæ цы дарæс ис, ахæм дзы балхæнæн ис? — Сымахмæ дæр æмæ махмæ дæр газеты кусæгæн йæ мызд аразгæ у, куыд арæхса æмæ цас фысса, уы- мæй. Хорз куы фыссæй, уæд дын дæ уацхъуыдтæарæх 74
мыхуыр кæндзысты, æмæ исгæ дæр бирæ кæндзынæ. Æз дæн рæстæмбис кусæг. Мæ уæлæ цы дарæс ис, ахæмтæ дыууæ фæлысты цæуы мæ мæйы мыз- дæй. — Ирæттæн хицæн джумхуриет (республикæ.— М. М.) ис? — 0. — Æмæ дзы æндæр адæмыхаттыты минæвæрттæн цæрыны бар нæй? — Ис. — Минводы тайерты æрбадæны (аэропорты) ис- куы уыдаис? — Уыдтæн. — Æмæ, тайертæ кæуыл æрбадынц, уыцы уæлцъар бетон у, асфальт, æви нæуу? — Уымæ мæ хъус никуы æрдардтон, йæ базоныны сæр мæ никуы бахъуыд, ацы хатт æм æркæсдзынæн. Нæ бæстæ, дам, йæ зæрдæмæ куыд фæцыд, уымæй афæрсæм уазæджы... Æгæр кæнын байдыдтой «фы- сымтæ», фæлæ сын раздæрау фæлмæн хъæлæсыуагæй, уæзданæй, худæнбылæй дзуапп лæвæрдтон. Фуатæн та загътон: чи зоны, мæ ныхæстæй исты дæ зæрдæмæ нæ фæцæудзæн, фæлæ дзы мацы аив, æз куыддæрид- дæр зæгъон мæ хъуыды, афтæмæй йæ тæлмац кæн, уымæн æмæ мæ ныхæстæн дзуапдæттæг æз дæн. Бирæ алыхуызон фарстатæ ма радтой, Турк. мæ зæрдæмæ фæцыд æви нæ, зæгъгæ, уыимæ æппын- дæр баст чи нæ уыдис, ахæмтæ. Се ’ппæт нæ нымай- дзынæн, фæлæ нæ ныхасы кæроы уыдис ахæм: — Орджоникидзейæ ардæм цæугæйæ дæ фæндагыл тайерты бадæнтæ цал федтай æмæ кæмыты сты? Уымæй цасдæр рæстæджы размæ, дзæгъæл фæци æви куыд уыдис, фæлæ Ленинаканы аэропорты æр- бадт, йæ базæ Турчы кæмæн ис, ахæм америкаг хæс- тон хæдтæхæг. Тæхæг майорæй уæлдай ма хæдтæхæ- джы уыдысты америкаг инæлар, стæй Турчы æфсады 75
булкъон Денели. Чи сты, цы сæ æрбахаста, уыдæттæ сбæлвырд кæнынæн дыууæ къуырийы бахъуыд. Стæй сæ феддæдуар кодтой. Уый тыххæй фыстой нæ газет- тæ, хабар радио æмæ телевизортæй дæр дзырдтой. Гъе æмæ уый мæ зæрдыл æрлæууыд, фарстæн дзуапп радтон: — Æз зæххыл цыдтæи — автобусы, поезды,— æмæ ныллæг ранæй бирæ фенæн нæй. Фæлæ æрæджы уæ булкъон Денели мах зæхмæ арвы бæрзæнд;тæй касти, стæй дыууæ къуырийы Ленинаканы дæр фæци, фæл- тæрдджын æфсæддон адæймаг у, æмæ уын уый мæнæй бæлвырддæр дзуапп ратдзæн ацы фарстайæн... — Газеты кусæг уæвгæйæ, æнæзонгæ нæ уыдзынæ, æфсæдтæ уæм цас ис, уый. — Уæллæгъи, нæ зонын, нæ газеттæ ахæм хабæрт- тæ нæ фæфыссынц, фæлæ уын иу хъуыддаг сусæгæй мæ бон зæгъын у, кæд æй никæмæн схъæр кæндзыс- тут, уæд. — Ома? — Иу мæ хæстæг ииæлар не ’фсады стыр бынат ахста. Æмæ мын уый дзырдта, бахъуаджы сахат, дам„ нæм æфсæдтæ разындзæн, цас æмбæлы, уыйас. — Тамам (хорз фæуæд, æгъгъæд у.— М. М.)у— загъта фарстатæ дæттæг, сыстад, бузныг, зæгъгæ, мæм йæ къух æрбалæвæрдта... МУРАТЫ ФЫН Æвæццæгæн, Мурат ацы фын куынæ федтаид, уæд> нæ сæмбæлдаиккам, абон уын ацы хабæрттæ нæ кæ- нин. Уазæгуаты сæм куы уыдтæн, уæд мын сæ фæдзырд- та. Ирыстонæй сæ фыдæлтæ Муссæйы рæстæджы алыгъдысты. Иурæстæджы фæстæмæ æрбаздæхтысты, Беслæныхъæуы æрцардысты. Стæй та 1922 азы ногæй алыгъдысты Туркмæ. Муратыл уæд 22 азы цыдис, æп- пæт хабæрттæ дæр хорз бахъуыды кодта. Раст, цыма 76
хæрзæрæджы афтыд Беслæиыхъæуæй, уыйау бæлвырд йæ зæрдыл лæууыд уынгты æвæрд, йæ сыхбæсты но- мæй-номмæ нымадта: Богазтæ, Ногъатæ, Кодзыртæ, Мысыкатæ, Беккуызартæ, Цырыхатæ... Æз дæр уыцы сыхы схъомыл дæн æмæ дис кодтон, 49 азы фæстæ ма афтæ хорз йæ зæрдыл куыд лæууыдысты, уый. Диссаг уæм фæкæсдзæн, фæлæ мæ амы æрвад|æлтæй дыууæйы æцæг нæмттæ дæр Стамбулы базыдтон, Му- ратæй. Ам сæ хуыдтам Гуыба æмæ Дзубыр. Æндæр но- мæй схонгæ сæ никуы фехъуыстон. Афтæмæй Гуыба- йæн йе ’цæг ном Хъуыбады уыдис, Дзубырæн — Са- фарали. — Бауырнæд дæ, уал æмæ уал азы мыл иу ахæм бон не скодта, мæ хъæубæсты, мæ сыхбæсты кæд не ’рымысыдтæн. Уыдоны мысгæйæ, бафынæй вæййын, уыдоны мысын, куыддæр æрыхъал вæййын, афтæ дæр,— дзырдта мæ 71-аздзыд æрвад æмæ æмном. Нæ сыхы ис иу рагон стыр кæрт. Мурат мæ уыцы хæдзайраг дыууæ хойæ фарста, куыд, дам, цæрынц, бинонтæ сын цы ис. Фæлæ ацы кæрты ныртæккæ цал- дæр хæдзары цæры, æмæ Мурат кæй фарста, ахæм сылгоймæгтæ дзы нæй, уый йын загътон. Уæддæр та- иу мæ, бон рацыдаид — дыууæ, афтæ ногæй бафарста уыцы хотæй. Хорз сыхæгтæ, дам, уыдыстæм, хæларæй цардыстæм. Æз хъуыды кодтон, æвæццæгæн æй, зæгъын, айрох вæййы, кæй мæ фарста, уый. Æмæ рæД|Игæ кодтон уыцы хъуыдыйæ. Фæлæ уый фæстæдæр базыдтон, дыу- уæ азы фæстæ Мурат ам нæхимæ куы уыдис, уæд. Хъесаты Дафа рухсаг уæд, кæддæр сæ цæхæрадæттæ ныхæй-ныхмæ уыдысты, кæрæдзи æвзонджы бонтæй зыдтой, кæд Мурат хистæр уыдис, уæдд^æр. Гъе æмæ мæнæн, йæ кæстæр æрвадæн, æфсæрмæй схъæр кæнын кæй нæ бауæндыд ме ’мном, уыцы сусæгдзинад Да- файæн радзырдта, уымæй базыдта йæ кæддæры сыхаг хоты хабæрттæ дæр, æмæ сæм ацыди, ссардта сæ... 77
Уыцы ддеууæ хойæ иуы уарзта Мурат. Туркмæ куы- нæ афтыдаид, уæд æй ракуырдтаид. Фæлæ сын хъыс- мæт ахæм тæрхон рахаста. Дыууæ æмæ ссæдзаздзыд лæппуйæ ацыд Мурат Беслæныхъæуæй ’ 1922 азы. Уæдæй фæстæмæ дыууæ уарзоны сæ кæрæдзийы хъысмæтæн ницыуал базыд- той: дыууæ бæстæйы æхсæн уæд писмотæ дæр нæ цы- дис. Ныр мæнæ, 48 азы фæстæ, Стамбулы 70-азд»зыд Мамсыраты Мурат иу æхсæв федта, йæ зæрдæйы хъæдгæмттæ йын цæххау чи сдудын кодта, ахæм фын. ...Мурат фалæ ракуырдта, уым чи райгуырд, ахæ- мы — Батиаты Арифы чызг Фатъимæты. Хæларæй, кæрæдзи æмбаргæйæ базæронд сты, се ’хсæн тызмæг ныхас никуы рауад. Ис сын хорз цыппар фырты æмæ чызг, цоты цот. Æмбаргæ адæймаг у мæ чындз Фа- тъимæт, æмæ мæ зæрдæ дарын, Мураты фыццаг уар- зоны хабæртты тыххæй мæм кæй нæ фæхæрам уы- дзæн, ууыл. Уæвгæ ныр сусæгдзинад дæр нал сты, лæг ын сæ йæхæдæг фæдзырдта. Уыцы æхсæв фыны Муратмæ, Беслæныхъæуы йын цы уарзон баззад, уый фæзынд æмæ йын загъта: «Мæ уды гага! Ды Кавказмæ цæудзынæ. Æз та ныр мард дæн, æмæ мæ ингæны размæ куынæ æрбацæуай, уæд дын уый нæ ныххатыр кæндзынæн. Æз мæрдтæм дæр дæу мысгæйæ бацыдтæн». Æнæуи дæр райгуырæн бæстæм йæ былыцъæрттæ хордта лæг, æмæ ныр бынтон йæхицæн бынат нал ардта. Бирæ фæсагъæс кодта, Ирыстонæй исты хабар куыдæй базындæуа, зæгъгæ, стæй ныффыста писмо: «СССР, Кавказ, Осетия, любому из ^амсуровых». Цынæ вæййы, зæгъгæ, зæрдаивæй ныффыста Му- рат. Уырнгæ та йæ нæ кодта, йæ писмо Ирыстоныл сæмбæлдзæн æмæ йе ’рвадæлтæй искæй къухы бафт- дзæн, уый. Нæ йæ уырныдта, уымæн æмæ, нæ бæстæ- мæ фыдгулы цæстæй чи кæсы, ахæм знаггадгæнджытæ дæсгай азты дæргъы Турчыцæрæг кавказаг адæмты 78
хъусы халæттау уасыдысты: «Цæй Кавказы кой ма кæнут, цæ! Кавказ баззад æрмæстдæр куыд географи- он бынат, нацитæ дзы нал ис. Чысыл дзы цæрынхъом чи уыдис, уыдоны коммунисттæ Сыбыры къæйыл ных- хæлиу кодтой, йæхи æвзаг дзы ничиуал зоны» — æмæ æндæр сæнттæ. ...Уыцы писмойæн æз дзуапп радтон. РазД|æр æз ацыдтæн Туркмæ, Мураты фæндонмæ гæсгæ, стæй та дыууæ азы фæстæ уый æрбацыд. Дафайæн йæ фын радзырдта. Уый йын загъта, æцæгæй дæр, дам, амард дæ уарзон иу-цалдæр азы размæ, Беслæныхъæуæй го- рæтмæ алыгъдис æмæ уым ныгæд у. Хъуынтъыз рæстæг уыдис уæд, лыстæг сæлфынæг кодта, фæлæ Мурат Дафайæ ракуырдта, йæ ингæн мын бацамон, зæгъгæ. Æмæ ацыдысты. Афтæ «сæм- бæлд» Мурат, 51 азы размæ кæмæй фæхицæн, уыцы уарзон адæймагыл. 73-аздзыдæй. Æнæвгъауæй ингæ- ныл цæссыг фæкалдта, пысылмон динмæ гæсгæ йыл дуа скодта. Муратимæ куыд ныхасгонд уыдыстæм, афтæ йын хуынды гæххæтт арвыстон. Фæлæ рацыд мæй, æртæ, æхсæз мæйы, уæддæр нæ зыны. Цалдæр писмойы ар- выстон, цæуыннæ рацæуыс, зæгъгæ, фæлæ уыдонæн дæр дзуапп нæ уыдис. Стæй æппынфæстаг фæхабар кодта, фæцæуын, зæгъгæ. Иæ размæ Ленинаканмæ ацыдтæн. Уырдыгæй Тби- лисимæ поезды æрбацыдыстæм, ам та нæм машинæи- мæ æнхъæлмæ кастысты мæ кæстæр æфсымæр Рама- зан æмæ нæ сыхаг Мысыкаты Эльбрус. — Дзаганы фырт? Тынг хорз хъуыды кæнын дæ фыды,— загъта Мурат, Эльбрусимæ куы базонгæ сты, уæд. «Æвæццæгæн ын зæрдæлхæнæн ныхасæн афтæ загъта, æндæр 51 азы кæй нæ федта, уыцы адæйма- джы кæцæй хъуамæ «хорз хъуыды кæна?» — ахъуыды кодтон хинымæр. Фæлæ уымæй дыууæ боны фæстæ- 79
дæр Мурат хъуыддагæй равдыста, йæ райгуырæн хъæуы нывтæ уал æмæ уал азы йæ зæрдæйы сурæтау кæй дардта, æцæгдæр дзы иу бон дæр кæй нæ рох кодтой, уый. Беслæныхъæуы мæ хистæр æфсымæр Дзамбегмæ æрфысым кодта. Дыккаг бон афтæ зæгъы, уæлмæрд- мæ, дам, куы ацæуиккам. Кæй нал æрбаййæфтон, нæ уыцы æфсымæртæи рухсаг зæгъон, æмæ уæд мæ зæр- дæйæн æнцондæр уыдзæн. Ацыдыстæм. Ингæнтыл йæ къух æрæвæрдта. Стæй уæд уæлмæрдыл йæ цæст ахаста æмæ уартæ, адæй- маджы къах рагæй кæм нал æрлæууыд, ахæм фæсвæд раны зæронд зæппадзмæ амоны, уый дæр, дам, махæй уыдис. Чи зоны, мæ худинаджы хъæр у, фæлæ уыцы боны онг нæ зыдтон, зæронд зæппадзы чи ныгæд ис, уый^ Иæ алыварс пыхс æрзад, æмæ йæм зынтæй бацы- дыстæм. Цыртæн ма йæ фыстытæ чысыл зынынц. 1905 азы амард не ’рвад. Мурат уæд сывæллон уыдис. фондзаздзыд. Æмæ гъа,.куы рахъомыл, уæд базыдта, зæппадзы чи ныгæд ис, уый. Фæлæ йæ 51 азы дæргъы йæ зæрдыл куыд бадардта?! Уыцы егъау рæстæджы дæргъы уæлмæрды цас ныгæд æрцыд! Йæ фæзуат цал- дæр хатты стырдæр фæци, æмæ ма куыд æнцонæй ссардта рагон зæппадз? Иу афæлгæстæй... Уыйфæстæ йæ хъæуыл азилын бафæндыд. Астæук- каг уынджы æрцæуæм, алы хæдзармæ дæр лæмбынæг кæсы Мурат æмæ фæзæгъы: «Хæдзар ног у, фæлæ ацы бæстыхай уыдоны у»,— æмæ та дисы бафтауы, куыд хорз сæ бахъуыды кодта, уымæй. Далæ мæзджытæй чысыл ацырдæмдæр дуармæ лæууы, чи фæгуыбыр, ахæм ацæргæ лæг. Нæма йæм ныххæццæ стæм, цæсгом бæлвырд нæма зыны, æмæ мæ Мурат фæрсы, чи, дам, у. — Дæхæдæг-ма йæ базон, иу сыхы куы цардыстут. 80
Уалынмæ лæджы размæ ныххæццæ стæм, Мурат ын йæ къух райста æмæ фæрсы: — Цæй гуыбыр ныддæ, Гаго?.. Рухсаг уæд, Цырыхаты Гаго уыдис уый. Æрæджи- ау Гаго дæр базыдта уазæджы, кæрæдзийыл ныттых- стысты. Æз та лæууыдтæн æмæ, цалынмæ дыууæ зæ- ронд лæджы ныхас кодтой (Мурат хæдзармæ нæ ба- куымдта, хъæу, дам, фенон), уæдмæ, райгуырæн къо- на, хи адæм куыд зынаргъ сты, ууыл хъуыды кодтон. Мæ зæрдыл æрлæууыд Дегъуаты Зоя. Хæсты рæстæ- джы иу сыхы цардыстæм. Бæлвырд æй нæ зонын, фæ- лæ, æвæццæгæн, авд-аст азы цыдис Зояйыл, афтæ бынтон сидзæрæй, æвæгæсæгæй баззад. Уынджы цал- дæр хæдзары дæлдæр цардис иунæг зæронд ус Хъе- саты Пæсæ, æмæ уый сывæллоны йæхимæ акодта. Фæлæ йæхæд^г дæр фезмæлынхъом нал уыдис, стæй æххормаг рæстæг уыдис æмæ йæхи фаг куынæ кодта, уæд рæзгæ сабийы цæмæй æфсæстаид. Уæддæр ын ныфсы мæсыг уыдис, мæгуырæг, гыццыл чызгæн, си- дзæр кæй у, уый уыйас нал æмбæрста Зоя, кæд хой- рагæй æфсæст не ’ййæфта, уæддæр. Сыхбæстæй йæ бон кæмæн куыд уыдис, афтæ кас- тысты зæронд ус æмæ сывæллонмæ, фæлæ алчи йæ- хæдæг дæр тыхст уыдис. Æмæ загътой Пæсæйæн, Зоя- йы, дам, сидзæрты хæдзармæ ратт æмæ йын уым хæ- ринаг дæр, дзаума дæр нывыл уыдзæн, дæхæдæг дæр сæнæмæт уыдзынæ. Уый разы уыдис, фæлæ-иу чызг кæуын систа, æмбарыихъом нæма уыдис. Уæдд^æр гæ- нæн нал уыд, æмæ йæм иубон сидзæрты хæдзары ку- сæг куы æрбацыд, уæд, дам, сывæллон афтæ хъæр кодта, ма мæ ауадз, Пæсæ, хæргæ нал кæндзынæн, уæддæр мæ ам нæхимæ уадз. «Хæргæ нал кæндзынæн...» Хъомыл адæймагæн æцæгæлон бæстæ куыд у, сабийæн та æнæзонгæ си- дзæрты хæдзар афтæ уыдис, æмæ, мæгуырæг, йæ гæн- дзæхтæ цагъта уырдæм цæугæйæ, кæд ын дзы минас 81
æмæ æндæр алы хорздзинæдтæй зæрдæ æвæрдтэй, уæддæр. Нæй, æвæдза, ницы хæзна, райгуырæн уæзæгæй зынаргъдæр чи у. Мурат ам иу-цыппар боны фæци, афтæ бадæм, те- левизормæ кæсæм. Иронау дзы ныхас кодтой æмæ йæм æхсызгонæн кæронмæ фæхъуыста, стæй мæны- рдæм разылд æмæ загъта: — Хуынды гæххæтт мын куы рарвыстай, уæд æрæгмæ цæмæн цыдтæн, уый дын схъæр кæнон ныр. Æз цæуинаг дæр нæ уыдтæн. Уымæн æмæ йæ зыдтон: куы ’рбацæуон, уæд мæ фæстæмæ мæ къах нал ахæс- дзæн. Фæлæ иу писмо иннæйы фæдыл куы ’рвыстай, уæд мын мæ бинонтæ дзырдтой, ацу, дам, худинаг у, лæг дæм æнхъæлмæ кæсы. Гъемæ ныр уæ хицауадæн зæгъ, æмæ мæ ам ныууадзой, æз никуыдæмуал цæ- уын! Æрмæст хиуæттæ нæ, фæлæ-иу æцæгæлон адæйма- гæй дæр йемæ чи сæмбæлд æмæ аныхас кодта, уыдо- нæн дæр-иу сæ зæрдæты ныххауд, ахæм уæздан, фæл- мæн адæймаг уыдис Мурат, æмæ йын друапп радтон, стыр амондыл æй, зæгъын, нымаиккам, фыды бæсты нын уаис, фæлæ уæ хицауадæй дæхи нæ ракуырдтай æмæ уæд лыгъды хуызæн рауайдзæн дæ хъуыддаг. Дæ бинонтæ та уым баззайдзысты æмæ сæм æфхæрд æрхаудзæн. — Цы сын бакæнон, уыдрнæн дæр сæ амонд цы зæгъа, уый уыдзæн... Тæригъæд бæргæ уыдис Мурат, здæхгæ дын æр- цæудзæн, зæгъгæ, йæ ууыл разы кæнгæйæ, фæлæ æн- дæр гæнæн дæр нæ уыдис: иу бæстæйæ иннæмæ раи- выны тыххæй раздæр хъуамæ фалæ сæхимæ бар райстаид. Æртæ мæйы фæци ам Мурат. Зынтæй, кæугæйæ ацыд сæхимæ. 82
АДÆЙМАДЖЫ ХЪЫСМÆТ Иæхицæй аразгæ, дам, у адæймагæн йæ хъысмæт, Ацы ныхæсты рæстдзинад ис, фæлæ хъуыддæгтæ æдзух афтæ нæ рауайынц. Зæгъæм, фыдæлты уæзæ- гæй æцæгæлон, æнæзонгæ бæстæмæ афтын æмæ уым цæссыгæй хи æхсгæйæ йæ царды бонтæ арвитын ни- кæйы фæнды. Фæлæ хатгай хъысмæты тымыгъ адæй- маджы йæ уæлныхты сисы æмæ йæ бумбулийау дард кæдæмдæр фехсы. Гъемæ иу-цалдæр ахæм адæйма- джы тыххæй цыбыртæй радзурон. ÆМБАЛТЫ ХЪАУЫРБЕГ Ныр амард Хъауырбег, рухсаг уæд, фæлæ Стам- булы горæтгæроны цардис. Цыппарыссæдзæй йыл фылдæр цыдис. Фæстаг азты йæ цæстытæ фæсахъат сты, саугуырм баци. Хохы Хъахъхъæдур. Уырдыгæй уыдис Хъауырбег. Уыдис, фæлæ... Уынгæ нал кодта зæронд лæг, фæлæ зьщга, йæ райгуырæн Кавказ денджызы иннæ фарс кæй ис, уый. Æмæ-иу арæх былгæронмæ æрбацыд, сахатгай-иу уы- лæнты сыбар-сыбурмæ фæхъуыста. Хатгай-иу дзуц- цæджы æрбадт, йæ къух-иу доны ауагъта, рæвдауæгау æй дыууæрдæм кодта: кæд, мыййаг, фаллаг былгæ- рæттыл андзæвыдысты ацы уылæнтæ, кæд уырдыгæй æрбахæццæ сты. Æй-джиди, дзурын куы зониккой!: Уæд мæ къабæзтæн, мæ хъæубæстæн хабæрттæ фæ- кæниккой: Хъауырбег æгас у, уæнгдых куысты фæрцы йæхи æххормаг никуы ныууагъта, йæ къæбæр амал кодта. Ис ын хорз бинонтæ, хорз цот. Фæлæ цыфæнды хорздзинæдтæ дæр æцæгæлон бæсты адæймаджы не ’ндавынц... Саугуырм цæстытæй-иу цæссыгтæ æрызгъæлдысты> 85
йæ сагъæстæ-иу æй ахастой, æртиссæдз азы размæ кæмæй фæиппæрд, уыцы райгуырæн зæхмæ. Æртиссæдз азы. Хъауырбеджы зæрдæйы бæзджын фæлм хъуамæ сæвæрдтаиккой, кæддæр цытæ уыдис, уыдон дзы хъуамæ ферох уыдаиккой, фæлæ нæ, уал æмæ уал азы мысыд йæ Ирыстон, йæ райгуырæн хъæу, йæ цард дæр уыдоны ныфсæй уыдис. Афтæмæй зонгæ та хорз кодта, йæхицæн дзæгъæлы ныфсытæ кæй æвæ- ры, йæ адзал кæйдæр зæххыл кæй уыдзæи, уый. Æмæ- иуйæцæссыг дæруыцы судзаджы сагъæстæй фемæхст. Стæй ма кæйдæр бæстæм йæхæдæг куы тырныдтаид, йæхи аххосæй куы асхъиудтаид, уæд гъа, фæлæ... Дæлдæр иыххауæнт паддзахы заманы закъонтæ! ...Хъауырбеджы æфсадмæ акодтой. Уыдис Стъара- полы, бæхджынты дивизионы. Иæ службæ кæд цы- фæнды зын уыдис, уæддаер æй æххæст кодта. Гъе æр- мæст иу хъуыддагæн зынтæй быхста, фæлæ йæ бон ницы уыдис уый аивынæн. Паддзахы æфсады гГфицер- тæй иуæй-иутæ салдаты адæймагыл иæ нымадтой. Уы- донæй иу уыдис поручик Ермизин. Иæ цæстæнгас — сындз, йе сныхас — рæхуыст æмæ гуымиры. Афтæмæй хицауады раз та цъыллинджытæ кодта, сæ зæвæттæ сын сдæрдта. Хъауырбег æмæ йе ’мбæлттæ поручикмæ уæлдай мæсты уымæн кодтой, æмæ уыдон хæсты архайджытæ уыдысты, Ермизин та хæсты рæстæджы кæмдæр фæс- фæд æдас ран бадти. Иу карз тохы Хъауырбегæн йæ бæх фæмард, йæ- хицæн та йæ къах фæцæф, йæ бон сыстын нæ уыдис. Уыцы рæстæг æм фыдгултæй иу æрбацæйзгъордта, йе ’хсаргард æрцæвынæввонг систа, фæлæ Хъауырбеджы хæстон æмбал æмæ æрдхорд Игнат Баидовкин фæраз- дæр æмæ уæлбæхæй знаджы æрцавта, æрхызт, йæ ирон æрдхорды бæхы рагъмæ сæргъæвта, стæй йæхæ- дæг дæр сгæпп кодта æмæ цæфы æдас ранмæ раласта, •санитарты бæрны йæ бакод/га. ••84
Иуныхасæй, Игнат нæ фæцарæхст, зæгъгæ, уæд Хъауырбег уыцы тохæй нал раирвæзтаид. Уымæ гæс- гæ хæсты фæстæ уæлдай хæлар систы кæрæдзийæн, æфсымæрты цард кодтой. Суанг ма афтæ дæр баны- хас кодтой, æмæ службæйы фæстæ хъуамæ иу ран æрцардаиккой: кæнæ Ирыстоны, кæнæ Бандовкины райгуырæн Кубаны,— хал кæдæм схаудтаид, уым. Фæ- лæ сæ рæсугъд фæндтæ ныссуйтæ сты. 1914 азы уалдзæджы бонтæй иуы Ермизин салдæт- ты рæнхъ слæууын кодта, ахуыртæм сæ акæныны раз- мæ, сæ уæлæдарæс, сæ хæцæнгарз кæмæн куыд рæвдз æмæ аив уыдис, уымæ каст. Уыцы рæстæг кæцæйдæр фыдбылызы дзынга æрбатахт æмæ Игнаты русыл абадт. Салдат нæ фезмæлыд, рæнхъы æмраст, æнæ- тæлфгæйæ лæууын кæй хъæуы, уый зæрдыл даргæйæ. Фæлæ дзынга буары йæ фат ауагъта, æмæ йæ къухæй асурын бахъуыд. Поручик дын уый ауыдта, цы! Къух дард фæхасга æмæ Бандовкины уадулæн — дзæхст. — Æ, дæ мæрдтæ мæ куыйтæ бахордтой! —рамæс- ты Хъауырбег.— Бынтондæр дæ цæсгом куы суагъ- тай. Цæстыфæныкъуылдмæ æхсаргард фелвæста, Ерми- зины уæхсчыты сæрты йæ æрбауагъта. Сæр æфсæд- донты къæхты бынмæ æртылд, гуыр та исдугмæ уыцы æмрастæй лæууыд, стæй къодахау афæлд^æхт. Хъауырбег бæхыл багæпп кодта, лидзынмæ фæци. Афицерты бардзырдмæ гæсгæ йæ асырдтой, чысыл раздæр дæр ма кæй æхсæн лæууыдис, йæ уыцы æм- бæлттæ. Чи-иу æй баййæфта, уый-иу ын... йæхи бæх авæрдта: иугæр æй баййæфта, уæд хуыздæр бæх у. Дзæвгæр фæлыгъдысты, стæй уæд иу ран чысыл æрлæууыдысты. Салдæттæй æхца кæмæ цы уыдис, уы- дон ын радтой, дыууадæс сомы баисты. Лыгъд лæг йæ фæндаг Ирыстонмæ адардта, йе ’мбæлттæ та фæстæ- мæ аздæхтысты, нæ йæ баййæфтам, зæгъгæ. 85
Хъобанмæ схæццæ Хъауырбег, йæ зонгæтæм бам- бæхст. Иæхи хъæумæ йын цæуæн нæ уыдис. Ирыстонмæ ссыдис Ермизины ус дæр, æфсæддон хицауадæй куырдгга, æрцахсут, дам, уыцы лæгмары. Æфсæддон хицауад адæмæн фехъусын кодта, фыдгæ- нæг Æмбалты Хъауырбеджы, дам, чи æрцахса, кæнæу кæм æмбæхст ис, уый чи бацамона, уымæн ратдзыс- тæм 200 сомы. Хъобайнæгтæ зыдтой Хъауырбеджы хабар, йемæ- иу сусæгæй бадгæ дæр фæкодтой, хъахъхъæдтой йæ. Фæлæ дзы иу нымудзæг разынд. Уый паддзахы æф- сæддон хицауадæй æхца райста æмæ сын загъта, ахæм æмæ ахæм бон, дам, Хъобаны хъæугæрон уыдзæн хъæугуывд. Æз фыдгæнæджы уырдæм æрбасайдзы- !»æн. Æрмæст мæныл гуырысхо цæмæй ма уа, уый тых- хæй-иу æй иучысыл фынгыл абадын бауадзут, стдей, цыма æнæнхъæлæджы æрбацыдыстут, афтæ сараз- дзыстут хъуыддаг. Нысангонд бон гадзрахатæйцæуæг бацыд Хъауыр- бегмæ, хъæубæстæ, дам, мæ дæумæ рарвыстой, ма тæрс, нæ куывдмæ рацу, фæсивæдæй хъахъхъæнджы- тæ сæвæрдзыстæм. Æмбалы-фырт фæгуырысхо, æмбæхст куы дæн, уæд мæ ахæм ранмæ куыд хонынц, зæгъгæ, фæлæ «нæ» зæгъын йæ сæрмæ не ’рхаста. Фæцæуынц хъæугæрæтты. Куывды фæзмæ куы баввахс сты, уæд Хъауырбег дзуры, ды, дам, чысыл раздæр цу, цынæ вæййы. «Хонæг» куы фæразæй, уæд салдæттæй иу йæхи нал баурæдта, æвæццæгæн, мæхæ- дæг æй æрцахсон, зæгъгæ, йе ’мбæхст бынатæй рагæпп кодта: «Дæ къухтæ хæрдмæ сис!» Хъауырбег хъæды- рдæм йæхи фехста, нæмыг йæ сæрты аивгъуыдта. Фæ- лæ йæхæдæг тынг рæстдзæвин уыдис æмæ фыццаг æх- стæй гадзрахатæйцæуæд|жы афæлдæхта. Уыйфæстæ хъæды арфмæ лидзгæйæ тæрсæнгæрæхтæ кодта æмæ салдæттæм дзырдта: 86
— Сымах ницы аххосджын стут, уæ амарын мæ нæ фæнды, фæлæ куынæ аздæхат, уæд мын æндæр гæнæн нал уыдзæн. Мæ нæмыг та, бауырнæд уæ, мæиг нæ кæны. Аирвæзт Хъауырбег. Гуырдзыстонмæ ахызт, уыр- дыгæй та Туркмæ. Цæмæй зыдта, мæгуырæг, Уæрæ- сейы уыцы æиамонд дуг бирæ нал ахæсдзæн, уый. ХЪУЫСАТЫ КЕМАЛ Æртиссæдз азæй фылдæр цыдис Кемалыл. Сове- тонЦæдисæй Туркмæ туристтæ цæуын куы байдыдтой, уæд-иу сæ кæддæриддæр бацагуырдта: кæд, дзы ирæт- тæ ис. Æмæ-иу сæмбæлд ардыгон ирæттыл, стыр цин сыл кодта. Иуахæмы та ирыстойнаг туристтæ уым уыдысты. Ссардта та сæ Кемал æмæ сын лæгъстæ кодта: «Мæ- нæ уын мæ адрис, æмæ ма Ирыстонæй ардæм исчи куы цæуа, уæд мын иу армыдзаг сыд^жыт æрбаласæд. Бирæ нал фæцæрдзынæн, мæ фыдæлты райгуырæн бæстæ нæ фенгæйæ мæ адзал кæйдæр зæххыл æрцæу- дзæн,— дзырдта кæуынхъæлæсæй лæг.— Уый стыр бæллæх у. Гъемæ уæ исчи йæхицæн .уыцы удыбæстæ скæнæд, æмæ ма ацырдæм цæуæг куы фæуа, уæд мын ирыстойнаг сыджыт рарвитæд. Куы амæлон, уæд мын фыдæлты зæххæй мæ ингæны уыцы уырзыдзаг уæд- дæр ныккæной». Уыцы ныхæстæм бæлццæттæй бирæты зæрдæтæ суыигæг сты. Скуыдта Къусраты Зойæ дæр, халсарты æмæ дыргъты иугонды кусæг, къухтыкæлмæрзæнæй йæ цæссыгтæ сæрфы. Уæд ын Кемал йæ къухтыкæл- мæрзæнмæ лæбурæгау фæкодта, йæ риумæ йæ æрбал- вæста æмæ цыдæр цинхуызæй загъта: — Уæ, дæ цæрæибон бирæ уа, чызг! Нал дын æй ратдзынæн. Куы амæлон, уæд мæ ингæнмæ ирыстой- наг цæссыг афтæмæй уæддæр ахæссон... 87
Кемал федта Ирыстон. Æртæ мæйы дзы фæци. Медицинæйы кусæг Маккæты Венерæйæн йæ цæрæн- бон бирæ — уый руаджы. Венерæ туристон балцы Турчы уыдис, Кемалыл сæмбæлд, æмæ та уыи йæ сагъæстæ куы кодт’а, уæд æй Венерæ Ирыстонмæ æр- бахуыдта. — Пысылмон адæмæй хадзы скæнынмæ цытджын Меккæмæ ацæуын йæ къухы кæмæн бафты, уый йæхи амондджын фæхоны,— дзырдта Кемал.— Мæнæн та Ирыстон цыфæнды Меккæйæ дæр кадджындæр у, æмæ мæхи æппæт хадзытæй амондджындæр хонын. КЪНАТАТЫ МÆХÆМÆТ Мурат ам куы уыдис, уæд æм иубон Олгинскæйæ не ’рвад Зауыримæ æрцыд ацæргæ лæг Кънататы Мæ- хæмæт æмæ уазæгæн йæ хабæрттæ фæкодта. Фыццаг дунеон хæсты азты Уæрæсемæ, уыимæ Ирыстонмæ дæр æрбафтыд бирæ туркаг сывæллæттæ. Чи дзы сидзæрæй баззад, чи тохы рæстæг йæ ныййар- джытæй фæхицæн, мах хæстонтæ сын тæригъæд код- той æмæ-иу сæ семæ рахуыдтой. Гъе а&тæмæй æрбафтыд Мæхæмæт дæр чысыл лæппуйæ Кънататæм, æмæ йæ уыдон сæхиуыл ныф- фыстой. Мæхæмæт хъуыды кодта йæ хъæуы ном — Мус, йæ мады, фыды, æфсымæрты, хоты нæмттæ, ранымадта сæ æмæ куырдта уазæгæй сæ бацагурын. Иу-цалдæр мæйы рйцыдис, афтæ Мурат писмо æр- барвыста, Мæхæмæты бинонты, дам, фæцагуырдтон, фæлæ никуы æмæ ницы, æвæццæгæн дзы ничиуал ис. Хабар Олгиискæмæ фехъусын кодтон. Фæсагъæс кодта, мæгуырæг, Мæхæмæт, уæдæ цы уьтдаид: æна- хъом сабийæ кæйдæр бæстæм рафт æмæ дæ ныййар- джыты, æфсымæрты, хоты мысгæйæ базæронд у. Стæй 88
дын æнæнхъæлæджы се ссарынæн фадат фæуæд æмæ сæфгæ дæр афтæ æнæнхъæлæджы æрбакæнæд уыцы фадат! Уалынмæ та цалдæр мæйы фæстæ Туркæй ног пис- мо: «Мæхæмæтмæ хæрзæггурæггаг фæу, йæ дыууæ æфсымæры йын ссардтон, уыдон дæр æй хъуыды кæ- нынц. Ие ’фсымæртæн дыууæйæн дæр ис бирæ цот. Иуæн дзы æхсæз фырты æмæ цыппар чызджы, иннæ- мæн та æртæ фырты æмæ фондз чызджы». Хабар мæнæн дæр ахæм æхсызгон уыдис, раст цы- ма мæхи æфсымæрты ссардтон. Тилифонты станцæмæ фæдисæй бадзырдтон, Ол- гинскæйæ, зæгъын, фыццагдæр дзуапп чи ратта, уый мæм байхъусæд. Дзуапп мын радта колхозы правле- нийы кусæг Колыты Дунетхан. Æвæццæгæн мæ салам раттын дæр айрох, афтæмæй дзурын: — Дæ хорзæхæй, æвæстиатæй Кънататы Мæхæмæ- ты ссар æмæ мæ тагъд фенæд. Тæккæ абон... — Æмæ ма йæ куыд ссарон, æрæджы амард... Фыркатайæ мæ къухыфыдтæм дæндагæй фæцæй- лæбурдтон. Цымæ цæмæн ахæм æгъатыр разыны иу- æй-иуты хъысмæт? Æртиссæдз азы дæргъы æфсымæр- тæ кæрæдзийæн ницы зыдтой. Ныр мæнæ цалдæр мæ- йы фæстæ сæ иу иннæмæй писмо райсдзæн, стæй та æмбæлгæ скæндзысты, зæгъгæ, афтæ Мæхæмæт æвип- пайды амард! Уæддæр ма сын æз Туркмæ йæ къам арвыстон, фæстаг хатт кæй систа, ахæм сурæт, бухай- раг худы. Чысыл сабийæ рафтыд кæддæры Мехмет, æмæ ныр дæсгай азты фæстæ йæ фыдæлты уæзæгмæ зæронд лæгæй «æрбаздæхт». Сурæтæй, гæххæтты гæ- базæй. Цæргæ дæр кадджынæй фæкодта Мæхæмæт, иы- гæнгæ дæр æй кадимæ бакодтой йæ къабæзтæ, сых- бæстæ, хъæубæстæ. Олгинскæйæгтæй афтæ никуы ни- чи ахъуыды кодта, ай махырдыгон нæу æмæ йæ ирæттæй дæлдæрыл нымайон. 89
— Лæг уыд Мæхæмæт, æнæхъæн лæг,— дзырдта мын йе ’рвад Кънататы Уырызмæг. — Иæхицæй сæрæндæр æмæ æгъдауджындæр би- рæ нæ уыдис,— загъта мын йе ’мхъæуккаг Дзулаты Батджери.— Туркæй ’йæ Кънататы Сæудженыхъо æр- баласта. Уымæн йæхицæн цот нæ уыдис, фæлæ ныр Мæхæмæты руаджы Сæудженыхъойы хæдзарвæндаг бабирæ ис. Туркаг сидзæры ирон адæм суазæг кодтой, сæхи- уыл æй банымадтой, зæгъгæ, уыцы ныхæстæм гæсгæ мæ зæрдыл æрлæууыд, Турчы уæвгæйæ мæ-иу куыд фарстой ,уый: «Иннæ адæмтыхаттытимæ уын цавæр ахастдзинæдтæ ис? Махæн ам афтæ куы дзурынц, Кавказ баззад куыд географион бынат, æндæр дзы кавказагæй ницуал ис, уырыс сæ Сыбырмæ фæхастой æмæ дзы сæхæдæг æрцардысты. Кавказæгты сæхи æв- загыл дзурын иал уадзынц æмæ йæ ферох кодтой. Афтæ се ’гъдæуттæ дæр». Цы уын загъдæуа, уыцы иугай дам-думгæнджытæ? Æз дæр кавказаг дæн, ирон, æмæ уын цæмæйфæнды- дæр сомы кæнын: мæиæ цы хабæрттæ кæсут, уыдон ирон æвзагыл фыст сты. Уæдæ фыссын чи зоны, уый, æвæццæгæи, ныхас дæр кæны уыцы æвзагыл. Чи зо- ны, уыйас рæсугъд нæу ме ’взаг, фæлæ мын æрдз фылдæр курдиат кæй нæ радта, уым уырыс ницы азымджын сты. Афтæ зæгъут, кавказæгты Сыбырмæ фæхастой. Уæллæгъи, ацы рæнхъытæ Сыбыры нæ, фæлæ мæ райгуырæн Ирыстоиы фыссын. Чиныг дæр ам рацæу- дзæн. Кæронæй ма йæм-иу æркæсут. Уым фыст уы- дзæн, чиныгуадзæн «Ир»-ы уагъд кæй у, уый. Чиныг- уадзæн куыд хуыйны, уый дæр хъусут? — «Ир». Ома кавказæгты сæхи æвзагыл дзурын æмæ фыссын ничи хъыгдары. 90
Кавказæгтæ, дам, се ’гъдæуттæ дæр ферох кодтойг уырыс сæ кæй æлвасынц, уый аххосæй. Бауырнæд уæ, ничи нæ æлвасы, ницы дзы ферох кодтам. Цæмæй уæ бауырна, уый тыххæй уын мæнæ замманай дæнцæг: ацы хабæрттæ фьгссын ноябры фæс- таг бонты, бæркады бæрæгбоны тæккæ фæстæ цы къуы- ри вæййы, уый рæстæджы. Æмæ ивгъуыд къуырийы алы бон дæр Ирыстоны æппæт хъæуты æмæ горæтты адæмы хæдзæртты уыдис минас. Физонæгæй райдай æмæ ирон бæгæныйы онг. Уый уыдис бæркады æмæ адæмты хæлардзинады бæрæгбон. Ома махмæ адæм- ты саутыл, буртыл æмæ урсытыл нæ дихтæ кæнынц. Удыхъæдæй сыгъдæг уæд>, æндæр цавæр адæмыхаттæй уа, уый уæлдай нæу. Гъемæ бæрæгбон кæд ирæт- ты бæрæгбон у, уæддæр фынгты уæлхъус бадтысты сомихæгтæ æмæ уырыссæгтæ, мæхъхъæлæттæ æмæ хъуымыхъæгтæ дæр — сыхбæстæ. Фæлæ нæм алыхуызон адæмтæ кæрæдзийыл æфсы- мæртау æнувыд æрмæст фынджы уæлхъус не сты. Цард» цард у, фыдбылыз, зындзинад дæр бавзарын кæны лæгæн. Гъе æмæ ахæм рæстæг махмæ алчи æр- мæст йæхи гуылы бын нæ фендзары. Æмæ та ацы хъуыддаг дæр цардæйист бæлвырд дæнцæгтæй равди- сон. Олгинскæйаг (кæддæры туркаг) Мæхæмæты кой уын ракодтон. Уыцы хъæуы ма хæсты рæстæджы цар- дысты уырыссаг зæронд лæг æмæ ус Саввæ æмæ Ли- зæ Белоусовтæ. Сæ сыхаг Гуыриаты Хъамболат хæст- мæ ацыд, йæ дыууæ æнахъом сабийы Тугъан æмæ Ир- беджы йæ бинойнаг Мамыскайы æвджид ныууадзгæ- йæ. Чысыл фæстæдæр ус дзæгъæлгæрахæй фæмард, æмæ сабитæ сидзæрæй баззадысты. Сидзæрæй, фæлæ дзæгъæлæй нæ. Ай-гъай, паддзахад сæ схастаид, на- уæд къабæзтæ, хиуæттæ, фæлæ зæронд Саввæ æмæ Лизæ фæразæй сты. Сывæллæттæ махыл ахуыр сты, зæгъгæ, сæ сæхицæй никæдæм ауагътой, кæд æххор- 91
маг рæстæг уыдис æмæ сæ къæбиц уыйас дзаг нæ уы- дис, уæддæр. Дыууæ лæппуйы дæр фæстæдæр уæлдæр ахуырад райстой. «Тыхгæнæг уырыссæгтæ» Белоусовты руа- джы. Науæд мæнæ иннæ ахæм хабар. Иурæстæг Горæт- гæрон районы Ленины номыл колхозы уыдггæн æмæ мын æй уым дзырдтой. Дыккæгæм æхсыры фермæйы машииæйæ дуцæг оператор фæскомцæдисон мæхъхъæлон чызг Мадинæ Яидиева фæрынчын. Хъуццытæ та йæм фондз æмæ ссæдз ис. Æмæ, зæгъæм, заводы кусгæйæ лæг фæрын- чын, уæд станок бауром, æндæр цы хъæуы. Фæлæ хъугæн та иу бон дæр æнæ дуцгæ нæй. Бæлвырд афо- ныл. Æмæ уыцы хæс йæхимæ райста Мæдинæйы хис- тæр æмбал коммунист Абайты Верæ. Йæхи фондз æмæ ссæдз хъугæй уæлдай дуцын байдыдта йæ кæстæр æм- балы уонтæ дæр. Иу адæймагæн цас æмбæлы, уымæй дыууæ хатты фылдæр куыста Верæ. Фос хæрздыгъд кодта. Мызд та иста, æрмæст йæхи фосæй цы æхсыр дыгъта, уымæн. Дыккаг къорды æхсыр фыста чызгæн нæхиуыл: «Кæд не ’мбал рæстæгмæ не ’хсæн иæй, уæддæр уадз æмæ куысты бæрæггæнæнтæм гæсгæ пе- мæ уа...» Мæдинæйы-иу йе ’мбæлттæ бабæрæг кодтой, рын- чынфæрсæг æм цыдысты. Йæ мызд та, цыма иу бон дæр куыстæй нæ фæцух, уыйау æххæстæй райста. Афтæ æнувыд уыдысты йе ’мбæлттæ хъомгæс Къæ- булты Федырыл дæр, иурæстæджы рынчындонмæ куы бахауд, уæд. Ленины номыл колхозы фæллойгæнджытæ сæхи мидæг уарзон бинонтæй кæй цæрынц, уымæй уæлдай хæлар ахастдзинæдтæ дарынц сыхаг республикæты æмæ суанг фæсарæйнаг адæмтимæ дæр, хъуыддагæй æххæст кæнынц цытджын Ленины фæдзæхст адæмты хæлардзинады тыххæй. Колхоз ныр къорд азы ерыс 92
кæны Цæцæн-Мæхъхъæлы Назраны районы совхоз «Экажевскийимæ». Растдæр та уыдзæн уыцы„ерыс кæ- рæдзийæн æххуыс схонын. Уымæн æмæ дыууæ хæдза- рады хорыкуыстгæнджытæ, фосдарджытæ куы сæмбæ- лынц, уæд фысымтæ уазджытæи фенын кæнынц сæ хуыздæр хуымтæ, фермæтæ, бæлвырд сын радзурынц, -æнтыстдзинад сæ къухы цæй руаджы бафты, уый. Горæтгæрон район æмæ Украииæйы Фæскарпатты Сваляны районы фæллойгæнджыты æхсæн дæр бирæ -азты дæргъы ис æфсымæрон хæлардзинады ахастдзи- нæдтæ. Ис ахæм æгъдау: кадджын уазæг йæ фысымтæм зæрдылдарæиæн ныссадзы талабæлас. Уый бæсты ук- раинаг хæлæрттæ та сæ колхозты æмæ совхозты хуымты ацы аз ныссадздзысты... ирыстойнаг картоф. Афтæ рауад, æмæ Сваляны районы зæххыты, Укрзи- нæйæн йæхи мидæг цы картофы мыггæгтæ ис, уыдо- иæй иу дæр иæ рæстмæ кодта. Иуахæмы Лемины но- мыл колхозæй бафæлварынмæ иучысыл аластой, æмæ æнæнхъæлæджы диссаджы зад æркодта. Гъе æмæ ныр фарон фæззæджы цалдæр егъау машинæйы ирыстойнаг картофы мыггаг аласынмæ ссыдысты. 1985 азы Горæтгæрон районы дæс боны дæргъы уазæгуаты уыд.ис Варшавæйы политехникон институгы хæдахуыр артистты ансамбль. Йæ дæсныйад æвдыста Ленины номыл колхозы фермæты æмæ быдырон стан- ты дæр. Уымæй дыууæ мæйы фæстæдæр та Джызæлы Культурæйы хæдзары ансамбль «Арт» Польшæмæ абалц кодта. Ансамблы ’зарæггæнджытæй иу уыдис Ленины номыл колхозы парткомы секретарь Саулагы Фидар. Цы ирон зарджытæ кодта, уыдонæн-иу поль- шæйæгтæ сарæзтой дæргъвæтин къухæмдзæгъд. Афтæ хæларæй цæрынц колхозы фæллойгæнджытæ кæрæдзиимæ дæр æмæ æндæр адæмтимæ дæр. Æмæ сæ тых, сæ хъару, сæ куысты стыр æнтыстдзинæдтæ дæр уый руаджы сты. 93
Æниу мæнæ Мæздæджы районы Веселæйы хъæуьи цы хабар фехъуыстон, уый та! Ацы районы колхоз «Сырх Ирыстон»-ы парткомы секретарь Илья Медведевимæ ныхас кодтам сæ хæ- дзарады хъуыддæгтыл. Газеты арæх вæййы ацы кол- хозы кой, бирæ æнтыстдзинæдтæ йæм ис. Иæ сыгъдæг æфтиæгтæ æрвылаз схæццæ вæййынц милуан соммæ. — Ай-гъай, куысты раззагдæр фæрæзтæй кæй пай- да кæнæм, нæ хъуыддæгтæ уый руаджы хорз цæ- уынц,— дзырдта секретарь,— фæлæ не ’нтыстдзинæд- ты сæйрагдæр бындур у, колхозонтæ сæ иумæйаг хæ- дзарадыл уарзон бинонтау æнувыд кæй сты, уый. Ссæдз адæмыхаттыты минæвæрттæ кусы хæдзара- ды: ирæттæ, уырыссæгтæ, кæсгæттæ, цæцæйнæгтæ, не- мыцæгтæ... Фæлæ се ’ппæт дæр сæхи хонынц ирон хъæуæй — веселæйæгтæ. Рагон стыр бинонтæ иумæйаг бæстыхайы куыд цардысты, афтæ адон дæр сæ цæрæн- бынæттæ — хъæу Веселæй, хутортæ Комарово æмæ- Ново-Георгиевский баиу кодтой колхоз «Сырх Ирыс- тон»-ы æмæ дзы фæрнæй цæрынц, кусынц. Бонæй-бон- мæ кæрæдзийыл æнгомдæр баст цæуынц хæстæгдзи- надæй. Ирон лæппу кæсгон чызд^жы куры, уырыссаг хæдзарæн ис тæтæйраг хæрæфырттæ æмæ афтæ дард- дæр. Илья мын ракодта Яков Галяевы хабар. Уымæн йæ цоты хъысмæт баст у алы адæмыхаттытимæ, йæ: чызджытæн ис ирон лæгтæ, лæппутæн—ирон кайыстæ. ...Галяевты дуармæ машинæйæ рахызтыстæм. Нæ- размæ рауад саулагъз, рихиджын лæппулæг, иронау нын салам радта, мидæмæ, дам, рацæут. Ильяйы ны- хас мæ зæрдыл лæууыд, Галяевтæн ирон сиæхстæ дæр ис, зæгъгæ, æмæ мæхинымæр загътон, ацы лæппулæг сæ иу у. Фæлæ Николай разынд сæхи лæппу. Уатмæ бахызтыстæм, хистæртимæ базонгæ дæн.. Хæдзары хицау Яков Галяев, йæ бинойнаг — Мария Курьянова. Яковыл дыууæ æмæ æртиссæдз азы цы- 94
дис уæд, зæронд нæма уыдис, фæлæ йыл цард, хъыс- мæт сæ уæззау фæд кæй ныууагътой, уый йæ цæсго- мыл бæрæг уыдис. ...Севастополы карз хæсты 1943 азы тæтæйраг лæппу Яков Галяевæн йæ цуры сармадзаны нæмыг схæцыд æмæ йын йæ дыууæ къахы дæр атыдта. Баку- мæ йæ рынчындонмæ арвыстой, дзæвгар дзы фæхуыс- •сыд, стæй 22-аздзыд лæппуйы Мæздæджы районы со- циалон æххуысы хайады æвджид бакодтой. Ардыгæй та йæ Веселæймæ арвыстой, уым дын колхозы исты куыст ссардзысты, зæгъгæ. Фæлæ йæ бон цы уыдис? Æмæ йæ тракторты бри- гады бæстыхайæн хъахъхъæнæг сæвæрдтой. Ам — йæ куыст, йæ цард. Иæ цинел — йæ дарæс, йæ цинел — йæ хуыссæигарз. Лæппу йæхимæ хъусыныл фæци, ныхас дзы нæ фе- хъуыстаис. Æмæ сагъæс дæр куыд нæ кодтаид, æрæ- джы дæр ма саджы хуызæи æнæсахъат уыдис, ныр — æмбислæг. Дзæвгар рæстæг æй уырнгæ дæр нæ кодта, цы бæллæх ыл æрцыд, уый, афтæ йæм каст, цыма рæстæгмæ фæсахъат, тагъд та ногæй йæ къæхтыл слæудзæн, фидар къахдзæфтæ акæндеæн. Фæлæ та-иу уайтагъд уыцы рухс сæнттæй йæ сагъæссаг хъуыды- тæм раздæхт. Ноджы ма йæ ныййарджытæ знаджы чъылдыммæ баззадысты æмæ, цы фесты, уый нал сбæ- рæг. Зæронд лæг Цуциты Давид трактортæн артагла- сæгæй куыста. Яковы уындæй-иу йæ зæрдæ бауазал, тæригъæд ьш кодта. Æмæ йын иубон афтæ зæ- гъы: — Кæсын Я)æм, мæ хуры чысыл, æмæ дæ ам хъæд- даг лæг рауайдзæн. Æхсæв тыгъдбыдыры астæу — зы- быты иунæг, бон дæр адæмæй дæхи æмбæхсыс. Уæдæ- мæ афтæ бакæнæм, æмæ дæ «мулк» æрбамбырд кæн, уæрдоны сбад æмæ нæхимæ цом. Бур физонæг æмæ дæ хæбизджынæй нæ дардзынæн, фæлæ, мах цæмæй 95
цæрæм, ды дæр ууыл фæраздзынæ. Дæ дарæс, дæ- хуыссæнгарзмæ зылд уæддæр уыдзæн. Лæппу æфсæрмы кодта кæйдæр бинонты батых- сын кæнын —хæсты рæстæг алчи йæхи фаг дæр нæ кодта,—фæлæ йæ зæронд лæг нал ныууагъта. Давиды бииойнаг Нинæ, сæ кæстæртæ сахъат хæс- тоныл хионау бацин кодтой, сæхицæн æй хъæбул, æф- сымæр схуыдтой. Хæлар цæстæнгас æм дардтой сых- бæстæ, хъæубæстæ дæр. Ирæттæн се ’взаг, се ’гъдæут- тæн ницы зыдта, фæлæ йæм цы уарзондзинад равдыс- той, уый руаджы йын уайтагъд тугхæстæгау систы. Уартæ та кæмæйдæр сау хабар сыхъуыст. Йæ зæ- ронд мад нырдиаг, ныхъхъарæг кодта. Яков ын йæ ныхæстæй иудæр не ’мбары, фæлæ уæддæр зæрдæ ныккæрзыдта, цæстытæ доны разылдысты. Не ’фсæдтæ та фæуæлахиз сты, цалдæр горæты знагæй суæгъд код^той, зæгъгæ, радио фехъусын код- та,— æмæ тæтæйраг йæ ног хъæубæстæгтнмæ иумæ цин кодта уыцы хабарыл... Яков куы æрбынæттон, быитон æнтъыснæг куы нал! уыдис, уæд ын хæдзары хицау дарддæр йæ зæрдæйьи ныфс уагъта. — Лæг куы цæра, уæд ыл исты зындзинад æрцæ- уы,— дзырдта йын иухатт Давид.— Æмæ дзы хъуамæ- цудгæ ма кæна. Гъемæ ды дæр, мæ хур, фидар фæ-- лæуу. Стæй æрдз цы домы, уый дæр кæкын хъæуы.. Дæхи зæрдæ де ’вдисæн, мах дæ нæхиуыл банымад- там, цы нæм уа, уый дæу дæр уыдзæн. Фæлæ дæ уæд- дæр бинонты хъуыддаг бакæнын хъæуы. — Бинонты хъуыддаг...— зæрдæсастæй загъта* Яков.—Æмбислæг кæй хъæуы. Бæлас æнæ уидагæй: цы уа, адæймаг дæр æнæ къæхтæй уый у... — Хатыр, мæ хæлар, æз дын хуыздæр зондылхæсг æнхъæл уыдтæн,— фескъуыдта йын йæ ныхас Да- вид.— Къах та циу? Мæнæ мæнæн салам куы фæдæт- тыс, уæд мын мæ къæхтæм фæкæсыс æви мæ цæсгом- 96
;мæ? Ай-гъай, мæ цæсгоммæ. Иæ къах чи куыд исы, уымæ гæсгæ йын нæ аргъ кæнынц адæм, фæлæ пæ зонд, йе ’гъдаумæ гæсгæ. Дæ зонд та — хуыцауæй ра- зы — дæхимæ. Зæронд лæджы ныхæстæ Яковы зæрдæйы арф ныххызтысты, ныфс дзы бауагътой. Æмæ ма йын иу- цасдæры фæстæ сæ хъæуккаг Дзебойты Алыксандр дæр ус курыны кой куы бакодта, уæд сразы. Алыксандр уый ^размæ Стъараполы крайы хъæу Степнойы цардис. Йæ хæлар сыхæгтæ Курьяновтæм уыдис ссæдзаздзыд чызг Мария. Хæрзконд, хæрзæгъ- дау, бонзонгæ. Кусгæ та кодта комбайнерæй. ...Курьяновты хæдзары ныхас уыдис æргом æмæ цыбыр. Алыксандрыл æууæндыдысты, зыдтой, йæ зæр- дæ сын хорздзинад зæгъы, уый. Лæппу æмæ чызг дæр фыццаг фендæй кæрæдзи зæрдæмæ фæцыдысты. Нырыккон гуыпп-чыидзæхсæв сын нæ уыдис: рæс- тæг, фадæттæ нæ амыдтой. Æмæ уайтагъд Веселæймæ рацыдысты. Дыууæйæ дæр колхозы куыстой, хæдзар аразын байдыдтой. Фæзынд сын сывæллæттæ. Цогы хистæр Александрæ ныртæккæ йæхæдæг у æртæ са- бийы мад, кусы колхозы сывæллæтты рæвдауæндопы, йæ лæг Дзокаты Сергей та шофырæй колхозы. Яков æмæ Марияйы фырт (Галяевты цоты нымай- дзынæн хистæрæй кæстæрмæ) Николай, колхозы хъомгæс, бинойнагæн равзæрста польшæйаг чызг На- дяйы. Ис сын æртæ сывæллоны. Иинæ фырт Барис куысты бафæзмыдта йæ хистæр æфсымæры, уыимæ хъомгæсæй кусы, фæлæ бинойнаг хæстæгдæрæй рав- зæрста—сыхаг республикæйæ, кæсгон чызг Маринæ Бесленеевайы. Хъомгæстæ Галяевты æмрæнхъ, æфсадæй сыздæх- гæйæ, æрлæууыд се ’фсымæр Георги дæр. Йæ биной- наг, уырыссаг, Наташæ Мацерова та кусы йæ ходыгъд Александрæимæ колхозы сывæллæтты рæвдауæндоны. Георги æмæ Наташæйæн фæзынд сывæллон. 4 Æцжгжлон бæстж ,97
Галяевты чызг Лидæ у базарады кусæг, мой скод- та йе ’мкусæг Икъаты Тамерланмæ. Йæ хо Аня та хуыйæг у, цæры Ногиры йæ лæг Джиоты Таймурази- мæ, сты æртæ сывæллоны хицау. Хоты кæстæр Таисæ дæр хуыйæгыл сахуыр кодта, цæры Хуссар Ирыстоны. Иæ лæг — фосы дохтыр Æл- борты Мулдар. Ис сын дыууæ сабийы. — Чындзхаст, чызгæрвыст уæм кæцы адæмы æгъ- даумæ гæсгæ вæййы? — фæрсын хæдзары æфсины. — Нæ ног хæстæджытæй алчидæр йæхи хæдзары йæхирдыгонау фæкæны хъуыддаг,— загъта Мария,— Яков æмæ æз та уыцы-иу хæдзары, иу биноитæ уæв- гæйæ, æмбис тæтæйраг — æмбис уырыссаг æгъдæуттæ куыд кодтаиккам? Стæй нæ алыварс хъæубæстæ, сых- бæстæ — ирон адæм. Афтæ зæгъæн ис, æмæ нæ цот дæр сирон сты, сыгъдæг дзурынц иронау, зонынц æгъ- дæуттæ. Уымæ гæсгæ нæ чындзхаст, нæ чызгæрвыст дæр вæййынц ирон æгъдæуттæм гæсгæ. Уæвгæ дзы уæлдай та цы ис, хъуыддаг хъæлдзæг, рæсугъд уæд æндæр. Æмæ нæм кæддæриддæр афтæ вæййы: фæн- дырдзагъд, кафт, зарджытæ, гаджидæуттæ, минас æнæ дзол гъо- м о л гъойæ. — Авд лæппуйы æмæ иунæг чызг! — скуывтой иу кæддæр чындзæн, йæ ног хæдзары къæсæрыл куы хызт, уæд. Ома æдæппæт аст сывæллоны. Æз иæ~ уыдтæн Марияйы чындзæхсæвы æмæ нæ зонын, куыд ын скуывтой, уый, фæлæ йыл ахæм куывд æрцыд, аст сывæллоны ныййардта. Æрмæст иу хъуыддаджы «йæ- хи фæнд атардта»: авд лæппуйы æмæ иу чызджы бæс- ты йын ис цыппар лæппуйы æмæ |цыппар чы- зджы. «Бæлас æнæ уидагæй цы уа, адæймаг дæр æиæ къæхтæй уый у». Æрыгон уæвгæйæ, зындзинады ба- хаугæйæ, адæмты æхсæн æфсымæрон хæлардзинацы тых нæма бафæлвæрдта, афтæмæй загъта Яков Га- ляев ацы ныхæстæ. Фæлæ йæ веселæйæгтæ хи хъæ- 98
булау, æфсымæрау сæхимæ куы æрбахæстæг кодтой, уæд бамбæрста: уадæй цы бæлас фæцуда, уымæн йæ •сыхæгтæ фидар куы уой æмæ йæ афæлдæхын куынæ <бауадзой, уæд та ногæй сфидар уыдзæн. Мæнмæ гæсгæ, æрмæст ацы цалд^æр цауы дæр хорз æвдисыиц, куыд цæрæм æмæ нæм цы удыхъæд ис, уьгй. Гъемæ-иу, Турчы уæвгæйæ, нæ царды хабæрттæ куы дзырдтон, уæд сыл зæрдиагæй цин кодтой уыр- дыгон адæм. Фæлæ, дам, дидинджыты хуымы сындз дæр æрзайы... Иубон мæ куысты тилифоны дзæнгæрæг райхъуыст. — Мурат дæ? — фæрсы чидæр. — Æз дæн. — Æз та Цъæхилты Илас дæн. Брутаг, фарныхъæуккаг Цъæхилтæй кæйдæрты зо- иын, фæлæ дзы Илас нæ хъуыды кодтон æмæ загътон: «Хъусын дæм». Илас, æвæццæгæн, бамбæрста, кæй йæ нæ хъуыды кæнын, уый æмæ зæгъы: — Æз Туркæй æрбацыдтæн, уырдыгон дæн. — А-а, бахатыр кæн, æвæццæгæн, фалæ нæ сæм- бæлдыстæм... — Сæмбæлдыстæм, дæ хæрæфырт Хъуыбад/гы Огъуызмæ бадтыстæм. Фæлæ мæ ныр дæ фенын тынг фæнды, æмæ дын кæд фадат ис, уæд-ма рацу. йæ фысым Островскийы уынджы цæрæг Цъæхил- ты Рамазан уыдис, æмæ фынддæс-ссæдз минуты фæс- тæ уым уыдтæн. Илас къæсхуыртæ л&г у. Иæ хъæбысы мæ ныккод- та, стæй уæд загъта: — Уæллæгъи, Турчы æппæт ирон ад|æм дæр дыл тынг фæхъыг кодтой. Уым ахæм кой ауагъдæуыд, Туркмæ, дам, кæй æрбацыд æмæ капиталистон бæстæ- йы граждæнтимæ хионхуыз, хæлардзинады уагыл кæй æмбæлдис, уый тыххæй йæ коммунисттæ сæ газетмæ 99
кусынмæ нал бауагътой, стæй йын æппындæр ницуал куыст радтой æмæ æххормагæй амард. Уымæй размæ ма Ирыстонæй дыууæ къорды Тур- чы туристон балцы уыдысты, æмæ мын дзы зонгæтæ чи уыдис, ахæмтæ дзырдтой, ирæттæй, дам, кæуыл сæмбæлдыстæм фалæ, уыдон фарстой, мæнæй уьш æгас у? Фæстаг хатт æй кæд федтат? Уæд бæлццæттæ дæр, æз дæр нæ бамбæрстам, цæ- мæн сæ фарстæуыд, уый. Æмæ иыр Иласы раныхасæй сбæлвырд хабар. Нæ зонын, уыцы кой чи ауагъта, уый. Фæлæ йæ цæмæн ауагъта, уый та бæлвырд у: уадз æмæ Турчы ирæттæ афтæ æнхъæл уой, коммунисттæ тугмондаг сты, уадз æмæ Ирыстонмæ ма тырной. Ацы кой ауадзæгæн мæ дзуапп раттын, стæй мæ ныхасæн кæрон скæнын фæнды хъæлдзæг таурæ- гъæй. Уыдис, дам, æгуыдзæг дохтыр. Борыхъо йæ схо- нæм. Кæй ницы æмбары, уый хъæубæстыл айхъуысти. Фæлæ гъа, лæг бынтон æртыхст, зæгъгæ, уæд-иу æп фыркатайæ баластой Борыхъомæ. Æмæ-иу рынчыны баласæг уыцы машинæйæ пырындз æлхæнынмæ ацыд... Иурæстæджы Борыхъомæ йæ хорз зонгæтæ сæ тыхст æфсымæры баластой. Тынг уæззау рьшчын кæй уыдис, уымæ гæсгæ йæ хæстæджытæ æхсæвæй-бонæй йæ цурæй нæ цыдысты. Иуæхсæв Борыхъо рады дох- тыр уыдис. Дзæвгар фæлæууыд рынчыны раз, стæй загъта, сабыр, дам, у, уæлдай тыхст нæ кæны æмæ æз дæр цæуон, мæ кусæнуаты чысыл мæ фæллад суа- дзон. Куыддæр къæлæтджын бандоны йæхи æруагъта, афтæ йæм фæфæдис сты: «Рацу-ма, уæртæ йæ улæ- фын дæр нал хъуысы!» Æрбацыд Борыхъо, рынчыны цур æрбадт, йæ къу- хы нуар ын басгæрста, исдугмæ йæм хъусæгау фæкод- 100
та, стæй сыстад, къухтæ æмраст æруагъта: «Рухсаг уæд, медицинæйы бон ын ницуал у». Сынтыл æй сæвæрдтой, кæртмæ рахызтысты, мæрдтæ кæм вæййынц, уыцы хæдзармæ йæ фæхæс- сынц. Борыхъо дæр сæ фæстæ цæуы. Дуарыл ауындзгæ гуыдыр уыдис, æмæ уый байгом кæныныл куыд архайдтой, афтæ «мард» гуыдыры гы- бар-гыбурмæ райхъал, уайдзæф кæны: «Æрра систут æви цы! Удæгасæй мæ мæрдтæм кæдæм хæссут!» Сынтыл сæрырдыгæй чи хæцыд, уый къуымæл- дзæф уыдис. Рынчыны былтæ бакъуырдта, æфхæры йæ: «Банцай, æнцад хуысс! Ды йæ Борыхъойæ хуыз- дæр зоныс, мард д,æ æви нæ, уый?! Борыхъо дохтыр куы у». Ды дæр, мæ марды кой ауадзæг, Борыхъойы уа- вæры бахаудтæ. Мæхицæй йæ хуыздæр зоныс? Нæ амардтæн. Мард фысгæ нал фæкæны. Уæдæ къæсхуыр дæр нæ хæссын. Мæ куыстæй дæр мæ ничи систа. Мæ мызд та ахæм у, æмæ кæд искуы сæмбæлæм, уæд дæ мæ бон ресторанмæ бахонын уыдзæн. Кæд фæрасыг уаис æмæ хахуыртæ нал кæнис.
СÆРГÆНДТÆ Авторæй 3 Тæдзынæгæй — цыхцырæгмæ 7 «Æнæхан» 25 Лолойы лулæтæ . 27 Фидæныл сагъæс 34 Фыдæлты уæзæг 52 Мураты фын 76 Адæймаджы хъысмæт 83 Æмбалты Хъауырбег _ Хъуысаты Кемал 87 Кънататы Мæхæмæт 88