Къоста — кæддæриддæр
Поэт — æмбæстаг
Малиты Геуæргийы поэзийы тыххæй
Ирон радзырд
«Иууыл абхазагдæр поэт»
Курдиат æмæ дæсныйад
Ирвæзынгæнæг рæсугъддзинад
Цы стæм? Цы æмæ куыд хъуамæ уæм?
Ирыстоны мæт æмæ уарзтæй
Уацхæссæг æрцæуинаг дугæй
Мифтæ фæлдисæм? Мифтæй цæрæм?
«Æд хæтæл æдули нæй»
«Цæй-ма, кæмæн кæнон зарджытæ?»
Мæрдтыбæсты фæсмон кæндзæн?
Йæхи зарæджы хурхыл лæугæйæ
«Хъазт, куывд, мыййаг, нæу»
Сугубо субъективно или Всякая всячина или Разное о разном
Поэтессæйы æрвхуыз дуне
Хъодзаты Æхсар. «Æз цæуын фалæмæ...»

Автор: Дзуццаты Х.-М.  

Теги: көркем әдебиет  

ISBN: 978-5-7534-1232-4

Год: 2010

Текст
                    Дзуццаты Хадзы-Мурат
Уынгæгбоны
сагъæетæ
литературон-критикон
уацтæ
<%>
Дзæуджыхъæу
2010


83.3(2Рос=Осет) Д-80 Дзуццаты Хадзы-Мурат Д—80 Уынгæгбоны сагъæстæ [Текст] литературон-критикон уацтæ /Хадзы-Мурат Дзуццаты — Дзæуджыхъæу: Ир, 2010 - 280 ф. Дзуццаты Х.-М. А. Горестные раздумья ISBN 978-5-7534-1232-4 В книгу вошли литературно-критические статьи известного осетинско- го поэта и ученого литературоведа Хаджи-Мурата Дзуццаты. д 4603020102-35 13__10 83.3(2Рос=Осет) М131(03)-10 © ГУП РСО-Алания «Издательство «Ир», 2010 © Дзуццаты Х-М.А., 2010 ISBN 978-5-7534-1232-4 © Григорян В.С., оформление, 2010
КЪОСТА - КÆДДÆРИДДÆР Ирон адæммæ дзæвгар ис хорз æмæ алыхуызон поэттяе, фæлæ дзы Ирыстон йæхи иууыл тынгдæр кæмæ ныуулæфыд, иууыл пара- хатдæр æмæ рæдаудæр кæмæн балæвар кодта йæ тæхудиагдæр наци- он-адæймагон миниуджытæ, йæ хæдбындур æмæ йе ’вæлхат аивдзи- над, йе ’взаджы фидауц æмæ кæлæн, уый у иунæг, иу поэт — Хетæг- каты генион Къоста. Мах бар-æнæбары дис кæнæм: цымæ искуы ахæм рæстæг уыд, æмæ Къоста кæд нæ цард, йæ хъæлæс кæд нæ хъуыст, сагъæс æмæ катай, хъизæмар æмæ тох кæд нæ кодта? Дис кæнæм, уымæн æмæ абон махæн зын бауырнæн у, зæгъгæ, искуы æнæ Къоста уыд цæрæн æмæ кусæн, уарзæн æмæ фæлдисæн. Кæд Къоста йæхæдæг дзырдта, зæгъгæ, «рагон нæртон лæгау зарын куы зонин», уæддæр зарыд, рагон нæртон лæгау, уымæн æмæ уыд æмæ у рагон, æнахуыр рагон, фæлæ, сæйраджыдæр, уыд æмæ у ног, æнахуыр ног. Стæй канд ног нæ, фæлæ ма кæронмæ, бындза- рæй райхалæн æмæ раиртасæн кæмæн нæй, ахæм. Уый алы фæлтæрæн дæр уыд æмæ у се ’мдугон, сæхи поэт. Абон, революцион рацарæзты заман, нæ царды бирæ уæззау, вазыгджын фарстытæн дзуаппытæ арæм Къостамæ. Чи зоны, абоны хуызæн мах никуыма хъуыд Къостайы сæр, йæ хъуыды æмæ йе ’нкъарæны хъару, йе ’мбæстагон æмæ йе сфæлдыстадон дæнцæг. Мах арæх æвæрдтам цæхгæр контраст Къостайы дуг æмæ нæ дуджы ’хсæн, кæрæдзийæн сæ æцæгæлон хуыдтам, мах бæлвырд кодтам, зæгъгæ, Къостайы бæллиц сæххæст æмæ ныр удæгас куы уаид, уæд фырцинæй зæххыл нал лæууид, дзырдтам, зæгъгæ, Къоста цы фыста, уый хауы æрмæст йæ дугмæ, нæ дугимæ йын ницы баст- дзинад ис. Мах бирæ цæмæндæртæн бар нæ лæвæрдтам, сæ размæ сын цæлхдуртæ æвæрдтам, бар нæ лæвæрдтам Къостайæн дæр не ’хсæн активонæй, йæхихуызæнæй, алывæрсыгæй архайынæн, ре- дакци йæ кодтам, йæ фыстытæй йын цæмæйдæрты тарстыстæм, æппæрстам сæ, мыхуырмæ сæ нæ уагътам, раст ын паддзахы цен- зурæ куыд кодта, афтæ. Уый уыд йæхирдыгонау тыхми. Къоста та цæрæнбонты уыд тыхми æмæ фыдгæнды ныхмæ, кæддæриддæр сын сæ риумæ йæ риу уæндонæй дардта — йæ дуджы дæр æмæ нæ дуджы дæр. Ай-гъай, Къоста ирон адæмы разæнгард кодта, цыд сæ разæй 3
революцийы цæхæрмæ, социализмы арæзтадмæ, фашизм ныддæ- рæн кæнынмæ, фæлæ уыциу рæстæг йæ маст æхсыст, йæ зæрдæ уынæргъыдта, хъæууон адæмы сайраг æмæ сафинаг куы кодтой, сæ дарæг зæххæй сæ куы тардтой, адæмы хуыздæр хъæбулты куы мар- дтой, сталинон лагертæм сæ куы хастой, бирæ рæстзæрдæ адæй- мæгтæ æнаххосæй, æназымæй æфхæрд, ссæст æмæ цъист куы бай- йæфтой, уæд. Къостайæн йæ бæллиц уыд социализм — æппæтиумæйаг аргъуан, хæлар куыст æмæ æмбаргæ тохы аргъуан, фыдæвзарæн æмæ тугкалд кæм нæй, сыгъдæг намыс, рæстдзинад, рухсад, сæрибар æмæ уарзт кæм ис, ахæм аргъуан. Хъыгагæн, уыцы бæллиц нырма нæ сæх- хæст. Къоста фыста: «Талынг къазармайы къуымы-иу батулдзæн. Сау хъæмп — йæ гобан йæ баз», æмæ ноджыдæр: «Лæгдзарм тæнæг у. Æлдар фыдлæг у, Мæлын кæй фæнды?» Мах цы социализм са- рæзтам, уый уыд къазармайон кæнæ æлдарон, феодалон социализм, æмæ дзы ныр хъуамæ саразæм æцæг социализм, Къоста кæмæ бæл- лыд, ахæм социализм. Зындгонд у Къостайы ахаст бардзмæ. Цы сты бардз Къостамæ гæсгæ? Уыдон сты сæрхъæн æмæ хæлæг, æдзæсгом æмæ дыдзæсгом, хахуыргæнæг æмæ нымудзæг, уæййаг æмæ уæйгæнæг, мæнгдзурæг æмæ мæнгард, хипайдайы хотыххæсджытæ æмæ цæрæгойон монцты цагъартæ. Чырыстийæн тæккæ знон дæр ма йæ номыл кодтой кады зарæг, уыдтой дзы се скаст, се ’нхъæлцау, фæлæ йæ ныр куы ’рцах- стой, уæд æм Пилаты галуаны раз лæбурынц тугмондаг балбирæгъ- тау. Цæй тыххæй? Кæй уыд дунейы сæрыл хаст, Кæй тыдта ’фсымсердзинад, уарзт, Кæй сидти ног цардмæ хъседдыхсей. Сæрибар, рухс кæй домдта алкæм?! Цæмæн? Цæй тыххæй? — бардзмæ ахæм фарст нæй, уымæн æмæ хорз æмæ æвзæр, раст æмæ зылын, æцæг æмæ мæнг кæрæдзийæ хицæн кæна, уый йæ бон нæу. Бардз фестъæлфыд, хуьщауæнгæсыл Сæ цæнгтæ сцагътой, æмæ уæд Тыхджын хъæддаг хъыллистп — «Мæлæт!» — Æвиппайд айзæлыди фæзыл. Сæнтдзæфты ма æндæр цы хъуыди, — Куы нæ сæ иргъæвы сæ хъуыды, — Пилатмæ карзæй хъæр кæнынц: — Ныттындз æй тагъд, ныттындз, ныттындз! Махæн нæ зæрдыл æрлæууынц 30-æм азты æвирхъау цаутæ. Егъау дзыллон æмбырдтæ æмудæй æмæ æмхъæлæсæй домдтой мæлæт, адæ- мы амондыл йæхи сæрысуангæй нывондæн чи хаста, уыдонæн. Къостайæн адæм не сты бардз. «Адæмы фарнæй къæдзæх дæр 4
ныннæры», — зæгъы Къоста. Фарн ис адæммæ, — бардзмæ фарн нæй. Махæй скодтой бардз, фæлæ хъуамæ суæм адæм, æцæг адæм. Къоста æгæрон аргъ кодта сæрибарæн, фæлæ алы сæрибарæн нæ. Уый фаудта, æфхæрдта «хъæддæгты сæрибар», йæ ныхмæ йын æвæрдта «æцæг сæрибар», адæм æмæ адæймаджы алывæрсыг про- гресс чи ифтонг кæны, уыцы сæрибар. «Хъæддæгты сæрибар» — цы дæ фæнды æмæ дæ куыд фæнды, афтæ кæн, адæймагон дæ æви æнæадæймагон, аразæг дæ æви халæг, уымæй дæхи ма фæрс, ууыл дæхи ма тыхсын кæн. «Æцæг сæрибар» та домы ахъаззаг бæрн адæ- мы раз, иумæйагадæймагон моралон хæзнаты раз, домы хъæддаг нæ, фæлæ цивилизацион демократизм, æгъдау æмæ фæтк. Адæймаг хъуамæ уа адæймаг, æцæг адæймаг. Махмæ фæзынд ахæм еууаг пахуымпартæ, афтæ чи дзуры, зæгъгæ, алчи дæр йæхи барвæндæй йæхицæн æвзарæд наци, æвзарæд райгуырæн бæстæ, æвзарæд мадæлон æвзаг. Ау, куыд ис гæнæн, æмæ адæймаг сæрибар уа йæ нацийæ, йæ райгуырæн бæстæй, йæ мадæлон æвзагæй! Уый у адæймаджы æнусон, арфæйаг æрдзыхъæды ныхмæ. Уымæн кæд сæ- рибар схонæн ис, уæддæр у хъæддæгты сæрибар, бардзы сæрибар. Æцæг сæрибар, Къостамæ гæсгæ, адæймагæй домы, цæмæй йæхи уæгъд кæна зæронд мæлинаг цайдагътæй, фидиссаг уагахастæй, алы- хуызон æлгъаг стереотиптæй, зонд æмæ уды хъадамантæй. Æцæг сæрибар домы, цæмæй адæймаг йæхæдæг йæхи хъомыл кæна, йæхи- имæ иугæндзон тох кæна, цæмæй уыцы тохы уæлахиз кæна йæ хорз, æмæ сæтта, куынæг цæуа йе ’взæр. Сæрибар у хорз адæймаг, æвзæр адæймаг сæрибар никуы уыдзæн, уымæн æмæ у — кæддæриддæр æмæ кæмдæриддæр — йе ’взæрдзинады цагъар. Къоста йæхицæй схъомыл кодта номхæссæн адæймаг, стыр пат- риот æмæ интернационалист. Ирон адæмы уарзт æм байрæзт дуне æмæ дун-дунейы уарзтмæ, уымæн æмæ йæ райгуырæн бæстæ эгоис- тон уарзтæй нæ уарзта. Къоста йæхицæй куыд загъта: «Æгас дуне — мæ аргъуан, уарзондзинад — мæ кувæндон, у дун-дуне фыдыбæстæ мæнæн!» — афтæ алы континентыл дæр алы адæймаг дæр йæхицæй куы зæгъид æмæ æцæгæй ахæм куы уаид, уæд абон ядерон хæсты тасæй, адæймагады мæлæты тасæй нæ зæрдæтæ нæ кæрзиккой, уæд абон нæ алфамблай æрдзы уавæрыл додой æмæ æрдиаг нæ кæниккам. Къоста номхæссæн адæймаг уымæн сси, æмæ йæм уыд æцæг гу- манизм æмæ æцæг рæстдзинад. Нæй гæнæн, æмæ уай гуманист æрмæст дæхи нацийæн, — иннæ нацитæн нæ, уай раст адæймаг æрмæст дæхи нацийæн, — иннæ нацитæн нæ, æмæ иннæрдæм — уай гуманист иннæ адæмтæн, — дæхи адæмæн нæ. Гуманист æмæ раст адæймаг уарзы алы адæймаджы дæр, тыхсы йыл, ауды йыл, аргъ ын кæны, адæймаг кæй у, уый тыххæй, кæмæйфæндыдæр æмæ кæцонфæндыдæр ма уæд. Мах иугæндзон «ирон, ирон» куы кæнæм, уæд нæ аргъ кæнæм иннæ адæмтæн, æмæ иннæрдæм — мах иугæндзон «уырыссаг, уырыссаг» кæнæ «гуырдзиаг, гуырдзиаг» куы кæнæм, уæд нæ аргъ кæнæм нæхи адæмæн, ницæмæ йæ дарæм, нæ нæ ’ндавы йæ истори, йæ культурæ, йе ’взаг. Уый уымæн афтæ у, æмæ нæм нырма нæй æцæг гуманизм æмæ æцæг рæстдзинад. Махмæ уыдон куы уаиккой, Къостамæ куыд 5
уыдысты, афтæ, уæд абон сусæг-æргом не ’нхъизиккой æмæ нæ хъы- зиккой шовинизм æмæ национализм. Къоста фыста дыууæ ’взагыл — иронау æмæ уырыссагау. Фæлæ нын иу хабар хъуамæ æппындæр гуырысхойаг ма уа. Къоста æрмæст уырыссагау куы фыстаид, уæд нæ уыдаид Къоста. Къоста æрмæст иронау куы фыстаид, уæддæр уыдаид Къоста. Уый ирон классикон дзырдаивад кæй сфæлдыста, дунейы нæртондæр поэтты бæрзæндмæ йæ кæй сæргъæвта, уый у национ æмæ интернацион сгуыхт. Ирон-уырыссаг дыууæвзагондзинад махæн ныббаста нæ истори- он хъысмæт. Махæй алчи дæр хъуамæ æнæмæнг зона уырыссаг æвзаг, фæлæ махæй, ирæттæй, алчи дæр хорз, иттæг хорз куьщæ зона йæ мадæлон æвзаг, уæд нæ уыдзæн Къостайы аккаг, нæ уыдзæн Ирыс- тон æмæ дуне æмæ — ноджы уæрæхдæр — дун-дунейы аккаг. О, абон махæн зын бауырнæн у, зæгъгæ, искуы ахæм рæстæг уыд, æмæ Къоста кæд нæ цард. Уадз макуы уæд ахæм рæстæг, æмæ кæд нæ уа Къоста! Макуы уæд ахæм рæстæг, æмæ кæд нæ уой ирон æвзаг, ирон литературæ, ирон культурæ! Макуы уæд ахæм рæстæг, æмæ кæд нæ уа Ирыстон! ПОЭТ - ÆМБÆСТАГ Ацы уац ныффыстон 1966 азы. Ныффыстон æй Плиты Грисæн æрмæст йæ поэзийы тыххæй, йæ драмон уацмыстæ æмæ йын йæ тæлмацтæ нæ равзæрстон. Бæргæ, уыдон дæр ма дзы куы равзæрста- ин, фæлæ... Цы ис, уый ис. Цы нæй, уый нæй. Ай-гъай, абон нæ царды дæр æмæ нæ аивады дæр бирæ цæмæ- дæртæм хъуамæ акæсæм ног цæстæй, аргъ сын скæнæм ног æхсæна- дон æмæ ног эстетикон критеритæм гæсгæ. Абон Грисы поэзийы тых- хæй куы фыстаин, уæд мæ уац, чи зоны, бæрæг æндæрхуызон уыда- ид. Фæлæ, зæгъгæ, цæхгæр аивтаид, — а-да-гъа, 1966 азы дзы цы загътон, уымæ нæ фæцагайдтон, куыд уыд, афтæмæй йæ ныууагътон. Кæд æй раджы ныффыстон, уæддæр, мæхимæ гæсгæ, зæронд нæу. Автор Плиты Грисы сфæлдыстадон фæндаг вазыгджын у, кæмдæрты гакъон-макъонтæ. Уымæн ис алыхуызон — объективон æмæ субъек- тивон аххосæгтæ. Фæлæ, æмткæй райсгæйæ, фæндаг иугæндзон цæуы размæ, адæймаг æмæ поэзийы мидис бæлвырддæр, арфдæр бамба- рынмæ. Поэты биографи уæрæх у æмæ йын йе ’ппæт факттæ, йе ’ппæт идейон-аивадон фæрстæн анализ скæнон, уымæ нæ рабастон мæ гæрзтæ, — мæ хæс уæлæнгайдæр, къуындæгдæр у. Мæн æрмæстдæр фæнды, цæмæй саразон Грисы биографийы сæйраг хайæн — йæ по- эзийæн — чиныгæй-чиныгмæ йæ рæзгæ-ивгæ фæлгонц. 1 Уацæй мыхуыр кæнæм скъуыддзæгтæ. 6
* * * Грис райгуырд Хуссар Ирыстоны Ручъы хъæуы, 1913 азы. Уым йæхи куы базыдта, уæд йæ алыфарс федта æмæ цæрæнбонтæм ба- уарзта хæхты тызмæг æмæ рæсугъд æрдз, сау айнæг къæдзæхтæ æмæ цъæхбын цъититæ, уæлхох уыгæрдæнтæ æмæ тæлтæг цæугæдæттæ. Уым, Ручъы, йæ мады æхсыримæ бададта ирон рæсугъд ныхас, ирон уæздан æгъдæуттæ, ирон сæрыстыр лæджыхъæд. Йæ мад Хæныкъаты чызг Масо кæсын-фыссын зыдта иронау, гуырдзиагау, уырыссагау. Уыдис æм Къостайы «Ирон фæндыр» ныв- тимæ уагъдæй æмæ йæ хъуыды кодта æнæкæсгæйæ. Чысыл саби цы- мыдис у, зæрдæргъæвд, æмæ йын Масо амыдта Къостайы æмдзæв- гæтæ. Къостайы æмдзæвгæтæ йеддæмæ ма Ручъы уæлыгæс сабитæ хъуыс- той æмæ зыдтой адæмы конд æмдзæвгæтæ дæр. Грис ма дзы ныр дæр хъуыды кæны иу æмдзæвгæ: Фыййау фос хизы, Сæгъ хуыммæ лидзы, Фыййау сæгъы суры Æмæ йæм дзуры: — Дзсегъæс, дзæгъæс, Мæ тæригъæд фæхæсс! Ам æрлæуу хæтæны, Мих æсныхса дæ тæны?1 Ручъы Грис сабийæ цы ацардис, уый йын бирæ фыдæбойнаг мы- синæгтæ ныууагъта — хæххон зынвадат уавæртæй цух нæ баззад, фæлæ уыцы рæстæг поэт хоны йæ царды тæккæ адджындæр æмæ æхсызгондæр заман. Уæд бамбæрста адæмон аргъæуттæ æмæ зар- джыты зæрдæагайæг комулæфт. Бирæ зонгæтæ, бирæ уазджытæ сæм цыдис, уæлхæдзар кæнæ мусы хъæмпы хуысгæйæ, суанг æмбисæх- сæвтæм кодтой алыхуызон таурæгътæ. 1919 азы Гристæм уазæгуаты бацыди Нигер (йæ фыд Уасил æмæ Грисы фыд Дзамболат хæлæрттæ уыдысты. Иу дзауыкоймаг æй æрба- хаста йæ бæхыл æмæ кæрты куы æрфистæг сты, уæд ын Нигер хъаз- гæмхасæн раарфæ кодта: Ардæм мæ æрбахæццæ кодтай дзæбæхæй, Гъеныр Хуыцауы бузныг фыццаг дæхицæй, стæй та дæ бæхæй! Сихор куы хордтой æмæ сын Масо арахъхъ куы нæма æрхаста, уæд Дзамболат Нигеры афарста, исты хабæрттæ цæуылнæ дзурыс, зæгъгæ, æмæ йын Нигер раздæрау худæг æмдзæвгæтæй дзуапп радта: Куы нæ фæуынын арахъхъы дурын, Уæд мæ мæ зæрдæ нæ хæссы дзурын. 1 Грисы царды хабæрттæ (сæрмагондæй кæй нæ нысан кæнон, уыдон) ист сты поэты фыстæджытæй. 7
Къостайы æмдзæвгæтæ чысыл Грисмæ æнахуыр диссаг кастысты, зæххон лæг сæ ныффыста, уый æнхъæл дæр нæ уыди! Ныр фыццаг хатт йæ разы уыдис цардæгас адæймаг, кæрæдзиуыл бадæг (рифмæ- гонд) æмдзæвгæтæ чи дзуры, ахæм. Фæстæдæр, ссæдзæм азы сæм бафысым кодта Барахъты Гино — революцийы хъуыддæгтæ йæ æрбап- пæрстой Хуссар Ирыстоны хæхтæм, фæлæ дзы Грис ницы фехъуыс- та, — Гино уайтагъд ацыдис Урстуалтæм. Къæрцхъус лæппуйы зæрдæ æнцой нæ зыдта ирон зарджыты уæлмонц —тызмæг æмæ фæлмæн-æнкъард зæлтæм. «Уæвгæ, Ручъы зарын чи нæ зыдта, уый гоцо хуыдтой! — фыссы Грис — Натлиа мæ скодта Хъониаты (Плиты) Никъайы ’фсымæр Сацино. Никъа дæр, Сацино дæр тынг дæсны уыдысты зарынмæ, суанг ма Никъайы фырт Гришæ дæр уыдонæй куы райста йæ дæсныйад. Махмæ-иу арæх уыдысты, æрæмбырд-иу сты æмæ-иу зарын куы байдыдтой — е-гъе- гъе! — тæхуды уыдонмæ ма иунæг хатт уæддæр байхъус!.. Раст мæнæ мæйдзыд уасæг фæсусæй иннæ уасджыты куыд фæфæзмы, афтæ-иу сæ фæзмыдтон æз дæр фæсаууон ран сусæгæй». Сабибонты Грисы эстетикон æмбарынадыл тынг бандæвта йæ хи- стæр æфсымæр Федыр. Фыццаг ахуыр кодта Гуры семинары, уыр- дыгæй раивта Æрыдоны семинармæ. Уыцы семинарты гуманитарон зонæдтæ, литературæ æмæ аивад хорз ахуыр кодтой. Советон дуджы каст фæцис Цæгат Ирыстоны ахуыргæнджыты институт, стæй Мæс- куыйы Сырх профессурæйы институт, уый фæстæ хъуамæ бацыдаид Ленинграды æвзагзонæн аспирантурæмæ, фæлæ фæрынчын уæззау тарнизæй æмæ 1929 азы цæрынхъуагæй амардис. 1920 азы, Гуырдзыстоны меныпевиктæ Хуссар Ирыстоны адæмы сæ фыды уæзæгæй куы асырдтой, уæд Дзамболат йæ бинонтимæ æрцарди Ногиры. Уым Грис 1923 азы бацыд цыппæрæм къласмæ (1-аг, 2-аг, 3-аг кълæсты нæ ахуыр кодта). Федыр дзы ахуыргæнæгæй куы- ста æмæ Грисы фæгæрз кодта Шекспир, Пушкин æмæ Лермонтовы уацмыстæ кæсыныл. Æрыгон лæппу иуцасдæр ацахуыр кодта Дзæуджыхъæуы 5-æм скъолайы æмæ уый фæстæ 1927 азы бацыд Цæгат Ирыстоны педтех- никуммæ. Уым байдыдта фыссын дæр — 1919 азы, 16-аздзыдæй. Фæлæ афтæ зæгъæн нæй, зæгъгæ, Грис йæ поэтикон курдиатыл уайтагъд баууæндыд æмæ йе ’ппæт хъарутæ дæр скодта поэтикон куыстмæ. Тынг æй фæндыд йæхи бафæлварын актерæй æмæ 1932 азы бацыд Мæскуыйы паддзахадон театралон институты ирон сту- димæ. Уырдыгæй куы сыздæхт 1935 азы, уæд куыста Цæгат Ирысто- ны драмтеатры артистæй. Ничи гуырысхо кодта, Грисæй дæсны актер кæй рацыдаид, ирон профессион сценæйыл ын дзæвгар кæй бантыстаид, ууыл. Фæлæ йын æрдз цы ныв скодта, уый йæхион домдта — йæ царды нысан, йæ куысты мидис уыд æмæ у поэзи. 8
* * * Цæгат Ирыстоны педтехникумы уыди райдайгæ фысджыты лите- ратурон къорд. Арæзт æрцыд 1926—27 азты ирон культурæйы æну- выд кусæг Гуыриаты Гагуыдзы хъæппæрисæй. Гагуыдзы къорд бирæ хæрзты бацыд ирон литературæйæн. Рай- дайгæ поэттæн амыдта литературон техникæ (æмдзæвгæйы бæрцба- рæнтæ, строфæ æмæ рифмæйы æгъдæуттæ). Гагуыдз ахуыргонд, æмбаргæ, культурон лæг уыдис, фæлæ уæддæр йæ рæстæджы иумæ- йагæй цы поэтикон атмосферæ æлдариуæг кодта, уымæй уæлдæр не слæууыдысты йæ къорды уæнгтæ. 20-æм азты кæрон æмæ 30-æм азты райдайæн карз кълассон тохы уавæры бирæ хъуыддæгтæ куыд æмбæлдис, афтæ æмбæрст нæ цыды- сты. Дзырддаг уыдысты нæ классикон бынтæ. Йе ’мбæстагон бартæй цух уыдис суанг Хетæгкаты Къоста дæр — чи йæ æлдæртты фарсхæ- цæг хуыдта, чи — дингæнæг мистик, чи — буржуазон националист. Критикæйы сæйраджыдæр барвæндæй цоппай кодта вульгарон соци- ологизм. Курдиат æмæ аив дæсныйад нæ уыдысты йæ сагъæсты сæ- рæвæрæн, фæлæ цахæмдæр иумæйаг лозунгтæ, революцион ура-ри- торикæ. Фысджытæ дихгонд цыдысты ныхмæлæууæг къордтыл: про- летаронтыл, æмбæлццæттыл, националисттыл. Литературæмæ сыф- цæй ласæгау кодтой æрсиддонты — заводтæ, фабриктæ æмæ хъæууон хæдзарады кусджыты, уыдонæй сфидар кæнынмæ хъавыдысты про- летарон фысджыты рæнхъытæ. Афтæмæй литературæйы хæс цасдæр бæрцæй æмбæрст цыдис иувæрсыгæй. Адæймаг йæ вазыгджын мид- дунеимæ — уый равдисыныл тынг нæ тыхстис нæ поэзи. Бæгуыдæр, уыдис нæм иугай фысджытæ, литературæйы æцæг цы хъуыдис, уый чи ’мбæрста æмæ æцæг литературон уацмыстæ чи фыста, ахæмтæ. Фæрнион Къоста дзырдта, зæгъгæ, Хуссар Ирыс- тоны ис 100-йæ фылдæр æрсиддонтæ. «Цæуылнæ сæ исчитæ рауай- дзæн хорз поэттæ, фысджытæ, стæй критиктæ дæр, фæлæ уæддæр æрсиддонтæн сæ фылдæр уыдзысты культурон чиныгкæсджытæ. (Журнал «Фидиуæг», 1931, № 10 — 11, 6 ф. Хъуылаты Созырыхъо 1930 азы Ирыстоны фысджыты 1-аг съезды бацамыдта, зæгъгæ, «ныр- тæккæйы хъуыддæгтыл фысгæйæ, рох кæнын нæ хъæуы бæлвырд аивады домæнтæ, кæннод халтурæйы фæдыл адзæгъæл уыдзысты бирæтæ, сæ уацмыстæ, се ’мдзæвгæтæ рауайдзысты уæлæнгай аги- таци, бæлвырд литературон æрмæджы бæсты рауайдзæн публицис- тикæ. (Журнал «Фидиуæг», 1930, № 10, 3). Литературæйы хæс ссмбæрстой æмæ фыстой хорз уацмыстæ Коцойты Арсен, Къубалты Алыксандр, Гæдиаты Цомахъ, Æрнигон Илас, Нигер, Малиты Ги- уæрги, Хъамбердиаты Мысост, Беджызаты Чермен, фæлæ иумæйаг уавæр уымæй нæ ивта. Æрыгон, æвæлтæрд поэт, кæд æм курдиат уыдис, уæддæр, йæ ахуыргæнджытæ йын цы амыдтой, газетты редакцитæ дзы цы домд- той, уый намысджынæй æххæст кодта. Иувæрсыг — одæйон, бæрзонд-сиддон поэзи. Йæ нысан ын афтæ бæлвырд кодта Грис — утилитаронæй, меркантилонæй: 9
Лфтид ныхæсты апп бахус, Уæнгты сæм нал хъазы туг, Поэзи, колхæдзы бакус. Абон у колхæдзы дуг. Бел, къахæн, дзæбуг, хъæсдарæг, Тракторæн, комбайнтæн зар! Гъе, уæд уыдзæни дæ зарæг Иумæйаг куыстæн хæлар!1 Хъæлæс хъуамæ иугæндзон урæд уа иууыл уæлдæр регистрыл: Гъей, зарæг, ног дуджы бартыл Нæр æмæ нæр æмæ нæр! Адæймаджы зæрдæйы хъæздыг, бирæхуызон æнкъарæнтæй иста æрмæстдæр æмæ сæйраджыдæр иу — цин («Нæ уарзæм æнкъарддзи- над, сагъæс», 95 фарс). Маяковский йæхи кæй амардта, уый тыххæй йын уайдзæф кæны, тохæй, дам, алыгъдтæ, раст, дам, нæ бакодтай, уымæн æмæ «ныртæккæ нæхимæ куы нæ ’вдæлы мах» (84 ф). Иумæйаг æмæ хисæрмагонд, типикон æмæ индивидуалон — адон кæрæдзийæ уыдысты иппæрд, кæрæдзиимæ æмдзард нæ кодтой. Аивады та, уæлдайдæр поэзийы тыхджын куы нæ уа нывгæнæджы «æз», йæ хисæрмагонд æмæ индивидуалон æвæлхатт цæсгом, уæд цардхъом нæу. Грисмæ Гæдиаты Цомахъыл иумæйаг ныхæстæй цы æмдзæвгæ ис, уымæ фæстæдæр йæхи авторон экземпляры куы ’ркаст, уæд ыл ныф- фыста: «Лæмæгъ, бынтон лæмæгъ. Нæй дзы Цомахъы цæсгом». Иумæ- йагæй дзы ис, фæлæ Цомахъыл Грис йæхирдыгонау кæй нæ ныффыс- та, уымæ гæсгæ лæмæгъ рауад. Поэтæн йæхи цæсгом кæм нæ уа, уым нæ уыдзæн, кæуыл æмæ цæуыл фыссы, уыдон цæсгом дæр. Поэт архайдта, цæмæй йæхи схицæн кæна йæхицæй æмæ ленк кæна иумæйаг одæйон уылæны. Реалистон детализаци æмæ адæйма- джы алыхуызон æнкъарæнты уæззау зилдухæнмæ не ’внæлдта. Чи сæм æвнæлдта, уыдон ныхмæ та тох кодта, йæ алыварс йæхи сыгъдæг пролетарон литературæйыл удуæлдайæ чи хъардта, уыдон хуызæн. «Рæсугъдад» куыд Гейне нæ зонын, «Уæзданад» нæ зонын куыд Фет, Мæхи æз мæ мæлæтмæ хонын Фæллойы хъæбулты поэт. Есенинау, «уынгтыл» нæ зарын, Хъахбайтыл нæ хъуысдзæн мæ зард. Куыд ленинон, фидар æмбарын, Ныртæккæ цы агуры цард. У не знаг, дæ цинад кæй уæнгты Ныхсыста хъынцъым æмæ маст. Ирон Чайлъд Гаролъдау дæ уынгты Нæ айхъуысдзæн ме ’нуд цъæхахст. (110 ф.). 1 П л и т ы Грис. «Базырджын азты». Дзæуджыхъæу, 1933, 87 фарс. Дарддæр цитаттæ ацы чиныгæй кæм хæссон, уым нысан кæндзынæн æрмæст фарс. 10
Æмдзæвгæйы сæрыстыр интонаци нын йæхи уарзын кæны, фæлæ йæ мидисы бындур мæнг у. Тынг æй не ’ндавынц поэзийы ахсджиаг традицитæ (Байрон, Гейне, Фет, Есенин), рогæй сыл йæ къух ауыгъта. Уыдонæй критикон æгъдауæй, аудгæйæ спайда кæныны бæсты поэт тырны цахæмдæр ног аивад саразынмæ, цыма ног аивадæн искуы афтид ран, æнæ ивгъуыд фæлтæрддзинадæй ис саразæн, цыма рагон замантæ æмæ ныры рæстæджы æхсæн диалектикон бастдзинад нæй. «Бакусæм ирон зарджытыл», зæгъгæ, уыцы уацы Грис фыста: «Хаз- бийы, Аслæнбеджы, Хъуыдайнаты, Тотрадзы, Чермены, Уастыр- джийы æмæ зæдты зарджытæ базæронд сты, цы цард аивгъуыдта, уыимæ. Нал сты. Нал хъæуынц. Колхæдзы иумæйаг хуым кæнгæйæ, заводы цæнгæт сырх пецты фарсмæ, шахтты хæзна къахгæйæ, ку- сæг, зæхкусæджы уыдон нал хъæлдзæг кæнынц, йæ туг сæм цы сысы, уыййеддæмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, абоны цæстæй акæсгæйæ, Къостайы зарджытæ дæр уыдонимæ нымад æрцæудзысты. Социалис- тон арæзтады хъазуатон темптæ агурынц æндæр, ног зарджытæ. (Га- зет «Рæстдзинад», 1932 азы 18 июнь). Нæ национ литературон бын- тæм йæ нигилистон цæстæнгас ноджы цæхгæрдæрæй загъта æндæр ран: «Æгъгъæд у нæ фæсивæдæн канд нæхимæ нæ, фæлæ ма сырх Мæскуыйы уынгты дæр ахæм зыгъуыммæ зарджытæ кæнын: «До- дой», «Фесæф», «Атæхæм уæлæрвты, ратæрæм хуыцæутты» æмæ æндæртæ» (Уый дæр уым, 1932 азы 23 ноябрь). Вульгарон-социологон эстетикæ — аивады æнæцæсгом иумæйаг- дзинад, æрмæстдæр цин æмæ хъæлдзæгдзинады сæрхъуызой — йæ гуымиры æхсаргардæй иу æмæ дыууæ хатты нæ ныррæхуыста Фæр- нион Къостайы, Мæскуыйы куы уыд, уæд йæ нацийы хъысмæтыл кæй асагъæс кодта, уый тыххæй (æмдзæвгæ «Æнуд цъæхахст»), Грис дæр сагъæс кæй нæ уарзта, уымæ гæсгæ разы нæ уыд Фæрнионæй æмæ, Мæскуыйæ цы фыстæг ныффыста («Мæ колхæдзон æмбæлт- тæм»), уым дæр та ракодта йæ кой: Мæскуыйы сырх уынгты Фæрни (Д) он-Кихотау «Нæ ирои нымæтыл» Нсе фæкæуын сез. Нæртон æхсар махæи Æхсиды нæ уæнгты, Цæмæй нæм æдзухдæр Уа тохæи фæрæз. (126-127 ф.). Грис йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй 1935 азы Цæгат Ирыстоны театр куы гом кодтой, уæд Фæрнионы тыххæй бакасти йе ’мдзæвгæ. Фæрнион æм йæхимæ фæдзырдта æмæ йын йе ’мдзæвгæтыл æрыф- тыдта ныхас. Фæрнион ын бафаудта йæ поэзийы иувæрсыгдзинад, йæ сæйраг хъуагдзинад. «Де ’мдзæвгæтæ æрмæст сæрæй фыссыс, — загъта йын Фæрнион. — Мæн та фæнды, цæмæй сæ зæрдæйæ тынг- дæр фыссай. Мæнæ æз мæхи кæй фесæфтон, уый æгъгъæд нæу?!» 11
Царды реалон зынтæ, алфамблайы хъуырдухæнгæнæг ныхмæ- дзыдтæ кæй ницæмæ дардта, уымæ гæсгæ йæ ныфсы стырдзинад, йæ оптимизмы фидардзинад дæр уыдысты гуырысхойаг. Æрвонг зонд æмæ рæстдзинад агурæг зæрдæ уæлæнгай прогнозтæм æмхиц нæу. Грис та 1932 азы ныффыста нæ адæмы зæрдæриссæн азæй: «Мин фараст сæдæ æртын æвдæм азы цырен калдзæн махмæ цытджын социализм» (127 ф.) Фет æмæ Есенины традицитæ чи нæ исы, уымæн æцæгæлон сты æрдзы рæсугъддзинад æмæ уарзондзинады фæйлауæнтæ. Мæй æнус- ты дæргъы лæггад кæны адæмæн, фæлæ — «фæллойгæнæг адæмы цардæй ды мæйтырдæм макуы лидз дард» (40 ф.). Æрдз æмæ йæм уарзондзинадыл цы ’мдзæвгæтæ ис («Садойнаг æхсæв», «Уарзондзи- нады фæндон»), уыдон дæр не схъарм кодта поэты индивидуалон зæрдæйы уаг. Йæхæдæг куыд иумæйаг уыд, афтæ иумæйаг ныхæстæ йыл фыс- той йæ критиктæ дæр. Чиныг «Базырджын азты», зæгъгæ, уымæн Хъараты Ибрагим скодта ахæм идейон-тематикон нывæзт: 1) Грис зары коммунистон фæлтæртыл («Октябронтæ», «Ногдзауты зарæг», «Комфæлтæрты марш). «Афтæмæй Грис йæхи æвдисы куыд æцæг фæскомцæдисон поэт», 2) Грис тох кæны дины, аргъуаны оппорту- нистты, кълассон знæгты, бюрократты ныхмæ. 3) Ис æм фæзмынад, «уыимæ Грис эпигон нæу». Фæзынд ыл Къостайы тæваг («Ныстуан», «Сабимæ», «Авдæны зарæг», «Хъазут уал» æмæ æнд.) 4) Ис æм «тыхджын æмæ арф юмор». Критичы саразгæ нывæст иумæйагæй райсинаг у. Фæлæ Грис сфæлдыстадонæй (!) «эпигон нæу») Къостайы фæзмы, зæгъгæ, ууыл баууæндæн нæй. Къостамæ дæр «Ныстуан», «Авдæны зарæг», фæлæ сæ Грис мысын кæны æрмæстдæр сæ нæмттæй æмæ сæ темæтæй. Къостайы реалистон зæрдæагайæг традицитæ сæ дарддæр кодта, зæгъгæ, уый та тых кæнгæ ми уаид. Къостайы фæзмынад фылдæр уыд механикон, формалон. Чысыл фæстæдæр цы уацмысты кой ра- кæндзынæн, уыдоны ис Къостайы рæнхъыты хуызæттæ («Сауджыны мæлæт»-ы: «Рухсаг у, раджы дæм рарвыстой мæрдтæ, афонмæ дæр дæ фæтулын куы хъуыд!» Поэмæ «Абырджыты»: «Фæлæуут, сабитæ, мæ хуртæ, фæлæуут, абадут æнцад. Кæугæйæ, ниугæйæ уын дуртæ дзыназгæ нал «фыцдзæн» уæ мад»). Критик ма зæгъы, зæгъгæ, Грисыл фæзындысты Маяковский æмæ Стальский (æцæг, уыцы фæзынд хæссы поэты дыккаг чиныгмæ, фæлæ йæ конкретонæй нæ равдыста — чиныг йæхæдæг ницы æрмæг дæтты Маяковский æмæ Стальскийы æндæвдадыл дзурынæн). Маяковскийы æндæвдад дæр Грисы рагпоэзийы у формалон. Ма- яковскийы фæлгонцондзинад, йæ хъуыдыйы хъару нæ, фæлæ йын йе стихы æддаг бакаст иста Грис, ома æмдзæвгæйæ асинтæ арæзта, кæд- иу арæх (алкæд нæ!) силлабо-тоникон бæрцбарæнтæй фыст уыдыс- ты, уæддæр. Дæнцæнтæ æрхæсдзынæн «Комфæлтæрты март» æмæ «Абон»-æй. 12
Иу! Дыууæ! Æртæ! Мах хъæбатыртæ, Коминтерн — Нсе сыхы тырыса, Мах хъæбатыртсе. Галиу! Галиу!! Иу, дыуусе, сертсе! (106 ф.). Гъей, бын буай, дуне, раздсер Сылтæй арсезтай цагъар! Былты бастæй арфæй арфдсер Истой уыдонсен ссе бар. (Газет «Коммунист, 1933 азы 9 мартъи) Хъарайы-фырт раст загъта, зæгъгæ, йе сфæлдыстады сæйраг бы- нат ахсынц æхсæнадон-политикон темæтæ, ома Грисы поэзи йæ объект- тæм гæсгæ у публицистон лирикæ» (Газет «Рæстдзинад», 1941 азы 14 январь.) Гъе, фæлæ критик нæ бацамыдта, поэзи публицистон куы уа æрмæст «йæ объекттæм гæсгæ» (йæ индивидуалон удыхъæдмæ гæсгæ нæ, фæлæ), уæд аивады спецификон миниуджытæй цух кæй у. Грис йæхæдæг, Фыдыбæстæйы хæсты агъоммæ кæй ныффыста, уыцы уацмыстæн цы аргъ кæны, уый бæрæг у йæ фыстæджы ныхæ- стæй: «Редакцитæ иунæг домæн æвæрдтой поэтты раз: рифмæтæ дзы уæд æмæ нырыккон хъуыды, суанг рифмæгонд лозунгтæ уæд — уый та ноджы хуыздæр! — æмæ алчи дæр йæхи цæттæ кодта æмæ йæ быцъынæг тыдта ахæм «поэзийыл» кусынмæ. Хæсты агъоммæ цыдæ- риддæр ныффыстон, — иууылдæр сты уыцы домæнтæм гæсгæ фыст». Уыцы аргъгæнд æмткæй, æвæццæгæн, раст у, фæлæ йын æрмæст йæ фыццаг чиныгыл куы дзурæм («Базырджын азты»), уæд уым дæр ис ахæм цыдæртæ, хорз зæгъæн кæмæй ис æмæ рæстæджы цыдимæ, чысылгай-чысылгай йе сфæлдыстады чи байрæзт, йæ поэтикон лæ- джы кары афон аккаг идейон-аивадон хуыз чи райста. * * * Фыдыбæстæйы Стыр хæст уыдис ахæм ахъаззаг тых, Грисы цард чи фæфæлдæхта æмæ йын йæ поэзийы бындур чи схъандзал кодта. Фæлæ уый афтæ нæ амоны, æмæ куыддæр хæст байдыдта, афтæ Грис къæссавæлдæхт фæцис. Гитлерон фашисттæ нæм мæнгардæй 13
куы ’рбабырстой, уымæй иу мæйы фæстæ, 1941 азы 25 июлы, газет «Рæстдзинад» ныммыхуыр кодта Грисы «Уæлахизы кадæг». Хæсты агъоммæйы бæрзонд риторикæйы инерцийæ у фыст. Кæд йæ сидæг — уæлмонц интонаци, йæ дзырдбæстыты афористон нывæст зæрдæмæ хъарынц, уæддæр дзы хæст уынæм иумæйагæй, зæрдаивæй, нæма дзы ис хæсты реалистон, тызмæг æмæ трагикон цæсгом. Адæмон рæсугъд фразеологизмтæ не сзынг сты хæсты конкретон уынынадæй, уымæн æмæ хæст цы у, куыд у æцæгæй, уый Грис нæма федта йæхи цæстытæй, нæма йæ бавзæрста йæхи буарæй. Поэт нæ фыдгултыл дзуры фыдæхы, иумæйаг фæлгонцæй («æлгъыстаг залийаг калм» «туг- мондаг хуытæ»), нæхиуæттыл та — номгæнæг иумæйаг фæлгонцтæй («титайнаг адæм», «Лæгдзинад уарзаг адæм»). Лæджы царды иууыл зынаргъдæр цы ис, уый бацамонгæйæ: «Зæххыл рæсугъд цæрынæй фидар дыууæ стыр ныфсы ис лæгæн: «Фыдыбæстæ æмæ сæрибар, — Циу цард æнæ сымах? — Ингæн»1, — поэты уырны, знæгтæ æнцонæй пырх кæй æрцæудзысты, ард хæры нæ адæмы номæй «сырдтау ныб- бырсджытæн сæ сæртæ уыдзысты ’хсаргардтæй æлвыд», сиды йе ’мбæ- стагмæ, цæмæй йæхиуыл ма ауæрда æмæ фашизмы риуы ныссадза йæ кард. Грис ацыди хæстмæ. Знаджы фыццаг цæфтæ йыл сæмбæлдысты Белорусы. Сæ бригад хуынди денджызон, уымæн æмæ фистæг æфса- димæ уыдысты, чи фæдæлдон, уыцы науты матростæ. Уæззау тохты бригад тынг сихсыдис æмæ ма дзы чи баззад, уыдон ракодтой Ивано- вы облæстмæ Шуяйы сахармæ. Уым арæзт æрцыд 292-æм фистæг дивизи æмæ йæ 1942 азы августы мæйы арвыстой Сталинграды цурмæ. Уым бацыди 4-æм гвардион æфсады. 292-æм дивизимæ — фыццаг хистæр лейтенантæй, ротæйы командирæй, стæй та гвардийы майо- рæй — Грис архайдта Сырх Æфсады тæккæ егъаудæр æмæ зындæр операциты: Сталинграды, Курскы, Корсуль-Шевченковскы, Яссы — Кишеневы, Будапешт æмæ Венæйы. Йæ хæстон фæндаг ацыдис Ук- раинæйыл, Белоруссийыл, Полыыæйыл, Румийыл, Чехословакийыл, Югославийыл, Австрийыл, 1945 азы майы кæрон сл/жбæйы хъуыд- дæгты фæдыл уыдис Германы дæр. Грис хæцыдис. Хæцæнгарз йæ къухы, афтæмæй тох кодта зна- джы ныхмæ. Раздæр куыд æнхъæл уыд, афтæ æнцон нæ рауад хæст. Развæлгъау ыл ныффыссинаг цы уыд, уыцы æмдзæвгæты сæр æй нал бахъуыди, — хæсты рæстдзинад домдта æндæр зæрдæйы уаг, æндæр аивадон критеритæ. Хæсты цæхæры Грисы фыссынмæ не ’вдæлд, фæлæ фыста, æрмæст сæ мыхуыр нæ кодта. Поэт йæ хъуыдытæ æмæ йе ’нкъарæнтæ хаста гæххæтмæ. Уым сау фыстытæй лæууыдысты, се ’рбæстон кæнынæн ын фаг рæстæг нæ уыдис. Куыста джебогъæй, йæ сисæй цы куыста, уый нæма ’вдыста адæммæ. Уыдис æм стыр бæллиц: йæ тыхтæ хъуа- мæ снывонд кæна знаджы ныддæрæн кæнынæн æмæ йæ курдиаты æмбæрц зæгъа уæззау хæсты аккаг рæстдзинад! 1 П л и т ы Г р и с. Салдат, Дзæуджыхъæу, 1948, 8 ф. Дарддæр ацы чиныгæй цитаттæ кæм хæссон, уым нысан кæндзынæн æрмæст фарс. 14
1946 азы къæсæрыл журнал «Мах дуг» ирон фысджыты куысты тыххæй цы чысыл фиппаинæгтæ ныммыхуыр кодта, уым хъазгæм- хасæн Грисæй загъта: «1941 азæй фæстæмæ ис фронты. Фæхæцыдис немыцаг бирæгъты ныхмæ тынг хорз...Уæдæ фысгæ дæр хорз кæй ныккодтаид, ууыл дызæрдыггæнæн нæй... Иудзырдæй, ног азы æфса- дæй сыздæхдзæн æмæ цытæ ныффыста, уый бæлвырд базондзыс- тæм?1 Грис æфсадæй сыздæхт 1946 азы октябры æмæ 1948 азы рауагъта йæ чиныг «Салдат». Уымæй размæ йæ хæстон æмдзæвгæтæй журнал «Мах дуг»-ы мыхуыр æрцыдис цалдæр (уыдонæй иу «Мæ Ирмæ», зæгъгæ, чиныгмæ нæ бацыдис). Цалдæр азы йæ зæрдæйыл æхгæдæй фæдардта дуар, — æмæ йæ, стыр æнкъаргæйæ, ногæй бакодта чиныгкæсæджы раз. Поэт йæ «Ны- стуан»-ы, цыма, быцæу кæны, хæсты реалистон ад чи нæ бамбæрста, уыдонмæ, æмæ сын сæ ныхмæ æвæры йæхи уынынад, йæхи æмба- рынад. Ныббар, фæлæ уæд мауал фенон амонд, Кæд иутсем каст хæрз хъæлдзæг аргъау хæсгп, Уæддæр дзы мах нæ адæмы сæраппонд Уыдтам зынтæ, фыдхъизæмар æрмæст. (Зф). Зæрдæйæ зæрдæмæ ныхас нæ уарзы мæнгдзинад, фæлывд æмæ уæлæнгай дзæнгæда. Поэтæн бæлвырд у йæ эстетикон кредо: реалис- тон ахаст хæстмæ, цардмæ, дугмæ. Зæрдæ сзондджын, бацыд йæ лæджы кары, иувæрсыг, сæртæг уынаффæтæй рахызт вазыгджын сагъæсмæ. Зæрдæ бамбæрста дугты — ивгъуыд, абон æмæ фидæны — диалек- тикон бастдзинад. Уый абоны сæраппонд кæсы ивгъуыдмæ, кæсы фидæнмæ, уыдон æм цæуынц алыхуызон судзгæ тæгтæй. Ирон дзырддæсныйады традицион фæлгонцтæм йе ’ргом скодта поэт, æвзары сæ йæ поэтикон нысанмæ гæсгæ, ахъары сæ йæ зæр- дæйы туг, змæлынц дуджы иумæйаг æмæ поэтæн йæхи индивидуа- лон-новаторон хъаруйæ. Хæсты фæндаг — тугхъулон, уæззау, тыхсæттæн. Фæлæ дзы тæр- сын нæ хъæуы, — цу йыл хъæддыхæй, уымæн æмæ уымæй кæнгæ у дæхи æмæ æгас адæмы хъысмæт. Фæндаг зын цæуæн у: иухаттау та дын Куывд кæнæ хъазтмæ нæ цæуын, мыййаг, — Бирæ лæппутæ цы цъæх арты бабын, Уырдæм фæцæуы мæ кадджын фæндаг... (14 ф). 1 Журнал «Мах дуг», 1946, №1, 47 ф. 15
Поэтимæ иумæ тохмæ растад æмткæй йæ ирон туг æмæ стæг, йæ ирон культурæ, йæ ирон историон æмбарынад. Бирæ æнкъары канд йæ бинонты раз нæ, канд йæ хæстæджыты раз нæ, канд йæхи раз нæ, фæлæ ма æгас ирон адæмы раз, йæ ивгъуыд, йæ абон æмæ йæ фидæны раз. Поэт куры йæ уарзонæй, ацæгъда йын ирон фæнды- рæй, кæд йæ цæсты раз сыстид цæрдудæй, «Хъобанæй сахъ лæг куыд рацыди хæстмæ, бартыл куыд райста, йæ рæсугъд мæлæт». Поэт тæрсы худинагæй — «Уый та куыд? Ау, æмæ не стыр фыдæлтæ — нарты сæрæнтæ цы зæгъдзысты уæд? Чи мæм куыд кæсдзæн мæ цæдис-æмбæлттæй? Науæд цы дзурдзæн сомы цæуæт? » Поэт хæстмæ кæсы ныры цæстытæй, фæлæ йæм уыциу рæстæг кæсы рагон, фыдæлтон-историон цæстытæй дæр. «Кæцæйдæр цыма æнусты тарæй, атакæйы размæ хæцæны фехъуысы ’нæнцой сынты уаст», æмæ дзы баризы йæ зæрдæ. Мæлæты фæлгонц йæ цæстыл ауайы, æнусты дæргъы йæ адæм куыд æмбæрстой, афтæ — «цæрæц- цаг адæмты кæрдынмæ йæ цæвæг райсдзæни мæлæт». Муртаттаг фыдæхы ныхæстæ фæдис кæнынц йæ риуæй: «Æлгъыстæй зындоны дзыназа, цы лæг æрæмысыди хæст!» Знаг сласта йæ кард, махон та — йе ссад хъама. Фотографон-натуралистон эстетик зæгъид: «Фыды- бæстæйы Стыр хæст нырыккон техникæ æмæ моторты хæст уыд, кæрдтæ æмæ дзы хъаматæй нæ хæцыдысты. Раст у, фæлæ поэт, ны- рыккон хæсты конкретон æнкъарынадыл æнцой кæнгæйæ, иртасы æмткæй хæсты адæймагон-философон мидис æмæ уыцы мидисмæ гæсгæ кусынц ирон поэтикæйы традицион амалтæ, фæлгонцгонд фразеоло- гизмтæ. Дыууæ знаджы — махон æмæ фашист, раст æмæ зылын, хорз æмæ фыд — æрлæууыдысты ныхæй-ныхмæ. Иуы дæр дзы мæлын нæ фæнды, хъуамæ сæ иуæн аскъуыйа йæ уд, æппæрст æрцыд сæ хал. Хæст — æгъатыр контрасты хъуырдухæн. Карз æлгъыст рахизы уæлмонц арфæмæ: «Æнустæм арфæйаг уа, бартыл цы лæг æрымысы- ди хæст!» — Цард æмæ мæлæты цæстуынгæ-конкретон æмæ иумæйаггонд-аб- страктон уынынад — уый у Грисы хæстон поэзийы сæйраг миниуæг. «Цардæй мæлæты ’хсæн цы ауæдз и», ууыл цæуы хæстæн йæ райдайæнæй йæ фæудмæ, Грис — царды сæрхъызой, кæд царды сæр- вæлтау мæлынмæ цæттæ у, уæддæр æй царды амондæн мæлын нæ фæнды. Разæсгар цæугæйæ дзуры æрдзмæ, цæмæй йын уый дæр баххуыс кæна: æрдз фыдæлтæй фæстæмæ поэзийы рæстаг адæйма- джы фарсхæцæг у. Дунейы поэзийы хъæбатыртæ æрдзимæ туг æмæ стæгæй, зонд æмæ зæрдæйæ кæддæриддæр хицæттæ уыдысты. Поэт куры хус къæцæлæй — «ма асæтт къæхты бын», хъæдæй — «бамбæхс мæ д ’аууоны», фæдæй — «лæгъзмæ мæ мама хон», рухс мæйæ — «тар мигъæй ма раздæх», халонæй — «ма схъæр кæн мæн, ма ныууас къалиуæй» æртхъирæнау зæгъы мæлæтæн — «нæмгуыты ма рахъав, дарддæр мæ фæндагæй лæуу». Æрдзмæ, суанг удхæссæгмæ дæр поэт сиды, цæмæй æмвæнд уой, æмзонд уой, цæмæй йын царды сæрап- понд мæлæты ныхмæ тохы баххуыс кæной. 16
Скæндзынæн ме хæс æххæст Æмæ фæуыдзæни хæст... Нал кæлдзæн, нал, уæд бæгъатыр туг Æмæ та ралæудзæн сабыр дуг... (24 ф). Тыхджын, мæнгард знаг нæ адæмæн стырæй-чысылæй цы фыд- митæ кодта, уыдон уынгæйæ æмæ хъусгæйæ сæрыхъуын арц бадти, туг-иу зæрдæйы рафыхти. Поэт йæ риуы хаста карз, нæрæмон фы- дæх, уымæн æмæ æнæ фыдæхæй фæуæлахиз гæнæн нæ уыди. Уый дæр хæсты философи у. Гæзæмæ гиперболон-символон хуызы сюжетон-цаууон архайдæй æвдисы поэт махон æмæ знаджы тох. Знаг «рауагъта туджы лæсæнтæ, бафтыдта дзыллæйыл арт», «мæрдтæ обæуттæй лæууынц», «мадæлтæ се ’дзард хъæбултыл ниуынц, дзыназынц, кæуынц, тугмондаг марæг кæсы æмæ, кæл-кæлгæнгæ, худы». Салдаты зæрдæ маст æмæ фыдæ- хæй сырхзынг куыннæ феста! Суры йе знаджы, баййæфта йæ — «ахæм ран бахатыр нæй!» — æмæ йын йæ цæстытæ фелвæста кардæй, цæмæй мауал уына нæ адæмы сау хъизæмар æмæ сыл фырцинæй мауал худа. Уадз, знаг хъызт зымæгау ниуæд æмæ хъæрзæд, уадз, нæхи мадæлтау фашистты ныййарджытæ дæр сæ рустæ тонæнт! Афтæ уыди æмæ афтæ уыдзæн алы хæсты дæр. Рагон æмæ нырык- кон ахаст фыдæхмæ. Хуымæтæджы нæу, поэтæн махон æмæ немыцаг фашисты тох йæ цæстыл кæй ауайын кодта Гектор æмæ Ахиллесы тох («Гектор нæ фæлидзы уый Трояйы фидар гæнахмæ, нæу Ахиллес та йæ сурæг, — бердзентыл баруади цард») — Ассоциаци цæуы канд Го- меры хъайтартæм нæ, фæлæ ма «Илиадæ» цы стихæй фыст у, уымæ дæр. Æмдзæвгæ «Судзгæ маст»-ы стихы цэзурæйы размæ æмæ йæ фæстæ куы гекзаметры дыккаг æрдæг ис («Тухгæ уад, бирæгъты 6а- лау...»), куы та центаметры иу æрдæг («никуы, дзыназы, хъæрзы...»). Нæхи ирон поэтикон традициты фарсмæ Грисы зæрдæйы аккаг бьшат æрцахста дунейы классикон поэзийы фæлтæрддзинад. Уæрæх авнæлдтой йæ хъуыдыйы арæнтæ, йæ поэтикон цæстæнгас йæхи дардыл аивæзта. Бæрн ис канд Ирыстоны раз нæ, фæлæ ма иннæ адæмты раз дæр. Национ сæрыстырдзинад, национ æмбарынад поэтæй домынц фидар хæлардзинад иннæ адæмтимæ, сæ культурæтимæ. Æрмæст се ’хсæн йæ национ цæсгом нæ сафы, æвæд тад нæ кæны. Хæлардзина- дæй, æмтох, æмгуыстæй поэт хъæздыгдæр æмæ ирддæр кæны йæ национ «æз», йæхи сæрмагонд «æз». Уый дзуры æмæ хæцы Ирысто- ны номæй, фæнды йæ, цæмæй ирон адæм иннæ адæмтæй цауддæр мацæмæй уой. Уымæ гæсгæ йын алы нациты минæвæрттæ сты йæхи мады зæнæджы хуызæн, уарзы сæ «адджын æфсымæрты уарзтæй», зæрдæбынæй сын цин кæны сæ хæстон æнтыстытыл. Фæлæ — «Ирон лæппу басгуыхт!» — куы ’рхæссы Исчи нæ карз хæстæй цау, — Зæрдæмæ хлщæи цыдæр рухс-иыккæсы, Уалдзыгон усуры тыцщ (20 ф). 2 Дзуццаты Хадзы-Мурат 17
Хæст поэты зæрдæйæ ахсæста тутт цъæмæлтæ, æнæхъуаджы кæнгæ цъæрттæ. Шолохов Михаилы хъайтар лейтенант Герасимов дзуры: «На таком оселке, как война, все чувства отлично оттачиваются. Ка- залось бы, любовь и ненависть никак нельзя поставить рядышком; знаете, как это говорится: «В одну телегу впрячь неможно коня и трепетную лань», а вот у нас они впряжены и здорово тянут». (М. Шолохов. Собрание сочинений в восьми томах, т.8, изд. «Прав- да», М., 1962,с. 21). Национ сæрыстырдзинад æмæ æппæт адæмты хæлардзинад, цард æмæ мæлæт, хæст æмæ сæрибар, уарзт æмæ фыдæх, тас æмæ æхсар, æгъатырдзинад æмæ фæлмас æмæ ма бирæ æндæр æнкъарæнтæ, сæ фылдæр сты контрасттæ-антонимтæ, поэты зæрдæйы судзынц кар- зæй, фæдисæй, æндыгъдæй. Уыдон аразынц, хæстон ныхмæдзыд- тæм гæсгæ, æнгом иудзинад. Сæ музыкалон лейтмотив у хъарæг, Сырдоны фæндыры трагизм. Цыма фенцад æваст æнкъард хъарæг, Цыма арвæй æркаст цырагъдарæг, — Лив сæрды æппæт йæ хæрдгæйæ — Атад, алыгъди мæт мæ зæрдæйæ... Фæлæ н ’аскъуыд æваст æнкъард хъарæг, Нæдæр арвæй æркаст цырагъдарæг: Уый — рæстæгмæ фæхъус нæ хæст-тыфыл, Æмæ уайы дæ хуыз мæ и,æстытыл. (19 ф). Салдат йæ сæ^тты тырны йæ уарзонмæ. Тох рæстæгмæ куы фæ- сабыр вæййы, уæд йæ сæнттæй рухсы уылæн бакæлы йæ зæрдæйыл, ахъазы, срог вæййы уарзтæй æррагæнæг, гæзæмæ гуымирыгомау, фæлæ æнæниз, тыхджын æнкъарынадæй. Бафæнды йæ, хæстæй куы фæуид æвдæлон, маргъы пæррæст куы акæнид æмæ сæумæрайсом хуры тынау куы бакæсид йæ уарзоны къæсæрæй. Уæвгæ цы дисса- джы адджын фембæлд уаид — кæугæ-худгæ, хъыгтæгæнгæ-цингæнгæ! Кæд фæцыдтæн дæргъвæидагыл — Нал фæхæцин мæхиуыл, Авæрин дæ мæ уæрагыл, Андадзин дæ мæ риуыл. Салдат бирæ кæм фæбыхсы, — , Фестин пурти-хæрдмæхауд, Атухин дæ мæ хъæбысы, Аздухин дæ уæрдæхау. (21 ф). 18
Грисы хицæн æмдзæвгæты цытæ ис, уыдон цыма иумæ æрбам- бырд кодта поэмæ «Салдат»-ы фрагмент. Ам дæр — уыцы контрастон фæлгонцтæ, æнкъарæнтæ, композицион цæгтæ. «Цæй зын дæ, цæ, хæстмæ цæуын, цæй зын дæ!» — дзыназгæ байдайы йæ ныхас салдат. Йæ цæст рахаста йæ цардыл хæсты фыццаг бонæй йæ фæстаг бонмæ. Хæстмæ фæндарасты ныв, хæстæн йæхи нывтæ сты тызмæг, хиуыл- хæцгæ, рæстдзинадæй дзæнгæлтæгæнаг. Адæмон уæззау хæсты егъау цаутæ цæуынц, поэт сæ куыд æнкъары, йæхи зæрдæйы сын цахæм хуыз ис, афтæмæй. Адæмы трагеди у поэтæн йæхи уды трагеди, поэтæн йæхи уды трагеди та — адæмы трагеди. Поэты «æз» æмæ иумæйаг «мах», поэт-салдаты хъæбатырдзинад æмæ дзыллæйы хъæ- батырдзинад — æмтадæй, æмбастæй, кинойау, уæрæх, дардыл уыны- над — уымæй аразгæ у Грисæн йæ ацы фрагмент æмæ æмткæй йæ хæстон поэзийы эпикон лиризм. Кинойы кой хуымтæджы не скодтон. Хæст даргъ-уæрæх нывтæ- нывтæй æрлæууы нæ цæсты раз, сæхи уаг æмæ поэты зæрдæйы уагмæ гæсгæ. Хъæубæстæ фæсивæды фæндараст кæнынц хæстмæ — «нæ- дæр — ныхас, нæ — худын, нæ — кæуын», хъæугæрон сын зæронд лæг кувы сæ фæндагæн, дзурын нал сфæрæзта, устытæ сдзынæзтой, «æмæ нынниуой гъа-ныр», афтæ поэт ныццæлхъ ласта Уастырджийы зарæг, адæмы æмбæхст маст фæкъæртт и цинæй æмæ «цæстысыг æваст сæ уадултыл цыхцырджытæ ныллæууыд». Знаг нын нæхи бæстæйыл нæхи адæмтæн фыдмитæ кæны, знаджы цæфтæй не ’фсад фæстæмæ-фæстæмæ кæлынц, бахæццæ сты суанг Идылмæ. Адæмы физикон æмæ моралон зынтæн банымайæн нæй. Адæмæй-иу лсег Æфхæрд хуызы куы *рлæууыди нæ разы, Усед-иу нын уайдзæф байдыдта: «Кæмæн, Ксемæн нсе уадзут, худинаггæнджытæ? Æхсныфæй нын нуазы знаг нæ туг, Фæхъазыд нын иæ фыдæлты уæлмæрдтæй! Цы ми кæнут? Æви уын нал ис ном!..» (33 ф). Дыууæ стыр æфсады тох, мах æмæ фашистты тох Грисы фраг- менты фæстагмæ сырæзт æмбырдгæнæг-персонификацигонд фæлгон- цтæм. Цард æмæ мæлæт кæрæдзи хурхыл фидар хæцынц. «Мæлæт уыдис æппæт гæрзтæй дæр ифтонг, фæлæ уыд Цардмæ иу хотых — рæстад (34 ф). Хъуыди мæлæтæн бæрзæйсæттæн цæф ныккæнын, æмæ не ’фсад йæ хъарутæ бæстон куы ’рбамбырд кодта, уæд ссыгъди зæххыл цы хæстытæ уыдис, уыдонæн сæ тæккæ карздæр. Уæззау фæрчытæй арвмæ хауди зæхх, Сырх пиллон калдта, бæстæ сызнæт арты, Æмризæджы рызти: сырх зынг нæмгуытæ Фæндæгтæ кодтой алырдæм æдзух, Цыма гигаит хæлуарæджы тыи уæфтой, — Æиуд гуыв-гуыв мыды чыргьæдау цыд. (36 ф). 19
Салдаты ныфс куы бацыд уæлахизæй, уæд йæ риуæй сирвæзт: «А дунейыл удæн йæ бархийад куы фæистæуы, уæд цæй хорз дæ ды, хæстмæ цæуын!» Идейон-композицион контраст. Хæстæн йæ райдайæнæй йæ кæрон бирæ æнцондæр нæ уыд по- этæн. Хæсты хъæдгæмттæ афтæ арф, афтæ уæззау уыдысты, æмæ фыдохы ранæй сæхимæ здæхгæйæ, йæ цæстытыл уайы: фæрсдзысты йæ йæ хабæрттæй, кæудзысты «сабитæ — сидзæртæ, гомкъæхтæ», кæудзысты зæрæдтæ, æрмæст хъæрæй нæ. Фæлæ мæ хæлд зæрдсе куы зондзæни, Нæ рыст хистæртæ цы масты сты... Нырхæндæг уыдзæни, тондзæни, Йæ тугтæ риуы куы ахсдзысты... Гъæй-джиди, райс ныр дæ зæрдæмæ Се ’ппæтдæр Иры сагьæстæ, Уый фæстæ — амæл! Кæд æмæ Дæ рыст нæ фенин, зынаргъ бæстæ!.. (Журнал «Мах дуг», 1935, № 3, 43 ф). Ирон поэт-салдат хæсты дудгæбæттæ иууылдæр бавзæрста, ныр сæхимæ цæудзæн æмæ та сæ уым дæр æвзардзæн. Гæнæн куы уаид, уæд сæ йæ зæрдæмæ райсид, мæлгæ дæр сæ акæнæд, æрмæст йæ бæстæ хъизæмар мауал кæнæд. Ахæм нывонды бæллиц ис, адæмимæ йæ хъысмæт иу кæмæн у, адæмы хъæбулау чи уарзы, уыцы адæй- магмæ. Уый у адæм æмæ поэты органикон иудзинад. Хæсты Грис йæхи базыдта, йæхи ссардта. Уый фæзынд, чиныг «Салдат»-ы хибарæй чи лæууы, уыцы балладæ «Иунæджы кадæг»-ыл дæр. Балладæ æмткæй фыст æрцыд 1941 азы, фæлæ йæ автор кæ- ронмæ йæ гаччы сбадын кодта æмæ йæ мыхуырмæ срæвдз кодта 1947 азы. Йæ гуырæнтæ цæуынц ивгъуыд дугæй, уыдон сты: ирон дзургæ поэзи æмæ Фридрих Шиллеры балладæ «Ивикы хърихъуппытæ» (1797). Шиллеры балладæйы Ивик (царди нæ эрæйы агъоммæ У1-æм æнусы) фæцæуы Корнифмæ, поэтты ерысмæ. Хъæды йæ размæ ба- бадтысты дыууæ лæгмары. Фæндырæй цæгъдынмæ дæсны лæг уый- бæрц дæсны нæ уыд хæцынмæ æмæ йæ амардтой. Йæ уд исыны размæ йæ сæрты ратахтысты хърихъуппытæ, æмæ ма уыдонæн ба- фæдзæхста, зæгъгæ, лæгмарты адæмæн раргом кæнут. Поэтты бæ- рæгбоны адæм хъыг кæнынц Ивикы мардыл æмæ карзæй æвдисынц сæ фыдæх æбæрæг лæгмартæм. Размæ рахызтысты эринитæ — мас- тисæг ус-хуыцæуттæ — æмæ сын сæ зарынмæ æрыхъуыстой адæм. Уыдон кад кæнынц, удæй сыгъдæг чи у, йæхимæ азым чи нæ хаты, уыцы адæймæгтæн, æмæ додой кæнынц, сусæгæй фыдгæнд чи ара- зы, уыцы налæттæн. Эриниты зарæг афтæ бандæвта адæмыл, аивадæн ахæм стыр тых ис, æм’æ бæрæгбоны адæмы сæрмæ арвыл фæзындысты Ивикы мар- ды æвдисæнтæ — хърихъуппытæ, лæгмартæй иу йæхи нал баурæдта æмæ схъæр кодта, зæгъгæ, скæс-ма арвмæ, Ивикы хърихъуппытæм! 20
Афтæмæй поэты марджытæ сæхиуыл комдзог рацыдысты, æмæ сын адæм аккаг тæрхон рахастой. Аивады лæггадгæнæг Ивикы маст рай- ста аивад. Грисы балладæйы аивады рæстæвзарæн, психологон æндæвдадон хъаруйыл нæ цæуы дзырд. Уыцы ахсджиаг момент Шиллер йæхи- цæй бахаста рагон бердзенаг таурæгъмæ. Грис æмткæй иуварс нæ хизы ирон адæмон сюжетæй, кæд æй тынг сæлвæста, цахæмдæр ха- бæрттæ дзы аппæрста, фæхуымæтæгдæр æмæ йæ фæирддæр кодта, уæддæр. Грис æппындæр не спайда кодта адæмон кадæджы фыццаг хайæ. Цуанон мæлы æмæ йæ фыртæн зæгъы, йæ фæстæ баззайдзæн иунæ- гæй, хъæды халонæй мæгуырдæр уыдзæн (ирон адæмон сфæлдыста- ды тæригъæддаг æмæ кадæггаг иунæгæн цы типикон хъысмæт ис, уый хуызæн). Фырт йæ фыдæн хъуамæ хæрнæг скæна. Хæдзары йæм ницы ис, ацыди цуаны, фæлæ сырдыл нæ фембæлд. Скуывта Хуыцаумæ, æххуысмæ йæм фæзынд Уастырджи, акодта йæ Æфса- тийы куывдмæ. Уастырджийы фæдзæхстмæ гæсгæ, Иунæг куывды саджы фæрсчытæй иу бамбæхста. Куывды фæстæ уыцы фæрск хъæ- дæй сарæзтой, стджытæ нымæтын ехсæй æрцавтой æмæ, чи раудæ- гас, уыцы саг хъæдмæ алыгъд. Иунæг ацыд йæ фæдыл æмæ йæ амардта. Тыхгæнджытæ йыл æрдау кодтой, мах, дам, амардтам саг. Иунæг сын загъта: аргæвдæм æй æмæ кæд йæ иу фæрск хъæдæй уа, уæд мæн у, кæд нæ, уæд та — сымах. Аргæвстой йæ, æмæ саджы фæрсчытæй иу æцæг разынд хъæдæй. Фæлæ уæддæр тыхгæнджытæ Иунæджы амардтой, нæ байхъуыстой сæ кæстæры лæгъстæмæ дæр, зæгъгæ, тæригъæды ма бацæут. Адæмон кадæджы ацы бацæуæн хайы бæсты Грис фыццаг уал ранывæнды сæрдыгон райгæ æрдзы ныв. Хæххон хъæлдзæг пейзаж (романтикон поэмæты куыд вæййы, афтæ) контраст ныллæууыд Иунæджы зæрдæуагæн («Æрмæст ма не схъæлдзæг и цардæй æна- монд Иунæг...»). Дысон фыны федта, цыма æрхаста йæхицæн биной- наг, фæлæ йæ фыд къæсæрыл лæууыд æмæ чындзы мидæмæ нæ уагъта, лæппуйæн бауайдзæф кодта: «Дæ фыдæн сараз уал хæрнæг». Æмæ Иунæг ныффæнд кодта: «Сырдвыдæй Дадайæн хъуамæ скæнон хист» Цуаны (æнæ Уастырджийы ’ххуысæй æмæ амындæй) амардта саг, рамбæлдысты йыл æртæ фыдгæнæджы, йæ хабар сын радзырдта (хъæ- дæй арæзт фæрсчы сæр æй нæ бахъуыд), фæлæ лæгмартæм нæ бахъ- ардта Иунæджы сагъæс æмæ йæ амардтой. Ахæм аивадон коррективтæй, иуæй, адæмон сюжет фæци реалис- тондæр (сæрдыгон пейзаж; фыны хабар — Иунæг хъалæй цæуыл мæт кæны, уый реалон сурæт, саг аргъæутты раудыгасгонд саг нæу, фæлæ æцæг æрдзон саг), иннæмæй та — Иунæджы фæлгонц фæбæл- вырддæр, фæзæххондæр (йæ дуджы æгъдау æмæ психологимæ гæсгæ хъуамæ йæ фыдæн хист скæна, кæннод худинаг у, — Иунæг йæ сæрмæ æгад не ’рхæсдзæн; кæд мæгуыр, гæвзыкк у, уæддæр уд æмæ æхсарæй хъæздыг у, давæг æмæ тыхæйисæг нæу, йæ уд æмæ йæ къухты рæстаг фæллойæ аразы йæ цард). Ахæм коррективты фæрцы Грис ноджы фæцæхгæр æмæ фæбæгънæгдæр кодта уацмысы сæйраг 21
конфликт — æмæ хæрамы æхсæн конфликт, йæ сæйраг хъуыды — рæстдзинад тыхджындæр у хæрамæй, лæджыхъæд æмæ адæймагуар- зон никуы уыдзысты фыдгæнд æмæ фыдзæрдæйы амæттаг, уымæн æмæ æрдз (хуры тынтæ, тæгæры сыфтæртæ) æмæ адæм кæддæрид- дæр сты фыццæгты фарс æмæ дыккæгты ныхмæ. Ацы ахсджиаг кон- фликт æмæ ацы конфликтæй гуыргæ хъуыды органикон иудзинад арæзтой, æмхъæлæс уыдысты фашизмимæ тохы æмæ фашизм ныд- дæрæн кæныны дуджы хъайтарон атмосферæимæ, дзуапп лæвæрд- той нæ адæмы рæстдзинад æмæ гуманизмы уæлахизæн. Фæлæ уацмысы нырыккон зæлынад поэт не ’ркодта рагон сюжет æмæ хъайтары модернизацимæ, абоны джиппы сæ нæ ауагъта. Бал- ладæйы цы хабæрттæ ис, хъайтартæн æмæ адæмæн цы æууæлтæ ис, уыдон нæ иппæрд кæнынц рагон ирон цардыуаг, уырнындзинæдтæ, психологон уаг æмæ æмбарынадæй. Иунæджы мæрдтыбæсты цард кæй уырны, йæ фыд æм фыны кæй æрцыд, йæ маст ын хуры тынтæ æмæ тæгæры сыфтæртæ кæй райстой, уыдон сты, иуæй, дард ивгъуыд дуджы «бынæттон колорит» иннæмæй та — сæйраг уый у — æххæст кæнынц сыгъдæг аивадон- фæлгонцон функци, уыдон сты поэтикон амалтæ ахсджиаг хъуыды зæрдæмæхъаргæ равдисынæн. Адæмон кадæджы национ хæдхуыз æмæ æрдзон хъæд арæхстгай бавæргæйæ, Грис йæ балладæйæн Шиллерæй райста формæ (æмдзæв- гæйы бæрцбарæн æмæ строфæ), æмткæй йын хицон у Шиллеры уац- мысы ритмикон бархи æмæ хæрзконд, дзырдты экономондзинад, фысты лаконизм æмæ афористон ахаст. Грис адæмон кадæг афтæ æрбалвæста, ахæм аива^он хуыз ын радта, цæмæй гомгæрццæй ра- зына йæ æндыгъд трагикон-драматикон апп, æмæ уымæ гæсгæ у йæ формæ дæр. Уым буар-æмбуар, кæрæдзи ивгæ æмæ кæрæдзиуыл æнгом бастæй, цæуынц архайд æмæ бынаты афыст, монолог æмæ диалог, æмæ сæ уыциу рæстæг бæрзонд уылæныл хæссы поэты акти- вон, уæлмонц зæрдæуаг. Хатыр ын кæстæр хуыснæг куры: «Тæригъæддаг хъуыддаг у», — дзуры, — «Нæ фæкæсдзæн Хуыцаумæ раст»... Фæлæ кæм байхъуыстой!.. Æваст Сæ сæрмæ ферттывтой цыргъ кæрдтæ. Æмдзæф нылластой йын йæ риу ... Фæци! Лæг фылдæр фесты мæрдтæ, Уæлæуыл та фæкъаддæр иу. Шиллеры балладæйы дард æмæ тугхæстæг æрвад — ирон Иунæ- джы кадæг — æнусты дæргъы хæдбар æмæ оригиналон уæвгæйæ æнхъæлмæ каст йæ ног, литературон-профессион рафæлдисæгмæ, дыккаг цард ын чи раттаид, уымæ, æмæ уыцы поэт разынди Грис. Йæ дæсны, арæхстджын æрмдзæфы фæрцы, йæ дард фыдæл Шилле- ры балладæйы аивадон уаг æмæ хуызмæ гæсгæ, ирон Иунæджы ка- дæг сыстад æмæ оригиналонæй слæууыди нæ поэзийы хуыздæр уац- мысты æмрæнхъ. 22
МАЛИТЫ ГЕУÆРГИЙЫ ПОЭЗИЙЫ ТЫХХÆЙ Ацы уацтпæ сты, 1920—1930-æм азгпы ирон поэзийы гпых- хæй дыууын азы размæ цы зонадон-иртасæн куыстытæ ныф- фыстон, уыдонæй хицæн хæйттæ. Ницы дзы аивтон, æрмæст сæ кæмдæрты фæцыбыртæ кодтон. Автор ФЫЦЦАГ УАЦ Национ фольклоры хъæздыг æвæрæнтæй нæ курдиатджын поэт- тæй алчидæр йæхирдыгонау пайда кодта, йе сфæлдыстадон хæс æмæ йын йæ поэтикон удыхъæд куыд амыдтой æмæ дзы куыд домдтой, афтæ. Поэзийы дойны басæттынæн фольклор цахæм бæркадджын суадон у (æцæг поэт æм куы ’ргуыбыр кæны æмæ йын йæ сыгъдæ- гæй йæ зæрдæйы фæндиаг куы баназы, уæд), уымæн ирд æвдисæн у Малиты Геуæргийы сфæлдыстад. Революцийы агъоммæ Геуæрги сæйраджыдæр фыста уырыссагау. Сылгоймаг æмæ уарзты темæ йæм, æндæр темæтимæ иумæ, ахста зынгæ бынат. Æмткæй йæ темæтæ, йæ мотивтæ ист уыдысты ирон хæххон цардæй (йæ чиныг дæр уымæн афтæ рахуыдта — «Горские мотивы», 1924). Хорз зыдта ирон цард, ирон æгъдæуттæ, ирон адæй- маджы психологи, фæлæ сыл фыста, уырыссаг поэттæ (æмæ уæлдай- дæр Лермонтов) Кавказыл куыд фыстой, афтæ, ома, фыста, кавказаг адæмты цард æвдисын уырыссаг поэзийы цы традицитæ уыд, уыдонмæ гæсгæ æмæ уыдон фæзмгæйæ. Æмткæй йын хорз аргъ кодтой йе ’мдзæвгæтæн, фæлæ йын уыциу рæстæг амыдтой, зæгъгæ, уырыссаг поэзийы сæ ахадындзинад бирæ нæ уыдзæн æмæ хуыздæр бакæнид, йæхи æвзагыл фыссын куы байдаид, уæд. Дзырд ууыл нæу, кæцы æвзагыл хуыздæр у фыссын — уырысса- гау æви иронау. Æвзæгтæй хæрзтæ æмæ æвзæртæ нæй, алы адæмæн дæр се ’взаг зынаргъ æмæ уарзон у. Дзырд ууыл у, цы, куыд æмæ цæуыл фыссы поэт, æмæ уыцы «цы, куыд æмæ цæуыл», йæ уды фæлтæрддзинад, йæ курдиат, йæ дæсныйад кæцы æвзагыл у хуыз- дæр, арфдæр æмæ тыхджындæр равдисын йæ бон. Геуæргийæн йæхи зæрдæ æмæ йæхи курдиаты æрдзон рæстдзи- над куыд амыдта, уымæ гæсгæ йæ фæндаг йæхæдæг равзæрста æмæ бархийæ, разæнгардæй, æнувыдæй бæстон æрæвнæлдта йæ мадæлон æвзагыл фыссынмæ æмæ рамбылдта — рамбылдта йæ курдиат, рам- былдта йæ дæсныйад. Революцийы агъоммæ уырыссаг поэзийыл ахуыр кæнгæйæ, уырыссаг поэтты фæзмгæйæ æмæ йæхи æмдзæвгæтæ уырыссагау фысгæйæ, Ге- уæрги цы фæлтæрддзинад райста, уый ахъаз æмæ æххуыс кодта йæ дарддæры куыстæн, фæлæ ныр суæгъд уырыссаг поэтты комкоммæ æндæвдадæй, сæ поэтикон нывтæ, сæ ныхасы кондæй æмæ лæмбынæг, арæхсгæ æмæ дæсныйæ ныккаст йæ ныййарæг адæмы фольклор æмæ уды æвæрæнтæм, сæ тæлфт, се змæлд, сæ ад æмæ сæ хуызмæ. Раздæр æм цы романтизм æмæ лиризм уыд, уыдон ныр, йæ ма- 23
дæлон æвзагыл, фæтыхджындæр æмæ фæарфдæр сты, сæ аивадон хæрзхъæддзинад фæбæрзонддæр æмæ фæирддæр. Хуымæтæг хабар — чызг федта саунымæтджын барæджы, бауар- зта йæ æмæ нал цух кæны йæ зæрдæйæ, йæ зондæй (æмдз. «Æлхуйнæ», 1921). Æмдзæвгæ байдайы чызджы мидриторикон, хинымæр сагъæ- сы фарстæй: «Ци кæнуй, цума, ме ’лхуйнæ, ку нæбал зелуй дзæ- бæх?» — æмæ нæм уайтагъддæр æвзæры цымыдис чызджы уавæрмæ, йæ зæрдæйыуагмæ. Цыдæр кодта æлхуый, дзæбæх нал зилы — хæ- дзарон кусæн дзаума цы хъуамæ кæна? Фæлæ хуымæтæг дзаумайыл баст у чызджы зæрдæйы тыхджын мæт, хуымæтæг цардыуагон дзау- майы хæдфæстæ цæуы романтикон фæлгонц: «Мæ цæститæбæл уайунцæ сау нимæт æма сау бæх». Иуырдыгæй — æлхуый, иннæрдыгæй — сау нымæт æмæ сау бæх, — адон æхсæн ныхмæвæрд уыйбæрц нæй, цас сты æмбаст: хуымæтæг у æнахуыр, æрвылбонон-цардыуагон у поэти- кон-романтикон. Афтæмæй хуымæтæг этнографон реалитæ, атрибуттæ æмæ бæрзонд æнкъарæнтæ, фыруæздан, фырнымд зæрдыуаг, кæ- рæдзимæ æмдзу кæнгæйæ, æддæг-мидæг уайгæйæ, Геуæргийы æмдзæв- гæйæн (æмæ æмдзæвгæтæн) дæттынц æнæсайд, сыгъдæг лирикон хъару. Фыццаг риторикон фарсты фæстæ нæ («Ци кæнуй, цума, ме ’лхуйнæ?..») Чызг йæ зæрдæмæ куы ’ркæсын æмæ куы ’рыхъусын кодта, йæ зæрдыуагмæ нæ куы бацымыдис кодта æмæ нын йæ рито- рикон фарсты аххоссаг иумæйагæй куы бамбарын кодта («Сау ни- мæт æмæ сау бæх»), уæд радзырдта, конкретонæй куыд æрцыд ха- бар, хуымæтæг хабар — æлвыста, йæхинымæр цыдæртæ мысыд, сæ цурты æрбацыд иу бæхджын, — æмæ чызг йæ радзырд æххæст нæма фæци, афтæ та риторикон фарстæй фескъуыдта йæ ныхас, йæ фыц- цаг риторикон фарсты лирикон зæрдыуагмæ нæ раздæхта, цæмæй уыцы лирикон зæрдыуаг хабарæвдисæг радзырдæй ма фæиппæрд уа, ма ’рбайрох уа, уый тыххæй: «Мæ фидбилизæн æ хæццæ цæмæн фæдтæн æз æнгаст?» Лæппуйы дыууæ цæсты (мидхуд) æрттывтой сырх зынгау, чызджы зæрдæ басыгътой, æмæ та цæмæй лирикон зæрдыуаг ма ферох уа, ма æрныллæг уа, уый тыххæй риториконæй фæсидт: «Ду ме ’вдесæн уо, Хуцау!» Чызджы зæрдæ базыр-зыр код- та, разылд йæ сæр, аскъуыд æмæ æрбадыдæгътæ йе ’лвисинаг. Хаба- ры ныв æмæ чызджы зæрдыуаджы ныв кæрæдзи ивгæ æмæ кæрæ- дзиимæ æмдзу кæнгæйæ, ныронг чызг йæ зæрдыуаг æвдыста ритори- кон фæрстытæ æмæ сидæнтæй, ныр кæронæй йæ уавæр дæр æмæ йæ зæрдыуаг дæр равдыста традицион ирон фæлгонцæй: лæппу-барæ- джы куы федта, уæдæй фæстæмæ йæ чемы нал у: «Цæветтонгæ ма мæ зæрди сагъд байзадæй сау хъæма». Чызджы уавæр ацы фæлгон- цæй схызт йæ кульминацимæ. Махмæ ныр конкретонæй бахъардта чыз-джы уавæр, йæ уарзты хъынцъым, йæ мæт, йæ тыхст, æмæ уый фæстæ æмдзæвгæйы фыццаг строфа куы фæлхатт кæны, уæд уый æрмæст хуымæтæджы композицион амал нæу, хуымæтæджы нæ раз- дæхы æмдзæвгæйы райдайæнмæ, — дзырдтæ уыцы дзырдтæ сты, строфа уыцы строфа у. Фæлæ, цыма, уыцы дзырдтæ нал сты, уыцы строфа нал у, — дывæр, æртывæр фæтыхджындæр се ’ндæвдадон, 24
тæлмæнджын хъару, æгасæйдæр нæ бакæнынц чызджы æнкъард, уæздан, романтикон æмæ лирикон зæрдыуаджы амæттаг. Афтæмæй уыцы зæрдыуаг æмхуызон исынц æмæ æнкъарынц уыциу рæстæг чызг йæхæдæг, поэт æмæ семæ чиныгкæсæг дæр. Йæ мид æмæ йе ’ддаг структурæмæ гæсгæ «Æлхуйнæ»-мæ хæс- тæг лæууы æмдзæвгæ «Кизги зар» (1922). Ам темæ æндæр у — чыз- гæн аивгъуыдтой йе ’взонджы бонтæ æмæ æнкъард кæны, мæт кæны, тыхсы, кæй ацыдысты, уый тыххæй. Æмæ та ам дæр чызг йæ нымд, къæмдзæстыг, сагъæссаг риторикон фарстæй байдайы æргом кæнын йæ зæрдыуаг: Ци мин фæцæнцæ Мæ кизгон бæнттæ? Уох, байвадæнцæ Мæ деденгутæ. Фыццаг дыууæ рæнхъы риторикон фарст («Ци мин..?») йæ уæл- вæд рахизы аив æвастхъæрмæ («Уох...») æмæ та нæ уайтагъд йæ- химæ ныббæтты, йæхимæ æркæсын æмæ æрыхъусын кæны чызджы зæрдыуаг. Ам нæй хуымæтæг цардыуагон æмæ бæрзонд-романтикон ныхмæвæрд æмæ иудзинад (æлхуйнæ, сау нымæт æмæ сау бæх). Фæлæ дзы ис фæлгонцон-лирикон параллелизм («Мæ кизгон бæнттæ» — «Мæ деденгутæ»). Ахæм параллелизмæй риторикон фарст æнæн- хъæлæджы фæтыхджындæр вæййы аив, уæздан-кæрзгæ æвастхъæ- рæй. Дарддæр чызг æвдисы йæ уавæр. Чи зоны, уарзты ад банкъар- дта æмæ ныр уыцы уарзт нал и, чи зоны, йæ чызгон бонты уарзтмæ æнхъæлмæ кастис, йæхи йе ’рцыдмæ рæвдыдта, буц кодта, æмæ ныр чызгон бонтæ аивгъуыдтой, дидинджытæ байвадысты æмæ йæм йæ уарзт нал æрцæудзæн: Неке гъæунцæ Мæ сау æрфгутæ, Неке гъæунцæ Мæ цæстисугтæ. Йæ хæдфæстæ чызг, цæмæй æмдзæвгæйы сабыр, фæлмас, æнтъыс- нæг интонаци æваст ма фескъуыйа æмæ æндæрырдæм ма фесхъиуа, уый тыххæй фæндоны сидæн («Тæходуй, нана») строфайы фыццаг рæнхъы не ’рæвæрдта, фæлæ дыккаг рæнхъы. Строфайы фыццаг рæнхъ: «Æстуггин æфсоргъ», зæгъгæ, куы зæгъы, уæд уый фæстæ сидæн йæхиуыл размæ цæхгæр нæ рахæцы, — фыццаг рæнхъы фæстæ æмбæхстгондау у, æмæ афтæмæй фыццаг рæнхъ иннæ рæнхъытæй зына-нæзына кæй фæхицæн кодта, хъуыдыйады æрдзон фæдфæды- лондзинад кæй фæурæдта, уый, иуæй, иумæйагæй интонаци нæ фе- хæлдта, иннæмæй та, хуыздæр равдыста чызджы фæндон: Æстуггин æфсоргъ, Тæходуй, нана, Хуцауи дзурдæй Нур ку фестинæ. 25
Чызг йæ фæндон, йæ бæллиц куы загъта (фæсденджызты бацагу- рид йæ чызгон, сызгъæрин азтæ), уæд та кæронæй фæлхат цæуы фыццаг строфа. Æмæ та ам дæр хуымæтæджы, механикон фæлхат нæу. Куы базыдтам чызджы æрхæндæг уавæр æмæ зæрдыуаг, куы базыдтам чызджы бæллиц æмæ уыцы бæллицы æнæрцæугæ мæнгдзи- над (æфсургъ дæр нæ фестдзæн æмæ йæ чызгон азтæ дæр не ссар- дзæн, нæ раздахдзæн), уæд фыццаг строфа кæронæй фæлхатгондæй стыхджын вæййы зæрдæйы тугтæ ныттæдзыны онг, зæрдæуынгæгæй цæстытæ доны разилыны онг. Æцæг, фыццаг строфа кæронæй кæй фæтыхджындæр, уымæн ма фæахъаз иу чысыл ивддзинад: строфайы дыккаг рæнхъы номивæг «мæ» ивд æрцыд æвастхъæр «уо»-йæ æмæ чызг йæхи нал фæрсы йæ чызгон бонтæй, фæлæ сæм комкоммæ фæ- сидт, цы мын фестут, зæгъгæ. Афтæмæй дыууæ æвастхъæры фæд-фæдыл, анафорæйы æгъдау- ыл, рацыдысты, риторикон фарст æмæ сидæн баиу сты æмæ, ай- гъай, фæтыхджындæр кодтой строфайы лиризм: Ци мин фæцайтæ, Уо, ме ’взонг бæнттæ? Уох, байвадæнцæ Мæ деденгутæ. Зын рахатæн нæу, ацы æмдзæвгæтæн æппын ницы иудзинад ис, фольклорон сюжеттæ, типтæ, хъуыдытæ æмæ аивадон амалтæ чи райсы, æгæрыстæмæй сæ чи фендæрхуызæттæ кæны дугмæ гæсгæ, йæхимæ гæсгæ, уыцы авторты уацмыстимæ. Æнæмæнг, Геуæргийы æмдзæв- гæтæ баст сты фольклоримæ, фæлæ уый у тынг интимон, чызгмæ лæппуйы сусæг, æмбæхст уарзтæн хуымæтæг цæстæй фенæн æмæ бамбарæн куыд нæй, ахæм бастдзинад. Хымæ гæсгæ, лæппуйы зæр- дæмæ чызгæй цы фæцæуы, лæппуйы зæрдæйы чызг цы уарзт сæвзæ- рын кæны, уый лæппуйæн йæхи куыд у, афтæ Геуæргийы æмдзæв- гæтæ дæр сты йæхи сфæлдыстад, йа&хи оригиналон æмæ хæдбындур уацмыстæ. Комкоммæ-иу фольклорæй цы райста кæнæ фольклормæ гæсгæ кæй фыста, уым-иу йæ уарзт дæр æргом уыд — йæхæдæг-иу бацамыдта, зæгъгæ, адæмон зарæг кæнæ адæмон кадæг у. «Адæми зартæй» — афтæ бафыста æмдзæвгæ «Дзуле»-йы бын (1923) æмæ, æцæгдæр, уый поэты «сусæг уарзтæй» райгуыргæ æмдзæвгæтæй хи- цæн кæны, лиризм дзы къаддæр ис, чызджы зæрдыуаг дзы лæмæгъ- дæр æмæ хусдæр у, кæд æмткæй романтикон у æмæ дзы поэты аива- дон амалтæ уынæм, уæддæр. Геуæргииы иннæ чызджытау, Дзуле йæхæдæг нæ дзуры, фæлæ йын адæм æмæ поэт æмдзæвгæйы фыццаг æрдæджы æвдисынц йæ уавæр: Дзулейы зæрдæ нæ зоны æнцой, æхсæвæй-бонмæ мæсыгæй кæсы æддæмæ. «Æлхуйнæ»-йы фыццаг строфайы хуызæн — риторикон фарст æмæ Дзулейы зæрдæхсайгæ уавæры аххос: Цæбæл æй цума æ хъурмæ, Ци æрцудæй, ци кæнуй? Æ бæгъатæр лæг мæсугмæ Æртæ бони нæ зиннуй. 26
Æмдзæвгæйы дыккаг æрдæджы Дзулемæ дзурынц (ныстуан-си- дæн), зæгъгæ, дæ дзыккутæ ныттон, дæ лæг фатæй фæмард, нæууыл лæууы уæлгоммæ æмæ «фидмондагæй йæ комкоммæ хой æ сæргъи ку зелуй». Кæй зæгъын æй хъæуы, ам дæр Геуæргийы къухайст бæрæг у — адæмон зарæгыл бакуыста æмæ йæ сарæзта йæхирдыгонау. Фæлæ уæддæр не ’нцайы йе ’ннæ лирикон æмдзæвгæты æмбæрц. Чи зоны, Дзуле йæ сагъæс йæхæдæг куы ракодтаид, уæд йæ тæлмæнджын хъа- ру фылдæр уаид. Геуæргийы æмдзæвгæты сылгоймæгтæ сæхæдæг сæхи номæй кæй дзурынц, уымæн егъау поэтикон ахадындзинад ис. Уый дæр æвдисæн у, Геуæрги адæмон лиризммæ къæрцхъус кæй уыд, йе снецификæйы ад ын тынг кæй æнкъардта, йæ хъаруйы абу- зæн æмæ ратæдзæн ын бæлвырд кæй æмбæрста, уымæн. Зындгонд у, ирон адæмон историон-хъайтарон зарджыты кæрæй- кæронмæ хъары уæззау трагизм æмæ тыхджын лиризм. Хъайтар- нæлгоймаг мæлгæйæ кæнæ мардæй куы кæны йæ хабæрттæ, куы дзуры йæ хъысмæты тыххæй, куы сиды йæ мадмæ кæнæ йе ’ннæ хиуæттæм, йе ’мбæлттæм кæнæ йе знæгтæм, уæд æм æнцад-æнцойæ хъусæн нæй. Уыцы трагизм æмæ лиризмæн ис тызмæг, карз, хиуыл- хæцгæ, лæджыхъæдджын æмæ эпикон ахаст. Æндæрхуызон у ирон адæмон поэзийы сылгоймæгты трагизм æмæ лиризм. Сылгоймаг йæхи номæй куы байдайы йе ’намонд хъысмæты тыххæй кæнæ æндæр искæй тыххæй дзурын, уæд дыз-дызгæнгæйæ, бар-æнæбары ссудзынц æмæ сдудынц зæрдæйы уидæгтæ. Хуымæтæджы нæу, ирон адæмон поэзийы иууыл лирикондæр кæй сты сылгоймæгты зарджытæ (зæ- гъæм, «Софиайы зарæг») æмæ сылгоймæгты хъарджытæ. Æз ны- хæй-ныхмæ не ’вæрын нæлгоймæгты лиризм æмæ сылгоймæгты ли- ризм (уый æнæхъола ми уаид), се ’хсæн ис бирæ æнгæсдзинæдтæ, æмткæй сæ раттæг у иу зæрдæ — ирон адæмы зæрдæ, фæлæ сылгой- мæгты лиризм зæрдæмæхъаргæдæр кæй у, уый, æвæццæгæн, гуы- рысхойаг никæмæн у. Поэт йæхæдæг кæй нæ дзуры йæ сылгоймæгтæм, йæ ахаст сæм комкоммæ, лæгæй-лæгмæ кæй не ’вдисы, уымæй, мыййаг, йæхи иуварс нæ ласы сæ уавæр æмæ сæ сагъæсæй, мыййаг, «объективис- тон нывгæнæджы» бынаты не ’вæры йæхи, ницы хæс æнкъары сæ разы æмæ сын ницæмæй у баххуыс кæнын йæ бон. Ам хабар æндæр- хуызон у. Сылгоймæгтæ сæхи номæй дзургæйæ, се ’рдзон æмæ сæ традицион уагмæ гæсгæ, арфдæр æмæ тыхджындæр æргом кæнынц сæ уавæр æмæ сæ зæрдæ, сæ хъынцъым æмæ сæ сагъæс, сæ тухи æмæ сæ уарзт, сæхи номæй дзургæйæ, тыхджындæр кæнынц æмдзæв- гæты лиризм, æмæ тынгдæр хъары сæ хъысмæт чиныгкæсæгмæ, æмæ уыциу рæстæг Геуæрги — поэт-гуманист — йæ сылгоймæгтимæ у æмсагъæс, æмдыхст, æмуарзт, кæд сылгоймæгтæ сæхи номæй дзу- рынц, уæд дзурынц Геуæргийы номæй дæр, сылгоймæгты лиризм у поэты лиризм, сылгоймæгты хъарæг у поэты хъарæг. Поэты сылгоймæгты хъарæг адæмон хъарджыты хуызæн кæй у æмæ кæй нæу, сылгоймæгтæн сæхи хъарæг кæй у æмæ поэты хъарæг дæр кæй у, ууыл дзурæг у æмдзæвгæ «Скъæвди гъарæнгæ» (1924). 27
Ам дæр, иннæ æмдзæвгæтау, чызг дзуры йæ уавæры тыххæй æмæ æхсæнмæ-’хсæнты, хабæрттæ дзуры фæуромгæйæ, æвдисы йæ зæр- дыуаг. Аскъæфтой йæ сау бæхджынтæ, фæхæссынц æй æмæ — йæ уынæргъгæ ныхас йæхи тыххæй: «Ци унгæг дæн, ци, ме ’рхунæй», стæй йæ тæригъæддаг риторикон фарст: «Нанамæ мин ка бауайа, бабай цирт мин ка бахуайа?» Йе ’фсымæр цъалайы хуыссы мардæй (æвæццæгæн, скъæфджыты раз æрлæууыд æмæ йæ амардтой), йæ чындзхонтæ нæ зынынц йæ хъæрмæ, йæ фæрдгуытæ, йæ болат кæр- дæн, йæ судзин баззадысты æнæфснайдæй, æмæ та — йæ риссаг риторикон фарст: «Нур ме ’ной, ме ’ной æнгартæ куд кæндзæнæнцæ мæ зартæ?» Йæ ныййарæг мады ныууагъта дзæгъæлæй, æмæ та — риторикон фарст: «Ци кæндзæнæн, ци, ме ’нкъарди, мæ ниййерæ- гæй идарди?» Æз дзырдтон, «Æлхуйнæ» æмæ «Кизги зар»-ы фыццаг æмæ фæс- таг строфаты фæлхаттæн цахæм ахадындзинад ис, уый тыххæй. Фæлæ къаддæр хъусдаринаг не сты алыхуызон æндæр фæлхаттытæ: «Ци кæнуй, цума, ме ’лхуйнæ?» (фарстæн дзырдты дывæр фæлхатт), «Неке гъæунцæ мæ сау æрфгутæ, неке гъæунцæ мæ цæстисугтæ» (анафорон фæлхатт), «Ци æрцудæй, ци кæнуй?», (синонимон фæл- хатт), «Уæй, Дзуле, Дзуле, ниттонæ...» (Сидæны дывæр фæлхатт), «Ци унгæг дæн, ци, ме ’рхунæй», «Мæ бони радæ, мæ радæ», «Ныр ме ’ной, ме ’ной æнгартæ», æмæ а.д. Адон, хицæнæй рафысгæйæ, цæсты уадиссаг ницы ахадынц, фæлæ контексты тынг цырын кæ- нынц æмдзæвгæйы эмоцион тых, йæ лиризм. Æмдзæвгæ «Скæвди гъарæнгæ»-йы дæр фыццаг дырæнхъон («Цъæх зæлдæбæл сау бæх- гинтæ — еугурæй дæр арцæгинтæ») фæлхатт цæуы кæронæй, фæлæ йын ам, инще æмдзæвгæты хъауджыдæр, композицион амалæй дард- дæр (чызджы кæй фескъæфынц бæхджынтæ, уымæй дарддæр) уæл- дай хъару нал райста. Уый хыгъд æмдзæвгæйы ис иу фæлхатт — алы дырæнхъы фæстæ дæр чи цæуы, се ’хсæн зæрдæскъуынгæ сидæн æмæ удхары фарст, уæззау хъæрзт æмæ фыдохы дзынæзтау чи хъуы- сы, уыцы рефрен: «Уох, æна, ци кæнон...» Геуæргийы æмдзæвгæтæ йæ дуджы конкретон-революцион æцæг- дзинадимæ комкоммæ баст кæй нæ уыдысты, уый нæ иуæй-иу фыс- джыты гуызавæйы æппæрста æмæ сæ фаудтой. Хъуылаты Созырыхъо ранымадта Хетæгкаты Къостайы «Хетæг», Брытъиа-ты Елбыздыхъо- йы «Амран», Гæдиаты Цомахъы «Царды уæз», уыдонимæ Малиты Геуæргийы æмдзæвгæтæ дæр, æмæ сæ загъта, зæгъгæ, «сты национ романтизмы уацмыстæ» («Фидиуæг», 1930, №11-12, 81 ф.). Фыццаг æркæсгæйæ, нырыккон чиныгкæсæгæн ам, цыма, мæгуырауæй ницы ис — Геуæргийы æмдзæвгæтæ æцæгдæр сты национ æмæ романти- кон. Фæлæ хъуыддаг афтæ у, æмæ «романтизм», уæлдайдæр «наци- он романтизм», УПФА-йы теоретикты цæстæнгасмæ гæсгæ, 20—30- æм азты уыд æфхæрæн термин. Уыдон нымадтой, зæгъгæ, роман- тизм æмæ идеализмы æхсæн хицæндзинад нæй, романтизм у «æцæг- дзинад мистификацигæнæг», фæливæг æмæ зыгъуыммæгæнæг, стæй ма-иу æм ноджы эпитет «Национ» куы бафтыдтой, уæд уый та афтæ æмбарын хъуыд, зæгъгæ, ис сын националистон ахаст. Уымæ гæсгæ 28
Геуæргийы «национ романтизмы уацмыстæ» дæр, Хъуылайы-фырты хъуыдымæ гæсгæ, уыдысты æцæгæлон советон ирон литературæйæн. Ахæм аргъ сын кодта Гулуты Андрей дæр, уыдта дзы «упадочниче- ство и мистика» («Пролетарий Осетии», 1933. 24. III.). Ахæм хуызы Геуæргийы фауынæн ницы бындур ис, УПФА æмæ æндæр литературон къордты «схемæтæ» æмæ «программæты» рæдыд æмæ иувæрсыг позицитæй сæм куы нæ кæсæм, уæд. Геуæргийы æмдзæв- гæтæ кæд царды революцион змæлд æмæ рæзт комкоммæ не ’вдисынц, уæддæр иппæрд не сты 20-æм азты æцæгдзинадæй. Бæгуыдæр, тради- цион сты, фæлæ поэты æмдзæвгæты сылгоймæгтæ цы хæдзары зылд- тытæ æмæ митæ кæнынц, цы цардыуаджы реалитæ æмæ дзы атри- буттæ ис, уыдон 20-æм азты æнæхарактерон нæ уыдысты ирон зæхку- сæг адæмæн, уæлдайдæр дард хæххон хъæуты цæрджытæн, сæхи но- мæй кæй дзурын кодта, уыцы сылгоймæгтæн. Арæх æмæ тыхджын уыдысты чызгыскъæфт, ирæд æмæ æндæр ахæм фыдæгъдæуттæ. Геуæргийы æмдзæвгæтæн æмткæй сæ аивадон конд, сæ сæйраг ми- ниуджытæ раст бамбæрста Тыбылты Алыксандр. «Облеченные в изящ- ную форму, стихотворения Малиева проникнуты неподдельным искрен- ним чувством, полным неуловимой прелести и грации», — фыста Алык- сандр æмдзæвгæтæ «Æлхуйнæ» æмæ «Кизги зар»-ы тыххæй. «Жен- ственная», зæгьгæ, критик ахæм эпитет радта Геуæргийы музæйæн. Дзырд дæр ыл нæй, Геуæргийы музæ уæздан æмæ фидауцджын кæй у, уый, сæйраджыдæр, цæуы поэтæн йæхицæй, йæ курдиаты æрдзон хъæдæй. Фæлæ ма уый кæнгæ у, поэты музæ цы мæрыл райгуырд, схъомыл æмæ сырæзт, уымæй дæр, ома дыгурон адæмон лирикæ æмæ дыгурон æвзагæй дæр. Æнæ уыцы мæр бамбарæн нæй æмæ раст аргъ скæнæн нæй Геуæргийы поэзийæн, уымæн æмæ орга- никонæй баст сты кæрæдзиимæ. Тыбылты Алыксандр нысан кодта, зæгъгæ, дыгурон æвзагæн ис «красивые», «архаические женственно- мягкие формы». Уыцы «женственность» арæх бæлвырд кодтой дыгу- рон адæмон зарджыты дæр. ДЫККАГ УАЦ Малиты Геуæрги 1923 азы ныффыста поэмæтæ «Дууæ фиййауи» æмæ «Уæхадæги фурт минкъий Гуйман». Ныффыста, зæгъгæ, æххæст раст ныхас нæу, — растдæр уыдзæн: литературон уагыл рацарæзта фольклорон сюжеттæ. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ сæ Геуæрги йæхæ- дæг йе ’ннæ поэмæты рæнхъмæ нæ хаста, мыхуыры сæ куы уагъта чиныгæй, уæд сæ рахицæн кодта иннæтæй, сæ дæлсæргæндтæй сын амоны, зæгъгæ, сты дыгурон кадджытæ, ома сæ райста адæмон сфæл- дыстадæй. Сæ фольклорон варианттимæ сæ фæрсæй-фæрстæм куы æрæвæрæм, уæд хуымæтæг цæстæй дæр рахатæм: сæ сюжеттæ, сæ ситуацитæ (суанг чысыл деталты онг) сты æнгæс, æмхуызон. Æгæ- рыстæмæй се ’мдзæвгæамад дæр райстой адæмон сфæлдыстадæй, ном- хуындæй «Сау хохы фиййауы зарæг»- æй (уым: «Сау хохы фиййау Урс хохмæ дзуры, уадындзæй зары», Геуæргимæ: «Бæргæ ниццæгъ- дуй и Уази фиййау æ даргъ хæтæлæй»). 29
Дыууæ поэмæйы дæр цымыдисаг уымæй сты, æмæ сыл Геуæрги бакуыста йæ дуг æмæ йæхимæ гæсгæ, йæхи цæстæнгас æмæ йæхи идеологимæ гæсгæ. Уазы фыййаумæ куы ссыдысты Биаслантæ дыу- уадæсæй, уæд ын Сау хохы фиййау куыд бацамыдта, афтæ бакодта: аргæвста сын йе стыр сау сæгъ, сæ хæрды уысм фосмæ радугъ кæны, аг ракъуыры йæ къахæй æмæ Биаслантæ фæцагъды вæййынц тæвд басæй. Чи зоны, адæмон вариантты (цалдæр варианты сты) æлдæрт- ты мæлæты аххос («йæ фыд сын марг у, йæ бас сын хос у») хуыздæр мотивировкæгонд у, фæлæ Геуæргийæн æвæццæгæн, йæ къух нæ арæзта, Биаслантæн сæгъы фыд марг цæмæй у, йæ бас та — хос, уый фаг бæрæг кæй нæу, уый тыххæй. Геуæргийы фæндыд, цæмæй уазджыты мæлæт реалистондæр уыдаид, фæлæ, адæмон вариантты æбæлвырддзинад иуварс кæнгæйæ, фаг уырнинаг нæ рауад йæхи верси дæр: дыууадæс лæджы тæвд басæй нæ амардаиккой. Фæлæ дзы сæйраг уый нæу. Сæйраг уый у, æмæ Биаслантæ, адæмон вари- антты куыд у, афтæ Уазы фыййауæн йе ’рвадæлтæ не сты, уымæ гæсгæ, сæ тæригъæд райсынæй кæй тæрсы, уыцы момент Геуæрги аиуварс кодта. Адæмон вариантты уазджытæн сæ кæстæр басæй кæй схуыпп кодта, удæгасæй кæй баззад æмæ фиййауы кæй амары, уыцы момент дæр Геуæрги аппæрста, уымæн æмæ йын сæйраг у æлдæрт- тыл мæгуыр фыййауы уæ^ахиз. Зындгонд фольклорон ситуаци рухс кæны поэтæн йæхи рухсæй, поэт Сау хохы фыййауы дзыхæй хæссы йæ тæрхон адæмы æфхæрджытæн: «Мæгур адæмæн тухгæнæг ка уа, йе де уазгутау фудвæндаг фæууа... Нур еци исæвд фæди фæдмæ дæр нæ тухгæнгутæн дæнцæн байзайа! Нур уоци коймæ и Биаслантæн хауæг бæласау сæ нифс басæтта!» Гуйманы тыххæй адæмон кадджытæй (уыдон дæр цалдæр вари- анты сты) фыццаг хатт (1913 азы) спайда кодта Багъæраты Созыр (поэмæ «Дууæ æрдхуарди»). Æмткæй сюжет нæ аивгæйæ, Созыр архайд ахаста Нарты дугмæ. Ныхасы адæм дис кæнынц: цæмæн бады мигъ урс хохыл æмæ цæй нæрын хъуысы? Бæрæггæнæг ацыд Гуйманы æрдхорд Дзæуæг. Рагæй йæм хæлæг кодта æмæ йæ мæн- гардæй коммæ фесхуыста. Гуйманы куыдз Селæн зыдта хабар, стæй ма Гуйман мæлгæйæ æвдисæнтæ бакодта хур æмæ тæгæрæй. Дзæуæг бацæры Гуйманы усимæ. Усæн йæхи фæндыд, цæмæй Гуйман фесæ- фа æмæ йæ лæг суа Дзæуæг. Афæдзы хисты бон Дзæуæджы къусмæ æртахтысты тæгæры сыфтæртæ. Адæм базыдтой æцæгдзинад, Селæн адæмы раз Дзæуæджы ныргæвста. Адæм куыдзæй баззадысты бузныгæй, фæлæ ус абонмæ дæр у тæрхойнаг, худинаггаг. Афтæмæй, адæмон вариантты хъауджыдæр, Созыр, иуæй, Гуйманы архайд ахаста нæртон заманмæ, иннæмæй та — Гуйманы усæй скодта фыдгæнды æмдзæхдон. Адæмон вариантты ус æцæгæй смой кæны йæ лæджы мæнгард æрдхордæй, фæлæ æцæг- дзинад куы базоны, уæд йæхæдæг райсы йæ лæджы маст — йе зна- джы цыррæхойы хъамайæ æмæ ацæуы йæ цæгатмæ. Ацы хицæн цауыл амад у Геуæргийы уырыссагау фыст романти- кон балладæ «Месть» (1915). Абырæг Измаил æрыгон Гиданнæйæн йæ лæг Гурийы амæлæты афæдзы бон æргом кæны йæ уарзт, фæлæ 30
уыцы рæстæджы Гурийы æвдисæн — тулдзы сыфтæр — æрбатахт къæсмæ, зындысты йыл туджы æртæхтæ. Измаил Хуыцауы барвæнд бамбæрста, загъта, зæгъгæ, Гурийы марæг йæхæдæг у. Æмæ «сверк- нул Гиданнин взор злорадно — и глухо вскрикнул Измаил: дух мести черной беспощадно во грудь кинжал ему вонзил». Ам нæй, Измаил цæмæн амардта Гурийы, уый аххос (хæлæг), нæй дзы, йæ усмæ йын кæй хъавыд, уый дæр, æрмæст æй нæ бон у, æмæ (адæмон мотиви- ровкæ кæй зонæм, уымæ гæсгæ) гæзæмæ хатæм Измаилы зæрдæр- гомгæнæн ныхасæй. Балладæйы закъæттæм гæсгæ, алцыдæр, цыма, æрцæуы æнæ аххосæй. Геуæрги нын раныв кодта ахæм æвирхъау цау, мах дисы чи бафтауа, чи нын нынкъусын кæна нæ зæрдæ. Уый йæ къухы куы бафтыд, уæд æваст фæурæдта, фæлыг кодта йæ тау- рæгъхæссæг ныхас. Гуйманы кадджыты сюжетмæ дыккаг хатт йе ’ргом куы скодта Геуæрги, уæд ын йæ адæмон бындур æнæивгæ ныууагъта. Биаты Хъасбол йе ’рдхордмæ хæлæг кæй кодта, уымæ гæсгæ йæ коммæ фесхуыста. Селæн хъæргæнæг фæци Гуйманы мардмæ. Геуæрги бын- тондæр аиуварс кодта æрдзы мастисыны мотив — нæ дзы сты хур æмæ тæгæры сыфтæртæ. Иæ хицауы туг нæ райсы Селæн дæр. Аиуварс кодта, Гуйманы усмæ Хъасбол кæй хъавы æмæ йæ кæй ракуры, уый дæр. Геуæрги Гуйман æмæ Хъасболы ахастытæн нæ радта социалон мотивировкæ дæр, — фольклорон хæрзæгъдау æмæ этикон æмбары- нады арæнтæй æддæмæ нæ хизынц. Хъасболы архайды сæйраг у хæлæг: Гуйман у хорз, хъæбатыр цуанон, адæмы уарзон, æз ахæм нæ дæн æмæ йæ хъуамæ амарон, цæмæн хъуамæ уа исчи мæнæй хуыздæр æмæ номдзыддæр! Фæлæ, фольклоры «æрдзондзинад» æнæбахъыгдаргæйæ, Геуæр- ги уæддæр равдыста йæхи «идеологон æгъдау». Адæм сæхæдæг, æнæ искæй æххуысæй æмæ амындæй, фæгуырысхо сты Хъасболыл, фæ- сидтысты йæм æмæ йын æргомæй загътой, зæгъгæ, топпы фат (нæ- мыг) фехсдзыстæм арвырдæм æмæ кæд дæ фыдбылызæй ницы ’рцыд, уæд фæстæмæ раздæхгæйæ дæуыл нæ сæмбæлдзæн. Фехстой топпы фат æмæ фæстæмæ куы раздæхт, уæд Хъасболæн йæ тæккæ сæры ныссагъд æмæ амард. Афтæмæй æрдз (хур, тæгæры сыфтæртæ, Се- лæн) нæ, фæлæ адæм сæхæдæг сты тæрхонгæнæг æмæ æнæаххос лæджы мастисæг, адæм сæхæдæг бæрæг кæнынц сæ астæу хорз дæр æмæ æвзæр дæр, раст дæр æмæ зылын дæр. Ацы хъуыды æмзæл, æмуд уыд Геуæргийы идеологиимæ: адæм хъуамæ уой сæ хъысмæты хицау, иумæйаг тыхтæ æмæ зондæй аразой сæ цард, сæ тох æмæ сæ куысты сæр сæвæрой рæстдзинад æмæ гуманизм. Адæмон хæрзæгъдау æмæ этикон темæйыл амад у Геуæргийы поэмæ «Дзандзирахъ» (1927). Фольклорон зарджыты Дзандзирахъы лæг Темысаты Айдар ацæуы балцы афæдзы æмгъуыдмæ (кæнæ хос- кæрдынмæ), Дзандзирахъмæ æрцæуы йæ къухылхæцæг Муалсаты Артуд. Иу варианты йын батых кодта, Дзандзирахъ йе ’фхæрд нæ бабыхста, йæ сæрмæ йæ не ’рхаста æмæ йæхи доны баппæрста. Æндæр варианты йæ марæг у Артуд (æвæццæгæн, тарсти, куы мæ рахъæр кæна, зæгъгæ, æмæ йæ амардта). Æртыккаг варианты Дзандзирахъ 31
ком нæ радта Артудæн æмæ йæ куы зæгъа йæ лæгæн, уымæй тæрс- гæйæ, Айдары сардыдта, де ’фсин, дам, дæ аккаг нæу, хæзгул, дам, бакодта, æмæ Айдар Дзандзирахъы æхсæвы хидæй донмæ аппæрста. Айдар базыдта Дзандзирахъы рæстдзинад (куыд, цы амалæй, уый бæрæг нæу) æмæ марды уæлхъус ныззарыд, зæгъгæ, абонæй фæс- тæмæ мачиуал рамарæд йæ уарзон æмбалы искæй дзыхы ардыдæй. Ацы чъынды, фæлæ драматикон æрмæг райсгæйæ æмæ уымæй дзæвгар дарддæр ацæугæйæ, Геуæрги ранывæста хæрзконд æмæ фи- дауцджын сюжет, цауты аххосаг æмæ фæстиуæгæн радта бæлвырд мотивировкæ. Æвдæм хатт æрæмбырд сты Къаматæ æмæ уынаффæ кæнынц: кæм æмæ куыд фесæфт сæ чындз, кæм æй агурой æмæ кæмæн хъарой сæ тæригъæд? Дзандзирахъы сæрмагонд хъысмæт адæмæн у иумæйаг сагъæс, адæм сты рæстдзинад агурæг (Гуйманы поэмæйы куыд у, афтæ), æмæ куы ссарынц Дзандзирахъы мард, уæд сæм сæвзæрд гуызавæ, сæ зæрдæ фыццагдæр фехсайдта Дзандзи- рахъы лæг Хъамболатмæ. Ирон æгъдаумæ гæсгæ, марды цур мæнг дзурæн кæй нæй, уымæ гæсгæ Хъамболат басаст, зæгъгæ, Къундзайы- фырт æй сардыдта, Дзандзирахъ, дам, у хæзгулдар æмæ йæ амард- та. Марды уæлхъус æмæ адæмы раз басаст йæ фыдгæндыл Къунд- зайы-фырт дæр, æмæ раргом æвирхъау фæстиуæджы (Дзандзира.гьы мæлæты) аххос: рагæй нымæхст уарзт кодта Дзандзирахъы, æрымы- сыд мæнг дау, кæд æй, зæгъгæ, Хъамболат арвитид йæ цæгатмæ æмæ йæ уæд æркæнид йæхТГцæн усæн. Адæм ссардтой æмæ базыдтой рæстдзинад, фæлæ тæрхон (Гуйма- ны поэмæйы хъауджыдæр) сæхæдæг нæ рахастой. Æгæрыстæмæй сын æргомæй хуымæтæг уайдзæф дæр нæ бакодтой. Фæлæ уымæй Геуæрги адæмы ахадындзинад, мыййаг, нæ фæныллæгдæр кодта, пассивон роль сын нæ радта. Адæм æппæт сæ ахаст, сæ зæрдыуагæй бамбарын кодтой аххосджынтæн, зæгъгæ, рæстдзинад у уæ ныхмæ æмæ ныр уæхæдæг уæхицæн тæрхонгæнæг фæут, æмæ афтæмæй сæх- хæст уыдзæн адæмы фæндон, сæ кæнон бакæндзысты адæмы хæрз- æгъдау æмæ этикæйы нормæтæ. Ам Геуæрги романтикон поэмæйы закъæттæм гæсгæ алыг кодта уацмысы конфликт: Дзандзирахъы мар- дæй афæдз куы рацыд, уæд Хъамболат æмæ Къундзайы-фырт амард- той кæрæдзи, романтикон хъайтартæн куыд æмбæлы æмæ куыд фи- дауы, афтæ. Адæм сыл физикон æгъдауæй стæрхон кодтой, фæлæ адæмы хæрзæгъдауы тæрхон сæххæст кодтой сæхæдæг, адæмы æхсæн цæрыны аккаг кæй не сты сæ дыууæ дæр, уый тыххæй, кæд сæм аххос æмхуызон нæ хаудта, уæддæр: иу дзы у фыдгæнд æрымысæг, ардауæг, фæсайаг (сæйраг аххосджын), иннæ — фыдпёнд æххæст- гæнæг, ардыдыл баууæндæг, сайды фæуæг, æмæ сæ дыууæ дæр, адæ- мы хъуыдымæ гæсгæ, хæссынц æмхуызон бæрн. Уымæ гæсгæ дзы сæ иу се ’ннæйы нæ амардта, фæлæ фесты кæрæдзийы амæттаг. Поэмæйы цауты аххосаг æмæ фæстиуæгæн ирд мотивировкæ кæй ис, алцыдæр дзы логиконæй кæрæдзийыл баст кæй у, уый йын дæтты реалистон бæлвырддзинад, фæлæ уымæй ивы æмткæй йæ романти- кон ахаст. Реалистон элементтæн сæ бон у, æмæ органиконæй бацæ- уой романтикон поэмæйы структурæмæ, дæттой йын зæххон уырни- 32
наг хъару æмæ уыциу рæстæг сæхæдæг дæр райсой романтикон уаг, романтикон уæлвонгдзинад. Уымæй хъæздыгдæр кæны романтикон поэмæйы мидис, аивадон ахадындзинад, фæлæ æмткæй нæ сæфынц жанры иумæйаг спецификон миниуджытæ. Романтикон райдайæн — Дзандзирахъ фесæфт, цы йыл æрцыд, кæм ис? Романтикон сусæгдзинад мах уайтагъд сцымыдис кодта йæ- химæ. Романтиконæй ныззары фиййау адæмы æмбырдмæ, диссаг, дам, федтон — доны фæйлауынц сызгъæрин сырх дзыккутæ. Стæй поэт романтиконæй афыссы Дзандзирахъы дзыккуты хъазт доны уылæнтимæ («И фæлхъæзæнти æнцойнæ тæгтæ-тæгтæ фæйлаунцæ, — уалдзигон хорау сæ гъазти æнæ дауæ федаунцæ»). Романтикон уавæры бакæны йæ фыдгæнд Хъамболат: хъамайæ Дзандзирахъы зæрдæ ныррæхуыста æмæ йын йæ мард хидæй аппæрста («Куд них- хаудтæй мард и донмæ, уой æстъалутæ уидтонцæ... Уой цæхъалмæ кæрæдземæн десæ-дзорæ фæккодтонцæ»). Романтикон-фæдисон у, цалдæр раны чысыл фендæрхуызонгондæй фæлхатт чи цæуы, адæмы уыцы портрет: Къаматæ тæрхоны бадынц, донмæ ныццæуынц æмæ рахæссынц Дзандзирахъы мард, хистæй ахæлиу вæййынц «æд лæдз- гутæ, æд хъæматæ». Ацы деталь, иуæй, æвдисæн у, цахæмдæр æна- хуыр, æвирхъау диссаг кæй æрцыд, уымæн, иннæмæй та — цырын кæны æмткæй поэмæйы романтикон зæрдыуаг. Æмæ æппынфæстаг, кæронæй, романтикон у Хъамболат æмæ Къундзайы-фырты мæлæт. Махæн дзы алцыдæр бæлвырд у, фæлæ сыл уæддæр поэт, цæмæй поэмæ тынгдæр фæромантикон уа, уый тыххæй дзуры æбæлвырдго- мау, комкоммæ нæ зæгъы, зæгъгæ, иу дзы уыд Къундзайы-фырт, иннæ та — Хъамболат, фæлæ «Йеу хундтæй уонæй Къундзай-фурт, Хъамболат инней худтонцæ». Афтæ ма комкоммæ нæ зæгъы, зæгъгæ, дыууæ аххосджыны фембæлдысты æмæ кæрæдзи амардтой, фæлæ — «æвæццæгæн, и фæндагбæл фудæмбæлæ фæккодтонцæ». Бæлвырд хъуыддæгтыл ахæм æбæлвырдгомау, цыма цахæмдæр æнахуыр су- сæгдзинад у, ахæм хуызы дзургæйæ, поэт кæронмæ æргом кæны йæ поэтикон уынынад æмæ æвдисынады романтикон уаг. Геуæргийы иннæ поэмæтæн алкæд нæй комкоммæ фольклорон аналогтæ, фæлæ уæддæр сæ ситз’ацитæ, сæ афыстон уаг, сæ хъайтар- ты архайд, сæ конфликты арæзт бирæ цæмæйдæрты сты фольклорон уацмысты хуызæн. Ам бафиппайын хъæуы уый, æмæ, чи зоны, уыцы поэмæтæн дæр уыд фольклорон варианттæ, фæлæ фыст не ’рцыдыс- ты, чи зоны, Геуæрги сæ искуы фехъуыста æмæ уыдонмæ гæсгæ ранывæста йæ поэмæтæ. Куыдфæндыдæр куы уа, уæддæр гуырысхойаг нæу Геуæргийы поэмæты органикон бастдзинад адæмон сфæлдыстадимæ. Абайты Вассойы загъдау, «вдохновенный поэт-романтик и вели- кий мечтатель», Геуæрги хъæддыхæй бæлвырд кодта, зæгъгæ, фæл- лойгæнæг адæм сæ куыстуарз, сæ хъæбатырдзинад, сæ арæхст, сæ аивадон курдиат æмæ сæ бирæ æндæр миниуджытæй хуыздæр сты æмæ бæрзонддæр лæууынц тыхгæнæг, æввонгхор, эксплуатацигæ- нæг къордтæй. Кæд арæх фæллойгæнæг мæгуыртæ физикон æгъда- уæй æлдæртты амæттаг фæвæййынц (амарынц сæ, алыхуызон фыд- 3 Дзуццаты Хадзы-Мурат 33
митæ сын бакæнынц), уæддæр æлдæртты тыхæй тыхджындæр у мæ- гуырты тых. Хуымæтæджы нæу ахæм хабар, æмæ хъомгæсы фырт мæгуыр Мæхæмæт æмном поэмæйы йæ ахаст, йæ уадындзы цагъдæй кæй басаста ханы сæрыстыр чызг Гиданнæйы зæрдæ. Хан равдыста йæ тых — Мæхæмæты саудзыкку сæр ракъуырдта фæрæтæй, фæлæ Мæхæмæты уды тых тыхджындæр у ханы физикон тыхæй — Мæхæ- мæт йæ цагъдæй чызджы зæрдæйы цы уарзт райгуырын кодта, уый тыхджындæр у ханы тыхæй æмæ — йæ физикон æвдисæн — Ги- даннæ болат хæсгардæй барæхуыста йæ зæрдæ æмæ амард. Ам зындгонд фольклорон ситуаци (чызг амары йæхи йæ уарзоны амæлæты фæстæ) формалонæй, цыма, ницæмæй аивта, фæлæ йæ идейон мидис арфдæр æмæ ахадгæдæр у. Гиданнæйы уарзтæн ис конкретон, хæрзæгъдауон-этикон бындур, æмæ кæд Мæхæмæты бон баци Гидан- нæйы зæрдæ басæттын, уæд ханæн та йæ бон нæ баци йæхи чызджы басæттын. «Басæттын» — ацы дзырд, куыд физикон архайд, афтæ, хауы ханмæ, куыд уды архайд, афтæ та — Мæхæмæтмæ. Мæхæмæт басаста Гиданнæйы «æрдзонæй», æнæтыхмийæ (Гиданнæйы зæрдæ ныццавтой Мæхæмæтæн йæ рæсугъд хæтæлдзагъд æмæ «йæ фыццаг уынд, йæ фыццаг бакаст», ома æддаг бакастæй дæр æмæ мидрæсугъд- дзинадæй дæр фæцыд йæ зæрдæмæ). Цымыдисаг у уый, æмæ Ги- даннæ йæ уарзт æвдисы йæ архайдæй дæр (мæсыгæй йæм кæсы, хуры тынау ын срухс кæны йæ цæсгом) æмæ йæ ныхасæй дæр (æргомæй загъта йæ фыдæн, зæгъгæ, йæ чызгон зæрдæ Мæхæмæтæн у нывонд), Мæхæмæт та Гиданнæйы уарзтæн йæ кой дæр нæ кæны, уарзы йæ æви нæ, уый дæр нæ базонæм. Мæхæмæты ахæм пассивон уагахаст æмæ Гиданнæйы активон уарЗт ууыл дзурæг у, æмæ Мæхæмæт ханы чызгмæ нæ, фæлæ Гиданнæ йæхæдæг тырны Мæхæмæтмæ, уымæн æмæ рæстдзинад æмæ рæсугъддзинад сты Мæхæмæты фарс, æмæ Ги- даннæ слæууыд Мæхæмæты фарс «æрдзонæй», барвæндæй йын йæ хъысмæты æмбал йæхи бакодта. Афтæмæй традицион ситуаци æргом кæны хантæ æмæ мæгуыр- ты æхсæн социалон конфликты фæстиуæг — кæд Мæхæмæт фæци ханы амæттаг, уæддæр Мæхæмæт у ханæй уæлдæр. Зæгъæн ис, хан Мæхæмæтæй исы йæ маст, Мæхæмæт дзы бæрзонддæр кæй у æмæ ханы чызгæн Мæхæмæты бæрзæнд бæлиццаг кæй у, уый тыххæй. Уыцы мастистæй хан æнхъæл уыд, зæгъгæ, равдисдзæн йе ’гæрон хъару, йæ уæздандзинад, йæ чызг ын райгондæй баззайдзæн йæ «ха- нон рæстдзинадæй», фæлæ уыцы мастистæй хан æрмæст сбæлвырд кодта, зæгъгæ, Мæхæмæт у ханæй бæрзонддæр, уымæн æмæ ханы чызг йемæ амардта йæхи, хан йæхæдæг та — Мæхæмæтæй ныллæг- дæр, уымæн æмæ йæ чызг Мæхæмæты фæстæ ханимæ цæрын йæхи- цæн аккагыл нæ банымадта. Поэмæйы адæмы роль, иннæ поэмæтимæ абаргæйæ, чысыл мы- нæггонддæр у, фæлæ йæ уæддæр бæрæгæй æнкъарæм. Хæхбæсты стонг аз куы скодта, уæд хъомгæсы фырт Мæхæмæт ацыд куыстагур, искуы хъуамæ æххуырсты ныллæууа æмæ йæ зæронд фыды фæдары- нæн исты амæлттæ бакæна. Иу хъæуы йын адæмы æмбырд-ныхас бауынаффæ кодтой, зæгъгæ, ханы хъæумæ ацу, уый дæ, чи зоны, 34
баххуырса. Мæхæмæтæн йæхи хъæуы, стæй йын уынаффæ кæм кæ- нынц ныхасы адæм, уым социалон дихдзинæдтæ ис æви нæ, уый бæрæг нæу, фæлæ ханы хъæуы ханмæ ис бирæ цагъартæ, кусджытæ. Уыдон активон тых не сты, Мæхæмæт дæр у уыдон хуызæн. Æрмæст сæ Мæхæмæт уымæй хицæн кæны, æмæ хорз цæгъды уадындзæй, ис æм аивадон курдиат. Æмæ уыцы курдиат у йæ амондаразæг дæр (бауарзы йæ ханы чызг Гиданнæ) æмæ йæ амондсафæг дæр (Гидан- нæйы уарзты тыххæй йæ амары хан). Ханы кусджытæ æмæ уыдо- нимæ Мæхæмæт дæр пассивон сты, Гиданнæмæ æлдары фырты ми- нæвæрттæ куы ’рцыдысты, стæй хан Мæхæмæты куы мары, уæд æмхуызон у сæ архайды сурæт — фыццаг хатт: «Ци ’й, ци згули ес и хани тургъи? Тарст мулдзугутау раледз-баледзæ, гъуди зелæнтæ цæ- мæн кæнунцæ и тургъи медæг хани косгутæ?» æмæ дыккаг хатт: «Ци ’й, ци згули ес и хани тургъи? Тарст мулдзугутау катайтæгæнгæ цæбæл зелунцæ хани косгутæ, хани косгутæ и тургъи медæг?» Ханы архайдæй разы кæй не сты, тарст кæй сты, стæй Мæхæмæты ма- рынмæ куы ракæны, уæд катайтæ кæй кæнынц, уымæй дарддæр сæ ахаст, сæ цæстæнгас не ’ргом кæнынц ханмæ æмæ ханы архайдмæ. Хан Гиданнæйæн куы зæгъы йæ карз, схъæл æртхъирæн («Уæ, гъæ- ла кизгай, ду аци бонæ ку фæууиндзæнæ, куд фæууарзунцæ ханти кизгуттæ гъонгæсти фуртти!»), уæд æм нæ раргом кæны йæ ахаст Гиданнæ. Уый фæстæ, Мæхæмæты куы амары, уæд хан йæ кусджы- тæн ногæй чысыл фендæрхуызонгондæй куы зæгъы йæ карз, схъæл æртхъирæн, уæд æм сæ ахаст нæ раргом кæнынц кусджытæ дæр. Фæлæ Гиданнæ ныхасæй цы нæ раргом кодта, уый раргом кодта архайдæй — йæхи амардта. Уый фæстæ поэт равдыста адæмы ахаст дæр сæ иумæйаг, символон сурæтæй: «Къех райзадæнцæ уæд игъос- гутæ, цæветтонгæ ма сайди фæцæнцæ, ’ма фестадæнцæ æмир цавд- дортæ». Кусджытæ æмæ хъусджытимæ ис хан йæхæдæг дæр, æмæ се ’ппæт дæр æваст бамбæрстой, зæгъгæ, сайд у, мæнг æмæ æнаккаг, æлгъаг у ханы тых, йæ рæстдзинад, æмæ æцæг æмæ рæсугъд у, адæймаджы аккаг у Мæхæмæты тых, йæ рæстдзинад. Уыдон се ’ппæт дæр æвирхъау дисы бахаудтой, уыцы хуымæтæг рæстдзинад ныронг кæй нæ бамбæрстой, уый тыххæй, æцæг цавддуртæй хъауджыдæр хъуамæ ма уой, уыцы рæстдзинад æмбарынхъом чи нæу, уыдон. Поэмæйы традицион-фольклорон кæрон — Мæхæмæт æмæ Ги- даннæйы мæлæт — Геуæрги афтæ сбаста уацмысы иумæйаг мидыз- мæлдимæ, социалон конфликтимæ, æмæ дзы раргом кæны ахсджиаг идея — æфхæрджыты æгъдау æмæ рæстдзинадæй бæрзонддæр у æфхæрдты æгъдау æмæ рæстдзинад. Мæхæмæтмæ хæстæг лæууы Гудзуна дæр (æмном поэмæ, 1934). Кæмдæр сæ афыст æмæ сæ арæхстдзинад сты кæрæдзийы æнгæс. Гудзунайы фæлгонц ныв кæнгæйæ, Геуæрги барæй сарæзта тых- джын, цæхгæр контраст хъайтары æддаг бакаст æмæ йæ миддунейы æхсæн. Æваст æркæсгæйæ, Гудзуна у бынтон зæххон, ординарон, худæг-комикон адæймаг. Йæ фезмæлд, йæ фердæхтæй у хъуынтъыз æмæ хъуынджын арсы хуызæн. Чызджытæ æхсæр тоныны фæстæ, хъазт куы сарæзтой, уæд Гудзуна бæргæ рахъавы гæрæныл агæпп 35
кæнынмæ, фæлæ гæрæн æрхауы, æрызгъæлынц æхсæртæ. Цы хъуа- мæ уа ахæм адæймагмæ романтикон сæрыстыр, æнæрцæф, æнахуыр цæстæвæрæн, дисыфтауæг бакастæй æмæ фердæхтæй рæсугъд, зæр- дæскъæф хъайтары миниуджытæй! Фæлæ йын йæ уадындзы цагъдмæ æрдз кæй æрыхъусы, стæй Мулдары æфсады ныхмæ ахъаззаг æхсар кæй равдисы, уымæй Геуæрги бæлвырд кæны, зæгъгæ, романтиконд- зинад нæу цахæмдæр равзаргæ, уæлбикъон удгоймæгты привилеги, — романтикон сты фæллойгæнæг адæмы хуымæтæг минæвæрттæ, суанг æдде бакæсгæйæ фыдуынд æмæ худæг чи у, уыдон дæр, æмæ уымæ гæсгæ сты романтикон аив амалтæй равдисыны аккаг, роман- тикон кады бæрзæндмæ сисыны аккаг. Фæлæ цæмæй адæймаг раргом кæна йæ романтикон мидхъару, уый тыххæй хъуамæ йæ цард, йæ куыст, йæ тох йæхи сæрвæлтау ма уой, — хъуамæ сæ сбæтта адæмы иумæйаг хъысмæтимæ, адæмы сæ- рибар æмæ амондимæ. Ацы хабарæй Геуæрги хаста хæдхуыздзинад традицион романтикон аивадмæ, лæвæрдта йын ног уаг, ног ахаст. Гудзуна тыхсы йæхимидæг, чызджытæ ^йыл кæй худынц, адæм æй кæй ницæуыл нымайынц, уый тыххæй. Йæхи фæрсы: цæмæн у æгад фæсивæды æхсæн, кæмæн хъара йæ тæригъæд, цæуылнæ йын ис дзыллæйæ лымæн, цæмæн æмбæхсы чызгайæ йæ уарзт æмæ а.д. Йе ’мвиййау Бæбæтæн раргом кодта йæ зæрдæйы сусæг: уарзы йын йæ чызг Гудзайы æмæ йын æй удæмбалæн куы раттид. Бæбæтмæ худæг фæкаст Гудзунайы фæндон, йæхицæн æй æфхæрдыл банымадта æмæ йын цæхгæр «нæ» загъта. Сæхи йыл тигъ кæнынц чызджытæ, йæхи йыл тигъ кæны Бæбæт дæр. Адæмæй, цыма, фæиппæрд, адæмæй йæ ничи ис æмбарæг, алкæмæн дæр у æцæгæлон. Ахæм уавæры, тради- цион романтикон хъайтарау, Гудзуна хъуамæ логиконæй æрцæуид цæхгæр уынаффæмæ — хъуамæ йæхи сæвæрид адæмы ныхмæ, хъуамæ индивидуализмы маргæй байдзаг кæнид йæ уд æмæ бакæнид æвир- хъау митæ, кæд æппын ницы, уæд Гудзайы уæддæр хъуамæ раскъæ- фид æмæ йæ къуылымпыгæнджытæн æгъатыр митæ фæкæнид. Фæлæ Гудзуна ахæм фæндагыл нæ ныллæууыд, уымæн æмæ æрдзæй зонд- джын, æмбаргæ æмæ хъаруджын у. Иугæр æй æрдз æмбары йæ музыкалон курдиаты фæрцы («Гъæйдæ-гъа, цæгъдун нийдайуй, — æд хæтæл æдули нæй. Уой, десгæнгæ, ниффæнзунцæ хуæнхтæ, кæмттæ æмбурдæй»), иугæр æм нæртон Ацæмæзы хъæстæйæ ис, уæд гæнæн нæй, æмæ йæ адæм ма бамбарой. Диссаджы ныхас — «æд уадындз æдылы нæу» — хуымæтæджы ныхас нæу. Гудзуна йæ драматикон тыхстмæ куы бахæццæ, уæд æхсæвы, доцы сæрмæ бадгæйæ, чи зоны, — фæрсы поэт, — хъавы йæхи доны нывзилынмæ, ома йæхицæй фер- вæзынмæ? Фæлæ æрдзæй курдиат рахæссæг, «æд уадындз» адæймаг бæллы кадимæ мæлынмæ, кад та йæм, адæмæн исты хорз куы ракæ- на, адæмы сæрыл тохы куы рамæла, уæд æрцæудзæн. Уымæй дæр абстрактон адæмы сæрыл нæ, фæлæ конкретон — фæллойгæнæг адæ- мы сæрыл тохы хъуамæ равдиса хъæбатырдзинад. Æмæ Дыгургоммæ куы ’рбабырстой æлдар Мулдары æфсæдтæ, уæд Гудзуна адæммæ фæсидт, зæгъгæ, æлдæртты ма ’рбауадзæм, æлдарадæн ком раттын æнустæм худинаг у. 36
Гудзуна тохмæ рацыд адæмимæ иумæ (иунæгæй нæ). Æртæ боны æмæ æртæ æхсæвы нæмгуыты хъæр нæ банцад. Гудзуна къæдзæхы иу хуыккоммæ бабырыд æмæ уырдыгæй мæлæтхæсс нæмгуытæ æрвы- ста йе знæгтæм. Фæлæ иуафон адæмæн сæ нæмгуытæ фесты, тох фæхъус, æмæ æлдæрттæ сæ ных сарæзтой Гудзунайы бадæнмæ. Бæр- цæй ма йæм æртæ нæмыджы баззад, фæлæ знæгтæй нæ фæтарст, нæдæр мæлæтæй. Чи йæм сцæйцыд, уыцы барджытæй иуы æрæп- пæрста, иннæтæ фæстæмæ фездæхтысты, фæлæ та ногæй тох сцы- рын, æмæ Гудзунайы зæрдæйы судзгæ нæмыг банцад. Поэмæйы кæрон, йæ лирикон ныстуаны Гудзунамæ, поэт, цыма, аразы йæ хъайтары цард æмæ тохæн фæстиуæг. Гудзуна адæмы сæр- вæлтау рауæлдай кодта йæ цард, æмæ йыл искæй чызг йæ цæссыг не ’ркалдзæн, йæ номыл ын хъæу мæсыг нæ самайдзысты, уæддæр æгад нæу, йæ ингæны цур æй æрымысы фæндаггон. Поэты ныстуан йæ- хæдæг у хъарæг, дзуры мард Гудзунамæ, дзуры йæм йæхи номæй æмæ адæмы номæй. Поэт Гудзуна æмæ Гудзунайы хуызæн зæххон æмæ романтикон адæймæгты номыл самадта мæсыг — сæхийау фи- дауцджын æмæ поэтикон. Хуымæтæг, хæххон фыййау романтикон удыхъæды хицау кæй у, иумæйаг коллективон архайды йæ бынат кæй ссардта æмæ дзы кæй расгуыхт, уый сæхицæн æнæнхъæлцау байгом кодтой адæм. Цас тых, цас рæсугъддзинад, цас бæрзонддзинад ис хуымæтæг, мæгуыр адæй- магмæ, уый фенгæйæ, дисы бахаудтой, Гудзуна сæм тохмæ куы фæ- сидт, уæд: «Фæкъкъех æнцæ сæ фурдесæй нæ игъосгутæ куддæр, — кæцæй фæцæй Гудзунамæ уæхæн зæрдæ, уæхæн сæр?» Æмæ канд дисы нæ бахаудтой, фæлæ ма сæхæдæг сæхиуыл дæр æрхудтысты, фæллойгæнæг адæймаджы зæрдæйы, суанг кæуыл худынц, уый (ам: Гудзунайы) зæрдæйы дæр кæй гуырынц æмæ цæрынц дунейы стыр- дæр æмæ бæллиццагдæр хæрзиуджытæ, уый тыххæй. Кæд сылгой- мæгтæ Гудзунайыл раздæр худгæ кодтой, уæд — поэмæйы кæрон — «нæ ходунцæ Гудзунабæл нур дондзаутæ сæумигон». Поэт, цыма, адæмы (æмæ мах, чиныгкæсджыты) цæстытæ байгом кæны царды ахсджиагдæр рæстдзинадмæ. Поэмæ «Гудзуна»-йæ романтикондæр у йæ сюжетон-композицион арæзт æмæ йæ фысты манерæмæ гæсгæ поэмæ «Темур-Алсахъ» (1934). Поэт райдайæны радта Кеты хъæуы географион сурæт, радта йæ, Лермонтовы «Мцыри»-йы куыд у, афтæ, æмæ уый æмдзæвгæама- дæй. Поэмæйы фыццаг хайы Кет хъæлдзæг куывды бадынц, æваст фæзыны барæг, кæсгон æлдар Дзасболаты минæвар, хъуамæ йын Кет уой хъалондар («Хъалон — æд рæвдзæ саргъи бæх, кизгай — рæсугъд æма дзæбæх»), кæд не сразы уой, уæд сæ бафхæрдзæн, уынгæджы фæуыдзæн сæ цард. Дзасболат æд æфсад лæууы фæсхъæу æмæ изæрмæ хъуамæ райса дзуапп. Кет æм арвыстой сæ минæвар, загъта йын, зæгъгæ, Кетæй æлдар хъалон ма агурæд, уымæн æмæ кетæгтæ сты сæрибар. Кеты минæвар загъта æлдарæн, цæмæй сæм бауазæг кæна («хылæй фидыд хуыздæр у»), лæбурыныл ма слæууа. Æлдар йæ фæнд нæ аивта, æмæ кетаг куы ацыд, уæд ног дзуапмæ æнхъæлмæ нал фæкаст, фæлæ хъæуæй иу чызджы аскъæфта. Ке- 37
тæгтæ фæдис ныхъхъæр кодтой. Фæсхъæу хæрды æлдары размæ фæци иу лæппу, æлдары амардта, йæхæдæг тары æрбайсæфт, чызг хъæумæ ралыгъд. Афтæмæй иумæйаг эпикон уылæны хъæбысы сыстад индивидуа- лон хъысмæт, адæмы эпикон фæнд сæххæст кодта иу адæй-маг. Чи у уыцы хъайтар, уый рабæрæг вæййы поэмæйы дыккаг хайы æмæ йын уым базонæм йæ ном — Темур-Алсахъ, уым ын базонæм йæ царды хабæрттæ, йæ удыхъæд æмæ йæ дарддæры хъуыддæгтæ. Ахæм ама- лæй поэт æргом кæны адæмы эпикон æмæ хъайтары романтикон тырнынады иудзинад. Темур-Алсахъ у адæмы минæвар, адæмы ин- терестæ æмæ бæллицтæ æвдисæг, адæмы сæрибары сæрыл æлдæртты ныхмæ тохгæнæг. Уый индивидуалистон романтикон хъайтар нæу, фæлæ — кæд афтæ зæгъæн ис, уæд — коллективистон романтикон хъайтар. Уыцы миниуæгæй Темур-Алсахъ у Гудзунайы хуызæн. Гу- дзунайау, уый дæр афæдз раздæр Сеойты зæронд лæгæй куырдта, цæмæй йын йæ чызг Дигизайы радта, фæлæ йын «нæ» загъта. Æрмæст Гудзунайы зæронд Бæбæт бафаудта æдылыйæ. Сеойты зæронд та Алсахъы бафаудта мæгуырæй. Ныр Дигизайы æлдары дзæмбытæй куы байста, уæд ын разыйы ныхас загъта чызджы фыд, фæлæ Ал- сахъ йæхæдæг ахæм лæвар райсын йæ сæрмæ нал бахаста. Алсахъ у сæрыстыр æмæ æнæрцæф удгоймаг, иухатт ын аргъ кæй не скодтой, уый дзы нæ ферох уыдзæн, иухатт ын «нæ» кæмæй загътой, уый ныр нал райсдзæн. Алсахъ йæ къух систа йæхи сæрмагонд, индивидуали- стон амондыл æмæ зонгæ-зонын, æмбаргæйæ йæхимæ райста адæмы мæт, йæхи нывондæн æрхаста адæмы сæрвæлтау. — Адæм æмæ Алсахъы æхсæн ис контраст, фæлæ уыцы контраст йæ дыууæ кæронæй дæр кæрæдзийыл у фидар, æнæаскъуыйгæ баст. Адæ- мы фæнды Алсахъы хорздзинад, адæм загътой, цæмæй Сеойты зæ- ронд лæг йæ дзырд аива æмæ йæ чызджы ратта йæ ирвæзынгæнæ- гæн. Зæронд лæг адæмы фæндон йæхи фæндоныл банымадта, йæ чызджы хæлар кæны Алсахъæн, æмæ дзы адæм иууылдæр бузныг сты. Адæмæн æваст раргом (Сеойты зæронд лæджы разыйы ныха- сæй) сæ удыхъæды æвæджиау хæрзиуæг, æмæ сæ уыцы хабар сæхи цæсты систа хæрдмæ. Фæлæ ма уыцы хæрзиуæгæй ис ноджы уæл- дæр, ноджы диссагдæр хæрзиуæг. Адæм æнхъæлдтой, зæгъгæ, Ал- сахъæн стыр хорз ракодтой æмæ сын Алсахъ, сæхийау, стыр ци- нимæ райсдзæн сæ хæрзиуæг. Фæлæ адæмы раз Алсахъ раргом код- та йæхи «æз»: нал æй хъæуы Сеойты чызг, цæрæд йæхицæн фæр- нæй. Алсахъы ныртæккæ ис æндæр мæт: æддары амардта æмæ æлдæрт- тæй у тугдар. Æлдарад у йæ удхæссæг, æлдарады æфхæрд ын у йæ царды æлгъагдæр æфхæрд, йæ сæрмæ йæ никуы ’рхæсдзæн («Додой æлдартæн, ныр, додой!»; æмæ кæд йæ хæс уæззау у («Фæрсæй кæ- суй мæнмæ адзал... Æнцæ æрмæст мæнæн æмбал мæ топп, мæ кард , æмæ мæ бæх»), уæддæр æй йæ фæндагæй, йæ нысанæй ницы фæир- тасдзæн. Алсахъы монологмæ байхъусгæйæ, адæм джихæй баззадыс- ты, ницы дзуапп ын радтой (æрымысут Мæхæмæт æмæ Гиданнæйы мæлæты фæстæ, Гудзунайы тохмæсидæг ныхасы фæстæ адæмы джих æмæ дис). Алсахъы ныхасæй адæмæн æнæнхъæлгæ раргом сæ уды- 38
хъæды æнахуыр, тыхджын, диссаджы хъæздыгдзинад (Сеойты зæ- ронд лæджы хæрзиуæгæй бæрзонддæр хъæздыгдзинад) æмæ та сæ ам дæр, иннæ хæттытау, йæхимæ æркæсын кодта, ахæм дисыл сæ бафтыдта, æмæ йæ разы сæ бон зæгъын дæр ницы у. Поэмæйы сæйраг конфликт ис кæсгон æлдæрттæ æмæ Кеты хъæу- уон адæмы æхсæн. Социалон хицæндзинæдтæ ис кетæгтæн сæхи ас- тæу дæр (Алсахъ мæгуыр у æмæ йын уый тыххæй Сеойтæ сæ чыз- джы нæ радтой), ис ма сæм æндæр хъулæттæ дæр (Дзасболат Диги- зайы куы аскъæфта, уæд се ’ппæт дæр æмхуызон нæ рафæдис код- той, — чидæртæ дзы фыртæссæй тæрхъустæ фестадысты æмæ бам- бæхстысты сæ къуымты). Кетæгтæ æмхуызон æртхъирæн кæнынц Дзасболатмæ, æмхуызонæй хъуамæ равдисой се ’хсар, фæлæ ам, «Гу- дзуна»-йы хъауджыдæр, адæм тохмæ нæ рацæуынц, — тох кæны æрмæст иунæг Алсахъ. Адæмимæ йын йæ тугхæссæг, йæ иудзинад равдисгæйæ, поэт, цыма, адæмы иуварс айста æмæ æппæт фадæттæ дæр сарæзта Алсахъæн йæ лæджыхъæд фенын кæнынæн. Дзасбола- ты фырт Ахъбад йæ фыды тугисынмæ куы фæзынд егъау æфсадимæ Дыгурмæ, уæд кетæгтæ сæ хæдзæрттæ ныууагътой, сæ ныфс нæ ба- хастой йемæ схæцынмæ æмæ алыгъдысты хъæдмæ. Ахъбад арт бан- дзæрста хъæуыл, пиллон æмæ йæ сырх зынг фестын кодта. Æмæ уæд знæгты æхсæн кæцæйдæр (æнæнхъæл хабар романтикон поэмæйы фæлтæрд амал у) февзæрд Алсахъ, Ахъбады æваст фæмард кодта, иннæты дæр сæ туджы æвдулын байдыдта, фæлæ йæм чидæр арц фæсаууонæй фæцарæзта æмæ рахауд бæхæй. Фольклор æмæ роман- тикон поэмæйы аивадон æгъдаумæ гæсгæ, Геуæргийы поэмæйы дæр хъайтар иунæгæй бакæны йе сгуыхтдзинад, кæд адæмы сæрвæлтау æмæ адæмы амондыл у, уæддæр. Кæсгон æлдæрттæ авд марды ахастой семæ, кетæгтæй та хæцæны баззад иу мард — Алсахъы мард. Æхсæвы йæм æрцыд Дигиза æмæ йыл кæуы. Чызджы кæуынимæ баиу поэты ныстуан Алсахъмæ æмæ йын уый дæтты æргом лирикон хъару. Дигиза Алсахъы уæлхъус йæхи амардта кардæй. Ацы цау дæр, иннæ хæттытау, канд тæри- гъæд кæнæ романтикон æнахуыр тæлмæн равзæрын кæныны тых- хæй нæу. Алсахъ Дигизайы кæй уарзта, уый бæрæг у (кургæ йæ кодта). Дигиза йæ уарзта æви нæ, уымæн ницы зонæм, уый махæй æмбæхст у. Фæлæ йын поэмæйы кæрон йæ тохмæ хъæдæй сусæгæй кæй каст, мардæй йын йæ уарзт кæй раргом кодта, стæй йæхи кæй амардта, уый, иуæй, у æрæджиау протест социалон хицæндзинæдты ныхмæ(Дигиза — хъæздыг, Алсахъ — мæгуыр), иннæмæйта(«Гъон- гæси фурт мæгур Мæхæмæт»-ы куыд у, афтæ) — æцæг хъæздыгдзи- над (мулкæй нæ, фæлæ адæймаджы уды хъæздыгдзинад) ис Алсахъы хуызæттæм æмæ уыцы хъæздыгдзинадмæ тырнын хъæуы удæгасæй дæр æмæ мардæй дæр. Сгуыхтдзинад равдыста Алсахъ, адæмы знæгтæ — æлдæртты ныхмæ тохгæнгæйæ. Сгуыхтдзинад равдыста Дигиза дæр, Алсахъы мардмæ æрцæугæйæ (адæмы социалон хицæндзинæдтæ æмæ карз æгъдæутты сæрты ахизгæйæ) æмæ Алсахъы цур йæхи амар- гæйæ (адæмы æцæг хъæздыгдзинадимæ йæ хъысмæт бабæтгæйæ). Алсахъ æмæ Дигизайы бавæрынц иумæ. Абон дæр сæ ингæн (обау, 39
зæппадз) бæрæг у, семæ цæры сызгъæрин калм, хъахъхъæны сæ æмæ сæм тæрхъус хæстæг куы ’рцæуы, уæд ыл калм ныхситт кæны æмæ тæрхъус тæссæй айсы йæхи. Ацы символон фæлгонц нын нæ хъуыды фæстæмæ аздахы, Кеты хъæу фæдисы куы схъомпал сты, уæд дзы чидæртæ тæрхъустау кæй бамбæхст, уымæ. Æвæццæгæн, поэт йæ хъайтартæ Алсахъ æмæ Дигизайы удыхъæды сæйрагдæр миниуæгыл нымайы сгуыхтдзинад, æмæ уыцы сгуыхтдзинад хъуамæ уа хъахъхъæнинаг æмæ фæзминаг абоны фæлтæртæн. Æниу нын, алы символон фæлгонцау, калм æмæ тæрхъусы фæлгонц дæр æххæс- тæй не ’ргом кæнынц поэмæйы æппæт идейон-аивадон мидис, — уый уыцы фæлгонцæй у бирæ уæрæхдæр æмæ арфдæр. Ирон фольклорон аивадон традицитæ æмæ классикон романти- кон поэмæйы традицитæ баиу кæнгæйæ, уыдон æддæг-мидæг ауадз- гæйæ, Геуæрги йæ дуг æмæ йæ курдиаты индивидуалон здæхтмæ гæсгæ трансформаци кодта романтикон поэмæйы формæ, радта йын оригиналон хæдхуыз, æмткæй йæ романтизмæн ис ног миниуæг, ног хæрзхъæддзинад. * * * Фольклор ирон поэмæйы рæзтæн, сæрмагондæй Малиты Геуæр- гийы поэмæйы рæзтæн куыд æмæ цы хуызы фæахъаз, уый фæдыл хицæн ахсджиаг фиппаинæгтæ æмæ хъуыдытæ ис нæ критикæ æмæ литературæзонады. Автортæ раст амонынц адæмон хъайтарон зар- джыты типологон æнгæсдзинад. Хъайтар йæхæдæг никæд агуры хæст, никæд ныббырсы йе знæгтæм. Знæгтæ йæм сæхæдæг æрцæуынц тых кæнынмæ, хъалон исынмæ. Гæнæн ын нал вæййы, æмæ йæ сæры кад, йæ сæрибар, йæ цард бахъахъхъæныны тыххæй слæууы сæ ныхмæ, равдисы æгъуыстаг хъæбатырдзинад æмæ тохы ссары йæ мæлæт. Фæлæ ацы раст хъуыдыйыл нæ банцайынц автортæ. Уыдон ацæ- уынц дарддæр, фæлгъауынц, гуманизм æмæ рæстдзинад адæм куыд æмбарынц, уыцы фарст. Хъайтар, дам, хъуамæ бæрц зона, йе знæг- ты цæгъдгæйæ, дам, ма фегæр уа, арæнæй ма ахиза, кæннод, дам, фехалдзæн адæмон хæрзæгъдау æмæ, дам, амæлдзæн. Адæмы гума- низм æмæ рæстдзинадмæ ахæм цæстæнгас, мæнмæ гæсгæ, фауинаг у, уымæн æмæ иппæрд у идеалон, конкретон бындурæй, нæ хынцы, хъайтар æмæ йе знæгтæн цы ахастытæ ис, цахæм ситуацийы арха- йынц, уыдон вазыгджын объективон ныхмæвæрддзинад. Малиты Геуæрги, дам, Уазы фиййауы кæй нæ амардта (адæмон зарæджы куыд у, афтæ), уымæй, дам, поэмæ у, адæм гуманизм æмæ рæстдзинад куыд æмбарынц, уый ныхмæ. Геуæрги Уазы фыййауы кæй нæ амардта, уымæн ис бæлвырд идейон нысан — поэты æмба- рынадмæ гæсгæ, адæмы рæстдзинад домдта ахæм финал. Поэмæйæн аргъ кæнын хъæуы адæмон вариантмæ гæсгæ нæ, фæлæ, йæхæдæг куыд у, поэты цы фæндыд зæгъын æмæ дзы цы равдыста, уымæ гæсгæ. Геуæрги фехæлдта фольклоры стереотип: хъайтар фæцагъта йе знæгты, фæлæ йæхæдæг нæ амард, йæхицæн ын поэт трагикон адзал не схай кодта. Адæмон зарæджы рагварианты (1902 азы йæ 40
ныффыста Тугъанты Махарбег) фыййау куы ныццагъта йæ уазджы- ты, уæд сын сæ кæстæрæй базыдта, зæгъгæ, уыдон сты йæ мады æрвадæлтæ. Ам, æцæг, тæригъæд хъуыддаг бакодта фыййау, æмæ йыл уымæ гæсгæ æрцыд æнæазым уазæджы æлгъыст — сау лæгæты хуылфы æнусмæ баззад. Геуæргимæ дæр ис тæригъæды темæ. Уазы фыййау йæ уазджыты куы амардта, уæд дзуры Сау хохы фыййаумæ, зæгъгæ, сæ тæригъæд мын нæ батайдзæн, сау зæхх мæ мидбынаты ныттондзæн Хуыцауы дзырдæй. Сау хохы фыййау ын дзуапп радта (æмæ уыимæ æмхъуыды у Геуæрги дæр), зæгъгæ, адæмы чи ’фхæ- ры, уыдон фæцæгъдын тæригъæд хъуыддаг нæу. Знæгты чи ныц- цагъта — цъус уой æви бирæ, — уый тæригъæдджын нæу, тæри- гъæдджын сты знæгтæ сæхæдæг. Фæлæ, зæгъæм, Геуæргийы по- эмæйы хъайтар мард фæци уазджыты кæстæры къухæй, адæмы за- рæджы хицæн вариантты куыд у, афтæ, уæд, цымæ йæ мæлæт йæхи аххосæй уыдаид? Нæ, ницæй тыххæй. Традицион фольклорон ситу- ацийы фарст æвæрд цæуы «кæнæ-кæнæ»: кæнæ хъуамæ æлдæрттæ фыййауы амарой æмæ йын йæ фос раскъæрой, кæнæ хъуамæ фыййау æлдæртты амара, æмæ кæд йæхæдæг нæ фервæза, уæддæр йæ кад худинагæй бахъахъхъæндзæн, равдисдзæн йе ’хсар, æндæр дзырд- тæй, йæ гуманизм æмæ йæ рæстдзинад. Махæн нæ бон нæу зæгъын, зæгъгæ, хъайтары знæгты марынæн ис цахæмдæр бæрц æмæ уыцы бæрцæй æддæмæ ахизæн нæй, ахызтæ дзы, уæд тæригъæдджын дæ æмæ хъуамæ æфхæрд баййафай, хъуа- мæ ды дæр де знæгтау амæлай. Мæнг у ахæм «бæрцон» теори. Æфхæрдты Хæсанæйæн йæ комкоммæ знаг у иунæг Хъуыдайнат æмæ йæм æрмæст уый куы фæзындаид, уæд æй амардтаид æмæ йæхæдæг дæр æвыдæй баззадаид. Фæлæ уавæр ахæм у, æмæ Хъуыдайнат æрцыд æнæхъæн къордимæ. Хæсанæ схæцыд семæ, æндæр гæнæн ын нæй. Хæсанæ сæм нæ цæуы хæцынмæ, сæхæдæг æм цæуынц иугæйттæй æмæ цалдæргæйттæй. Зæгъæм, цалдæры дзы куы амардта, уæд йæ- хицæн æнцад сбадт, — цыма йæ æнцад бадын бауагътаиккой ин- нæтæ, нæ йæ амардтаиккой? Уæдæ куыд хъуамæ не ’взаг фæтаса уый зæгъынмæ, зæгъгæ, Хæсанæ æгæр карз, тугмондаг разынд, ома антигуманон ми бакодта, æмæ йын уыйадыл йæ фыдгæнд адæм нæ ныббарстой? Хæсанæ цы уавæры бахауд, уырдыгæй фервæзынæн ис иу мадзал — хæст ныууадз æмæ алидз. Фæлæ кæй онг фæлыгъдаид, — йе знæгтæ йæ фæдыл нæ ацыдаиккой? Стæй куы алыгъдаид, уæд хъайтар уыдаид æви тæппуд? Бæгуыдæр, адæм хорз зыдтой аргъ кæнын, гуманизм æмæ рæстдзинады сæрыл чи хæцыд, уыдонæн, æмæ сыл уымæн кодтой кады зарджытæ дæр. Хорз æмæ фыд, раст æмæ хæрамы æхсæн æмуæзад уа, уымæ никуы бæллыдысты адæм. Уыдон се сфæлдыстады æнусты дæргъы æвдыстой сæ идеал (прогрессы фæн- дагыл куыд дарддæр цыдысты, афтæ йæ кодтой бæлвырддæр, арф- дæр æмæ æнæлаздæр), зæгъгæ, фыд æмæ хæрам хъуамæ сæфой, ма уой, ма цæрой æмæ зæххыл уæлахиз кæной хорз æмæ рæстад. «Бæрцон» теорийыл куы хæцæм, уæд цы хъуамæ зæгъæм Гудзу- на æмæ Темур-Алсахъæй, — уыдон дæр аххосджын уыдысты æмæ уый тыххæй ссардтой сæ мæлæт? 41
Адæмон хъайтартæ æмæ нæ поэты хъайтартæ цардысты æмæ ар- хайдтой бæлвырд историон, социалон уавæрты, уымæй дæр иумæйа- гæй, схематиконæй нæ, фæлæ конкретонæй, индивидуалонæй. Уымæ гæсгæ сын сæ архайдæн, сæ удыхъæдæн, сæ миниуджытæн куы аргъ кæнæм, уæд хъуамæ æнæмæнг уынæм конфликты характер, йæ аххос, ныхмæлæууæг тыхты равæрд æмæ фæстиуæг. «Бæрц» зонæг, абстрак- тон гуманизм æмæ рæстдзинады позицийæ куы фæлгъауæм нæ хъай- тарты фæлгонц, уæд дзы, æвæццæгæн, иу дæр ахæм нæ разындзæн, йæхæдæг аххосджын чи нæ у æмæ йæхи аххосæй мæлæтмæ чи нæ бацыди. Æмæ афтæмæй бар-æнæбары зыгъуыммæ кæндзыстæм фоль- клор æмæ йæ бындурыл фыст литературон уацмысты æцæгдзинад. Фольклор æмæ литературæйы æмахастытæ иртасгæйæ, мах иугæн- дзон пайда кæнæм абаргæ анализæй. Уый фадат дæтты æцæгдзинад базонынæн, фольклор æмæ литературæйы генеалогон бастдзинад æмæ хицæндзинад бамбарынæн. Абаргæ анализ æмткæй раст бæрæг кæны фольклор æмæ поэтты æхсæн хицæндзинад, фæлæ арæх, фæнда дæ-нæ дæ фæнда, уæддæр æрцæуыс ахæм хатдзæгмæ, цыма поэтты уацмыстæ сты хуыздæр, аивдæр, фидауцджындæр фольклоры уацмыстæй. Æвæццæгæн, аипп у афтæ дзурын, зæгъгæ, Малиты Геуæргийы фæлгонцтæ «хуызджын- дæр», «мидисджындæр», «эмоцитæй æххæстдæр» сты адæмон фæл- гонцтæй. Æвæццæгæн, зæрдыл дарын хъæуы æмæ кæддæриддæр хынцын хъæуы дыууæ алыхуызон сфæлдыстадон методы — фольк- лор æмæ литературæйы методты спецификæ. Фольклоры сæйраг сты коллективон сфæлдыстадон закъæттæ, литературæйы та — индивидуа- лон сфæлдыстадон закъæттæ. Историонæй сæ иу (фольклор) фæзынд раздæр, иннæ (литературæ) — фæстæдæр. Фæлæ уый афтæ нæ амо- ны, æмæ фольклор у æхсæнады идейон-эстетикон рæзты зноны бон, ис ын аивадон примитивы бынат. Алчидæр дзы йæхирдыгонау, йæхи аивадон закъæттæм гæсгæ у хорз æмæ рæсугъд. Фольклор æмæ литературæйы методты æхсæн хицæндзинад зæр- дыл дарын хъæуы канд уый тыххæй нæ, æмæ дзы цæмæй сæ иуы ма ’вæрæм дæлдæр, се ’ннæйы та — уæлдæр, фæлæ ма уый тыххæй дæр, цæмæй сæ ма хæццæ кæнæм кæрæдзиимæ, ма сæ ивддзаг кæнæм. Раст у: поэт адæмон сфæлдыстадæй куы пайда кæна, уæд ын хъуамæ арф æмæ лæмбынæг æмбара, зона, æнкъара йæ мидструк- турæ, йæ мидисы хъæздыгдзинад æмæ йæ формæйы хæдхуыздзинад. Ахæм рæстæджы поэтæн адæмон сфæлдыстад у, адæмы цард æмæ йын алфамблай дуне куыд сты, афтæ. Æмæ уыцы цард, дуне, æцæг- дзинад æвдисгæйæ, «дыккаг реалондзинад» — «эстетикон реалондзи- над» — куыд саразы, афтæ фольклорæй пайдагæнгæйæ дæр, хъуамæ араза «дыккаг реалондзинад». Ома фольклорæн йæ механикон къо- питæ нæ исы, фæлæ аразы — йæ курдиат, йæ дæсныйад, йæ идейон æмвæзад æмæ йæ дуджы домæнтæм гæсгæ — йæхи индивидуалон сфæлдыстад. Кæй зæгъын æй хъæуы, поэт хъуамæ уа фольклоры хуы^æн (фольклорæй куы пайда кæна, уæд), фæлæ уыциу рæстæг йæ хуызæн дæр ма уа. Уымæ гæсгæ Малиты Геуæрги фольклормæ æввахс кæй бацыд, уый хорз у, фæлæ уыциу рæстæг банысан кæнын 42
хъæуы, фольклорæй цас дард ацыд, уый дæр. Уый сæйраг момент у, поэт æмæ фольклоры æхсæн æмахастытæ куы иртасæм, уæд. Фольк- лормæ æввахс бацæуын, фольклоримæ баиу уæвын æмæ фольклорæй дард ацæуын, фольклорæй дæхи рахицæн кæнын — ахæм у фольк- лор æмæ литературæйы æхсæн бастдзинады цардæгас диалектикæ. Афтæ куы нæ уа, уæд литературæ нæ сæххæст кæндзæн йæ новато- рон мисси, не схиздзæн йæхи аивадон закъæтты бæрзæндмæ. Поэт фольклормæ арф куы ныккæса, куы йын рахата йе ’ппæт идейон-аивадон æвæрæнтæ æмæ гæнæнтæ, фæлæ дзы стæй «йæхи ду- немæ» куы нæ ацæуа, уæд тас у, æмæ фольклоры арæнтæй æддæмæ ма рахиза, фольклоры цагъар æмæ эпигонæй баззайа. Малиты Геуæрги кæд тынг æввахс уыд фольклормæ, уæддæр фольклорæй дард ацыд, фольклорон кадджытæ нæ фыста, фæлæ сфæлдыста йæхи романтикон поэмæтæ. Ахæм у «Гъонгæси фурт мæгур Мæхæмæт» дæр æмæ, зæгъгæ, уым поэт адæмон кадæггæнæджы хуызæн у, уый зын бауырнæн у. Поэт æмæ кадæггæнæг сты æндæр æмæ æндæр сфæлдыстадон методты минæвæрттæ æмæ сын объективонæй æмхуызон уæвæн нæй, иу дзы иннæйы «хуызы» æмæ «ролы» нæ бацæудзæн (кæд æцæг поэтыл дзу- рæм, уæд). Фольклорон аивады нæй авторы фæлгонц, уым уацмыс йæхæдæг æмæ уацмыс æххæстгæнæг (дзурæг, таурæгъгæнæг, кадæг- гæнæг) цæрынц хицæнтæй, уацмысимæ йын иудзинад вæййы, æрмæст æй куы æххæст кæны, куы йæ дзуры кæнæ зары, уæд. Литературæйы та кæддæриддæр уацмысы уынæм авторы фæлгонц, йæ субъективон æмæ индивидуалон фæлгонц, уый дæтты уацмысы æппæт компонент- тæн дæр иудзинад æмæ æвæлхатт хæдхуыз. Зæгъæн ис: авторы фæл- гонц у фольклор æмæ литературæйы æхсæн дихгæнæн ауæдз. Геуæр- гийы поэмæйы уынæм авторы фæлгонц, уый йын кæрæдзийыл бæтты йæ мидис æмæ йæ формæйы компоненттæ, уый ма йын аразы идейон- аивадон иудзинад йе ’ннæ поэмæтимæ дæр. Æвæццæгæн, сразы уæвæн нæй ахæм хъуыдыимæ, зæгъгæ, Ге- уæргийы поэмæтæн сæ мидис у ирд фольклорон, сæ формæйæн та фылдæр ис индивидуалон ахаст. Фольклоримæ абаргæйæ, Геуæр- гийы поэмæтæн сæ мидис дæр æмæ сæ формæ дæр — æддæг-мидæг ауайгæйæ, иу цардæгас организм аразгæйæ — сты ног, хæссынц поэты индивидуалон курдиат æмæ дуджы характерон дамгъæ. ИРОН РАДЗЫРД 1984—1985 азты иртæстоп ирон прозæйы фарстатæ. Ныф- фыстон дзы сермæст радзырды тыххæй (мсе фадат кæй иæ амыдта, уымæ гæсгæ не ’ркастæн иннæ жанртæм — уацау æмæ романмæ). Мыхуырмæ дзы цы хицæн хæйттæ саккаг кодтон, уыдон кæд иучысыл фæахъаз уаиккой ирон радзырды жанрон бæрджытæ æмæ ивддзинæдтæ бамбарынæн. Литературæйы мыггæгтæ — эпос, лирикæ, драмæ æмæ, уыдонæй алкæмæ дæр чи ис, уыцы алыхуызон жанртæ (радзырд, уацау, ро- ман, æмдзæвгæ, поэмæ, комеди, трагеди æмæ а. д.) равзæрдысты 43
искæй фæндонæй нæ, фæлæ сæ бæлвырд историон заманы æрдомдта æмæ рухсмæ рауагъта цард. Уыдонæй алкæмæн дæр уыд йæхи сæр- магонд мидис. Уыцы мидис дзы алкæмæн дæр схай кодта йæхи формæ, йæхи конструкци, йæхи структурæ. Иу жанрæн дзы иннæимæ ивд- дзаггæнæн нæй, уымæн æмæ дзы алкæмæн дæр ис йæхи мидисон формæ. Уыцы мидисон формæ иу заманæй иннæ заманмæ иу кæнæ иннæ сфæлдыстадон методмæ гæсгæ, нывгæнæджы цæстæнгасмæ гæсгæ, йæ индивидуалон хæдхуызмæ гæсгæ ивта, цыдæртæ дзы ха- удта, цыдæртæ йыл æфтыд, фæлæ, æмтгæй райсгæйæ, нæ сæфта йæ сæйраг гакк, йæ сæйраг миниуджытæ. Уыдон цыма суанг абонмæ баззадысты æнæивгæ, раздæр сæм цы мидис уыд, уый сæм цыма ис абон дæр. Уый афтæ кæй у, уымæ гæсгæ æрмæст гуырахстæй, æрмæст æддаг хуызæй дæр базонæн ис иу кæнæ иннæ жанрæн. Зæгъæм, райстам нæ къухмæ радзырд, уæд нын развæлгъау бæрæг уыдзæн: ис дзы авторон ныхас æмæ персонажты диалогтæ, æвдисы иу цахæмдæр цау, сæйраджыдæр иу адæймаджы фæлгонц цыбыр рæстæджы фæл- гæтты, ис ын иу æрбадтæн бакæсæн. Ахæм радзырдтæ уыд Гæдиаты Секъамæ, Коцойты Арсенмæ, Гæдиаты Цомахъмæ, Беджызаты Чер- менмæ, Хъуылаты Созырыхъомæ, Дзесты Куыдзæгмæ æмæ бирæ æндæртæм. Афтæ нын развæлгъау бæрæг уыдзæн уацау кæнæ рома- ны мидис дæр. Жанртæн схонæн и сфæлдыстадон мысæнад, литературон тради- ци. Уыцы мысæнад, уыцы традици кæмæ нæ уа, уый нывгæнæг нæ уыдзæн. Мысæнад æмæ традици хъæуынц, цæмæй ма аскъуыйа ли- тературон процесс, цæмæй размæ цæуа. Жанр нывгæнæджы новато- рон авналæнты ныхмæ нæу, сæ къуындæггæнæг æмæ куынæггæнæг нæу. Цас нывгæнæгмæ тыхджындæр уа литературон мысæнад, цас æнгомдæр баст уа традициимæ, цас хуыздæр æмæ арфдæр зона жан- ры закъæттæ, уыйас æм фылдæр бахæсдзæн йæхицæй, фылдæр дзы ныуулæфдзæни цард æмæ аивады ногдзинад. Ам æмбæлы зæгъын, термин «жанр» куыд æмбарын æмæ дзы куыд пайда кæнын, уый тыххæй. Иуæй-иутæ литературон жанртæ хонынц эпос, лирикæ, драмæ. Æвæццæгæн, уый раст нæу, уымæн æмæ уыдон сты дзырдаивады мыггæгтæ. Уыдонæй, æртæ мыггагæй, алкæмæн дæр йæ арæнты мидæг чи байрæзт, уыцы уацмыстæ сты жанртæ: радзырд, уацау, роман, æмдзæвгæ, поэмæ, комеди, трагеди æмæ а. д. Уыдонæй, жанртæй, алкæмæ дæр хицæнæй чи хауы, уыцы уацмысты хуызтæ дæр (зæгъæм, лирикон комеди, сатирикон комеди æмæ а. д.) сты жанртæ. Жанрты мидисон формæ иу кæнæ иннæ историон заманы иууыл тынгдæр байрæзы иугай стыр нывгæнджытæм. Цас тыхджындæр уа нывгæнæгæн йæ курдиат, уæрæхдæр æмæ арфдæр уа йæ дунеæнкъа- рынад, йæ дунеуынынад, уыйас тынгдæр рацаразы йæхирдыгонау æмæ уыциу рæстæг тынгдæр сбæлвырд кæны жанрты мидисон формæ, тынгдæр разынынц сæ ахсджиагдæр, сæ сæйрагдæр бæрджытæ. Ныв- гæнæджы сфæлдыстадон индивидуалондзинад у жанрты змæлд æмæ рæзты ахъаззаг фактор. Уыимæ иумæ, нывгæнæг цы жанртæм раз- 44
дахы йе ’ргом, цахæм у йæ жанрон æвнæлд, уымæй зыны йе сфæл- дыстадон индивидуалондзинад. Иу жанры кусы æви бирæ жанрты, уый нæу йæ курдиаты ас æмæ тых бæрæггæнæг. Жанрон универса- лизм кæнгæ у дугæй. Нывгæнæг йæхи барвæндæй не ’взары иу кæнæ иннæ жанр, цъус кæнæ бирæ жанртæ. Цард цы домы, цахæм жанр кæнæ йын жанртæ сты сæйраг, уыдонæн радты ком. Афтæмæй жанрты змæлд æмæ рæзтæн кæд ис объективон бын- дуртæ (дуг æмæ царды домæнтæ), уæддæр дзы тынг ахадгæ у субъек- тивон фактор (нывгæнæджы курдиат æмæ дæсныйад). Æнæ субъек- тивон факторæй жанртæ нæ равзæрдаиккой, нæ цæриккой æмæ нæ кусиккой. * * * Революцийы фæстæ ирон прозаиктæ, адæмы мæгуыр æмæ тыхст цард æвдисгæйæ, цы уацмысты традицитæ дарддæр кодтой, уыдонæй иу у Хетæгкаты Къостайы радзырд «Дзæбидырдзуан» (уырыссагау фыст у, фæлæ ирон æвзагмæ раджы æрцыд тæлмац, стæй тæлмац куынæ уыдаид, уæддæр æй нæ фысджытæ иууылдæр зыдтой). Радзырды экспозици — хохаг хъæуы иумæйаг ныв: цал хæдзары дзы ис, цахæм у йæ ран, куыд цæрынц йæ адæм. Равдыста хæхты æрдз, хъæуы хуыз, адæмы зынвадат, уæззау цард. Уыдон иумæйагæй куы базонæм, уæд нæ автор бакæны хъæуы кæройнаг хæдзармæ, Те- дойы хæдзармæ, фенæм дзы хæдзары мидæггаг хуыз, бинонты цардыу- аг, базонгæ нæ кæны Тедоимæ, йæ фыд — зæронд цуанон Зураппимæ, Тедойы къай Зæлиимæ æмæ сæ чысыл сывæллонимæ, бамбарын нын кæны сæ удыхъæды миниуджытæ, кæрæдзиимæ сæ ахастытæ. Хъæу сæйраджыдæр цардысты дзæбидырдзуанæй. Тедо æмæ йе ’мбæлттæ мыствæндагыл цæуынц цуангæнæн бынæттæм, фæстагмæ Тедо фæхицæн йе ’мбæлттæй, хæстæг ссыди дзæбидырты дзугмæ, дыууæйы дзы фехста, фæлæ дурзæй рацыд: «Кæмдæр, комы нарæ- джы, æрсабыр йæ фæстаг хъæр... Рыг æрбадт... Хохы рындзæн — Тедойы хъавæн бынатæн — йæ фæд дæр нал баззад... Æгасæй йæ бындзарæй ныххафта. Бынтондæр фесæфт...» Ууыл фæци радзырд. Канд архайд дзы нæй, фæлæ дзы уæддæр сæйраг у архайд. Æрмæст уыцы архайд у психологон хуызы иттæг мотивировкæгонд. Иу фезмæлд, иу ныхас дæр дзы ахæм нæй, кæуыл нæ баууæндай, архайджыты мидуаг, мидуавæрмæ гæсгæ, уыдонимæ дзы баст чи нæ уа. Тедо хæдзарæй куы рацыд, уæд æм иу ран дæр бинонты кой нæй, æрмæст тындзы размæ, дзæбидыртæм, цыма йын уыдон ратдзысты иууыл бæрзонддæр зæрдæхцон, уыйау. Цыма йæ бинонтæй бынтон- дæр схицæн, уыйау. Фæлæ Къоста уымæй размæ хуымæтæджы нæ радзырдта Тедойы бинонты тыххæй, уæлдайдæр Зæлийы цæссыгты тыххæй, — адон «уаргъ» хæссы радзырды сæйраг хай — Тедойы цуаны хай, æмæ уымæ гæсгæ Тедойы сæфт у йæхи сæфтæй фылдæр, у йæ бинонты сæфт дæр. 45
Ай-гъай, радзырды ис тæригъæд, фæлæ, кæд афтæ зæгъæн ис, уæд лæджыхъæдджын тæригъæд. Къоста йæ мынæг кæны, нымæхсы йæ Тедойы удыхъæды хъæбатырдзинадæй, ууыл дисæй. «Тызмæг» æмæ «карз» радзырд у, хæхтау. Уымæ гæсгæ уæлвонггомау у йæ интонаци дæр, кæд дзы ис бынтон хуымæтæг, ныллæг, кæмдæр юмо- рон бынæттæ, уæддæр (хъæуы маргъы мыггагæй уыд иу лæгуын уасæг æмæ дыууæ фыдуынд карчы, Сабаны æрчъи сæгъ баууылдта æмæ а. д.). Радзырд цæуы иумæйагæй хицæнмæ, уæрæхæй къуындæгмæ, ома куыдфæстæмæ кæны нарæгæй-нарæгдæр. Иумæйагæй хъæуы ныв ратгæйæ, рацæуы Тедойы хæдзармæ, уырдыгæй та — мыствæндагмæ, уымæй — ноджы нарæгдæрмæ — къæдзæхы рындзыл Тедойы хъа- вæн бынатмæ. Уым радзырд æрлæууы, дарддæр дзы цæуæн никуы- дæм уал ис, мæлæты хъуыры аирвæзти. Радзырды структурæйы сæйраг хай у финал, схонæн ын ис «коммæ хауæг» финал. Къостайы «Дзæбидырдзуан»-ы структурæмæ гæсгæ амад у Гæдиаты Цомахъы радзырд «Царды уæз» (1924). Ам дæр ис уыцы мадзал — уæрæхæй къуындæгмæ цæуæг мадзал: Хъуды комы иу мæгуыр хæх- хон хъæуы иу мæгуыр чысыл хæдзары бинонты цард (уыдон дæр цыппар сты: фыд Бесо, мад Марине æмæ сæ дыууæ сывæллоны). «Сæ зæххы гæппæлтæ, бызгъуыр æмпъызтыты хуызæн», се ’гас сæр- ды куыст — хъæбæрхоры къуту, сæ хосгæрст — æртæ мæкъуылы бæрц. Бесо паддзахвæндагмæ ацыди куыстагур, сси митмæрзæг, стæй та — бæхтæрæг (емсыкк). Иу уалдзæг æхсæвыгон Бесо здæхти сыхаг станцæйæ. «Талынг дардта комрæбын, сау хохы цæндты ’хсæн, йæ хъæу кæм уыдис, йæ бинонтæ кæм цардысты, йæ дыууæ сабийы кæм рæ- зыдысты. Царды мæт та сусæгæй райхъал ис Бесойы хуылфы... Цы ’рцыди дарддæр? Чи йæ зоны, чи йæ базондзæн ныр? Бæхтæ фæзилæны цæмæйдæр фæтарстысты. Ахастой. Бозитыл ма, æвæц- цæгæн, æрбахæцыд Бесо, æвæццæгæн ма фæхъæр кодта «тпру», зæгъгæ, фæлæ ма цы бакодтаиккой Бесойы мæллæг æмæ æдых цæнгтæ уыцы хъал, уыцы фыдуаг бæхтæн... Ахастой... Æхсæвы талынджы ахаудысты былæй æд дилижанс. Ныххæррæгъ сты сæхуыддæг кæм- дæр. Ныппырх ис дилижанс. Йæ цæлхыты хъæр ма дурты хъæримæ ссыди далæ комрæбынæй. Лæг дæр ныммур ис, ныцъцъæл ис, фæ- цис, ас-къуыд æхсæвы талынджы йæ мæгуыр царды уидаг». Цомахъæн йæ бон уыд, æмæ ууыл фæуыдаид йæ радзырд. Фæлæ «комы нарæгæй» фæстæмæ раздæхт уæрæхмæ — хъæумæ (Бесойы мард æрбаластой йæ хæдзармæ, фæкуыдтой йыл, хист ын скодтой), стæй уырдыгæй ноджы уæрæхдæр дунемæ (Марине йæ сывæллæтты акодта Дзæуджыхъæумæ, фæндаджы хицаумæ, кæд сын баххуыс кæнид). Ома радзырд уæрæхæй цыд къуындæгмæ, стæй та къуындæ- гæй ацыд уæрæхмæ, æмæ дзы иу уæрæх æрлæууыд иннæ уæрæхы ныхйæ. Цомахъы фæндыд, цæмæй равдыстаид Хъуды комы (æмæ æппæт ирон хохаг хъæуты) адæмы мæгуыр царды аххоссаг. Марине йемæ цыма рахаста, радзырды райдайæ-ны автор кæй скодта, уыцы 46
мæгуырдзинады ныв: фæндаджы хицау «зæды хуызæн» ус сæм куы рахызт, уæд «Маринейы бызгъуырты аууæтты æмбæхстысты» йæ си- дзæртæ. Радзырды райдайæны ныв цæхгæр контраст слæууыди ра- дзырды кæроны нывимæ. Уый æндæр дуне у (рæсугъд агъуыст, «йе стыр рудзгуытæ, æгас дуæртты хуызæн, æрттывдтытæ калдтой се стыр æвгтæй», стыр айдæнтæ, алыхуызон ахуырст къултæ æмæ а. д.), фæндаджы хицау сæм ракасти «мæстыхуызæй», йæ разы Марине ныккуыдта, зоныгыл дæр ныккодта, фæлæ «зæды хуызæн» усæй ницы рантыст — æрмæст «сомы гæбаз». Афтæмæй радзырды структурæ фæхъæздыгдæр. Къоста цыма нæ кæны Зебаты хъæуы мæгуыр царды аххосы кой, фæлæ йæ радзырды иумæйаг уагæй хатæм: кæнгæ у, адæмы цард хорз æмæ раст æгъда- уыл æвæрд кæй нæу, уымæй. Цомахъ амоны, зæгъгæ, хохаг адæмы мæгуырдзинад канд се ’рдзон уавæрты аххос нæу, æрмæст, цы сæм ис æмæ сæм цы нæй, уый аххос нæу, — ис паддзахвæндагыл куысты хицау, ууылты цæуæг бæлццæттæ (Бесо кæй аласта, уыцы бæлццон — æфсæддон, стыр урс худ æмæ дагъистайнаг нымæты мидæг), ис дуканийы хицау — «хин æмæ хытъынджын Сакро», ис фæндаджы хицау — «бæрзонд ус, уæзданхуыз, сау дарæсы мидæг», уыдонмæ хауы сæйраджыдæр аххос. Цомахъмæ Къостайæ къаддæр нæ, фылдæр æм ис архайд, фæлæ йыл дзуры афтæ лыстæггай, нысан дзы кæны уыйбæрц детальтæ, йæ хъайтарты тыхст æмæ æнамонд афтæ гуппар æмæ бæзджын кæны, æмæ уыдон сæ быны æркодтой архайд — ацыди дыккаг пъланмæ. Хъайтарты мæт, сагъæс, сæ хъуыдытæ иугæндзон здæхт сты сæхимæ, сæ тыхст æмæ се ’намондмæ. Фæндагыл кусгæйæ, Бесо иу уысм дæр нæ иппæрд кæны йæ бинонтæй: «Дардæй-иу паддзахвæндаджы бы- лæй ракасти Бесо дæлæмæ, цъаламæ, сæ хъæумæ, æмæ-иу сагъæсы бахаудта йæ бинонты тыххæй, кæд исты хъуаг сты, кæд сын уазал у æмæ æндæртæ». Йæ ахауыны размæ, сыхаг станцæйæ здæхгæйæ, бынæй талынг дардта йæ хъæу, æмæ царды мæт Бесойы хуылфы райхъал. Архайд ис, фæлæ архайд нæй. Кæд Бесо кусы, змæлы, йæ мызд дæр фæфылдæр, уæддæр æмткæй архайд йæ мидбынаты у цоп- пайгæнæгау. Куыд уыд, афтæмæй лæууы Бесойы бинонты уавæр, сæ мæт, сæ зæрдæуаг. Æрмæст йæхи мидæг кæны гуппардæр æмæ бæз- джындæр. Ахæм у йæ психологизм — æнæзмæлгæ, хъайтартæн сæ архайд æмæ сæ зæрдæ иухуызон, иумæйагæй æргомгæнæг. Уый нæ хизы миддунейы æрфытæм, нæу фæлтæрдджын, къабазджын, уидагджын, æрмæст ын фæлгъауы йæ æнæхæйттæгонд, æнæныхмæвæрд, æнæ- ивгæ конд. Психологизм дзы у æрмæст хъайтарты мидуаг, мидуавæр иумæйагæй, йæ иу сæйраг миниуæг æвдисæг, амонæг, æргомгæнæг. Къостайы радзырды цыма автор бынтондæр нæй, никæм дзы зыны æргомæй (æниу ахæм уацмыс никуы ис, æмæ дзы автор ма зына), йæхи бааууон кодта. Хъайтартæ цыма архайынц, дзурынц æнæ ав- торæй. Цомахъы радзырды автор зыны реалонæй, иугæндзон. Уый баиу хъайтартимæ, сæ зæрдæуаг у йæхи зæрдæуаг. Хъайтарты зæр- дæуагæй æвзæры авторы зæрдæуаг æмæ цырын кæнынц кæрæдзи. 47
Къоста цы фыссы, цæуыл дзуры, уым ницы ис ахæмæй, йæ хъай- тартæн зонгæ цы нæу, базонинаг сын чи уа. Цомахъ йæхæдæг йæ хъайтартимæ кæй баиу, уымæ гæсгæ иу кæнæ иннæ моменты автор йæхæдæг цымæ куыд хъуамæ хъуыды кæнид, æнкъарид, уый «схæ- лар кæны» йæ хъайтарæн. Сыхаг станцæйæ здæхгæйæ, Бесо цы уыдта, уыдон хъуамæ истаид йæхирдыгонау, фæлæ сæ бар-æнæбары исы авторырдыгонау (Орион кæнæ Сириусæн Бесо, ай-гъай, ницы зыд- та): «Раздæхти фæстæмæ Бесо æд дилижанс. Балхæдта урс дзулы джиранка. Сбадти дилижансы. Фæцæ}'ы. Хæры. Æнцад уагъдæй ауагъта йæ бæхтæ. Æнцад цыдысты бæхтæ талынджы. Сындæг цъæх- бын арвæй æрттывтой стъалытæ, урсбын дардта Æрфæныфæд кæ- рæй-кæронмæ. Орионы рæсугъд æртæ стъалыйы уæлæуæз сфардæг сты рæнхъæй æмæ кæрæдзи фæстæ мидбылты худтысты, уæлдайдæр рæсугъд цъæхдзаст Сириусмæ». Радзырды архайд æмæ йæ хъайтартæм гæсгæ, авторы интонаци у æнцаддзу, уæзбын, æнкъард, æнтъыснæг, æрхæндæг. Кæрæй-кæ- ронмæ йæ æнгом æрнорста, сау æмæ уæззау мигътæ хæхтæ куыд æрнордынц, афтæ. Радзырды æппæт дæр арæзт у иу нысанмæ — раргом æмæ банкъарын кæна Бесойы бинонты тæригъæд. Къостамæ Зæли куы кæуы, уæд ын Тедо зæгъы, зæгъгæ, исты мыл куы ’рцæуа, уæддæр цæмæй тæрсыс, уыныс, цахæм фырт дын ис, фæдардзæн дæ æмæ дæ баныгæндзæн: «Афтæ нæу, мæ лæппу, и? Дæ мады (баны- гæндзынæ?» Сывæллон ныххудт æмæ йæ гыццыл цæнгтæ стылдта». Цомахъы радзырды иунæг худт, иунæг «хъæбатыр» ныхас дæр нæй. Йæ мигъæхгæдæй, йæ мигънорстæй йæм иунæг ныфсы цъыртт дæр никæцæй хъары, æгæрмæгуыр дзы автор уалдзыгон, хъарм пейзаж куы раныв кæны, уæддæр. Къостамæ куыд у, афтæ ам дæр пейзаж æмткæй у объективон, пейзаж — йæхицæн, хъайтартæ — сæхицæн. Марине йæ сывæллæттимæ Дзæуджыхъæумæ куы фæцæ-уынц, уæд; «Хæхтæ лæууыдысты æгомыгæй комæн дыууæрдыгæй, ницы мæт сæ уыдис æппындæр». Радзырды кæрон Марине фæндаджы хицауæй рацыд «йæ цæс- сыгтæ сæрфгæ. Рараст сты. Мæстæй йæ зæрдæ скъуыди Марине- йæн». Ам, æвæццæгæн, афтæ бамбарæн ис, зæгъгæ, Маринемæ рав- зæрд протест йæ рæстæджы цардæвæрдмæ, йæ мæгуырдзинады ах- хоссагмæ, фæлæ, æвæццæгæн, растдæр уыдзæн — æмæ уый бæл- вырд кæны радзырды æппæт структурæйы дæр, — зæгъгæ, йæ зæрдæ мæстæй скъуыйы йæ бинонты тæригъæдæй, йæ сывæллæттæ æмæ йæхи тæригъæдæй. Семæ кæй баиу, уымæ гæсгæ тæригъæд йеддæмæ ницы ис автормæ дæр. Маринейы маст здæхт у, сæйраджыдæр, æддаг дунемæ нæ, искæмæ нæ, фæлæ йæхимæ, йæ бинонты уавæрмæ. Иумæйагæй хицæнмæ, уæрæхæй къуындæгмæ — афтæ арæзт у Дзесты Куыдзæджы радзырд «Хорхæссæг» (1929). Иумæйаг хай — экспозици: — Уæллагкомы хъæуы адæм старстысты сæ хортæн фе- сæфынæй, басийынæй, æмхуызон тыхсынц, кæй дзы мигъæй ис ныфс, кæй дымгæйæ, кæй Уациллайæ, кæй цæмæй, кæй цæмæй, фæлæ æхсæвы арв ныйирд æмæ халас раппæрста. Катайаг фесты адæм. Æмæ уыцы иумæйаг нывæй рахицæн иу хъысмæт — Темсыры 48
хъысмæт. Радзырд цæуы хъæуæй хæдзармæ, хæдзарæй (Темсыр æмæ йæ фырт Додиимæ) фæсæфцæгмæ хор хæссынмæ, фæсæфцæгæй фæстæмæ æфцæгмæ, «коммæ хауæг» кæронмæ. Иумæйагæн, ома æппæт хъæуы адæмæн, типикон æмæ характе- рон цы у, уый фаг нæу радзырдæн, уый хъуамæ разына хицæн адæймаджы хъысмæтæй. Уый ма ууыл дзурæг дæр у, æмæ адæм кæд иу хъæуы цæрынц, кæд сын æмткæй иухуызон уавæртæ ис, уæддæр дзы иу иннæмæй у хицæн, иуы дзы иннæйы мæт нæй, алкæй дæр дзы æндавы йæхи хæдзар, йæхи цард. Иумæ райсгæйæ, æмхуызон у сæ катай, хицæнæй райсгæйæ та — алкæмæн дæр дзы ис йæхи ка- тай. Къостамæ æххæст афтæ нæу (цуанонтæ иузæрдыг сты кæрæ- дзийыл, цæггæ сты кæрæдзийæн баххуысмæ), фæлæ афтæ у Цомахъмæ: адæм цыдысты Арвыкомы фæндагыл, «уыдон уыдис мæт, фæлæ сæ алчидæр æрмæст йæхи мæт кодта». Афтæ у Куыдзæгмæ дæр, кæд йæ хъайтарты ныфс ис, зæгъгæ, æфцæгмæ хъæуæй чи рацæуа, уыдон сын баххуыс кæндзысты, уæддæр. Царды иумæйаг, æнæуæрст «уæз» дзы алчидæр хæссы хицæнæй, иунæгæй. Царды уыцы рæстдзинадмæ гæсгæ у «коммæ хауæг» радзырды жанрон структурæ, мидисон формæ. Архайд у бынтон кадавар: Темсыр æмæ Доди ацыдысты фæсæф- цæгмæ хор хæссынмæ, фæстæмæ здæхгæйæ сыл схъызыд, фæиртæс- тысты фæндагæй æмæ къæдзæхæй ахаудтой. Уыцы архайды, æддаг архайды бындурыл рæзы йæ асæй дæр, йæ мидисæй дæр егъау, па- рахат мидархайд. Куыдзæгмæ дæр, Цомахъау, психологизм вазыг- джын нæу, æрфмæдзог нæу, фæлæ, Цомахъæй хъауджыдæр, тых- джындæр авнæлдта уæрхмæ, тынгдæр аивæзта йæхи фæйнæрдæм. Цомахъимæ абаргæйæ, Куыдзæг-автор у æргомдæр, активондæр. Уый, иуæй, тынгдæр æмсагъæс кæны йæ хъайтартимæ, иннæмæй та — ранæй-рæтты комкоммæ æвдисы йæ ахаст, йæ равг. Йæ хъæлæс баиу хъайтарты хъæлæсимæ, радзырды бацæуæн хайы — æмткæй хъæуы адæмы хъæлæсимæ (сæ мидхъæлæсимæ), æмæ уыцы дыууæ хъæлæсæй кæнгæ у дзыллон-коллективон психологизм. Цæуынц иумæ, æнæхицæнгæнгæ, фæлæ хаттæй-хатт куы фæхицæн вæййынц, авто- ры хъæлæс размæ куы рацæуы, цыма авансценæмæ, афтæ, уæд уым дæр автор йæхи номæй дзуры коллективы иумæйаг зæгъинаг. Ахæмтæ сты, автор æфсирты кæуын кæм фыссы, уыцы бынат («Цæгат уыгæр- дæнæй æрнæджы æхсæн не ’фсæстысты згъорынæй. Ныр ма сæм бакæс! Куыд базæронд сты æхсæвæй-бонмæ! О, мæгуыр æфсиртæ! Цал хуызы аивтой!»), сыд хорæй конд кæрдзыны тыххæй кæм дзу- ры, уыцы бынат («Искуы уæ исчи бахордта сыд хоры кæрдзын? Хъолоджын йе та дзы цæхæраджын куы скæнынц, уæд нæ равзар- дзынæ: йæ цъар саудæр у æви йæ апп»). Ахæм амал радзырдæн дæтты зæрдæмæхъаргæ лиризм. Цомахъимæ абаргæйæ, Куыдзæг тынгдæр у мидæмæ здæхт. Ра- дзырд у иу мидмонологау. Сæйраг бынат дзы ахсы Темсыр, йæ цар- ды мæт, йæ сабиты мæт æмæ уымæ гæсгæ йæхи мæт. Доди йæ фæстæ цæуы, фæсæфцæгæй сæхимæ куы здæхынц, уæд. Додийы мæт дæр баст у Темсыры мæтимæ, уый дæр ныхас кæны йæхиимæ, фæлæ уæддæр нæ хицæн кæны Темсыры мæтæй, ома сæ иумæйаг мæтæй. 4 Дзуццаты Хадзы-Мурат 49
Темсыры йæхиимæ ныхас уыйбæрц бакæны йæ ахæст, йæхи мидæг уыйбæрц арф ацæуы, аныгъуылы, æмæ дзы Доди æрбайрох вæййы — дыууæ хатты дзы фæсте баззад, æмæ йæм куы ракæсы, йæ фæстæ йæ куы нал фены, уæд æм фæстæмæ раздæхы, агуры æмæ йæ ссары, ома йæхицæй рацæуы æддæмæ, фæлæ та уайтагъд баздæхы фæс- тæмæ, йæхимæ. Уый характерон у радзырды структурæйæн. Уымæй кæнгæ дзы сты дзæвгар цыдæртæ. Зæгъæм, хæрз цъус дзы сты æддаг афыстытæ, æддаг дунейæ дзы цы ис, уыдон дæр Темсыр уыны йæ мидцæстытæй, уыдон дæр хауынц йæ мидныхасмæ. Нæй дзы архай- джыты сурæттæ, нæ дзы афыста, сæ хæдзарæй куыд рараст сты, сæ хæстæджытæм куыд ныццыдысты, куыд сыл фембæлдысты, цы ны- хæстæ, цы митæ кодтой, æппæт уыдæттæ, æрмæст сыл дзуры цал- дæргай дзырдтæй, сур информацийау. Архайджыты миддунемæ здæхт цы нæу, уый дзы у фæрсаг. Радзырды хъайтарты æддаг дунейау къуындæг у сæ миддуне дæр, сæ миддуне æххæссы æрмæст се ’ддаг дунейы арæнтæм. Уым зилдух кæнынц Темсыры хъуыдытæ: «атæхынц æфцæджы сæрты, æрзилынц Цæгат Иры быдырты, хор сæ бæхтæн дæр æнæвгъау кæм дæттынц, уымыты, атæхынц Гуырдзыстоны быдырон хъæутæм, фездæхынц фæстæмæ æмæ та ам, мæнæ æххормаг сывæллæтты æхсæн, сæ тъæпп фæцæуы». Уыцы дунейы цæрынц æмæ архайынц, фæлæ дзы цæугæ никуыдæм кæнынц. Æфцæгыл сыл куы схъызыд, сæ къуындæг дуне сыл ноджы куы ’рбакъуындæгдæр, уæд бæрæг нæу, размæ цæуынц (сæхимæ) æви здæхгæ кæнынц (фæстæмæ, сæ хæстæджытæм): «Тем- сыр цæуы размæ. «Размæ», зæгъгæ, йæхимæ афтæ кæсы, æндæра кæдæм цæуы, ацу æмæ йæ ды равзар». Иугæр куы фæтыхстысты, уæд Темсыр афæнд кодта фæстæмæ аздæхын, фæлæ йæм худинаг фæкаст. Уый фæстæ тынгдæр куы фæтыхстысты, сæ къæсса дæр куы фесæфт, уæд хъуамæ фæстæмæ аздæхой, æмæ æнхъæлдтой, цыма фæстæмæ здæхынц, фæлæ цыдысты къæдзæхмæ, сæрсæфæнмæ. Уыцы дуне у йæхимидæг размæ-фæстæмæгæнæг, иу зиллаккыл зилдухгæ- нæг, æмæ дзы ацæуæн ис æрмæст мæлæтмæ. Ам дæр, Цомахъмæ куыд у, афтæ, æрдз у пейзаж нæ, фæлæ объективон уавæр: «Æгомыг къæдзæхтæ бæзджын кæрцы мидæг мигъы аууон ныффынæй сты, хъуыды дæр нæ кæнынц хорхæссæ- джы. Бирæ фæндаггонтæ фæцыд ай хуызæн бонты сæ дæлбынты. Уазæгхор гуымирытæ, иу стæмæй фæстæмæ, никæй афæндараст кодтой сæ къæсæрæй». Хъæуы адæмæн æрдз у хъысмæты хуызæн, æрдзæн сты цагъартау. Социалон нæ, — географион уавæр дзы у сæйраг (Цæгат Ирыстоны, Гуырдзыстоны быдырты, дам, хорхъуаг нæй, уырдæм кæй не ’фтынц бахъуаджы сахат, уый та, дам, у, цæлхвæн- даг сæм кæй нæй, уый аххос). Уыцы дуне нæ уыны фидæн. Темсыр æлгъиты сæ мæгуырдзинад, сæ зынвадат, фæлæ дзы куыд фервæзæн ис, уый бæрæг нæу. Цæлхвæндаг, дам, куы сырæзид, уæд, дам, нæ цар,д; хорз уаид. Бæгуыдæр, сæ цард бирæ фенцондæр уаид, фæлæ схорз уа — а-да-гъа. Цомахъмæ Арвыкомы цæуы цæлхвæндаг нæ, — паддзахвæндаг, фæлæ уымæй не схорз хъудæгты цард. Темсыр Додийæн фæдзæхсы: «Æз уæддæр чысыл нæ ацардтæн. Фæлæ ды 50
куы бахъомыл уай, уæд уæддæр уыцы фæндагæн искуы æнæаразгæ нæй, æмæ-иу дæхицæн бæх æмæ уæрдонæн исты амал скæн æмæ уæд мæ хуызæн удхар нæ кæндзынæ». Уыцы фæндаг исчи нæ, — сæхæ- дæг кæй хъуамæ саразой, сæ царды уавæртæ сæхæдæг кæй хъуамæ раивой, цæмæй цард-æрдзы цагъартæ ма уой, уый не ’мбарынц, æмæ уый дæр йæхирдыгонау æвдисæн у сæ къуындæг дунейæн. Уыцы дунейы кæрæдзийæн ныфсытæ æвæрынц, фæлæ дзы æцæ- гæй ницы ныфс ис. Радзырды кæрæй-кæронмæ уынæм тæригъæд — хъæуы адæмы тæригъæд, сыд æфсирты тæригъæд, Темсыры бинон- ты тæригъæд, авторы тæригъæд. Уый цæуы куыдфæстæмæ тых- джындæргæнгæ æмæ кæронæй схизы йæ иууыл уæлдæр бæрзæндмæ, къæдзæхæй фыццаг Темсыр куы ахауд, стæй йæ фæстæ та — Доди, уæд: «Арф ингæн-комы та сæмбæлдысты фыд æмæ фырт, фæлæ ацы хатт кæрæдзи нал базыдтой». Уыцы «нал базыдтой»-йæ дывæр-æрты- вæр кæны тæригъæд. Уыцы дунейы къуындæгдзинадыл баст сты къæсса æмæ дзæкъул дæр. Уыдонæй кæнгæ у радзырды æддаг архайд дæр æмæ мидар- хайд дæр йе структурон (сюжетон-композицион, психологон, рит- мон-интонацион) змæлд æмæ рæзт. Темсыр æмæ Доди фæсæфцæгæй куы рацыдысты, уæд сын сæ «уæз базыдтой». Темсырæн развæлгъау йæ цæстытыл уайы: сывæллæттæ сæм æнхъæлмæ кæсдзысты, «куы ныххæццæ уæм, уæд нæ размæ разгъордзысты, къæсса кæрдзынæй йæ тæккæ дзаг у, æнхъæлдзысты», мад сын бирæ кæрдзынтæ скæн- дзæн. «Доди дæр хъуыдытæ кодта, фæлæ уымæн йæ дзæкъулæй дард- дæр никæдæм хæццæ кодтой» (æниу Темсырæн дæр йæ къæссайæ дарддæр никæдæм хæццæ кодтой). Доди, дзæкъул хæсгæйæ, фæл- лайы, баззайы фæсте. Иухатт æм раздæхти Темсыр, дзæкъулы бос фæцыбырдæр кодта, æмæ Додийæн фенцондæр йæ хæссын. Дыккаг хатт Доди æд дзæкъул хъæпæны куы ахауд, уæд Темсыр йæ къæсса феппæрста, лæдзæг ын йæ цуры æрсагъта, Додийы бирæ фæцагуыр- дта, ссардта йæ, фæлæ йæ къæсса нал ссардта. Гæнæн сын нал уыди, Темсыр дзæкъул йæ уæхскыл бавæрдта, фæстæмæ, дам, аздæхæм. Иу ран æрхы Темсыр аирвæзт, йæ къах ныццавта, дзæкъул дæр аскъуыд æмæ дзы гага дæр нал аззад. Афтæмæй къæсса æмæ дзæ- къул сты сæ ныфс, сæ тас, сæ тых, сæ царды уæз, сæ царды нысан, æмæ уыдон куы нал сты, уæд фæци сæ цард дæр, уыдон куы фесæф- тысты, уæд хъуамæ фесæфой æмæ фесæфтысты сæхæдæг дæр. Ирон прозæйы иууыл зынгæдæр «коммæ хауæг» радзырдтæй у Коцойты Арсены «Саломи» (1923). Уый революцийы агъоммæ цар- дыл фыст нæу, — æвдыст дзы цæуы Хуссар Ирыстоны 1920 азы ир æмæ гуырдзыйы хæсты дуг. Ам дæр, Цомахъ æмæ Куыдзæджы ра- дзырдтау, къуындæг у хъайтарты дуне. Дзыллæ иууылдæр лидзынц иумæ, фæлæ иу дзыллæ не сты, иу бархъомыс сæ нæ иу кæны кæ- рæдзиимæ. Хуыцауы азарау, æрдзы азарау сын у гуырдзыйы ссыд («Цавд мæлдзыджыты губаккау хъæу æмызмæлд сси...») æмæ ли- дзынц æмхуызонæй. Алкæй дæр дзы ис йæхи мæт, йæ бинонты мæт. Уымæ гæсгæ кæд иумæ сты, уæддæр сты хицæнтæ. «Иу нарæг ран фæндаг æхгæд разынди — уæззау уаргъджын 51
бæх миты ныссагъд æмæ сыстын нал фæрæзта. Зын ацæуæн уыди иувæрсты, фæлæ уæддæр фæсте цæуджытæ, бæх сыстынæн æххуысы бæсты, стыр фыдæбæттимæ иувæрсты хылдысты... — Фæкæсут мæм, аххуыс мын кæнут! — дзынæзта бæхы хицау. Хъусгæ дæр æм ничи кодта, алчи йæ фæндагыл цыди... Саломи æмæ йæ дыууæ чызджы дæр иувæрсты зынæй ахылдысты æмæ араст сты дарддæр». Алчи дæр дзы афтæ æмæ ахæм кæй у, уымæ гæсгæ дзы, ай-гъай, исчитæ рахицæн уой, адæмы бахъахъхъæной, гуырдзыйы ныхмæ æрлæууой, уый гæнæн нæй (историон æцæгдзинадæй, уазал кæй у, адæм миты кæй цæуынц, уый раст нæу, уымæн æмæ хуссайраг ирæттæ Цæгат Ирыстонмæ куы лыгъдысты, уæд уыди сæрд, июны мæй. Æвæц- цæгæн, уазал, мит Арсены бахъуыдысты дзыллæйы тыхст тыхджын- дæр равдисынæн). Радзырды æмбисмæ Саломийыл дзырд цæуы ли- дзæг адæмимæ иумæ, се ’хсæн, уыдон уæлдай йæм уадиссагæй ницы хатæм, фæлæ йæ хъустыл куы ауади, зæгъгæ, «меныневикты æфсæд- донтæ» дзæбæх сылгоймаг æмæ чызгæй кæуыл хæст кæнынц, уыдо- нæн тых кæнынц», уæд цыма рахицæн ис иннæ адæмæй, æддаг ар- хайдмæ æрбафтыд мидархайд æмæ йын уый бацамыдта йæ сæрма- гонд фæнд, тырнæн, уынаффæ: хъуамæ бахъахъхъæна сылгойма- джы намыс, нацийы намыс (Арсены бирæ тугисæг хъайтартæ — Батрадз, Хъæвдын æмæ æнд. — «фыдæлты намыс», ирон æгъдæутты кодекс куыд хъахъхъæдтой, афтæ). Саломийæн-иу «уыцы хъуыды йæ сæры куы фегуырди, уæд-иу мæстæй йæ зæрдæ атыппыр и, цыма йыл тæфсæг уыди, уыйау-иу ризын байдыдта». Гуырдзы сæ куы ’рбай- йафынц, уæд йæ цæстытыл уайы, уыдон ын «йе ’нахъом чызджытæй хынджылæг куыд кæндзысты... Ризы, судзы адæргæй, мæстæй». Æмæ сæ куы ’рбаййæфтой, уæд æргомæй бафарста: «Ау, мæ зæрдиаг хъæ- булты хуытæ бахæрой? » Исчи дæ куы бафхæра, — дæ маст куы нæ райсай, исчи дын дæхиуæттæй искæй куы амара — дæ туг куы нæ райсай, исчи дын, сылгоймаг уæвгæйæ, куы батых кæна, уæд уый худинаг у, худинаджы бæсты та мæлæт — хуыз-дæр. (Гæдиаты Секъа- йы радзырд «Саударæг ус»-ы Гуырдзыханæн хиуаг Теджиа тыхми куы бакодта, уæд сылгоймаг йæхи æрцауыгъта), æмæ Саломи дæр йæ гыццыл чызджытимæ йæхи аппæрста «æнæбын къардиумæ». Уый йæхирдыгонау хъæбатырдзинад у, фæлæ къуындæг дунейы хъæба- тырдзинад, уыцы дунейæ æддæмæ рахизæн кæмæн нæй, ахæм, йæ- химидæг æхгæд, зæрдæрхæндæг, æнæперспективон хъæбатырдзинад. Адæмæй иутæ дзурынц, зæгъгæ, «нæ коммунистытæ нæ фесæф- той», иннæтæ та: «Цомут! Фæстæмæ нæ ардæм хъæуы!.. Нæ фос, нæ зæххытæ нæхи бакæндзыстæм, сæрибар суыдзыстæм, нæ цард нæхи къухтæй араздзыстæм!..» Æвæццæгæн, уыцы ныфс ис Саломимæ дæр, радзырды кæрон гуырдзымæ куы бартхъирæн кодта, уæд: «Нæ уын батайдзысты ацы мæстытæ, ацы æфхæрдтæ!» Фæлæ сæ фæстæмæ чи ’рцаруын кæндзæни, сæ маст сын чи райсдзæни, уый бæрæг нæу. Кæд коммунисттæй ныфс æвæрынц, уæд цы фесты, адæмимæ дзы иу цæуылнæ ис, æви æмбæхсгæ бакодтой? Уыцы «ныфсытæ» бындуро- нæй нæ ивынц адæмы цард æмæ сæ удыхъæд, нæ ивынц «коммæ 52
хауæг» радзырды структурæ. Радзырд æвзæрын кæны фыдæх знæг- тæм (иннæ «коммæ хауæг» радзырдты уыцы æнкъарæн нæй), фæлæ, Саломи æмæ йæ чызджыты афысгæйæ, сæйраджыдæр æвзæрын кæны тæригъæд. Чи зоны, иннæ «коммæ хауæг» радзырдтæй тыхджындæр тæригъæд, уымæн æмæ иннæ радзырдты хъайтартæ коммæ ахауынц æнæнхъæлгæ, сæ уавæрты бархъомысæй, ам та хауынц Саломийы фæндонæй, йæ адæргæй тасæй: чызджыты нæ фæнды, аппара сæ, аппарын нæ куымдтой æмæ сæ уæддæр аппæрста. Нæ сын фæтæри- гъæд кодта æмæ уымæй тыхджындæр кæны сæ тæригъæд. Саломи цы бакæны, уый у протест — йæхирдыгонау карз протест — гуырдзыйы фыдгæндты ныхмæ, национ æмæ адæймагон æнæрастдзинады ныхмæ. Цомахъ æмæ Куыдзæджы радзырдты ис уæзбын, æнцаддзу, фæл- гьаугæ ритм, æрхæндæг интонаци. Къостайы радзырды (уæлдайдæр йæ дыккаг хайы) ритм у цырд, тындзгæ, йæ интонаци — уæлвонгго- мау, ныфсхаст, хъаруджын. Арсенмæ кæрæй-кæронмæ ис тындзгæ, тагъдгæнæг ритм, афтæ у йæ интонаци дæр — тыхст, мæстджын, фæ- дисон. Зæгъæн ис, уынæм дзы æрмæст æддаг архайд, æнæлæугæ, æнæ- скъуыйгæ, гомгæрцц архайд, мидархайд дзы цæуы текстæн йæ бынмæ, нæ йæ уынæм, нæ нын æй æвдисы автор, ома дзы психологизм у хæрз кадавар, уæлæнгай, радзырды структурæйæн аккаг куыд у, афтæ. Арсены «Саломи» иннæ «коммæ хауæг» радзырдтæй уымæй хи- цæн кæны, æмæ се ’рмæг иухуызон нæу (Къоста, Цомахъ æмæ Куы- дзæджы радзырдты æрмæг — хохаг ирон адæмы зынвадат, мæгуыр цард, Арсены радзырды æрмæг та — революцийы заманы ирон адæ- мы цард), йе структурæйыл фæзындысты, цы ’рмæг æвдисы, уый сæрмагонд миниуджытæ, фæлæ йæ куыд æвдисы, уый йæ иухуызон кæны иннæ «коммæ хауæг» радзырдтимæ. Куыд æй æвдисы, уый та кæнгæ у авторы цæстæнгасæй, йæ аивадон мадзалæй, йе сфæлдыста- дон индивидуалондзинадæй (йæ гуманизм æмæ йæ реализмæй). Уый ууыл дзурæг у, æмæ радзырды жанрон конд гуыргæ, фæлдисгæ у, объективон-субъективонæн се ’хсæн цы рахиз-бахизтæ, цы æмбаст- дзинæдтæ ис, уыдонæй. * * * Лидзæг адæмæй иутæ, æвæццæгæн, сæ зæрдæ дарынц коммунист- тыл (сæ ныфс, се ’ртхъирæн уымæй цæугæ у), фæлæ, абоны цæстæй кæсгæйæ, уыцы зæрдæдарæн мæнг разынд — ницы уадиссаг сæри- бар райстой, сæ цард сæхи къухтæй нæ арæзтой, æмæ та 70 азы фæстæ ногæй байдыдта ир æмæ гуырдзыйы хотыхджын хæст, ногæй та гуырдзы хуссайраг ирæттæн геноцид скодтой. Мæнг уыд иннæты ныхас дæр, зæгъгæ, нæ коммунисттæ нæ фесæфтой, ома уыдон, дам, куы нæ растадаиккой Гуырдзыстоны демократон республикæйы ныхмæ, уæд, дам, гуырдзы хуссайраг ирæттæн геноцид не скодтаиккой. Нæ, хуссайраг ирæттæй фервæзын рагæй-æрæгмæ уыд æмæ у гуырдзыйы иууыл тыхджындæр национ фæндон æмæ тырнæн, æмæ сын фадат куы фæвæййы, уæд уайтагъд сæ гæрзтæ рабæттынц йæ сæххæст кæ- нынмæ. Хуссайраг ирæттæ кæнæ хъуамæ æнæ загъд-заманайæ сгуыр- 53
дзы уой, кæнæ хъуамæ цагъд æмæ тард æрцæуой — æндæр сын ницы ныв кæнынц гуырдзиаг адæм абоны цæстæй кæсгæйæ, абон Ирыстоны уавæр хынцгæйæ, «коммæ хауæг» радзырдтæ бар-æнæба- ры дæр здахынц ахæм хъуыдымæ, зæгъгæ, мах стæм «коммæ ха- уæг», «коммæ хауинаг» адæм. Революцийы фæстæ нæм дзæвгар фæзынд, Гæдиаты Секъайы ра- дзырды жанрон формæ чи дарддæр кодта, ахæм уацмыстæ. Уыцы жанрон формæйæн схонæн ис таурæгъ, æрмæст æй хъуамæ хицæн кæнæм фольклорон таурæгъæй. Фольклорон жанр нæу, фæлæ у ли- тературон жанр. Фольклор нæ, фæлæ литературæ фæлдисгæйæ, Секъа уыд тау- рæгъгæнæг нæ (фольклор æй куыд æмбæрста, афтæ), фæлæ фыссæг, прозаик. Уымæ гæсгæ фольклорон таурæгъы мидисон формæимæ баст уæвгæйæ, йæ цахæмдæр миниуджытæ йын райсгæйæ, Секъа хъуамæ сбæлвырд кодтаид æмæ сбæлвырд кодта фольклоримæ йæ хицондзинад нæ, фæлæ йæ хицæндзинад. Уый сфæлдыста прозæйы чысыл жанры ног мидисон формæ — радзырды формæ, зæгъæн ис, таурæгъон радзырды формæ. Кæд фольклорон таурæгъгæнджытæ уыдысты кæрæдзи хуызæн, уæд Секъа уыд æрмæст йæхи хуызæн. Уый сфæлдыста ахæм жанрон формæ (сюжет, композици, сурæт, пейзаж æмæ бирæ æндæр компоненттæ, кæрæдзиимæ се ’вæрд æмæ сæ бастдзинад), æмæ йын ивддзаггæнæн ницæимæ æмæ никæимæ ис. Уыцы жанрæй фыст уацмыстæ, иу адæймаг сæ кæй «дзырдта», иу адæймаджы æмбарынад, цæстæнгас, удыконд æмæ дзырдарæхст, дзырддæсныйадæй кæй равзæрдысты, уымæ гæсгæ сты кæрæдзийы æнгæс, фаззæттау. Иу радзырды дзы цы структурæ ис, цы аивадон бæрджытæ ис, уыдон бындуронæй сты иннæ радзырдты дæр. Секъа цыма сфæлдыста йæхи сæрмагонд структурон, аивадон клишетæ. Иу фыссæджы уацмысты ахæм æнгæсдзинад не ссардзыстæм не ’ннæ стыр прозаиктæм, уыдонæй алкæмæн дæр йæ иу уацмыс йе ’ннæ уацмысы æнгæс стæм хатт у, хаттæй-хатт дæм афтæ дæр фæкæс- дзæн, цыма сæ иу адæймаг нæ ныффыста. Уый æппындæр афтæ нæ амоны, æмæ Секъа реалист нæу, Секъа не ’вдисы царды хъæздыг- дзинад, бирæвæрсыгдзинад, нæ арæхсы адæймæгтæн алыхуызон уавæрты сæ алыхуызон хъысмæттæ нывæндынмæ. Уыцы æнгæсдзи- над кæнгæ у йæ жанрон формæйæ, йæ радзырдтæн иунæг йæхæдæг кæй у сæ дзурæг, уымæй. Йæхæдæг — иу адæймаг — иу ран иухуы- зон уа, иннæ ран — æндæрхуызон, уый гæнæн нæй. Секъайы традици чи адарддæр кодта, уыдонæй алкæй уацмыстæ дæр, ома таурæгъон формæйæ фыст уацмыстæ, куы райсæм, уæд сæм, ай-гъай, ис æнгæсдзинæдтæ. Уыцы æнгæсдзинæдтæ кæнгæ сты уымæй, æмæ, иуæй, чи сæ дзуры, уыдонæй алчидæр у иумæйаг ирон адæмон ныхасы минæвар, адæмон-фольклорон дзырдаивадыл хъо- мылгонд æмæ сæм индивидуалон райдайæн тыхджын нæу, иннæмæй та — сæ фыссæг, иу адæймаг, йæ дзурджытæй алкæмæн дæр у æмав- торау æмæ сын сæ ныхасыл æвæры йæхи дамгъæ, уадзы йыл йæхи æрмдзæф. Ома радзырдтæ сты дзурæгмæ гæсгæ дæр æмæ автормæ (фыссæгмæ) гæсгæ дæр. Фæлæ уæддæр уыцы радзырдтæ хицæн кæ- 54
нынц кæрæдзийæ. Æвæццæгæн, уыцы радзырдты, дзурæг æмæ ав- тор кæрæдзиимæ æмвæнд, æмзæрдæ кæй сты, уымæ гæсгæ дзы автор йæхимæ райсы сæйраг бартæ, йе ’мавтор-дзурæг æм куыд нæ фæ- хъыг уа, афтæ йын йæ ныхас раредакци кæны йæхирдыгонау, 6а- хæссы йæм йæхи аивадон коррективтæ, йе ’рдзыхъæд куыд нæ аива, фæлæ куыд фæирддæр, куыд фæгуппардæр уа, афтæ. Райсæм Хъуылаты Созырыхъойы радзырдтæ, революцийы агъом- мæ цардыл кæй ныффыста, уыдон. Иууылдæр сты таурæгътæ, чидæр у сæ дзурæг. «Фыййауы катай», «Хохаджы хъæстытæ» æмæ «Идæдз ус Госæда» чи дзуры, уыдон тыххæй ницы зæгъы автор, фæлæ «Но- мылус»-ы дзурæг бæрæг у — зæронд Хадзумар, бирæ чи федта, ив- гъуыд цард хорз чи зоны, ахæм адæймаг: «Йæ ныхас — рог, æлуто- нау — адджын. Рагон карз æмæ тызмæг цардæн раст æвдисæнау лæууы, нывгондау — дæ разы æвæрдæуы хабæрттæ, цыма сæ иууыл- дæр дæхи цæстæй федтай, уыйау». Ахæмтæ уыдзысты иннæ дзур- джытæ дæр, ирон адæмон эстетикæ кæмæй фидыдта, ирон рæсугъд æвзаджы æвæрæнтæй хайджын чи уыд, нывгæнæджы курдиат кæмæ уыд. Уымæ гæсгæ сын у æмавторау Созырыхъо. Афтæмæй дзурæг æмæ автор иумæ фæлдисынц раздæры хуызæн таурæгътæ нæ, фæлæ ног таурæгътæ, цæмæйдæр раздæры хуызæн чи у æмæ бирæ цæмæй- дæр сæ хуызæн чи нæу, ахæм таурæгътæ. Секъайы таурæгъ байдайы хъайтары кæнæ хъайтарты райгуыр- дæй, радзуры сын сæ царды сæйраг эпизодтæ, цаутæ æмæ фæвæййы хъайтары кæнæ хъайтарты мæлæтæй. Созырыхъо дæр ракæны хъай- тарæн йæ равзæрд, йæ фыдæлты кой (зæгъæм, «Номылус»-ы радзу- ры Зæлийы фыд æмæ мады тыххæй, Хъауырбеджы фыд æмæ мады тыххæй), фæлæ уыдон æрбаиу, æрбангом вæййынц таурæгъы иу сæйраг цауимæ, уыцы цау æрцæуы цыбыр æмгъуыдмæ, æмгъуыды арæнтæм сæхи æрбайсынц хъайтарты ивгъуыд æмæ фæрссаг ха- бæрттæ. Хъайтарты разистори дзы нæу, Секъамæ куыд у, афтæ, хæд- бар сюжетон цæг, фæлæ хъайтарæн характеристикæ раттыны фæ- рæз. Секъамæ хъайтары райгуырдæй йæ царды эпизодтæ кæрæдзи фæдыл цæуынц таурæгъы сæйраг цаумæ (таурæгъы центрмæ). Со- зырыхъомæ чысыл иннæрдæмау у — таурæгъы сæйраг цау цæуы хъайтары ивгъуыд цардмæ æмæ йын уырдыгæй йæхимæ райсы, чи йæ дзы хъæуы, уыцы хабæрттæ. Уый афтæ нæ амоны, æмæ Созырыхъойы хъайтартæ нæ ивынц рæстæджы цыбыр арæнты мидæг, сты æнæзмæлгæ, æнæрæзгæ. Секъа- мæ конфликт цыма æрцæуы (æрбацæуы) фæрсырдыгæй (æддейæ): Ерыстау æлдар Нугзар цуан кæнгæйæ бафты Ганисмæ æмæ Хъызмы- дæмæ ратты хæссынмæ йæ аргъонахъ-гадзайы къæбыла, æмæ уымæй байдыдта радзырды конфликт; æлдар барвыста йæ моурауты Дзи- мырмæ, Лекъойы чызг Маринейы ракодта æмæ йæ иу егар куыдзыл ауæй кодта къахеттаг æлдарæн, æмæ уымæй байдыдта радзырды кон- фликт; хицауы асауыли Губарты Бибо бацыди зæронд Дауытамæ, хъуамæ йæ бегарамæ ракодтаид, Дауытайыл ехсæй æрлæууыди, Дауы- та йын кард йæ гуыбыны ныссагъта, æмæ уымæй байдыдта радзыр- ды конфликт; хицауы бегарагæнæг Зарбег бацыди Кудзаны хæдзармæ, 55
йæ чызг Зæлдамæ йын йæ зæрдæ бахъазыд, йæ ракурыныл ныллæу- уыд, æмæ уымæй байдыдта радзырды конфликт, æмæ а. д. Фæрсыр- дыгæй (æддейæ) æрцæуы (æрбацæуы) фыдбылыз æмæ фехæлы цар- ды уавæр. Созырыхъомæ æххæст афтæ нæу. Чысайнаг фыййау Хъæлци бон- джын Куыдзæджы фос бафæдзæхсы Хъуды фыййæуттæн, йæхæдæг ацæуы Гудзаретмæ йæ уарзон Асинетæй бæрæг базонынмæ, — йæ- хæдæг халы царды иугъæдон уавæр. Мæгуыр Цамел æмæ бонджын Бедто чысылæй хæлæрттæ уыдысты, иумæ цыдысты фыййау, фæлæ йыл фæстагмæ Бедто суæлæхох, Цамел дзы хор æфстау куырдта — нæ йын радта, æмæ уæд Цамелы ус Хадзиан йæ маст нæ баурæдта Бедтойы ус Багианмæ, Багиан дæр скарз, æмæ йæ Хадзиан дзæбæх снадта, ома конфликт байдыдта сæ иуырдыгæй дæр æмæ се ’ннæрды- гæй дæр, хыл бацагуырдтой сæ дыууæ дæр, чи зоны, Хадзиан фыл- дæр, уымæн æмæ Цамелы бинонтæ сæхæдæг агурынц сæ бынат цар- ды мидæг, сæхæдæг цæуынц царды зыгъуыммæ уавæрты ныхмæ. Иуцасдæр Секъайы Зæлдайы хуызæн у Созырыхъойы Зæли, фæлæ Зæлдайæ активондæр, йæхæдæг цырын кæны конфликт, йæхæдæг лыг кæны йæ хъысмæт, алывыд акалы йæ фыдыфсымæр Гарсæн, Хъауырбеджы фидауджытæн — зæронд лæгтæн, йæ хъаруйы раз бонджын æмæ тыхджын Хъауырбег фæстагмæ свæййы тæригъæддаг, лæгъстæйаг æмæ æнæбон, зæгъæн ис, Зæли йыл фæуæлахиз, æмæ йæм кæй ацыд номылусæн, цæрдудæй йæхи кæй баныгæдта, уый ницыуал кæрды уадиссаг — йæ бинонтæ, йæ хъæубæсты æдасдзина- ды сæраппонд радта ком Хъауырбегæн. Иннахæм идæдз ус Госæда — йæ уды бар раджы бамбаргæйæ, Цогойты хъæуы Дзиатæм чын- дзы куы ’рцыд, уæд гæды æфсæрмытæ, цагъайраджы лæггад нæ кодта, йæхæдæг йæхи æрæвæрдта фыдæлты æгъдæутты ныхмæ. Го- сæдайы сæрыхицау Батырбеджы æфсымæр Гæуи уарын куы ’рымы- сыд, фæллойæн йæ фылдæр йæхирдæм ассивынмæ куы ’рхъавыд, зæронд дзырддзæугæ лæгтæ дæр йæ фарс куы рахæцыдысты, уæд Госæда сыстад сæ ныхмæ, уыйбæрц бакодта, æмæ йæхи фæнд атард- та — фæллой æмбисыл байуæрстой. Социалон ныхмæвæрдты динамизм се ’хсæн тыхджын кæй у, хъай- тартæ сæхæдæг кæй сты конфликттæ амидингæнæг, уымæ гæсгæ сæм рæзы социалон рæстдзинады æнкъарæн. Царды уавæртæ сын ницы ратдзысты, фæлæ хъуамæ сæхæдæг агурой сæ амонд, хъуамæ йыл сæхæдæг тох кæной. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ уыдон, Секъайы хъайтартæй хъауджы- дæр, нæ фæхæццæ вæййынц сæ мæлæтмæ, — сюжет баззайы гомæй. Уыдон цыма ивгъуыд заманы нæ баззадысты, фæлæ се ’ргом у фи- дæнмæ. Хъæлци куы базыдта, зæгъгæ, йæ уарзон Асинет смой кодта, уæд нал раздæхт йæ фосмæ, æфцæгмæ: «Чи дзырдта, Туркмæ, дам, йæхи фесæфта. Чи йæ хуыдта далæ Бакойы, фæтæгены куысты. Чи та йæ, суанг Америкмæ дæр ахæццæ кодта. Абоны онг дæр ма йын ничи ницы бæрæг зоны, кæм ис, цы фæци Хъæлци». Цамел Бедтойы куы амардта, уæд æй Сыбырмæ ахастой: «Уæдæй фæстæмæ дзы ни- цыуал дæр æрыхъуыст». Зæли Хъауырбегæн куы сразы номылусæн, 56
чындзæхсæв ын куы кæнынц, уæд: «Цыма ацы дунейæ ахицæн, афтæ: адæмы хъæр не ’мбары, бон та йыл баталынг». Госæда йæхион куы бакодта, уæддæр ма зынтæ æвзары, фæлæ йæ цард нæма фæци, нæма балхынцъ. Уацмыс фæуд нæу, æмæ ма дзы автор цахæм «æна- хуыр диссæгты» тыххæй уыд радзуринаг, уымæн ницы зонæм, фæлæ зæгъæн ис, Созырыхъойы иннæ таурæгътæ дæр фæуд не сты, Секъа- йы таурæгъон структурæмæ гæсгæ сæм куы кæсæм, уæд. Æмæ кæд Созырыхъо дзуры, зæгъгæ, Хъæлци æмæ Цамел цы фесты, уый бæ- рæг нæу, Зæлийы дунейæ ахицæнау у йæ чындзæхсæв, ома сæ зама- нæй æддæмæ (фидæнмæ) нæ рахызтысты, уæддæр сæ куыд æвдисы, уымæ гæсгæ цæуынц фидæнмæ. Созырыхъойы таурæгъы бирæ хæйттæ сты Секъайы таурæгъы хæйтты хуызæн. Сæ хъайтартæн ис иухуызон реакци, уарзт, маст кæнæ æндæр æнкъарæнтæ сæм куы февзæры, уæд. Зæгъæм: Хъæлци Асинеты куыддæриддæр ауыдта, «афтæ йæ зæрдæ ныссæххæтт код- та, йæ цæстытæ цæхæртæ акалдтой, цыма йæм уæларвон зæд æртахт, уыйау». Кæнæ, Асинет чындзы кæй ацыд, уый куы базыдта, уæд: «Хъæлцийæн йæ цæстытæ атартæ сты, дуне йыл цыма æрбаталынг, зæрдæ цыма æрыскъуыди. Раст ын цыма дзæккорæй исчи йæ сæр ныххафта, уыйау фæцис». Пейзаж ам баст цæуы хъайтары уавæр æмæ равгимæ. Зæгъæм: Зæли Хъауырбеджы фæнд куы базыдта, уæд «ацыди фæсхъæумæ, къуылдымы зæронд мæсыгæн йæ тæккæ бын сбадт. Комы сæрмæ сау мигътæ æрбацæуынц. Æнæ скъæвда йын нæй. Бæрзондæй кæсы Зæли, — комы дон далæ фынккалгæ згъоры, хъæлæба кæны, мæсты сырдау къæдзæхы сæрты гæппытæ кæны, размæ лæбуры, нæры, цыма дуртæ æууилы, уыйау». Секъамæ уыцы хæйттæ арæх сты иухуызон, ома иу уацмысæй цæуынц иннæмæ æнæ- ивгæ, цæттæйæ. Созырыхъомæ алы рæтты сты алыхуызон. Секъайæ хъауджыдæр, Созырыхъо лыстæггайдæр, лæмбынæгдæр фыссы уавæртæ, хъайтарты змæлдтыты. Тагъд нæ кæны, уымæ гæсгæ йæ таурæгъы ритм у уæзбындæр. Уымæй «дзургæ» радзырд (тау- рæгъ) тынг æрæввахс «фысгæ» радзырдмæ, цыма йæ дзургæ нæ кæны, фæлæ йæ фысгæ кæны, афтæ. Уый, æвæццæгæн, дзурæджы аххос нæу, — авторы аххос у, йе ’мавторон бартæй æгæр пайда кæны. Тагъд нæ кæны, уымæн æмæ цаутæ бирæ не сты, фæд-фæдыл хал- гондæй нæ цæуынц, фæлæ дзы сæйраджыдæр ис иу цау, æмæ уыцы иу цауы арæнты мидæг сындæггай дзуры царды уавæртæ, хъайтарты хабæрттæ æмæ æмахастыты тыххæй. Уымæ гæсгæ дзæвгар бынат ратты хъайтарты мидхъуыдытæ æмæ мидсагъæстæн, уыдон сæ æркæ- нынц бæлвырд уынаффæмæ, сæхимæ раст чи кæсы, сæ зæрдæ сын кæй бацамоны, уыцы уынаффæ æмæ архайдмæ. Уымæ гæсгæ цыма бирæ цыдæртæ уынæм дзурæджы цæстытæй нæ, фæлæ хъайтары зæрдæйы цæстытæй (зæгъæм, Хъæлци коммæ куы кæсы, дон куы уыны, дон æй Чъребамæ куы ахæссы, стæй уырдыгæй — Гудза- ретмæ, уæд). Кæнæ Хъауырбег Музуктæм хæдзармæ куы ’рцыд, уæд — уый у тохы сценæ, кæд дзы æргомæй тох нæй, уæддæр. Ныхас дзы цæуы дыууæ фæлтæрæй: иу дзы у æргом ныхас, иннæ та — æмбæхст. 57
Ахæм амал хорз фадат дæтты адæймæгты æмахастытæ, психологон змæлдтытæ раргом кæнынæн. Хъауырбег дзуры Зæлийæн: «Гъе, хорз амонд дæ уа, рæсугъд чызг!», Зæли дзуры йæхинымæр: «Мæ рæсугъддзинадмæ та йæ цы хъуыддаг ис». Музук дзуры Хъауырбегмæ: «Мидæмæ, уазæг, хæ- дзармæ нæм рацу!..», йæхинымæр та: «Куыд зæрдиаг сыл фæцис». Зæли сын фынджы уæлхъус уырдыг лæууы, дурын йæ синыл авæры, сыкъа айдзаг кæны, æмæ Хъауырбег йæхинымæр дзуры: «Джауыр чызг уыдзæн ацы налат». Æмæ а. д. Æддаг ныхас æмæ мидныхас сæ дыууæты ’хсæн сæ дыууæтæн дæр раргом кодта кæрæдзимæ сæ хæ- рам, сæ фыдæх, æмæ йæ кæд комкоммæ зæгъгæ нæ кодтой, уæддæр æй алчи дæр бамбæрста æмæ ахицæн сты кæрæдзимæ æртхъирæн- гæнгæйæ. Уыцы дуэлы сæйраг у мидныхас, ома æддаг рæстдзинад нæ, фæлæ мидрæстдзинад. Созырыхъо комкоммæ амоны, зæгьгæ, таурæгъдзурæгæн йе ’взаг у рог, адджын, нывджын. Сыгъдæг адæмон, цæхæркал æмæ тæмæн- кал æвзаг, фольклорон æрдзæй гуыргæ æвзаг. Уый индивидуалон у дзурæгæн æрмæст йæхи удыхъæдмæ гæсгæ нæ, фæлæ кæй минæвар у, уыцы таурæгъгæнджыты типикон удыхъæдмæ гæсгæ. Автор иттæг хорз зоны уыцы æвзаджы хæдхуызтæ æмæ гæнæнтæ, дзурæгимæ иумæ сын ис иу æвзаг, æмæ йæ халгæ нæ кæны, фæлæ дзурæгмæ гæсгæ архайы, цæмæй йæм фæуа ирддæр, дзаджджын æмæ парахатдæр. Диссаг у, фæлæ йæм алы къахдзæфæн дæр ис фæлгонцтæ-абар- стытæ, фæлгонцтæ-эпитеттæ. Уыдон фæрцы цæхгæр разыны хъайта- ры æддаг æмæ мидызмæлды уавæр, йæ хуыз, йæ апп. Арæх иугæйттæ дæр не сты, фæлæ — дыгæйттæ, æртыгæйттæ. Дæнцæгтæ бирæ ис æрхæссæн, мæнæ дзы цалдæр: Асинетæн ис «фæткъуыйау сырх уадултæ — ногконд дзулау хæмпус»; Цамелæн «йæ дзыхы раст цыма уадындзтæ уыд, уыйау йæ зæлланг хъæлæсæй кæмттæ зæлыдысты»; «Уæлвæзы сæрмæ иу дынджыр тæрс бæлас, йæ къабузтæ дардыл айвæзта, нæхимæ нымæтхудау», хъæуы хистæртæ «зæронд æрсытау, арты фарсæй рабырынц»; «Сæ зачъетæ, хохы митау, урс, сæ ныхас, Санаты Семы ныхасау, арæхстджын»; «Раст бæлас куыд ракæлы, афтæ уыцы сахат Бедто дæр зæххыл сæмбæлд»; Музучы хъæды лыг- гаг «йæ быны, стонг бирæгъау, акодта, къæлуайау æй æрыссадта», Гарс у «хæмхудджын, йæ былтæ йын цыма бызычъитæ фæнадтой, уыйау; йæ дæндæгтæ — быдираг чъеуриты йас, зылын-мылынтæ»; Музукæн «йæ цуры ног къæртайæгтæ, цыты уазджытау, йæ алыфарс æртыгуыр сты»; Зæли у «цæрдæг, цыфæнды хохы сæрты дæр, зæр- ватыккау, атахтаид», «йæ мидбыл фæхуды, цыма хъама хурмæ ферт- тивы, уыйау. Урс-урсид дæндæгтæ, цыкурайы фæрдгуытау», «мæсты стайау йæ цæстытæй судзгæ æхсидæвтæ хауы», «Зæли йæхи калмау фæгæмæл кодта» æмæ а. д. Уыдон фæрцы цæхгæр разыны дзурæг æмæ авторы ахаст цаумæ, фæзындмæ, хъайтармæ. Уыдон сты æвди- сæг æмæ аргъгæнæг абарстытæ, эпитеттæ. Уыдон сты стауæг æмæ фауæг, бæрзондгæнæг æмæ ныллæггæнæг, фæлæ æмткæй уæддæр дзурæг æмæ авторы ныхасæн дæттынц уæлвонггомау уаг. Уымæ гæсгæ сæ ныхас у романтикон. 58
Дзурæг — адæмон дзырддæсныйады минæвар — æмæ нывгæнæг — профессион аивады минæвар — адон æхсæн цы хицæндзинад ис, уый фенын кодта Беджызаты Чермен («Мæсгуытæ дзурынц», 1934). Зæронд Баймæты таурæгьтæ Созырыхъойы дзурджыты таурæгътæй сæ ритм æмæ сæ интонацийæ сты уæлвонгдæр, хæссы сæ сындæг, уæзбын, фæлæ бæрзонд гуылфæн, æндыгъд æмæ тызмæг гуылфæн. Созырыхъойы таурæгъ у фæлмæн, романтикон æмæ лирикон равг æмæ ахорæнтæй амæст. Баймæты таурæгъ у бæгънæг æмæ хъæбæр, тынг æй не ’ндавы персонажты психологон сферæ, сæйраг дзы у цауты змæлд, сæ ивд æмæ сæ фæстиуæг. Баймæты таурæгъы ритмон-интонацион уаг, уæлвонг уаг, кæнгæ у алыхуызон фæлгонцон амалтæй нæ, фæлæ синтаксисон, лексикон æмæ æндæрхуызон фæлхатæнтæй, ис сын бæлвырд арæнтæ — ныха- сы гуылфæны арæнтæ, æмæ дзы иу фæйлауæн хъуамæ иннæ фæйла- уæны фæстæ цæуа, фæрсырдæм ма ахауа, сæ ас æмæ сæ бæрц кæ- рæдзи æййафой, кæрæдзийæ ма иппæрд кæной. Уымæ гæсгæ дзы хæрх сты инверситæ: ныхасы гуылфæнмæ гæсгæ дзырдтæ сæ бынæт- тæй куы раздæр фæвæййынц, куы фæстæдæр. Дæнцæгтæ бирæ нæ хæсдзынæн, фæлæ дзы æнæ ’рхæсгæ дæр нæй (æндæр æмæ æндæр таурæгътæй, цæмæй сæ иухуызондзинад хуыздæр разына): «Тотыратæ стырæй, чысылæй дуры гуыбыны ба- цыдысты æмæ уырдыгæй хæцынтæ систой Куырттатимæ, хæцынтæ»; «æдзæллагмæ æрцыди Состæ, уæдæ цы уыдаид, æдзæллагмæ. Нал хуым бакæнын уæндыди, нал хос кæрдын уыцы хуызæнæй»; «Уæд иу ахæмы дзæвгар йæ кой куы нæуал хъуысти а бæсты, афтæмæй Къабусты Тотыратæ цыдæр куывд кодтой, — мыггаджы куывд, афтæ дын Состæ се ’хсæн стонг бирæгъау фæмидæг æмæ сæ цъыччытæ систа, цъыччытæ»; «Барсæгатæ æвзаргæ фæсивæд бæхтыл хъазыды- сты æмæ Сæлдженыхъы айстой сæ хъазтмæ: рафæнд дын кодтой, мæ хур, рафæнд, барæгæй, бæхæй йæ хъару равзарын Æлбегонæн. Куыд нæ уыдаид хорз бæхтæ Барсæгаты фæсивæдмæ дæр, куыд нæ уыдаид се ’хсæн хорз барджытæ дæр, афтæмæй хъазынтæ систой Сæлдже- ныхъимæ, хъазынтæ. Дзæвгар фæхъазыдысты, уæдæ цы, бон акъул, фæлæ дзы ничи басаст номдзыд барджытæй. Уæдæ дугъæй зæгъай, уæдæ тæргæ бæхыл нысан æхсынæй, зæгъай, уæдæ бæхыл хъазын арæхсынæй, зæгъай, уæлбæх хъазтæй иннахæм, уæлдай ничи никæ- мæн уагъта»; «Уæд Сæлдженыхъæн иу æфсымæр уыдис сæрхъæн, рæуæг лæг Кудзан. Йæ сырх цухъхъа-иу нарæг æрбалвæста, бабад- ти-иу йæ кафаг бæхыл, стæй фæкæс — æмæ уартæ Кудзан фæтæхы уым чындзæхсæвмæ, уым куывдмæ, уым дзуары бæрæгбонмæ. Аф- тæмæйты æрвыста йæ цард къуыдипп магуса Кудзан». Æмæ а. д. Цæуылфæнды дæр æмæ кæуылфæнды дæр нæ дзура Баймæт — хорзыл дæр æмæ æвзæрыл дæр, — уыцы иухуызонæй цæуы йæ ны- хасы гуылфæн. Уыцы ныхас патетикæйæ, йæ пафосæй зæрдыл æрлæу- уын кæны Зыгъуытаты куырм Бибойы ныхас, номхуындæй «Æфхæр- дты Хæсанæ»-йы ныхас. Баймæты ныхас у йæхирдыгонау дæсны, таурæгъон ныхас. Уымæй, чи зоны, бæрæг дары, иннæ таурæгътæ чи дзуры, уыдон ныхасæй, уымæй зыны йæ индивидуалондзинад. 59
Персонажтæй алкæмæн нæй «йæхи æвзаг», иумæйаг сын у Баймæты ныхас — сæ хæрзтæн дæр æмæ сæ цъаммартæн дæр. Уыцы ныхас, ай-гъай, кæнгæ у Баймæты удыхъæды эмоцион уагæй, йæ темпераментæй, фæлæ, сæйраджыдæр, кæнгæ у, цы дуг, цы цард æмæ цы адæмыл дзуры, уыдонæй. Уыцы цард абоны цар- дæй у æндæрхуызон, баззад дард кæмдæр, æмæ дзы алцы дæр або- нæн у диссаг, номхæссæн, æмæ йыл куыд ис дзурæн æндæрхуызон ныхасæй! Черменæн йæхи ныхас баст у Баймæты ныхасимæ, æгæрыстæ- мæй йын пайда кæны йæ фæзилæнтæй дæр («Уæдæ цы», «Уæдæ цы уыдаид» æмæ а. д.), æмæ дзы цыма сты уæлдай, уымæн æмæ Черме- ны ныхасæн йе ’рдзыхъæд æндæр у. Баймæт персонажæн характе- ристикæ ратты иумæйаг дзырдтæй, нæ йын æвдисы йæ мидхъуы- дытæ æмæ йæ мидсагъæстæ, нæ йæ ’ндавынц æддаг бакаст, æрдзы нывтæ. Чермен уæрæх æвнæлдæй, бæзджын æмæ дзаджджын ахо- рæнтæй нæ цæсты раз æрæвæры Мæсгуыты бæстæйы пейзаж, Бай- мæты сурæт, лæмбынæг фыссы Тугъан, Андо, Асиат æмæ Дзыллæйы быцæу ирон адæмы ивгъуыд æрмæйкæнгæ æмæ монон культурæйы тыххæй, се ’ргом æмæ сæ сусæг ахастытæ кæрæдзиимæ, уыдон «æна- хуыр ныхасмæ» хъусгæйæ Баймæты мидмонологон ныхас, стæй та ноджыдæр Мæсгуыты бæстæйы фæззыгон пейзаж, ахуыргонд фæси- вæды ныхас кæрæдзиимæ, сæ мидæнкъарæнты фæлхуызтæ, ноджы- дæр та мидмонолог (Баймæт фæсивæдыл цы хъуыды кæны, куыд сын аргъ кæны, уый тыххæй) æмæ а. д. Баймæты таурæгътæ авторы фæлгæтæгæй куы рахицæн кæнæм, æрмæст сын сæхи куы райсæм, уæд Баймæт у, фольклорæй литерату- рæмæ чи хызт, фольклор йæ къухы литературæ кæмæн кодта æмæ, зæгьæн ис, литературæ кæмæ сси, ахæм нывгæнæг. Зыгъуытаты куырм Бибоимæ абаргæйæ, Баймæт, XX æнусы фыццаг æмбисы цæргæйæ, хуыздæр бамбæрста царды змæлд æмæ рæзт, йæ ахъаззаг ивдтытæ, стыхджын æм историон хъуыдыкæнынад. Уымæ гæсгæ зæронд цар- ды йæ хъус тынгдæр æрдардта, фидæн дзы чи цæттæ кодта, уыцы социалон конфликттæм, фидæнмæ дзы йæхи чи тыдта, уыцы миниу- джытæм. Ай-гъай, уым Чермены «аххос» дæр цъус нæу, — уый æнæмæнг фæтыхджындæр, фæирддæр кодта, Баймæтмæ фидæны гу- манизммæ гæсгæ æмæ профессион-индивидуалон сфæлдыстадмæ гæсгæ чи уыд, уыцы тырнæнтæ æмæ бæрджытæ. Уымæн хуыздæр æвдисæн — таурæгъ «Æлбегаты Батай æмæ Барсæгаты чындз». Уый æрмæст фольклор кæй нæу, æрмæст традицион таурæгъ кæй нæу, уый бæл- вырдæй амоны ахæм факт, æмæ Черменæй дзæвгар раздæр уыцы куыст кæй бакодта Барахъты Гино, йæхæдæг дзурæг кæм у, уыцы радзырдты. Ивгъуыд цардыл Гино ныффыста радзырдтæ «Цæр!» (1923) æмæ «Бæстырæсугъд» (1927), райста сын зæронд конфликттæ æмæ сю- жеттæ. Фыццаг радзырды — Дæргъæвсы Тыбау-Уациллайы бæрæг- боны, нозты заман, Пхалæгаты Къомбох уæлладжырон уазæг Тæ- хонты Мысырбийы барæхуыста хъамайæ, амардта йæ. Мысырбийы æфсымæр Мулдан йе ’фсымæры туг хъуамæ райса Къомбохæй, хъуамæ 60
йæ амара. Дыккаг радзырды — Бæсты-рæсугъдмæ æрцыдысты ку- рæг уæлладжырон лæппу, йæхи фæллойæ цæрæг Канаты Афæхъо æмæ кæсгон æлдары фырт Исламаты Рашид. Сюжеты традицион конструкцимæ гæсгæ, хъуамæ Къомбох мард æрцыдаид Мулданы къухæй, Бæстырæсугъд та хъуамæ смой кодтаид Рашидæй. Фæлæ сюжет, раздæр-иу куыд уыд, афтæ байдайгæйæ, райхæлы æмæ фæ- вæййы æндæрхуызон: Мулдан Къомбохæй загъта йæхицæн æфсы- мæр, Бæстырæсугъд та смой кодта Афæхъойæ. Сюжет афтæ кæй райхæлы, уымæн ивгъуыд царды, æмткæй рай- сгæйæ, нæ уыд фадæтттæ æмæ гæнæнтæ, фæлæ ивгъуыд царды фи- дæнырдæм йе ’ргом чи здæхта, уыцы тенденцитæ йын лæвæрдтой æрмæг — уæд типикон цы нæ уыд, уый хъуамæ фидæны суа типи- кон. Ома адæймаджы уды бартæ æмæ уды рæстдзинад æй сæхæдæг домдтой. Радзырдты хъайтартæ афтæ цæмæн сты, æндæрхуызон цæ- уылнæ сты, уый бæрæг-бæлвырд нæу, нæй сын «генетикон биогра- фитæ», фæлæ уæддæр зонæм, зæгъгæ, адæмон хæрзæгьдау у сæ рат- тæг, сæ хъомылгæнæг. Уый — иуæй. Иннæмæй та — фидæнмæ гæсгæ сты сæ тырнынтæ, сæ фæндиæгтæ, сæ архайдтытæ, уыдон «гуырынц» фидæны домæнтæй. Гино йæ хъайтарты мидызмæлд, цыбыр радзырды фæзуатмæ гæсгæ, йæ жанрон спецификæмæ гæсгæ, æвдисы иугай штрихтæ æмæ детальтæй, пейзажон афыстытæй, хъайтарты хицæн зæрдæргом ны- хæстæй. Къомбох самадта йæхицæн мæсыг æмæ дзы бадти, адæмæй иртæ- стæй. Нозты азарæй йыл æрцыд фыдбылыз æмæ йæхи йæхæдæг æфхæры, ахæм уагмæ æрхауд, æмæ «арæх-иу æй бакодта фæндгæ дæр, уæд та тагъддæр куы фæуыдаид мард æмæ йæ зынтæй куы фæцух уыдаид». Зымæджы-иу дымгæ бакодта «хъизæмаргæнæджы ниуд». «Уыцы дымгæ кæуы мæныл, — загъта иухатт йæхицæн Къом- бох, — кæуы мæ хъаруйыл, æнæхайырæй, æнæхъуаджы чи фесæф- тис». Къомбохы йæ мæсыгæй æддæмæ расайынæн Мулдан йæ уæлæ скодта «æнахуыр дарæс» æмæ йын куы загъта, зæгъгæ, дæ хæрзæг- гурæггаг мæн, Мулдан амард, уæд Къомбохæн «йæ суджы тæскъ æрхаудта къухæй. Сæр къулыл ныххоста, æндæр хорз, дам, дыл ма ’рцæуæд, хæрзбын, дам, бадæн. Цæмæн, зæгъгæ, дисгæнгæ куы ба- фарста Мулдан, уæд ын Къомбох дзуапп радта: «Афтæ уымæн зæ- гъын, æмæ мæ туджджынтæм иу уыдис Тæхонты Мулдан, кæцы бæз- зыдис знагæн дæр æмæ хæларæн дæр. Уый мæ кæнæ акодтаид маргæ, кæнæ бакодтаид мемæ фидаугæ. Ныр амардис уый, баззадысты ин- нæтæ. Марын уыдонæн æз нæ бакомдзынæн, фидыды тыххæй та мын уыдон нæ ратдзысты дзуапп. Æмæ бынты-бын куы бадæн!» Æмæ, Къомбохы психологон уавæр бамбаргæйæ, Мулдан дæр ныхъхъуы- ды кодта: Къомбох раст нæу (йе ’фсымæры йын кæй амардта, уымæй), зоны йæ йæхæдæг, цæттæ у мæлæт райсынмæ дæр, фæлæ раст нæу Мулдан дæр, хъизæмары хай фесты сæ дыууæ дæр. Ис стырдæр рæстдзинад, æмæ уымæ æрцæуынц Къомбох раздæр, Мулдан фæс- тæдæр, фæлæ йæм æрцыдысты æмæ бафидыдтой. Мулдан радта йæ къух Къомбохмæ: «Мæнæн дзырдтой... Æз æнхъæлдтон, ды фыр- 61
хъалæй амардтай ме ’фсымæры, никæй ницæмæ дардтай. Ныр фед- тон мæхи цæстæй... Æз федтон дæ зындзинад æмæ дын дæттын ме ’ууæнк. Цæр, мæ хур, Къомбох, æмæ мын у æфсымæр!» Адæмон хæрзæгъдау сæ здæхта, ардыдта, схуыста фидауцмæ, махмæ чи хъуамæ уа, уыцы фидауцмæ. Мулдан куы федта уыцы фидауц Къомбохмæ, уæд йемæ баиу, æмæ фидауц фæуæлахиз. Фи- дауц тыхджын у. Бæстырæсугъд зоны «адæймагæн йæ уды хъару», æмæ уый кæмæ нæ уа, уымæй не смой кæндзæн. Æмæ йын ничи басаста йæ зæрдæ йæ бирæ курджытæй, æгæрмæгуыр кæсгон æлда- ры фырт Рашид дæр, стæй йæ хиуæттæ æмæ йæ мыггаг дæр. Кæд уыдон Афæхъойы ницæмæ ’рдардтой, нæ йыл батыхстысты «фыд- конд, фыдцъылыс» лæппуйыл, уæддæр фæндырæй цæгъдын куы бай- дыдта, ома куы раргом кодта йæ фидауц, уæд сæ Рашид ферох, æгас сыхы адæм æм сусæгæй, æргомæй хъуыстой. Афæхъойы фидауцмæ баиу Бæстырæсугъд, æмæ фидауц фæуæлахиз. Сюжетмæ Рашид куы ’рбацыд, уæд кæрт æмызмæлд сси, сыхы устытæ хæлæгæй мæлынц Бæстырæсугъды амондмæ. Æнхъæлæн ис, зæгъгæ, сюжеты кæронмæ ацæудзæн Рашид, йæ разы ницы ныхдур слæудзæн. Фæлæ Афæхъо фæндырæй цæгъдын куы байдыдта, уæд Рашид сюжетæй ахаудта, — æд лæггадгæнджытæ ацыди сæ хæдзармæ. Сюжет кæнгæ у Афæхъойæ. Иннæ радзырды сюжет та — Къомбо- хæй. Уыдон куы ахаудаиккой сюжетæй (Афæхъойæн фæндоны ны- хас куы нæ загътаид Бæстырæсугъд, Къомбохы куы амардтаид Мул- дан), уæд нæ уыдаид «фидауцы сюжет». Гинойы ныхас у хуызджын, алыхуызон абарстытæ æмæ эпитет- тæй фæлыст. Уæлвонг-патетикон ныхас, æрмæст Баймæты ныхасæй фæлмæндæр. Баймæты ныхасы гуылфæны цы фæйлауæнты кой ра- кодтон, уыдон Гиномæ дæр уынæм, фæлæ йæм сты цыма сындæг- дæр, сагъæсджындæр, иуцасдæр лæмæгъдæр. Фæлæ уæддæр йæ ны- хас у уæлвонг-патетикон. Патетикон ныхас, загътон ма йæ, Зыгъуытаты куырм Бибойæ фæстæмæ æвзæрди, гуырди карз трагикон æмæ хъайтарон цаутæй. Баймæтмæ дæр ахæм цаутæ ис. Ома цахæмдæр æнахуыр, диссаджы цаутæ. Фæлæ Баймæтмæ (ома Черменмæ) æмæ уымæй размæ Ги- номæ уыцы ныхас æвзæры канд ивгъуыды трагикон æмæ хъайтарон цаутæй нæ, сæ «экзотикæйæ» нæ, фæлæ ма ивгъуыд чи хæлдта æмæ йе ’ргом фидæнмæ чи дардта, уыцы фидауцæй дæр. Уыцы фидауц домдта уæлвонг ныхас, æмæ ахæм уыд Гинойы ныхас, йæхирдыгон ныхас, уымæн æмæ хицæн кодта — хъуамæ хицæн кодтаид — иннæ авторты ныхасæй. Уыцы ныхас ис, Гино канд йæхæдæг цы радзырдтæ дзуры, уым нæ, фæлæ ма йæм сæ исчи кæм дзуры, уым дæр. Радзырд, Арæбиаты Гуыргъохъ»-æн йæ дзурæг у цæф хæстонтæм зилæг сылгоймаг, йæ ны- хас, зæгъæн ис, ницæмæй хицæн кæны Гинойæн йæхи ныхасæй, уымæн æмæ цу цæстæй кæсынц цаутæм, иухуызон æмбарынц персонажты аха- стытæ. Дзурæджы дуне йын у йæхи дуне, «æцæгæлон» ын нæу. Беджызаты Черменæн кæд Баймæты дуне у йæхи дæр æмæ йæхи дæр нæу, уæддæр йæхи кæм у, уым Баймæтæн радзурын кодта йæ 62
иууыл хуыздæр таурæгъ — «Æлбегаты Батай æмæ Барсæгаты чындз». Батайæн йæ мыггаг рынæй куы сыскъуыдысты, зæппадзмæ сæ куы бахастой, Батай сын хæрнæг куы скодта, уæд йæхæдæг дæр «бараст сæ зæппадзмæ, бахызт йæ хуылфмæ æмæ йæхиуыл зæппадзы дуар бафæлдæхта». Бирæ йын фæдзырдтой, фæлæгъстæ кодтой, хатæг æм ссыди Барсæгаты мыггаджы хистæр Бæтæг дæр, фæлæ никæмæ бай- хъуыста, зæппадзæй нæ ракуымдта. Абайты сидзæргæс — Къæлæуон — сæхицæй иу зæронд лæг Хæмæтæн бамбарын кодта, зæгъгæ, Бæ- тæйæн арвæй зæххы æхсæн иууыл адджындæр уыди Барсæгаты Да- дайы ус Цæрæхон. Уый йæм куы барвитиккой, уæд йæ зæрдæ нæ фæлæууид æмæ рахизид зæппадзæй. Хæмæт хъавгæйæ раргом кодта хабар Барсæгаты зæрæдтæн æмæ йæ радзырдтой мыггаджы хистæр Бæтæгæн. Барсæгаты «тызмæг, æнæрцæф» мыггаг æрæмбырд сты Бæтæджы хæдзармæ. Уым куы бауынаффæ кодтой, уæд Бæтæг хъæуы сылгоймæгты сæрвыста зæппадзмæ иронвæндаггæнгæ. «Хъæдтæ æмæ къæдзæхтæ згъæлæнтæ кодтой Цæрæхоны кæуынмæ». «Нал баурæдта Æлбеджы фырт, зæппадзы дуар уыцы иу тынд ракодта, рахызт æмæ Цæрæхоны цур зæххыл дæлгоммæ ныффæлдæхти богъ-богъгæнгæ». Таурæгъы иумæйаг гуылфæны мидæг сыстад, схицæн «уарзты æртæкъуымон»: Дадай, Цæрæхон æмæ Батай. Уый у таурæгъы сæй- раг хай. «Æртæкъуымон» сюжетæй нæ ахауди Батай — нæ йæ амар- дтой Барсæгаты мыггаг, нæ дзы ахауди Цæрæхон дæр. (Таурæгъ «Ахлæуаты чындз»-ы Цæрай æмæ Фаризæт бадзырдтой: хъуамæ али- дзой Хъобанмæ, Тæгиаты дæлбазыр балæууой æмæ иумæ цæрой, фæлæ Фаризæты лæг Азæмæт хабар базыдта, Фаризæты бæхы къæ- дзилыл бабастой æмæ йæ бæх дуртыл фæхоста, Цæрай Азæмæты амардта, фæлæ йын йæхи дæр скъуыхтæ кодтой Ахлæуы мыггаг.) Барсæгаты мыггаг сæхæдæг цытимæ схастой Цæрæхоны Æлбегаты хæдзармæ. Зæронд уарзты «нормæ» фехæлд, æмæ фæуæлахиз ног уарзт, фидæны уарзт, ома фидæны фидауц. Ивгъуыдæй фидæнмæ цæугæйæ, фидауц бамбарынмæ æмæ фи- дауц ныффидар кæнынмæ тырнгæйæ, Бæтæгæн ивы йæ психологи, æмæ уый зыны йæ ныхасæй, зыны йе ’ддаг бакастæй. Барсæгаты мыггаг йæ хæдзармæ куы цæуынц уынаффæмæ, уæд Бæтæг бады «фыдæлты къæлæтджыныл æнæзмæлгæйæ, æнæдзургæйæ, цыма ду- рæй амад у», цыма куырм у, цъынд сты йæ цæстытæ, «æппынфæс- тагмæ Бæтæгæн уæззау байгом сты йæ цæсты тъыфылтæ», æмæ дзу- рын куы байдыдта, уæд «иу хатт дæр нал æрныкъуылдтой». Фыццаг уал дзуры зæронд рæстдзинад: Цæрæхоны кæуынмæ Батай кæй ра- цыд зæппадзæй, уый Барсæгатæн у худинаг, æнæфенгæ, æнæрцæ- угæ худинаг, — æмæ куы сниудта тугмондагæй Дадай, куы сниудтой иннæтæ дæр, уæд — «ссæдзаздзыд богалы цæстытау ферттывтой Бæ- тæджы цæстытæ» æмæ цæхгæр слæууыди Барсæгаты мыггаджы ныхмæ, слæууыди, тугæй — Æлбегаты æмæ Цæрæхты мыггæгты ту- гæй — сæ худинаг ныхсинаг кæй сты, уый ныхмæ. Мæлæт худина- гæй ирвæзынгæнæг нæу, худинагæй ирвæзын кæны æндæр цыдæр, æмæ цы у, уый нын зæгъ, зæгъгæ, Барсæгаты мыггаг куы ныл- лæгъстæ кодтой Бæтæгæн, уæд, ног рæстдзинад æргом кæнынмæ 63
æрцæугæйæ, «цæхæрцæст лæппуйау фæгæпп кодта йæ къæлæтджы- нæй»: «Цæут, скæнут Цæрæхоны чындздзон цæттæ, цæмæйдæрид- дæр æмбæлы, уымæй йæ сфæлындзут». Уыцы «æндæр цыдæр» у худинаггæнæг нæ, фæлæ кадгæнæг — адæймагон рæстдзинад, хорз æмæ фидауц. Гæнæн нæй, æмæ йæ адæм ма бамбарой, ма йæ айсой æмæ йын аккаг аргъ ма скæной. Æмæ кæд Бæтæджы фæнд фехъус- гæйæ, дис æмæ джихæй «æфсæрæлвæстытæ», «æнæууæнчытæ» код- той, уæд уыцы фæнд куы сæцæг — «ныххæррæтт кодтой дзыллæтæ зæронд Бæтæгмæ. Сæ арфæйы, сæ бузныджы хъæр хъуысти уæлæр- втæм. Дзыллæ хастой Барсæгаты ном кады тырысайау». Уыцы «æндæр цыдæр» у адæймаджы æвзонггæнæг, тыхджынгæнæг, рæсугъдгæнæг. Баймæты (Чермены) таурæгътæм ма ис иу миниуæг, — уымæй кæнгæ у сæ структурæ. Секъамæ архайынц дзыллæ (масса): арæх иу кæнæ иннæ фарст лыггæнгæйæ, фæдихтæ вæййынц, сæ дзырд кæ- рæдзиуыл нал фæбады, зæгъæм, Азау æмæ Таймуразæн цы бакæной, ууыл куы фæдзурынц, уæд. Фæлæ адæмæн иумæйаг цы ’гъдау, цы закъон у, уымæй æддæмæ нæ хизынц: иутæ дзурынц, амарæм, дам, сæ, иннæтæ — хъоды, дам, сыл бакæнæм. Мистала тæригъæд кæны дыууæ æрыгон удæн «æмæ йæ цæстысыгтæ асæрфта». Кæд афтæ у, уæддæр дзыллæ Секъамæ сты царды æнусыккон æгъдау механико- нæй æххæстгæнæг тых. Суанг ма Ерыстау æлдар Нугзары амарыны тыххæй сæ фæнд кæм баиу кæнынц, уым дæр, кæд равдыстой сæ активондзинад, кæд æлдары амардтой, уæддæр дзы сæйраг сты дзыл- лæйы хъысмæт нæ, дзыллæйы фæлгонц нæ, фæлæ хицæн адæймæг- ты хъысмæттæ æмæ фæлгонцтæ. Æмткæй райсгæйæ, Секъамæ рæс- тæджы фæлгонц æмæ дзыллæйы фæлгонц не сты таурæгъы струк- турæ аразæг. Уыдон æм сты æрмæст иумæйаг фон, стæй иухуызон фон. Дзыллæйæн æм ис иу цæсгом, нæу бирæхуызджын, бирæмыр- джын цæсгом, нæу хицæн, сæрмагонд цæсгæмттæй конд. Баймæты таурæгъты дзыллæ, номхуындæй мыггаг кæнæ мыг- гæгтæ, сты сæйраг архайджытæ, уыдон таурæгъы структурæйы бирæ бынат кæй ахсынц, уый канд формалон фактор нæу. Дзыллæйæ кæнгæ у алцы дæр, æмæ дзыллæ куыд хъуыды кæнынц, цы фæнд кæнынц, уымæ гæсгæ цæуы æмткæй дзыллæйы цард æмæ алы адæймаджы цард дæр. Кæд дзы исчи фехалы дзыллæйы æгъдау, уæд æй баййафы дзыллæйы æфхæрд. Уымæ гæсгæ Баймæтмæ дзыллæ канд иумæйаг фон не сты, кæд сын ам дæр иу цæсгом ис, уæддæр. Секъамæ рæстæджы цыдимæ адæмы æмбарынад бавзары ивд- тытæ, сæхæдæг æрцæуынц цахæмдæр ног уынаффæтæм, цыдæртæ сæм сæ раздæры митæй раст нал фæкæсынц. Зæгъæм, Азау бирæ азты фæстæ куы ’рцыд сæ хъæумæ, Таймуразы ингæныл йæ уд куы систа, уæд зæронд адæм «радзур-бадзур фæкодтой. Æнæраст тæрхон сæм хорз нал фæкаст». Кæнæ Хъуды цæрæг адæмæн Ерыстау æлдар Нугзар цы бирæ фыдмитæ фæкодта, уыдон сын бацамыдтой, цæмæй сæ фæнд баиу кæной æмæ фервæзой тугдзых æфхæрæгæй. Уым дæр разынди фидæны фидауц, ома сын æй канд сæ дуг нæ бацамыдта, — сæйраджыдæр сын æй бацамыдта фидæн. Фæлæ Секъамæ дзыллæ баззайынц уæддæр æнæивгæйæ. Æмткæй афтæ æнæивгæ сты Бай- 64
мæтмæ дæр. Æрмæст Баймæт Секъайæ ацыди дарддæр. Дзыллæйы цард æмæ фæтк лæмбынæг фæлгъаугæйæ, иугай адæймæгтæ бамба- рынц ног фидауц æмæ йæ бамбарын кæнынц дзыллæйæн дæр, се ’ргом сын скæнынц уыцы фидауцмæ, дзыллæ ацæуынц сæ фæдыл, дзыллæ баиу вæййынц семæ. Зæронд Бæтæг, дзыллæйы æгъдау хал- гæйæ, дзыллæйæн сæхи сыстын кодта æгъдау халынмæ, дзыллæ йæ сæхæдæг фехæлдтой. Æрæджиау бафтауæн: 20—30-æм азты ирон литературæйы ныффидар иу ныхмæвæрд: зæронд цард у æвзæр, ног цард та — хорз. Бар-æнæбары афтæ цыди, цыма зæронд цард фысджытæ æвдисынц æрмæст уымæн, цæ- мæй раппæлой ног цардæй, цыма ног цард зæронд цардæй хъауджы- дæр у, алцæмæй дæр арфæйаг, алæмæтаг, тæхудиаг, цыма зæронд æмæ ног цардæн се ’хсæн ис æрмæст цæхгæр хицæндзинад, фæлæ сын нæй ницахæм хицондзинад, бастдзинад. Уыцы ныхмæвæрд уыди мæнг æмæ тыхмысæггаг, цард æмæ аивады рæстдзинады ныхмæ. Созырыхъойы радзырд «Номылус»-ы дзурæг, зæронд Хадзумар, чи йæм хъусы, уыдонæн кæронæй зæгъы: «Ахæм адæмтæ царди, уæ рын бахæрон, раджы. Ныр æндæр рæстæг у, мæ хуртæ: сымах хуыз- дæр дуг æрæййæфтат, райдзаст, сæрибар». Бæргæ, æцæгæй афтæ куы уыдаид! «Раджыйы» цардæй «ныры» цард къаддæр вазыгджын, трагикон, хъизæмайраг нæ уыди, къаддæр фыдтæ æмæ фыдбылызтæ дзы не ’взæрстой адæм. Ай-гъай, Созырыхъойы радзырдæн, стæй ма æндæр радзырдтæн дæр сæ ахадæн уыцы ныхмæвæрдæй кæнгæ нæу, уымæн æмæ дзы сæйраг у цард æмæ адæймаджы рæстдзинад. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ирон советон литературæйы уацмыстæй цæргæйæ баззайдзысты, рæстдзинад дзы æцæг аивадонæй чи равды- ста, ома, царды, рæстдзинад æмæ дзы аивадон рæстдзинад кæм ис, уыдон. Секъайы радзырд хъайтары кæнæ хъайтарты цард сæ райгуыр- дæй сæ амæлæтмæ кæй æвдисы, уымæ гæсгæ хъайтар кæнæ хъай- тартæ сæ сæйраг митæ куы бакæнынц, уæд ма уый фæстæ радзуры, чи дзы куыд баци, цы фæци, уыдæттæ дæр. Уымæ гæсгæ йæ радзыр- дтæн ис иухуызон финалтæ, уыдон сты эпилогты хуызæн, æмæ дзы уыдон куы нæ уаиккой, уæд се структурæйæн ахсджиаг цыдæр нæ фаг кæнид, уымæн æмæ Секъайы радзырдæн ис пролог дæр, ома, цалынмæ хъайтарты æцæг истори (сæ мидархайд æмæ се ’ддаг ар- хайды сюжет) нæ байдайы, уæдмæ сын радзуры йæ агъоммæйы ха- бæрттæ дæр. Райгуырд кæм ис, уым хъуамæ мæлæт дæр уа. Пролог кæм ис, уым хъуамæ эпилог дæр уа. Арсенмæ нæй пролог, архайд цалынмæ нæ байдайы, уæдмæ пер- сонажтыл цытæ æрцæуы, уыдонæй йæ чи бахъæуы (персонажæн йæ удыхъæд, йæ митæ бамбарын кæнынæн), уый кой æрæфтауы, цы цау кæнæ цаутыл дзуры, уыдон арæнты мидæг, ома йæ хронолого- 5 Дзуццаты Хадзы-Мурат 65
нæй радзырды сæйраг архайды (цау кæнæ цауты) разæй не ’вæры, фæлæ йæ баиу кæны, ныртæккæ цы рæстæгыл дзуры, уыимæ. Уымæ гæсгæ йæ нæ хъæуы эпилог дæр — радзырды цыбыр фæзуат æмæ цыбыр рæстæгон арæнты мидæг разынынц персонажтæн сæ мидар- хайд дæр æмæ се ’ддаг архайд дæр, разынынц дзы сæ фæлгонцтæ, разыны дзы авторы фæнд, йæ зæгъинаг, йæ идея. Арсены радзырд адæймаджы «рацахсы» йæ даргъ царды иу цахæмдæр афон, лыстæг æм ныккæсы, раиртасы йæ, равдисы йæ, стæй йæ «фæуадзы». Уыцы афоны мидæг разыны йæ ивгъуыд дæр æмæ йæ фидæн дæр. Ай-гъай, уый æппындæр афтæ нæ амоны, æмæ Секъайы аивдзи- над Арсенимæ абаргæйæ ныллæгдæр у кæнæ мæгуыраудæр. Алкæмæ дæр дзы ис йæхи аивтæ, алкæмæ дæр дзы йæхирдыгонау у бæрзонд. Мах хъуамæ нæ зæрдыл кæддæриддæр дарæм, зæгъгæ, царды рæст- дзинад æмæ аивады рæстдзинад не сты æмхуызон, кæрæдзи æмбæр- зæг, кæрæдзийыл æххæссæг æмбарынæдтæ. Раст у, царды рæстдзи- над у аивадон рæстдзинады бындур, йæ царддæттæг суадон. Раст у, царды рæстдзинад у сæйраг жанраразæг фактор. Фæлæ аивад нæу царды хуымæтæг, комкоммæ халдих, хуызист. Царды бирæ цыдæр- тæн сæ бон у, æмæ æппындæр ма цæуой аивадмæ, уымæн æмæ аива- дæн æнæмæнгхъæуæг цы нæ уа, йæ аккаг цы нæ уа æмæ йын лæггад цы нæ кæна, уый хъуамæ ма иса йæхимæ, исгæ нæ, — æввахсдæр æй ма уадза йæхимæ. Царды рæстдзинад хъуамæ кæддæриддæр суа аивадон рæстдзинад, кæннод царды раз уыдзæн къæмдзæстыг, цар- ды домæнтæн дзуапп нæ дæтдзæн. Секъайы алы радзырды дæр ис егъау æрмæг, æвдисы хъайтары кæнæ хъайтарты цард сæ райгуырдæй сæ амæлæтмæ, æвдисы йæ фæд-фæдыл, иу цауæй иннæ цаумæ, ис дзы уацауы кæнæ романы æрмæг, фæлæ уæддæр у радзырд, уымæн æмæ уыцы æрмæг фæл- гъауы радзырды жанрон фæрæзтæй, радзырд æй йæхимæ æрбайста, æмæ йæ йæхимæ гæсгæ, йæ формæмæ гæсгæ æрхион кодта. Хъайта- ры царды цаутæ се ’ппæт нæ, фæлæ сын исы сæ сæйрагдæртæ, сæ зынгæдæртæ, йæ хъысмæты кульминацион моменттæ, уыдон фæрцы раргом вæййынц хъайтары фидар, æхсарджын миниуджытæ, ирон национ характеры бæллиццаг бæрджытæ. Уыцы цауты æхсæн цытæ æрцæуы, уыдонæн кæнæ уæлæнгай сæ кой скæны, ранымайы сæ, кæнæ та бынтондæр не скæны сæ кой, æмæ иу цау иннæмæ бабæтты йæ зынгæ амалæй: «Афонтæ цыдысты. Рæстæг хатти». Æмæ кæд дзургæ радзырдæн (таурæгъæн) куыд æмбæлы, афтæ нын дзургæйæ бирæ цыдæртæ раргом кæны йæ хъайтары цардæй æмæ удыхъæдæй, уæддæр нын сæ сæйраджыдæр раргом кæны æвдисгæйæ. Хаттæй- хатт йе ’вдисгæ ныхас фескъуыны йе ’ндæр зынгæ амалæй: «Цы дардыл дзурын», «Из’дзырдæй», æмæ фæзæгъы иу кæнæ иннæ фем- бæлд, иу кæнæ иннæ цау, иу кæнæ иннæ быцæу, иу кæнæ иннæ æнкъарæны фæстиуæг. ,Секъа æмæ Арсенæй алчи дæр сфæлдыста йæхи аивадон дуне, алчи дæр дзы йæхирдыгонау — йæ курдиат, йæ цæстæнгас æмæ йæ удыхъæдмæ гæсгæ — царды рæстдзинадæй скодта аивадон рæстдзи- над, алкæмæ дæр дзы ис йæхи жанрон хæдхуыз миниуджытæ, бирæ 66
цæмæйдæрты хицæн кæнынц кæрæдзийæ, фæлæ не сты кæрæдзийæн æцæгæлон. Арсенмæ — кæмдæр 20-æм азты райдайæнмæ — сæйраг у æхсæн- дзард, æнæзмæлгæ, æнæивгæ æхсæндзард, мæнæ цыма æнустæм ныф- фидар, ныддæвдæг, ныхъхъæбæр, йæхи мидæг нындзыг, афтæ. Сæй- раг уымæн у, æмæ дзы цы адæймæгтæ ис, уыдон сты йæ хæйттæ æмæ йæ хотыхтæ, сты йе ’гъдæуттæ, йæ фæндиæгтæ æмæ йын йæ монцтæ механиконæй æххæстгæнджытæ. Уыцы монцтæ сты бынду- ронæй биологон-цæрæгойон: хæрд æмæ нозт (сæ иугæндзон мæт), хæлæг æмæ цытуарзон (иу дзы иннæмæй æнæлæгдæр нæу), масти- сæн æмæ æгъатырдзинад. Арсены персонажтæ кæд цæмæйдæрты хи- цæн кæнынц (сæ социалон уавæрæй, сæ нацийæ, сæ хъаруйæ), уæд- дæр сты иухуызон, иуы дзы иннæмæй баив, иннæйы бынаты йæ æрæвæр, — ницы сæм аивдзæн. Зæхкусджытæ Тедо æмæ Симон сты æлдар Гарсеван æмæ йæ фæсдзæуинты хуызæн: æлдары фырт Миха Тедойы схуыдта бæх æмæ галы хуызæн, фæлæ фосæй уæлдай не сты сæхæдæг дæр. Пъырыстыф Топтыго æмæ бæхдавæг Батырбег — иухуы- зон: иу стигъæг дзы иннæ стигъæгæй кæд йæ маст райста, уæддæр сты «хæлæрттæ». Зæхкусæг Гиго æмæ сауджын Иосеб, Тега æмæ Тасолтан, Саукуыдз æмæ Батрадз, Хъуыдайнат æмæ Степан — адо- нæй алчи дæр у йæ ныхмæлæууæджы хуызæн. Алчи дæр дзы кæны, æхсæндзард ын цы «спрограммæ» кодта, уыцы ми. Зæгъæм, искæй дзы нæ бафæндыд уыцы ми саразын, уæддæр ын æй æхсæндзард саразын кæндзæн. Уыдон кæд хъуыды кæнынц, уæд æрмæст ууыл, куыд хуыздæр сæххæст кæной æхсæндзарды домæн æмæ фæтк, сæх- хæст æй кæной æхсæндзарды социалон, моралон æмæ психологон арæнты мидæг, цæмæй æхсæндзард уа, куыд уыд æмæ куыд у, афтæ. Уыдонмæ нæй æхсæндзардæй æнæразыдзинад, уымæн æмæ сæхæ- дæг сты уыцы æхсæндзард. 20-æм азты райдайæнæй кæмдæр 30-æм азты райдайæнмæ Арсе- ны радзырдты æрцыд ивдтытæ. Зæгъæн ис, адæймаг æм нал у æрмæст æхсæндзарды хай æмæ хотых. Арсены реализм кæд раздæр тынг хицæн кодта Секъайы реализмæй, уæд æм ныр цыма фæзындысты Секъайы конфликттæ æмæ хъайтарты миниуджытæ. Секъамæ кæд æхсæндзард амоны хъайтарæн йæ уавæр, йæ хъысмæт, кæд æхсæн- дзард нæ ивы æмæ нæ аивы хъайтары хъысмæт дæр, уæддæр хъай- тар сысты æхсæндзарды ныхмæ, æгъдауы ныхмæ, тох кæны йæ амонд, йæ сæрибар æмæ йæ уарзты сæрвæлтау. Уый нæу йæ ныхмæлæу- джыты хуызæн æмæ сын бæлвырд кæны йæхи сæрмагонд рæстдзинад. Радзырд «Афтæ дæр вæййы», зæгъгæ, уым мæгуыр, кусаг, æвæц- цæгæн, дзæбæх лæппу Саугудийæн йæ бон бафидын нæу ирæд, фæлæ йæ бон æнæ Дзерассæ цæрын дæр нæу, æмæ йæ каис Хосдзауы фос сусæгæй давын байдыдта æмæ йын афтæмæй бафыста йæ ирæд. Дæс боны ацарди Дзерассæимæ æмæ кæмдæр бæхтæ давгæйæ мард фæци. Саугудийы фесæфта æхсæндзард, æмæ йæ мæлæтæй, стæй йæ удисы- ны размæ цы загъта («Хуыцау ма ныббарæд мæ каис Хосдзауæн — уый тыххæй фæцахуыр дæн давыныл!»), уымæй рацыд æхсæндзар- ды ныхмæ, кæд йæ хотых сси æмæ йæ амæттаг фæци, уæддæр. 67
Радзырд «Фынддæс азы», зæгъгæ, уым дæр Хъæвдын уыди ку- саг, хорз лæппу, фæлæ йын Годах йæ галиу хъус куы алыг кодта (сæ чызгимæ симгæйæ йын æнæбары йæ риуыл йæ рæмбыныкъæдзæй кæй анцад, уый тыххæй), уæд куыройы сбадт, æнхъæлмæ каст Года- хы фырт Батрадзы бахъомылмæ æмæ йæ æвирхъау мард акодта, йæ маст райста, стæй Батрадзы кæстæр æфсымæры къухæй йæхи дæр амарын кодта. Хъæвдын, йæхи амарын кæнгæйæ, рацыд æгъдауы ныхмæ, мары йæ, кæд йæ хотых сси, уæддæр. «Царды зилдухæны», зæгъгæ, уыцы радзырды санибайаг сыгъдæг, æфсæрмдзæстыг лæппу Буцæ ахауди Бетьырбухмæ, ахуыр кæнынмæ, базонгæ студенткæ Аннæимæ, стæй æндæр сылгоймæгтимæ, æмæ кæд сæхимæйы цард æмæ амы цард ныхæй-ныхмæ æвæрдта, канд ирон патриархалон хъæу æмæ уырыссаг капиталистон сахар нæ, фæлæ ма дыууæ адæмы дæр, уæд фæстагмæ амы цардыл афтæ сахуыр, æмæ йæ æгасæй дæр йæхимæ аздæхта, йæхи йæ бакодта. Амы æхсæндзардимæ сæмбæлгæйæ (сты дзы, йæ алыварс чи ис, уыдон иууылдæр — уырысса- гæй, иронæй), сæхимæйы æхсæндзардимæ йæ баргæйæ, сæхимæйы æхсæндзард хуыздæр хонгæйæ (æниу уый хуыздæр нæу — Арсены æвдыстмæ гæсгæ, дыууæ раны дæр ис чъизи, ныллæг монцтæ, уыцы нымæцы уарзты дæр), амы æхсæндзардæн йæ ныхмæ не слæууыд, фæлæ сси йæ хуызæн. Буцæ йæхи æрцауыгъта æмæ уымæй рацыд æхсæн- дзарды ныхмæ, кæд йе ’рдзон хай сси, уæддæр. Арсены персонажтæ хъуыды кæнын байдыдтой, æхсæндзарды нормæтæ куыд хуыздæр сæххæст кæной, ууыл нæ, фæлæ æхсæндзар- дæн йæхиуыл, цахæм у, æмæ сæ цытæ аразы, ууыл, сæхи йæ ныхмæ æвæрын байдыдтой. Фæирддæр дзы сты йæ социалон æмæ национ, моралон æмæ психологон ныхмæвæрдтæ, конфликттæ. Уымæ гæсгæ дзы ис змæлгæ, ивгæ персонажтæ. Уый Арсены реализмæн уыди ногдзинад. Уыцы ногдзинад уæлдай тынгдæр фæбæрæг вæййы, адæймаг куы бамбары — иумæйаг адæймагон гуманизмы позицитæй — хорз æмæ æвзæры хицæндзинад (æвзæр у ирæд æмæ давын, æвзæр у тугисын, æвзæр у хæтын æмæ а. д.) æмæ, конфликтон ситуацийы æвзæримæ комкоммæ, лæгæй-лæгмæ куы сæмбæлы, уæд. Радзырд «Саломи»-йы ус-хъайтар йæ национ æмæ йæ сылгоймагон намыс гуырдзиаг тых- гæнджыты къæхты бын æрæвæрыны фæлтау, худинаг фæуыны фæл- тау йæ чызджыты дæр æмæ йæхи дæр къардиумæ аппæрста. Диссаг у, фæлæ уыцы конфликт тыхджындæр æвдисы абоны, ома 1920 азы цардыл фыст нæ, фæлæ ивгъуыд цардыл фыст радзырд «Тохы бон». Хохаг мæгуыр лæг Додти сугтæ æрласта Дзæуджыхъæумæ, ауæй сæ кодта, дуканимæ бацыд истытæ æлхæнынмæ æмæ йын уæйгæнæг йе ’ртæ сомæй дыууæ сомы куы нæ раздæхта, Додти сæ куы иста, уæд уæйгæнæг загъта: «Ацы гололобыймæ кæсыс? Афтæтæ кæнынц. Сы- бырмæ сафинаг сты иууылдæр!» Æмæ сын загъд куы бацайдагъ, уæй- гæнæг Додтийы куы ныццавта, уæд æй Додти хъамайæ барæхуыста. Расырдтой Додтийы базаргæнджытæ, йæ фæдыл ныххал сты уын- джы, цалдæры ма дзы барæхуыста, фæлæ йæ куы ’рбаййæфтой, уæд æй афæлдæхтой æмæ йæ хъилтæй, дуртæй, къæхтæй æмæ æндæр 68
цæвæнгæрзтæй «æрра куыдзы» мард акодтой. Социалон æмæ национ æфхæрдæн нæ бабыхста Додти, хъæбатырæй стох кодта йæ ныхмæ. Радзырд «Æнхъæл нæ уыдысты», зæгъгæ, уым бынтондæр ницы иухуызондзинад ис æлдар Леуан, йæ чапартæ, пъырыстыф, йе страж- никтæ, иуырдыгæй, æмæ иннæрдыгæй — Захъоры зæхкусджытæн. Леуан фæфылдæр кодта зæхкусджыты хъалон æмæ йе ’мбырд кæ- нынмæ куы ’рбацыдысты, зæронд Гарсеваны фос тыхæй куы скъæр- дтой, уæд йæ фырт чапартæй иуы михæй æрриуыгъта, йæхи та йын сбастой. Леуан йæ чапартимæ Захъормæ куы ’рбацæйцыд, уæд сæ чидæр хъæдæй хъахъхъæдта, æмæ Леуанæн йæхи æмæ йын йæ ча- партæй иуы амардта. Радзырд «Саломи»-йы ус-хъайтар бартхъирæн кодта гуырдзыйы æфсадмæ, зæгъгæ, нæ уын батайдзысты ацы мæс- тытæ, ацы æфхæрдтытæ, ома йæ ныфс ис рæстаг адæмы фæуæлахи- зæй, уæд ам та канд дзургæ нæ кæнынц, зæгъгæ, «ахæм царды уагæн бирæ ахæссæн нæй», фæлæ ма — йæ уæлвæд — Ахалгорæй æрбацы- ди бирæ адæмы къорд æмæ фехъусын кодтой, зæгъгæ, тугцъир хица- уад нал ис, паддзах Никъала йæ бынатæй æппæрст æрцыд æмæ фæ- уæлахиз революци. Ам æлдар æмæ зæхкусджыты æхсæн цы ахаст ис æмæ радзырд «Цуанонтæ»-йы æлдар æмæ зæхкусджытæн цы ахаст ис, уыдонæн кæрæдзиимæ абарæн дæр нæй, кæд дыууæ радзырды дæр, стæй ма радзырд «Гигойы куадзæн» дæр иу ранæй, иу рæстæ- гæй райстой се ’рмæг, уæддæр (1902 — 1906 азты Арсен Захъоры ахуыргæнæгæй куы куыста, уыцы рæстæгæй), уым фыццаг уырыс- саг революцийы заман цы хабæрттæ æрцыд æмæ уыдта, уыдон фен- дæрхуызонгондæй рахаста дыккаг революцийы заманмæ. Арсенмæ хæст, революци йæ радзырдты персонажтæм, сæ къуын- дæг æмæ æхгæд дунемæ цыдысты фæрсырдыгæй, æддейæ, кæцæй- дæр, цахæмдæр æбæрæг ранæй. Æддейæ æрбабырстой Саломи æмæ йæ хъæубæстæм гуырдзыйы æфсад. Æддейæ æрбацыдысты захъой- рæгтæм æлдар Леуан, пъырыстыф æмæ сæ фæсдзæуинтæ, æддейæ сæм æрбацыдысты революцийы уацхæссæг адæм. Æмæ дзы алкæй дæр ис йæхи мæт (зæронд Гарсеваны фырты куы сбастой, уæд йæ сæрыл ничи сдзырдта, «иууылдæр сæхи ницы уынæг скодтой»). Ра- дзырд «Хус къæбæртæ»-йы æдде цæттæ кæнынц революцион растад, студент-медик Тембол та æххормаг у æмæ, цы бахæра, ууыл у йæ иугæндзон мæт, катай. Иу салдат ын рауæй кодта 10 джиранкайы хус къæбæртæ, уынджы сæ цæугæ-цæуын хордта: «Тембол æмбæр- ста, цæуджытæ йæм хæлæджы цæстæй кæй кæсынц æмæ-иу барæй тынгдæр къæрццытæ кодта». Иу ран ын сæ милиционертæ байстой, йæхи йын ауагътой, тæригьæд, дам, у (сауджын Иосеб Гигойы куадзæ- ны хъыбыл куы ахаста, уæд гыццыл чызгæн куыд фæтæригъæд код- та, зæгъгæ, мидæмæ йæ акæнут, фæпрастуд уыдзæн, афтæ). Тембол нæ зоны, «хуыздæр разындзысты большевиктæ æви æвзæрдæр!, фæлæ сæ хотыхтæ æхсын куы байдыдтой, уæд ахъуыды кодта: Цыфæнды уæд, цыфæнды уæд!.. Керенскийы дугæй хуыздæр йеддæмæ фыддæр нæ уыдзæн!», хъæрæй та сдзырдта: «Цæвут, пулеметтæ! Цæвут, сар- мадзантæ! Цардæн уаг скæнут!» Радзырд «Куыд мын алыгъдис!»-ы дæр дзурæг-персонаж мидхæсты заман, Мæскуыйы æрмæст кæны йæ 69
гуыбыны мæт, иу нард куыдзы йæ фæдыл хæдзармæ ссайдта, фæлæ сыхæгты хæдзарæй цы лæгтæ рацыд, уыдонæй фæтарст æмæ алыгъд. Йæхи дзæбæх бафсадынæй стырдæр мæт æй нæй . Ам бæрæг кæнын байдыдта Арсены радзырды ног структурæ. Æддейæ цæуы социалон ивдтытæ, фехæлд зæронд дуг æмæ ралæууыд ног дуг. Адæм сæ «хæрв» аппæрстой, скодтой ног дуджы «хæрв», ома йын райстой йе ’ддаг уынд, фæлæ сæ миддуне куыд уыд, афтæ- мæй баззад. Уыдон пайда кæнынц ног дуджы лозунгтæ æмæ домæн- тæй сæхи бавæрынæн, сæ меркантилон, эгоистон тырнæнтæ сæххæст кæнынæн. Уыдонæй алчи дæр иннæтæй хъуамæ хуыздæр цæра, хъæз- дыгдæр уа, бæрзонддæр бынат ахса, цæмæй йæм иннæтæ хæлæг кæной, иннæтæм стыр æмæ кадджынæй зына, дисæн æй хæссой (Тедо æмæ Симон, Топтыго æмæ Батырбег, Гиго æмæ æндæрты миниу- джытæ), алчи дæр дзы дзура иухуызон, араза — æндæрхуызон (сау- джын Иосебы миниуæг), уа æгъатыр æмæ тугмондаг, чи йæ хъыгда- ра, чи йæ æгад кæна, уыдонæй йæ маст куы иса, куы сæ куынæг кæна, уæд (радзырд «Сæумæрайсом»-ы персонаж Батрадз, Хъæв- дын, Хъуыдайнат æмæ æндæрты миниуæг) æмæ а. д. Иудзырдæй, зæронд дуне æрцыд ног дунемæ, æрцыд æм йе ’ппæт миниуджытимæ дæр æмæ дзы йæ кæнон кодта. Ног дуджы цæргæйæ, Арсены персонажтæ нæ иу кæнынц йемæ, нæ ивынц йемæ. Уыдонæн гæнæн ис, æмæ уой бирæйæ иумæ, гæнæн ис, æмæ уой иугæйттæ. Радзырд «Дадолты мæт»-ы Къамады хъæу æгасæй дæр у зæронд дуне. Ног дунейæ иппæрд, дард кæмдæр. «Хорз хъæу у Къамад», — зæгъы Арсен æмæ нын йæ «хорз» раргом кæны йæ цæсты раз. Худгæ йыл кæны, фæлæ тæригъæдгæнгæ (радзырдтæ «Цуанонтæ», «Гигойы куадзæн» æмæ æндæрты куыд у, афтæ). Арсе- ны худт, йæ юмор, йæ ирони хъæлдзæг, æнæмæт нæу, фæлæ у æнкъард, æнтъыснæг. Радзырд «Æнæхъус Карум»-ы дæр ахæм худт ис. Карум духаны куы анызта, уæд нырриуыгъта «Исахъхъы зарæг» (ома ног дуджы зарæг, революци æмæ советон цардæвæрды сæрыл тохгæнæг хъайта- ры зарæг), ног дуджы цæсгом ыл ис, фæлæ ног дуг йæхæдæг йæ мидæг нæй. Хæрд æмæ нозт сты йæ сæйраг монц, иу кæнæ иннæ духаны цурты куы фæцæйцæуы, уæд йæ комыдæттæ æркæлынц. Уый фæсмон кæны, йæ ус Нинæйы сахармæ йемæ кæй ракодта, ууыл, дзæбæх ацæл кæнын, дам, нæ бауадздзæн. Сæ базайрæгтæ куы ауæй сты, уæд бахъынцъым кодта: «Раздæр æй арвитид, æмæ æнæ дзаума- тæй куы нæ акома... Дзауматæ алхæнид’раздæр, æмæ дзы ацæл кæ- нынæн фаг куы нæ аззайа». Духаны хицау ын йæ хардз куы ’рны- мадта, уæд «фыццаг джихæй аззади, стæй фелвæста æхцатæ, сойæ- дзаг кæлмæрзæны тыхтæй, æмæ сæ фынгыл æрцавта: — Кæй тæрсын кæнынц... адон?! Карум дæн, уый нæма зонынц, æнхъæлдæн!», ома Арсены кæддæры персонажтау йæхимæ кæсы стыр, адæм кæмæ хæлæг кæнынц, ахæм адæймаг. Расыгæй йын хуы йæ хъус куы бахордта, уæдæй фæстæмæ йын æнад фестадысты Цхинва- лы кой æмæ хъусы кой, фæлæ йæхæдæг йæхицæн æгад фестад, уый бæрæг нæу. Æвæццæгæн, нæ, — æнæ хъусæй дæр, раздæр цы уыд 70
æмæ куыд уыд, афтæмæй баззади, Сымсийы бинонтæ, дæсны Бига- ноны фæдзæхст куы нæ сæххæст кодтой, уæд куыд нæ аивтой, афтæ — ногæй сæхи дæсны фæрсынмæ цæттæ кæнын байдыдтой. Радзырд «Цы ’рцыди Фæзыхъæуы æмбисæхсæв», зæгъгæ, уыцы радзырды Тамарæ у Арсены сахайраг хæлд сылты хуызæн (Калачы хуымæтæджы нæ царди). Рæсугъд нæ уыд, фæлæ лæппуты æрра кодта — цæмæй? — «уарзон цæстæнгас æмæ мидбылты худтæй». Сæрра кодта Габойы дæр, æхца йæм кæй ис, уый зонгæйæ, йæ «гуыбын» дзы федта аккаг амæттаг. Советон хицауад куы ралæу- уыд, уæд, Арсены иннæ персонажтау, уый дæр ивгæ нæ акодта, фæлæ ног дуг сылгоймагæн цы сæрибар радта, уый фарсхæцæг æмæ сæрхъуызой йæхи скодта, цæмæй йæ цы фæнды æмæ куыд фæнды, афтæ кæна, йæ биологон-эгоистон монцтæ суæгъд кæна æмæ сæ алывæрсыгæй æфсада. Уыцы монцтæ æвзæрын æмæ цырын код- та фæсивæдмæ йæ бакастæй дæр, йæ ныхасæй дæр, йæ митæй дæр. Йæ бæгънæг урс зæнгтæм-иу цы лæппу фæкомкоммæ, «уый-иу ба- уадзыгмæ бирæ нал хъуыди», тамако афтæ рæсугъд дымдта, æмæ- иу æм лæппутæ кæсынтыл фесты. Сылгоймæгтæн дзырдта: «Цæут, кæдæм уæ фæнды, уырдæм, цæрут, цы нæлгоймæгтæ тынгдæр уæ зæрдæмæ цæуынц, уыдонимæ! Ныронг уыдон æвзæрстой, ныр та хъуамæ мах æвзарæм!» Бирæтæ йæм нæ хъуыстой, бирæтæ йыл худгæ дæр кодтой, æлгъгæнгæ йыл худы Арсен дæр. Габоимæ куы бацæра, уæд: «Кæд æмæ йæ зæрдæ æндæр лæгмæ бахъаза, уæд æй чи хъуамæ баурома — сæрибар ма цæмæн æрцыди! Цæргæ Габо- имæ кæндзæн, æнæуи та йæ бар йæхи». Тамарæ, дам, зæрдиагæй байдыдта кусын сылгоймæгты æхсæн. Цæмæн? Иуæй, ног дуг цы «сæрибар» расидт æмæ радта, уый номæй биноныг æмæ фидар кæн- дзæн йæхи уды мондаг, йæхицæн æхцон сæрибар (цъаммар, æнак- каг сæрибар), иннæмæй та — уыцы куыст, сылгоймæгты æхсæн агитацион, пропагандистон куыст ног дугæн æмæ ног дуджы цæсты нымад, кады хъуыддаг у, æмæ адæмы æхсæн кадджын уыдзæн, хæлæг æм куыд кæной, куыд æй нымайой æмæ дзы куыд тæрсой, афтæ. Тамарæ æмæ Габо дыууæ сывæллоны амардтой, хуыдоны бын сæ хъуамæ баныгæной. Леуан сæ куы баййæфта сæ фыдгæнды уæлхъус, уæд сæ фехста, æмæ фехста йæхи дæр. Уымæй Арсен цыма бæлвырд кæны, йæ иумæйаг адæймагон гуманизмæй чи гуы- ры, уыцы хъуыды: цардыл куы ныссагъæс кæнай æмæ йæ куы бам- барай, цардæй дæр æмæ дæхицæй дæр разы куы нæ уай, уæд хъуа- мæ, Хъæвдын æмæ Буцæйау, дæхи амарай æмæ афтæмæй тæрхон рахæссай цардæн дæр æмæ дæхицæн дæр, рахæссай йæ дæ ницæ- йагдзинадæн. Фæлæ уыцы хъуыды ам у вазыгджындæр æмæ конк- ретондæр: Арсен, иуæй, тæрхон хæссы, йæ ных цæвы, ног дуг Та- марæйæн цы сæрибар радта, уымæн, иннæмæй та — аххосджын сты Тамарæ æмæ Габо нæ, фæлæ ма аххосджын у Леуан дæр — сывæллæттæн йæ бон баххуыс кæнын уыд, фæлæ сын нæ баххуыс кодта. Леуан азымджын у æнæмæнг, æмæ йын йæ намыс — иумæ- йаг адæймагон намыс — амарын кодта сывæллæтты марджыты дæр æмæ йæхи дæр. 71
* * * Æз, æвæццæгæн, Арсен советон дуджы цард куыд æвдыста, уый тыххæй алывæрсыгæй, стæй фаг бæлвырдæй нæ загътон. Арсены æвдыстмæ гæсгæ, революци, ног цард не ’взæрд адæмы уд æмæ зондæй, сæ мидбæллиц æмæ сæ миддомæнæй, фæлæ сын æй ныббастæуыд æдде, æрхастой сын æй æмæ сын æй бар-æнæбары сæ ахсджиаг, сæ уарзон скодтой, адæм ног цардмæ гæсгæ аивтой сæ «хæрв», се ’ддаг æгъдæуттæ, се ’ддаг архæйдтытæ æмæ змæлдтытæ, сæхи йын иузæрдыг фарсхæцæг æмæ нывондаг скодтой, цæмæй йæ карз фыдæхы амæттаг ма фæцадаиккой. Революцион зарджытæ кæнгæйæ, советон «дзыхæй» дзургæйæ, Карумтæ, Тамарæтæ æмæ æндæртæ не систы ног адæймæгтæ, кæд нын уымæй ног паддзахад æмæ ног идеологи стыр зæрдæтæ æвæрд- той, кæд нын иугæндзон уырнын кодтой, махмæ, дам, райгуырд æмæ байрæзт ног адæймаг, уæддæр. Арсены æвдыстмæ гæсгæ, адæймаг къæссавæлдæхт нæ фæци, цахæмдæр ног адæймаг нæ фестад, фæлæ баззад адæймагæй — йæ мидныхмæвæрдтимæ, йæ хорз æмæ йе ’взæ- римæ, йæ биологон, йæ социалон æмæ йæ национ миниуджытимæ æмæ бæрджытимæ. Мæнмæ гæсгæ, ногæй бакæсинаг у ирон советон литературæ, уæл- дайдæр, мидхæст æмæ коллективизаци, социалистон арæзтад æмæ хæр- зæгьдау чи ’вдыста, уыцы уацмыстæ. Уым цы «аивадон æцæгдзинад» ис, уый реалон æцæгдзинадæй кæнгæ, цæугæ æмæ фæлдисгæ у æви нæ? Реалон æцæгдзинад кæм нæ уа, уымæн «аивадон æцæгдзинад» схонæн ис æви нæ? Цард сæ йæхæдæг домдта, йæхæдæг сæ фыссын кодта сæ автор- тæн æви сæ домдта, фыссын сæ кодта политикон-идеалогон цензурæ? Царды диктатурæ æви партийы диктатурæ? Æвæццæгæн, царды рæст- дзинадæй куы бæрæг кæнæм уыцы уацмысты аивадон рæстдзинад, уæд тас у, бирæтæ дзы нырмæйау аивадон куынæуал разыной æмæ сын аива- дон ахадындзинад куынæуал уа, уымæй. Фæнда нæ, нæ нæ фæнда, уæддæр сын хъуамæ царды рæстдзинадмæ гæсгæ аргь скæнæм. Ирон прозæйы йæ равзæрдæй суанг 30-æм азтæм уыд æмæ рæзти æрмæст иу жанр — радзырды жанр. Нæ дзы уыд нæдæр уацау, нæдæр роман. Зæгъæн ис, радзырд уыд «ирон национ жанр». Цæмæн афтæ рауад, зæгъгæ, уымæн ис объективон æмæ субъек- тивон аххоссæгтæ. Объективон — уый у ирон адæмы æхсæнадон æмæ культурон рæзты уаг æмæ уавæр. Субъективон — уый та, кæд рæстæгæй кæнгæ у, уæддæр хæдбар фактор уæвгæйæ, у ирон проза- икты «уды конд», курдиаты индивидуалондзинад. Фольклоры заман нæм куы фæци, куы снаци стæм, куы нæм фæзынд фыссынад æмæ мыхуыргæнæн тæрх, уæд нæм поэзи æмæ драматургиимæ хъуамæ фæзындаид прозæ дæр. Уымæн дæр йæ аива- дон «суадæттæ» хъуамæ уыдаиккой национ фольклор æмæ æндæрна- цион прозæ, бæлвырддæр дзургæйæ, хъуамæ уыдон руаджы, уыдон æххуысæй фæзындаид. Секъа-прозаикыл кæд æндæвта æндæрнаци- он прозæ (зæгъæм, гуырдзиаг прозæ, стæй гуырдзиаг æвзагмæ тæл- мацæй æндæр национ прозæ дæр;, уæддæр ыл сæйраджыдæр æндæвта 72
ирон дзургæ сфæлдыстад, йемæ йын уыд хицон, интимон бастдзи- нæдтæ, уæлдайдæр йæ сæйраг жанр — нæртон эпосимæ. Адæмбн эпикон мидисы бæсты хъуамæ фæзындаид ног эпикон мидис, æмæ уыцы мидис Секъамæ йæхи равдыста радзырды мидæг. Секъамæ сæйраг у хицæн адæймаджы хъысмæт, алыхуызон хъайтарон æмæ æнæхъайтарон миниуджытæ кæмæ ис, æхсæнад йæ ныхмæ кæй рас- тын кæны, æхсæнады цæфтæ кæуыл æруайынц æмæ сын йæхи цæф- тæй дзуапп чи дæтты, ахæм адæймаджы хъысмæт. Секъамæ ис «цæттæ фаб^’лæтæ», цахæмдæр æцæг адæймæгтæ æмæ æцæг цауты историтæ, адæм кæй бахъуыды кодтой, ахæм удæгас историтæ. Уыдон уыдысты адæммæ, хæлиу кодтой адæмы æхсæн (мæнæ «бæхылбадæг» уацтау, хабæрттау, дам-думтау), фæлæ не сис- ты фольклор, кæмдæр фольклор æмæ литературæйы æхсæн дзæгъæ- лæй хъеллау кодтой, æмæ сæм Секъа куы багуыбыр, хæдбар уацмы- стæм сæ куы ’рбахуыдта, уæд систы литературæ. Афтæмæй сæ иста фольклорæй нæ, фæлæ цардæй. Кæд сæ Секъа дзурæгау кодта, кæд æм сты дзургæ радзырдтæ, уæддæр сæ исчи хъуамæ хъусгæ ма кæна, фæлæ сæ бакæса. Секъа фыста йæхи уацмыстæ, уыдон адæмæн гом кодтой, адæм цы зыдтой, фæлæ цы нæ зыдтой, ахæм дуне, Секъа сын æй цыма базонын кодта фыццаг хатт. Уымæ гæсгæ йæ уацмыстæ сты фольклорон таурæгътæ нæ, фæлæ литературон таурæгътæ. Секъа йæ уацмыстæ фæлдыста дзурынæн æмæ хъусынæн нæ, фæлæ мыхуырæн æмæ «цæстытæй» кæсынæн. Уый кæд формалон «æддаг» миниуæг у, уæддæр амоны фольклорон уацмыс æмæ литературон уацмысы æхсæн хицæндзинад, сæ иуы аивадон структурæ дзы хъуамæ мауал уа се ’ннæйы аивадон структурæйы хуызæн. Фольклор литературæмæ куы хызт, уæд, уый иуæй-иутæн бауырнын кодта, зæгъгæ, дзургæ-заргæ уацмысæн автор нæй, фыст уацмысæн ис — чи йæ ныффыста, чи йæ ныммыхуыр кодта, уый у йæ автор. Байаты Гаппо фыста, зæгъгæ, Къубалты Алыксандр, Æмбалты Цоцко æмæ Гаппо сæхæдæг алыхуызон кадæг- гæнджытæй цы адæмон уацмыстæ ныффыстой æмæ мыхуыры кæй рауагътой, уыдон сты сæхи сæрмагонд уацмыстæ. Секъамæ хъайтартæн ис райгуырд æмæ мæлæт, ома сæ сæ райгуыр- дæй ахæццæ кæны суанг сæ мæлæтмæ, бакæны сын æмæ сын сæхгæ- ны сæ дуне. Афтæ у фольклоры дæр. Архайд фæци æмæ уацмыс дæр балхынцъ, дарддæр дзы дзуринаг, æвдисинаг ницыуал ис. Фæлæ ахæм кæрон дæр Секъамæ æххæст фольклоры хуызæн нæу, уымæн æмæ эпосы нæй хъайтары мидуды змæлдтытæ, сты дзы æрмæст йе ’ддаг архайдтытæ. Уыдон дæр сты статикон, ома дзы æцæг змæлд нæй, уымæн æмæ дзы æвдыст нæ цæуы хъайтары эволюци иу архай- дæй иннæ архайдмæ, иу уагæй иннæ уагмæ. Секъа та æвдисы хъай- тарæн йæ мидархайд дæр æмæ йе ’ддаг архайд дæр, ис æм сæ дыу- уæйы эволюци дæр, кæрæдзийæ хицæнгондæй нæ, фæлæ иумæ, æмæ йæм кæд хъайтар, æмткæй райсгæйæ, ивгæ, рæзгæ нæ кæны, кæд ын рагацау зоны йæ мид æмæ йе ’ддаг змæлды фæстиуджытæ, уæддæр ын йæ мид æмæ йе ’ддаг миниуджытæ райхалы, райтындзы иу ца- уæй иннæмæ хизгæйæ, раргом сын кæны сæ иудзинад. 73
Секъа æвдисы эпосы фантастикон, хъайтарон, идеализацигонд дуне нæ, фæлæ зæххон, æрвылбоны дуне. Ахæм дуне æвдисы Арсен дæр. Фæлæ Секъа фольклоры æндæвдад тынгдæр æвзæрста, Арсен та — æндæрнацион литературæты æндæвдад (Гоголь, Чехов, Мопас- сан). Ахæм дуне — фольклорон нæ, фæлæ литературон дуне — уыди канд прозæйы нæ, — уыди поэзийы дæр (Темырболат, Къоста), дра- матургийы дæр (Елбыздыхъо). Ахæм дуне — литературон дуне — нæй канд эпосы нæ, фæлæ ма æмткæй фольклоры дæр. Секъа æмбæрста, зæгъгæ, нæртон эпосы хицæн кадджытæ иумæ фæкъордтæ сты хицæн хъайтарты алыварс, ома кæд эпос æрцыд циклизацийы стадимæ, уæддæр у иу æнæхъæн эпопеяйы хуызæн, æрмæст йæхирдыгон эпопеяйы хуызæн, уымæн æмæ у кадджытæй конд — уыдонæй алкæцыйæн дæр ис райдайæн æмæ кæрон, алкæцы дæр дзы у хæдбар уацмыс. Фæлæ уæддæр сты цыма хицæн уац- мыстæ нæ, фæлæ иу чиныг. Ахæм иу чиныджы хуызæн уыдысты Секъайæн дæр йæ прозæйон уацмыстæ. Уымæй йæ радзырдтæ не систы иу уацмыс (роман), æрмæст гом кодта фадæттæ иу кæнæ иннæ фарсæй, иу кæнæ иннæ бæрцæй гом кодтой Секъайы фæстæ дæр, гом сæ кодта Арсен, стæй иннæ прозаиктæ дæр. Секъа куы цард, уæдмæ нæм фæзындысты поэзи дæр æмæ драма- тургийы æппæт жанртæ дæр (поэзийы — æмдзæвгæ, æмбисонд, поэмæ; драматургийы — комеди, драмæ, трагеди). Прозæйы нæм уыд æрмæст къаннæг жанр — радзырд. Нæ прозаиктæн, æвæццæ- гæн, сæ курдиаты здæхт уыди романмæ кæнæ уацаумæ нæ, фæлæ радзырдмæ, иннæмæй та — æмæ уый тынг ахсджиаг аххосаг у — уымæн, æмæ сын фæхæццæгæнæн нæ уыд адæммæ, стæй сæм куы фæхæццæ уыдаиккой, уæддæр сæ, а-дæ-гъа, райстаиккой? Дзургæ нæ, — фысгæ уацмыс у кæсынæн, фæлæ йын бакæсæн нæ уыдзæн, мыхуыр куы нæ ’рцæуа, уæд. Секъайы уацмыстæн сæ фылдæр мыхуыр не ’рцыдысты, уымæн æмæ нæм мыхуыры фадæттæ уыдысты тынг къуындæг, æмæ радзырдæн кæм нæ уыд мыхуыргæ- нæн, уым кæм рацыдаид рухсмæ уацау кæнæ роман? Алы уацмыс дæр фыст цæуы мыхуыры фадæттæм гæсгæ, уыдон хынцгæйæ. Мы- хуыры фадæттæ дæр сты сæхирдыгонау жанраразæг. Радзырдæн уæддæр искуы-иу хатт мыхуыры рауадзæн уыд, æмæ уымæ гæсгæ нæ прозаиктæ фыстой радзырдтæ. Фыссæг йæ уацмыс куы фыссы, уæд иудадзыг йæ цæстыты раз лæууынц чиныгкæсджытæ, лæууынц, кæмæ хъуамæ ацæуа, чи йæ бакæса, чи йæ бамбара æмæ йын аргъ чц скæна, уыдон. Фыссы йæ канд фыссæг нæ, фæлæ ма йæ «фыссынц» чиныгкæсджытæ дæр. Чиныгкæсджытæ дæр сты сæхирдыгонау жанраразæг. Ирон адæм дзургæ-заргæ уацмыстæ рагæй-æрæгмæ хъусгæйæ кæй истой (фыстæй æмæ мыхуырæй нæ, фæлæ), уымæ гæсгæ, прозæимæ абаргæйæ, хуыздæр фадæттæ уыд поэзи æмæ драматургийы жанрты рæзтæн. Поэтикон уацмыстæ-иу сын исчи куы бакаст, иу хатт дæр-иу сæ куы фехъуыстой, уæд-иу сæ бахъуыды кодтой, зарыдысты сæ, æнæкæсгæйæ сæ дзырдтой (Темырболат, Къоста, Секъа). Драмон уацмыстæ та сценæйыл кæй æвæрдтой, «дзургæ» сæ кæй кодтой ар- 74
тисттæ, уымæ гæсгæ сæ адæм уыдтой æмæ хъуыстой, æмбæрстой сæ æмæ сæ истой. Чиныгкæсджытæ жанраразæг кæй сты, уый афтæ нæ амоны, зæгъгæ, фыссæг хъуамæ фысса, уыдон куыд фæнды, æрмæст афтæ. Фыссæг хъуамæ лæууа чиныгкæсджытæн сæ разæй, хъуамæ сын рæзын кæна сæ эстетикон адæнкъарынад. Секъа дæр æмæ не ’ннæ прозаиктæ дæр чиныгкæсджытæн цыдысты сæ разæй, сæхи сæ нæ атыдтой, нæ фæиппæрд кодтой, афтæмæй сæ хуыдтой аивад хуыз- дæр æмæ арфдæр æмбарынмæ, сæ эстетикон домæнтæ уæрæхдæр æмæ хъæздыгдæр кæнынмæ, цæттæ сæ кодтой аивады, номхуындæй прозæйы æппæт жанртæ дæр райсынмæ æмæ æрхион кæнынмæ. Дзурынц, зæгъгæ, чиныгкæсджытæ аивадон уацмыстæ куыд æмба- рынц, уымæй кæнгæ у аивады прогресс. Цас фылдæр культурæ, фыл- дæр ахуырдзинад сæм уа, цас бæрзонддæр уой сæ социалон-полити- кон æмæ идейон-эстетикон цæстæнгастæ, уыйас аивад тынгдæр рæзы уæрхмæ дæр æмæ æрфмæ дæр, уыйас дзагдæр æмæ æххæстдæрæй æмбæрст цæуынц канд абоны аивадон уацмыстæ нæ, фæлæ ма ив- гъуыды шедевртæ дæр, уыйас дзагдæр æмæ æххæстдæр кæны аивад. Иугæр Секъа æмæ Арсены фæстæ, 30-æм азты райдайæнмæ, ра- дзырд куы сси традицион, авторитетон æмæ престижон жанр, уæд чиныгкæсджыты дæр æмæ фысджыты дæр бауырныдта, зæгъгæ, ирон прозæ у радзырдæй кæнгæ, ирон прозæ йæхи иууыл хуыздæр рар- гом кодта, æргом кæны æмæ æргом кæндзæн радзырдæй. Æндæр дзырдтæй, ирон прозæ у радзырд. Уымæ гæсгæ хорз радзырд чи ныффысса, уый уыдзæн æцæг прозаик. Традици тыхджын у. Уæд нæм, зæгъгæ, исчи роман ныффыста, суанг хорз куы уыдаид, уæд- дæр, — æнæууæнчытæ йыл кодтаиккой. Æмæ, æцæгдæр, фæстæдæр нæм фыццаг романтæ куы фæзынд, уæд сын сæ автортæй дзырдтой, иу рæстмæ радзырд, дам, дзы никуы ничи ныффыста æмæ, дам, уыдонæн сæ романтæ цы хъуамæ уой! Махмæ радзырд йеддæмæ ницыма уыд, æмæ йæ кæд егъау жанр- тимæ нæ барстам, уæддæр ирон чиныгкæсджытæн нæ классикты ра- дзырдтæ уыдысты иууыл номхæссæндæр уацмыстæ («Азау», «Айссæ», «Зæлда», «Гигойы куадзæн», «Цуанонтæ» æмæ æндæртæ). Æмæ канд чиныгкæсджытæн нæ, — фысджытæ дæр сын сæ разы «истой сæ худ». Æгæрыстæмæй Арсен йæхæдæг дæр, ном æмæ йын кад чи ’рхаста, уыцы радзырдты фæстæ бар-æнæбары йе ’ргом здæхта ра- дзырдмæ. Уым ын алцыдæр уыди зонгæ, уыдта йын йæ «сусæгтæ», уым сфидар æмæ парахатæй разынд йæ арæхст, йæ дæсныйад: къан- нæг фæзуаты бавæр, бацæуын кæн егъау мидис, равдис æй цъус, фæлæ бæлвырд, уæзгæ дзырдтæй, иу кæнæ цалдæр цауы æмæ персо- нажы бакæн «айдæны чысыл схъисмæ» æмæ сæ йæ мидæг ирдæй разынын кæн, равзар иууыл ахсджиагдæр детальтæ æмæ сæ макси- малонæй спайда кæн, æмæ а. д. Радзырды иу дæсныйад кæй хъæуы, романы та — æндæр, «ра- дзырдон хъуыдыкæнынад, уынынад» æмæ «романон хъуыдыкæны- над, уынынад» тынг кæй хицæн кæнынц кæрæдзийæ, уый арæх ра- зыны уымæй, æмæ бирæты фæфæнды романтæ фыссын æмæ сæ фыс- 75
сын дæр байдайынц, фæлæ рауайынц радзырдау цыбыр, рауайынц радзырды хуызæн. Арсен фыста роман, йæ ном — «Кæфхъуындар», мыхуыр æй кодта (газет «Рæстдзинад», 1923), æмæ кæд газеты редакци амыдта, зæгъгæ, «æххæстæй рацæудзæн хицæн чиныгæй», уæддæр нæ рацыд «æххæстæй», уымæн æмæ дзы мыхуыры цы рауагъта, уымæй уæл- дай дзы фысгæ дæр нæ ныккодта, — фыссинаг ын дзы ницыуал уыд, зæгъæн ис, цы дзы ныффыста, ууыл фæци, газет æй рауагъта æххæ- стæй. Роман рауад Арсены радзырд «Царды зилдухæны»-йы хуы- зæн. Радзырды персонаж Буцæ æмæ романы персонаж Хъуыдайнат — дыууæ дæр Бетъырбухмæ ныццыдысты Санибайæ. Ирон æхсæн- дзардæй бахаудтой «æцæгæлон» æхсæндзардмæ, уынынц сын сæ хи- цæндзинад, æмæ дзы сæ зæрдæйæн идеалау у ирон æхсæндзард. Дыууæйæн дæр ис æмбæлттæ — се ’мзæххонтæ. Цы кусынц, цы архайынц, ууыл нæу сæ сагъæс, сæ мæт, фæлæ сын ис иу проблемæ — уарзт. Уымæй аразгæ у дыууæ уацмысы сюжет дæр, уарзты «цау- тæй», фæд-фæдыл цæуæг «моменттæй» арæзт сюжет. Уыцы «цауты» æхсæн кæмдæрты автор райдайы ныхас сæ ахуыр, сæ куысты тых- хæй. Дыууæ персонажы дæр бетъырбухаг æхсæндзард хъуамæ скæ- на йæхи хуызæн, скæна сæ йæ цагъартæ, райсой йын йе ’гъдау (ам: хæтаг, хъахбай уарзт), Буцæ сси йæ хуызæн æмæ фесæфт, йæхи амардта, Хъуыдайнат (уый фидардæр разынд Буцæйæ: «Кæмдæрид- дæр уон — æз кæндзынæн мæхи æгъдау»), æвæццæгæн, æххæст не сси йæ хуызæн, фæлæ уый дæр фесæфт — йæ ус Нинæйы амардта, йæхæдæг пъæлицæмæ бацыд, æрцахстрй йæ, йæ чысыл сабитæ (чызг æмæ лæппу) баззадысты сидзæртæй. Йæ усæн афтæ цæмæн бакодта, бæлвырдæй хабар куыд æрцыд, уый Арсен нæ ныффыста, фæлæ хъæугæ дæр нæ кодта, къуындæг сюжет-аразæг темæ — уарзт — бæстон раргом, аргъауыны размæ Хъуыдайнат сæхимæ Санибамæ куы ацыд, йæ фæстæ йе ’мхъæуккаг Андыри (Ирыстоны дæр æмæ Бетъырбухы дæр — хæлд, чъизи моралы хицау) пъырыстыф Сквор- цовы хæдзармæ цæуын куы байдыдта, сæ чызг Катяйæн сын мойаг куы сси, сусæгæй Хъуыдайнаты усаг Нинæйы йæхирдæм куы раз- дæхта æмæ йемæ куы фæци, уæд. Нинæ чызг куы нæ разынд, уæд Андыри — мæнгард, æлгъаг эгоист — загъта: «Саг æрцахста, саг, Хъуыдайнат... Фæлæ цыфæнды кæнæд... Мæ хъуыддаг нæу!» Уыдæт- ты фæстæ æгæр бæрæг дæр ма у, Хъуыдайнат йæ усы кæй амардта, уый аххоссаг. Зæгъгæ, бæлвырдæй куыд æрцыд хабар, уый ма дзы куы ныффыстаид Арсен, уæддæр уыдаид радзырд. Цымыдисаг у, дыууæ уацмысæн дæр сæ арæзт у иухуызон: фыццаг уал нын радзу- ры персонажы хъысмæты фæстиуæг (Буцæ, Бетъырбухмæ ныццæу- гæйæ, 10 мæйы фæстæ бахауди рЬшчындонмæ. Хъуыдайнат 4 азы фæстæ йæ усы амардта), йæ кæрон ын куы базонæм, уæд уый фæстæ радзуры, ахæм кæронмæ йæ цы ’ркодта, куыд æм æрцыд, цахæм разæууæлтæ æмæ йын аххоссæгтæ уыд, уыдон. Ам ис радзырды æрмæг, фæлæ радзырды æрмæгæн йæ бон у, æмæ байрæза романы æрмæгмæ. Арсенмæ радзырды æрмæг нæ бай- рæзт романы æрмæгмæ. 76
Махмæ цы романтæ ис, стæй уацаутæ дæр, уыдонæй бирæтæй бирæ уæлдæр лæууынц бирæ радзырдтæ (канд искæй радзырдтæ нæ, фæлæ ма романты автортæн сæхи радзырдтæ дæр). Уыцы гуырахст- джын уацмысты бæсты нæм куы фæзындаид уал чысыл радзырды, уæд ирон прозæ уаид бирæ хъæздыгдæр. Фæлæ уый афтæ нæ амо- ны, æмæ роман дæлдæр у радзырдæй. Сæ дыууæйæн дæр — се спе- цификæмæ гæсгæ — хъуамæ уа аккаг аивадон ахадындзинад. Нæ хъæуы æвзæр радзырд дæр, нæ хъæуы æвзæр роман дæр. Фæлæ сæ дыууæ дæр хъæуынц, хорз куы уой, уæд. Æхсар æмæ лæджыхъæд разыны радзырды дæр æмæ романы дæр. Махмæ бирæ азты дæргъы уый зынди радзырды мидæг, зынди уæндонæй, хъаруджынæй, æнæкъæмдзæстыгæй. 1984-1985 «ИУУЫЛ АБХАЗАГДÆР ПОЭТ» Шинкуба Баграты кой рагæй хъуыстон, кастæн ын йе ’мдзæв- гæтæ, йæ балладæтæ, йæ поэмæтæ. Фæстæдæр мæм «æрæфтыд» йæ прозæ дæр, йæ роман «Ацæугæтæй фæстаг». Цалдæр хатты йæ уынгæ дæр фæкодтон, йемæ-иу фембæлдтæн, фæлæ йæ æввахс базыдтон фарон, номдзыд абхазаг фыссæг æмæ æхсæнадон архайæг Чъанба Самсоны 100 азы бæрæгбон куы уыд, уæд. Фыццаг хатт æй федтон абхазагау дзургæ. Æмæ куыд дзырдта! Чъанбайы тыххæй юбилейон æмбырды цы бирæ раныхæстæ уыд, æз дзы кæй æмбæрстон, уыдо- нæй мæм тынгдæр бахъардта, æз дзы кæй не ’мбæрстон, уыцы раны- хас — Баграты раныхас. Хъуыстон æм æмæ — дисы мæ æфтыдта йæ драматизм æмæ йæ лиризмæй, йæ цахæмдæр зæрдæскъæф хъаруйæ. Уым абхазаг æвзаг улæфыд, хъæрзыдта, куыдта æмæ худти йæ уидæг- тæй, йæ тæккæ рæбынтæй, йæ цардхъом æрфытæй. Уым уыд абха- заг æвзагæн йæ кæлæн æмæ йæ фидауц. Поэт аккаг ныхас кæд зæгъдзæн? Кæд æмæ бамбара «дзырды уд», «йæ сусæгты сусæг», уæд. Афтæ зæгъы Баграт æмæ уымæ тыр- ны йæ алы уацмысы дæр — поэзи уа, прозæ уа æви публицистикæ. Хуымæтæджы йæ не схуыдта Гулиа Дмитри «иууыл абхазагдæр поэт». Абхазаг «дзырды уд», æвæццæгæн, алкæд кæнæ фылдæр хатт дзæвгар фæкайы, æндæр æвзæгтæм тæлмац куы ’рцæуы, уæд. Баг- раты хуызæн поэттæн сæ тых у се ’дых дæр. Антейау сæ сæ ныййа- рæг, национ мæрæй куы атонай, уæд, цыма, фæиппæрд вæййынц сæ бæгъатыр тыхæй. Фæлæ уыцы тых, уыцы «сусæг» вæййы æвидигæ æмæ йæм æндæр адæмты цымыдис мынæгдæр нæ, — кæны цырын- дæр, æмæ йын агурынц ног æмæ ног гæнæнтæ йæ раргом кæнынæн. Æмæ йæ кæд æххæстæй никуы раргом кæнынц, уæддæр сын гуырыс- хойаг никуы вæййы йæ ахъаззаг аивадон ахадындзинад. Уый ууыл дзурæг у, æмæ иу кæнæ иннæ адæмы æрдзон «æз»-æн баивæн ницæ- мæй ис æмæ уый хъуамæ хынцой, хъуамæ дзы аргъуц кæной, адæм- ты хъысмæт чи лыг кæны, уыдон. 77
Баграт хауы, искуы искæй адæмы æхсæн, искæй æвзагыл йæхицæн ном æмæ кад чи скæны, стæй афтæмæй йæ адæммæ чи ’рцæуы, уыцы поэттæм нæ, фæлæ йæхи адæмы астæу, йæхи æвзагыл йæхи адæмы йæхимæ чи ’ркæсын кæны æмæ сын афтæмæй номхæссæн, арфæйаг чи свæййы, уыцы поэтгæм. Искуыцæй уæхимæ нæ, фæлæ уæхицæй искуы- дæм, иннæ литературæтæм æмæ адæмтæм, дæхи уæзæгæй дунемæ — уый у иууыл уæззаудæр, фæлæ иууыл лæджыхъæдджындæр æмæ амонд- джындæр фæндаг. Уый у æцæг адæмон поэтты фæндаг. Ахæм поэттæ сæхи нæ исынц Хуыцауы цъупмæ, фæлæ сæхиимæ иумæ цадæггай, удуæлдайæ сæ адæмы исынц уæлæмæ, бæрзондæй- бæрзонддæр сын кæнынц сæ сæрмагонд æмбарынад, цæмæй иннæ адæмтæй фæсте мацæмæй зайой, цæмæй уой хуымæтæг бардз нæ, фæлæ æцæг адæм — историон, фæлдисæг, сæрыстыр адæм. Боныфæ- стагмæ ахæм у æмæ ахæм хъуамæ уа поэты мисси: бахъахъхъæн æмæ байрæзын кæн дæ адæмы, сæ хæдбындур æмæ сæ хæдбар, ба- хъахъхъæн æмæ сын байрæзын кæн сæ уд, сæ истори, се ’взаг, сæ культурæ, сæ аивад. Уый куы нæ уа, афтæ куы нæ уа, уæд дæ адæммæ искуыцæй фæнды генийæ æрцу! Чи зоны, раст загъта Пушкин, зæгъгæ, адæм æууæндынц æрмæст кадыл. Фæлæ адæм иууыл тынгдæр æууæндынц искæцæй сæм чи ’рцæуы, уыцы кадыл нæ, фæлæ сæхи астæу чи равзæры, уыцы ка- дыл, уый сын у иууыл диссагдæр, зæрдæдаргæдæр, уырнинагдæр, æгъуыстагдæр кад. Уый у сæхи кад — æнустæм. Хуымæтæджы нæу, Багратæн Социалистон Куысты Хъайтары ном куы радтой, уæд кæй загъта, зæгъгæ, уыцы хорзæх райста абхазаг литературæ, райстой йæ абхазаг адæм. Уыцы кад у интернацион кад. Æцæг национ поэттæ с!ы æцæг интернацион поэттæ. Дæ мадæлон «дзырды уд», дæ ныййарæг адæ- мы уд куы схай кæнай интернационæн, куы сæ ракæнай æмæ рахæс- сай дæ уæзæгæй æддæмæ, иннæ адæмтæм, уæд уымæй хъæздыг кæны интернацион культурæ, хъæздыг дзы кæнынц адæмты интернацион бинонтæ. Баграты бæрæгбон у нæ бирæнацион литературæйы бæрæгбон. Фæлæ, мæнмæ гæсгæ, фыццаджыдæр æмæ сæйраджыдæр у, чысыл литературæтæ кæй хонæм, уыдон бæрæгбон. Баграт йæ куыстæй, йе сфæлдыстадæй, йæ адæймагон æмæ йе ’мбæстагон уагахастæй бæл- вырд кæны, зæгъгæ, мах хуызæн чысыл адæмтæ сты стыр адæмтæ. Зæгъæн ис, Баграт 30-æм азты æрыгонæй йæ къухмæ фыссæджы сис куы райста, уæд агурын байдыдта йæхи индивидуалон цæсгом, йæ цардон æмæ йе сфæлдыстадон кредб. Нырыккон царды рæстдзи- надæн хъуамæ уа нырыккон аивдзинад. Баграт æмбæрста æмæ зыд- та, зæгъгæ, цард дзы домы «цыдæр ногæй». Æмæ кæд алкæд йæ къухы не ’фтыд, уæддæр кæддæриддæр архайдта, цæмæй йæм уа ног мидис, йæхи æвæлхат мидис æмæ ног аивдзинад. Багратмæ-иу фыны æрцыдысты йæ фыдæлтæ æмæ йæ фарстой: адэёймаг дæ? Ивгъуыдæн æмæ абонæн дзуапгæнæг, сæ разы бæрн- хæссæг, фидæнмæ æдæрсгæ цæуæг адæймаг? Уымæ гæсгæ Баграт иугæндзоы тох кодта адæймаджы æнæадæймаггæнæг, адæмы æнæ- 78
адæмгæнæг хъысмæты ныхмæ. Иухатт йе стъалы арвæй рахаугæ куы федта, уæд йæ бæхыл абадт, йæ размæ фæци æмæ йæ æрцахста. Ие стъалы, йæ адæмы стъалы æрхауын никуы бауагъта, никуы дæр æй бауадздзæн Хъысмæтыл хъуамæ цæуа нæ бар, хъысмæтæй нæ, — махæн нæхицæй кæнгæ хъуамæ уа нæ цард. Баграт æнцад-æнцой цардимæ лымæн нæу. Иу ран, æнæзмæлгæ, æнæмæтæй æрлæууа, уый йæ туджы нæй. Йæхи загъдау, йæ кар йе ’ккой баппары æмæ дарддæр цæуы фидæнмæ. Баграт махмæ, Хуссар Ирыстонмæ, фыццаг хатт æрцыд 1937 азы сæрды, абхазаг фысджытæ Чъанба Самсон, Гулиа Гиуæрги æмæ æндæртимæ. Ам каст йе ’мдзæвгæтæ, тынг фæцыд ирон фæллойгæн- джыты зæрдæмæ. Йемæ куы сæмбæлын, уæд æнæмæнг æрæфтауы ныхас Беджызаты Чермен, Хъуылаты Созырыхъо æмæ Тыбылты Алыксандры тыххæй, иуæй, æхсызгонæй, кæй сæ зыдта, уый тых- хæй, иннæмæй — хъынцъымгæнгæ, æназымæй сæ кæй фесæфтой, уый тыххæй. Айразмæ мын дзырдта, зæгъгæ, Ручъы æфцæгыл фæндаг куы бай- гом уа, уæд ыл хъуамæ ацæуа, ацæуа Хуссар Ирæй Цæгат Ирмæ. Багратæн йæ фæндаг цæуы «удæгас зæрдæйыл» æмæ 1937 азы ирон чиныгкæсджыты зæрдæйы цы фæндаг акодта, уый уæдæй ардæм — кæсæм æй уырыссагау, гуырдзиагау, ирон æвзагмæ тьæлмацæй — зынгæ фæуæрæхдæр æмæ амæй фæстæмæ ноджы уæрæхдæр кæндзæн. Бузныг Багратæн, кæй ис Абхазæн, кæй ис махæн, уый тыххæй! КУРДИАТ ÆМÆ ДÆСНЫЙАД (Скъуыддзæгтæ 1987 азы 3-æм августы Хуссар Ирыстоны фысджыты парторганизацийы æмбырды докладæй) * * * Акæсæд ма нæ алчи дæр фæстæмæ, йæхимæ, æндæра нæ фæкъæм- дзæстыг уаид, йæхиуыл не ’рхудид. Нæ бынат кæнæ нæ удæнцой хъахъхъæнгæйæ, арæх «о» кодтам зылын уынаффæтæн. Раст зæгъын кæм хъуыд, уым арæх дзырдтам мæнгдзинад. Быцæу кæнын кæм хъуыд, уым разы кодтам — канд хицæн адæймæгтимæ нæ, фæлæ коллективимæ дæр, уымæн æмæ рæдийы канд хицæн адæймаг нæ, фæлæ коллектив дæр, æмæ ахæм рæстæджы хъуамæ коллективы дæ- хирдæм раздахай, рæстдзинад ын бамбарын æмæ райсын кæнай. Алыхуызон стыр æмæ гыццыл хицæуттæ, алыхуызон редактортæ нын нæ хъуыды, не ’нкъарæн куы ’рдызтой, уæд-иу сæ, сæ ныхмæ слæу- уыны бæсты, уыдыстæм бузныг, мыхуыры нæ кæй уадзынц, уый тыххæй. Алыхуызон аудиториты нæм адæм судзаг æмæ дудаг фар- стытæ куы лæвæрдтой, уæд сын нæ дзуапп уыд: «Ахæм фарстытæн дзуапп нæ кæнæм!» Æмæ а.д. Нæ хъысмæт кæмæй кæнгæ уыд, уыдон нæ æнауæрдонæй «редакци» кодтой, сæхицæн — æрмæст сæхицæн, — адæмæн нæ! — сæхицæн пайда æмæ æхсызгон куыд уыд, ахæм фыс- джытæ нæ арæзтой, æмæ мах дæр фыстам æмæ архайдтам, уыдон 79
куыд фæндыд, афтæ — нæхæдæг дæр нæхи «редакци» кодтам. Не ’ппæт дæр æмхуызон бæрцæй нæ, — чи фылдæр, чи къаддæр, — фæлæ махæй уæддæр иу дæр ахæм нæ уыд, йæхи чи нæ «редакци» кодта. * * * Абон нæ критикæйæн, æмткæй райсгæйæ, уæлæнгай, примити- вон сты йæ аргъгæнæн критеритæ. Арæх у иллюстративон-афыстон, ома дæхи ныхæстæй цыбырæй радзур уацмысы сюжет, зæгъ ын йæ темæты актуалондзинады тыххæй, фæтчыгъæдæн дзы бафау хицæн дзырдтæ кæнæ хицæн хъуыдыйæдтæ æмæ йæ кæронæй рахон ног æнтыст авторæн кæнæ ирон литературæйæн. Арæх мидис æмæ формæ уыны кæрæдзийæ иппæрдæй, уымæ гæсгæ рауайы вульгарон-социо- логон кæнæ сыгъдæг формалистон. Арæх у субъективистон, уымæ гæсгæ рауайы комплементарон кæнæ цъыфкалæн. Ахæм критикæ- йæн æнæпрофессион, æнæкомпетентон критикæйæн — арæх æвзæр у хорз, хорз та — æвзæр, арæх ын æгурдиатджын у курдиатджын, курдиатджын та — æгурдиатджын. Ахæм критикæ литературæ бам- барынæн, литературæйы рæзтæн ницы пайда у зиан йеддæмæ. Æвæццæгæн, хъуамæ хицæн уацмыстæ, æмæ æмткæй литературон процессы анализ иугай адæймæгты бар ма ныууадзæм, фæлæ йæ кæ- нæм иумæ, коллективонæй, не ’мбырдты-иу сæ систематиконæй уынаф- фæмæ куы хæссæм, уæд. Уым сыл хъуамæ лæмбынæгæй, алывæрсы- гæй, конкретонæй ныхас кæнæм. Уыцы ныхас уыдзæн уæззау, фæлæ йын æнæкæнгæ нæ уыдзæн. Хъуамæ æргомæй, æнæ гæдымитæй, æнæ дæлæ-уæлæ, æнæ компромисстæй кæрæдзийы уацмысты тыххæй дзу- рæм нæ хъуыдытæ, мацы æмбæхсæм, мацы сусæг кæнæм. Уадз уæд нæм алыхуызон хъуыдытæ, алыхуызон цæстæй кæсæм иу кæнæ иннæ уацмысмæ, иу кæнæ иннæ фæзындмæ. Хъуамæ кæрæдзийæн фидистæ ма кæнæм, кæрæдзимæ ма лæб^фæм, кæрæдзи ма ’фхæрæм æнæфсарм, æнæгъдау, чъизи, æнаккаг амæлттæй, фæлæ кæрæдзимæ хъусæм, кæ- рæдзийæ аргьуц кæнæм, архайæм, цæмæй фæахъаз уæм рæстдзинады фæуæлахизæн. Афтæ хъуамæ мачи æнхъæла, зæгъгæ, иунæг раст хъуыды æрмæст мæнмæ ис, иннæтæн сæ хъуыды дæр ницы у æмæ сæхæдæг дæр. Мах хъуамæ нæхимæ схъомыл кæнæм уынаффæйы культурæ, полемикæйы культурæ. Махмæ хъуамæ быцæутæ, дискусситæ уа, уыдон сты иууыл ахадæндæр фæрæз раст хъуыды ссарынæн, критикон æмæ æмткæй сфæлдыстадон хъуыдыйы сæрибар, бæркадджын рæзтæн. Сагъдаубаззайæн, инертон, консервативон заман архайдта, цæ- мæй удгоймаг уыдаид рæстæмбис уæвæгæй, сæрныллæг, коммæгæс, къухылтухгæ, йæ курдиат, йæ индивидуалондзинад, йæ дæсныйад рæгъмæ ма хастаид, йæхи дзы ма «хъал», ма хицæн кодтаид. Уымæй биноныг кодтам æмхуызондзинад, ома иууылдæр стæм æмсæр, æмвæз, æмас. Уымæй ахъаз кодтам æгъуыз уацмыстæ парахатæй фыссынæн 80
æмæ уадзынæн. Уыцы уацмыстæ ницы лæвæрдтой нæдæр зондæн, нæдæр удæн. Афтæмæй та бæрæг у, ирд индивидуалондзинад æмæ курдиат кæмæ нæ уа, уымæн литературæимæ ницы иудзинад ис. Æмсæр, æмвæз, æмас — уый никæцы коллективæн у бæззон, фæлæ уæлдай æнæбæрзонддæр у литературон коллективæн. Иугай адæй- мæгтæ сæ бынæттæй пайда кæнгæйæ, сæхи кæй «хъулон кодтой», ууыл куы нæ дзурæм, уæд æмткæй, иумæйагæй мах нæ коллективы уæнгтæй алкæмæн дæр уæрстам æмхуызон «хæйттæ», скодтам худи- наггаг рад: иу иннæмæй хъуамæ къаддæр ма ныммыхуыр кæна, ак- каг у æви нæу, уый иннæмæ даргæйæ æмæ ницæуыл нымайгæйæ. Афтæмæй мах, иуæй, бæлвырд кодтам, зæгъгæ, курдиат æмæ дæсныйадæй стæм æмхуызон, иннæмæй та, бæлвырд кодтам, зæгъгæ, уæддæр не стæм æмхуызон — æз дæн иннæтæй хуыздæр æмæ хъуамæ мыхуыр кæнон фылдæр, кæд-иу арæх хуыздæр нæ, — мæгуыраудæр уыдис, кæд-иу арæх æгъуыз уацмысты автор уыдис, уæддæр. Афтæ- мæй мах курдиат æмæ дыснайадмæ гæсгæ, литературон куысты гъæдмæ гæсгæ нæ уагътам чингуытæ, нæ уагътам уацмыстæ, нæ аргъ кодтам нæ фысджытæн. Уый хауы канд чингуытæ, уацмыстæ уа- дзынмæ нæ, фæлæ ма хорзæхтæ, премитæ куыд дæттæм, цардуагон уавæртæ куыд аразæм, машинæтæ куыд уарæм, фысджыты цæдисмæ куыд исæм, литфонды фæрæзтæй куыд æххуыс кæнæм, бæрнон бы- нæтгы куыд æвæрæм, фысджыты юбилейтæ куыд нысан кæнæм, уымæ дæр. Афтæмæй нæм цы æмхуызондзинад æмæ цы æнæмхуызондзи- над уыд æмæ ис, уый у — иуæрдыгæй дæр æмæ иннæрдыгæй дæр — æнæраст, æнæрайсинаг, уый у æбæрндзинад литературæйы раз. Махæн тынг катайаг у æрыгон фысджыты фарст. Махмæ æрæджы чи ’рбацыд литературæмæ, кæй мыхуыр кæнæм, чингуытæ кæмæн уадзæм, уыдонæн сæ кармæ гæсгæ æрыгон схонæн нæй. Æцæг, иугай æрыгæттæ нæм афыссынц æмдзæвгæтæ, мыхуыр дæр сæ ныккæнæм, фæлæ сæм, æвæццæгæн, нæ вæййы фыссыны æрдзон, æнæуромгæ монц æмæ мондаг, æмдзæвгæтæ фыссын сын вæййы рæстæгмæ хиа- ирхæфсынау, хихъалкæнынау. Зæгъæн ис, æрыгæттæ нæм нæй. Цæмæн у афтæ? Аххосæгтæ дзы бирæ ис. Национ æмæ интерна- ционы æмбастдзинад нæм йæ адыл нæ рауад. Кæрæдзийæ сæ фæип- пæрд, фæхицæн кодтам, национ рохуаты аззад, не ’ргом скодтам сыгъдæг интернационмæ, кæд ын æнæ нациоыæй уæвæн нæй, уæд- дæр. Адæмы ’хсæн рапарахат ахæм психологи, зæгъгæ, кæй æмæ цæмæн хъæуынц ирон æвзаг, ирон литературæ, ирон истори, ирон культурæ, уыдон сты уæлдай уаргъ æмæ сæ цас тагъддæр фервæзæм, уыйас хуыздæр — нæхицæн дæр æмæ нæ сывæллæттæн дæр. Национ нигилизм бирæ зиæнттæ бакодта æмткæй нæ культурæйы рæзтæн æмæ сæрмагондæй нæ литературæйы абонæн æмæ сомбонæн. Гуманитарон æмæ иннæ зонæдты ’хсæн, лириктæ æмæ физикты ’хсæн ныхмæвæрд рæзгæ фæлтæрмæ æвзæрын кодта балвырд цæс- тæнгас, зæгъгæ, цы пайда у литературæ, кæй цæмæн бахъуыд, уæл- дайдæр сын уый фадат литературæ йæхæдæг дæр лæвæрдта: рæст- дзинады бæсты арæх дзырдта мæнгдзинад æмæ йын уый адæмы цæс- ты йæ кад дæлæмæ æппæрста. б Дзуццаты Хадзы-Мурат 81
Æхсæнады царды негативон тенденцитæ кæй стыхджын сты, уымæ гæсгæ æнæофициалонæй царды рохтæ сæхимæ райстой, сыгъдæг, æнæ- зæрдæхудт куыстæй чи царди, уыдон нæ, фæлæ алыхуызон æнæсоци- алистон амæлттæй йæхи чи схъæздыг кодта, æппæт хæрзтæ дæр, чинтæ æмæ бынæттæ дæр чи ’лхæдта æмæ чи уæрста, уыдон. «Гъе, фыссæг, дам... Цæмæй раппæлдзæн, цæ, йæ галуантæй, йæ машинæтæй, йæ фæллæйттæй, йе ’вæрæнтæй, йæ дарæстæй?! Чингуытæ, дам... Цæй чингуытæ! Искуы ма сæ батъыссæд!» Фыссæджы престиж тынг æрха- уд, йе ’хсæнадон мисси бамынæг. Литературæ йæхæдæг дæр, ноджы- дæр ма йæ зæгъон, лæвæрдта уыцы фадат: хъаруджынæй не ’ргом кодта царды социалон хъулæттæ, хъæддыхæй сæ ных нæ цавта хиæф- тиаг æмæ хипайдайы хъайтартæн. Фыдуынд кæй æрцахста фидауцы бынат, уым ис литературæйы аххос дæр, уымæн æмæ арæх йæхæдæг дæр уыд фыдуынд, йæ нысан æмæ йæ нысаниуæг сæфта. Бирæ цыдæртæ дзы ис. Скъолаты ирон ахуыргæнæг иннæ ахуыр- гæнджытæй уыд æдзæттæдæр, æнæнымаддæр. Скъолайы агъоммæ уагдæтты сабитæн амыдтой уырыссаг кæнæ гуырдзиаг æмдзæвгæтæ, аргъæуттæй, телевизорæй иугæндзон хъуыстой æмæ хъусынц уырыс- саг кæнæ гуырдзиаг æмдзæвгæтæ, уырыссаг кæнæ гуырдзиаг ныхас, æмæ сæ бар-æнæбары бауырны, зæгъгæ, æцæг æвзаг у уырыссаг кæнæ гуырдзиаг æвзаг, æцæг литературæ ис уырыссагау æмæ гуыр- дзиагау. Уырысмæ æмæ гуырдзымæ ис æцæг фысджытæ — цахæм юбилейтæ сын кæнынц, сæ цард æмæ се сфæлдыстады тыххæй сын цас дзурынц, сæ номыл цы диссæгтæ аразынц — уыдонмæ ис æцæг фысджытæ, классиктæ, ирон адæммæ нæй. Æмæ ноджыдæр бирæ цыдæртæ. Цыбыр дзырдæй, цыдæриддæр нæм национæй ис, уый у фидиссаг. Æмæ фидиссагмæ æрыгæттæ куыд хъуамæ цæуой! ИРВÆЗЫНГÆНÆГ РÆСУГЬДДЗИНАД Уыдаид, æвæццæгæн, 60-æм азты райдиан. Джыккайты Шами- лимæ сахары уынджы иу тигъыл чысыл дуканимæ суар нуазынмæ фездæхтыстæм. Шамил раздæр рахызт дуканийæ, æмæ уæйгæнæг, ацæргæ сылгоймаг, йæ фæдыл кæсгæйæ, загъта: «Де ’мбал — чызгау рæсугьд». Шамил рæсугъд у канд бакастæй нæ, — рæсугъд у йæ удыхъæ- дæй, йæ зæрдæ æмæ йæ аивадæй. Стæй канд рæсугъд нæ, фæлæ ма æвзонг дæр. Фæндзай азы йыл сæххæст, ууыл мæ бон баууæндын нæу. Афтæ мæм кæсы, цыма уыд æмæ у æвзонг. Ома цард æмæ поэзийы нысаниуæг чи нæма бамбæрста, йæхи «æз» чи нæма ссард- та, йæ гаччы чи нæма сбадт, ахæм æвзонг нæ, — зæгъæн ис, Шамил ахæм æвзонг никуы уыд, уымæн æмæ литературæмæ æрбацыд цæт- тæифтонг удгоймаг æмæ поэтæй. Уый афтæ нæ амоны, æмæ нæ ивта. Ай-гъай, уæрæхдæр æмæ хъæздыгдæр кодта йæ цардон æмæ поэтикон фæлтæрддзинад, цы- дæртæ дзы згъæлд, цыдæртæ йыл æфтыд, бæлвырддæр æмæ арфдæр кодтой йæ цæстæнгас, йæ дунембарынад. Дзырд дæр ыл нæй, ивта, 82
фæлæ уæддæр нæ ивта, ома, æмткæй райсгæйæ, литературæмæ цы хуызæнæй æрбацыд, афтæмæй баззад. Уый афтæ дæр нæ амоны, æмæ йæ уацмыстæ се ’ппæт дæр сæ аивадон хъаруйæ сты æмхуызон. Кæмдæрты ком лæвæрдта официа- лон, æлдариуæггæнæг эстетикæйы догматон-бюрократон домæнтæн. Кæмдæрты йын йæ дæсныйад лæггад кодта царды ахсджиаг зæгьи- нæгтæ йæхирдыгонау, зæрдиагæй зæгъынæн нæ, фæлæ æрмæст дæс- ныйад равдисынæн. Мæнмæ гæсгæ, уыцы фау сæйраджыдæр хауы йæ сонеттæй иудзæвгармæ. Гæнæн ис, æмæ Шамилы поэзийы алы афонтæн чиныгкæсджытæ алыхуызон аргъ кæной. Мæхицæй куы зæгъон, уæд мæнæн йе сфæлдыстад сæрæй-кæронмæ у рæсугъд æмæ æвзонг, фæлæ дзы уæддæр мæ зæрдæмæ фылдæр цæуынц йæ раздæ- ры æмдзæвгæтæ, номхуындæй чиныг «Цæф сæгуыты маст»-мæ чи бацыд, уыдон. Адæймаг æмæ уавæртæ, адæймаг æмæ æхсæнад, адæймаг æмæ рæстæг — се ’хсæн цы ахастытæ, цы ныхмæвæрдтæ, цы хъуырду- хæнтæ ис, уыдонмæ у йе ’ргом Шамилы курдиатæн, фæлгъауы сæ æмæ сын тæрхон кæны хорз, рæстад æмæ рæсугъддзинады пози- цийæ. Арæх уавæртæ, æхсæнад, рæстæг сты адæймаджы ныхмæ æмæ дзы сæхицæн цагъар куы скæнынц, уæд адæймаг свæййы æнæадæй- маг, рохуатæн радты иумæйагадæймагон хæрзæгъдау æмæ удварны хæзнатæ, фесафы йæ намыс æмæ йе ’фсарм. Бирæтæ уый хонынц амонд, æгæрыстæмæй дзы сты буц æмæ сæрыстыр дæр, сæхи хуы- зæттæ сын — зондджынтæ æмæ куырыхонтæ, сæхи хуызæн чи нæу, уыдон та — æдылытæ æмæ æрратæ. Уыцы бирæтæ Шамилæн сты йæ удхæссæг æмæ йын семæ бафидауæн нæй. Лидзы сæ куывдæй: Æз баназин рæсугьд сыкъайæ марг дсер, Фæлсе дзы нсеу æфсарм нуазын мæ бон. Цæуæм. Ам ферох не ’взаг æмæ не ’гъдау. Фæцыдис ам фыдæлты фарн мæрдтæм. Калы сыл йæ маст, Бало-Отелло сценæйыл куы кæуы æмæ йыл уыдон та худгæ куы кæнынц, уæд. Ай-гъайу сымахмæ худæг кæсы лæг, Кæй кæуы уый æууæнчы сæфтыл, уымæй Сымахæн циу?! Сæрибар ыстут, о. Лæджы намысæй, худинаг, кæуынæй. Куы баййафат уæ устытæ сæ фарсмæ Уæ хуыссæнты сæ хæзгулты, уæддæр Цæрут, цыма уыл ницы ауад мур дæр. Худы сыл, тох кæны семæ, нæ сын бары, æмæ йын уыдон дæр нæ барынц, сæхи хуызæн скæнын кæй нæ комы, уый тыххæй. Уымæн йæ фæндаг у уæззау, зын, хъизæмайраг: Уыдзæн ыл цин, къуылымпытæ, æнтыст, Уыдзæн гадзрахат, хахуыр æмæ даутæ. Хæрам, хæлæг мын фаудзысты мæ куыст, Кæндзысты мын мæ рæсугъд цæсгом саутæ. 83
Фæлæ йыл ацæудзæн сыгъдæгæй, æхсарджынæй, цыфæнды уавæрты дæр уыдзæн адæймаг æмæ баззайдзæн адæймагæй. Адæймагæн йе ’рдзыхъæдмæ гæсгæ, йе ’рдзон нывыкондмæ гæсгæ, йæ рафæлдыстмæ гæсгæ куы нæ уой йæ цæрæн, йæ кусæн, йæ ар- хайæн, уæд сæфы адæймаг, сæфы цард. Зæронд хуымгæнæг йæ зæ- нæгмæ хъæуæй сахармæ æрцыд, алцы дæр ын уыд фаг, фæлæ уал- дзæджы къæвда куы уарыд, уæд цыдæр фæци, — хъæугæрон æй конд хуымы дæлгоммæ мардæй ссардтой. Зæронд хуымгæнæг уæддæр йæхимæ аздæхт æмæ уымæй уæддæр йæхи нæ фесæфта, фæлæ хъæу- уон цардæй чи фæиппæрд æмæ хъæумæ чи нал аздæхт, ахæмтæ цас ис! Уый адæймагæн у тыхми — уæлдай нæу, йæхи барæй уа æви искæй барæй, æмæ уымæ гæсгæ ахъаззаг трагеди, æппæт советон зæхкусæгады трагеди. Зæронд хуымгæнæгау, хъуамæ аздæхид йæхимæ сырддоны цæ- рæг сау цæргæс, хъуамæ арвмæ стæхид, фæлæ «уынджырдæм араст сындæг» — нал у цæргæс. Аздæхид йæхимæ цирчы бæх, фæлæ уый дæр нал у бæх. Алкæмæн дæр æмæ алцæмæн дæр ис йæхи æрдзон закъæттæ æмæ уыдонмæ гæсгæ куы нæ цæра, куы нæ цæуа, куы нæ змæла, уыдонæн мах сæ ныхмæ куы лæууæм, куы нæ халæм, уæд бар-æнæбары гуылмыз æмæ фыдуынд кæндзыстæм алцыдæр æмæ алкæйдæр. Шамил фыссы рæстдзинад, уымæн æмæ рæсугъддзинад нæй æнæ рæстдзинад. Уый та — рæстдзинад, кæддæриддæр у тæссаг. Уæлдай тæссаг уыд, сталинизм æмæ неосталинизмы хъадамантæ нын не уæнгтæ, нæ зæрдæтæ куы ’лхъывтой, раст зæгъæгыл знаджы гакк куы ’вæрдтой, уæд. Шамилæн, не ’ннæ æцæг поэттау, алкæд гæнæн нæ уыд, æмæ рæстдзинад дзырдтаид æргомæй, æмæ-иу æй уæд ба- хъуыд аллюзион, эзопон æвзаджы сæр — фыста нæ абоны царды рæстдзинад æмæ йæ хуыдта ивгъуыд заманты царды рæстдзинад, хуыдта йæ æндæр бæстæты царды рæстдзинад, кæнæ йæ хуыдта цæ- рæгойтæ æмæ зайæгойты царды рæстдзинад. Бердзенаг лæппу дзуры йæ мадмæ — уый Шамил йæхæдæг æвæры ныхæй-ныхмæ хъæу æмæ сахары цард, æрдзон æмæ æнæрдзон цард. Лм зарæджы кадсей цæрын амал нæй, Ам курдиаты хъæлæс политикæ ’хгæны... Америкаг зарæг — нæхи зарæг. Кæддæр Нигер мæгуыр шахтдзау Хосдзауы фыдæбойнаг хъысмæт Ирыстонæй Америкмæ куыд ахаста, Америкыл æй куыд «сæвæрдта», куыд ыл æй «æрфыста», афтæ. Æрхæсдзынæн æй æнæхъæнæй: «Ай дын адæмы паддзахад — Рухс æмæ сыгъдæг! Цард дзы — давджытæн парахат, Раст лæгæн — быгъ- дæг. Ам фæрнæй хæры фæлитой Дунейы хъаймагъ. Хъазы уаз æфсар- мæй диттой, Мулк та йын — гæнах. Ам козбау — лæгæн йæ хицау, Бафтыд ныл хæрам. Куыст — æлгъыст, æхца — нæ Хуыцау, Сафы нæ гæртам. Бады ам мæнгдзырд æфсургъыл, Кад æмæ йын рад. Раст ныхасæн та йæ хурхыл Сыздыхтой цæфхад. Охх, фыдæхимæ фыд- боны Чи кæны быцæу? Зон, куырыхоны тæрхоны Амбулдзæн бы- дзæу. Махмæ сатæг у къуымыхæн, Зондæн та — æнуд. Нал и атæл- 84
фæн мæ тыхæн, Бастади мæ уд. Фæлæ талынгæн йæ хъæстæ Нæу æнусон, нæу, Хур ыскæсдзæни йæ фæстæ Иуафон, фæлæуу». Рæстдзинад уынгæйæ æмæ дзургæйæ, алыхуызон поэттæ скæнынц алыхуызон хатдзæгтæ, æрцæуынц алыхуызон уынаффæтæм, æмæ зынгæ бæрцæй уыдонæй кæнгæ у рæстдзинадæн йæ мидис, йæ аха- дындзинад. Шамил, рæстдзинад æгъатырæй дзургæйæ, кæйдæртау, мыййаг, цæрæгойон мондæгтæ, эгоистон монцтæ æмæ сау фæндиæг- ты амæттаг нæу. Адæймагæнæуынон нæу. Рæстдзинад дзургæйæ, уый бæрзонд исы æмæ фидар кæны демократизм æмæ гуманизмы иде- алтæ. Цыфæнды удхар æмæ тыхсты дæр куы уа, уæддæр æй уырны сæ уæлахиз æмæ иугæндзон тох кæны йæ сæрвæлтау. Афтид, сур дзæнгæда не сты йæ дзырдтæ: «Æз æнæ тох æнкъардæй мæлын. Зæрдæ — хивæнд. Ныллæууын быцæуыл, Дзурын сусæг бæллицтæ хъæрæй...», «Зынамал цард кæны уæлмонц нæ зæрдæ», «Мæ тых кæны зындзинæдты дывæр...» Чидæртæ йæ куы фæдзæхстой, зæгъгæ, сабыр у, дæ сæр мацæуыл сæтт æмæ «сæдæ мады дæйай», уæд сын мæстыйæ дзуапп лæвæрдта: Уæдæ нæ удæй мауал цæгъдæм арт Æмæ хъысмæтæн ма хизæм йæ сæрты? Уæд бакуырм уыдзæн уарзынæн нæ зæрдæ, Æмæ йын сау марг фесдзæни нæ цард... Рæстдзинад æмæ тох хъæуынц цард æмæ адæмы ивынæн, уыдон адæймагон кæнынæн. Хуымæтæджы нæу, Шамил 60-æм азты æмби- сы куы сидт: «Мæ зæрдæ, судз! Æнусты хъыгæй рисс!», уæд йæ фынты кæй уыдта революци. Абон уыцы революци, ома рацарæзт, куы рапарахат, тасæй иуцасдæр куы суæгъд стæм, дзурын куы суæн- дыдыстæм, уæддæр ма махæй бирæтæ нæ зæгъиккой, рæстдзинад дзурыны бар куы нæ уыд, уæд Шамил цытæ дзырдта, уыдон. Поэты ныхæстæ тутитæ нæ, искæй ныхæстæ фæзмæг æмæ фæл- хатгæнæг нæ, фæлæ «карз, раст æмæ æфсæндзых цæргæстæ» кæй хъуамæ уой, уый бæлвырд кæнгæйæ, Шамил иу ран загъта: «Æз Хуыцауæй дзырдамонд фæдæн æмæ скæнын зæххон цардæй мифтæ», Æвæццæгæн, раст нæ загъта, уымæн æмæ йе сфæлдыстад у мифон нæ, фæлæ реалистон. Æндæр ран растдæр загъта, зæгъгæ, йæ зæр- дæйæн — æмæ йе сфæлдыстадæн дæр — «цардмæ гæсгæ ризынц цин æмæ хъыгæй йæ тæгтæ», Шамилы реализм у уæлвонг, базырджын, романтикон, фæлæ уæддæр зæххон реализм. Цардмæ гæсгæ Шамилы поэзийы цы алыхуызон контрасттæ ис (цин æмæ хъыг, рухс æмæ тар, æнцой æмæ фæдис, урс æмæ сау æмæ бирæ æндæртæ), уыдон æм сты кæрæдзийæ иртæст, иппæрд нæ, кæрæдзийæ хицæнтæй нæ, фæлæ æмбаст, æмхъар, æддæг-ми- дæг. Уынæм æмæ дзы æнкъарæм царды вазыгджын, диалектикон процесс, йе ’ндыгъд драматизм æмæ трагизм. «Æз дæн ныртæккæ стонг æмæ æфсæст», «Цин æмæ мастæй кæуын» — афтæ йæм кæй у, уый нын арæх комкоммæ нæ дзуры, — афтæ сты йæ бирæ фæл- гонцтæ, æмткæй йе ’мдзæвгæтæ. «Каст сау хуртæ дæ цæстыты æнтæ- фæй», «Цагъайраг чызджытæ, сæууон хуры тынтау, Йæ разы сæ 85
цæссыгтыл кафынц», «Сау цины цырæгътæ» æмæ афтæ дарддæр. Чызджы цæстыты хъазынц йæ бæллицтæ, чызг ын дæтты æхцон, цин, амонд, æмæ уыцы иу рæстæг йæ зæрдæ цæмæдæр æхсайы æнкъар- дæй, æхсайы сæ хъæумæ: «Ныр афонмæ хохы дзæгъæлæй Кæм хиз- дзысты урсдзых уæнгуытæ?» Æмдзæвгæ хуыйны «Цин æмæ тыхст», ис дзы фæлгонц: «Къæмдзæстыг ыстъалытæ арвæй Дæ цæстытæм хъæлдзæгæй хауынц». Æрмæст хъæлдзæг кæнæ æрмæст æнкъард, æрмæст уарзт кæнæ æрмæст фыдæх, æрмæст цин кæнæ æрмæст маст, æрмæст рухс кæнæ æрмæст тар — афтæ нæ, фæлæ уыцыиу рæстæг иумæ: хъæлдзæг—æнкъард, уарзт—фыдæх, цин—маст, рухс—тар, кæнæ ноджы фылдæр контрасттæ иумæ: хъæлдзæг—æнкъард—уарзт—фы- дæх æмæ а.д. Уымæй Шамил, цыма, кæмдæр у Нигеры æнгæс. Фæлæ Нигермæ контрасттæ кæрæдзийæ сты хицæн, маст — хицæнæй, цин — хицæ- нæй, иу æмдзæвгæйы — маст, иннæйы — цин, иу ран — зæрдæмард, иннæ ран — зæрдæрог æмæ а.д. Нигер, цыма, йæхи дыууæ дихы акодта: иуæй, фыста официалон эстетикæмæ гæсгæ (мæнгдзинад), иннæмæй — реалон цардмæ гæсгæ (рæстдзинад). Дыккаг хай адæммæ æвдисгæ дæр нæ кодта — нæ йын уыд æвдисæн, мах æй базыдтам æрмæст йæ мæлæты фæстæ. Шамилмæ контрасттæ æддæг-мидæг кæй сты, уый, иуæй, рæстæгæй кæнгæ у — XX съезды фæстæ тынг аивта, иннæмæй та, поэтæн йæхи сæрмагонд миниуджытæй кæнгæ. Шамил у ирон классикон поэзийы хуыздæр минæвæртты фæдон. Уыдон цард æмæ адæймаджы тыххæй раст цы загътой, уый у канд сæ дуджы зæгъинаг нæ, фæлæ ма абоны зæгъинаг дæр. Уыдон бирæ нырыккон поэттæй сты нырыккондæр. Уымæ гæсгæ сын Шамил у канд фæдон нæ, фæлæ ма се ’мдугон дæр. Цæуæм, мæ дуне, ардыгæй — кæмдæр Ирон лæппутæ уынгты зарынц «Катай», — Уый канд Къостайы катай нæу, уый у Шамилы катай дæр. Ша- мил у традицион æмæ уыциу рæстæг æнæтрадицион. Уый тынг зын у — традицимæ гæсгæ фæлдис æмæ йæ мидæгæй ног кæн, дæхи æмæ дзы дæ рæстæджы æвæлхат «æз» уынын æмæ зынын кæн. Шамил разы нæу, афтæ чи зæгъы, «кæй уæрдоны бадай, гъе уый зарæг кæн», зæгъгæ, уыдонимæ. Кæйдæр уæрдоны бадт Сос- лан-Дауыт, хуымæтæг лæгæй нæ, — паддзахæй дзы бадт, фæлæ йæ хъысмæт йæхицæн дæр æмæ йæ фæстагæттæн дæр нæ рауад æртти- ваг, тæхудиаг. Кæд Гуырдзыстоны’хызта фатæй, кодта йын йæ арæнтæ «уæрæх-хæзна, зæххытæ æмæ кадæй», уæддæр ын фæс- тагмæ уый фестад «хæрам æмæ зындон», кæйдæр фæсдуармæ ссар- дта йæ мæлæт, сси æцæгæлон йæ ныййарæг адæмæн дæр. «Æз дæн паддзах æмæ цагъар» — зæгъы йæхицæй Сослан-Дауыт, фæлæ, кæй- дæр уæрдоны бадгæйæ, кæйдæр зарæг кæнгæйæ, уыд паддзах нæ, фаелæ æрмæст цагъар. Кæйдæр уæрдоны бадгæйæ, фæсмойнаг фæци Куындыхаты Муссæ дæр. Уый дæр, Сослан-Дауытау, мах, цыма, фæдзæхсгæ кæны йæхи дзыхæй æмæ Шамилы дзыхæй, зæгъгæ, мæ рæдыд уыл ма ’рцæуæд: «Æз демæ цардагур цыдтæн, Нæ зыдтон 86
сау æхсæв, мæйдары Лæг кард лæджы хурхмæ кæм дары. Уым нæй лæмæгъ уæвæн лæгæн! Уым ис мæлæт кæнæ уæлахиз, Уым де ’взаг, де ’гъдау æмæ бар Лæгау æвзæр кæронæй бахиз, Уым семæ иу кæрон ыссар!..» Алы адæймаг дæр, алы адæм дæр хъуамæ бадой сæхи уæрдоны, истори сын æй кæм радта æмæ йыл сæ кæм сбадын кодта, уым, æмæ кæной сæхи зарæг. Кæннод нæ уыдзысты бархи, хæдбар æмæ сæрибар. Адæймаг æмæ адæмы сæрибар — уый у Шамилы сæйраг мæт æмæ сагъæс. Сæрибар кæм нæй, уым поэт хъуамæ хъахъхъæна йæ мидсæрибар, ма суа ныллæг, æнæаив, æдзæсгом, фæтк æмæ арæнты сæрты чи нæ ахизы, йæ хæдзар æмæ йæ къæбæр æппæты уæлдæр чи скодта, уыцы «амондджын цагъарты» хуызæн, хъуамæ уа хæстыл æфтыд «Хуыцау æмæ паддзахы ныхмæ». Поэт хъуамæ хъахъхъæна йæ хæдбардзинад, йæ сæры кад. Шамил сæ хъахъхъæдта. Аллюзион æмдзæвгæтæ «Демон», «Еретик» æмæ æндæртæ — Шамилæн йæхи уаг, йæхи гуманистон æмæ поэтикон концепци æргомгæнæг æмдзæв- гæтæ. Шамил нæ уæй кæны йæ сæрибар æмæ уыйтыххæй у иунæг. Иунæгдзинад, хицæн адæймаджы сæрмагонд цард ын у йæхи бавæ- рыны фæрæз, удгоймаг æмæ поэт уæвыны фæрæз. Мсен, инквизици, басудзæд дæ арт, Мæ хъæлæсыл ныллæууæд рæстæг æмæ цард. Уæддæр дзæнгæрæгау мæ зæрдæ хъæр кæндзæн Йæ маст, йæ цин æмæ æнæхæрам æнкъард. Маяковский Владимир дзырдта, зæгъгæ, æз мæхæдæг мæхи са- быр кодтон, мæ сæрмагонд зарæджы хурхыл лæугæйæ. Дзырдта, зæгъгæ, йæхæдæг ыл лæууыд, æниу дзы рæстæг æмæ цард æнæазым, æнæаххос кæм уыдаиккой! Шамил æргомæй дзуры, зæгъгæ, йæ хур- хыл ын лæууынц рæстæг æмæ цард, поэты хурхыл чи лæууа, уыдон та не сты адæймаджы аккаг æмæ сын сæ ныхмæ æвæры йæхи, сæ ныхмæ хæцы лæджыхъæдæй, ныфсхастæй, хъæбатырæй, æмæ, сæ фыддæрадæн, сæ раивын æмæ сæ рацаразынæн дзæнгæрæгау хъæр кæны «йæ маст, йæ цин æмæ æнæхæрам æнкъард». Алы æцæг поэтау, Шамил йæ удгоймагон æмæ йе сфæлдыстадон уагахастæй, йæ архайд æмæ йæ хъысмæтæй у, иуæй, зонд-зонæн, иннæмæй —дæнцæг. Уырыссаг стыр фыссæг загъта, зæгъгæ, рæсугъддзинад фервæ- зын кæндзæн дуне. Æндæрмыггаг стыр поэт загъта, зæгъгæ, æмдзæвгæ æмæ æвзонгдзинадæн кæрæдзийæ фæхицæнгæнæн нæй. Уадз Ша- мил сæдæ азмæ уæд рæсугъд æмæ æвзонг! 1990 87
ЦЫ СТÆМ? ЦЫ ÆМÆ КУЫД ХЪУАМÆ УÆМ? Æвæццæгæн, бафæстиат кодтон, фæлæ канд мæхи аххосæй нæ. Ардæм мæ бæрнон нымæрдарæй куы ’рвыстой (уæд ма æрвитгæ код- той, иу кæнæ иннæ разамонæджы тыххæй та адæм хъæлæс лæвæрд- той фæччыгъæдæн, формалонæй), уæд нæ разы кодтон, зыдтон æй, фысджыты хайады кусгæйæ хорзæй æнхъæлмæ кæсæн ницæмæ ис. Дзæвгар радæлæ-бауæлæйы фæстæ загътон:а, кæд дзы æндæр гæнæн нæй, уæд бафæлвардзынæн. Æрмæст бирæ нæ, — дыууæ азы бæрц. Дыууæ азмæ ахæстоны дæр бафæразæн ис. Æмæ дзы дыууæ азы бæрц куы фæдæн, уæд цалдæр хатты балæвæрдтон куырдиæттæ партийы обкоммæ, цæмæй мæ суæгъд кæной мæ бынатæй æмæ мын æндæр ран куыст радтой. Ахæм куырдиат балæвæрдтон фысджыты хайады бюромæ дæр, уым мын «нæ» нæ загътой, бюройы уынаффæ сæрвыстам обкоммæ, фæлæ йæм сæ хъус не ’рдардтой: мæнæ уал, дам, хыгъдон рæстæгмæ фæлæуу. Æз не ’рлæууыдтæн, фæлæ облæс- ты æхсæнадон-политикон ситуаци куы скарз æмæ куы схъомпал, адæ- мæн сæ сæр сæ кой куы сси, уæд мæ куырдиат никæйуал æндæвта, мæхи дæр. Адæм куы нал уой, цъист æмæ куынæг куы ’рцæуой, уæд ма цæмæн хъæуы фысджыты хайад дæр, куыст дæр æмæ цард дæр. Афтæмæй мæ бынаты баззадтæн абонмæ. Æвæццæгæн, фæрæдыд- тæн, фыццаг уал, ардæм кæй æрбацыдтæн, уымæй, дыккаг та, дыууæ азы фæстæ дзы кæй нæ ацыдтæн, уымæй. Æз мæ куыстмæ куы бавнæлдтон, уæд уайтагъд бамбæрстон — ал- цыдæр дзы кæсдзæн мæхимæ. Исты гæххæтт дын ис фыссинаг, кæнæ мыхуыркæнинаг, исты организацион, хæдзарадон кæнæ æндæр фарст дын у лыггæнинаг æмæ а.д. дæхæдæг кур, дæхæдæг цу, дæхæдæг агур, дæхæдæг дæ сæр цъæл кæн. Аппараты кусджытæй йе штатон функцитæй дарддæр йæ къух ничи ницæмæ фæкæндзæн, уæлдай исты сæ куы бадомай, уæд сын æфхæрдæй хъауджыдæр нæу. Бюройы уæн- гтæн цахæмдæр хæстæ радтам, фæлæ — сæхи зæрдæ се ’вдисæн — сæ сæххæст кæнынмæ сæ никуы равдæлд. Бюройы иу уæнгæй — лит- фонды хъуыддæгтæ аразæгæй — нæ рахъаст кæндзынæн. Ам бамбæрстон, коллегиондзинад æрымысыдысты паддзахадон бюрократтæ куыст барæй къуылымпы кæнынæн, уымæн æмæ уый у айдагъ æбæрнондзинад. Уымæ гæсгæ мæхæдæг, цы мæ бон уыд, уымæй архайдтон, куыстон. Кæд фаг бæрцæй, фаг активонæй нæ, уæддæр арæзтон, аразын цытæ хъуыд уъадон. Æрмæст дзы иу хъуыддаг нæ арæзтон. Чи зоны, иннæ хъуыддæг- тæй се ’ппæтæй ахсджиагдæр хъуыддаг. Идейон-аивадон анализ æмæ аргъ нæ цыд литературон процессæн. Уыцы куыст иунæгæй мæхæ- дæг дæр кодтаин, æнæ искæй æххуысæй, фæлæ йæ нæ кодтон. Уæхæдæг æй зонут, нæ фысджытæй алкæмæ дæр ахæм сæрма- гонд амбицитæ, претензитæ ис, æмæ сын кæрон дæр нæй. Алчидæр дзы у иууыл хуыздæр æмæ иууыл стырдæр фыссæг. Уымæ гæсгæ критикæйæн нæ быхсæм, нæ йæ исæм. Цал æмæ цал хатты уыд афтæ — чидæр кæйдæр уацмыс бафаудта, раст дзы загъта (уадз раст дæр дзы ма зæгъæд!), уæд æмбар быцæуы руаджы, бæлвырд идейон-эстети- 88
кон аргументацийы руаджы нæ агуырдтой æцæгдзинад, фæлæ-иу фесты кæрæдзийы ныхмæ, боныфæстагмæ-иу рахызтысты фидистæм, дам-думтæм, æлгъыстытæм, хылтæм, хъаугъатæм, хъæр æмæ хъыл- листмæ. Адæм-иу сæм æркастысты, æрыхъуыстой: «Фысджытæ, дам... Цæй фысджытæ?! Адæмы худинаггæнджытæ!..» Ахæм уавæры дæ маст хъуамæ райсай цыфæнды амалæйдæр — кæрæдзийыл мысыдыс- ты алывыдтæ, кæрæдзийыл ауыгътой националисттæ æмæ антисове- тонты «куыдзыхъуырылдарæн майдантæ», сæ хъуыддæгтæ сын æвзæр- стой партион оргæнтæ, милицæ, прокуратурæ, тæрхондон. Æз æй зыдтон, рацарæзты заманы дæр афтæ куы уа (афтæ та æнæмæнг уыдаид, уымæн æмæ рацарæзт суæгъд кодта канд адæй- маджы хорз миниуджытæ нæ, — уыдонæй йын фылдæр æмæ пара- хатдæр суæгъд кодта йе ’взæр миниуджытæ), адæм куы сыстой сæ социалон бартæ райсынмæ, адæм фæдис куы кæной æмæ уыцы рæс- тæг фысджытæ та полемикæйыл куы схæцой, кæрæдзийы хъуын- хъис куы хæрой, уæд цы фидиссаг уыдзыстæм, уымæй ноджы тынг- дæр ныффидиссаг уыдаиккам. Ахæм рæстæг — национ хиæмбарынад æмæ хæдбардзинад, национ тыхты консолидаци сæйраг куы свæй- йынц, уæд мидкритикон анализ бар-æнæбары уыдаид цæстыфтауæг. Уый афтæ нæ амоны, æмæ литературон процессы хъуæгтæ, са- хъаттæ æмæ лæмæгътыл нæ дзырдтам. Дзырдтам сыл, фæлæ иумæ- йагæй, æнæ конкретон нæмттæй, æнæ конкретон уацмыстæй. Æз дыууæ-æртæ авторы тыххæй мæ хъуыды кæмдæр загътон, æмæ мæм нал сдзырдтой, мæ ныхмæ хъазуатæй тох кæнын байдыдтой. Абон æхсæнадон процесстæ абухгæ, знæт æмæ змæстæй куы цæ- уынц, уæд зæгъæн ис, практиконæй литературон процесс байсыст, бамынæг. Фысджытæ (адæмы мæт дзы кæй ис, уыдон) литературæ рохуаты ныууадзæгау кодтой, сæ ных сарæзтой политикон, экономи- кон, экологон, демографон æмæ æндæр фарстытæ скъуыддзаг кæ- нынмæ. Адæмы ныртæккæ фысджытæ уыйбæрц нæ хъæуы, цас сæ хъæуы политиктæ, историктæ, экономисттæ. Кæй ма ’вдæлы литера- турон процессмæ! Уый — ноджыдæр ма йæ зæгъон — диссаг нæу: адæм куы нал уой, уæд литературæ нæ, — бынтондæр мацыуал уæд. Мах ахъаз кодтам демократон ивдтытæ сцырын кæнынæн. Ахъаз кодтам ног æхсæнадон организацитæ «Адæмон ныхас», «Адæмон цæ- дис», Къостайы æхсæнад, Культурæйы фонд саразын æмæ сырæзы- нæн, сæ гаччы сбадынæн. «Адæмон ныхас»-æн фысджыты хайады æмбырдтæ куы уагътам, уæд-иу бирæтæн загътон: «Рацæут, байхъу- сут!» Æмæ мын дзуапп лæвæрдтой: «Мах ахæм æмбырдтæм нæ цæ- уæм!» Уый хыгъд-иу чидæртæ къæлидоры дыууæрдæм ратæх-батæх систой, дуарæй-иу сæ сæртæ æрбадар-æрбадар кодтой, æмæ-иу нæм уайтæккæ æрбамидæг сты партион æмæ барад хъахъхъæнæг аппара- ты минæвæрттæ. Мах ахъаз кодтам дзырдæй дæр æмæ архайдæй дæр ирон адæмы царды судзаг æмæ дз’даг фарстыты тыххæй (æвзаджы тыххæй, скъолайы тыххæй, суверенитеты тыххæй æмæ æндæрты тых- хæй) аккаг уынаффæтæ райсынæн. Æнæ гæды æфсæрмытæй мæ бон у зæгъын, зæгъгæ, фыццаг хатт адæмы цæсты ирон фыссæджы æхсæна- дон престиж сбæрзонд. Тынг нæ, фæлæ уæддæр сбæрзонд. 89
Æз æнхъæлдтон, арф нæм бахъардзæн рацарæзты домæн — алчи дæр нæ йæхимæ æркæсдзæн æмæ йæхицæн аргъ скæндзæн критикон цæстæнгасæй, йæхи йæхæдæг асыгъдæг кæндзæн, йæ ивгъуыды йæм фауинагæй цы уыд æмæ дзы абон дæр цы ис, ууыл æрфæсмон кæн- дзæн. Фæлæ уый нæ рауад. Стæмты йеддæмæ, алчидæр зæгъдзæн: «Мæнмæ критикæ кæнинаг ницы ис, — кæмæ ис, уый йæхи критикæ кæнæд. Мæнмæ сыгъдæг кæнинаг ницы ис, — кæмæ ис, уый йæхи сыгъдæг кæнæд. Мæнмæ фæсмонгæнинаг ницы ис, — кæмæ ис, уый фæсмон кæнæд». Махæй алкæмæ дæр йæхимæ æвзæрæй ницы ис, — кæмæдæр ис, иннæтæм ис. Уымæ гæсгæ нæм нæй критикæ, нæй нæм литературæ дæр, ома нæм сты, фæлæ не сты, куыд æмбæлы æмæ куыд хъуамæ уой, афтæ. Рæстдзинад уæлдæр, бæрзонддæр у алы адæймагæй дæр. Къос- тайæ дæр æмæ Ирыстонæй дæр. Æмæ рæстдзинад куы нæ дзура адæймаг дæр, литературæ дæр, Ирыстон дæр, куы нæ йæ дзура йæхи тыххæй дæр æмæ искæй тыххæй дæр — фыццаджыдæр æмæ сæйра- джыдæр йæхи тыххæй, уæд нæ уыдзæн нæдæр адæймаг, нæдæр ли- тературæ, нæдæр Ирыстон. Дзура йæ, йæхи кæй нæ уарзы кæнæ йæхи кæй сафы, уый тыххæй нæ, фæлæ — иннæрдæм — йæхи æцæг кæй уарзы æмæ йæхи æцæг кæй аразы, æцæг кæй фæлдисы, уый тыххæй, цæмæй æнæниз æмæ сæрæгас уа, рæза æмæ размæ цæуа, фæрнæйдзаг æмæ тæхудиаг уа, уый тыххæй. Абон ис бирæ рынчын адæймæгтæ æмæ адæмтæ (нацитæ), рынчын литературæтæ æмæ бæс- тæтæ, уыдон рынчын сты уымæн, æмæ сæ низы хатт агурынц сæ- химæ нæ, фæлæ æндæр искæмæ, кæнынц æй сæхи аххос нæ, фæлæ æндæр искæй аххос, рынчын сты уымæн, æмæ сæхи тыххæй рæстдзи- над зæгъой, уый сæ кæнæ фæндгæ нæ кæны, кæнæ та сæ бон нæу. Уымæй кæнгæ сты не ’ппæт конфликттæ дæр, не ’ппæт фыдбылызтæ дæр — бинонты ’хсæн загъд-заманайæ суанг нациты ’хсæн хæстытæм. Фыдæх, хæрам, æнæууæнк, гуырымыхъ, эгоизм æмæ садизм — адон нæм афтæ хæрх сты, æмæ сын сæ агресси, сæ оккупаци, сæ блокадæ æвзарæм (1989 — 1990) азты фæззæг æмæ зымæджы цы бавзæрстам, уыйау) алкæм дæр — хæдзары дæр, куысты дæр, уын- джы дæр... Арæх адæргæй дæхи цы фæкæнай, уый зонæг нæ дæ. Фæлæ уæддæр, царды рæстдзинад æххæстæй æвдисгæйæ, аивад хъуа- мæ уыдонæй кæнгæ æмæ уыдон хуызæн ма уа, аивад æмæ аивад фæлдисæджы миддуне, мидис æмæ йæ пафос уыдон ма уой. Мæн зæрдæдзурæнты ныппарынц адæймаг æмæ адæмты ныллæггæнæг, тугмондаг, хæстмондаг уацмыстæ — фæнды нæхимæ уæд, фæнды искæмæ. Аивад хъуамæ хæсса æмæ гуырын кæна адæймагуарзон хъуыдытæ æмæ æнкъарæнтæ, зынын кæна тъунелы кæронæй рухс. Мисхалы бæрц дæр мын гуырысхойаг нæу — аивады прогресс кæнгæ нæу нæдæр методтæ æмæ стильтæй, нæдæр бынæттæ æмæ хæрзиу- джытæй, нæдæр хъæздыгад æмæ ифтонгадæй, — аивады прогресс фыццаджыдæр æмæ сæйраджыдæр кæнгæ у гуманизмы прогрессæй. Махæн нæ туджы бахсыст, генетикон гакк нын сси антигуманон, антидемократон æмбарынад. Немæ чи нæй, уый у нæ ныхмæ. Знаг куы нæ сæтта, уæд хъуамæ дæрæн баййафа. Æмæ а.д. А, хæсты 90
дуджы афтæ фод, фæлæ сабыр дуджы та? Æмæ уыцы хъуыддаг код- там адæмы номæй, кодтам æй æгъатыр æмæ æнауæрдонæй, цыфæн- дыхуызон чъизи, цъаммар фæрæзтыл дæр æрвæсгæйæ, — немæ чи нæ уыд, нæхæдæг знаг кæмæй загътам, уыдон цагътам. Ныр дæр афтæ — демæ чи нæй, дæхицæн знаг кæмæй зæгъыс, ууыл хахуыр кæн, цъыф ыл кал, кæд æй маргæ нæ акæнай, уæддæр ын йæ цард сæнад æмæ фæцыбыр кæн. Ныр дæр — адæмы номæй, рæстдзинады номæй. Ахæм æмбарынадимæ абон цæрæн нал ис, уæлдайдæр фыс- сæгæн. Мæн ныфс уыд, хъуыдыйы хæдбардзинад, хъуыды æмæ архайды бирæхуызондзинад, плюрализм уавæр аивдзæн, фысджытæн ратдзæн фадат, цæмæй дзы алчи дæр суа удгоймаг, индивидуалон «æз», суа йæхи хуызæн, æрмæст йæхи хуызæн. Дæхи хуызæн куы уай, уæд дæ хуызæн чи нæу, уый дæ «урс халон» нæ хондзæн, йæ масты дзæкъул дæм не скъуыйдзæн æмæ дын дæ хурх нæ баздухдзæн. Фæлæ, æвæц- цæгæн, махæй бирæтæн йæхи индивидуалон, удгоймагон, сфæлдыс- тадон «æз» нæй, æмæ уыцы бирæтæ — кæрæдзийы хуызæн кæй сты, уымæ гæсгæ (халон халоны дардмæ уыны, халон халоны цæст нæ къахы) — иумæ æрбамбырд вæййынц æмæ æмвæнд, æмудæй се ’ргом скæнынц «урс халон» кæнæ «урс халæтты» се ’хсæнæй фæсурынмæ, кæнæ сæ къæхты бын сæууæрдынмæ. Бардзон, дзугон психологи, иухуызон хъуыдыкæнынад, иухуызон архайд æцæгæлон сты литера- турæйæн (æмæ канд литературæйæн нæ), уыдонæй æхсæнад кæм нæ фервæза, уым кæддæриддæр агуырд æмæ куынæг цæудзысты «хæй- рæджытæ» æмæ «знæгтæ», уым дзуарæвæрд хъæдтыл тыгъд цæудзы- сты Чырыститæ. Уым æцæг литературæ æмæ æцæг — гуманон, де- мократон, цивилизацион — æхсæнад нæ уыдзæн. Дзырд дæр ыл нæй, удгоймагон æмæ сфæлдыстадон «æз» кæмæн ис, уыдонæй кæнгæ у литературæ. Абон дæр нæм кæд исты дзæбæ- хæй фæзыны, уæд сты уыдон удæй æмæ уыдон къухæй рацæугæ. Уыцы уацмыстæ — иугай, хицæн уацмыстæ — литературæмæ хæс- сынц цахæмдæр ног миниуджытæ, фæлæ йæ цæхгæр не ’ггуырсын æмæ нæ тындзын кæнынц ног гъæдмæ. Уымæ гæсгæ уыдон æмткæй нæма ивынц литературæйы процесс — нырма дзы бирæ фылдæр сты æгъуыз, æнæтуг æмæ æнæуд уацмыстæ. Литературон процесс нырма æмткæй цæуы, мах рагæй кæуыл сахуыр стæм, зæронд стереотиптæй чи нæ цуды, уыцы фæндагыл, æмæ зынæй, бынтон зынæй хизы (æмæ нæдæр рæхджы хизгæ ракæндзæн), махæн нырмæ æнæзонгæ чи уыд, дис ныл чи ’фтауа æмæ нæ иугæндзон йæхимæ чи здаха, нæ цымыдис нын йæхимæ чи скъæфа, уыцы фæндагмæ. Махмæ литературæйыл ахъаззаг хъадамантæ куы уыд æвæрд, «тæтæйраг цензурæ» йын йæ алы фезмæлд дæр хъыхъхъаг куыдзау куы хъахъхъæдта, уæд-иу нæм фæзынд — уадз иугай, фæлæ уæддæр — æцæг уацмыстæ. Ныр дзырд куы ссæрибар, цензурæ куы нал ис (æниу дзы мах нырма æххæстæй нæ фервæзтыстæм), уæд, цыма, фергъуыйау стæм, рохстæй аззадыстæм, зæгъинаг нын, цыма, ни- цыуал ис. Литературæ йæхи нæ ары, йæхи цы фæкæна, уый нал зоны, — æвæццæгæн, нырмæ кæй нæ зыдтам, уыцы фæндагмæ рахи- 91
зыны агъоммæ. Зæронд цардарæзт æмæ дунеæмбарынады системæ хæлы (йе ’дде нæхицæн цæрын æнхъæл нæ уыдыстæм, æндæрхуы- зон системæйыл нæ фыны дæр нæ хъуыды кодтам) æмæ, цыма, нæ эстетикон суадон байсыст, басур, дон дзы нал ис. Байсыст æндæр суадон дæр, бирæ азты дæргъы æцæг фысджытæ сæ дойны кæмæй састой, уыцы аивдзинады суадон — дæ уд системæйы ныхмæ æвæр, хицауады хъуыды æмæ архайды ныхмæ лæуу. Ныр хъуамæ фæзына аивдзинады ног суадон. Зæронд системæ хæлдта адæймаджы адæймагон хæзнатæ, ныр та сæ халынц — ног системæ куы нæма равзæрд æмæ куы нæма сфидар, уæд — антирацарæзтон тыхтæ, адæймагмæ, дам, адæймагонæй æппын- дæр ницы ис, нæй йæм намыс, тæригъæд, уарзт, фидауц, рæстдзинад. Адæймаг, дам, у цæрæгой, сырд, а дунейыл ын иууыл зынаргъдæр сты физиологон монцтæ, лæгæтон инстинкттæ, тырны æрмæст æхца æмæ мулк ссарынмæ, æргæвдын æмæ марынмæ. Адæймаджы хал- гæйæ, зæронд системæйæн уыд йæхи нысан, антирацарæзтон тыхтæн та ис сæхи нысан, фæлæ дыууæ дæр сты антиадæймагон нысантæ. Мæнмæ гæсгæ, ныр хъуамæ хæлынады ныхмæ æвæрд æрцæуа æцæг — утопион нæ, фæлæ реалон — адæймаджы фæлдисынад, аразы- над. Уыцы аразынад цыдæриддæр хъыг дара, цæлхдуртæ йын йæ размæ æвæра, уымæн, хъуамæ йæ ныхмæ лæууæм. Чи зоны, рæди- йын, фæлæ уый хъуамæ суа ног эстетикæйы бындур. Уæлдæр ма йæ куы загътон, гуманизмы прогрессæй кæнгæ у литературæйы прогресс. Абон литературæ йе ’ргом раздæхта публицистикæмæ. Æз жанры кой нæ кæнын — публицистикæйы нæм фæстаг рæстæг фæзынд, абон мах тынг чи тыхсын æмæ риссын кæны, уыцы фарстыты фæдыл, нырмæ нæм чи нæма уыд, ахæм хицæн уацтæ. Æз зæгъын, аивадон жанртæм публицистикæ барджынæй кæй бацыд, уым се ’мдзæрин кæй сси æмæ сын хæдхуыз бæрджытæ кæй схай кодта, уый тыххæй. Цы ма уа парадокс — алкæм куы дзурынц æмæ куы домынц, зæгъгæ, литературæ хъуамæ æрцæуа деполитизацигонд, деидеологизацигонд — дзæвгар сфæлдыстадон организацитæ сæхимæ партион комитеттæ сæхгæдтой, — уæд литературæ тынг бахæстæг политикæ æмæ идеоло- гимæ. Тынг сæм бахæстæг, уымæн æмæ политикæ æмæ идеологи алырдæм ахъардтой царды æппæт чырæгты дæр, ома у политикæ æмæ идеологийы домæн нæ, фæлæ цардæн йæхи домæн. Царды æппæт проблемæтæ дæр равзæрдысты политикæ æмæ идеологийæ, æмæ уыцы проблемæтæн скъуыддзаггæнæн нæй, цардæн раивæн нæй æнæ ног политикæ æмæ идеологийæ. Ай-гъай, публицистикæ аивадон жанр- тæм куы цæуа, уæд хъуамæ судза йæхи зынгæй нæ, фæлæ аивадон зынгæй. Афтæ куы нæ уа, уæд ын аивадон ахадындзинад нæ уы- дзæн. Алы жанр дæр йæхирдыгонау, спецификонæй æндавы адæй- магыл, аивадон жанртæ йыл хъуамæ æндавой аивадонæй, кæннод сæ хæдуаг, сæ хæдбар фесæфдзæн. Абон ногæй аргъ кæнæм, цыдæриддæр нæм уыд, æрцыд, цыдæ- риддæр бынтæ æмæ фæллæйттæ фæкодтам, уыдонæн, ома, нырмæ сын куыд аргъ кодтам, афтæ сын хъуамæ мауал аргъ кæнæм. Уый уæззау æмæ вазыгджын хъуыддаг у, æмæ нæм бæлвырд, объективон 92
ориентиртæ æмæ критеритæ куы нæ уа, уæд рацарæзт йæ нысантæм нæ фæхæццæ уыдзæн. Бирæтæ дзурынц, зæгъгæ, æвдай азы дæргъы цы сарæзтам, уый у рæдыд — æнæхъуаджы, дзæгъæлы йæ арæзтам. Уый, дам, истори нæу, фæлæ, дам, у антиистори. Рæдыд, дам, уыд Октябры революци, советон хицауад, социализм, рæдыд, дам, уыд æгæрыстæмæй Фыды- бæстæйы Стыр хæст дæр. Домынц, цæмæй социализмы идея иуварс æппæрст æрцæуа, революцийы агъоммæ, дам, цард уыд хуыздæр, æмæ, дам, хъуамæ аздæхæм уырдæм, кæнæ та суæм нырыккон капи- талистон бæстæты хуызæн. Уымæн бамбарæн ис — цард сæвзæр, сгæвзыкк, æхсæнад раууатмæ æрцыд, хæрзæгъдау фехæлд... Адæм нæ систы сæ хъысмæты хицау, сæ зæхх, сæ фæллой, сæ куысты хицау, — адæм æмæ хицауад, адæм æмæ кондадон фæрæзтæ, адæм æмæ æрдз кæрæдзийæ сты иппæрд, кæрæдзийæн сты æцæгæлон. Иппæрд кæрæдзийæ, æцæгæлон кæрæдзийæн сты хицæн адæймæгтæ дæр. Адæмы къухы нæ бафтыд социалон æмæ национ рæстдзинад. Уый уымæн, æмæ дæсгай азты дæргъы социализмы системæйы бæс- ты æмæ йæ хуызы махмæ ныффидар командон-административон си- стемæ, социализм нæм арæзтой деформацигондæй, зыгъуыммæтæ æмæ зылынтæй фыдуынд æмæ гуылмызтæй, арæзтой феодалон кæнæ къа- зармæйон социализм. Уый, ай-гъай, афтæ у, фæлæ уæддæр æз тæригъæд кæнын мæ мады æфсымæрæн — Хуссар Ирыстоны сарæзта Зæхкусæгон цæдис, растад адæмы тугцъирты ныхмæ æмæ 1918 азы мартъийы расидт советон хицауад. Тæригъæд кæнын мæ фыдæн — ацыд Фыдыбæс- тæйы хæстмæ, тох дзы кодта фашистон æрдонгты ныхмæ, Пруссийы зæххыл уæззау цæфтæ фæци æмæ æрыздæхт хъæмæ. Тæригъæд кæ- нын мæхицæн, — тæригъæд уыйбæрц нæ, цас мæсты кæнын мæхимæ, — цæуыл æмæ цæмæн куыстон, цæуыл батыдтон мæ азтæ, мæ цард? Чи зоны, раст нæ дæн, фæлæ рацарæзт у социализм æмæ советон хицауад аивынæн нæ, уæвæг цардæвæрд скуынæгкæнынæн нæ, Ок- тябры фæсрагъмæ аздæхынæн нæ, революцийы агъоммæ цардæвæрд реставраци скæнынæн нæ. Рацарæзт хъуамæ социализм асыгъдæг кæна йе ’ппæт деформацитæй дæр, уыцы деформацитæ хъуамæ иуварс аппара, хъуамæ социализмæн радта йæ классикон сыгъдæг мидис æмæ сыгъдæг формæ — суа «дзыллæты удæгас фæлдисынад». Социализмы сыгъдæг мидис — уый нæу «иумæйагадæймагон хæз- наты» ныхмæ. Социализм, дам, æрмæст кълассон цæстæй кæсы ал- цæмæ дæр æмæ алкæмæ дæр. Уыцы хъуагдзинад уыд нæ системæмæ, бирæ зиæнттæ нын æрхаста, йæ аххосæй нæм бирæ туг ныккалд, бирæ адæм нæм ныццагъд. Фæлæ социализм «мады гуыбынæй» нæ рахаста «сырдон цæсгом» — уый йын йæ деформацитæ радтой, соци- ализмæн æцæгæй ис «адæймагон цæсгом», уымæ гæсгæ «иумиага- дæймагон цæсгомы» антагонист нæу. Социализм цæмæ тырны, бæл- вырддæр дзургæйæ, цæмæ тырны, бæлвырддæр дзургæйæ, цæмæ хъуамæ тырна, уыдон — адæймагæй адæймаджы ’хсæн эксплуатаци ма уа, æцæгæлондзинад ма уа, фæллойгæнæг адæймаджы интерестæ иууыл уæлдæр æвæрд цæуой, сæрибар æмæ гуманизм уа, социалон 93
æмæ национ æмбардзинад уа, æцæг демократи уа æмæ а.д. — уыдон сты «иумæйагадæймагон хæзнатæ». Мах афтæ кæй дзурæм, зæгъгæ, бар цæмæн нæ уыд, уый иууыл- дæр у хорз, бар цæмæн уыд, уый иууылдæр у æвзæр, кадитализм у хорз, социализм — æвзæр, Никъала-паддзах у хорз, Ленин — æвзæр æмæ а.д., уый у реалистон, историон, диалектикон хъуыдыкæнына- ды ныхмæ. Мах иу æгæрдзинадæй нæхи æппарæм æндæр æгæрдзи- надмæ, æгæрдзинад та кæддæриддæр у æцæгдзинады ныхмæ. Мах ахæм ранмæ æрцыдыстæм, æмæ ницæуыл æмæ никæуыл уал æууæндæм. Фæлæ нудæсæм æнус æмæ дыууынæм æнусы райдианы фысджытыл уæддæр хъуамæ æууæндиккам. Уырдыгæй хъуыст æнуд цъæхахст, ирон адæм кæуинаг æмæ додойаг цард кæй кодтой, уый тыххæй. Хъуыст Къостайæ, хъуыст Секъайæ, хъуыст Елбыздыхъойæ, Цомахъæй, Нигерæй. Хъуыст фæсреволюци дæр — Елбыздыхъойы Амран не суæгъд йе ’фсæн рæхыстæй, æнуд цъæхахст кодтой — чи хъæрдæрæй, чи сабырдæрæй — Нигер, Фæрнион æмæ æнд. Уымæй, цыма, бæлвырд кодтой, зæгъгæ, æвзæр уыд революцийы агъоммæ цард, фæлæ фæсреволюци дæр хуыздæр нæу. Революци сæ цы ныфс бауагъта, уый не сцæг. Уымæй, цыма амыдтой, зæгъгæ, ай социа- лизм нæ аразæм, фæлæ æндæр цыдæр, æмæ адæм æцæг адæм цæмæй суой, уый тыххæй хъуамæ саразой æцæг социализм. Æнуд цъæхахст кæнгæйæ, уыдон уæддæр социалистон идейæйыл сæ къух нæ ауыгъ- той, нæ йæ аппæрстой. Кæмдæрты æмæ кæддæрты-иу сæм афтæ дæр фæкаст, цыма социализм фæуæлахиз, уымæ гæсгæ знон æмæ абон, раздæр æмæ ныр — адон æхсæн æвæрдтой цæхгæр контраст: раздæр, дам, уыд æвзæр, ныр та — хорз. Уый сын алкæд цард йæхæдæг нæ амыдта, царды хъæлæсæй нæ дзырдтой, фæлæ царды ныхмæдзог æлдариуæггæнæг тоталитарон, догматон, командон административон политикæ æмæ идеологийы хъæлæсæй. Уыдон та афтæ тыхджын уыды- сты, æмæ гуылмыз кодтой канд социализм нæ, фæлæ ма цыфæнды стыр курдиаты хъысмæт дæр. Социализм нæм «дзыллæты удæгас фæлдисынад» куыд не сси, афтæ нæм «социалистон реализм» дæр не сси аивад æмæ литературæйы «удæ- гас фæлдисынад».Уымæ гæсгæ бирæтæ домынц, цæмæй иуварс æппæт æрцæуа «социалистон реализм», æмæ уый æппæрст æрцæуæд, фæлæ ма уыциу рæстæг домынц, цæмæй æппæрст æрцæуа æппæт социалис- тон, советон литературæ дæр. Мах зонæм, социалистон идея кæнæ социалистон идеал революцийы агъоммæ ’уыд Къостамæ, уыд Секъа- мæ, — уадз уыдаид ын кæм динон, кæм патриархалон, кæм абстрак- тон-утопион ахаст, фæлæ сæм уыд. Сæ фæстæ уыд Елбыздыхъо æмæ Цомахъмæ. Ау, уыдон дæр хъуамæ æппæрст æрцæуой?! «Социалистон реализмæй» скодтой сфæлдыстадон, аивадон метод нæ, фæлæ айдагъ политикон, идеологон метод. Фысс цардмæ гæсгæ нæ, фæлæ политикæ æмæ идеологимæ гæсгæ, фысс, цард куыд домы, афтæ^нæ, фæлæ, политикæ æмæ идеологи куыд домынц, афтæ. Цар- ды рæстдзинад нæ, фæлæ политикæ æмæ идеологийы «рæстдзинад», ома мæнгдзинад. Политикæ æмæ идеологи къæрцхъусæй, цырддзастæй хъахъхъæд- 94
той иууылдæр — партион бæрзонд бодзтæй суанг рæнхъон ныллæг редактормæ. Бар-æнæбары сæ хъахъхъæдтой фысджытæ сæхæдæг дæр, уымæн æмæ йæ зыдтой, æгæр дæр ма сын æй базонын кодтой, зæгъгæ, политикæ æмæ идеологимæ гæсгæ куы нæ фыссай, уæд дæ ничи — ныммæлдзынæ, кæнæ ахæстоны смидæг уыдзынæ, уæд дæ аддæмæ кæндзысты канд хицæуттæ нæ, фæлæ ма дæ хиуæттæ дæр, адæм дæр, уымæн æмæ уыдонæй дæр системæ скодта йæхи хуызæн «политизацигонд» æмæ «идеологизацигонд» адæймæгтæ. Иухатт мын нæ прозаиктæй иу загъта: «Бакастæн партийы ЦК-ы пленумы уынаффæтæ хъæууон хæдзарады тыххæй. Хъуамæ уыдонмæ гæсгæ роман ныффыссон». Ныффыста йæ, ныммыхуыр æй кодта, фæлæ, царды уынаффæтæм гæсгæ нæ, — партийы пленумы уынаф- фæтæм гæсгæ кæй ныффыссай, уымæй цæй роман хъуамæ рауайа! Махæн ныртæккæ ивгъуыд советон литературæмæ нæ ахаст у дыууæхуызон. Иутæ йыл дзурынц æмæ фыссынц, кæддæр ыл, æртын- цыппор азы размæ куыд дзырдтам æмæ куыд фыстам, афтæ: уæды авторитеттæм фæцагайæн нæй, куыд сæ зыдтам, цы цæстæй сæм кастыстæм, афтæ сæм хъуамæ кæсæм. Иннæтæ та иннæрдæм — уым хорзæй ницы ис, иу фыссæг дæр дзы фыссæг нæу. Цард, дам, не ’мбæрстой, уырныдта сæ социализм, табу кодтой марксизм-лениниз- мæн, иу цæринаг уацмыс дæр, дам, нæ ныууагътой. Мæнмæ гæсгæ, ахæм ахаст — йæ дыууæ хуызы дæр — раст нæу. Канд идеологийæ кæнгæ нæ, фæлæ нæм уыд цардæй кæнгæ уац- мыстæ дæр. Кæд рæстдзинад дзыхыдзагæй нæ дзырдтой, кæд æй арæх фæсномыгæй дзырдтой, уæддæр æй дзырдтой. Рæстдзинадмæ- иу се ’ргом куы скодтой, æцæгдзинады ныхас-иу куы загътой, уæд-иу уый уыд хъуыды-æнкъарæны егъау уæлахиз. Ахæм уацмыстæ уыд, æз мæхæдæг кæй зыдтон, стæй ныр кæй зонын, уыдонæй дæр кæмæ- дæртæм, «Храбрый тот, который ведет себя, как следует», — дзырдта Лев Толстой. Гъо, алкæд нæ, фæлæ уæддæр кæмдæрты æмæ кæддæр- ты сæхи дардтой, куыд æмбæлы, афтæ, уæддæр-иу æцæгдзинад æмæ рæстдзинадимæ уыдысты æмавтортæ. Уымæ гæсгæ хист скæнæм æмткæй советон литературæйæн, уый нын зондджын ми нæ уыдзæн. Ирон фысджытæ советон азты адæмы трагеди кæй нæ равдыстой, командон-бюрократон системæ сын уыцы фадат кæй нæ радта, уый уыд сæ трагеди. Трагеди уыд Цомахъ æмæ Æрнигонæн, Нигер æмæ Арсенæн. Къубалты Алыксандр æмæ Ты- былты Алыксандрæн, Мысост æмæ Фæрнионæн, Чермен æмæ Созы- рыхъойæн, Куыдзæг æмæ Дæбейæн... Боныфæстагмæ, уыцы трагеди уыд махæй — мæнæ мæ карæнты онг— алкæй трагеди дæр. Гъе æмæ ныр афтæ бакæнæм, цæмæй нæм ахæм трагеди мауал уа. Махæн ногæй бакæсинаг у нæ литературæ, ногæй рафæлгъауи- наг æмæ ныффыссинаг у йæ истори. Лæмбынæг-иу ныссагъæс кæ- нæм, нæ фысджыты уацмыстæ ногæй джиппы куы уадзæм, уæд. Æвзарын дзы хъæудзæн, рæстдзинад дзы кæм ис, уыдон. Мах дæс- гай азты дæргъы кæй фыстам, уыдонæй бирæтæ нæ бæззынц дыккаг хатт, æртыккаг хатт уадзынæн, бирæтæн дзы абон æнæкъæмдзæсты- гæй, æнæфсæрмæй кæсæн нæй. Чи зоны, исчитæ зæгъа, зæгъгæ, уæд 95
афтæ уыд, уæд афтæ фыстой, фæлæ ныр чиныгкæсæгæн уыдон сты мæнг уацмыстæ. Иугæндзон цин æмæ амондæй йæхицæн æнцой чи нæ ардта, махмæ, дам, алцы дæр хорз у, уыдон абон чиныгкæсæг нæ райсдзæн. Ууыл хъуамæ сагъæс кæнæм — сæйраджыдæр ивгъуыды нæ, фæлæ фидæны сæрвæлтау. Мах хъуамæ суæгъд уæм мифологийæ. Рагон, незаманон мифо- логийæ тыхджындæр йеддæмæ лæмæгъдæр нæу нырыккон мифологи — тоталитарон идеологи. Мифологон уыдысты, мах нæ царды цы æнты- стытæ стыдтам, цы адæймæгтæн цыт кодтам, уыцы нымæцы не ’мбырд- ты цы «курдиатджын» фысджытæй æппæлыдыстæм, цы «»диссаджы хорз» уацмыстæ нымадтам, цы даргъ номхыгъдтæ сын хал кодтам, уыдонæн сæ фылдæр. Куырмæй æууæндыдыстæм æмæ куырмæй æууæндыныл ахуыр æмæ хъомыл кодтам адæмы дæр. Уыцы мифоло- гийæ уыд не сæфт, æмæ дзы нæхи куы нæ схицæн кæнæм, уæд дзы не сæфт уыдзæн амæй фæстæмæ дæр. Райсут Сталины миф — мифты стырдæр миф. Иутæ йыл æнувыд сты фанатиконæй, аннæтæ йæм кæсынц критиконæй. Иутæн дзы иннæтæ сты знæгтæ (Сталинæн æндæрхуызон хъуыдыгæнджытæ æмæ арæх йæхицæй хуыздæртæ иугæндзон «адæмы знæгтæ» куыд уыдысты, афтæ). Уый тæссаг у, уымæн æмæ нын нæ адæмы ныххæлиутæ кæндзæн, сæ сæйраг нысан — цард социалон æмæ национ рæстдзинадмæ гæсгæ раивынæн, Иры- стонæн аккаг фидæн саразынæн сын фадат нæ ратдзæн. Фадат сын нæ ратдзæн, уымæн æмæ Сталин æмæ йе скæнгæ командон-админис- тративон системæйæн ирон адæм уыдысты æнæ фидæн адæм. Мах арæх дзурæм, зæгъгæ, ис нæм «тахынæджы дефицит», фæлæ нæ дзурæм «культурæйы дефицит». Абон нæм цыдæриддæр кризистæ ис — экономикон, социалон, национ æмæ æндæртæ, уыдон кæнгæ сты культурæйы кризисæй. Мах культурæйыл цы хæрдзтæ кæнæм, уыдонæй алы удмæ дæр æртæ капеччы бæрц кæм хауы, уым цæй культурæйыл ис дзурæн! Не ’хсæнад конд у æртæ категорийæ: фыц- цаг — кусæг кълас, æниу нæм уымæй фылдæр æфхæрд ничи æййæф- та, дыккаг — зæхкусæгад, æниу нæм уымæй фылдæр ничи æрцыд куынæггонд, æмæ æртыккаг — интеллигенци. Фæстаг бынат ын куыд нывгонд у. Фæстейæ йын размæ рахизыны бар нæ лæвæрдтой. Уымæ гæсгæ æнæинтеллигенттæ, æгурдиæттæ разамынд кодтой æмæ нырма дæр разамынд кæнынц нæ бæстæйæн. Интеллигенцимæ, культурæмæ ахæм ахаст адæмы ’хсæн биноныг кодта æнæкультурондзинад. Ахæм ахаст конкретонæй бæрæг кодта, зæгъгæ, искæмæй культурондæр дæ, искæмæй хуыздæр æмæ арфдæр хъуыды кæныс, æнкъарыс, фæлди- сыс, искæмæй курдиатджындæр æмæ дæсныдæр дæ, уæд дæ йе знаг, кæнæ коллективы знаг, кæнæ «адæмы знаг», адæмыл тайгæ æмæ руайгæ куы кæнай, адæмы амонд æмæ кадыл дæ сæр куы хæссай, уæддæр. Афтæмæй интеллигенци сæхæдæг дæр систы æнæкультурон, сæ фылдæр нæ иртасынц, нæ зонынц: цы у æцæг æмæ мæнг, реалон- дзинад æмæ миф, цы æмæ чи у хорз æмæ æвзæр, раст кæнæ зылын. Абон ирон адæмы бацыд тас — мыййаг куы фесæфой, быныс- къуыд куы ’рцæуой, ирæттæ кæй сты, уый тыххæй. Уыцы тас сæ æрбангом кодта кæрæдзимæ. Фæлæ сæм нæй культурæ. Æгæрыстæ- 96
мæй искæй раныхасмæ кæй хъусынц, искæй фыст куы кæсынц, уæд ын не ’мбарынц йæ мидис, йæ нысан. Арæх, тынг арæх, нæ хицæн кæнынц хорзæй æвзæр, сæ зианæй сæ пайда. Æмæ йæ куыд хицæн кæной, кæд æмæ сæм æй чи хъуамæ хъомыл кæнид, уыдонæй йæ — фысджытæ, ахуыргæндтæ æмæ æндæртæй — бирæтæ сæхæдæг дæр нæ хицæн кæнынц, уæд! Культурæ кæм нæ уа, уым демократи нæ уыдзæн. Фыццаджыдæр æмæ сæйраджыдæр хъуамæ уа культурæфæлдисджытæн сæхимæ, уæлдайдæр — фысджытæм. Уæлдæр ма йыл дзырдтон, мæн фæндыд, цæмæй фысджыты хайа- ды культурæ æмæ демократи уыдаид. Искæй дæлдзиныггæнæн, ис- кæй нæмæн æмæ дæрæнгæнæн ма уыдаид. Искæмæн дзы фыссын ма амыдтаиккам — фыссын куы нæ зонай, кæнæ дæхæдæг куы нæ базо- най, уæд дын æй Хуыцау дæр нæ бацамондзæн. Алыхуызон хицæ- уттæ (культурæ сæм кæй нæ уыд, культурæйы нысаниуæг кæй не ’мбæрстой, уый тыххæй) фыссын кæмæн амыдтой, уыдонæй-иу фыс- сын чи зыдта, уый-иу фыссын нал зыдта, кæнæ-иу фыссын ныууагъ- та, фыссын-иу чи нæ зыдта, уый ноджы фылдæр æмæ ноджы разæн- гарддæрæй фыста. Æз архайдтон, цæмæй фысджытæй алчи дæр сæ- рибар уыдаид, цы йæ фæндыд æмæ йæ куыд фæндыд, афтæ фыста- ид. Сæрибар уай — уымæй стырдæр амонд цы ис фыссæгæн! Фæлæ махæй бирæтæ, æвæццæгæн, сæрибар не сты мидæгæй, æмæ уымæ гæсгæ разы æмæ райгонд не сты, сæ бон нæу, æмæ райгонд уой æддаг сæрибарæй. Сæрибар не сты ивгъуыды негативон цайдагътæй, æнæкультурон, ома æнæадæймагон комплекстæй. Хъадамантыл ахуыр чи уа, уый йæ фыны дæр мысы хъадамантæ, ехсыл ахуыр — ехс, хылты æмæ тохтыл ахуыр — хылтæ æмæ тохтæ. Мах сахуыр стæм — хъуамæ нывæстытæ кæнæм æмæ хъуамæ æххæст цæуой цыфæнды амалæй дæр, кæд царды нæ, уæддæр гæх- хæттыл — æнæмæнг. А иннæ рæтты ма гъо — кусæд нывæстмæ гæсгæ, фæлæ литературæйы та? Нывæстмæ гæсгæ фысс æмдзæвгæтæ, по- эмæтæ, романтæ, уацаутæ, пьесæтæ, уацтæ... Уымæи нæм ис рад мыхуыр кæнынæн — дæ рад куы ауадзай, уæд дæхи фыссæг ма хон, уæд нывæст не сæххæст кодтай æмæ нымады нæ дæ дæхимæ дæр æмæ фысджыты разамындмæ дæр. Уымæн нæм у ныллæг нæ про- дукцийы гъæд — йе ’хсай процентæй фылдæр ницы бар дары литера- турæмæ. Нывæст нывæсты тыххæй, суагъæ суагъæйы тыххæй, æмбырд æмбырды тыххæй, фембæлд фембæлды тыххæй — адон æз нæ арæз- тон. Цæмæн хъæуынц, зæгъинаг æмæ дæм кæнинаг куы ницы уа, уæд? Цæмæн хъæуынц, адæмы зæрдæ куы нæ бацагайай, куы нæ йæ райхъал кæнай, куы нæ йæ скусын кæнай, цахæмдæр ахсджиаг ми- дæггаг æмæ æддаг архайдмæ йæ куы нæ растын кæнай, уæд? Фысджыты хылтæ æмæ тохтæ нæ уыдысты æмæ не сты литера- турæ æмæ адæмы сæрвæлтау, лæггад кодтой æмæ кæнынц литера- турæ æмæ адæмы æвзæрмæбæлджытæн. Облæсты бодзтæ — мидæггаг æвзæрмæбæлджытæ — уыцы хылтæ æмæ тохтæн тæрхонгæнгæйæ, фысджытæй иуæй-иуты ныхмæ истой административон-репрессивон 97
мадзæлттæ, сæ куыстытæй сæ æппæрстой, политикон азымтæ сæм хастой, цæмæй сдзырдхъом ма уой рæстдзинады сæрыл дæр, адæмы сæрыл дæр, се ’гады бынат сын зонын кодтой, ома сæ æгад кодтой сæхи астæу дæр æмæ адæмы астæу дæр. Уымæй нæ уæлахиз кодта литературæ, нæ уæлахиз кодтой, фысджытæй-иу се знæгты чи раппа- рын кодта, уыдон дæр, — уæлахиз дзы кодтой бодзтæ, æвзæрмæбæл- джытæ. Уыцы хылтæ æмæ тохгæ-иу басгуыхтысты фылдæр хатт — чи зоны, алы хатт дæр — литературæйæн удæрдузæн æмæ удмарæн, тугсургæнæн æмæ тугкалæн «уæлахизтæ». Уыцы хылтæ æмæ тохтыл радысты æддаг æвзæрмæбæлджытæ дæр (мидæггаг æвзæрмæбæлджытæ сæ урæд уыдысты, иухуызон код- той хъуыды дæр æмæ архайгæ дæр). Зæрдæ-иу ныккæрзыдта, нæ фысджытæ сæм амæй-ай-фыддæр, «зылынгæнæн гæххæттытæ» куы ’рвыстой, хъæстмæ сæм куы, згъордтой, уæд. Уыдон дæр, æддаг æвзæрмæбæлджытæ, хуыздæр ма цæмæ хъуамæ кастаиккой æнхъæл- мæ! Гъæ-гъи, мæ хæзгултæ, — дзырдтой-иу сæхинымæр, — афтæ кæнут, афтæ, мах уæ фарс рахæцдзыстæм, исты хæрзтæ уын фæуыд- зыстæм, æмæ уын уæхи дурæй уæ мæсыг ныккалдзыстæм! Æмæ йæ ныккалдтой, ныккалдтой йæ мидæггаг æмæ æддаг æвзæрмæбæлджытæ, ныккалдтам æй нæхæдæг, афтæ йæ ныккалдтам, æмæ ма дзы уæлæн- гай хæлддзæгтæ баззад. Æз фæстаг дыууæ азы Гуырдзыстоны Фысджыты цæдисы къæсæ- рæй никуыуал бахызтæн, кæд дзы нымæрдарыл нымад дæн, кæд дзы президиумы уæнг дæн, уæддæр. Дæ адæмы дын цæрæгойтæ æмæ сырдтæ чи хоны, дæ автономи дын чи халы, ардыгæй дæ чи суры, амы гуырдзиаг цæрджытæм автобустæ чи ’рвиты, ирон адæмы ныхмæ сæ алыхуызон акцитæ кæнынмæ чи ласы, иу боны «куыстæн» сын алкæмæндæр 50 сомы чи фиды, уыдонмæ куыд хъуамæ ныццæуай исты курынмæ, искæуыл хъаст кæнынмæ? Уый цы уаид — патрио- тизм æви гадзрахат? Кад æви худинаг? Сæрибар æви цагъардзинад? Мах сын уымæй ноджыдæр æмæ ноджыдæр бæлвырд кæнæм, зæгъгæ, Хъазбегитæ æмæ Джавахишвилитæ ирæттæй цы фыстой, уый раст у, иттæг раст. Æз мæхи куы базыдтон æмæ фысджыты æхсæнмæ цæуын куы байдыдтон, уæдæй нырмæ дзы ис иу организаци нæ, фæлæ дыууæ. Æцæгæй, фактонæй дыууæ, æмæ хъуамæ дыууæ суой юридиконæй дæр. Гамзатов Расз’л дзырдта: «Я не представляю, чтобы крупные писатели организовали какой-нибудь союЗ. Это дело маленьких писа- телей, по-моему, маленьких художников». Чи зоны, раст у (стыр æмæ чысыл фысджытæ кæй ис, уымæй), фæлæ иу организацийы уыдонæн иугæндзон се ’хсæн хылтæ æмæ тохтæ куы уа, уæд дзы кæдмæ хъуамæ фæразой! Искуы йын кæрон хъуамæ скæной, адих уой, байуарой. Раздæр административон-командон системæ байуа- рынæн ком нæ лæвæрдта, уымæн æмæ йæм иууон нымæцы хъуамæ уыдаид алцыдæр: иу фæтæг, иу хъуыды, иу архайæд, иу цæдис, иу метод... Хъуамæ дзы ма уыдаид: дыууæ, æртæ кæнæ фылдæр. Ныр бирæон нымæц хъуамæ йе ’рдзон бартæ райса. Литературæйы гæ- нæн ис, æмæ дзы уа алыхуызон баиугæндтæ, ассоциацитæ. Алкæмæн 98
дæр дзы уа йæхи программæ, йæхи уагвæтк (устав), йæхи мыхуы- рон оргæн кæнæ оргæнтæ,æгæрыстæмæй йæхи чиныгуадзæн дæр. Мæнæн фысджытæй иу дæр хæлар нæу, фæлæ мæм уыцы ассоциа- цитæй йе сфæлдыстадон æмæ æхсæнадон-эстетикон принциптæм гæсгæ хæстæгдæр чи уаид, уымæ бацæуин. Ахæм баиугæндтæ, ассоциацитæ гæнæн ис, æмæ сырæзой канд Фысджыты цæдисы мидæг нæ, фæлæ ма йæ фарсмæ дæр, йе ’дде дæр. Уымæй аивдзæн Фысджыты Цæдисы организацион структурæ, фæлæ дзы хъуамæ Фысджыты цæдис ма фехæла, хъуамæ уа федера- тивон цæдис. Ахæм баиугæндтæ, ассоциацитæ хъуамæ уой сувере- нон, хæдбар æмæ сæрибар, кæрæдзи ма хъыгдарой, кæрæдзиимæ скæной бадзырдтæ, алчи дæр дзы хицæнæй цы хъуамæ араза æмæ иумæ цы хъуамæ аразой, уыдон дзы сбæрæг кæной. Афтæмæй Фыс- джыты цæдис уыдзæн нырæй фидардæр, цардхъомдæр. Мах, хуссайраг ирон фысджытæ, хъуамæ иу кæнæ иннæ цæдис кæнæ ассоциацийы дæлбар ма уæм, искæмæй кæнгæ ма уа нæ уæвы- над, фæлæ нын семæ хъуамæ уа бадзырдон ахастытæ, федеративон центримæ дæр æмæ Гуырдзыстоны Фысджыты цæдисимæ дæр, уæл- дай хъулон ахастытæ нын хъуамæ уа Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисимæ, уым цы баиугæндтæ æмæ ассоциацитæ уа, уыдонимæ, уымæн æмæ мах уырыссаг кæнæ гуырдзиаг фысджытæ не стæм — мах стæм æмæ хъуамæ уæм ирон фысджытæ (кæд нæм ам цы ассоци- ацитæ уа, уыдонæй искæй нæ фæнда цæгатаг ирон фысджытимæ ахæм бастдзинад — уымæн та нæм реалон разæууæлтæ ис, — уæд уый уыдзæн йæхи бар). Базарон экономикæмæ куы ахизæм, уæд алы куыстуат дæр, алы газет дæр, алы журнал дæр, алы чиныгуадзæн дæр хъуамæ йæхæдæг йæхи дара. Мæн ныфс ис, хицауад нæ бынтон нæхи æвджид нæ ныууадздзæн: дæтдзæн æхца, гæххæтт æмæ а.д. Фæлæ уæддæр æмткæй нæхи дарын нæхимæ æрхаудзæн. Журнал «Фидиуæг»-æн йæ бон у, æмæ йæхæдæг (фæллойадон коллектив) йæхицæн суа сæрæвæрæг. Йæхицæн скæна уагвæтк æмæ уымæ гæсгæ куса. Цас дзы хъуамæ уа кусджытæ, цас сын хъуамæ фида, цахæм æрмæг мыхуыр кæна æмæ а.д. — уыдон иууылдæр скъуыддзаг кæна йæхæдæг. Уый хъуамæ ма уа мадæр иу ассоциацийы, мадæр иннæ ассоциацийы оргæн. Уый хъуамæ уа ирон литературон журнал. Хъуамæ дзы мыхуыр кæна, йæ программæйы домæнтæ æмæ нысантæн ын дзуапп чи дæтта, адæ- мы чи хъæуа, адæм кæй агурой, ахæм уацмыстæ. Афтæ куы нæ уа, уæд æй нæ фысдзысты, нæ йæ æлхæндзысты, ома йæ нæ дардзысты, æмæ уæд схъотыр уыдзæн, боныфæстагмæ æхгæнинаг фæуыдзæн. Уæд журналы редактор не ’взардзæн, зæгъгæ, мæнæ ай мæ хæлар у, кæнæ мæ хæстæг, кæнæ мæ ассоциацийы уæнг, æмæ йæ уымæ гæсгæ ныммыхуыр кæндзынæн, мæнæ ай та мæ хæлар нæу, кæнæ мæ ассо- циацийы уæнг нæу, æмæ йæ уымæ гæсгæ нæ ныммыхуыр кæндзы- нæн. Хæларадон æмæ асоциалон интерестæ нæ, — журналы инте- рестæ, адæмы хъæуæг литературæйы интерестæ йын бар-æнæбары амондзысты йæ симпатитæ æмæ йæ антипатитæ, автортимæ йæ ахас- тытæ, йе ’ппæт архайдтытæ дæр. Гæнæн ис, æмæ дзы йæхи уацмыс 99
дæр ма ныммыхуыр кæна, развæлгъау æй куы зона, зæгъгæ, журна- лы программæйæн аккаг нæу, адæмы зæрдæ дзы не ссардзæн, уæд. Уый хъуамæ алкæмæй дæр, алцæмæй дæр уа сæрибар, æрмæст хъуамæ адæмæй сæрибар ма уа. Махмæ цы дыууæ ассоциацийы хъуамæ уа, з’ыдонæй алкæмæн дæр йæ бон у, æмæ уа сæрæвæрæг ног мыхуырон оргæнæн, кæд æм финансон æмæ материалон фæрæзтæ уа,уæд. Уый тыххæй хъуамæ ссарой спонсортæ, хъæздыг куыстуæттæ, чи зоны, хицæн адæймæгтæ дæр. Фæлæ уыдон дæр ахæм газет кæнæ журнал нæ уадздзысты, адæм кæй нæ исой, кæй не ’лхæной, йæ хæрдзтæ чи не ’мбæрза æмæ уæлдай пайда, æфтиаг чи нæ хæсса. Ахæм æгъдаумæ гæсгæ хъуамæ ивдтытæ æрцæуа чиныгуадзæн «Ирыстон»-ы дæр. Ме ’нхъæлцаумæ гæсгæ, базарон экономикæ ахъаз уыдзæн æцæг литературæйæн аккаг фадæттæ саразынæн. Æниу æдас дæр нæ дæн, — мыййаг, уæлдæр ма йыл дзырдтон, адæмы культурон æмвæзад ныллæг кæй у, уымæ гæсгæ сæ, чи зоны, сæхимæ раздахой эрзац-литературæ, афтид хиирхæфсæн, æнæфсарм, æнæгьдау, вульгарон, чъизи уацмыстæ. Чи зоны, афтæ дæр з’а, — цы нæ вæййы! — фæлæ уæддæр адæмы фæнды, цæмæй æцæг адæм суой æмæ уымæ гæсгæ се скаст хъуамæ уа æмæ уыдзæн æцæг литературæмæ. Махмæ цæуы газет, цæуы журнал, цæуы чингуытæ, цæуынц ирон æвзагыл, фæлæ не сты ирон газет, ирон журнал, ирон чингуытæ, уæлдайдæр газет. Уыдон хъуамæ суой ирон — æцæг ирон газет, æцæг ирон журнал, æцæг ирон чингуытæ, кæннод сæ ирон адæмы хорзæх нæ уыдзæн, уыцы хорзæх кæй нæ уа, уый та ирон адæмы нæ хъæудзæн æмæ се ’хсæн нæ цæрдзæн. Мах фæзæгъæм — мыййаг, хуымæтæджы нæ, зæгъгæ, раст куы ахъуыды кæнай, уæд хъуыддагæн йе ’мбис бакодтай. Мах хъуамæ раст ахъуыды кæнæм. Æниу, чи зоны, махмæ, фысджытæм, цы ивд- тытæ хъуамæ æрцæуид, уыдон сæр нæ бынтондæр мауал хъæуа. Чи зоны, уыдоныл дзæгъæлы дзурæм. Чидæр, дам, æнæ галæй кæв- дæстæ быдта. Галтæ нæм ис, фæлæ цот, зæйц нæй. Фысджыты Цæ- дисы уæнгтæй нæм иууыл æрыгондæр у цыппораздзыд, ома æрыгон нæу. Абон нæм нæй «рæсугъд, дыууын дыууæаздзыд» курдиæттæ. Фæстаг азты чи ’рбацыд литературæмæ, уыдонæй зæрдæдарæн ис бæрцæй иу дыууæйыл, уымæй дæр — гуырысхотимæ, нæ этнос, нæ культурæ æмæ не ’взагæн варварон геноцид кæй скодтой æмæ кæй скодтам, уымæй. Чидæр загъта, зæгъгæ, адæмон змæлды змæст уылæнæй растынц кæнæ стыр фæтæгтæ, кæнæ стыр авантюристтæ. Адæм куы бамба- рынц, зæгъгæ, нырмæ куыд цардысты, афтæ сын цæрæн нæй, адæ- мы раз цæхгæр куы слæууы фарст уой æви ма уой, æмæ цæхгæр куы алыг кæнынц, зæгъгæ, хъуамæ уой, хъуамæ сæ культурæ æмæ се ’взаг сæндидзой, уæд Хуыцаумæ кувынц, цæмæй се змæлды уылæ- нæй растой стыр авантюристтæ нæ (уыдонæй хъуаг никуы уыдыс- тæм), фæлæ ног фæтæгтæ, стыр фæтæгтæ, растой дзы ног фысджытæ, стыр фысджытæ. Кæд нæ исты амонд уа, уæд растдзысты, чи зоны, растой, æмæ уæд æнæ фидæн нæ уыдзæн ирон литературæ. Æнæ фидæн нæ уыдзысты ирон адæм. 100
ИРЫСЮНЫ МÆТ ÆМÆ УАРЗТÆИ Мæ зæрдæйыл — чысыл уа æви стыр, уæддæр — хъæдгомæй баз- зад. Цы? Цы, цы, 1978 азы уагътам ирон аив дзырды хæзнаты радон том — «Уалдзæггæнджытæ». Æз бацæттæ кодтон Колыты Аксойы æмдзæвгæтæ, ныффыстон ын йæ цард æмæ йæ куысты тыххæй ба- цæуæн уац, иннæ ирон фысджыты æхсæн ын йæ бынат радтам æмæ йæ, гъа ныр типографимæ арвитæм, афтæ нын цензурæйы хистæр загъта: «Æз ныхас кодтон партийы обкомимæ, æмæ нæ хъуыдымæ гæсгæ Аксойы æмдзæвгæтæн уадзæн нæй. Уымæн æмæ тас у, комму- нистон идеологи æмæ советон фæсивæды хъомыладæн куы батых кæной, сæ удмæ сын дины марг куы бахæссой, уымæй». Мах сын бæргæ дзырдтам, зæгъгæ, уыцы тасæн ницы бындур ис, ирон адæ- мæй сæм бирæтæ хъуыстой, кæсгæ дæр æмæ сæ заргæ дæр кодтой, æмæ сын сæ удмæ хастой марг нæ, фæлæ уарзт æмæ фидауц, уаз æмæ уæздан, адæймаггæнæн æнкъарæнтæ. Стæй канд уый нæ, — ирон адæмы историйы сты иронау фыццаг æмдзæвгæтæ, ирон адæ- мы культурон бынты æнæбаивгæ хай, культурон бынтæ та хъуамæ зона алы культурон адæймаг дæр. Мах уыцы бынтæй цыдæр куы арæцугъæм, уæд бар-æнæбары къахыр æмæ хъуаг уыдзæн адæмы культурæ. Дзырдтам сын, бæргæ сын дзырдтам, фæлæ, марадз-зæгъай, кæд нын нæ дзырдтæ истæмæ æрдардтой! Мах ма сьш дзырдтам, зæгьгæ, Аксойæн стыр аргъ кодтой, буц æмæ дзы сæрыстыр уыдысты Къоста æмæ Секъа. Фæлæ уыцы аргумент дæр ницы акарста. Иудзырдæй, Аксойы æмдзæвгæтæ чиныгæй систой æмæ сæ арæцыгътой. Аксо архайдта, цæмæй ирон адæм къахыр æмæ хъуаг ма уыдаик- кой. Архайдта Æгъуызаты Иуанейы фæстæ, æмæ уымæй тынгдæр. Иуанейау тынг хорз зыдта, зæгъгæ, «чиныг кæмæн нæй, уый хъадж- джын у», уыцы адæм не ’мбарынц æцæгад, не ’мбарынц Хуыцауы дæр æмæ сæхи дæр. Уымæ гæсгæ Иуанейау тæлмац кодта æмæ уагъ- та дины чингуытæ иронау. Иуанейау фыста æмдзæвгæтæ, фæлæ Иуанейæ хъауджыдæр гуырдзиагау нæ, — фыста сæ иронау. Уымæй равдыста ахæм сгуыхтдзинад, ирон адæмы историйы йæхи æнæвгъау бæрзонд кæмæй систа. Æз бирæтæй фехъуыстон, гуырдзиаг литературæйы шедевр «Стайы цармдарæг», дам, ирон адæймаг ныффыста: кæнæ Сослан-Дауыт йæхæдæг (этимологи иртасæнтæм гæсгæ, ирон ном Сослан гуырдзиа- гау у Шота), кæнæ та ирæттæй йемæ Гуырдзыстоны чи цард, ахæм поэт. Кæд æцæг афтæ у, уæддæр дзы махæн нæ синысæртыл ницы хæцинаг ис. Иронæй искæй хуымы цыргъ æхсырф ирон адæмæн къуымых æхсырф дæр нæу, чи зоны, махæн кад нæ, — æгад у, худинаг. Сослан-Дауыт дæр, ирæттæй йемæ цæрæг поэт дæр ирон адæмæн хорз уæд ракодтаиккой, æмæ дзы исчи иронау иу цыппар- рæнхъон уæддæр куы ныффыстаид. Ирæттæй гуырдзиагау, уырыс- сагау кæнæ æндæйрагау чи фыста æмæ фыссы, уыдонæй дзæвгар ис ахъаззаг курдиаты хицæуттæ, фæлæ уыдон сты ирон адæмы иувæр- сты цæуджытæ кæнæ ирон адæмы куынæггæнджытæ: се ’взаг сæ ферох уа, сæ культурæ бахуысса, сæ национ уидæгтæ бахус уой æмæ 101
цадæггай суой гуырдзиæгтæ, уырыссæгтæ кæнæ æндæйрæгтæ. Ома цæуой æнæмæлæтмæ нæ, фæлæ мæлæтмæ. Ай-гъай, ирæттæй æндæр æвзагыл чи фыста, уыдонæй кæйдæрты (се ’ппæты нæ!) дзурын кодта ирон национ химбарынад, национ «æз», æндæвта сæ ирон адæмы хъысмæт. Зæгъæм, «Алгъуызы ка- дæджы» автор (иуæй-иу ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ, Æгъуызаты Иуане нæу, фæлæ ирæттæй æндæр чидæр, нæма йæ зонæм) гуырдзиа- гау ранывæста, зæгъгæ, ирон адæм иннæ адæмтæй уæлдæр йеддæмæ дæлдæр ницæмæй сты æмæ хъуамæ ма уой, кæддæр сæм цы ’хсар, цы лæджыхъæд æмæ цы намыс уыд, уымæн кадгæнгæйæ, иуæй, цыма ирон адæмæн амоны, зæгъгæ, уæ фыдæлты хуызæн ут, сæ ном сын дæлæмæ ма ’руадзут, уæхи искæмæн сафын æмæ дæлдзиныг кæнын ма бауадзут, уе знонæй уæ абон æмæ уæ сом цауддæр æмæ къаддæр ма уæд, иннæмæй — цыма иннæ адæмтæн дзуры, зæгъгæ, ирон адæммы уæлæуæзты ма кæсут, æнæрвæссон сыл ма кæнут, цагъары æфсондз сыл сæвæрынмæ ма хъавут, ницы уын дзы рауайдзæн (Алгъуыз гуыр- дзиаг Гамрекъели Асланыл йе ’ууæнк кæй бафтыдта, Аслан гадзраха- тæй Алгъуызы кæй амардта, уым ирдæй зыны гуырдзиаг адæмы ахаст ирон адæммæ). Дзырд дæр ыл нæй, ахæм национ химбарынад субъек- тивонæй фауинаг нæу, фæлæ йæ гуырдзиагау кæй æвдисы автор, уый объективонæй уæддæр ахъаз кæны ирон национ химбарынад цырын кæнынæн. Ирон национ химбарынады сæйраг миниуæг æмæ бæрæггæнæн у ирон æвзаг. Аксо хорз зыдта уырыссаг æвзаг (Дзæуджыхъæуы каст фæци дины скъола), хорз зыдта гуырдзиаг æвзаг дæр (1839 — 1845 азты Калачы дины семинары ахуыр кодта). Уæдмæ уыцы æвзæгтыл цы традицитæ уыд, уыдон дæлбазыр балæууын æнцон уыдаид Аксойæн, æндæр кæй- дæртау. Фæлæ йæм национ химбарынад, æндæртимæ абаргæйæ, æвæц- цæгæн, уыди тыхджындæр, нæрæмондæр, æмæ æндæр литературæты фæлтæрддзинад йæ зæрдæмæ арф айсгæйæ æмæ йæ арф банкъар- гæйæ, æмдзæвгæтæ фыссын байдыдта иронау. Ирон адæмæн дæм цы зæгъинæгтæ ис, уыдон сын сæхи ’взагыл куы зæгъай, уæд сæ канд тынгдæр нæ бамбардзысты, канд тынгдæр сæм нæ бахъардзысты, фæлæ ма — æмæ уый у сæйраг! — баууæнддзысты, бауырндзæни сæ, зæгъгæ, се ’взаг у стыр æвзаг —, сæхæдæг сты стыр адæм, Хуыцау æмæ æппæт адæмты аккаг, иннæ адæмты æмсæр æмæ æмгад, къæмдзæстыг æмæ зæрдæхудт нæ уыдзысты сæхицæй Хуыцау æмæ æппæт адæмты раз, сæ национ химбарынад рæздзæн æмæ цах:æмфæнды фыдбылызты аза- рæй дæр нæ фæцуддзæни, растдæр зæгъгæйæ, цудын æй нæ бауадз- дзысты адæм сæхæдæг. Иу бархъомыс сæ баиу кæндзæн æмæ уыдзыс- ты æмæ цæрдзысты, цалынмæ иннæ ’взæгтæ, иннæ адæмты цæрой æмæ уой, уæдмæ. Мады Майрæммæ дзургæйæ Аксо фыссы: Не ’взаг къуымых у, нæ дзырд мæгуыр у Дæумсе кувынæн, Нæ хъару чысыл у, нæ уонг мæллæг у Дæуæн кувынæн, 1 Фæлæ Дæ курæм, ахъаз нын бакæн бафæзмынæн. Æндæр дзырдтæй, иннæ адæмты бафæзмынæн — физикон æмæ монон хъаруйæ, дзырды рæсугъд æмæ аивæй (æмдзæвгæтæ фыссы- 102
нæй), ахуырад æмæ культурæйæ уыдон хуызæн суæвынæн. Æмæ ноджы æндæр дзырдтæй, дунеон цивилизацийы хæрзтæй, иумæйаг- адæмон хæрзтæй (уыдонæй у чырыстон дин дæр) хайджын суæвы- нæн, дунейы адæмты æмрæнхъ барджын æмæ æхсарджынæй слæу- уынæн. Аксо Хуыцау, Мады Майрæм æмæ Чырыстийæ цы зæгъы, уыдон сты Библийы сюжеттæ æмæ хъуыдытæ, ома иумæйаг сты æппæт чы- рыстон адæмтæн дæр, фæлæ сæ Аксо ирон адæмы номæй кæй дзуры, уымæ гæсгæ сыл ис ирон национ дамгъæ, уынæм дзы ирон цард æмæ удыхъæды бæрджытæ. Ирон адæмы номæй дзургæйæ Аксо дзуры йæхи номæй. «Мах» æм канд «мах» нæу, фæлæ ма «æз» дæр. Аксо куы дзуры Мады Майрæмæн, зæгъгæ, Дæ кадджын фырт Чырыстийæ «ку- рыс алыхуызон хæрзтæ махæн, мæгуыртæн», фервæзын нæ кæн «нæ уынгæг бонтæй», нæ зæрдæтæй нын «фæсур фыдбылыз дардмæ», Хуы- цауæй куы куры, зæгъгæ, бахиз нæ рагæй-æрæгмæ нæ фыдызнагæй, æвзæр фыдвæндтæй, хæйрæджы митæй, фыдæбонтæй», «уды талын- гæй», «фыды фыдуагæй», уæд дзы уынæм ирон царды реалон уавæр, ирон удыхъæды фауинаг бæрджытæ, абон дæр ма кæмæй нæ фервæз- тыстæм, уыдон. Аксо Хуыцауыл æууæндынмæ сидгæйæ сиды Ирысто- ныл æууæндынмæ, уымæн æмæ Ирыстоныл куынæ баууæндæм, нæхи- уыл куынæ баууæндæм, уæд фесæфдзысты ирон адæм. Уыцы æууæнк куынæ уыдаид Аксомæ, уæд иронау æмдзæвгæтæ фыссынмæ дæр нæ бавнæлдтаид. Ирон фольклорон поэзийæ акодта — фыццаг хатт акодта! — уæндон, ныфсхаст, нæртон къахдзæф про- фессионалон-фысгæ поэзимæ, индивидуалон сфæлдыстадмæ. Хуымæ- тæджы нæ дзырдта Секъа, зæгъгæ, «йæ дзырдтæ зæрдæ агайынц æмæ сæрымагъзы дзæнгæрæгау зæлланг кæнынц». Секъа раст бам- бæрста, зæгъгæ, Аксойы æмдзæвгæтæй байдыдта ирон литературæ, хъæздыггæнгæ рæзт иу курдиатæй иннæмæ, Аксойы традици дзы дарддæр кодта. Чи зоны, Аксойы æмдзæвгæтæ касти кæнæ фехъуыс- та Мамсыраты Темырболат, фæлæ Секъа кæны æрмæст Къостайы кой, æмæ кæд Аксо Къостайыл куыд бандæвта, ууыл æгæр хуымæ- тæггомау дзуры, уæддæр иумæйагæй йæ хъуыды гуырысхойаг нæу. «Иу хатт æм (Аксомæ. — Дз. X.) лæппуйæ Къоста бацыд æмæ йæ стихтæ фысгæ баййæфта, — зæгъы Секъа. — Уыцы сахат Къостайæн ирон стихтæ йæ зæрдæйы ахстон акодтой, æмæ райдыдта йæ «Чи дæ?» фыссын. Къостайы æргъæвд зæрдæ æмæ хъуыдытæй хъæздыг зондæн чысыл хъуыд фæцагайынæн, æмæ уый фæстæ йæ «Ирон фæндыр»-ы равдыста æгас Ирыстоны сагъæстæ, цы йæ хъыгдардта æмæ йæ цы рæвдыдта, уыдæттæ иууылдæр». Ирон адæмы иудзинад — ацы идейæ равзæрд фыццаг ирон æмдзæв- гæтимæ, Хуыцауыл æууæндынмæ сидгæйæ. Аксо сиды æппæт ирон адæммæ дæр, цæмæй сæ чырыстон рæстхорз дин бауырна, се ’ргом иунæг уымæ скæной. Хуыцау нæ цы фыдбылызтæй хъуамæ бахызта- ид, уыдонæй сæйрагдæр уыд динмæ гæсгæ ирон адæмы дихдзинад. Æмæ канд динмæ гæсгæ нæ! Аксо уыд ирон адæмы цыфæндыхуызон къордтæлкъордтыты ныхмæ дæр. Аксойы бæллиц уыд иугонд æмæ иууон, æмуд æмæ æмархайд Ирыстон. Уымæ гæсгæ, Секъайы загъ- 103
дау, «æхсæв нæ хуыссыд, бон нæ бадти, Ирыстоны къуымты зæрва- тыккау ратæх-батæх кодта, цæмæй сиу кодтаид чырыстон дины руа- джы армыдзаг æмæ хæлиугонд ирон адæмы, цæмæй сæ цардыуаг æппæтæй дæр фæхуыздæр уыдаид, ууыл йæхи хъардта». Куындыха- ты Муссæ пысылмон ирæтты куы сцом кодта се ’мдин Туркмæ, уæд Аксо йæ удæй арт цагъта, цæмæй уыцы хъуыддаг ма ’рцыдаид, хъуамæ сæ раздæхтаид чырыстон динмæ, «Дыууæ хъæбатыр домбайы, — зæгъы Секъа, — Ирыстоны уарзондзинады рохтыл фæхæст сты æмæ йæ кæрæдзимæ ратон-батон кодтой... Чи зоны, Аксо йæ фæнд сæххæст кодтаид, Куындыхаты Муссæ йæ ныхмæ лæууын нæ бафæрæзтаид, фæлæ йæ æнафоны мæлæт æрцахста... Нæ амонды хос уый уыдаид, æмæ не ’мæвзаг ирон адæм иу диныл хæст куы фæцадаиккой. Ак- сойы зондыл куы ацыдаиккам, уæд Иры дзыллæйæн сæ царды хæр- зæбонæн бирæ ахъаз уыдаид, стæй сæ кæрæдзи уарзондзинад дæр фылдæр уыдаид æмæ уаид». «Нæ фыццаг хъæбатыр фæтæг», — афтæ йæ схуыдта Секъа. Æмæ йæм ахæм цæстæй касти Къоста дæр. Цæголты Георги 1900 азы газет «Северный Кавказ»-ы (уац «Культурон змæлд ирæтты æхсæн») ирон культурæйы фыццаг минæвæртты тыххæй куы фыста, зæгъгæ, уыдон уыдысты тыхджын уды хицæуттæ, сæхи снывонд кодтой сæ адæмы фарн æмæ амондæн, динон-хæрзæгъдауон рухстауæн куыстæн, — уæд ын Къоста дзуапп радта, зæгъгæ, уыцы æппæлæн ныхæстæ æнæхъæ- нæй хауынц æрмæст иунæг Колыты Аксомæ. Къоста Аксойы хицæн кодта æмæ йæ уæлдæр æвæрдта, йæ алфамблай чи уыд, уыдонæй. Аксо дæр нарон уыди Къостайау. Æцæг стыр нарон. Æмæ йын Къоста адарддæр кодта канд йæ аивадон традици нæ, — адарддæр ма йын кодта йе ’ндæр ахсджиаг, арфæйаг хъуыддаг дæр. 1862 азы Аксо йæхи хардзæй йæ хæдзары байгом кодта ирон чызджытæн дыу- уæкъласон скъола, ахуыр дæр сæ кодта йæхæдæг. «Ног фæлтæртæ цæмæй хорз хъомыл кæной, — дзырдта Аксо, — уымæн хъæуы ахуыр æмæ размæдзыд бинонтæ, æмæ ахæм бинонтæ саразынæн та хъæуы фыццаджы-фыццаг ахуыр æмæ размæдзыд сылгоймаг — мад». 1866 азы уыцы скъолайæ сарæзтой æртæкъласон скъола, æхца йын фыста «Кавказы рæстхорз чырыстойнаг æндидзынгæнæн æхсæнад». Къоста фыста, зæгъгæ, уыцы скъола ирæтты ахуырадон æмæ администрати- вон центр сахар Дзæуджыхъæуы уæвгæйæ, тынг фæахъаз Ирыстоны сылгоймаджы уавæр зынгæ фæхуыздæр кæнынæн, йæ къæсæрæй рахызти дæсгай интеллигентон ирон сылгоймæгтæ, фæзминаг фæл- лойгæнджытæ — бинонты мæдтæ æмæ адæмон ахуыргæнджытæ. Къо- ста ма фыста, скъоламæ, дам, цæуынц канд чырыстон нæ, фæлæ пысылмон чызджытæ дæр, пысылмон фанатизм æхсызгонæй ком дæтты чырыстон хъомылады принциптæн. Уымæй скъола Аксойы фæнд царды уагъта. «Уыцы скъола, — фыста дарддæр Къоста, — Кавказы у иууыл хуыздæр рухстауæн-чырыстон уагдон, уæлдайдæр, Ирысто- ныл дпырхуæвæг гуырдзиаг сауджынты ныллæг ахуырадон-рухста- уæн æмвæзад нæ зæрдыл куы дарæм, уæд». Æмæ уыцы скъола 1891 азы Гуырдзыстоны экзарх сæхгæдтæ, Къостайы загъдау, рауагъта йыл «гæныстонгæнæг уад». Гуырдзыстон архайдта, цæмæй ирон 104
адæммæ мацы уыдаид ахæмæй, раст хъомылад сын чи лæвæрдтаид, раст фæндагыл сæ чи ардыдтаид, кæрæдзимæ сæ чи æнгом кодтаид, цæмæй ирон адæмыл цыдаид гуырдзыйы бар (æндæр никæй!) æмæ æрмæст гуырдзыйы куыд фæндыд, афтæ сын сæ зонд здыхтаиккой, «монон æлдæрттæ» сын уыдаиккой гуырдзиаг сауджынтæ, хъардта- иккой сын гуырдзиаг æвзаг, сæ мыггæгтæ сын фыстаиккой гуырдзиа- гау æмæ сæ æппынфæстаг скодтаиккой гуырдзиæгтæ. Гуырдзысто- нæй нæм кæддæриддæр цыд агресси — динон, культурон, экономи- кон, хæстон агресси, бырста нæм «гæныстонгæнæг уад». Абон уыцы «уад» бынтон скарз, схъæддаг, сæнахъинон, бынтон нын дзы æнцой æмæ æрулæфт нал ис. Къоста Ирыстоны интеллигенттæй цалдæримæ иумæ хъæддыхæй стох кодта Гуырдзыстоны экзархы фæндон æмæ архайды ныхмæ, скъола фæстæмæ байгом кодтой, фæлæ Къостайы ахастой Терчы зыл- дæй Хъæрæсейы хохцъассытæм. Аксойы хæлар æмæ фарслас Чепиговский Иосеб, Дзæуджыхъæуы сауджын, Аксойау архайдта, цæмæй ирон скъолаты сывæлæттæ иро- нау ахуыр кодтаиккой. Уый фыста, зæгъгæ, «ирæтты национ ахуы- рад тагъд æмæ раст фæндагыл сæвæрынæн» ирæттæй сæхицæй ис ахуыргонд адæймæгтæ æмæ уыдонæй фыццаг ракодта Колыты Ак- сойы кой. Хъыгагæн, абон дæр нæм ирон сывæллæттæ скъолаты нæма ахуыр кæнынц иронау æмæ кæд байдайдзысты, стæй байдайдзысты, уый дæр бæрæг нæу. Аксо йе ’мдзæвгæ «Чырыстийы райгасы зарæг»-ы фыссы: Сымах та, æнамонд дзуттытæ, Цы æвзсер куысттæ бакодтат, Уе сфæлдисæг Паддзахы Дзуарыл куыд байтыгътат? Æлгъаг, цъаммар, æнаккаг сæ не схуыдта, фæлæ æнамонд. Сæ хуыздæртæн, сæ пехуымпартæн аргъ чи нæ кæна, чи сыл нæ ауæрда æмæ сæ чи ’ргæвда, уыдон сты æмæ кæддæриддæр уыдзысты æна- монд адæм. Колыты Бесæйы фырт Аксо цъус фæцарди, 43 азы бæрц. 1923 азæй 1866 азмæ, фæлæ ирон адæмæн аразгæ бирæ скодта. Æвæццæ- гæн, цъус дæр уымæн фæцард, æмæ, Секъайы загъдау, «йæ зæр- дæйы райгуырæн бæстæйы туг цæджджинагау фыхт æмæ чъырсу- дзæнау пиллон уагъта йе ’мбæстон адæмы мæтæй». Æмæ йæ мах куынæ зонæм, æмбæлгæ аргъ ын куынæ кæнæм, уæд уыдзыстæм æнамонд адæм. 1993 105
УАЦХÆССÆГ ÆРЦÆУИНАГ ДУГÆИ Мæнмæ гæсгæ, дыууынæм æнусы ирон литературæйы Нигеры хуызæн вазыгджын, ныхмæвæрд, трагикон фæзынд нæй. Ирон адæ- мы цард цы цæхгæр æнкъуыстытæ æмæ ивдтытæ бавзæрста, уыдон бавзæрста Нигер дæр, бавзæрста æмæ сæ равдыста æнæхин, æнæ- сайдæй, реалистонæй. Уымæ гæсгæ Ирыстоны цы æрцыд æмæ дзы цы уыд, уый бамбарынæн Нигеры сфæлдыстад у ахсджиаг фæрæз. Алыхуызон партион паддзахадон документтæ, фæтæгты докладтæ, историктæ æмæ журналистты фыстытæй ахсджиагдæр фæрæз. Ма йыл æууæндай, уый гæнæн нæй. Уымæн æмæ Нигеры зæрдæ уыд Ирыстоны зæрдæ, Нигеры «æз» уыд Ирыстоны «æз». Уымæн æмæ фыста йæхи тыххæй дæр æмæ Ирыстоны тыххæй дæр, æмткæй, рæстæджы тыххæй, куыддæриддæр уыдысты, афтæ. Нигеры рæст- дзинад уыд Ирыстоны рæстдзинад, рæстæджы рæстдзинад. Уый, мыййаг, афтæ нæ амоны, æмæ Нигер рæстæгимæ кодта æмдзу, уыдысты æмзонд, æмуд, æмвæнд. Нæ, Нигер разы æмæ рай- гонд нæ уыд рæстæгæй, Нигер хъæддыхæй лæууыд рæстæджы ныхмæ. Æцæг, иудадзыг нæ, уымæн æмæ рæстæгæн йæ коммæ чи нæ каст, чи йын нæ саст, уыдон къуындæг æмæ куынæг кодта, сæ тых сын мардта, сæ дзых сын æхгæдта. Рæстæг сæ нæ уагъта цæрын дæр, кусын дæр æмæ мыхуыр кæнын дæр. Кæд дæ фæнды, æмæ дын арвы бын а зæххыл бынат уа, «мæн у» зæгъæг дын уа, адæймаг æмæ дæ поэт хоной, уæд бар-æнæбары хъуамæ суай рæстæджы хуызæн, æмæ дын уæд хатыр кæндзæн, дæ туг дын нæ нуаздзæн. Æмæ-иу Нигер дæр йæхи бакодта рæстæджы дæлбар, ком лæвæрдта советон идеоло- ги, къласон тох æмæ социалистон арæзтады дæрзæг, æгъатыр догмæ- тæн, социалистон реализмы принциптæн. Æмæ-иу уæд Нигер фыста ног царды тыххæй тутт, риторикон, мæнг уацмыстæ, литературæ æмæ аивад иртæста вульгарон социологизмы методæй. Нигер йæ цæргæйæ, сæйраджыдæр, адæмы рæгъмæ хаста, ног царды тыххæй кæй фыста, стæй хъæхъхъаг цензурæ æваст кæмæ нæ фæлæбурдтаид, уыцы уацмыстæ. Йæхи тыххæй æмæ рæстæджы тых- хæй тæссаг рæстдзинад кæм фыста, уыцы уацмыстæ æмбæхст дард- та. Уыдон, зæгъгæ, уæд искæй къухмæ бахаудтой, партион æмæ сæ советон оргæнтæ базыдтой, уæд Нигер æмбойны ахст кæнæ мард æрцыдаид. 1966 — 1969 азты йын цы æртæ томы рацыд (уацмысты æххæст æмбырдгонд), уым йе ’мдзæвгæтæ æдæппæт сты 180-ы бæрц, уыдонæй фыццаг хатт рухс федта 80-ы бæрц. Уымæй дæр цахæм æмдзæвгæтæ! Стæй канд æмдзæвгæтæ нæ, — фыццаг хатт дзы бакас- тыстæм йе ’рдæгфыст уацмыстæ, йæ литерарурон-критикон уацтæй цалдæр. Уыцы уацтæй иу («Цы у, цавæр у аив литературæ æмæ хæрз цыбыр ныхас нæ критиктæм», 1929) тынг ахсджиаг у Нигеры сфæлдыстадон кредо бамбарынæн. Уым Нигер фыста, зæгъгæ, литературæйæн йæ арæзт, йæ хъавд у зæрдæмæ, — хъустæм æмæ зондмæ нæ! Зæрдæ нæ исы «додой-сар», «сонт», тæлтæг хъæртæ», «зонды стъæлфæнтæ», «былæлгъты ныхас», «аразгæ худт», «кæнгæ æууæлтæ» «æмдзæгъды хъæр». Зæрдæ судзы 106
«зæрдæйы зынгæй», хъары йæм «зæрдæйы ныхас», худы «зæрдæйы худтæй». Фыццаджыдæр æмæ йæм сæйраджыдæр «уд æмæ зæрдæ» сты «дæсныйады (искусство) æнæбайсгæ хæйттæ» «дæсныйад» ын у «аивад», кæнæ «аивдзинад», кæнæ æрдзон раттинаг — литературон курдиат). Литературæйы гомгæрц партион, советон тенденци (ног цардæн йæ фарс хæц, хъæрæй йыл зар, æппæл дзы, цинæй зæххыл ма хæц, уæларвмæ схъиу!) Нигер фаудта, æмæ фыста, зæгъгæ, нырма уал литературон курдиæттæ бацагурæм, стæй тенденцийыл, ома, чердæм цæуæм, кæй æмæ цæй фарс хæцæм, ууыл дæр дзурдзыстæм: «Ду- гъæн дугъон бæх ссарынц раздæр, тохæн — фæринк кард, арт сцы- рын кæнынæн та — зынг. Дугъон бæх хурыскæсæнырдæм дæр уайы æмæ хурныгуылæнырдæм дæр. Фæринк кард æхсæв дæр лыг кæны æмæ бон дæр, рахизмæ дæр дзæнгæл кæны æмæ галиумæ дæр... Сса- рæм уал дугъон бæх, стæй йæ уæд кæцырдæм дугъ кæнын хъæуы, ууыл бафидаудзыстæм. Ссарæм уал фæринк кард...» Цалынмæ, дам, уыдон ссарæм, уæдмæ, дам, нæй литературæмæ бауырдыггæнæн ахæм фарстытимæ: цавæр дæ, цы дæ, цавæр уд, цавæр зæрдæ дæм ис? «Фыццаджыдæр уал аивдзинад æмæ зæрдæ, стæй уæд уый фæстæ зæрдæйæн йæ уаг, зæрдæйæн йæ конд. Нигеры поэзийыл сæрысуан- гæй нæ цæст куы рахæссæм, уæд æнцонæй рахатдзыстæм: «зæрдæ» æмæ йын «аивдзинад», курдиат сты рæстдзинад, йæхи æмæ рæстæ- джы рæстдзинад. Фысс, æвдис, æргом кæн уыцы рæстдзинад, æмæ дын йæхæдæг амондзæн йæ тенденци дæр — хурыскæсæнырдæм уайа æви хурныгуылæнырдæм, рахизмæ дзæнгæл кæна æви галиумæ. Уыцы рæстдзинадæй хъуамæ гуыра-æвзæра литературæйы тенденци (идейæ, идеал, нысан. Иннæрдæм куы уа, ома, «кæцырдæм дугъ кæнын хъæуы, уый сæйраг куы уа, уæд литературæ адæймаг, цард æмæ рæстæджы рæстдзинадæй йæхи баиртасдзæн, æцæг литературæ нæ уыдзæн. Рæ- стдзинад у гуманизм, адæймагæн лæггадгæнæг, адæймаджы хъомыл- гæнæг, адæймаджы адæймаггæнæг. Рæстдзинад у дæсныйад, аивдзи- над, литературæйæ литературæгæнæг. Зæгъæн ис, литературæ айдагъ, быдитт тенденци йеддæмæ кæ- мæн ницы уыд, уыдон уыдысты ницыфенæг, ницызонæг, ницымба- рæг. Рæстдзинад ма уын, ма йæ æнкъар, ма дзы ныхс æмæ дзы ма рисс, дæхицæн æй уæнгæл хон, — ахæм «фарн» биноныг кодта æлда- риуæггæнæг идеологи канд фысджытæм нæ, фæлæ ма уæрæх дзыллæтæм дæр. Ахуыр сæ кодта, зонд сын амыдта. Æмæ йæм хъуы- стой фысджытæн дæр æмæ дзыллæтæн дæр сæ фылдæр, чи зоны, се ’ппæт дæр. Ма ма йæм хъуыстаиккой! Пастернак Барис фыста: «Не- вежда начинает с поучения и кончает кровыо». Уыцы фысджытæ æмæ дзыллæтæн се ’хсæн уæвгæйæ, Нигер йæхи хатыдта иунæг. Иунæг та се ’хсæн хъуамæ ма уыдаид. Махæн, дам, немæ чи нæ уа, уый, дам, махæй нæу. Нигер иудадзыг хæдбар уыдаид, кæнæ бын- тондæр мауал фыстаид, уый йæ бон нæ уыд, æмæ, загътон ма йæ, бар-æнæбары-иу семæ компромисс скодта, йæ цæстытæ-иу бацъынд кодта, йæ зарæг-хъарæджы хурхыл, ома йæ зæрдæйы хурхыл-иу ныллæууыд æмæ-иу дзы райхъуыст «сонт, тæлтæг хъæртæ», «былæл- 107
гъты ныхас», фæзынд-иу æм «кæнгæ æууæлтæ». Фæлæ йæ зæрдæйы хурхыл дзæвгар лæууыдаид, уый йæ бон нæ уыд, æмæ та-иу æй суæгьд скодта, уымæн æмæ зыдта, зæгъгæ, зæрдæ æмæ уд кæм нæ уа, уым поэзи нæй. Зыдта, зæгъгæ, кæд æй фысджытæй дæр æмæ дзыллæтæй дæр ничи бамбара, уæддæр сын хъуамæ се ’нæрæстдзи- нады ныхмæ æрæвæра рæстдзинад. Зыдта, зæгъгæ, абоны тыххæй рæстдзинад чи зæгъа, уый абон кæд нымад нæу, уæддæр у «уацхæс- сæг æрцæуинаг дугæй» Æмæ-иу кæд сси цагъайраг фысджытæ æмæ цагъайраг дзыллæты хуызæн, æмæ-иу фыста мæнг уацмыстæ æмæ мæнг уацтæ, уæддæр, йæхи загъдау, цагъайраг нæ уыд, нæ хаста къæлæт (æлдариуæггæнæг хицауад æмæ идеологийы къæлæт). Арæх дзырдтой, зæгъгæ, Нигер у патриархалон, фæстæзад хохаг зæхкусджыты поэт, ома ныллæг, ницæййаг, æгуыдзæг. Афтæ дзурджытæ хъуамæ зыдтаиккой, зæгъгæ, ирон адæм бындуронæй уыдысты зæхкусæг адæм, ирон æвзаг, ирон хæрзæгъдауон æмæ мо- нон хæзнатæ æмæ традицитæ сфæлдисæг æмæ æвæрæг-хъахъхъæ- нæг, литературон æмæ аивадон курдиæттæ арæг-дæттæг. Стæй Ни- гер кæддæриддæр дзырдта Ирыстоны тыххæй, Нигер у Ирыстоны иууыл бæрзонддæр уæздæттæй иу, Ирыстоны национ поэт. НЫХМÆВÆРД УДЫХЪÆД Цин æмæ маст, æууæнк æмæ æнæууæнк, ныфсхаст æмæ ныфс- саст, зæрдæрард æмæ зæрдæмард, рухс æмæ тар, уæнгрог æмæ уæнг- уагъд, змæлд æмæ æнæзмæлд — иуæй дзы иннæмæ рахиз-бахиз, ра- хау-бахау характерон уыд бирæ ирон поэттæн, фæлæ се ’ппæтæй тынгдæр Нигерæн. Уыцы удыхъæд мысæггаг нæу, ис ын реалон бын- дур, йæхи мидæг хæссы æмæ æвдисы революцийы заманы ирон адæ- мы цард æмæ зондахасты ныхмæвæрд æцæгдзинад. Уыцы удыхъæды бæрджытæ йæм фæзындысты æмæ цасдæр сфи- дар сты революцийы агъоммæ. Цард у гæвзыкк, мæгуыр, фидиссаг. Афтæ адæм дæр: «Æнæнамыс, Гуылæвзæгтæ, Æнкъард, фæлмæст — Сывæллæттæ» («Мæ ном», 1914;. Фæлæ сæ уарзы бирæ, йæхи сын кæны нывонд. Æнæ уыдон Нигер нæй æмæ нæдæр уыдзæн. Нæ ли- дзы «сæ додойаг цардæй», æцæг, хатт сæ зын мæ сæ тухийæ йæ хъуырмæ куы свæййы, уæд, фæхауид искуыдæм, фæтæхид арвмæ, фæлæ та йæм æрыздæхы фæстæмæ. Цæмæн у адæмы цард æвзæр? Знаг сæ «æргæвды йæ кардæй». Знаг, ома алыхуызон æлдæрттæ — «æрцæуæг хæддзуйæ» æмæ се ’мдзæхдон, сæ хъузон бынæттон хицæуттæ. Уыдон сæвæрдтой адæ- мыл «цагъайраджы æфсондз» — социалон æмæ национ æфсондз. Цы амал æмæ йæм цы мадзал ис знагæй фервæзынæн? Кувы Уацилламæ, цæмæй сæ хорæй бафсада («Фыццаг хуымы бон», 1914). Кувы Уастырджимæ, цæмæй сын арфæ ракæна, хæхтыл хур ракæса («Æз уарзын нæ Иры», 1915). Æлгъиты, империалистон хæстмæ сæ чи тæры, афтæ йæм чи бадзырдта: «Рабыр, æнæмыггаг, Цагъайраг бæстаг» («Хæсты быдыры», 1916), сæ цард сын чи халы, уыдон. Æмæ канд кувгæ æмæ æлгъитгæ нæ. Зоны, зæгъгæ, ирон адæм «агу- 108
рынц рагæй фыййау» (Къостайы традицимæ гæсгæ), æмæ йæм сиды: «Уæ, исчи, кæм дæ ’мæ цы фæдæ?!» («Æз хъусын нæ Иры сагъæс- тæ», 1916), «Исчи, цы фæдæ, кæм дæ?!» («Фæндаггонмæ», 1916). Сиды адæммæ дæр, уайдзæф кæны фæсивæдæн, йæхицæн хъарм ахстон бийæг дзылыйы хуызæн дæр кæй нæу, уый тыххæй: «Де ’гæр калай, о фæсивæд, Уый куыннæ фæзмыс! Чи дын бакæндзæн тæ- ригъæд? Тарф цæмæн хуыссыс?» («Дзылы», 1916), «Цы кæнын мæ цардæй?» — йæхи бафæрсы æмæ дзуапп радты: хъуамæ искуы æнцад ма бада, цæуа æмæ тындза йæ райгуырæн къуыммæ: «Нæ бæстæм»!.. Ызнагæн йæ ныхмæ Æрлæууæм тымбыл дур, лæдзæгæй. Нæ мастæй æфтауæм нæ тыхмæ, Æйттæ, тохмæ, фæсивæд, хъæлдзæгæй!» Фæлæ йын уыдон — йæ куывдтытæ, йе ’лгъыстытæ, йæ уайдзæфтæ, йæ сидтытæ — сты «сæнттæ»: «Фыдæнæн уæд райсын мæ фæндыр. Куы — худгæ, куы — хъазгæ, куы — заргæ, Фылдæр хатт та бирæ нæ цæн- дыл Фæкæуын мæхиуыл дзыназгæ («Фæлидзон, — мæхицæн фæ- зæгъын», 1915 ). Гъе, уый у йæ лæвар Ирыстонæн. Æндæр ын йæ бон ницы у. Ницы у адæмы цард дæр, йæхи цард дæр. Адæмы цард Нигер æвæры æрдзы царды ныхмæ. Уым, æрдзы, алцыдæр — «æлдар», алцыдæр — хъæлдзæг, арвыл ис «рухс цард, сæрибардзинад», ам та, адæммæ, алкæм дæр — хъарæг, дзынæзт, хъæрзт. Уымæ гæсгæ тæхуды кæны æрдзмæ, уæлдайдæр дымгæмæ, мæргътæм æмæ а.д. («Тæхуды», 1917). Уымæ гæсгæ адæмы цард ивы æрмæст афæдзы афонтæй, номхуындæй йæ хъарм афонтæй; уал- дзæг у «мæгуыры рæвдауæг», уалдзæг ын æрхæссы зæрдæрухс («Уал- дзæг», 1916). Февралы революци куы ралæууыд, уæд Нигер карзæй фæсидти «æлгъыстдзыд хæххонмæ», зæгъгæ, цы хуыссыс, фæзын-ма æмæ æлдарæн ныккæнæм тæрхон, фæсидт Ирыстоны фæсивæдмæ: «Кæм ыстут, лæппутæ, Æрцыди нæ дуг! Æйтт, размæ! Ныккалæм Æлдарæн йæ туг!» («Размæ», 1917). Фæлæ уыцы бæрзонд пафосæй уайтагъд рахызт мæрдон дзынæзтмæ, адæмы æвадат, тæригьæддаг царды нывтæ хал кæнынмæ, хæхты низ, фыд æмæ æрхæндæг æвдисынмæ. Ныр- мæйау ын цард у æвзæр, цин ын хæссы уалдзæг, бæллы искуыдæм, арæхдæр ингæнмæ, йæ «цыбыр цард» ыл ныддаргъ, йæхи нывонд кæны Ирыстонæн, сиды исчимæ — фæтæгмæ (ныр — Хетæгкаты Къо- стамæ), тæхуды кæны мæргъты цардмæ, бæлвырд кæны æрдзы æппæт- хъом æмæ адæймаджы æдыхдзинад, ферттивы йæм рухсы тдъыртт, дзуры, зæгъгæ, хохаг нал у рæстæгæй рохаг («Уазал у фæззæг нæ хæхты», 1918) æмæ а.д.) Советон хицауад Ирыстоны куы фæуæлахиз, уæд цыма Нигер цæхгæр арæн æрæвæрдта ивгъуыд æмæ абоны æхсæн; «Кæмттæн сæ нарджытæй нал хъуысынц хъарджытæ, Нал кæуы сидзæр сыдæй. Мæгуыры къæхты бын ниуынц йæ марджытæ, Фидынц сæ бонтæ фыдæй» («Цæр», 1920). Æнхъæлдæн уыд, зæгъгæ, ацы æмдзæвгæйы фæстæ Нигер йæ удыхъæд аивдзæн, фæлæ нæ, — зæгъæн ис, афтæ- мæй йын баззад суанг кæронмæ, йæ хъарæг не сси зарæг'(«Иуæй иннæ бон уырыддæр», 1938). Ай-гъай, хохаг ирон хъæу, ома Ирыстон, рæстæгæй нæ уыд ро- 109
хаг, рохаг дзы нæ уыд Нигер йæхæдæг дæр. Уый сидти тохмæ, сидти цагъайраджы æфсондз раппарынмæ, фæлæ йын цард револю- цийы фæстæ хуыздæр нæ фæци. Цард ын нæ ивта, æмæ нæ ивта йæхæдæг дæр. Нигер зæронд Ирыстон идеализаци нæ кодта, йæ мæгуыр æмæ йын йæ тыхст иугæндзон уыдта æмæ йыл куыдта, Иуæй, йæ раи- вынмæ бæллыд, иннæмæй — йæ раивынæй тарст, ома, куы раива, уæд куы фесæфа, Ирыстон Ирыстон куы нæуал уа, йæхи æмæ йæ поэты фæндиаг куы нæ рауайа йæ хъысмæт. Нигер зæронд Ирыстонæй йæхи нæ хицæн кодта, зæронд Ирыстон ын уыд йæ иунæг æмæ йæ судзгæ катай-уарзт, йемæ йын баста йæ цард æмæ йæ мæлæт дæр. Уыцы хуызы йæ идеализаци дæр кодта. Цахæм нæрæмон хъаруйæ цæуы йæ ардбахæрд: «Куыд æз нæ бæстæй, нæ адæмы барæй Никуы ацæудзы- нæн дард бæстæм, ууыл, Амæлын дæр мæ кæй фæнды сæ риуыл... Бауарзтон рагæй нæ сæнары фæздæг, Бауарзтон рагæй нæ уазал цъæх фæззæг. Бауарзтон Къасарагомы цæуджыты, Бауарзтон ноджы нæ хæлд æрчъиджынты... Курын мæхицæн æз иннæ хæрзтимæ Иу ингæн мæгуыр къоборгалджынтимæ!» («Ард дын хæрын», 1918). Нигерæн уарзон æмæ æхцон сты хохаг куыстытæ, хохаг тыллæг: «Картофтæ — хъентæ ’мæ ментæ, Мæнæу — зæбултæ ’мæ къултæ. Хъæдур — дзæу-дзæуы пуцæлттæ, Цывзы — сырх-сырхид дзæкъултæ» («Дауджытæ ралæвар кодтой», 1920). Уæлвонг, поэтикон у хохаг хуым- гæнæг «Фидар, арæхст къухтæй, Фатæхсты хуызæн, Асадздзынæн хуымы Не згæхæрд æфсæн», дзагармæй байтаудзæн тауинаг, фæззæ- джы æркæрддзæн сырх кæрвæдз, зымæджы æфсæст уыдзысты йæ гажæ, бинонтæн æнæвгъау уыдзæн хæрд æмæ нозт: «Сидздзыстæм фæйнæр- дæм. Гъæйдæ-гъа, дзæбæх, О, фæуон уæ фæхъхъау, Галтæ, дзыбыр, зæхх!» («Хуымгæнæг», 1922). Цахæм сæрыстыр, æхсарджын, ныфс- хаст интонацийæ дзуры хохаг куыстыты тыххæй! Сонты бонты дæр хъалты нæ фæзмыдта, цыд уæлыгæс, радфыййау, уый фæстæ срæвдз кодта схъæл цæвæг, фæтæнтæ даста, «Сау хъила уæнгуытæ — цыку- райы фæрдгуытæй» базмæнты саумæр, байтауы тауинаг, æмæ фæз- зæджы йæ мусы фены йæ бæркад. Нигеры фæнды, зæгъгæ, ахæм куы уаид йæ поэзи дæр, уæд бафидид йæ хæс: «Байгæрдин кæритæ, Ду- нейы хæлдриутæ Айрох кæниккой сæ рыст» («Фæллойгæнæг»,1922), Хохаг йæхицæн кусгæйæ, хъалтæ-цæлуарзджыты ныхмæ йæ хæрзæгъ- дау æвæргæйæ, йæ тых æмæ йæ арæхстæй хъазгæйæ, бæрзонд хæхты у бæрзонд адæймаг. Фæстæдæр, 30-æм азты, колхæдзон зиууон куыст æвдисгæйæ, Нигермæ нæ уынæм ахæм «схъæлдзæуæг» уæлтæмæн- разæнгард, парахат зæрдæрард æмæ зæрдæскъæф æнкъарæн. Зæронд Ирыстон хæлы, Нигер дзы адард, 30-æм азты райда- йæнмæ се ’хсæн «февзæрд егъау айнæг хох» йæ райгуырæн хæдзар аззад фале, «æцæгæлон цæстæй» кæсынц кæрæдзимæ, поэт ын хæрз- бон зæгъы, царды фæйлауæн æй иннæрдæм айста (йæхæдæг æй йæхи фæндæй нæ ныууагъта), Фæлæ дзы уæддæр зæрдæйæ не схицæн, нæдæр дзы схицæн уыдзæн. Хæдзары уынд æмæ йæ афыст æвзæрын кæнынц тæригъæд: «Ныссау ис дæ къона, дæ рæхыс дæр царæй Къæдзтæ-мæдзтæй артмæ нæ тавы йæхи. Нæ сæнары мæсыг ныф- 110
фæлдæхт бындзарæй, Дæ уæлхæдзар нал ис бæрзæй быд мæхъи». Æмæ дарддæр: «Нымæт, о цъæх нымæт, куыд-иу уыдтæ кадджын! Гыцци дæ сырх зæлдаг йæ фыртæн хуыдта. Мæхæдæг дæр абон æрвитын мæ арфæ Зæрдæйæ, цъæх нымæт, зæрдæйæ дæуæн!» Хæлы, мæлы зæронд Ирыстон æмæ йын йæ мæлæтимæ Нигер æмафойнаг кæны йæхи мæлæт дæр. Йæ фыдæлты хæдзарæн йæ ракаст ныр- мæйау куыд нал у, афтæ йæ ракаст нырмæйау нал у Нигерæн дæр: «Мæ цæсгом нынцъылдтæ, ныггæмæх мæ сæр», æрцыд æм бæлвырд фæндимæ: «Мæ райгуырæн ыскъæт, уыдтæ мын æвгъæдгæс, — Сын- тæн та мын рафтау нæ тарваз ныр дæр!» Фæлæ зæронд Ирыстон нырмайау кæй нал у, ингæнау ыл йæ цардæй уазал кæй æмбæлы, кæй нал цæрдзæн, уымæ гæсгæ йын Нигер хъуамæ бафида йæ фæс- таг хæс: «Зæронд нымд Ирæй» хъуамæ алцы дæр æвдисæнæн æрхæсса музе^ймæ, марды стæгдарау. Йæ фыдæлты хæдзарæн рæхджы ныттондзæн йæ цар. Сæ хъæу хъуамæ федзæрæг уа, Царды цы фæнды, уый кæнынц поэт дæр æмæ йæ хæдзар дæр: «Мах царды хæс не ’ккой, нæ риуты хæссæм!» Поэт аздæхдзæн, кæцæй æрцыд, уырдæм, йæ фыд сæ хъæуимæ фесæф- дзæн æд фос. Поэт ма, чи зоны искуы æрæфта сæ хъæумæ — йæ систы хæлдтытыл фæбадынмæ, цæмæй йын «куырм уыг» бæстон фæкæна сæ хъæуы хабæрттæ — музейы æвæрынмæ поэт кæй хъуамæ ахæсса, уыдон («Фæстаг хъæбыс», 1932). Незаманæй фæстæмæ Ирыстонæй Ирыстон чи кодта, уыцы цар- дыуаг, æгъдау, æвзаг, истори, культурæ æмæ æндæртæн кæд Ирыс- тоны абон æмæ фидæнимæ ницы бастдзинад ис, кæд музейы æвæри- наг хъуамæ фæуой, уæд Ирыстон, ай-гъай, Ирыстон нал уыдзæн. Фæстæдæр 1939 азы, Нигер поэмæ «Терчы цур»-ы радзурдзæн, зæгъгæ, йæ хохæгтæ, йæ митдзæгъдтæ ралыгъдысты Къардиуы хъæу- мæ, колхæдз сарæзтой, ис сын алцыдæр фаг, сæ цардæй сты буц æмæ райгонд. Æмæ та, ног цард æвдисгæйæ, Нигермæ нæ уынæм, æмдзæвгæ «Фæстаг хъæбыс»-ы чи ис, уыцы зæрдæлвас, зæрдæмæ- хъаргæ æнкъарæн. ХЪÆУÆМÆСАХАР Зæронд Ирыстоныл тайгæ æмæ руайгæйæ, Нигер хъæу æвæры сахары ныхмæ. Чи зоны, йæ райгуырæн хæдзаримæ «æцæгæлон цæстæй» кæй кæсынц кæрæдзимæ, уым дæр зыны уыцы ныхмæ- вæрд: поэт сахарæй æрцыд йæ хъæумæ. Æцæгæлон æм сты кæрæ- дзийæн хъæу æмæ сахар. Поэт цалынмæ хæхты царди æмæ хæхтыл зарыд, уæдмæ йын йæ зарæгмæ хъуыстой арв æмæ мигътæ, æрдзон зарæг алкæйдæр дисы æфтыдта. Уый фæстæ хæхтæ куы ныууагъта, кæмтты куы ’рцард (чи зоны, сахары дæр), уæд цъæхснагдæр, хæрзаивдæр фæци йæ хъæ- лæс, фæлæ дзы адæм фæлыгъдысты дард, йæ зарæг ын схуыдтой æвæрæз, хæхты равзæргæ зарæджы хуызæн кæй нæ уыд, уый тыххæй. Фæстæмæ та фæлыгъди хæхтæм æмæ та йæ гаччы сбадт («Уый царди уæлхохы», 1922). 111
Сахары рухс уынгтæм хъæлдзæгæй рацыдысты адæм, буц чызг æмæ хъал лæппу смудынц малусæгмæ. Сахар нæу поэты «гуырæн зæххы» хуызæн, се ’хсæн — цæхгæр контраст: уым, хъæуы, афонмæ уары мит, уазалæй ризынц бирæтæ, хор сæм нал ис æмæ хæрынц «уизза, салд хуычъы», «хуыскъæл, пысыра» («Аскъуый, атъæпп у», 1922). Хохаг лæгæн чидæр аргæвста æмæ бахордта йæ гал, хъæстмæ æрцыд сахармæ. Ам ыл куы иу поэт сæмбæлы, куы иннæ, æмæ йын алкæимæ дæр бар-æнæбары рауайы хыл, загъд, цыма æмдзырд ба- кодтой, уыйау æм дзы иу дæр адæймагау нæ ракаст, нæ йæм бай- хъуыста, хъасты гæххæтт ын нæ ныффыста. Хохаг лæг йæ бон 6а- зыдта æмæ фæстæмæ хохмæ афардæг («Хохаг лæг сахары, кæнæ «Æз поэт дæн!», 1920). Сахайраг поэттæ, пролетарон поэттæ æмæ хохаг лæгæн сæ кæрæдзи бамбарын сæ бон нæу, се ’хсæн ис гæрæн, сты кæрæдзийæн æцæгæлон, æмткæй хъæу æмæ сахарау. Поэзийы хорз нæй сахары мидæг, — поэзийы хорз цæуы хъæуæй. Сахайраг, пролетарон поэттæ иппæрд сты адæм æмæ царды рæстдзинадæй, æмæ уымæ гæсгæ сæ поэзи поэзи нæу. Фæстæдæр, 30-æм азты, Нигер радзурдзæн, зæгъгæ, æнтъыснæг уыд бæстæ, фыййау æфхæрд æмæ æнкъардæй æмпъызта йе ’рчъи, фæлæ иу афон ныннæрыд арв, цæгатæй æрцыд уац, зæгъгæ, æндæр у абон фыййауы цард. Цæгатаг кусæг ныссаста рæхыс, «фæмард и тохы сæ хицау мигътæн» æмæ йын йæ бандон æрцахста кусæг. Фыййау æм ацыд, йæ фарсмæ æмвынг æрбадт, æмæ хурæн йæ рохтæ иумæ райстой («Уыди бон асæст», 1935). Афтæ йæм кæсы, цыма, баиу сты хъæу æмæ сахар. Фыййауæн, цыма, сæрибар радта цæгатаг кусæг æ^æ дзы цæдисæмбал скодта. Нигер, æлдариуæггæнæг идеологийæн ком дæтгæйæ æмæ йын йæ уагæвæрд-догмæ иллюстраци кæнгæйæ, ныффыста æнæуд схемæ-æмдзæвгæ. Арæх-иу бар-æнæбары сси, кæ- уыл худт æмæ адæмы цæсты кæй æфтыдта, уыцы сахайраг, пролета- рон поэтты хуызæн. Зæронд ирон хъæу Нигер канд сахары ныхмæ не ’вæрдта, — æвæрдта йæ, цыдæриддæр æмæ чидæриддæр Ирыстонæн æдде ис, уыдон ныхмæ. Искуыдæм, æндæр адæмты æхсæнмæ-иу куы афтыд, уæд-иу æм уырдыгæй тындзыдта. Фæдзæхста, йæ цардвæндаг кæм- дæр куы фæуа, уæд ын йе стджытæ фæласой хохмæ, сæ хъæумæ («Фæдзæхст», 1917). Афтæ йын кæй уыд æмæ афтæ кæй æмбæрста йæ райгуырæн бæстæ, уый йын цырын кодта йæ национ æнкъарæн, йæ национ хицæндзинад æмæ сæрмагоиддзинады æнкъарæн, ома, Ирыстоны хæдхуыз, хæдбындур цардыуаг куы фехæла, уæд фехæл- дзæн йæ ирондзинад дæр, зæронд Ирыстон куы фесæфа, уæд фесæф- дзæн йæ национ «æз» дæр. Уыцы бастдзинад разынд æндæр ирон поэттæм дæр, зæгъæм, Фæрнион Къостамæ, Мæскуымæ куы афтыд, уæд: «Уынджы нæ фен- дзынæ барджытæ. Иу сæ нæ дары нымæт», сæхи хуызæн кæнынц поэты дæр: «Цæй-ма, цы зæгъæм нæ фыдгултæн? Абон мын ласынц, мæ кæрц». Зæронд Ирыстон цы æмæ чи ивы, уыдон ын сты «фыд- гултæ», уыдон ын марынц йæ абоы æмæ йæ фидæн, уымæн æмæ йæ 112
национ хуыз куынæуал уа, уæд нал уыдзæн йæ национ мидис дæр, уæд йæ «зæрдæ ныйих уыдзæн», уæд фесæфдзæн, уæд йæхæдæг дæр ницы уыдзæн æмæ йæ зарæг дæр: «Цæй-ма, кæмæн кæнон зарджытæ? Чи мын æмбардзæн мæ мæт?» («Æнуд цъæхахст», 1929). Ирыстонæн йæ национ хуыз æмæ йæ национ мидис куынæуал уой, уæд нал уыдзысты æмткæй ирон адæм, нал уыдзæн Ирыстон. Уымæ гæсгæ Ирыстон бирæ чи уарзы, æнæ ирон адæм йæ цард цардыл чи нæ нымайы, уыдонæн ма цы баззад хъарæг, цъæхахст æмæ æрдиаг йеддæмæ?! Мидхæсты азты, Ирыстонæн æдде уæвгæйæ, Нигер сомы кодта, зæгъгæ, нæдæр йæ хъалæй, нæдæр йæ мастæй, нæдæр йæ бонджын- тæй йæхи нæ аласдзæн искуыдæм, нæ бауарздзæн «искæй бæстæ, кæнæ амонд» («Сомы», 1919). Нигермæ гæсгæ, иннæ адæмтæй алчи- дæр кæны йæхи мæт, исы йæхи сæрибар, уыдон хорзæй ницы фæ- уыдзысты Ирыстонæн æмæ йын сæ ницы пайда ис. Уымæ гæсгæ Нигер сидти ирон адæмæн сæхимæ, сидти Хетæгкаты Къостамæ: «Сыст-ма, нæ фæтæг, дæ сау ныккæндæй, Бахъуыди та нæ дæ сæр мах ныр тынг». Сидти йæм, цæмæй нæм æрхона «рагон амонд»: «Раджы, дам, дуне нæ номæй рызти, Хастам бæрзæндты нæ сæр. Адæмты астæу нæ ном, дам, уыди, Хъуысти хæрз дардыл нæ хъæр». Ныр Ирыстонæн йæ арæнтæ сты къуындæг, ныр æнæ Къоста сæ- фæм, хъуамæ нæм æрцæуа æмæ нын зæгъа: «Уарзут кæрæдзи, мæ Иры зæнæг!» æмæ нæхæдæг нæхицæн скæнæм сæрфат («Къостайы коймæ», 1919). Ирыстоны «тæрхоны лæгтæ» Нигерæн не сты ирæттæ, уымæ гæсгæ кæд алчидæр йæ сæрибар исы, уæд махæн та «нæ хæлы нæ цагъайраг дуг». Цæмæй афтæ ма уа, уый тыххæй: «Раздзу нæхи- цæй, нæхицæй ыссарæм, Барæй хæддзумæ æгъгъæд дæтт дæ бар... Тохы рухс зарæг иронау ныззарæм... Уастырджи — не ’мбал. Цом размæ, æмгар!» («Додой», 1919). Уыцы «размæ»-йæ Нигер сидти цагъайраг дуг халынмæ, цагъай- раг Ирыстон æмæ цагъайраг ирон адæмы социалон æмæ национ сæрибармæ. Уыцы «размæ» уыд æцæг «размæ». Фæлæ ма Нигермæ фæстæдæр фæзынд æндæр «размæ» дæр. РАЗМÆ? - КÆДÆМ? 20-æм азты кæрон æмæ 30-æм азты райдайæн, йæ цардон æмæ йæ поэтикон концепци бæлвырд кæнгæйæ, Нигер иу афон фырадæр- гæй ма цы фæуыдаид, уымæн куы ницыуал зыдта, уæд ралыгъд æмæ, иу рындзæй иннæмæ арæзт чи у, уыцы хидыл, йæ «фæлварæн хи- дыл» бауад æмæ йæ астæу фæкалд. Кæсы фæстæмæ: мигътæ лæбу- рынц агъуыд куыйтау, бæстæ — æмдалынг, сæнтсау ингæн. Уырдæм здæхæн нал ис, — барæй чи здæхы зындонмæ! Кæсы фæйнæрдæм, размæ: «Бирæгъты балау — фæйнæрдыгæй мигътæ, Сау-сауид мигътæ ызгъорынц дзыгуыртæй». Разæй дæр йæ сæр нæ ары йæхицæн фæ- цæвæн. Йæ уавæр у, цы дыууæ дзæбидыры кой ракодта, уыдон хуы- зæн: иу дзы — æнкъард, æрхæндæг, иынæ — йæ сытæй хуримæ хъа- зæг, гуырæлвæст, гуырвидауц, хъару æмæ рæсугъд сæнттæй дзаг. 8 Дзуццаты Хадзы-Мурат 113
Гæрах фæцыд — æнкъард дзæбидыр фæмард, иннæ дзæбидыр ра- лыгъд, ратахт, рындзæй йæхи ныззыввытт ласта æмæ комы ныххæр- рæгъ. Чи зоны, дзæбидырты фæлгонцæн йæ мидис, æз æй куыд æмба- рын, афтæ нæу, фæлæ дыууæ дзæбидыры дæр ссардтой сæ мæлæт: иу дзы ерæдзыппы гæрахæй (æлдариуæггæнæг идеологийы азарæй цал æмæ цал адæймаджы фæмард!), иннæ та — йæхи барвæндæй. Нигер дзы, цыма, равзæрста нæдæр сæ иуы хъысмæт, нæдæр се ’ннæйы хъысмæт. Нигер равзæрста доны хъысмæт. Цы хуызæн у дон? «Размæ куы скодта йæ фæндаг æдыхстæй. Катай нæ кæны, фæйнæрдæм нæ кæсы, Раджы дзы айрох, кæм фе- гуырд, кæм бæсты. Райгуырæн хохмæ нæ кæсы фæстæмæ, йе зноны бонтæ фæтар ысты цæстæй. Размæ — йæ цæстæнгас, размæ — йæ тындзыд, Арф-арфид фурдмæ — ныр уымæн йæ арæзт, Арф-арфид денджыз — ныр уымæн йæ фысым». Æмæ Нигер дæр размæ скодта йæ цæстæнгас, рухсы хал йæ цæстыты смидæг, йæ зæрдæйы аны- хæст, йæ зæрдæ фæцырд, йæ буар фæхъандзал: «Æйтт, уæдæ, размæ, размæ ’мæ размæ! («Хидыл», 1930). Фæлæ донæн цы у фурд (кæнæ денджыз)? Уымæн Нигер æндæр ран дзуапп радта йæхæдæг: «Кæннод та сау хæхтæй фæхъуыд, Æмæ быдыры лæгъзмæ цыд, Гъе дардмæ, фурдмæ уыд йæ каст, Цæмæй йын радзура йæ маст. Мæгуыр, цæмæй зыдтаид, цæ, Кæй нæ фæ- уыдзæни хæццæ Уый фурдмæ; кæннæуæд, уæддæр, Уым фурды, ахæмтæй фылдæр Цы фесæфы, æнæ кой, хъæр» («Замирæ», 1928). Афтæмæй, фурдмæ (кæнæ денджызмæ) цæуæг доны хъысмæт рав- заргæйæ, Нигер уæддæр цыд фервæзынмæ нæ, фæлæ мæлæтмæ. Нигер хъуамæ йæхиуыл йæ къух систаид, йæхи рацарæзтаид, æлдариуæггæнæг идеологи, ленинон-сталинон ахуырадмæ гæсгæ, бар- æнæбары Ирыстон æмæ йæхи рæстдзинадæй схицæн уыдаид æмæ цыдаид утопион коммунизммæ, утопион фидæнмæ. Нырмæ йын йæ дзыхыл хæцыд истори, ссæста йæ бынмæ, æрцыд ыл цъыф къæхтæй, уымæн æмæ раджы кæддæр адæмæн сæ иутæ систы «ир», иннæтæ — «цæцæн, мæхъæл, кæсæг, уырыс», фæхицæн ирон æвзаг, æмæ кæд Нигер стыр поэт уыд, уæддæр йæ дзырд нæ хъуысти дардмæ, нæ цыд Ирыстонæй дарддæр. Фæлæ ныр дуг аивта, «истори кусæг у ныр Ирæн», йæ амонд ссардзæн, æмæ Нигер дзуры байзæддагмæ: «У фадат — аразæг. Мæнæн нæ айхъуыст дард мæ хъæр. Мæ фадат бар нæ радта. Нæй гæнæн! Сымахæн у, уыдзæн уæ дуг æндæр. Фæллой- гæнæг дзыллæ æппæт уыдзысты, зонын æз, æмæвзаг сом... Мæ ны- хæстæ-иу сын фæкæнут уæд. Уыдзынæн семæ зондæй... Зæгъут-иу сын мæ ном» («У фадат — аразæг», 1934). Хъуамæ, дам, хицæн нацитæ æддæг-мидæг ауайой, æмхæццæ, æмтад бауой, æмæ дзурой иу цахæмдæр, ног æвзагæй. Уымæ гæсгæ, дам, æппæт дæттæ дæр хъуамæ цæуой, тындзой, кæлой иу фурдмæ (кæнæ денджызмæ). Фæстæмæ дæр, фæрсмæ дæр ма кæсой, сæ равзарæн, сæ гуырæн ферох кæной, катай æмæ сæм сагъæс ма уа. Ахæм, дам, хъуамæ уа ног Ирыстон, ахæм, дам, хъуамæ уа йæ поэт. Æмæ йыл Нигер дзуры хъæрæй: «Нæ дæн, нæ дæн, зæронд Ир, æз дæ зарæг: Фæстæмæ æз 114
мæ фыны дæр нæ бырын. Кæд хаттæй-хатт ды фехъусыс мæ хъарæг, Уæд-иу уый зон — æндæр мардыл фæкæуын. Æндæр вæййы мæ низ, фæлæ дын æй нæ зæгъын... Фæзынут, цæй, кæмæн у размæ Йæ цæстæнгас, йæ каст! Цæуын уæ разæй æз. Ныхасмæ Æз нал хæссын мæ хъаст... Æрцу, о цæуæг Ир! Уæрæх — мæнæн мæ риу, парахат риуы зæрдæ. Æрцу æмæ йæ цъир! Æрцу æмæ йæ цъир — Æз бай- тыгътон мæ тæрттæ!» («Нæ тæрсын æз», 1934). Цæмæ кодта ахæм концепци — практиконæй, поэтиконæй, сфæл- дыстадонæй? Нигерæн, бирæ æндæр поэттау, ног цард алцæмæй дæр хицæн кодта зæронд цардæй. Ног цард алцæмæй дæр — хорз, зæронд цард та алцæмæй дæр — æвзæр. Уымæ гæсгæ зæронд цардæн æмбæлон у æрмæст хъарæг, æрхæндæг хъарæг, масты хъарæг, ног цардæн та — æрмæст зарæг, цины зарæг, хъæлдзæг зарæг. Æгæрыстæмæй ног цардараз лæджы мардыл дæр кæугæ хъуамæ ма кæнай: «Хæрзбон у, мæ бæстаг, Хæрзбон у, хæрзбон! Цæстысыг нæ хауы мæ цæстæй!» («Сынтыуæлхъус», 1930). Зæронд у тар, ног та — рухс. Зæронд æмæ ног ам кæрæдзийы ныхмæ нæ тох кæнынц — царды мидæг дæр æмæ адæймаджы мидæг дæр, фæлæ дзы сæ иу ис ивгъуыдимæ, иннæ та — абонимæ. Алчи дæр дзы йæхи бынаты лæууы хæдбарæй, иу дзы кæсы иннæмæ, æмæ дзы иу дæр æмæ иннæ дæр æвдисынц сæ цæхгæр хицæндзинад. Цыма зæронд дуг куы фæци, уæд диалектикæ дзыхълæуд ныккодта, зæронд дугимæ амард! Афтæмæй ног цард æмæ ног литературæ сты æрмæст цин æмæ зарæг, сты æнæконфликтондзинад. Афтæ йæм у, йæ хъæу ын йæ ивгъуыд æмæ йæ абоны царды тыххæй куы дзуры, уæд: раздæр — «Æфхæрд адæм, Цагъайраг цард, Æрхæндæг фыд, Куырм мæллæг мад, Фæлурс рыгъд хо, Былбаст тарст чындз, фæлахс хуымтæ, Æд кука сындз», ныр та — «Æркасти нæм Сыгъзæрин хур... Хъус, зарынц нæм Нæ сæууон дон. Нæ фахсы хъæд. Нæ райгæ бон», фыд æмæ мадæн «Сæ зæронд уæхск Ныр нал домы Тымбылбыд тæскъ. Бабайы фырт, Нанайы чызг куыд амайынц Сæ цард-мæсыг» («Ноджы райгуырæн бæсты», 1930). Афтæ йæм у, фыййау йæ гуымыдзайæн куы зары, уæд: раздæр — æххуырстæй хатти бæгънæг, бæгъæввадæй, фæрныг ын йæ туг цъырд- та, ныр та — йæ гуымыдза раздзæуæг у «иумæйаг фосы дзугæн», фыййау йæхæдæг кæны бухъ цард («Фыййауы зарæг», 1930). Афтæ йæм у, Кавказы хæхты цоты номæй куы дзуры, уæд: нæ ныккæнды дуар ныссастам, фыдæлты къона фехæлдтам, нæ рæхыс раппæрстам, зæронд дунейыл бафтыдтам сырх арт, æмæ: «Кæм кал- дтой ир, гуырдзы сæ тугтæ, Кæм кодтой кæсæг, хъулгъа тох, — Уым хизы колхæдз ныр йæ дзугтæ, æнусон изгард аци рох» («Прометейы сынтæг», 1930). Афтæ йæм у, Ессæ йын йæ ивгъуыд æмæ йæ абоны хабæрттæ куы нывæнды, уæд: раздæр — Ирыстон æмæ Хъулгъа уыдысты кард æмæ фыд, ныр та — хæлæрттæ, æрдхæрдтæ («Ессæ», 1931). Афтæ йæм у, гыцци æмæ йын йæ чызджы цард ныхæй-ныхмæ куы æвæры, уæд: раздæр — «Хъарæг зарæг уыд гыццийæн, — Сæфта 115
зæрдæйæн йæ низ», ныр та — «хъарæг фемгъуыдта фæткæй», гыц- цийы чызг йæ лæджыхъæд æвзары «зарын, чиныгæй» («Гыцци», 1934). Афтæ йæм у, советон Хъуыбадыйы цардвæндаг куы афыссы, уæд: раздæр — хохаг уæззау цардæй сфæлмæцыд, быдырмæ рацыд, цагъа- рау куыста æлдæрттæн, Сыбыры шахттæ къахта, Германы хæстмæ бахауд, стæй революцийы сæрыл тох кодта, æмæ ныр та хъазуатæй кусы, йæ цот æмæ йæ усы рæвдауы, клубы бады, «кæсы газеттæ» («Æндæр Хъуыбады», 1937). Афтæ йæм у, булæмæргъ донбыл куы зары, уæд: раздæр — ам тъæнджытæ кодта уазал, бирæгъ йæ холы хордта, поэты зæронд фыд хъуынтъызæй бадти, йæ уæлæ — æмпъызтытæ кæрц, йæ къæхтыл ныссалд йе ’рчъи, ныр та — ам хъармæй бафсæст бæстæ, хур тауы йæ хæрдгæ, рын-сон дзы нал ис («Æмæ зарыд булæмæргъ нæ дон- был», 1938). Ай-гъай, цард раивта материалонæй. Адæм кусынц, ис сын хæ- дзæрттæ, ис сæм бæркад, хæрд æмæ нозт, кæсынц газеттæ æмæ чин- гуытæ. Раздæры цардимæ контраст Нигерæй цы домы, уый йын зæ- гъынц йæ митдзæгъдтæ, Къардиуы хъæумæ куы ралыгъдысты, уæд: «Ды куыдтай дæ сонтæй Махæн фаг нæ цардыл, Хохы цъассы мар- дыл Бахынцтай ды мах... Айс-ма ныр ныуазæн — Гъе, цæмæй нæ цардыл Ды ныззарай дардыл Абоны дзыхæй!» («Терчы цур», 1938 — 1939), «Абоны дзыхæй» (æлдариуæггæнæг идеологийы дзыхæй!) або- ны цардыл заргæйæ, Нигер у схематикон æмæ иллюстративон. Абон дæр ивгъуыды цардыл кæм кæуы, ома йæ кæм æвдисы, уым аивадо- нæй у тыхджындæр, уым æм уынæм зæрдæлвас æмæ зæрдæмæхъаргæ æнкъарæн (абарут поэмæтæ «Гыцци» æмæ «Терчы цуры» раздæры цард æвдисæг æмæ абоны цард æвдисæг хæйттæ). Зæронд æмæ ног царды æхсæн арæн æрæвæргæйæ, Нигерæн ног царды нæй ницахæм ныхмæвæрдтæ, ницахæм змæлд, ницахæм тох. Ис дзы æрмæст æнцад-æнцой куыст æмæ «дзаг фынгтæ», ис дзы æрмæст цин æмæ хъæлдзæг, уымæ гæсгæ — æрмæст зарæг. Гæнæн нæй, æмæ дæхи ма бафæрсай: алæ-ма, алцы дæр хорз кæм у, иунæг ныхмæвæрд, иунæг конфликт дæр кæм нæй, ахæм цард искуы уыд, искуы ис æмæ искуы уыдзæн? Æмæ дзуапп ма раттай: нæ уыд, нæй æмæ никуыдæр уыдзæн. Уæдæ уыцы цард у мæнг, мысæггаг, утопи, ахæм у, чи йыл зары, уыцы поэзи дæр. Утопион абонæн йæ сом дæр — утопион. Æгæрыстæмæй испайнаг адæм фашистон режимы ныхмæ куы сыстадысты, сæ туджы куы мæ- цынц, уæд, дам, уыдон дæр хъуамæ æрцæуой «æмæвзаг» фидæнмæ, фурдмæ (кæнæ денджызмæ): «Дымай, йе нæ дымай, Торнадо хъыхъ- хъаг, — Нæ уыдис, нæ уыдзæн фæстæмæ фæндаг Сæ уылæнтæн дæт- тæн: у фурдмæ сæ цыд, Æнæкæрон фурдмæ — сæ арæзт, сæ цыд! Уадз тугæй уа хъулон Тахо-дон бынтон, — Нæ сахордзæн фурды уый тугæй, ды зон! Фурд бирæ куы федта цæстысыгтæ, туг, Уæддæр сæ ныхсадта. Кæс-ма йæм, йæ нук Æрттивы... Уыны дзы бæрзонд арв йæ хуыз... Нæ кодта, нæ кæны уæрæх фурд хъуынтъыз!» («Кончитæ Мало», 1937). 116
Канд Ирыстоны нæ, — æгас дунейыл дæр дæттæ нал уыдзæн (нал уыдзæн Ирыстон, Испан æмæ а.д.), дуне суыдзæн иу æнæкæрон фурд (кæнæ денджыз), æмæ нæ кæндзæн «хъуыитъыз», алкæддæр уыдзæн æнæхъыг æмæ æнæмаст, ирд æмæ райдзаст. Ау, адæймаг дзы мæлгæ дæр нал кæндзæн? Æви Ирыстон æмæ æндæр бæстæтæ кæм амæлой, уым уыдзæн æрмæст æнæмæлæт?! Ай-гъай, ахæм утопион концепци уыд Ирыстон æмæ Нигеры рæ- стдзинады ныхмæ, æмæ йын уымæ гæсгæ не сси, гæыæн нæ уыд, æмæ йын суыдаид концепци. Уыцы утопикон концепцийæ бирæ раз- дæр, стæй йын йæ фарсмæ æмæ йе ’мрæстæг дæр Нигер бæлвырд æмæ фидар кодта æндæр концепци — реалон концепци. ЧАЙЛЬД-ГАРОЛЬДЫ ПÆЛÆЗ Кæд æлдариуæггæнæг идеологиимæ компромисстæ кодта, уæддæр Нигер раздæрау хъæрзыдта, куыдта. Уымæ гæсгæ, йæхи цы фæкод- таид, уымæн ницы зыдта. Æмæ тохмæ, ног цардмæ сидгæйæ («Размæ», «Цæр» æмæ æндæртæ), уыциу рæстæг дзырдта: «Махæн дæр бамыр нæ дзых. Сидынæй асаст нæ тых. Сидæркы бон та ма циу?! Ахъæрз уал, анæт уал, ниу!» («Хохы», 1919). Йæ бон ницы у саразын цар- дæн дæр æмæ йæхицæн дæр: «Тæхуды, ныййарæг, куы фенис мæ мард!»(«Мæй арвыл куы хъазы», 1921). Хъæу æмæ сахар кæрæдзи ныхмæ æвæргæйæ, Нигер нал фæразы йæ зæрдæйæ: «Аскъуый, атъæпп у Тагъд, мæ сау зæрдæ, Кæд æппынæдзух Риу цы рæхойыс!» («Ас- къуый, атъæпп у», 1922). Тыхсы йæхæдæг дæр æмæ дзы тыхсынц йæ уаты къултæ дæр: «Богътæ нæ кæнæм дæ хуызæн, Арвмæ нæ бæллæм дæуау. Махыл хъызт зымæг нæ уыдзæн... Цавддур куы фес- тис, «фæлтау!» («Талынг æхсæв», 1923). Талынг æм дзуры, зæгъгæ, ингæны мемæ цæрдзынæ «æнæ утæхсгæ», фæлæ йæм хур куы æрба- каст, уæд, цыма, фервæзт йæ хъизæмарæй, æмæ хурæй куры, зæгъгæ, мæ сæрмæ дæ изæр мауал равдис («Цæстытыл хуыссæг нæ хæцы», 1927). Уддзæф æм дзуры, зæгъгæ, тагъд дæхи æппаргæ цардмæ, цард дæм кæсы æнхъæлмæ: «Фæлæ... æз бынат нæ арын, Риуы — сагъæс æмæ фыд. Зæрдæ фестад хисты арынг, Зæрдæ — тыхст æмæ уырыд» («Рындзыл», 1927). Уыцы хъуырдухæн, уыцы трагизм йе ’нахъинон хуыз æнахуыр хъаруйæ равдыста, Нигер йæ «фæлварæн хидæн» йæ астæу куы æрхауд, уæд: «Ныхы царм æрфгуыты ’хсæнмæ æрбалыгъд, Сæры магъз йемæ æрбатымбыл ныхмæ. Цæстытæ мæйæ нæ уыдысты къаддæр, Рацæйлиуырдтой сæ хуынчъытæй размæ. Цæс- гом ныцъцъæх и, мæ зæрдæ фæлыгъди... Хиды фæрсхъæдтыл нын- дæгъдысты къухтæ» («Хидыл», 1930). «Æнкъард дæн æз, тыхст у мæнæн мæ зæрдæ» — афтæ уыд иуда- дзыг, ивгъуыды дæр æмæ абон дæр. Афтæ хуыйиы йæ диссаджы æмдзæвгæ (йæхирдыгонау рацаразæгау кодта Байроны æмдзæвгæйы ном: «Душа моя мрачна»), ныффыста йæ, æвæццæгæн, 30-æм азты фыццаг æмбис. Чи зоны, искæмæ диссаг фæкæса, фæлæ Нигер-реалист, Къос- тайы традициты сæрхъызой æмæ фæдон, уыд Байроны хуызæн, зæгъ- 117
æн ис, уыд ирон Байрон, нырыккон Байрон: «Цæмæй зыдта уæд Байрон, æмæ ардæм, Кавказы хохы цъасмæ Гарольды пæлæз æвæн- донæй æрхаудзæн, æмæ хæххон фыййау уый йе ’уæнтыл æркæн- дзæн». Байроны хъайтар Чайльд-Гарольды пæлæз Нигермæ «æвæн- донæй» не ’рхауд: Ирыстоны уæды цард æмæ Нигеры удыхъæд, сæ карз æмæ цæхгæр ныхмæвæрдтæ уыдысты аккаг мæр романтизмы философи æмæ эстетикæйæн. Уыдон Нигермæ, мыййаг, сæхи хуызæ- нæй нæ баззадысты, — баиу æм сты йæ дуджы ирон национ æцæгдзи- надимæ, йæхи хæдбындур «æз»-имæ, йæ реализмы спецификæимæ. Уымæ гæсгæ сты сæхи хуызæн нæ, фæлæ Нигеры хуызæн. Нигер йе уæнтыл æркодта Чайльд-Гарольды пæлæз нæ, фæлæ йæхи пæлæз. Нигеры биографи нæу адæмæй иппæрд адæймаджы биографи, айдагъ йæхи биографи. Нигеры биографи у ирон адæмы биографи. Цардæй фæлмæцгæйæ, лыгъди арвмæ, сæнтты бæстæм, уым ын уæрæх — йæ фæндаг, цард — бæрæгбоны хуызæн, лæвар ын — зайæгойтæ æмæ цæрæгойты зарæг: «Хос, хор дзы нæ карстон, хуымтæ дзы нæ рывтон... Цæуыннæ амардтæн, цæмæн ма æрцыдтæн фæстæмæ æз цардмæ?! («Сæнтты бæсты», 1922), лыгъди ингæнмæ: «Цы кæнон, куыд кæнон — нæ зонын, нæ зонын, Зæрдæйæ ма кувын мæлæтмæ уæддæр. Мæ Иры фыдфынтæ мæ ингæнмæ хонын, Мæ фæстæ мæ фæндаг кæд уаид уæгъддæр» («Мæ зæрдæ мæ риуы ныррæсыд, ыс- къуыйы», 1922). Чайльд-Гарольд цардмæ кæсы куыдфæндыйы цæс- тæй, æрмæст йæхицæн агуры сæрибар. Нигермæ уый нæй, фæлæ Чайльд-Гарольды пассивондзинад æмæ пессимизмæй хъуаг нæу. Ни- гер, иуæй, мæлæтимæ у æмбуар, иннæмæй та — йæхи тоны æхсæна- дон, социалон æмæ национ тохмæ. Иуæй, æдых, æнæбон у æрдз æмæ царды раз, иннæмæй та — цæттæ у сæ ныппырх кæнынмæ дæр, романтиктæм, уыцы нымæцы Байронмæ дæр, куыд у, афтæ. Чысы- лæй фæстæмæ кæмæн куывта, уыцы зæдтæ æмæ дауджытæ, Сафа æмæ «хомхор» Уациллайæн сæ ныхмæ сыстад, нал сын кæны «табу», нал цæуы сæ галуантæ-кувæндæттæм, сыстад Зæххы ныхмæ, зæгъгæ, байгом кæн дæ риувæйнæг, ахæтон дæ мидæг, бамбарон дын дæ сусæг æмæ дын де ’хсыр бацъирон, стæй дæ сисдзынæн, фехсдзынæн дæ, Мæйыл фехæлдзынæ: «Мæнæн Марсыл дæр Ис цъæх галуантæ» («Хур, о Хурзæрин», 1921). Прогрессивон романтизм каст фæстæмæ нæ, фæлæ размæ. Каст фидæнмæ, фæлæ йын рæстмæ нæ уыдта, мигъæхгæд рæстæгæй йæм ирдæй нæ зынд йæ фæлгонц. Йæ мицæвæрттæй бирæтæм уыд скеп- тицизм æмæ уымæй æвзæргæ æрхæндæг, зæрдæмард, æнæперспек- тивондзинад. Зæгъæм, Байрон тарст, зæгъгæ, хуымæтæг адæм куы æрцæуой хицауадмæ, уæд суыдзысты, ныр кæй ныхмæ тох кæнынц, уыцы тиранты хуызæн. Нигер куы сидти Къостамæ, зæгъгæ, нæ фыл- дæр рагæй у цæттæ тохмæ æмæ нæм фæзын, дæ фæдыл нæ амбырд кæн, уæд уымæй æвдыста йе ’ппæрццаг ахаст, адæмæн разамынд чи кодта, уыдонмæ — нæ «цард дæтджытæм», нæ «хъахъхъæнджытæм» (хъæрæй, дам, бирæ дзурут, фæлæ, дам, хъуыддаг нæма ис). Адæм нырмæйау сты мæгуыр æмæ æнæбон, æгуыдзæг æмæ тæригъæддаг: «Нал, нал у нырмæйау æлдарæн лæгъстæ Нæ мæгуырты хъару, нæ 118
«номдзыд лæгтæ». Мах абоны бонмæ хæрз æнæ барæй Нæ сомы куы бастам æлдары номæй» («Нæ «цард дæтджытæм», 1917—1920). Абон ын Ирыстоны æлдæрттæ систы ног разамонджытæ: «Куы кусай, уæд дæ ном сæ дзыхы, Дунейы фарн — æппæт дæ ныхы. Фæлæ куы фæтыхсай фыд азы, Дæ уд куы сцæйхауа сæ разы, Уæд сын — хæ- рæг, йе зулкъ, йе уаллон, Дæлдæрты лæтæрæй, сæ баллон. Дзæбæх куы ныфсæдынц дæ куыстæй, Дæ туджы фæллойæ, йе мыздæй, Æрмæст уæд не ’фсæдынц дæ койæ: Дæ был дын айсæрдынц дæ сойæ» («Мæгуыр дæ, о! Мæгуыр, мæгуыр дæ!», 1922). Иугæр мæгуыр адæм сты «дæлдæртæ», уæд сæ раздзæуджытæ та — «уæлдæртæ», ома æлдæрттæ. Фæнды искæмæй уæд, фæнды нæхицæй: бирæгътæ иууыл- дæр — къуыбырхъустæ. Ног разамонджыты нæй хъуыддаг, уад куыд ниуы, уынгæг комы чидæр сынæгæй уæрдон куыд тулы, чидæр хъæдæй æргъом куыд рахæссы æмæ йын æй зæй куыд айста, сидзæртæн кæрдзын куыд нæй æмæ сæ мад куыд дзыназы, уымæ. Ног разамонджытæй, кæнæ сæ баллонтæй у, уæдæ чи у, Нигер зынæрвæссон — мæстæлгъæдæй кæмæ ныккомкоммæ ис, уыцы тип: «Ды нæ уыныс, дæу цы домы: Галуан — райдзаст, хъарм, сыгъдæг. Къух нæ атулдзынæ доны, Фæндаг — раст æмæ быгъдæг. Суг дын ласт, хæринаг — афтæ... Гауызтæ... дари... бæмбæг... Бон-изæрмæ — хъазгæ, кафгæ. Уалдзæгау дын у зымæг» («Дæу цы домы», 1922). «Дæлдæртæй» у шахты кусæг Хосдзау. Уад хъæддаг куыдзау рудз- гуытæм лæбуры, арв йæ тугтæ калы. Хосдзау тарф фынæй кæны æмæ йæм гуымæг дзуры: «Тагъд шахтæмæ ныххиз, ныллæс, — Дæ рад та, дам, æрзылд. Нæ алкæуыл æвæры хæс Нæ коллектив, нæ зылд. Коммунæйыл куы нæ кусай, — Дæ бæрзæйыл æфсондз. Цы дын зæгъой — куы нæ хъусай — Кæлдзæни та дæ рондз». Ам бæрæ- гæй зыны советон тоталитаризмы фæлгонц. Сæрибар куыст кæй хуыд- той, коллективон — коммунистон куыст кæй хуыдтой, уый уыд цагъ- аргæнæг æфсондз. Уыцы куыстæй, дам, «сырæздзæн сыгъзæрин цырт». Æмдзæвгæ фæуд кодта ахæм рæнхъытæй: «Æнæхынцæй, æнæсцухæй Йæ тугтæ калы арв. Ды хорз хызт дæ куыст, сау дугæй, — Хуыссыс дæ уаты тарф!» («Хосдзау», 1928). Сау дуг цагъайраг хъизæмарæй йæхицæн амадта «сыгъзæрин цыртытæ», сау дуг йæхи хуыдта сыгъзæрин дуг, йæхи æвдыста сыгъзæрин дугæй. Ай-гъай, ахæм æмдзæвгæ рухсмæ ничи рауагътаид, уымæ гæсгæ Нигер бавдæлд, æмæ архайд социалистон Ирыстонæй ахаста капита- листон Америкæмæ, аппæрста дзы советон реалитæ, комдзог ыл чи рацыдаид, уыдон, æмæ йæм бафтыдта америкаг реалитæ: Керзон- мистер æмæ мистрисс, сæ лæггадгæнæг негр Том, Джазбанды му- зыкæ. Кæронæй поэт йæхи æмæ Хосдзауы номæй дзуры мистер æмæ мистриссмæ: «Сар, додой мын уæ удты сæр! Хосдзау — Хосдзау уæд нæу, — Кæм фæлдахы æзгъæр цæндтæ, — Ингæн сымахæн арф Куы нæ скъахой йæ рыст цæнгтæ, Куыд уыл кæуа уæ арв!..» Ацу æмæ йæ ды бамбар, кæмæ хауы уыцы æртхъирæн — америкаг æви советон мистертæ æмæ мистрисстæм! Нигер бæллыд сæрибармæ, бæллыд æмæ йæ ныфс уыд, зæгъгæ, 119
нал уыдзæн цагъайраг дуг, нал уыдзæн цагъайраг Ирыстон, æмæ йæхæдæг дæр нал уыдзæн «æнæмыггаг», «цагъайраг бæстаг», ома йæхицæн цы ном-псевдоним радта, уый дзы ахаудзæн: дзырд «ни- гер» амоны «сау», «негр», социалон æмæ национæй ссæст, æбар, дæлдзиныг адæймаг. Фæлæ рацæй-рабон æмæ зæронд цагъайраг дуг раивта ног цагъайраг дугæй, æмæ кæд советон тоталитаризм адæмтæ æмæ адæймæгтæй кодта политикон, социалон, национ æмæ монон цагъартæ, æмæ-иу ын кæд Нигер дæр ком лæвæрдта, уæддæр фыл- дæр бæрцæй уыд, прогрессивон романтизм фидæны цы адæймæгтæ уыдта, уыдон хуызæн — сæрыстыр, хæдбар, æнæцудгæ адæймаг. Прогрессивон романтизм нымадта, зæгъгæ, цард у тох, æмæ афтæ нымадта Нигер дæр — æрхæндæг æмæ зæрдæмардæй дæр, пассивон æмæ пессимистонæй дæр. Поэт куы амæла, мæллæг уаллон ын йæ риуыл йæхи куы æфсада, уæд йæ фæндыр фæсивæдæн дзурдзæн: «Цар- ды рохтæ ’лдары къухмæ Макуы-иу раттут. Адджындæр сæрибарæй уæм Ма кæсæд уæ уд. Тох сæрибарыл кæддæрид!.. Мардзæ, фæси- вæд!.. Дуг, цагъайраг дуг чи халы, — Хорзæй мын цæрæд!» («О, мæ фæндыр», 1920). Кæнæ поэты хур куы нал тавы, йæ зæрдæ тары куы аныгъуылд, æмæ-иу куы амæла, уæд-иу йе ’ртхутæг изæрæй сывæлло- нæн сусæгæй дзурдзæн: «Макæмæн æркув дæ сæрæй, Цард хæст у, — цæрын дзы базон» («Сывæллонмæ», 1931). Уыцы темæ йæм æхсар- гардау цæхæр скалдта, йæхи номæй йæ куы фæцъортт ласта, уæд. Поэтæн йæ мады зарæг-хъарæг уыд фæдзæхст — хъуамæ йæ зæрдыл дара йæ ныййарджытæ æмæ йæ адæмы фыдцард, хъуамæ сын рай- са сæ туг. Уыдон æм сидынц тохмæ: «Додой, сар мын йæ уд, Мæнмæ исчи, мыййаг, Гъе куы ’вдиса къæлæт, Гъе мæ хона уæййаг! Æз ца- гъайраг нæ дæн, Æз нæ хæссын къæлæт! Фæлтау, донау, мæ туг Дард æнхъæвзæн кæнæд» («Æз цагъайраг нæ дæн», 1928). Нигер йæ ных цавта ног цагъардзинадæн æмæ йын хъæддых- хъæбæрæй дзырдта, зæгъгæ, йæ дæлбар йæхи никуы бакæндзæн. Æмæ æмткæй райсгæйæ йæ дзырд нæ сайдта. Кæд-иу ног Ирыс- тонмæ йе ’ргом аздæхта æмæ-иу ыл цагъайраг æмдзæвгæтæ фыста, уæддæр цагъайраг нæ уыд æмæ не сси, æмæ раст загъта йæхи тых- хæй йæ мæлæты размæ: «Æз нæ хастон къæлæт, æз нæ уыдтæн ца- гъар, Æз сæрибар мæ уды йас уарзтон». Афтæ кæй уыд — уадз алкæд нæ, уадз иудадзыг нæ! — уымæй хицæн кодта йе ’мбæстæгтæн сæ фылдæрæй, чи зоны, се ’ппæтæй дæр. Æмдзæвгæ «Æз цагъайраг нæ дæн»-ы концепцийыл амад у поэмæ «Мулдар»-ы (1929) æмном хъайтары фæлгонц. Романтикон поэмæ Нигермæ цæуы трансформацигонд. Мулдары биографи, цалынмæ йе ’фсымæры нæ амардта, уæдмæ — Нигеры биографийы халдих. Нæй йæм романтикон æбæрæг, сусæг митæ, — йæ фæндтæ, йæ архайды аххос æмæ фæстиуæг сты æргом, ирд. Сæрибар агуры æрмæст йæ- хицæн нæ, фæлæ алкæмæн дæр, адæмæн. Мулдар нæ бабыхста æлдары хъалонисæджы цæфтæн, хъуамæ йæ амардтаид, фæлæ йæ йе ’фсы- мæр йæ бауагъта æмæ уæд йе ’фсымæрæн йæхи амардта, цагъарæй цæрын æм æгад кæй нæ кæсы, уый тыххæй: «Цагъайраг дуг цæмæй уа къаддæр, — Дæ хуызæттæн лыг кæн сæ таг. Уæд хъалонис цæу- 120
дзæни дарддæр, — Нæ уыдзæни ныфсджын, уæндаг. Дыууæ фыдæй ныр æз мæ кардæй Сæ иуы бафснайон уæддæр...», «Кæнут-иу ахæм- ты фыдизæр, Æмæ уæд цард кæндзæни рухс». Нигерау, Мулдар дæр адæмæн сæ фылдæры хуызæн нæу, æмæ, ай-гъай, адæм не сты йæ фарс, хионæй-æддагонæй йыл систой сæ къух, бамбал йæхи хуызæн сæрибарагур фæсивæдимæ, хъæды æрвитынц сæ цард. Мулдары хъуы- дытæ ивддзаг кæнынц Нигерæн йæхи хъуыдытимæ: адæм ыл хъоды бакодтой, адæмы ныхмæ йæхи æрæвæрдта (æмдзæвгæ «Æнкъард дæн æз, тыхст у мæнæн мæ зæрдæ»-йы куыд у, афтæ), фæлæ хъуамæ цагъайраг дуг ма хæссой,— фæлтау сæ туг кæлæд (æмдзæвгæ «Æз цагъайраг нæ дæн»-ы куыд у, афтæ), нæ цард у хæст æмæ дзы хъуа- мæ хæцын фæраза (æмдзæвгæ «Сывæллон»-ы куыд у, афтæ: сывæл- лон хуымæтæджы нæ хуыйны Мулдар). Ис æм, романтикон æгъа- тырдзинад: «Циу мад, йе Фыд, кæнæ æфсымæр, Куы ’вæрой удыл уаргъ, къæлæт?!», сæрибарæн хæсдзæн лæгнывæндтæ — хыгъд дæр сын мауал уæд, хæсдзæн сæ цагъаргæнджытæй æмæ сæ фарсхæц- джытæй. Романтикон у калмимæ йæ абарст: зоны, амæлдзæн, дард нæ ацæудзæн, фæлæ уаллонау нæ, — калмау, йæ маргæй йе знæгты цæгъддзæн фæстаг сулæфтмæ. Нигерау, Мулдар æмæ йе ’мбæлтты дæр фæнды, цæмæй уой доны хуызæн, æрмæст ам фурдмæ (кæнæ денджызмæ) чи тындзы, ахæм дон нæу — йæхи сафæг, йæхи марæг дон. Ам дон у сæрибар æмæ хæдбары фæлгонц, иудадзыг змæлд æмæ æнæмæлæты фæлгонц, адæй- маг æмæ адæмы аккаг тох æмæ царды фæлгонц: «Нæ зоны ’лдар, нæ фиды хъалон, Нæ йын ары тых низ, фыдгул. Бырсы, цæуы, лæгæр- ды хъал дон, Тæрсынц йæ уылæнтæй зынг, дур». Фурдæн (кæнæ денджызæн) æм йæ кой дæр нæй. Ахæм дон у, гъе, Нигеры цардон æмæ поэтикон концепцийы фæлгонц, утопион нæ, фæлæ реалон кон- цепцийы фæлгонц! Поэмæйы кæрон Нигер арфæ кæны Мулдар æмæ йе ’мбæлттæн: «Рæсугъд сæм ракæсæд уæлвонгæй Нæ хурзæрин, нæ хуры цæст, Цæмæй сæ фæринк кард сæ цонгæй Йæ кæнон бакæна æххæст!» (æмдзæвгæ «О, мæ фæндыр»-ы цагъайраг дуг халджытæн арфæ куыд кæны, афтæ). Æмдзæвгæ «Æнкъард дæн æз, тыхст у мæнæн мæ зæрдæ» куы ныффыста, уæдмæ дæр Нигер абонæй, цард æмæ адæмæй йæ бон зыдта, фæлæ йæ ныр, цыма, бæстон базыдта: советон тоталитаризм адæмы фаг фехæлдта, фæлывд, мæнгард, гадзрахат æмæ æндæр фыд- миниуджытæ систы æппæтиумæйаг рынау, хионæй-æддагонæй, хæ- ларæй- уарзонæй кæрæдзи нымыгътой, кæрæдзи адæмы знæгтæ хуыд- той, кæрæдзийæ тæрсгæ æмæ æмбæхсгæ кодтой. Поэты ницыуал уыр- ны, никæуылуал æууæнды: Хуыцау — «зæронд цыдæр»; дæ фыд дын хъазынæн дæтты бæндæн — ма йæ райс, калм у; дæ мад дын дзидзи дары — фæстæмæ йæ суом, марг у; дæ хо дыл узæлы — фæлидз йæ разæй, дæ карз фыдгулыл дæр узæлыд афтæ; де ’мбал дæ хоны йе ’фсымæр — ма йæм хъус, дæ марынмæ цыргъ кæны йæ кард; дæ хъæбулы рæвдауыс — ма кæ, йæ къух дыл сисдзæн сом; дæ уарзон чызгæн цæттæ дæ раттынмæ дæ уд — дæхи дзы хиз, дæ бынаты фæбады æндæримæ. Царды йын æцæг сты æрмæст Тыгъд æмæ Афон. 121
Тæрсы Тыгъдæй нæ, фæлæ Афонæй: кæны цæуæт æмæ сæ бахæры фæстæмæ, поэтмæ дæр йæ дæндæгтæ сцыргъ кодта. Фидæны адæймаг цы хуызæн уыдзæн, уый цæстæй абонмæ кæс- гæйæ, Нигер цæхгæр «фесæф!» загъта цардæн, загъта йæ адæмæн. Уымæн афтæ æмбарæн æмæ исæн нæй, зæгъгæ, уыдонæй бынтон йæ удхæссæг федта, адæммæ йæм æууæнк бынтон нал ис. Нæ, Нигер кæддæриддæр дзаг уыд адæмы уарзт æмæ рисæй, дзаг уыд æвидигæ, æнæсысгæ гуманизмæй. Ам сыстад адæмы ныхмæ адæмы сæрвæлтау, сыстад абоны ныхмæ фидæны номæй æмæ фидæны сæрвæлтау. Нигер, цыма, нæ иу кæны адæмимæ. Адæм, цыма, цæрынц иу цардæй, Нигер та — йæхи индивидуалистон-гоймагон цардæй. Адæ- мы мæтæй йын æнцой нæй, адæмæн се ’хсæн дæр ис, сæ ног цард сын æвдисгæ дæр кæны, семæ «рухс фидæнмæ» дæр цæуы, фæлæ уæддæр адæмæн ис сæхи хъысмæт, Нигерæн та — йæхи хъысмæт. Нигер, цыма, цыд йæхи фæндагыл, цыд иунæгæй, æмæ уымæй, цыма, амыдта, зæгъгæ, алы адæймаг дæр хъуамæ уа иунæг — уа йын йæхи «æз», йæхи хъуыды æмæ йæхи æнкъарæн, уа йæхи хуызæн, уа сæ- рыстыр, хæдбар, æнæцудгæ адæймаг. Æмæ кæд, Байронау, йе ’ууæнк батад уæлæуон цардыл дæр æмæ дæлæуон цардыл дæр, кæд æм Афон йæ дæндæгтæ сцыргъ кодта, уæддæр бæрзонд иста йæ монц, йæ цардон æмæ йæ поэтикон уырны- над: «Æрмæст ма уый зæгъын: кæдмæ кæса мæ цæст, ингæны сы- джыт мæ нылхъива цалынмæ бынтон, уæдмæ æз дзурдзынæн æргом рæстдзинад дунетыл хъæрæй. Æмæ сæрæй æз не ’ркувдзынæн ни- кæд, нæ, лæджы фыртæн. Æлдармæ макуы ратт дæ бар, сæргуыбы- рæй дæхицæн адджын ма кæ цард, фæлтау — мæлæт! Гъе уый фæ- дзæхсын æз, кæд мæм ис хъусæг, уæд. Æмæ хъуамæ уа — мæнг хъæргæнæг нæ дæн. Дæн уацхæссæг! О, о, дæн уацхæссæг æрцæуи- наг дугæй!» Ахæм у Нигеры реалон концепци — цардон æмæ поэтикон кон- цепци — дæхи тыххæй дæр æмæ рæстæджы тыххæй дæр, адæмы тыххæй дæр æмæ адæймаджы тыххæй дæр дзур æрмæст рæстдзинад, дæхицæй скæн фидæны аккаг сæрыстыр, хæдбар, æнæцудгæ адæй- маг. Уыцы концепцийæ-иу æндæрырдæм кæм аздæхт, уым-иу нал уыд йæхи хуызæн. ÆРДЗОНÆМÆ СОЦИАЛОН Æмткæй райсгæйæ, æрдз у адæймаджы раттæг. Æрдзы хъæбул- тæй равзæрд «дыккаг æрдз» — æхсæнад. Фæлæ æрдз æмæ æхсæна- дæн кæддæриддæр се ’хсæн уыд вазыгджын, ныхмæвæрд бастдзи- нæдтæ æмæ ахастытæ. Нигермæ æрдз у, иуæй, адæмæн сæ рæвдауæг, сæ дарæг, иннæ- мæй — сæ сафæг, сæ марæг. Афæдзы хъарм афонтæ сын хæссынц цин,хъæлдзæг: «Хъæздыг куы нæ у махмæ уалдзæг. Уæддæр нæм зæрдæ дзы нæрсы» («Фæззæг», 1918), афæдзы уазал афонтæ та — маст, æнкъард: «Зымæг, бамбæрзтай нæ митæй. Нал ыстæм сæрæн дæ митæй: Уад, тымыгъ, фыдхъызт. Нал ис фæсвæдмæ фæзилæн, 122
Зæйтæй нæм кæныс æртхъирæн. Ингæн у нæ куыст» («Зымæг», 1922). Æндæр дзырдтæй, адæмæн сæ социалон зынвадат æрдз йæ хъарм афонтæй фæрогдæр кæны, йæ уазал афонтæй та — фæуæззау- дæр. Уымæ гæсгæ афтæ зыны, цыма сæ мæгуыр, сæ тыхст у æхсæна- дон цардæвæрды аххос нæ, фæлæ æрдзы аххос. Нигерæн, иуæй, æрдз у ирвæзынгæнæг: æхсæнадæй, адæмы мæ- гуыр цардæй лидзы æрдзмæ, йæ «сæнтты бæстæм» (æниу адæмæй, дæхицæй лидзæн никуыдæм ис, æмæ Нигер никуы алыгъд адæмæй дæр, йæхицæй дæр), фæнды йæ, цæмæй хурау, мæйау, дымгæйау, донау, мæргътау хæдбар æмæ сæрибарæй цæра. Иннæмæй та — æрдз Нигерæн у йæ куынæггæнæг. Хур ын дзуры «худгæ хъæлæсæй»: зæххон амонд хæссы йæ зæрин тын, кæй бабуц кæны, уый «нæ зоны зын», Зыдта йын йæ фыды — абон ын тавы йæ ингæн. Уыны йын абон йæхи — уымæн дæр тавдзæн йæ ингæн. Афтæ йын тавдзæн йæ фырты ингæн дæр. Адæймаг уыд æмæ фæци. Хур та: «Æз уыдтæн, æз дæн!» Хуры ирд рухсæн, О, лæг, нæй мæлæн!.. Цас фæнды мæ хъау... Ценнæ дæ мæнау: Æз уыдтæн, æз дæн!.. («Х5фы тын», 1918). Афтæ йæм дзуры дымгæ дæр: сыджыт æй нæ ныгæны, мæлæтæй нæ тæрсы, цардæн ын кæрон нæй. Зыдта йын йæ фыды — ныр ын уæлмæрды йæ цыртыл йæхи рахафта, йæхицæн æмæ йын йæ фыр- тæн ныр ма кæны «æхситтæй зарæг», фæлæ сыл райсом ракæндзæн хъарæг («Цæстытыл хуыссæг нæ хæцы», 1927). Æрдз — тыхджын, адæймаг — æдых. Уымæй цæугæ у адæймаджы тырнынад — хъуамæ стох кæна æрдзимæ æмæ йыл фæуæлахиз уа. Æз, дам, æрдзæй хъуамæ тыхджындæр уон. Ахæм тырнынадæй равзæрд Нигеры сидæн-домæн Зæхмæ: байгом кæна йæ риувæйнæг, бамбара йын йæ сусæгтæ, стæй йæ фехса æмæ йæ Мæйыл фехала («Хур, о, Хурзæрин», 1921), Дзырд дæр ыл нæй, адæймаг тыхджын у æмæ хъуа- мæ тыхджын уа, фæлæ уæддæр ахæм тырнынад райсинаг нæу, уымæн æмæ, æрдз халгæйæ, адæймаг халы йæхи. Адæймагæн æнæ æрдз цæ- рæн нæй. Æвæццæгæн, хуымæтæджы нæу, Нигер Зæхх фехалгæйæ, уæддæр Марсмæ кæй атæхдзæн цæрынмæ, ома уæддæр æрдзмæ. Ай-гъай, адæймаг хъуамæ тыхджын уа, хъуамæ æхсæнадон цард афтæ сараза, æмæ йын мацыуал хъомыл уой æрдзы уазал афонтæ, æрдзы æвирхъау фыдбылызтæ. Фæлæ — ног цард куыд кодта, афтæ — æрдзæй йæхицæн цагъайраг ма скæна. Нигер дзырдта æрдзы фæ- зындтæм: «Мæн тыххæй стут уе ’ппæт дæр, мæн тыххæй! Æз — уæ хицау! Барæй кæм нæ дæттат уæхи мæ къухмæ, уым та тохæй, карз тохæй! Æз — хицау, æрдзы хицау!.. Мæ ном — адæймаг!» («Хъыры- маг миниатюрæтæ», 1937). Сæрыстыр хæдбар, æнæцудгæ адæймаг искæмæй æмæ истæмæй (уæлдайдæр æрдзæй) йæхицæн цагъайраг не скæндзæн, уымæн æмæ уæд йæхæдæг дæр цагъайраг уыдзæн. Æрдз адæмагæн йе ’дде дæр æмæ йæ мидæг дæр у адæймаг адæй- маггæнæг. Адæймагмæ æрдзонæй (арфæйагæй, табуйагæй) цы уа, уымæн царды æгъдæуттæ æмæ фадæттæ йæ ныхмæ куы уой, уæд не сты адæймаджы аккаг, ома адæймагон. Нигермæ æрдзон у уарзт. Дард бæстæй дзуры йæ уарзон чызгмæ: «Ратæх, ратæх-ма, Бæлон, къалиуæй, Куры судзгæ риу Уддзæф базыр- 123
тæй. Ферттив, ферттив-ма, Налхъуыт! Дард хохæй Равдис царды хуыз» («Исты Ф.», 1918). Æрдзæй у уæздан, фæлмæн (лæгъстæ кæны йæ уарзон чызгæн: «Ракæс, ракæс-ма», Цæй, фæзын-ма мæм», «Ра- тæх, ратæх-ма, «Ферттив, ферттив-ма»), фæлæ уыцы иурæстæг у сæрыстыр, зынæрвæссон, кæд йæ уарзон чызджы дæлдзиныг нæ кæны, йæ цард дæр ын нæ бавгъау кæндзæн, уæддæр: «Фæлæ зон, мæ хур», Æз мæ бæрзонд ных Бар-æнæбары Зæхмæ не ’руадзын! Æз æрдзы фæндæй Дæн Дунейы фырт!.. Зон, лæджы фыртæн Æз нæ зæгъдзынæн: «Дæн æз де уазæг, Хатыр бакæн мын, Ме ’фхæрд фе- рох ис! Уарз мæ, бауарз мæ!» (Н-мæ», 1922). Æрдзон уарзтæй уарз- гæйæ, йе ’рдзон монц, йæ «судзгæ риу», æрдзон фæнд æмæ домæн хъуамæ сæ кæнон кæной. Изæрыгон дзæбидыр хохæй дагъмæ дары йæ цæст — уырдыгæй йæм ссæуы сæгъ, Хъуаз хъæдæй уасы, бæллы сагмæ, Æмæ поэт дæр сиды чызгмæ: рацу, ралидз, расай дæхи, цалынмæ сонт туг нæ амард, уæдмæ: « Бамбар, цардæн йæ ад риуæн риу дæтты ’рмæст. Былæй дзуры былæн, Цæй, фæзын мæм, кæм дæ! Нал æхгæны мæ цæст. Цард æдзардæй фæдæн» («Бон фæмынæг кæны», 1922). Уыцы монц ын у æвдиуы хуызæн, æмæ канд æвзонгæй нæ: «Нæу ууыл тых Кро- нос-бон, азты хицау, Тæры йæ ных, ссæнды размæ ’дзух», Æмæ кæд поэтæн фæци йæ рæгъ, йæ бонты таг, уæддæр бырсы йæ монц æмæ та сиды чызгмæ, йе ’мнизæй рынчынмæ: «Хуыссы зæрдæйы арт — Кæй фæнды фæрс— æрмæст зæрдæйы артæй, Æмæ тагъд фест — Дæ хос, мæ хур, нæй дард. Цæй, фест. Ныууадз дæ баз. Æрцу, мæ риуыл хъаз, Æмæ сæргой фæуой Дæ низ, мæ низ, дæ рын, мæ рын» («Арт уадзы риу», 1938). Буар (биологон райдайæн) æм, цыма, тыхджындæр у удæй (мо- нон райдайæнæй), кæд иумæ сты, уæддæр. Нигер æргом кæны уарз- ты æрдзон бартæ æмæ тырнæнтæ. Ницы сæ бауромдзæн, Ирон цар- ды фыдæлтон æгъдауæн, фыдæлтон æфсармæн ахæм эротизм уыд æхсæрфарсы ныдздзæхстау. Ахæм эротизм ирон поэзи Нигеры агъом- мæ нæ зыдта. Фыццаг хатт æм æй бахаста Нигер, бахаста йæ тради- ци райрæзынæн, фæхъæздыгдæр кæнынæн, боныфæстагмæ, уарзты тыххæй рæстдзинад зæгъынæн, равдисынæн. Æрдзон, зæгъгæ, уый адæймагæй канд адæймаггæнæг нæу. Адæ- мæй бирæтæн æрдзон сты тугмондаг, фыдгæнд, кæрæф, хæлæг, мæн- гард æмæ а.д. Фæлæ сæ, мыййаг, æрдзæй сыгъдæгæй нæ рахастой. Æрдз адæймагæн хорзæй дæр (арфæйагæй, табуйагæй) æмæ æвзæ- рæй дæр (æлгьыстагæй, тобæйагæй; цы бавæры йæ мидæг, уый æхсæ- над æмæ царды архайдæй фæвæййы кæнæ тыхджындæр, кæнæ æдых- дæр, фæвæййы кæнæ цырындæр, кæнæ мынæгдæр Æрдзонимæ баиу вæййы социалон дæр, æмæ афтæмæй сæ хорз дæр æмæ се ’взæр дæр адæймаджы мидæг свæййынц биологон гентæ, æрдзон миниуджытæ, æмæ цæуынц фыдæй-фыртмæ. »Ахæм у, Нигеры мидæг чи царди, уыцы «сау тых» (афтæ йæ хоны йæхæдæг). Кæддæр æрмæст æрдзон «сау тых» уыдаид: æрдзон фыдбылызты тас, стонг æмæ уазал тас, талынджы тас, мæлæты тас. Фæстагмæ йæм æфтыдаид социалон «сау тых», фылдæр æмæ йæ 124
фыддæр кодтаид: æхсæнадон фыдивдтыты тас, мæгуырдзинады тас, цагъардзинады тас, сайд-æууæнчы тас. Æндæр дзырдтæй, адæйма- джы мидæг æрдзон æмæ социалонæй равзæрд иу æрдзон, биологон «сау тых». Уыцы «сау тых» Нигермæ арæхдæр сызмæлы, сниуы æмæ схъæр- зы, бон куы фæвæййы, æхсæв куы ралæууы, бæстæ талынг куы бам- бæрзы, уæд. Афыста йын йæ фæлгонц: «Æмæ «у-у-у-у, ха-ха». Къуым- тæй сыхъуысти мæ уаты: «Бирæгъы ниуын, чызджы х^’дт, Хæйрæджы цъæхахст, йæ «хъа-хъа...». Зæрдæ нал уыдис бынаты. Хъуырмæ схæццæ ис мæ тыхст уд» («Цæстытыл хуыссæг нал хæцы», 1927). Поэт тох æмæ хъуырдухæн кæны йемæ, æмæ йыл кæд фæтых вæййы, уæддæр йæхи фæрцы нæ, — æрдзы «сау тыхыл» фæтых вæййы æрдзæн йæхи фæрцы, кæд контрастмæ гæсгæ афтæ зæгъæн ис, уæд, æрдзæн йæ «урс тыхы» фæрцы — бон куы ралæууы, хур куы ракæсы, уæд. Уыцы «сау тых» æм царди суанг ма йæ мæлæты размæ дæр: «Фынæй чи у, чи нæу — сау тых сæ хицау. Тæхуды, хæрз фынтæ чи уыны! Мæнæй та æхсызгон фын алыгъд... Мæ алыварс — талынг, хæрз талынг. Мæ алыварс — сабыр, æгуыппæг, ингæнау. Мæ цæсты- тыл алвыдтæ уади, тыхстæн сæ. Мæ хъару та сыстын нæ уыди...» Фæлæ ныр уыцы «сау тыхæй» æрмæст æрдзы фæрцы нал ирвæзы, — ирвæзы дзы адæмы фæрцы дæр: «Ыссыгъдысты бонивайæны цы- рæгътæ, Сæудары рухс цырæгътæ Куы айгæрстой æхсæвы талынг, Нæма фæзынд хуры тын арвыл, Фæлæ уыдон куы арттывтой дардыл — Фæллойгæнæг адæм сæ ссыгьтой, о хъусут! Гъей, удмидæг чи у, уый сыстæд уæлæмæ! Æрцыди куысты дуг, куысты дуг. Сæудары сау фæлмæй мын ма тæрс, Цу, бонивайæны цырæгътæй уал рахæсс. Сæуæхсид дæр уалынмæ схъаздзæн дæ сæрмæ!» («Бонивайæны цы- рæгътæ», 1945 — 1940). Уыцы «сау тых» Нигер саста æмæ-иу æй арæх басаста, уымæ гæсгæ раст дзырдта, зæгъгæ, æз цагъайраг нæ дæн. Фæлæ уæддæр, Хосдзауы хъауджыдæр, «сау дугæй» хызт нæ уыд. Хосдзау алкæд тарф фынæй нæ кодта, — æрвыста æгъуыссæг æхсæвтæ, уыдис-иу æвирхъау фыдфынты хай. Æхсæв-иу ын уыд ингæнау, хурх æй код- та æмæ йæ Нигер йæхицæй сырдта: «Фесæф, ацу... Удæн дæ ингæн» («Саудалынг», 1922). Ацыд-иу æрдзы «урс тыхы» фæрцы, æмæ йæм йæ мæлæты размæ царды «урс тыхы» фæрцы кæй ацыд, уымæй, чи зоны, Нигер зæгъинаг уыд, зæгъгæ, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæстæ «урс дуг» фæуæлахиз уыдзæн æмæ фесæфдзæн «сау дуг». Уартæ 1920 азы æмдзæвгæ «Цæр»-ы куыд уыд, афтæ та, чи зоны, ныр дæр æнхъæлдта: «Мах — уæлахиз, не знаг — саст, Абонæй фæс- тæмæ, раст, Н’адæм нал æййафдзæн рыст, Сон, рынæй уыдзæни хызт!» О, æгас нæм цæуай, май!», 1945). Фæлæ æнхъæлын иу у, æцæгдзинад та — æндæр. Æрдзон канд æрдзон кæй нæу, фæлæ ма социалон дæр кæй у, уый нæ зæрдыл куы дарæм, уæд Мулдар æмæ йе ’фсымæр æрдзæй рахастой сæ миниуджытæ. Адæм — мадæй, фыдæй, хойæ, хæларæй, уарзонæй — фæлывд æмæ мæнгард уымæн сты æмæ сæ æрдз афтæ сфæлдыста, Йæ мæлæты размæ Нигер ныффыста сгуыхт лæджы алы- 125
фарс зилæнгæнæг, гуыбындзæл, æнæууæнк, æнæнамыс типы тых- хæй, Къæбæртæ исы сгуыхт лæджы фынгæй æмæ, зæгъгæ, фынгыл ницыуал ис, уæд сгуыхт лæджы схонид фыдгул, искуы йæ талынджы ныммарид, стæй та æндæрæн йæ фæдыл бырид æмæ уымæн дæр афтæ бакæнид: «Зонын, арæх вæййы, царды арæх, ай-гъай. — Ра- джы Байрон йæ куыдзæй цы загъта» (Чайльд-Гарольд йæ балцы куы араст, уæд: «Мæ куыдз иу-дыууæ боны акæудзæн, йæ ниудæй талынг райхъал кæндзæн, æмæ йын стæг, фыццаг чи аппара, уымæн лæг- гадгæнæг суыдзæн»). Æмæ хæраймаг нæу. Цæмæн? Уымæн æмæ: «Ды дæ кæнæг дæхæдæг нæ уыдтæ. Фæци афтæ дæ конд...» Поэт йæ баллон нæу, адæмимæ у йæ фæндаг. Поэт æй цъысымы баскъæрид: «Фæлæ афтæ мæ конд, зон, нæ фæци æрдзæй — Цæргæс тыгъды бындзытæ нæ ахсы!» Иуæн дзы йæ фыдæгъдау, иннæмæн та йæ хæрзæгъдау — дыууæйæн дæр сæ сфыццаг æмæ ралæвар кодта æрдз. Загътон ма йæ: адæймагмæ æрдзонæй (арфæйагæй, тобæйагæй цы уа, уымæн æхсæнад, цард, истори ныхдур æмæ куынæггæнæг куы уой, уæд не сты адæймаджы аккаг. Нигерæн æрдз радта стыр хæзна, стыр курдиат, æрдз ын сныв кодта стыр хъысмæт. Фæлæ цард йæ ныхмæ слæууыд, бар ын нæ радта йæ равдисынæн. Æмæ кæд æлда- риуæггæнæг идеологийæн ком дæтгæйæ, деклараци кодта, зæгъгæ, ног Ирыстон у йæ зарæг æмæ йын йæ тæрттæ байтыгъта, уæддæр куыдта — кæуын, дам, «æндæр мардыл», æндæр, дам, у мæ низ, фæлæ, дам, дын æй нæ зæгъын. Фæлæ ма йын æй цы нæ дзырдта, кæд æмæ йæ уæдмæ æгæр дæр ма загъта, уæд: æрдзмæ гæсгæ нæ рауад нæдæр йæхи хъысмæт, нæдæр Ирыстоны хъысмæт, æмæ гъе ууыл куыдта, куыдта æмæ куыдта. Æмæ сæ кæд, ног Ирыстонмæ дзургæйæ, æлда- риуæггæнæг идеологийæн ком дæтгæйæ, хоны «æндæр мард», «æндæр низ», уæддæр ын уыдысты сæйраг мард æмæ сæйраг низ. Æмдзæвгæ «Æнкъард дæн æз, тыхст у мæнæн мæ зæрдæ»-йы дзуры: «Мæ риуы судзы арт, æддæмæ тоны, тоны. Æмæ йын нæй фæндаг». Цæуылнæ йын ис фæндаг? «Нæй, нæй гæнæн: æрцыд æмби- сонд, зон — цъаммар, æдых цыдæр Гефесты къухæй мæн Кавказы сау хохмæ ныббаста фидар. Мæ цæнгтыл ис рæхыс. Рæхыс — мæ къæхтыл, мæ зæрдæйыл — гуыдыр, мыхуыр — мæ былтыл». Проме- тейы хуызæн у, Прометейæ йын къаддæр нæ ралæвар кодта æрдз. Æмæ кæд дзырдта, деклараци кодта, зæгъгæ, Прометей суæгъд æмæ «хæхты цот» бавнæлдтой ног цард аразынмæ «Прометейы сынтæг», 1930), уæддæр не суæгъд сты нæдæр Прометей, нæдæр Нигер, нæ- дæр ирон адæм. Фидæнмæ кæсгæйæ, Нигеры уырны, зæгъгæ, йæ фæд баззай- дзæн, уæлæнгай нæ уыдзæн, æхсидгæ туг æмæ æндон сис нæ уыдзы- сты рох. Фæлæ уæддæр йæ сисы «фæндаг уыд зылынтæ»: «Нæ мæм радта, нæ, цард йæ рох!» Нæ йæм æй радта раджы дæр æмæ ныр дæр: «Фыдбоны райстон дæу мæ къухмæ, Фыдбоны ахаудзынæ ды, Куыд хауы уари, сахъ, цæхæрцæст, Хæдмæлхор сынтимæ хæсты!» Йæ зæрдæйы æхсиды «сæнтты уæрæх фурд», фæлæ дзы йæ сис нæма бахъаудта æртах дæр («Æндон сис, зонын æз, дæ уæлæ», 1934). Афон ыл цæуы, зæронд æй кæны, æмæ: «Цы хъал уыдтæн уæв- 126
гæйæ, Цы сæнттæ уыд мæ туджы! Цы схъæл уыдтæн цæугæйæ, Цы ныфс мæм уыд мæ дуджы! Фæлæ цыдысты бонтæ, Æртыхсти цард мæ рæзты. Ныххуыскъ дæн буарæй, зондæй, Зынг нал хъазы мæ цæсты». Афтæмæй йын баззайы фидинаг æрмæст йæ «сау хæс», æрдзон æмæ социалон «сау тыхы» хæс — мæлæты хæс («Зæронд дæн ныр», 1935). Кæддæр йæ туг фыцынæй не ’нцад, дардыл тынтæ нывæста, цæттæ уыд бартыл нывонд хæссынмæ, уыдис æм тых, хъару, фæлæ йын «нæ бантыст фаг»: «Мæ бонты рухс фæлтæры нæ самадтон мæ- хицæн, нæ, æз цырт». Цард ын нæ радта уыцы фадат: «Фæндтæ!.. Фæндтæ кæй хъæуынц?» («Цæуы мæ цард», 1938). Æрдз ын цы лæвæрттæ ракодта, цы фæндтæ-сæнттæ-бæллицтæ йæм уыд, уыдон ын цард сæцæг кæнын нæ бауагъта: «Загътон, хиз- дзынæн фыдрынæй Æз сымах, нæ митæфхæрдтæ. Фæлæ никуы æмæ ницы: Хъуыры сцæнд сты мæ фæндтæ. Нæй, нæ сын фæци цæуæнтæ Цардмæ, афтæмæй мæ уæнтæ Дудынц, утæхсынц фыднизы». Нæ сæ бахызта — зæронд Ирыстон фехæлд, ирон национ хицæндзинад фе- хæлд, «рагон амонд» нæ раздæхт, нæхицæй фæтæг-раздзу не ссард- там, адæм хæхтæ ныууагътой, ирон æвзаг æмæ культурæ цæуынц æмæвзаг æмæ æмкультурæмæ, куынæгмæ, мæлæтмæ, цыбыр дзыр- дæй, йæ митæфхæрдты хъысмæт нæ рауад, æрдз æмæ йæ Нигер куыд ныв кодтой æмæ куыд амыдтой, афтæ. Уымæ гæсгæ йæ поэти- кон курдиат дæр нæ рацыд рухсмæ, йæхи мидæг æнæ кайдæй баззад: «Ой, цы мыртæ уыд мæ риуы!.. Ой, цы хæзна уыд мæ сæры!.. Фæлæ арв зымæг нæ нæры, Булæмæргъ хъызты нæ цæры — Уæд æрмæст ыстонг сырд ниуы...» Иугæр йæ митæфхæрдты хъысмæт йæ сæнттæ æмæ йæ фæндтæм гæсгæ нæ рауад, уæд ын йе ’хсидгæ зæрдæйæ йæ сис цы иу æртахы бæрц фæхъаудта, ома дзы рухсмсæ цы рацыд, уый дæр дзæгъæлы фæци, цард æй нæ бамбæрста, нæ йæ айста: «Цом, цом ингæнмæ, мæ тыхст сæр! Цом, цом ингæнмæ, мæ зæрдæ! Ам ныл аудæг нæ уыди, Ам нæ зард бæсты нæ цыди, — Уым ныл сæт-уаллон æртыхс- дзæн!» («Иуæй иннæ бон уырыддæр», 1938). Æрдзон (арфæйаг, табуйаг) цы нæу, уый у æрдзы ныхмæ, анти- æрдзон. Антиæрдзон хъуыддаг у, поэт йæхимæ æмæ цардмæ гæсгæ хъарæг куы кæна æмæ дзы зарæг куы домай, уæд; поэты курдиат æддæмæ куы тона æмæ йын йæ цæуæнтæ куы ’хгæнай, уæд; адæйма- гæй æрдзæн кæнæ æрдзæй адæймагæн цагъайраг куы кæнай, уæд; зæронд æмæ ног Ирыстон кæрæдзи ныхмæ куы ’вæрай æмæ сæ кæ- рæдзийæ куы скъуынай, уæд; ирон адæмы æмæвзаг фурдмæ (кæнæ денджызмæ) куы калай æмæ сæ куы сафай, уæд. ЗÆРДÆÆМÆЗОНД Æрдзон æмæ биологоны æхсæн ныхмæвæрд Нигермæ цасдæр бæрцæй у зæрдæ æмæ зонды ныхмæвæрд. Иумæ йæм сты, фæлæ фæрсæй-фæрсмæ, иу дзы уæддæр иннæйы хуызæн нæу: «Мæ зæрдæ фæйнæрдæм тындзы, Мæ зонд ын йæ тынтæ хынцы». Зæрдæ куы арвмæ дары йæ хъус, уымæн æмæ йæ «тæрсын кæны æнус», куы та 127
йæ фæфæнды цæрын («Нæ зонын, куыд уыдзæн мæ цард», 1916). Нигер æй хоны «фæливæг», «бийæг», зилы йыл галиумæ, абырсы йæ. Уымæ гæсгæ йын рахаста тæрхон: «Радтон дын, радтон дæ рохтæ мæ зондмæ. Нал у дæ фæндон дæ бар ныр, уый зон!» Фæлæ йæ цъист, маргæ ма хъуамæ ныккæна, уымæн æмæ æнæ зæрдæ нæй цæрæн, адæймаг адæймаг нæу, уæлдайдæр поэт: «Фæлæ дæм, æвæ- дза, бадзырдтон, — фестъæлф-иу, Фест-иу сырх зынг æмæ ма ком хуыссын! («Зæрдæ, фæливæг дæ, зæрдæ, бийæг дæ», 1918). Æмæ йын кæд ахæм тæрхон рахаста, уæддæр йæ зæрдæ æмæ йæ зонд кæрæдзийæн «а» æмæ «о» нæ кодтой. Нигермæ зæрдæ тыхджындæр уыд зондæй, кæд зæрдæйы ныхмæ хæцыд, уæддæр фылдæр хъуыста зæрдæмæ, æмæ йæм куы хъуыста, уæд фыста йæхи æмæ рæстæджы тыххæй рæстдзинад, æмæ йæм уыд бæрзонд аивдзинад. Зæгъæн ис, ног цардимæ, ног Ирыстонимæ Нигер уыд зæрдæйæ нæ, фæлæ зондæй. Йæ риуы — арт, йæ хъуыры — æндон мыртæ: «Мæ сæры та... Цæй, ма мæ фæрс фæлтау» («Æнкъард дæн æз, тыхст у мæнæн мæ зæрдæ»). Йæ сæр йæ риуы хуызæн нæу. Утопион фурдмæ (кæнæ денджызмæ) йæм бырсы æмæ ссæнды зæрдæ нæ (зæрдæ æддæмæ тоны, фæлæ йын фæндаг нæй), — бырсы æмæ йæм ссæнды зонд. Хуымæтæджы нæ зæгъы фидæны æмæвзаг адæмæй, зæгъгæ, «уыдзынæн семæ зондæй» («У фадат — аразæг», 1934). Фæстæдæр, 30-æм азты кæронмæ, Нигер, цыма, зæрдæйы раз бынтон æркалдта йæ гæрзтæ: «Фæндонæй нæу, — кæны йæхион зæрдæ. Лæвæрд мæнмæ йæ рохтæ не сты, нæ». Ныхмæвæрд ис канд зæрдæ æмæ зонды æхсæн нæ, фæлæ ма зæрдæйæн йæхи мидæг дæр: куы æрттивы денджызау, фесты хуры цæст æмæ йæ тынтæй тавы бæстæ, сæ бон ын ницы вæййы мигътæн, куы та —нымпылы зæронд усы русау, уæрццау нымбæхсы риуы арф, зырзыраг фесты æмæ æртасы гыццыл улæфтæй дæр; «Уæ}гуæй! Уæууæй! Гъе уæд дæ ме сæфт уынын, зæрдæ!» («11-æм декабрь, 1939 аз», 1939). Фæлæ зæрдæ æнкъардта царды рæстдзинад, æмæ йæм зæрдæ йæхион кæй кодта (алкæд нæ!), уый Нигерæн йе сæфт нæ, йе ’на- монд нæ, — уыд йæ амонд. Уыд ирон поэзи æмæ ирон адæмы амонд. ХЪАРÆГÆМÆ ЗАРÆГ Зæрдæ æмæ зонды æхсæн ныхмæвæрд ын бæрæг кодта йæ ахаст хъарæг æмæ зарæгмæ. Мæгуыр Ирыстонæн йе ’ппæт цард дæр, уыцы нымæцы йæ зæрдæ æмæ йæ зонд дæр, ньгоонд кæнгæйæ, Нигер «æрдзы — фæлдисæджы — тыхæй» цардмæ æрвыст уыд «æхсызгон зарджыты тыххæй» нæ, фæлæ хъарджыты тыххæй («Æхсызгон зарджыты тых- хæй», 1916). Зарæг ын у хъарæг, хъарæг та — зарæг: «Мах хъарæ- гæй зарæм», афтæ, дам, зарыд Къоста дæр, æмæ дзы нæ хæхтыл «зади кæрдæг». Уыцы хъарæг-зарæгæй «райсæм куырм лæджы йæ цъыф бынатæй, «рыст удæн, тыхст удæн мах цъитидон раттæм», «æфхæрдæн ныссæрфæм йæ цæстысыгтæ» æмæ а.д., ома сæ ирвæ- зын кæнæм сæ зынæй («Цы дзурон? Куыд дзурон? Ныхгæдта мæ хъæлæс», 1919). Нигер зæрдæ æвæрдта Ирыстонæн, зæгъгæ, йæ низ- 128
тæй йын хъистæ сбидзæн йæ фæндырæн: «Дæ мæгуырты знæгтæм дæ размæ æхсиддзæн, «Сæ цуры дæ риуæй фæсурдзæн та маст» («Ныб- бар мын, Ирыстон», 1920). Афтæ йын амоны цард, афтæ кæнгæ йын у цардæй, йæ рæзты чи ’рзылд, уыцы цардæй. Афтæ йын амоны рæстдзинад. Нигер цæхгæр слæууыд, зарæг дзы чи домдта, уыдон ныхмæ: «Æз зарын нæ зонын. Æгъгъæд мæм хатут. Нæ сахуыр и домын Æппындæр мæ уд. Мæ хъарæг — мæ зарæг, Мæ фыдбон — мæ цард. Уæ зарæг — мæ марæг, Фæлидзын дзы дард. Ныууадзут! Уæ зарæг Уæхуыдтæг кæнут. Мæнæн дзы фæрысти, Фæцъæх и мæ уд. Мæрдадзы фыдох лæг Нæ вæййы хъæлдзæг. Рыст удæн нæм уалдзæг Нæ кæны фæззæг» («Æз зарын нæ зонын», 1921). Ацы фæлгонц Нигер сфæлхат кодта 30-æм азты дæр: «Фæлæ арв зымæг нæ нæры, Булæмæргъ хъызты нæ цæры» («Иуæй иннæ бон уырыддæр», 1938). Цард-иу ын хаттæй-хатт, цыма, амыдта, зæгъгæ, ныууадз дæ хъа- рæг. 1922 азы, «уыцы хъызт фыд азы» йын, цыма, йæ зæрдæ «нал тæрсын кæны æнус» æмæ, дам, «зарын хъæуы ныр»: «Фæлæ зарæ- гæн йæ хуызæн Ницы ма хатын бæлвырд. Ие цæй фæдыл, йе куыд уыдзæн Арвы нæрынау мæ дзырд» («Арв ныххудти, мæй йыл хъа- зы». 1922). Æмæ-иу кæд «зарæгæн йæ хуызæн» ницы хатыдта, уæд- дæр-иу зарæг дæр ракодта, «арвы нæрынау» — революцион-пролета- рон поэтты риторикон æмдзæвгæтау. Фæлæ-иу йæ зарæг дæргъвæ- тин нæ ахаста, уымæн æмæ: «Сау зæххæн йæ хуыз нæ хатын, Цар- дæн та йæ ад» («Саудалынг», 1922), царды уындæй джитæнтæ кодта: «Зарæг дзаг фынгыл æмбæлы, Заргæ буц цардæй кæнынц. Махæн туг нæ цæстæй кæлы, Фæрстæ сау мæтæй хæлынц» («Нæ, фыдæн- хъæл мæ куы фæуат», 1928). Æмæ кæд фæстæдæр, 30-æм азты, адæм материалонæй фæрæвдз- дæр сты, «дзаг фынгтæ» дæр сæм фæзынд æмæ Нигер ног Ирыстоны тыххæй зарджытæ фыста, уæддæр йæхи æмæ рæстæджы реалон «хуыз» æмæ «адæй» не схицæн, кæм-иу дзы схицæн, уым-иу Антейау йæ поэтикон тых фесæфт. Уыцы зарджытæ зæрдæйæ нæ, — зондæй фы- ста. Уæддæр æмæ йын уæддæр æрдзон уыд хъарæг. «СУАДОН» ÆМÆ ХÆСТ Æрдзæй, зæрдæ æмæ хъарæгæй Нигер йæхи кæй нæ иртæста, уымæ гæсгæ куыдфæстагмæ тынгæй-тынгдæр йе ’ргом здæхта ирон фольклормæ. Хъуамæ цыппорæм азты къæсæргæрон ныффыстаид: «Мæнæн амæй фæстæмæ æрмæстдæр иу фæндаг ис размæ — адæмон сфæлдыстадмæ!» Æз цæуын, æвзаджы æппæт дæснытæ цы ’рттиваг галуантæ сарæзтой, уыдонæй, æмæ мæхицæн аразын халагъуд по- эзийы æвидигæ суадоны цур. Уыцы суадонæн йæ ном у «Адæмон сфæлдыстад». Уымæй размæ Нигермæ цы дыууæ «размæ»-йы уыд: иу — сæри- бар, хæдбар, хæдбындур Ирыстонмæ, иннæ — фурды (кæнæ денджы- зы) батайæг, фесæфæг Ирыстонмæ, ома анти-Ирыстонмæ, уыдонæй ацы «размæ» иу кодта фыццаг «размæ-имæ». Ирыстоны «суадоны цур», ома доны цур, арæзта халагъуд, — фурды (кæнæ денджызы) 9 Дзуццаты Хадзы-Мурат 129
цур æй нæ арæзта. Арæзта йæ, ирон национ æрдз æппæтæй дæр хуыздæр йæхи кæм равдыста, уым, ирон æвзаг æмæ ирон аивдзинад сыгъдæг-æгайнæгæй сæхи кæм бавæрдтой, уым — адæмон сфæлдыс- тады цур. Æрдзы хуызæн у фольклор, — сæ дыууæмæ дæр, æрдзмæ дæр æмæ фольклормæ дæр, цыма, армæй æвнæлд нæй, автортæ сын, цыма, нæй, сæхи, цыма, сæхæдæг сфæлдыстой. Дзырд дæр ыл нæй, адæмон сфæлдыстады æрдзон рæстдзинад æмæ æрдзон аивдзинад æрмæст фæзмгæ æмæ фæлхатт куы кæнай, уæд уыдзынæ адæмон сфæлдыстады хуызæн. Поэт та хъуамæ кæддæ- риддæр уа йæхи хуызæн. Мах нæ дойны сæттæм адæмон сфæлдыста- дæй, фæлæ поэт æрмæст адæмон сфæлдыстады халдих куы уа, йæхи зæрдæ æмæ йæм йæхи «æз» куы нæ уа, уæд дзы нæ дойны нæ басæт- дзыстæм. Нигер адæмон сфæлдыстадмæ гæсгæ цы уацмыстæ ныффы- ста, æгæрыстæмæй поэмæ «Уæхатæджы фырт чысыл Гуыйман» дæр (1935), уыдонæн нæй абарæн йæхи сæрмагонд, индивидуалон уац- мыстимæ, зæгъæм, поэмæ «Мулдар»-имæ. Адæмон сюжет литерату- ронæй куы ранывæндай (адæмон фæлгонцон-структурон амæлттæй æддæмæ куы нæ хизай), уæд уымæй национ аивдзинад размæ нæ цæудзæн, фæлæ мидцоппай кæндзæн. Поэт хъуамæ йæ дойны сæтта адæмон сфæлдыстады суадонæй, фæлæ поэтæн хъуамæ уа йæхи суа- дон, æмæ йын уæд адæмон сфæлдыстад ахъаз кæндзæн, цæмæй йын уа индивидуалон национ ад, национ зæл, национ хуыз. Ай-гъай, Нигер-иу адæмон сюжеттæ кæм ранывæста, уым, ног царды тыххæй цы уацмыстæ фыста, уыдон хъауджыдæр, уыд конф- ликттæ, хорз æмæ фыды æхсæн тох, цин æмæ маст, уарзт æмæ фы- дæх. Уым уыд æрдзон цард æмæ æрдзон адæймæгтæ. Уымæ гæсгæ Нигеры зæрдæ сæхимæ ’лвæстой, цасдæр бæрцæй дзы саста йæхи дойны дæр æмæ чиныгкæсæджы дойны дæр. Æмæ уыцы хабар, Ни- геры фольклорон поэмæтыл дзургæйæ, хъуамæ нæ зæрдыл дарæм. Нигер адæмон сфæлдыстад уыдта иумæ, уыдта йын йе ’ппæт жанртæ дæр — эпикон кадæгæй суанг лирикон сагъæссамæ. Фæлæ дзы уæддæр фыццаджыдæр æмæ сæйраджыдæр æвзæрста, йæ зæр- дæйæн дзы æхцондæр чи уыд, уыцы жанр — хъарæг, йæхи «зæр- дæйы хъыг æмæ маст равдисынæн» иууыл æвæджиагдæр жанр. Хуы- мæтæджы нæ фыста, адæмон сфæлдыстады суадоны тыххæй кæм дзырдта, уымæн йæ хæдфæстæ: «Æз æрæджы кастæн Гуыриаты Га- гуыдзы «Ирон хъарджытæ». Цас æмæ дзы цас æнкъарæнтæ ис!..» Нигер «размæ — адæмон сфæлдыстадмæ!» куыд загъта, афтæ нын- нæрыд Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Тынг бирæ хъизæмæрттæ æрхас- та адæмтæн. Фæлæ канд хъизæмæрттæ нæ. Хæст адæмтæн сæхи дæр æмæ сæ цард дæр нынкъуыста, ныууыгъта бындзарæй. Афтæ сæ нынкъуыста, æмæ сæм æнæадæймагонæй цы уыд, уый сæ, цыма, азгъæлд, акалд, ахауд. Адæм, цыма, систы адæмы хуызæн. Поэзи, цыма, сси поэзийы хуызæн. Раздæхти сæм, цыма се ’рдзондзинад. Алы наци дæр банкъардта, зæгъгæ, хъахъхъæны цахæмдæр абстрак- тон фурд (кæнæ денджыз) нæ, фæлæ йæхи дон — хъахъхъæны йæ райгуы- рæн бæстæ, хъахъхъæны йын йæ истори, йæ культурæ, йе ’взаг. Уæдмæ сын æлдариуæггæнæг, цагъаргæнæг идеологи сæ къух цæуыл сисын код- 130
та, уый сæм ногæй раздæхт, сси сын æнахуыр зынаргъ, раздæхт сæм сæ райгуырæн бæстæйы уарзт, раздæхт сæм сæ национ хиæмбарынад æмæ æвæлхатдзинад, раздæхт сæм рæстдзинады æнкъарæн. Нигерæн сæрыстыр, хæдбар, æнæцудгæ адæймаг уыд æнæнацион нæ, фæлæ ирон адæймаг. Хæст ын фенын кодта, зæгъгæ, ирон адæмæй ахæм адæймæгтæ цъус нæй. Æмæ сидгæ дæр уыдонмæ кодта: «Ой! Фæдис, фæдис, Иры фæсивæд, — Ма йæ ’рбауадзæм, ма йæ ’рбауа- дзæм, Кæннод нæ хæхтæ фæнык фестдзысты, Нæ рæсугъд быдыртыл арт сирвæздзæн. Ой! Фæдис, фæдис, Иры фæсивæд — Нарты буц цот — Нарты буц байзæддаг! Худинаг ма ’руадзæм нæ адæммæ, Худинаджы бæсты — мæлæт хуыздæр!» («Германы хæсты зарæг», 1941—1942). Кæд йæ утопион концепцимæ гæсгæ раздæр дзырдта, зæгъгæ, ног Ирыстоны зарæг дæн, «фæстæмæ æз мæ фыны дæр нæ бырын» («Нæ тæрсын æз», 1934), уæд æм ныр растад Ирыстон суанг Нартæй фæс- тæмæ, растадысты Алыккаты Хазби, Тылаттаты Чермен, Хетæгкаты Къоста. Кæд раздæр дзырдта: «Ныххæлдтам мах фыдæлты къона, Нæ рæхыс раппæрстам бынтон» («Прометейы сынтæг», 1930), уæд ын ныр уыцы халæг æмæ æппарæг у гермайнаг фашист: «Дысон мæм тагъд дымгæ сау уац æрбахаста, Сау уац, мæ ныййарæг мад: Раппæрста, дам, нын, ра, не знаг нæ сау рæхыс — Рагон фыдæлты ном, кад. Фехæлдта, дам, нын нæ къона йæ бындзарæй, Нæ артыл нын ауагъта дон» («Мæлæт æфсæддоны фæдзæхст», 1943). Кæд Нигер мæлæг æфсæддоны дзыхæй фæдзæхсы, зæгъгæ, хъа- рæг мыл ма кæнут, зарæг мыл ракæнут, уæддæр йæ хæстон æмдзæв- гæтæ сты хъарджытæ. Æрдзон, адæймагон у сæ трагизм æмæ сæ лиризм. Уыцы хъарджытæ кæны канд «халагъуды» амалтæй нæ, фæлæ ма «æрттиваг галуанты» амалтæй дæр, растдæр дзургæйæ, йæ курдиат æмæ йæ удмæ гæсгæ йæхи индивидуалон амалтæй. Хæсты размæ Нигер цалдæр хатты хицæн кодта цардæй, хæрз- бон ын дзырдта: йæ чызгон идæдзæн ныфс раттын куы нал фæрæзта, йæ бæрзонд ных куы ныттар æмæ ингæнмæ куы тырныдта, уæд («Дæ бонтæ хорз, мæ чызгон идæдз», 1929); Афон æм йæ дæндæгтæ куы сцыргъ кодта, хъауджыдæр ын куы нал уыд — цæра æви мæла, уæд («Æнкъард дæн æз, тыхст у мæнæн мæ зæрдæ»); зынг йæ цæсты куы нал хъазыд æмæ йæ мард йæхæдæг куы уыдта, уæд («Зæронд дæн ныр», 1935); «цом, цом ингæнмæ» йæ тыхст сæр æмæ йæ зæрдæйæ куы куырдта, уæд («Иуæй иннæ бон уырыддæр», 1938); булæмæргъ адæмæй куы тахт æмæ сын фæстаг арфæтæ куы кодта, уæд («Булæ- мæргъ», 1940). Хæсты азты ахæм «хæрзбонтæй» Нигермæ ницы уынæм. Хæсты азтæ йын, цыма, бауырнын кодтой, зæгъгæ, йæ уто- пион нæ, фæлæ йæ реалон концепцийыл бакусæн ис — активонæй, удуæлдайæ, хъазуатонæй. Тынг ыл чи бандæвта, ахæм адæймаджы мæлæты фæстæ (чи зоны, Коцойты Арсены мæлæты фæстæ) ныс- сагъæс кодта йæхи сæрмагонд хъысмæтыл дæр æмæ ирон адæмы хъысмæтыл дæр; «Цымæ ныр та кæй рад у. Кæмæ бауасыд халон?.. Цы уынын, цы, мæ цæстæй, Æмæ цы уыдтон фарон! Гъе, афтæ у цард афтæ, Æууæнк ыл нæй æппындæр, Фæлæ уæддæр бæгуы, бæ, Æмбара йæ нæ фылдæр! Æгъгъæд у, цæй, æгъгъæд у Хæрдты кæсы- 131
нæн. Цардмæ Лæмбынæгдæр æркæсут Æмæ йæ хатут дардмæ... Нæ дуг заман у махæн, Заман, заман, нæртон дуг! Чи бахаудзæни цардмæ, Чи сисдзæни йæ сонт уд... Мæ Ир, мæ уарзон бæстæ, Дæ ном, дæ фарнмæ дзурын — Бындурон уæнт дæ риуыл Дæ байзæддаг, дæ хъæстæ!» («Цымæ ныр та кæй рад у», 1944). «Хæрдты кæсгæйæ» (утопион царды тыххæй утопион уацмыстæ фысгæйæ) нæ, фæлæ «цардмæ лæмбынæг кæсгæйæ» æмæ йын йе ’ргом чердæм у, уый хатгæйæ, хъуамæ архайæм æмæ кусæм, цæмæй цæрой ирон адæм æмæ Ирыстон. Хæсты размæ Нигер, цалдæр хатты цардæн хæрзбон кæнгæйæ, арæх нымадта, зæгъгæ, «цардæй дæн уæлдай» («Азæмæт», 1927), куырдта байзæддагæй, цæмæй йæ зæрдæ фæнык куы феста, уæд-иу æй базмæнтой, норст дзы уыдзæн «сырх-сырхид зынг»: «Уыцы зынг расхъиудзæн, Артæн уын бабæздзæн» («Зæрдæ, мæ тарф зæрдæ», 1940). Хæсты азты, цыма, пассивон, æнæбон, уæлдайаг нал каст йæ- химæ. Æмæ кæд раздæрау ныр дæр æнкъардæй дзуры, зæгъгæ, мæ рустæ — уырынгтæ æмæ æмпылд, мæ сæр — гæмæх, мæ хъустæ нал ахсынц зæл, уæддæр æй «йæ фæззæг», «йæ зæронд» ардауынц канд мæлæт æмæ фидæны сагъæсмæ (цардæй кæй хъуамæ ахицæн уа æмæ байзæддагæн зынг йе ’ртхутæджы норст кæй уыдзæн, уымæ) нæ, — ардауынц æй сæйраджыдæр архайынмæ, кусынмæ: «Цыбыр у цард! Фæлæ йæ бонтæй ма бар. Уый бонтæй баргæ нæу, фæлæ фæллойæ. Дæхи йæ цырынмæ, йæ арфмæ бахъар, Æмæ дæ фæззæджы уыдзынæ хызт фæсмонæй». Дæхи, дам, ын ратт, æмæ, дам, дæ цард уыдзæн сæдæ («Знон цыма уыд уый», 1943). Адæмæн дзæвгар хæрзтæ чи фæци æмæ ныр йæхи чи ауагъта, хæрд æмæ нозт йеддæмæ кæй ницы- уал æндавы, ахæм фыссæгмæ (чи зоны, Коцойты Арсенмæ, — æмдзæвгæ «Знон цыма уыд уый» дæр Арсены номыл ныффыста) Нигер хъæдды- хæй фæсидт: «Сыст, сис дæхи уæлæмæ, Дæ къæхтыл та ыслæуу, Куыд сыл лæууыдтæ, афтæ. Цæй, райс та, ра, Тагъд де ’ндон сис дæ къухмæ, Æвгъау уый у Ызгæ кæнынæн къуымы» («Ды уæнгæл дæ мæнæн», 1943). Кæнæ йын райсæм хæсты фæстæ йæ уæлмонц сидт алкæмæ дæр: «Гъей, удмидæг чи у, уый сыстæд уæлæмæ! Æрцыди куысты дуг, куысты дуг» («Бонивайæны цырæгътæ», 1945—1946). Зæгъон ма йæ, хæсты азтæ цасдæр бæрцæй кæрон скодтой «хæрд- ты кæсынæн», фадат радтой «цардмæ лæмбынæг æркæсынæн», æмæ Нигерæн бауырнын кодтой, зæгъгæ, цард раздæрау нал уыдзæн, фæлæ Нигерæн цæрын куы антыстаид, уæд федтаид, зæгъгæ, советон тота- литаризм хæсты размæ куыд уыд, афтæмæй баззад. Æниу хæсты азты дæр йæхи æвдисынмæ гæдзæ нæ кодта. Æвæццæгæн, 1966 азмæ хуы- мæтæджы нæ рацыдысты рухсмæ, Нигер хæсты азты æмæ фæсхæст кæй ныффыста, уыцы æмдзæвгæтæн дæр сæ хуыздæртæ («Бон хурмæ нæ тæфсын уæ рисæй», 1941—1942; «Мæй, о рухс мæй, ды бæрзондæй кæсыс», 1942—1943; «Ды уæнгæл дæ мæнæн», 1943; «Цымæ ныр та кæй рад у», 1944; «Æз нæ хастон къæлæт, æз нæ уыдтæн цагъар», 1945—1946; «Бонивайæны цырæгьтæ», 1945 — 1946). Хæсты фæстæ цы æмæ куыд уыд, уый тыххæй Нигер æнæмæнг загътаид ]эæстдзинад, 1947 азы 3 майы 51 аздзыдæй куынæ амарда- ид, уæд. Иæ зæрдæ та нæ бабыхстаид, йæхион та бакодтаид. 132
* * * Нигеры тыххæй бирæ зæгъинæгтæ ис. Æз дзы цы загътон, уый, чи зоны, фæахъаз уа йæ бамбарынæн. Кæд дзы исты раст нæу, уæд хатыр курын фыццаджыдæр Нигерæн йæхицæй, стæй та газеткæсæ- гæй. Ам ма мæ фæнды, цæмæй фæбæлвырддæр кæнон Нигеры тых- хæй мæ иуæй-иу хъуыдытæ. Æз цы бирæ ныхмæвæрдты тыххæй дзырдтон — зæрдæмард æмæ зæрдæрард, хъарæг æмæ зарæг, зæрдæ æмæ зонд, утопион æмæ реа- лон, мæнг æмæ æцæг, æрдзон æмæ социалон, зæронд æмæ ног, стæй ма æндæр ныхмæвæрдты тыххæй дæр, уыдонæн, мыййаг, сæ иуæй се ’ннæмæ нæ цыд, зæгъæм, хъарæгæй — зарæгмæ, утопионæй — реалонмæ, æрдзонæй — социалонмæ æмæ а.д., фæлæ уыциу рæстæг цардысты йæ мидæг, иудадзыг тох кодтой кæрæдзиимæ, æмæ уыцы тохæй гуырди рæстдзинад — Нигерæн йæхи æмæ рæстæджы рæст- дзинад. Сæйраг конфликт дæр — поэт æмæ рæстæджы æхсæн конф- ликт дæр — царди йæ мидæг. Уыцы ныхмæвæрдты тох æхсæвæй- бонæй не ’нцад, хъуырдухæн æмæ хъуыргьуындæг кодта, фидыд æмæ сабырдзинад нæ зыдта, æргæвста йæ, хурх æмæ йæ хуыдуг кодта, цалдæр хатты дзы ингæнмæ дæр хъуамæ алыгъдаид, фæлæ йын уæддæр фæрæзта, æмæ йын æгæр дæр ма бафæрæзта, æгæр бирæ дæр ма фæцард. Нигеры поэзи у иу егъау уацмыс-трагедийау. Йæ архайджытæ — йæ бирæ ныхмæвæрдтæ. Сæйраг архайджытæ — поэт æмæ рæстæг. Æмæ дзы рæстдзинад кæй уæлахиз кодта, поэт дзы антипоэт кæй не сси, уымæй йæ трагеди у хъайтарон. Нигер куыдта. Йæ аххос — ирон адæмы цард, Ирыстон æмæ йæхи сæрмагонд хъысмæт. Реалон хъысмæт. Кæуын кæм хъæуы, уым кæугæ куы кæнай, уæд уый лæджыхъæд у, стыр лæджыхъæд, уæлдайдæр дæ алыфарс бирæтæ кæнæ иууылдæр заргæ куы кæной, уæд! «Хæрдты кæсгæйæ», иудадзыг заргæ чи кодта, æцæг кæуинаг æмæ æрдиаггаг чи уыд, уыдон ын не ’мбæрстой йе ’нкъард, йæ тыхст, йæ пессимизм. Пессимистон уыд Ирыстон æмæ йæ поэты хъысмæт. Мæлынмæ-иу йæхи рæвдз кæнгæйæ, Нигер йæхицæн куырдта «иу ингæн мæгуыр къоборгалджынтимæ» («Ард дын хæрын», 1918), кæд- дæриддæр йемæ иста Ирыстон æмæ ирон адæмы низтæ æмæ зынтæ, хъыгтæ æмæ фыдфынтæ, — «мæ фæстæ мæ фæндаг кæд уаид уæгъд- дæр» («Мæ зæрдæ мæ риуы ныррæсыд, ыскъуыйы», 1922). «Мæ фæндаг», ома ирон адæмы фæндаг, Ирыстоны фæндаг. Хуыцау зæ- гъæд, æмæ алы ирон дæр ахæм пессимист уа! Уæд махæй оптимис- тондæр адæм нæ уыдзæн. Нигер буц æмæ райгонд никуы уыд йæхицæй. Нæ уыд, уымæн æмæ Ирыстон нæ бахызта «фыдрынæй», ирон адæмæн цы фæндтæ кодта, уыдонæн нæ «фæци цæуæнтæ дардмæ» («Иуæй иннæ бон уырыддæр», 1938), йæ бон сын истæмæй баххуыс кæнын нæ баци, йæхæдæг дæр йæ курдиаты гæнæнтæ нæ раргом кодта, æмæ йæхæ- дæг йæхи æфхæрыныл нæ ауæрста, йæхи хуыдта пассивон, æнæбон, уæлдайаг. Уый фыста: «Суанг ме ’взонджы бонтæй ыырмæ дæр мæ зæрдæмæ хæстæгдæр уыд æндæр хъуыддаг — поэтикон куыст, фæлæ 133
мæ зонадон æмæ педагогон куысты хуызæн уый дæр рæстмæ нæ рауад» («Мæ царды цыбыр фыст», 1944). Нигер йæхицæй бирæ æмæ карзæй кæй домдта, йæхи йæхæдæг кæй куынæг кодта, уый æвдисæн у йе стыр курдиатæн, Ирыстоны раз æмæ йæхи раз йе стыр бæрнон, йе стыр хæсæн. Æгæрыстæмæй йæ фæндтæ йæхи фæндиаг куы сæх- хæст кодтаид, йæ цæстæй сæ куы федтаид, уæддæр йæхицæй буц æмæ райгонд нæ уыдаид. Нигер цы тох æмæ цы куыст фæкодта, уый у стыр тох æмæ стыр куыст, стыр сгуыхт. Нигер бæллыд, тæхуды кодта сæрибармæ. Фæлæ фæндтæ æмæ цард æмбуар, æмтуг æмæ æмуд куы нæ суой, уæд сæрибар нæй. Ниге- рæн йе ’дде, йæ алфамблай нæ, фæлæ йæхимæ, йæ мидæг сæрибар тох кодта цагъарадимæ, æмæ-иу дзы фылдæр хатт фæуæлахиз сæри- бар. Уымæ гæсгæ дзырдта, зæгъгæ, æз цагъайраг нæ дæн. Ай-гъай, адæм нæ уыдзысты сæрибар, фыдтухæн æмæ фыдхъизæмар куы кæ- ной, мæгуыр-гæвзыккæй куы цæрой, сыдæй куы мæлой, сæ куыстæй сæхи дарынхъом куы нæ уой, уæд. Æмæ адæм фæстагмæ материалон хъуæгтæ кæй нал æййæфтой, ууыл Нигер куыннæ фæрадаид, фæлæ æмбæрста, зæгъгæ, уымæй дæр адæм не систы сæрибар. Куыд дын дзурой, амоной, кæдæм дæ тæрой æмæ дæ кæм бауромой, уым кус, хырх, дæ хид кал, дæ гуыбыны фаг дын къæбæр дæттой, агъуысты бын дæ уадзой, — ахæм куыст у сæрибар нæ, фæлæ цагъайраг. Æмæ кæд Нигер йæ мæлæты размæ сидти алкæмæ дæр кусынмæ (æнхъæлдта, зæгъгæ, хæсты фæстæ ныллæууыд куысты дуг), уæддæр куыст тыхбыны куыст куы уа, уæд у адæймагæй адæймаггæнæг нæ, фæлæ цагъаргæнæг. Материалон хъуæгтæ ма æййафай — уый хъæуы алкæй дæр, фæлæ сæйраг уый нæу. Сæйраг у монон, æмбæстагон, национ сæрибар. Хъуамæ цагъайрæгтæ суой сæрибар адæймæгтæ. Тоталитаризм у, иуæй, паддзахадон-хицауадон тыхми адæмæн, ин- нæмæй та — адæмы цæттæдзинад уыцы тыхми райсынмæ, йæ дæлбар сæхи бакæнынмæ, йæ фарс рахæцынмæ. Уый се ’намонд у, сæ худи- наг æмæ сæ мæлæт, фæлæ йæ сæхицæн хонынц амонд, кад æмæ æнæмæлæт. 1916 азы Нигер йæ зæрдæйæ загъта, зæгъгæ, «тæрсын æй кæны æнус», 1922 азты та загъта, зæгъгæ, йæ зæрдæ йын «нал тæрсын кæны æнус». Фæлæ уыцы «тæрсын» æмæ «нæ тæрсын» дæр тох код- той Нигеры мидæг, æмæ дзы «тæрсын» уæрагдих нæ фæци. Æмæ афтæ куы уыдаид (куынæ уал дзы тарстаид), уæд йе ’нусы зæрдæ- худты бацыдаид. Адæймаджы æнгæс æгæрыстæмæй гæзæмæ дæр чи уыд, уыдонæй алкæй дæр тæрсын кодта æмæ дзы алчи дæр тарст. Æмæ кæд 1934 азы дзырдта, зæгъгæ, кæддæр, раджы кæддæр ыл истори æрцыд йæ цъыф къæхтæй, æмæ ныр та истори кусæг у Иры- стонæн (æмæ уымæй компромисс кодта æлдариуæггæнæг идеологи- имæ), уæддæр не ’нусмæ дæр æмæ нырыккон историмæ дæр хорзæй ницæмæ каст æнхъæлмæ. Ирон адæм (сæхæдæг стыр адæм куы нал уыдысты бæрцæй æмæ тыхæй, уæд) сæ цард, сæ хъысмæт, сæ истори сæхæдæг нæ фæлдыс- той, — фæлдыстой сын æй æндæр адæмтæ, стыр адæмтæ. Уыдон, уыцы стыр адæмтæ, мыййаг, дунейы æппæт адæмты дæр — чысы- 134
лæй-стырæй — «æмæвзаг соммæ» нæ кодтой. Уыдонæн чысыл адæмтæ уыдысты «аразæн æрмæг» стыр адæмты фестырдæр æмæ фæтых- джындæр кæнынæн: батайой стыр адæмты æхсæн, ассимиляци æрцæ- уой (зæгъæм, цæгатаг ирæттæ суырыс уой, хуссайраг ирæттæ та — сгуырдзы уой). Æмæ Нигер «æмæвзаг сомы» цæрæг байзæддагæй цы куры, зæгъгæ, «фæлæуут-иу тæлмац... Зæгъут-иу сын мæ ном» (æмдзæвгæ «У фадат—аразæг»-ы вариантмæ гæсгæ), уый хъуамæ ракуыридтаид, чи йын суырыссаг кæнæ сгуырдзиаг уыдаид, уыцы байзæддагæй. Уыдонæй бирæтæ ныридæгæн иронау нал кæнынц дзургæ дæр æмæ кæсгæ дæр. Уыдонæй бирæтæ Нигерæй иу рæнхъ дæр кæй нæ бакастысты, йæ ном дæр ын кæй никуы фехъуыстаик- кой, ууыл æппындæр гуырысхогæнæн нæй. Гъе афтæ кусы истори Ирыстонæн! Нигер 23-аздзыд лæппуйæ сидти Къостамæ: «Сыст-ма, æмæ нæм фæстæмæ æрхон Рагон амонд ды уæддæр. Раджы, дам, дуне нæ номæй рызти, Хастам бæрзæндты нæ сæр. Адæмты астæу нæ ном, дам, уыди, Хъуысти хæрз дардыл нæ хъæр» (Къостайы коймæ», 1919). Ай-гъай, раджы кæддæрау стыр адæм нал суыдаиккам, нæ арæнтæ дæр дардыл нал ныззылдтаиккам, фæлæ Ирыстон дыууынæм æнусмæ цы адæм æмæ цы арæнтимæ æрхæццæ ис, уый уæддæр хъуамæ бавæрдтаиккам! Нигерæн Ирыстон уыд иу Ирыстон, цæгат æмæ йæ хуссарыл нæ дих кодта. Æмхуызон сын иста йæ зæрдæмæ сæ са- гъæстæ. Хуымæтæджы нæ куырдта йæ дадайæ, цæмæй йын радзура сау туалладжы тыххæй, уæлладжыроны тыххæй, æмæ уыдонимæ дза- уаджы тыххæй дæр: «Радзур-ма мын — дзауыкоймаг Оффæй, уæхс- куæзæй Сау цъалайы хъæд куыд калы Комджын фæрæтæй: («Да- дамæ», 1917). Хуымæтæджы нæ дзырдта Ирыстонæн, зæгъгæ, йæ зæрдæ «Чысанæй Лабæмæ дæ мæгуыр сабитæн æнæвгъау куы скæн- дзæнйæ лæмбынæг зард» («Ныббар мын, Ирыстон», 1920). Хуымæ- тæджы нæ куыдта, Къуыдаргомы Джусойты хъæу зæй куы фæласта, уæд («Хур — фæдисон», 1933). Ирон адæмæн сæ зæххытæ истой, Ирыстонæн йæ даргъ-уæрæх арæнтæ къуындæгæй-къуындæгдæр кодтой, ныр ын сæ бынтон хъуамæ бакъуындæг кæной, йæ хуссар- варс ын хъуамæ атоной. Ирыстон йæхæдæг нæ, — стыр адæмтæ йын лыг кæнынц йæ хъысмæт. Æмæ иугæр дæ хъысмæт кæнæг, дæ хъыс- мæт фæлдисæг дæхæдæг нæ дæ, уæд нæ дæ историйы субъект, уæд истори у дæ ныхмæ. Истори Ирыстонæн никуы куыста, йæ цъыф къæхтæй йæ ссæста æмæ ссæнды ныр дæр. Нигер уыд рис, æмæ рисæй хос кодта рисæн. Ирон адæмы ри- сæн, йæхи рисæн. Рисæй, ома рæстдзинадæй. Æмæ йын æй кæд нæ истой, советон тоталитаризм сын йæхи «рæстдзинад» куы ныббаста, ницыуынæг æмæ сæ ницызонæг куы скодта, уæд, кæд æй сæхицæн æцæгæлон хуыдтой, уæддæр йæ кæнон нæ уагъта, уымæн æмæ зыд- та, зæгъгæ, поэт кусы абонæн нæ, фæлæ сомбонæн. Поэт абон цы фыссы, уымæн йе ’ргом у сомбонмæ. Сомбон æй бамбардзæн æмæ айсдзæн, аргъ ын скæндзæн. О, Нигер уыд æмæ у «уацхæссæг æрцæуинаг дугæй»! 135
МИФТÆ ФÆЛДИСÆМ? МИФТÆЙ ЦÆРÆМ? Мах не ’ппæт дæр рацыдыстæм ивгъуыд заманæй, æмæ махæй алкæй мидæг дæр ис ивгъуыд заман. Фæлæ махæй уыцы заманмæ иуæн дæр аздæхæн нæй. Нæй гæнæн, æмæ йæм аздæхæм. Уæд мах бар-æнæбары рацæуиккам нæхи ныхмæ, царды ныхмæ, рæстдзинад æмæ сæрибары ныхмæ. Ахæм бæлвырд хатдзæгмæ махæй алчи дæр хъуамæ æрцæуид, Туаллæгты Æхсары чиныг «Приговоренные к бес- смертию» куы бакæса, уæд (Дзæуджыхъæу, «Аланыстон», 1993). Мах ивгъуыд заман нæ зонæм, кæд дзы райгуырдыстæм, цардыс- тæм, уæддæр. Мах ивгъуыд заман уыдтам æмæ æнкъардтам, æцæгæй куыд уыд, афтæ нæ, фæлæ нын æй фæтæгтæ æмæ хицæуттæ куыд уынын æмæ æнкъарын кодтой, афтæ. Чысылæй фæстæмæ нын æй нæ ныййарджытæ, нæ хъомылгæнджытæ, нæ ахуыргæнджытæ, нæ раза- монджытæ, нæ газеттæ, нæ радиотæ, нæ чингуытæ, не спектакльтæ, нæ кинонывтæ куыд ныв кодтой, афтæ. Уымæ гæсгæ ивгъуыд заман нæ мидæг баззад йæхи хуызæнæй нæ, фæлæ æндæр хуызæнæй. Нæ мидæг баззад йæ реалон фæлгонц нæ, фæлæ йæ мифон фæлгонц. Мах бауырнын кодтой, зæгъгæ, кæмдæриддæр æмæ кæддæрид- дæр цы аразæм, цы ми кæнæм, уым алцыдæр у раст æмæ хорз, уым æвзæрæй, фауинагæй ницы ис. Æмæ сыл хъуамæ райæм, цинæй зæххыл дæр ма хæцæм, арвмæ хауæм æмæ схъиуæм, иугæндзон сын арфæ æмæ æмдзæгъд кæнæм. Гæзæмæ исчи æндæрырдæм фæзылд, æндæрхуызон ахъуыды кодта, цæуылдæр фенкъард кæнæ фæгуы- рысхо, уæд ын йæ тыл уайтагъд фæцæф кæн, къуыммæ йæ баскъæр, мæрдтæм æй барвит, — æмæ йыл рай, æмæ æмдзæгъд кæн! Дыууæ мин азы дæргъы чырыстон динæн цы нæ бантыст, уый æвдай азмæ йæ къухы бафтыд «коммунистон динæн» — зæххы къорийы иу æхсæ- зæм хайыл цæрæг адæмæй йæхицæн скодта æнæцудгæ, æнæфæтасгæ фанатиктæ, æнувыд æмæ иузæрдион цагъартæ, хæстæргом æмæ аг- рессивон хотыхдартæ. Ивгъуыд заман нын йæхи хуызæнæй чи уынын кодта, раст дзы чи дзырдта, уыдон нын уыдысты æдзæсгом хахуыр- гæнджытæ. Афтæ сæ хуыдтам æмæ хонæм, мардтам æмæ сыл ныр дæр марынæй нæ бацауæрдиккам, фæлæ нæм уæлейæ чи фехситт кæна (марынæн та хæрзвадат чи сараза æмæ марынмæ чи ’рсида), ахæм фæтæг нæм ныртæккæ нæй, æмæ ууыл сусæг-æргом тынг хъыг æмæ тынг хъынцъым кæнæм. Æхсар нын ивгъуыд заманæн фенын кодта йæ иу цахæмдæр хай — уадз чысыл, фæлæ уæддæр ахсджиаг хай, æмткæй йын йæ реалон фæлгонцы бæрджытæ кæм хатæм æмæ кæм фæлгъауæм, ахæм хай. Сталинон репресситы æхсæз амæттаджы хъысмæт, номхуындæй, Æбаты Шамил, Барахъты Гино, Гатуты Дзахо, Дзесты Куыдзæг, Къосираты Сæрмæт æмæ Малиты Геуæргийы хъысмæт, а-да-гъа, дзæв- гар истæмæйты хицæн кæна иннæ амæттæгты хъысмæтæй — фыс- джьще æмæ журналисттæ, ахуыргæндтæ æмæ ахуыргæнджытæ, дох- тыртæ æмæ æфсæддонтæ, партион æмæ советон архайджытæ, зæх- кусджытæ æмæ кусджыты хъысмæтæй. Ай-гъай, автор уыцы фысджытæй кæмæй цы зæгъы, кæмæн дзы 136
куыд аргъ кæны йæ революцион æмæ æхсæнадон куыстæн, йæ литера- турон бынтæ æмæ йæ удыхъæды миниуджытæн, ууыл хи атигъгæнæн нæй, фæлæ сæйраджыдæр чиныджы ахадындзинад кæнгæ у уыцы фысджыты тыххæй алыхуызон документтæ æмæ факттæй, æвдисæй- нæгтæ æмæ мысинæгтæй, махæй æмбæхст чи уыд, авд дуары æхгæд кæуыл дардтой, уыдонæй. Æниу уыцы документтæ нырма дæр æххæс- тæй нæ уадзынц æддæмæ, нæ сæ уадзынц Паддзахадон æдасдзинады комитеты сусæг архивтæй (æмæ æндæр архивтæй дæр), нæ сæ уа- дзынц сусæг ахæстæттæй. Уыцы «ахстытæ» куы рацæуиккой (куы сæ рауадзиккой томгай, хронологонæй) уæд нæ цæстытыл ныххæциккам, нырризиккам, ныхъхъæрзиккам, æмæ, чи зоны, ивгъуыд заманы ми- фон фæлгонц нæ мидæг ныккæлид, нызгъæлид, ныппырх уаид. Автор йæ хъайтарты хоны æназым амæттæгтæ. Стыр драматург дзырдта, а дунейыл, дам, азымджынтæ нæй, ома алы адæймаг дæр йæ хорз æмæ йе’взæр райсы гентæ æмæ алфамблай уавæртæй, æрдз æмæ æхсæндзардæй. Махæн нæ бон у, æмæ зæгъæм иннæрдæм дæр: а дунейыл æназымджынтæ нæй. Шамил — революционер сæрæй-къæхтæм, Цæгат Ирыстоны фыц- цаг большевикон чыр саразæг, цард æмæ æхсæнад бындзарæй ивæг, революцийы сæраппонд æвæллайгæ тохгæнæг. Гино — Октябры ре- волюцийы хæстон, Цæгат Ирыстоны революцион гæрзифтонг къордтæ аразæг, революцийы знæгты æгъатыр дæрæнгæнæг (йæ удæмбал дзы дзырдта: кæд, дам, æрра суа, æндæр, дам, контрреволюционер ни- куы суыдзæн). Шамил дæр æмæ Гино дæр фыстой революцион уац- мыстæ. Дыууæ дæр — революцион терроры фарсхæцджытæ. Револю- ци сын сæрысуангæй уыд арфæйаг, тæмæссаг, тæхудиаг. Уымæ гæсгæ сæ æрæджиау революци куы ’рцахста, уæд æй æваст нæ бамбæрстой, æмæ сыл алыхуызон фыдтæ куы мысыдысты, уæд сыл нæ састысты, сæ ныхмæ дзырдтой, сæхиуыл рыг абадын дæр нæ уагътой. Фæлæ сæ фыднад куы кодтой, уæззау цырыхъы бырынкъæй сын сæ фæрс- чытæ куы нымадтой, сæ туг сын сæ хъæлæсæй куы калдтой, уæд — сæ царды фæстаг сахат — чи зоны, сæ сæрымагъзы кæмдæр зына-нæзы- на ферттывта æвирхъау æрæджиау хъуыды, зæгъгæ, азымджын стæм, революцийыл кæй баууæндыдыстæм æмæ йын нæ цард кæй снывонд кодтам, уымæй! Революци йæхицæн æргом знæгтæ, къласон знæгтæ кæй хуыдта, уыдон куы ныццагъта кæнæ сæ куы фæсырдта фæсарæнтæм, уæд бавнæлдта, кæй къухтæй сæ цагъта кæнæ сырдта, зæронд царды бын- дуртæ кæй къухтæй разылдта æмæ ног цард йæхирдыгонау кæй къух- тæй самадта, йæ политикæ æмæ йæ эстетикæ кæй къухтæй биноныг кодта, уыдонæн сæхи цæгъдынмæ. Дзырд дæр ыл нæй, бар-æнæбары азымджын уыдысты уыцы амæттæгтæ: цæмæн арæзтой хъæбулхор революци, цæмæн ын лæггад кодтой?! 1930 азы Гинойы фыццаг хатт куы ’рцахстой, уæд фыста: мæ хуызæн революционерты хъысмæт, дам, хъуамæ æнæнхъæлæджы хахуыртæй лыггæнгæ ма уа. Гинойы хуызæтты кæй ахстой æмæ кæй мардтой, уый æнæнхъæлæджы нæ уыд, æмæ ахæм ахсынтæ æмæ марынтæ æнæнхъæлæджы кæмæн нæ уой, уыцы революци æнахъи- 137
нон тыхми у историон процесс æмæ прогрессæн, адæймаджы æрдзы- хъæдæн, Хуыцауы бархъомысæн. Автор фыссы, зæгъгæ, мысыдысты, æцæгæй чи нæ уыд, ахæм мифон организацитæ, мифон æвдисæнтæ, мифон фыдгæндтæ... Ша- мил, дам, у «рахиз националистон, террористон организацийы уæнг», Гино — «сусæгкуыстгæнæг гæрзифтонг контрреволюцион антисоветон организацийы раздзог» (хуыдтой, дам, æй «адæмон парти»), Дзахо — «сусæг контрреволюцион националистон организацийы уæнг». Ахæм мифон организацитæн сын раздзог æмæ уæнгтæ хъуамæ æнæмæнг уыдаиккой ницæйаг, æгуыдзæг, æгъуыз адæймæгтæ нæ, фæлæ зынгæ, номдзыд удгоймæгтæ. Мыййаг, æвзæрты нæ, — адæмы хæрзты, адæ- мы хуыздæрты ахстой æмæ мардтой!. Революци уыд мастисæн, карз, æнæбарон, æнауæрдон мастисæн. Уыд йæ фæтæгты хуызæн, стыр æмæ чысыл фæтæгты хуызæн, фæс- тагмæ æгасæйдæр сси йæ иунæг генион фæтæг Сталины хуызæн. Æз иунæг мæхæдæг дæн удгоймаг дæр æмæ курдиат дæр, æмæ ма кæд исчи у удгоймаг æмæ курдиат, уæд мын хъуамæ дымысдæр æмæ фæс- дзæуин уа, кæд нæ, уæд æй скуынæг кæндзынæн. Адæм æй нæ хъуы- дысты, нæ, — хъуыдис æй бардз æмæ адæмæн сæ фылдæрæй (æппын- къаддæр сæ нæуæдз фараст процентæй) бардз скодта. Фæтæг æмæ бардзæн, фыййау æмæ фосæн революцийы мастисæн басгуыхт нæртон бурæмæдз — кæрæдзи йыл сæ афтæ нынныхæста, æмæ сæ ницыуал атыдтаид. Уæлейæ-иу сыл куы фехсигг кодта, уæд-иу бынæй бавнæлд- той сæ маст исынмæ, аздæхтой-иу дзырдхæссынмæ, нымудзынмæ. Куыдзæджы фыццаг хатт куы ’рцахстой æмæ йæ 1928 азы 27 декабры Астæуккаг Азимæ куы ахастой, уæд уырдыгæй 1929 азы 25 июлы йе ’рвадмæ рарвыста фыстæг. Уым фаудта Коммунистон партийы архайдтытæ: «Много несправедливостей, и нести партий- ный билет в кармане, не имея возможности бороться, — мы считаем недостойным коммуниста... Сейчас работает только аппарат, а партий- ная масса только голосует. К чему это приводит? К загниванию, пе- рерождению...» Æмæ, æцæгдæр, афтæ рауад. Раст ма дзур, дæхи хъуыды дын ма уæд, тох ма кæн, æрмæст коммæгæсæй, куырмæй æмæ къуырмайæ хъæлæс кæн, — ахæм æхсæнадæн æнæмбигæ нæй æмæ æмбигæ дæр бакодта. Мифтæ фæлдисæг революци (мæнг ын уыд æцæг, фыд ын уыд хорз, зылын ын уыд раст, цагъарад ъщ уыд сæрибар, фыдæгъдау ын уыд хæрзæгъдау, æбар ын уыд бар, æнамонд ын уыд амонд) махæй скодта мифтæ фæлдисæг, мифтæй — цæрæг адæм. Уыцы мифтæй иу — Сталин, дам, у ирон. Дзахойы удæмбал Фатимæйæн бар нæ лæвæр- дтой Мæскуыйы йæ иунæг фыртимæ цæрынæн. 1950 азы Сталинмæ арвыста фыстæг, ницы азым, дам, мæм ис иунæг-иу азымы йеддæмæ — ирон сылгоймаг æмæ ирон лæджы удæмбал дæн. Æнхъæлдта, зæгъгæ, Сталин ирон у, æмæ йын кæд фæтæригъæд кæнид! Фæлæ йын Сталин дзуапп дæр нæ радта. Хæрзаг, «стыр фæтæг» мæстæй йæ былтæ аууылдта. Сталин йæ равзæрдæй уыд ирон. Иронæй чи сгуырдзиаг уа, уый та цыфæнды гуырдзиагæй дæр у гуырдзиагдæр. Сталин уыд гуыр- 138
дзиаг, революцийы фæстæ уæрæсейаг (советон-цæдисон) империйы паддзахы къæлæтджыныл куы ’рбадт, уæд ма сси уырыссаг дæр, æмæ архайдта, цæмæй Ирыстон дих уа, æмæ хуссайраг ирæттæ, йæхийау, сгуырдзиæгтæ уой, цæгатаг ирæттæ та, йæхийау, суырыссæгтæ уой. Ирыстоны патриоттæ бирæ хæттыты куы ’вæрдтой баиуы фарст, уæд сын алкæддæр дзуапп лæвæрдта: «Æмæ Гуырдзыстон цы зæгъдзæн?!» Революцийы фæстæ ирон адæмы æнусон бæллиц куы сæцæг уыдаид (фыццаджыдæр æмæ сæйраджыдæр кæнгæ уыд Сталинæй), уæд абон айбæрц фыдæвзарæнтæ нæ сæрыл не ’ртыхстаиккой. Хъыгагæн, абон дæр нæ уæгъд кæнæм, «сталинон куырыхон национ политикæ» нын кæй скарста, уыцы кæуинаг æмæ æрдиаггаг хъысмæтæй. Ирыстоны баиуы фарст авторы хъайтартæй алкæй дæр æндæвта. Гино 1918 азы Хуссар Ирыстонмæ Ручъы æфцæгыл куы ахызт, уæд хуссайраг революционертимæ тох кодта гуырдзыйы ныхмæ. Уæд уырдыгæй Мæскуымæ цы телтæ æмæ ныстуантæ æрвыстой, уыдонæн сæ сæйраг фæндон æмæ домæн зыдта Гино дæр æмæ сæ фарс хæцыд зæрдиагæй: Хуссар Ирыстон хъуамæ уа Уæрæсеимæ, Цæгат Ирыс- тонимæ! Дзахо, 1926 азæй фæстæмæ Мæскуыйы цæргæйæ, арæх-иу æрцыд Хуссар Ирыстонмæ, ныффыста уац «Дзау» (журнал «Наши достижения», 1936, №7) æмæ дзы равдыста Хуссар Ирыстонмæ гуыр- дзиг разамынды фыдахаст. Уæд ын йæ иу зонгæ загъта: дæ уацы тыххæй дæ Берия зæххы бынæй дæр скъахдзæн! Дзахо бахудт: «Æмæ, цы къахинаг фæдæн, исты, мыййаг, мæнг ныффыстон?» Гуырдзыс- тонимæ уæвгæйæ, Хуссар Ирыстонмæ хорзæй ницы каст æнхъæлмæ. Дзахо ахæстоны йæ слестгæнджытæн загъта: Цæллагты Къостайы хæсмæ гæсгæ, дам, Ирыстоны баиу кæй фæндыд, уыдон æмдзæхдон кодтон. Ног Советон Конституцийы проект куы рацыд, уæд дзырдта: «Теперь необходимо добиваться, чтобы Северная и Южная Осетия объединились в одну республику, а Председателем Верховного Сове- та выбрать Симона Такоева». Абон ивгъуыд заман, «сталинон сæри- бар» æмæ «сталинон рæстдзинад» нæ мидæг афтæ тыхджын сты, сæ сæрыл афтæ карзæй, афтæ хъæхъхъагæй гæрæхтæ кæнæм, æмæ баиуы фарстмæ кæсæм «не ’мтуг, не ’мстæг» Сталины хуызæн: Ирыстонæн баиугæнæн нæй, Хуссар Ирыстон хъуамæ уа Гуырдзыстонимæ! Авторы хъайтартæй революцийы рæстдзинад йæхи хуызæнæй чи ’вдыста, ууыл дзургæйæ, фыццаджыдæр, зæгъын æмбæлы Геуæр- гийы тыххæй. Уый раджы бамбæрста: революци ирон зæхкусджы- тæн, ирон адæмæн хæссы террор æмæ стонг, политикон æмæ национ æбар, кæны сæ социалон-антагонистон къордтæ, уымæ гæсгæ уыд коллективизацийы ныхмæ, рацыд «Кермен»-ы партийæ. Геуæрги йæ удхæссæг уыдта мифтæ фæлдисæг, мифтæй цæрæг адæмæй. Дыгуры ахуыргæнджыты иу стыр æмбырды партион æмæ советон бодзтæ буц æмæ сæрыстырæй куы ’ппæлыдысты, мах, дам, ахуыргæнæджы сис- там бæрзонд, суанг уæлæрвтæм, уæд сын Геуæрги загъта: «Хуыцауы хатыр бакæнут, ахуыргæнæджы уæлæрвтæй зæхмæ æрæргъæвут, науæд æрхаудзæн уыцы бæрзондæй æмæ йæхи ныппырх кæндзæн. Уæ хорзæхæй, æрæргъæвут æй, кæрдзынæй йæ бафсадут, суг æмæ йын фæтæген раттут!» Геуæргимæ-иу бауырдыг сты йæ хорз æмæ йе 139
’взæрмæ бæлджытæ, ног царды тыххæй, дам, цæуылнæ фыссыс, æмæ сын æргомæй дзуапп лæвæрдта: «Мæ бон заказмæ гæсгæ фыссын нæу». Æниу куыннæ фыста ног царды тыххæй, фæлæ, бирæ æндæр поэттау, мифтæ нæ, одæтæ æмæ гимнтæ нæ, — фыста æмæ æвдыста гæнæн æмæ амал уæвгæйæ ног царды реалон, трагикон рæстдзинад. Æвдыста йæ канд ног царды тыххæй æмдзæвгæты нæ («Адтæй рæ- сугъд догæ», «Бундори гьарæнгæ», «Фиццаг мæлгъæ» æмæ æнд), фæлæ ма зæронд царды тыххæй поэмæты дæр («Гудзуна», «Темур-Алсахъ» æмæ æнд.). Уыцы поэмæты цы уавæртæ ис, уыдон бирæбæрцæй сты ног царды уавæрты хуызæн, сæ хъайтарты дзуринæгтæ — поэты са- гъæстæ æмæ катæйттæ. Геуæрги зыдта, амардзысты йæ, фæлæ йæхи- цæй цагъар не скодта, уыд æмæ баззад адæймаг æмæ поэтæй. Æхсар фыссы, Куыдзæг, дам, йæ радзырдтæ мыхуыр кæнын куы байдыдта, уæд ирон литературæйы арвыл стылд ноджыдæр ма иу стъалы. Ныфсхаст, сыгъдæгзæрдæ, æргомдзырд, Куыдзæг никуы æмæ никæмæй æмбæхста йæ цæстæнгас, йæ зондахаст, йæ фæндиæгтæ. Йæ газетон уацтæ æмæ йæ аивадон уацмысты — кæд алкæд æмæ алкæм æххæстæй нæ, уæддæр — æвдыста реалон рæстдзинад. Ра- дзырдтæ «Бирæкрат» (1935), «Рапорт» (1936) æмæ æндæртæ хурмæ калдтой, партион æмæ советон хицæуттæ мæгуыр зæхкусæг адæмæн цы хъыцъыдæттæ дардтой, уыдон, колхæдзтæ нартхор тонынмæ куы нæма бавнæлдтой æмæ афтæмæй, тынд æй фестæм, зæгъгæ, рапорттæ куыд лæвæрдтой хицæуттæм, мæнг, миф сын — уæлейæ суанг дæ- лæмæ — царды нормæ куыд сси, уыцы «типикон æууæлтæ». Сæрмæт йе ’ргом раджы скодта литературæйы мидæг партион по- литикæ уадзынмæ, литературæйæн кълассон дих æмæ кълассон тохы барæнтæй аргъ кæнынмæ, фæлæ уыциу рæстæг цæстуарзонæй каст фысджытæм, никæй дзы хъулон кодта, сæ уацмыстæ сын ныммыхуыр кæныныл йæ уд хъардта, моралон æмæ сыл материалонæй тынг аудыд- та. Хуымæтæджы йæм, мыййаг, нæ хастой азым: цæмæн, дам, ра- уагътай Малиты Геуæрги æмæ Багъæраты Созыры антисоветон æмбырдгæндтæ «Ирæф» æмæ «Зæрди дуар»? Ирон фысджытæм ахæм зæрдæ кæй дардта, уый æнкъардта Байаты Гаппо æмæ йæм Герма- нæй 1927 азы 9 сентябры рарвыста фыстæг (уæд Сæрмæт куыста газет «Рæстдзинад»-ы редакторæй). Гаппо йын уæзданæй бауайдзæф кодта: «В одном из номеров Вашей газеты... Вы затронули мою ста- рую деятельность на родине, обрисовав ее с ненадлежащей правдиво- стью. Кроме добра я ничего не сделал для всего нашего края. Прошу Вас ознакомиться со всем написанным мною в продолжение 35 лет на русском и осетинском языках, тогда Вы поймете Вашу ошибку. Моло- дости свойственно ошибаться...» Уый, агъай, Сæрмæтæн йе ’взонджы аххос нæ уыд, — афтæ йын амыдта революци æмæ йæ «хаххæй» фæр- сырдæм ма хъуамæ иртæстаид. Гаппо йæ фæдзæхста: «Ох, и как же беспросветно сера и зла наша жизнь, вносите больше радости и света, духа любви и примирения». Сæрмæт, кæд революцийы «хаххæй» нæ иртæст, уæддæр ирон фысджыты æхсæн тыдта «цин æмæ рухс, уарзт æмæ фидыды мон», æмæ уымæй бар-æнæбары уыд революцийы ныхмæ. Авторы хъайтартæ удæгас куы баззадаиккой, уæд куыд бауыда- 140
иккой, куыд фыстой æмæ куыд архайдтой, афтæ ма фыстаиккой æмæ архайдтаиккой, æви?.. Иунæг Куыдзæг дзы баззад удæгас. 1954 азы æрыздæхт хастæй, æмæ кæд йæ алфамблай прозаиктæй хуыздæр йед- дæмæ æвзæрдæр нæ фыста, уæддæр аивад кæмæй свæййы стыр аивад, уыцы рæстдзинадмæ нал æвнæлдта, йæхи дзы хызта, Куыдзæг нал уыд кæддæры Куыдзæджы хуызæн, нал уыд «Хорхæссæг» æмæ æндæр кълассикон радзырдты авторы хуызæн. Кæд ма йын стъалы схонæн уыд, уæддæр ирд, цæхæркалгæ нæ, — мынæг, нымæхсгæ стъалы, æндæр дзырдтæй, кæй ныммынæг кодтой, ахæм стъалы. Туаллæгты Æхсар зæгъы, нырма, дам, гæнæн нæй, æмæ стали- нон репресситæ ирон адæмæн цы трагеди «балæвар кодтой», уымæн йе ’ппæт фарстытæн дæр бæстон дзуапп раттæм. Ай-гъай, нырма ивгъуыд заман нæ мидæг ис, æмæ уымæ гæсгæ арæх слестгæнæн суагьæтæ лæвæрд цæуынц цыбыртæй, скъуыддзæгтæй, дзæвгар до- кументтæй систæуыд цахæмдæр рæнхъытæ, бынæттæ, мыггæгтæ æмæ нæмттæ, чи зоны, цахæмдæр «тæссаг» документтæн дзы бынтон сæ кой дæр нæй. Æртæ лæджы-иу скодтой тæрхон — æхст кæнæ хасты тæрхон. Чи уыдысты уыдон? Цæуылнæ сæ хъæр кæнæм? Кæнæ чи фыста «рецензитæ-хатдзæгтæ» ахст фысджыты чингуытæ æмæ къух- фыстыты тыххæй? Уыдон дæр фысджытæ уыдысты, фæлæ чи ? Мах хъуамæ алцыдæр зонæм — алцæй тыххæй дæр æмæ алкæй тыххæй дæр, кæд нæ фæнды, æмæ бардз мауал уæм, адæм суæм, уæд. Æхсар æхсæз ирон фыссæджы тыххæй цы ныффыста, уымæй нын стыр хорз ракодта, æмæ ма иннæ репрессигонд фысджыты тых- хæй дæр æрмæджытæ куы æрæмбырд кæна æмæ сыл куы ныффысса, уæд нын ноджы стырдæр хорз ракæндзæн. 1996.07.07. «ÆД ХÆТÆЛ ÆДУЛИ НÆЙ» Мæ зонгæ мын раджы кæддæр радзырдта: — Æз немыцаг уацары куы уыдтæн, уæд нæ концлагермæ æрба- хауд иу дыгурон лæппу. Хæрзконд, саулагъз, рæсугъд. Иугæндзон мадзура æмæ æнкъард, йæхимæ хъусгæйæ, сабыр, ныллæг хъæлæ- сæй дзырдта æнахуыр æмдзæвгæтæ. Æз-иу æм хъуыстон, æмæ-иу мæ бар-æнæбары йæ уацары бакодта. О, уыцы уацар уыд бынтон æндæр уацар — кæлæнгæнæн, æхсызгон æмæ адджын уацар! Уæлдай тынг- дæр мæм хъардтой мæнæ ацы рæнхъытæ (мæ зæрдыл сæ бадардтон): Æстуггин æфсоргъ, Тæходуй, нана, Хуцауи дзурдæй Нур ку фестинсе, Усед багоринсе Æз фæсденгизтæ Мсе сугъзсерийнæ, Мсе кизгон сензтсе. 141
Ци мин фæцайтæ, Уо, ме ’взонг бæнттæ? Уох, байвадæнцæ Мæ деденгутæ... Уыцы æмдзæвгæтæ-иу мæ ахастой фæсденджызтæм, ахастой-иу мæ сæ уацары немыцаг уацарæй. Æвæццæгæн, уыцы æмдзæвгæтæ куы нæ уыдаиккой, уæд концлагеры æвирхъау хъизæмæрттæн нæ бафæрæзтаиккам, удæгасæй дзы нæ раирвæзтаиккам. Мæ зонгæ æмæ дыгурон лæппу гитлерон концлагермæ куы баха- удтой, уæд æмдзæвгæты автор та Сыбыры сталинон концлагеры йæ царды фæстаг бонтæ цыбыр кодта. Мæ зонгæ æмæ дыгурон лæппуйы фервæзын кодтой йе ’мдзæвгæтæ, фæлæ йын йæхи нæ фервæзын кодтой. Мæ зонгæ дæр æмæ дыгурон лæппу дæр нæ зыдтой, зæгъгæ, — ирвæзынгæнæн æмдзæвгæты тыххæй! ахсгæ æмæ маргæ кодтой. Малиты Геуæргийы поэзи у Дзирасгæ-суадоны хуызæн. Цыма йæм армæй æвнæлд нæй, цыма йæ фысгæ дæр æмæ йыл кусгæ дæр нæ кодта, фæлæ йæ уды бынæй абузта — йæхибарæй, йæхигъæдæй, Дзирасгæ зæххы бынæй куыд сыр-сыр кæны, афтæ. Æмæ дзы чи нуазы, уымæн фæтынг кæны йæ туг, сафы йын йæ низ, — царды æнахъинон зынтæн быхса æмæ фæраза. Ай-гъай, æгас дуне куы бас- гарай, уæд дзы диссаджы алæмæт суадæттæ разындзæн, фæлæ дзы уæддæр Дзирасгæйæн æмбал нæй. Нæй йын æмбал, уымæн æмæ æмбал нæй Геуæргийы поэзийæн, уымæн æмæ у Геуæргийæн аермæст йæхи хуызæн, йæхи дыгурон поэзи. Мах арæх фæдзурæм, зæгъгæ, Геуæрги адæмон сфæлдыстадæй иста, лирикон æмæ цаууон сюжеттæ, хъуыдытæ мæ æнкъарæнтæ, хъайтарты фæлгонцтæ, нывæфтыд амалтæ. Адæмон кадæггæнæгау, дам, нывæста йæ уацмыстæ, рифмæ кодта адæмон-прозæйон тау- рæгътæ. Арæх афтæ фæдзурæм, æмæ нæ фембарæм: поэты раз æмæ йæ алфамблай цы цард ис, уым сæйраг кæд цард йæхæдæг у, уæд- дæр йе ’рдзон хæйттæ сты фольклорон дæр æмæ æгæрыстæмæй про- фессион-фысгæ литературæ дæр. Поэт сæ уыны, æнкъары, иртасы, æвдисы йæхимæ гæсгæ, æмæ дзы фæлдисы ног реалондзинад, йæхи индивидуалон, оригиналон реалондзинад. Фольклор йæхæдæг йæхи- цæн фагæй уæлдай куы у, æмæ ма дзы дыккаг йæхи хуызæн фольк- лор чи кæна, уый поэт нæ уыдзæн. Геуæрги уыд Хуыцауы хуызæн æмæ фæлдыста йæхи поэтикон дуне, йæхи геуæргион дуне. Цыфæнды дуне дæр — абон уа, сом уа — ныххæлдзæн, ныккæлдзæн, фесæфдзæн, рæстдзинад дзы куы нæ уа, уæд. Уæлдайдæр поэтикон дуне. Геуæрги рæстдзинад йæ мады æхсыримæ бададта. Æнæ рæстдзинад ын цард царды ад никуы кодта. Рæстдзинады тыххæй кæддæриддæр цæтгæ уыд алцæмæ дæр — стонг æмæ уазалмæ, æфхæрд æмæ мастмæ, тухи æмæ мæлæтмæ. Геуæргийы поэзи ирвæзынгæнæн уымæн у, æмæ дзы, Дзи- расгæйау, йæ уды бынæй абузта удриссæн æмæ удисæн, удагайæн æмгеудгæнæн, сыгъдæг æмæ сыгъдæггæнæн рæстдзинад. Рæстдзинад нæй æнæ сæрибар. Адæм дæр, адæймаг дæр, уæл- дайдæр поэт, сæрибар куы нæ уой, сæ сæр сæ бар куы нæ уа, уæд сæм рæстдзинад нæ уыдзæн, уæд адæм нæ уыдзысты æцæг адæм, 142
адæймаг нæ уыдзæн æцæг адæймаг, поэт — æцæг поэт. Геуæргийы поэзийы кæрæй-кæронмæ дзыназы æмæ зары сæрибары идейæ. Дзи- расгæ зæххы бынæй нæ сыр-сыр кæнид, бæлццонæн æвдадз, ныфс æмæ æхсар нæ дæттид, сæрибар куы нæ уаид, уæд. Геуæргийы поэзи ирвæзынгæнæн уымæн у, æмæ фыдуавæртæ æмæ фыдæгъдæуттæй, буар æмæ уды цагъарон рæхыстæ-хъадамантæй йæхи тоны сæрибармæ. Сæрибары бæллиц æй æркодта революцимæ, политикон архайдмæ. 1917—1918 азты уыд «Кермен»-ы парти аразджытæй æмæ йæ Цент- рон Комитеты сæрдар. Фæлæ куы федта æмæ куы бамбæрста, зæгъгæ, революци адæмæн сæрибар не ’рхаста æмæ сын не ’рхæсдзæн, уæд рацыд «Кермен»-ы партийæ, æмæ йе ’ргом скодта рухсадон æмæ литературон куыстмæ. Революцийæ ныфс æвæргæйæ, Геуæрги уæлмонц æмæ парахатæй фæсидтфæсивæдмæ(«Федог», 1919): Арвмсе мæсуг амайетæ, Хормæ скæнетæ фæндаг, Гъæйтт, зæрдиуагæй уайетæ, Догъи ма уотæ фæстаг! Тари цæфсæд сæребарæ, Мегъи сорæд æ тунтæй, Цард мабал уæд гъезæмарæ, Зæнхæ райзол уæд рунтæй. Геуæрги дзуры, зæгъгæ, «амайут», «скæнут», «ма ут» æмæ а.д., ома хъуамæ нырмæйау мауал уæм. Дыгурон «Федог»-æн цы ирон вариант скодта, схуыдта йæ «Хæххон зарæг», уым дзуры канд цы бакæнæм æмæ цы хъуамæ суæм, ууыл нæ, фæлæ ма ныридæгæн цы сыстæм, ууыл дæр: Даргъ уыд иæ хæхтæн сæ хъарæг, Бирæ фæкалдтой сæ туг, Хъуысы ныр дардмæ сæ зарæг, Хоны сæ тохмæ нæ дуг. Дзуры, зæгъгæ, «чидæр нын нал у æлдар», «амайæм арвмæ мæ- сыг», «нал ис не ’хсæн цагъартæ» æмæ а.д., ома сæххæст нæ бæл- лиц, дуг раивта поэт æмæ адæмы фæндиаг. Бæргæ, афтæ куы уыда- ид! Геуæргийæ тынгдæр кæй бафæндыдаид! Фæлæ уыцы сæрибар æмæ уыцы рæстдзинад уыдысты мæнг, декларативон, утопион, æмæ Геуæрги ахæм «революцион пафосæй» фыстаид, уый бар ын нæ лæ- вæрдта æмæ нæ радта йæ адæймагон æмæ йæ поэтикон æрдзыхъæд, йæ курдиаты хæс æмæ бæрн, йæ намыс æмæ йе ’фсарм. Нæ йын лæвæрдта, уымæн æмæ уæд сæрибар æмæ рæстдзинады зæрдæхудты бацыдаид. Зæрдæхудт та гадзрахатæй уæлдай нæу. Геуæрги йæ йæ- хæдæг йæхицæн нæ ныббарстаид. Ай-гъай, Геуæрги йæхиуыл гадзрахатæй рацыдаид, аллайаг кон- формист куы суыдаид, паддзахадон тыхмийæн фæсдзæуин куы ныл- лæууыдаид, цы нæ уыд, уый æцæг куы хуыдтаид, уæд. Фæлæ уыцы гадзрахатæй хуыздæр нæ уыдаид æндæр гадзрахат дæр — паддзаха- 143
дон тыхмийæ искуы йæ сæр куы бафснайдтаид, искуы куы бамбæх- стаид, кæмдæр хъæууон скъолайы ах^^ыргæнæгæй кусгæйæ, йæхи ницыуынæг æмæ ницыхъусæг, ницымбарæг æмæ ницыархайæг куы скодтаид, куы ницыуал фыстаид, уæд, — уадз, зæгъгæ, цыфæндыдæр æмæ куыдфæндыдæр уæд, мæнæн хъауджыдæр нæу. Бæгуыдæр, æнцон æмæ æдас уыдаиккой уыцы фæндæгтæ дыууæ дæр. Геуæрги равзæрста зын æмæ тæссаг фæндаг — паддзахадон тыхмийæн гæнæн æмæ амал уæвгæйæ йæ ныхмæ лæууа, йæ ми æмæ йæ дзырдæй йæм йæ ахаст æвдиса, адæймаг æмæ поэтæй баззайа. Цæмæй афтæ уыда- ид, уый тыххæй хъуамæ йæ мидсæрибар хъахъхъæдтаид, хъуамæ йæ ма фесæфтаид, ма йæ ныххуыдуг кодтаид. Цынæхуызон уай- дзæфтæ æмæ йын уынаффæтæ кодтой, æгæрыстæмæй йæ хæрзгæн- джытæ дæр, фæлæ сæ никуы райста, никуы сæм байхъуыста. Геуæр- ги — æнæхин æмæ æнæсайд, æргом æмæ фидар — йæ мидсæрибармæ баныхилын, бабырсын никæй бауагъта. Гулуты Андрей дзы 1925 азы дзырдта, Геуæрги, дам, 1916 азæй фæстæмæ «писал мало, а писать в наш век грандиознейших револю- ционных потрясений есть о чем». Геуæрги фыста (цъус æви бирæ, уымæн уадиссаг ницы нысаниуæг ис — поэт цъус кæнæ бирæ фыссы- нæй поэт нæу), фыста æмдзæвгæтæ, поэмæтæ, фæлæ йын уайдзæфтæ æмæ уынаффæтæ чи кодта, уыдон, мыййаг, йæ «цъус фыссын» не ’ндæвта, уыдон дзы домдтой, цæмæй ног цардыл гимнтæ æмæ одæтæ фыстаид, рифмæбыд тутт æмæ сур дзæнгæда цагътаид, Ленин, Ста- лин æмæ иннæ «зондджын», «æфсæн» фæтæгтæй æппæлыдаид. Дза- гуырты Гуыбадыйæн загъта: «Я не могу писать по заказу... В совре- менной нашей жизни я не нахожу для себя вдохновляющей темы». Æмæ канд Гуыбадыйæн нæ, — афтæ-иу дзырдта Мидхъуыддæгты адæмон (æнæадæмон!) къамисарады информатортæн (дзырдхæсджы- тæн, нымудзджытæн) дæр. Æвæццæгæн, рагæй кæй зыдта æмæ æнхъæлмæ кæмæ каст (ирвæзынгæнæн æмдзæвгæты тыххæй ахсгæ æмæ маргæ кодтой!), уыцы афон куы ’рхæццæ, куы ралæууыд, бур- жуазон националист æмæ йыл адæмы знаджы ном куы басагътой, уæд кæмдæр гæххæтты гæбазыл ныффыста хъазæн-хынджылæггæ- нæн æмдзæвгæ: По заказу Я ни разу Не писал стихи.. Все же скажем: С саботажем Дело плохо — хи-хи-хи... Геуæрги зыдта, зæгъгæ, заказмæ гæсгæ куынæ фыссай, уæд дын дæ размæ æвæрдзысты цæлхдуртæ, кæндзысты дыл æнæууæнк, хæс- дзысты дæм амæй-ай фылдæр фаутæ, æмæ æппынфæстаг æрцæудзынæ кæнæ ахст, кæнæ хаст, кæнæ мард. Заказмæ гæсгæ чи фыста, уыдо- нæй ,д;æр (социалистон реализм уыд паддзахадон заказ, паддзахадон тыхми) тынг бирæ амардтой, цæмæн зæгъгæ, ууыл ам нæ дзурдзы- нæн, Геуæрги дзæвгар ахсджиаг цæмæдæртæм гæсгæ сæ хуызæн кæй нæу, йæхи «ныхыфыст», йæхи «нывыконд» ын кæй ис, уымæн. 144
Геуæрги зыдта, зæгъгæ, советон, коммунистон тоталитаризммæ йæ ахаст гомгæрццæй, комкоммæ, йæхи номæй куы ’вдиса, уæд æй мыхуырмæ æмгæрон дæр ничи бауадздзæн. Геуæрги та фыста адæ- мæн, æмæ йын хъуамæ йæ уацмыстæ адæм кастаиккой. Уымæ гæсгæ, иуырдыгæй, фыста цæрæгойтæ æмæ тæхæг мæргъты тыххæй, фыста сылгоймæгты номæй, бынатыхицауы номæй, фыййауы номæй, цыма уымæй афтæ зæгъинаг уыд: æз нæ, — адæмы минæвæрттæ дзурынц сæхæдæг. Уыдонæн сæ дзуринæгтæ-æнкъарæнтæ сты Геуæргийæн йæхи дзуринæгтæ-æнкъарæнтæ. Иннæрдыгæй, фыста ивгъуыд цар- ды тыххæй, фыста поэмæтæ. Уыдон уыдысты канд ивгъуыд царды тыххæй нæ, — уыдысты нырыккон царды тыххæй дæр. Гæды — поэты æмдзæрин — стонг куы уа, уæд дуртæ æмæ къултæ хæры, æфсæст куы уа, уæд фырдисæй, фырцинæй аргъæуттæ кæны. Сæйраг дзырд дзы у «дис», — æвæццæгæн, æфсæст стæм хатт вæййы, фылдæр хатт та — стонг, æмæ уымæ гæсгæ æхсæвыгæтты «фудфунтæ, зин фунтæ уинуй» («Мæ тикис», 1923). Йе ’мдзæриныл дзы хуыздæр бон кæм уыдаид! Иухуызон у сæ уавæр. Рæсугъд дуг уыд фыййауæн йæ уалдзæг. Дзынгатæ тахтысты йæ сæрмæ, зарыдысты цъиутæ, йæ разы кæрдæгыл хызти йæ бæх. Ныр та? «Нур мæбæл ци ’рцудæй, — Уæууау, мæ фудгол — Фунау ку фæссурдæй Рохс уалдзæг изол», нал хъуысы цъиуты зарæг, дзын- гатæ цыдæр фесты тасæй, æмæ: «Нæ кæти, æ гъостæ Æруадзгæ лæ- мæгъ, Кæуй æнæ бостæ Йе стонгбæл мæ бæх» ,(«Адтæй рæсугъд догæ», 1923). Сæйраг дзырдтæ дзы сты «фыдгул» æмæ «тас», — уыдон фыййауы райгæ равг раивтой æрхæндæг равгмæ. Бæхы хъысмæт у зæхкусджыты хъысмæт. Поэтимæ иухуызон у сæ уавæр. Куы йæ ’рцахстой, уæд ын йе ’мдзæвгæйы мидис хуымæтæджы не схуыдтой «политиконæй зианхæссæг». Рæстдзинад сын уыд зианхæссæг. Æмбисæхсæв хъæу куы ’рфынæй вæййы, уæд бынатыхицау (бун- дор) кæуы комы фæндаггæрон, нæ уромы йæ цæстысыг: «Рацæйев- гъудæй мæ догæ, Ниццæйкалдæй мæ мæсуг». Ныр ралæууыд æндæр дуг, ныр бынатыхицауæй ничиуал у æнхъæлцау: «Ка нæ зонуй мæн гузавæ, — Ку лæдæридæ мæнау... Тæходуй æмæ и зæнхæ Ку нитто- нидæфæлтау!» («Бундори гъарæнгæ», 1927). Поэт бынатыхицауимæ у æммæт, æмсагъæс, æмхъарæг. Царды æнусон бындуртæ ныззил- гæйæ, ног дуг цард хуыздæр нæ фæкодта. Ирон поэттæ иугæндзон кæрæдзи ныхмæ æвæрдтой зæронд цард æмæ ног цард, алывæрсыгæй æфхæрдтой зæронд цард æмæ стыдтой ног цард: раздæр уыд æвзæр, ныр — хорз, раздæр уыд тар (талынг), ныр — рухс, раздæр уыд æнкъард, ныр — хъæлдзæг, раздæр уыд маст, ныр — цин, раздæр уыд хъарæг, ныр — зарæг. Геуæргимæ дæр ис контраст, фæлæ бирæбæрцæй иннæрдæм: зæронд цардæй ног цард æвзæрдæр йеддæмæ хуыздæр нæу. Революцийы агъоммæ йæ зæрдæ нæ рухс кодта цардæй: «Нæлтæ, силтæ, уо мæгуртæ, Над нæмунцæ золкъитау... Йехх, ку уайдæ мæ базуртæ, — Фæттæхинæ цæргæсау» («Цъифи рæстæги», 1915). Рево- люцийы фæстæ дæр — афтæ. Чызг базырджын æфсургъ куы фестид, уæд фæтæхид фæсденджызтæм, бацагурид уым йе ’взонг, йæ сыз- 10 Дзуццаты Хадзы-Мурат 145
гъæрин бонтæ («Кизги зар», 1922). Ам амонд нæй, амонд ис æндæр кæмдæр — арвыл уа æви фæсденджызты уа — æмæ чызг дæр æмæ поэт дæр тæхуды кæнынц уырдæм фæтæхынмæ. Нырма цæгаты мартъийы мигъ куы бады, их-хидтæ дæттыл куы лæууынц, нырма фыдуад æнæвгъау куы хъызы, уæд æртахт булæ- мæргъ фæсденджызтæй, æмæ йæ поэт фæрсы, зæгъгæ, цæмæн нæм æртахтæ, ома мах нæхæдæг уырдæм куы бæллæм, уæд ды та — ар- дæм? «Нæ тæрси ду адзалæй, Тæрсун дин æз уæддæр: Æстонг æма уазалæй Ку фесæфа дæ сæр» («Фиццаг мæлгъæ», 1927). Афтæ фæуд кодта æмдзæвгæ, æмæ йæ нæ рауагътой. 1934 азы йæм Геуæрги но- гæй раздæхт: поэт йæхæдæг булæмæргъæн цы дзырдта, уый йын ныр дзуры зæхкусæг, æмæ йын булæмæргъ кæронæй дзуапп дæтты дыууæ строфайæ: рухс уалдзæг, дам, дын хæссы мæ зарæг. Фæлæ йын æй афтæмæй дæр нæ рауагътой. Советон тоталитаризм хæссы уалдзæг, — булæмæргъ æй куыд хъуамæ хæсса?! «Æнæмбæрст цы- дæр», дам, у æмдзæвгæ. Æнæмбæрст цыдæр сын уыд рæстдзинад. Къосираты Сæрмæт фыста, зæгъгæ, цензурæ куы ’ркаст Геуæр- гийы æмбырдгонд «Ирæф»-ы къухфыстытæм, уæд дзы цалдæр æмдзæв- гæйы систа, цалдæр та дзы рацаразын кодта, уыдонимæ поэмæ «Дууæ фиййауи» дæр. Систа сæ æмæ сæ рацаразын кодта, аивадонæй цауд кæй уыдысты, уый тыххæй, мыййаг, нæ, фæлæ, идеологон догмæтæн дзуапп кæй нæ лæвæрдтой, уый тыххæй. Геуæрги заказмæ гæсгæ, æвæццæгæн, æмдзæвгæ «Федог»-ы ирон вариант «Хæххон зарæг» йеддæмæ ницы ныффыста, ныффыста йæ, 1923 азы газет «Рæстдзи- над»-ы конкурс куыд домдта, афтæ, ныффыста йæ «рæстæджы амындмæ. Ома раздæр нын уыд æлдар, ныр нын нал ис, раздæр не ’хсæн уыд цагъартæ, ныр дзы нал ис, иннæ бирæтæ цензурæ кæнæ нæ уагъта, кæнæ йын сæ ивын кодта (æвæццæгæн, «Дууæ фиййауи»- йы аивта поэмæйы кæрон: Уазы фыййау нæ амард, адæмон кадæ- джы куыд у, афтæ, æмæ йæм Сау хохы фыййау базары, зæгъгæ, мæгуыр адæмæн тых чи кæна, уый дæ уазджытау фыдвæндаг фæ- уæд). Цензурæ йын кæй систа, уыдонæй нæм цал не ’рхæццæ, æвæд сæфт фæкодтой æви ма искуы сты æвæрд, уымæн ницы зонæм. Цен- зурæ йын кæй рацаразын кæнæ кæй аивын кодта (мах дзы кæй зонæм: «Фиццаг мæлгъæ» æмæ «Дууæ фиййауи), уыдон уæддæр Ге- уæрги ныууагъта йæхи рæстдзинады арæнты мидæг, тоталитарон «рæстдзинады» амæттаг сæ нæ фæкодта. Кæд æй алырдыгæй тасын кодтой æмæ састой, уæддæр тасын нæ куымдта æмæ нæ саст. Сæрмæт фыста: «Я считаю большой своей заслугой то, что мне в результате некоторой товарищеской ра[6оты удалось оживить литера- турную деятельность Малиева». Сæрмæт, Геуæргийы хъауджыдæр, ног царды сæрыл тох кодта æнувыд æмæ хъæддыхæй, зæгъæн ис, литературæйы уыд коммунистон партийы идеологон хæстон. Æмбырд- гонд «Ирæф» критикæйæ хъахъхъæнгæйæ, Сæрмæт фыста, зæгъгæ, Геуæрги æввахс у революцимæ, «но с некоторым «философическим» вывйхом, обусловливающим некоторую оторванность его как гражда- нина и поэта от нашей социалистической современности и в свою очередь в значительной степени являющимся следствием того, что им 146
своевременно и как следует не занимались, не работали над ним, не воспитывали его». Сæрмæты фæндыд, цæмæй Геуæргимæ ма «фæби- рæгъдзаст» уыдаиккой, сæхи йыл ма ныццавтаиккой æмæ йæ ма аныхъуырдтаиккой, æмæ уымæ гæсгæ азым хицæуттæн сæхимæ æппæрста, сæхи сын зылын кодта, фæлæ уæддæр Геуæргийæ афтæ зæгъ, зæгъгæ, нæ йыл куыстам, нæ йæ хъомыл кодтам!.. Геуæрги- йæн йæ бон уыд, æмæ йæхæдæг йæхи хъомыл кодтаид, фæлæ исчи?.. О, куыд худæг уыдаид æмæ куыд худинаг! Æвæццæгæн, Сæрмæт цыдæр темæ радта Геуæргийæн, æмæ йыл куыста: «Сидел вчера до поздней ночи Над темой, заданной тобой». Ивгъуыд царды тыххæй йын цыдæр фыссын кодта, Геуæргийæн йæхи царды тыххæй æви æндæр истæй тыххæй уый бæрæг нæу, ныффыс- та йæ æви нæ, уый дæр бæрæг нæу, æвæццæгæн, нæ, уымæн æмæ йын йæ ныстуаны кæрон зæгъы: «По дебрям прошлого скитаться Не заставляй меня, Сармат, Не заставляй меня пытаться Былое вновь воспоминать» («К Сармату», 1934). Нæ, Геуæрги йæ царды кæронмæ фыста, гæнæн æмæ амал уæвгæйæ, цы йæ фæндыд æмæ йæ куыд фæндыд, афтæ. Искæй заказмæ гæсгæ нæ. Кæд Сæрмæтмæ ныстуаны алцыдæр бæрæг нæу, уæддæр ын афтæ бамбарæн ис, зæгъгæ, ивгъуыд царды тыххæй Геуæргийы мысинæг- ты рæхыс-иу куы мигъы æрбайсæфт, куы та-иу фескъуыд, ома, Сæр- мæт ын цы темæ радта, уымæй йын ницы рауад, уацмыс дзы нæ ныффыста, фæлæ-иу йæхæдæг йæхи фæндонæй куы фыста ивгъуыд царды цаутæ æмæ адæймæгты тыххæй, уæд: «Я стих небрежный им слагаю, Стараюсь песню распевать, Чтоб, ею душу ободряя, Виденья ночи запугать». Ивгъуыд царды тыххæй цы зарæг нывæста, уымæй æхсæвы æндæргтæ, æхсæвы цæстуайæнтæ тæрсын кодта. Револю- цийы агъоммæ дæр фыста, зæгъгæ, Ирыстонæй дард уæвгæйæ, мæн мæ райгуырæн бæстæм мæ хъуыды куы ахæссид, уæд мæм февзæрид «уаз уæлтæмæн», мæ зæрдæйы маст феппарин: «Но не долог будет миг отрадный, Светлый миг иллюзии пустой. Он пройдет, и вновь, смеясь злорадно, Тени мрака встанут предо мной» («Кину взгляд на юг родной и милый», 1916). «Тары аууæттæ» («тени мрака») æмæ «æхсæвы æндæргтæ». («виденья ночи») Геуæргийы уæгъд æмæ æнцой никуы уагътой. Чи зоны, Сæрмæтæн куы дзырдта, зæгъгæ, ивгъуыд царды мæ рахау-бахауаг ма кæн, уæд уымæй ма зæгъинаг уыд: ивгъуы- дыл фыссынæй бафæлмæцыдтæн, æз хъуамæ абоныл фыссин, фæлæ абоныл куы фыссон, æцæгæй цы æмæ куыд у, афтæ йæ куы ’вдисон, уæд «тары аууæттæ» æмæ «æхсæвы æндæргтæ» æгæр фæтæрсын кæн- дзынæн, æмæ мын цæрæн æмæ кусæн æппындæр нал уыдзæн. «Тары аууæттæ» æмæ «æхсæвы æндæргтæ» Геуæрги канд йæ за- рæгæй нæ тæрсын кодта. Дыгуры ахуыргæнджыты иу стыр æмбыр- ды партион æмæ советон бодзтæ трибунæйæ хъæрæй æмæ æхсызго- нæй дзырдтой: «Ахуыргæнæджы мах систам, буржуазон æхсæнады куыд никуыма уыд, афтæ бæрзонд, суанг уæлæрвтæм!» Геуæрги сæм фæхъуыста, стæй ныхасы бар ракуырдта, трибунæмæ схизгæйæ, та- бугæнæгау йæ къухтæ хæрдмæ сдардта æмæ загъта: «Хуыцауы ха- тыр бакæнут, ахуыргæнæджы уæлæрвтæй нæ тæригъæдджын зæхмæ 147
æрæргъæвут, науæд æрхаудзæн уыцы бæрзондæй æмæ йæхи нып- пырх кæндзæн. Уæ хорзæхæй, æрæргъæвут æй, кæрдзынæй йæ баф- садут, суг æмæ йын фæтæген раттут!» Геуæргийы ахæстоны куы фарстой, уæд йæхицæй загъта, зæгъгæ, «Кермены» парти ирон зæхкусджыты социалон-антогонистон къорд- тыл кæй дихтæ кодта, ууыл разы нæ уыдтæн æмæ уымæ гæсгæ ра- цыдтæн хъæууон хæдзарады коллективизацийы ныхмæ.1956 азы, Ге- уæргийы реабилитацигæнгæйæ, ногæй йын йе ’вдисæнты куы фар- стой, уæд уыдон загътой, Геуæргийæн, дам, йæ зæрдæмæ нæ цыд колхозон цардæвæрд, нæ йыл фыста, уымæн æмæ колхозонтæ цæ- рынц æвзæр, æмæ æвзæр хорз куыд рахонон, мæ бон мæнг дзурын æмæ мæнг фыссын нæу. Ирыстон сæйраджыдæр уыд зæхкусджыты бæстæ. Уымæ гæсгæ ирон зæхкусджыты фарст кæддæриддæр уыд æмткæй ирон адæмы фарст. «Кермен»-ы парти куы арæзтой, уæд Геуæрги дзырд радта, зæгьгæ, тох кæндзæн зæхкусджыты сæраппонд: хъуамæ сын зæхх лæвæрд æрцæуа, хъуамæ зæххæн хицау уой. Зæхх чи кусы, чи йыл калы йæ чъиухид, уыдон къухы хъуамæ уа, æндæр никæй. Фæлæ советон хи- цауад бавдæлд, æмæ зæхкусджытæн сæ сæр сæ кой фæкодта, иста сын, уæдмæ сæм цы зæххы гæппæлтæ уыд, уыдон дæр. Чи-иу сæ нæ лæвæрдта, — нæ сыл ауæрста хæцæнгарзæй, хæстон тыхæй. Афтæ кодта «Кермен»-ы парти дæр: хæцыд йæхи адæмы ныхмæ, дæрæн æмæ сæ куынæг кодта. Геуæргийы нæ фæндыд, цæмæй адæм æфхæрд æййафой, сæ туг калдтой, цæмæй нæм æнхъиза æмæ æнхъæвза террор. «Кермен»-ы парти большевизацигонд куы ’рцыд, уæд нал барста æндæрхуызон хъуыдыгæнджытæн. Иухатт дзы Геуæргийы ныхас кæйдæр зæрдæмæ нæ фæцыд, æмæ Геуæргийыл уайтæккæ йæхи ан- дзæрста, бартхъирæн æм кодта, æз, дам, дæ фæдæлдзæх кæндзы- нæн. Геуæрги уæд загъта, зæгъгæ, мах тох кодтам паддзæхтæ æмæ æлдæртты ныхмæ, ракалдтам сæ, раппæрстам сæ, æмæ кæд ныр партийы ног паддзæхтæ æмæ ног æлдæрттæ фæзынд, уæд ахæм партийы мæн ницы хъуыддаг ис. Ирон зæхкусджыты фарст, ирон адæмы фарст цæмæй раст алыг уыдаид, ууыл йæ уд хъаргæйæ, Геуæрги «æххуыс агуырдта» канд абонæй нæ, фæлæ ма ивгъуыдæй дæр. Геуæрги фыста, зæгъгæ, махмæ, ирон адæммæ, нæ уыд нæдæр паддзæхтæ, нæдæр кънйæзтæ, нæдæр хантæ, нæдæр богдихантæ. «Правда, — амыдта Геуæрги, — были у осетин предводители, избираемые народом во время войны или опас- ности, но как только война сменялась миром, избранный вождь сла- гал с себя, по требованию народа, диктаторские обязанности. Да если бы народ управлялся царями, остался бы до сих пор какой-нибудь след царизма — княжество, узденство или дворянство, но, слава Богу, у нас их не было, нет и не будет» (газ. «Горская жизнь», 26 января 1918 г.). Бутаты Хъазыбег дзырдта, зæгъгæ, кæсæг ирон адæмы куы басастой, уæд нæм фæзындысты феодалон ахастытæ. Геуæргимæ гæсгæ, кæсæг мах кæй никуы басастой, уымæн æвдисæн у адæмон сфæлдыстад: «Народный эпос не мог обойти молчанием факт покоре- ния одного народа другим». Хъазыбег дзырдта, зæгъгæ, Ирыстоны 148
уыд «тæгион æлдæрттæ» æмæ «бадилон кънйæзтæ». Геуæргимæ гæсгæ, «алдарами осетины называли князей Кабарды, Балкарии, Грузии и др., но у самих осетин не было и нет алдаров-князей». Æмæ дард- дæр: «...сам народ, народ осетинский, оберегая свою независимость и свободу с оружием в руках, не знал и не испытал ни подчинения каким бы то ни было князьям или алдарам, ни сословного подразде- ления в историческом смысле этого слова». Æмæ ма ноджыдæр: «... в Осетии не было ни высшего, ни низшего сословий» (газ «Комму- нист», 31 июля 1920 г.). Хъазыбегæн æнцон уыд кълассон дих æмæ кълассон тохы теорийы позицийæ Геуæргийыл «алæгæрстаид» (Ге- уæрги æнцон нæ, — зын фæндаг равзæрста!). Кæд ног паддзæхтæ æмæ ног æлдæрттау нæ хъуыды кæнай, уæд ницымбарæг дæ, уæд фидиссаг æмæ знаг дæ! «Малиев и ему подобные, — фыста Хъазыбег, — хотят вопреки истории видеть в Осетии, как и везде (алкæм нæ, — Геуæрги дзырдта æрмæст Ирыстоны тыххæй. — Дз.Х.), единую на- циональную физиономию, чтобы этим оправдать свое непонимание истории». Геуæрги «Кермен»-ы партийæ кæй рацыд, уымæй йын Хъазыбег йæ цæстытæ акъахта, цы халæтты кой кæны, уыдонæй дæр фыддæр: «Ренегат Малиев тогда, как трус, сбежал. И сбежал потому, что чувствовал себя связанным с этими сословиями, канувшими уже в вечность. Вот почему явился этот новоявленный баделятский адвокат. Поистине верна осетинская пословица: «Ворон ворону глаз не клюет» (газ. «Коммунист», 11 августа 1920 г.). Геуæрги æмбæрста канд цы уыд, уый нæ, фæлæ ма цы уыдаид, уый дæр. Геуæрги фæдзæхста: ирон зæхкусджытæ, ирон адæм сæхи- мидæг къордтæ-дихтæ ма ’рцæуæнт, кæрæдзийæн сæ знæгтæ ма скæ- нæм æмæ сæ кæрæдзийæн ма ныццæгъдын кæнæм. Геуæрги раст æмбæрста æмæ раст фæдзæхста. Цал ирон зæхкусæджы астын код- той сæ ныййарæг зæххæй æмæ сæ ахастой Сыбырмæ, цал дзы амард- той! Цал дзы рафтыд колхозтæ æмæ совхозты фыдгуыстæй, хъазай- раг æфсондз æнтъухынæй, гæвзыкк æмæ тæригъæддагæй! Цал æмæ цал хъæуы федзæрæг! Адæмæн зæхх сæнад, сæцæгæлон, сæ уæнгæл фестад, æмæ лыгъдысты сахартæм, сæудæджерадон куыстуæттæм, сæфтой фыдæлтон фидауц традицитæ, се ’взаг, сæ культурæ, сæ хæр- зæгъдау. Кълассон дих æмæ кълассон тох æркодтой 1937 азмæ, æркод- той не ’ппæт фыдбылызтæм дæр, ирон «национ физиономийы» гæ- лиртæ, зылынтæ æмæ гуылмызтæм. Кълассон дих æмæ кълассон тох æркодтой ног æлдæрттæ æмæ ног цагъайрæгты социализммæ, «тары аууæттæ» æмæ «æхсæвы æндæргтæ», хæйрæджытæ æмæ дæлимонты тугмондаг цоппай æмæ хъомпалмæ. Геуæрги фæдзæхсы абон дæр: ирон адæмæй та ма скæнæм хъæздыджытæ æмæ мæгуыртæ, урсытæ æмæ сырхытæ, стæй ма ирæттæ æмæ къуыдайрæгтæ, ирæттæ æмæ дыгурæттæ, чырыстæттæ æмæ пысылмæттæ, се ’хсæн сын сау фыдæх ма ссудзæм æмæ та сæ кæрæдзиимæ ма схæцын кæнæм. Хуыцау куы загътаид, æмæ нæм Геуæргийы хуызæн «ренегаттæ» куы уыдаид æмæ нæм ныр дæр куы уаид! Ивгъуыд цард æвдисгæйæ, Геуæргимæ дыгурон адæм хæцынц сæ кæрæдзи ныхмæ нæ, фæлæ кæсгон æлдæрттимæ. Æлдæрттæ сæхимæ 149
нæй, кæд сæм мæгуыртæ æмæ хъæздыджытæ ис, уæддæр. Фыййау Гудзуна — Фæлвæрайы-фырт Гудзуна — хъæздыг æмæ хъал нæу, фæлæ йæ ныфс хæссы зæронд фыййау Бæбæты чызг Гудзаимæ цæрынмæ, æнæамал, дам, нæ уыдзынæн. Кæсгон æддар Мулдары æфсад сæм куы ’рбабырстой, уæд Гудзуна семæ карз тохы бацыд æмæ хъæбатырæй фæмард («Гудзуна», 1934). Темур-Алсахъ у «мулкæй мæгур, нифсæй идзаг», Сеойты чызг Дигиза та — «рæсугъд, æвзонг æмæ гъæздуг». Куырдта йæ, фæлæ йын æй йæ зæронд фыд нæ радта. Кæсгон æлдар Дзасболат хъуамæ Кеты хъæуæй скодтаид хъалондар, æмæ йын куы нæ разы кодтой, уæд Дигизайы аскъæфта. Темур-Алсахъ æй асырдта, чызджы суæгъд кодта, æмæ Дзасболаты амардта. Уæд сæм æрбабыр- ста Дзасболаты фырт Ахъбад æд æфсад, фæлæ та уый дæр Темур- Алсахъ амардта. Кæсæг авд марды ахастой, æгадæй аздæхтысты сæ- химæ. Уыцы хæсты хъæбатырæй фæмард Темур-Алсахъ йæхæдæг дæр («Темур-Алсахъ», 1934). Уазы фыййаумæ дæр тыхгæнæг æрбацыдыс- ты кæсгон æлдæрттæ, Биаслантæ. Сау хохы фыййауы амындæй, йæ уазджытæн аргæвста сау сæгъ (йæ фыд сын — марг, йæ бас сын — хос) æмæ йын йæ фыд хæрынмæ куы бавнæлдтой, уæд Уазы фыййау йæ фосмæ фæцæйуайгæйæ аг йæ къахæй ракъуырдта, бас акалд æмæ фæстæмæ куы ’рбаздæхт, уæд Биасланты дæргъытæй æрбаййæфта («Дууæ фиййауи», 1923). Стонг рæстæг куы скодта, уæд Мæхæмæт куыстагур (йæ зæронд фыд сыдæй ма амæла ) ныццыд иу хъæумæ, ныхасы адæмæн йæ хабар радзырдта, æмæ йын уым загътой: ахæм рæстæг, дам, æххуырст райсын махæй никæй бон у, фæлæ, дам, цу ханы хъæумæ, чи зоны, дам, дæ уый баххуырса («Гъонгæси фурт мæгур Мæхæмæт», 20-æм азты æмбис). Æвæццæгæн, æххуырсгæ ирон адæм дæр кодтой, иутæ дзы хуыздæр цардысты, иннæтæ — æвзæрдæр, фæлæ сæм уæддæр нæ уыд хантæ æмæ æлдæрттæ. Абоны царды иумæйаг бæрджытæ, æууæлтæ йæм уынæм æмæ æнкъарæм, ивгъуыд царды тыххæй куы фыссы, уæд. Хуымæтæджы, мыййаг, не ’вдисы «Гъонгæси фурт мæгур Мæхæмæт»-ы «æнæуаг стонг» рæстæг. Бар-æнæбары нæ зæрдыл æрбалæууы æмдзæвгæ «Ад- тæй рæсугъд догæ» — абоны дуджы фыййауы бæхы кæуын стонгæй. Хуымæтæджы, мыййаг, нæ амæлы Къаматы чындз — сæ сылты хуыз- дæр, сæ кад — фыд-зæрдæ, цъаммар, æлгъаг хахуырæй, — Ирысто- ны зынгæ адæймæгтæ сайраг æмæ додойаг уыдысты политикон æмæ идеологон хахуыртæй («Дзандзирахъ», 1927). Кæнæ хуымæтæджы нæ асхойы Биаты Хъасбол йе ’рдхорд, йæ лымæн Гуыйманы айнæ- джы былæй, — хæлæг, мæнгард, гадзрахат ирон адæмы æхсæн «ди- динæг калдтой» («Уæхадæги фурт мингий Гуйман», 1923). Кæнæ цæмæн тох кодтаиккой, цæмæн ссардтаиккой мæлæт Геуæргийы хъай- тартæ Гудзуна æмæ Темур-Алсахъ сæрибар æмæ хæдбары сæрвæл- тау, уыцы сæрибар æмæ хæдбар абон куы уыдаиккой, уæд?! Геуæргийы хъайтартæн цы уавæртæ ис, цы хъуыдытæ, цы ’нкъа- рæнтæ, цы равг сæм ис, уыдон бирæбæрцæй уыдысты Геуæргийæн йæхи уавæртæ, йæхи хъуыдытæ, йæхи æнкъарæнтæ, йæхи равг. Гудзуна — хъуынтъыз арсы хуызæн. Æхсæрдзуан чызджытæ каф- гæйæ æхсæрæй гæрæнты сæрты гæппытæ куы кодтой, уæд Гудзуна 150
дæр афæлвæрдта, фæлæ гæрæнтæ фехæлдта, æмæ йыл чызджытæ худæгæй сæхи схастой. Уым дуджы аххосæй цыма ницы ис, фæлæ дзы уæддæр Геуæрги дуджы кой ракодта: «Цагъарау хæссуй æ догæ Æнæтхалгæ, æвæндон... Гъей, уæууай, уæууай, фæлтауги Цард фесæ- фæд, цæй, бунтон!» Ракодта йæ, уымæн æмæ Гудзуна канд фыййау æмæ хæстон нæу, фæлæ ма у поэт дæр. Ис ын удæмбал — йæ хæтæл. Æвæджиау хæзна. Æмæ дуг поэтæй цагъар куы кæна, куы йæ ссæн- да, уæддæр ын хъуамæ ком ма дæтта, хъуамæ йæ хæтæлæй цæгъда, хъуамæ фысса. «Æд хæтæл æдули нæй», — дзуапп дæтты Геуæрги, æнæмбаргæ йæ чи хуыдта, йæ дзырд æмæ йын йæ ми чи фаудта, зонд æмæ йын фыссын чи амыдта, уыдонæн. Гудзунайыл иу æхсæв йе ’нкъард сагъæс тыхджын куы ’ртæфсти, уæд айнæгæй кæсы абухгæ донмæ — кæд, мыййаг, уырдæм нæ хъавы йæхи нывзилынмæ? Нæ, хъуамæ тохы рамæла кадимæ. Æвæццæ- гæн, йæхи амарыны фæндон-иу Геуæргимæ дæр фæзындаид, ца- гъайраг дугæй-иу ыл æгæр уæззау мыхъхъытæ куы аныдзæвд, уæд. Фæлæ-иу æй, Гудзунайау, йæ сæрмæ не ’рхаста. Сæрибар æмæ хæд- бары сæрвæлтау хæст канд хотыхтæй нæу, фæлæ ма хæтæлæй дæр, фыссæн сисæй дæр. Хъуамæ æгад ма уыдаид цæргæйæ дæр æмæ мæлгæйæ дæр. Мулдары æфсад куы ’рбабырстой, уæд: «Нæ бæл- стæнцæ æлдайрадæ Нæ фидтæлтæ æппундæр», — зæгъы Гудзуна, бæлвырддæр дзургæйæ, Гудзунайы дзыхæй йæ дзуры Геуæрги, æмæ йын нæ барста абон йæхæдæг дæр, нæ барста ног æлдарадæн. Арæх йе ’нкъард сагъæсты аныгъуылгæйæ, Гудзунайæ нæ рох кæны йæ хæтæл: «Гъеуæддæр, мæгур, æ зæрдæ Æ хæтæлмæ нæ лæууй, Исæр- гъувуй уой æ цъухмæ, Нæртон цæгъдæ никкæнуй... Ниффæнзунцæ уой десгæнгæ Хуæнхтæ, гъæдтæ æмбурдæй, Нигъгъæрзунцæ, цæвве- тонгæ Фæттæрсунцæ лæбурдæй». «Поборник чаяний народа, Он пел, что правда и Любовь и звезд сияние — свобода — Живут не там, где льется кровь, Что в царство высшего сознанья Нас может весть не грубый меч, А мысли творческой созданье, Живая творческая речь» («Памяти Коста», 1916). Ацы рæнхъытæй литературæиртасджытæ дзырдтой, зæгъгæ Геуæрги уыд тохы ныхмæ, сахъат идейон æмæ эстетикон цæстæй каст дуне ивынмæ. Дзырдтой, æмæ раст кæй нæ дзырдтой, уый бæрæг у уымæй, æмæ знаг адæмы сæрибар æмæ хæд- бар куы фæисы, уæд йемæ схæцынц Геуæргийы хъайтартæ, æнæв- гъау ныккæлы знаджы туг дæр æмæ сæхи туг дæр. Фæлтуг хъуамæ ныккæла, æндæр гæнæн дзы куы нал уа, уæд. Дзасболат Кеты адæ- мæй хъалондар куы хъуамæ скодтаид æмæ сæм куы ’рбабырста, уæд æм минæвар арвыстой: мах, дам, цагъартæ не стæм, хъалон нæ ма агур, кæд уазæг дæ, уæд дын хæлар — нæ цæхх æмæ нæ кæрдзын, кæд, дам, тыхгæнæг дæ, уæд та цæттæ стæм хæстмæ. Цыфæнды стыр, ахъаззаг хъуыддаг дæр æнæ хæцгæйæ куы бакæнай, уæд дзы уымæй хуыздæр ницы ис. Фæлæ Дзасболат нæ фæчъил æмæ туг ныккалд. Кæд цардæвæрдæн æнæ хæцгæйæ аивæн нæй, кæд дзы æндæр гæнæн æмæ æндæр амал нæй, уæд схæц. Фæлæ иугæндзон туг кæм кæла, æхсаргард дзæнгæлтæ кæм кæна, уым рæстдзинад, уарзт æмæ сæрибар нæй, æмæ нæдæр уыдзæн. Махмæ революцийы 151
фыццаг бонтæй фæстæмæ æхсаргард карста, туг нæм сæх-сæх кодта, æмæ нæм нæ уыд нæдæр рæстдзинад, нæдæр уарзт, нæдæр сæрибар. Æхсаргарды дзæхстытæ æмæ туджы кæлдтытæй, Геуæргимæ гæсгæ, хъуамæ тыхджындæр уа поэзи. Геуæрги чызджы номæй дзуры, зæгъгæ, маргъ куы фестин, уæд мæ уынгæг къуымæй атæхин, дуне- тыл æрзилин, йæ диссæгтæ йын басгарин, Геуæргимæ уымæй размæ («Кизги зар», 1922) чызг базырджын æфсургъ фестынмæ, фæсден- джызтæм атæхынмæ куыд бæллы, афтæ — дыууæ дæр атæхиккой сæ тыхст æмæ се ’нкъардæй («уынгæг къуым» — уый уынгæг бон у, уынгæг цард, æмæ нæу адæймаджы аккаг), æрмæст ныр чызг атæ- хид йе ’взонг, йæ сыгъзæрин бонтæ агурынмæ нæ, фæлæ уæрæх, иумæйагадæмон, дунеон хæрзиуæг бакæнынмæ. Æмæ маргъау кæй атæхид, уымæй, цыма, Геуæрги куы бацамыдта, зæгъгæ, нырмæ йæм цы æмдзæвгæтæ уыд — арвмæ æмæ фæсденджызтæм бæллæг, хуыз- дæр цард æмæ хуыздæр дунемæ бæллæг æмдзæвгæтæ, — уыдон фæ- дон æмæ дарддæргæнæг у ацы æмдзæвгæ («Тæходуй, æна», 1934), уæд маргъы фæлгонцы фæстæ фæзыны Ацæмæзы фæлгонц (дыууæ дæр сты цæгъдын æмæ зарыны фæлгонцтæ, поэзийы фæлгонцтæ), маргъы фæлгонц рахизы (кæнæ схизы) ахадгæдæр фæлгонцмæ — Ацæмæзы фæлгонцмæ. Æмæ Геуæрги чызджы номæй дзуры, зæгъгæ, Ацæмæзау фæндырджын куы фестин, уæд Сæнайы (Хъазыбеджы) цъупмæ ссæуин æмæ диссаджы зарджытæ æрцæгъдин: «Уæд еугур дуйне Æримбурд уидæ, Мæ цæгъдтæлтæмæ Æригъосидæ. Кæми ци седзæр, Кæми ци мæгур, — Бауарзионцæ Мæ дессаг фæндур... И фарни тунæ Æрфелауидæ, — Уарзондзинадæ Æрфедар уидæ. Уæд алли адæм, Уæд алли бæстæ Æркалионцæ Сæ тохæн гæрзтæ»». Æхсар- гард æмæ туг нæ, фæлæ уарзт хæссы адæммæ поэзи. Уарзт сæ скæн- дзæн адæм æмæ адæймæгтæ. Афтæ йæ æмбæрста Къоста: «Тарфдæр мæ зæрдæ йæхимæ куы хæссид искæй зынад, Дунеты хæрзтæй хуыз- дæр мæм куы кæсид Уарзондзинад». Афтæ йæ æмбæрста Геуæрги. Дзурынц, зæгъгæ, арæх-иу æрымысыд, италийаг министр фыццаг дунеон хæсты агъоммæ кæй загъта, уыцы ныхас: «Все европейские земли не стоят капли человеческой крови». Фæлæ, чызджы номæй дзургæйæ, Геуæрги не ’ууæнды, рæхджы уарзт æрфидар уыдзæн, ууыл, æмæ нæ рухс кæны йæ зæрдæ: «И дуйней сæргъи И тугъдон мегътæ Æрцæйдарунцæ Сæ тогин тегътæ». Нæ рухс кодта йæ зæрдæ, уымæн æмæ хæстон мигътæ сæ тугджын тигътæ ныддардтой 1937 азы сæрмæ (адæмы хуыздæртимæ хæст), 1941—1945 азты сæрмæ (дыккаг дунеон хæст), 1989—1992 азты сæрмæ (ирон-гуырдзиаг æмæ ирон- мæхъхъæлон хæст)... Мах иудадзыг æппæлыдыстæм советон адæмты хæлардзинад æмæ уарзтæй. Уыдон æцæг куы уыдаиккой, уæд сæ искуы Геуæрги дæр раппæлыдаид. Уыдон нæ уыдысты нæдæр ирон адæмæн сæхи астæу, нæдæр иу адæмæй иннæ адæмы астæу — Сове- тон Цæдисы дæр æмæ дунейы дæр. Уыдоныл Геуæрги не ’ууæндыд, æмæ мах Геуæргийыл æууæндæм. Поэт æдылы нæу. Поэт у рæстдзу æмæ рæстдзур. Поэт у пахуымпар. Уымæ гæсгæ цалынмæ поэзи тых- джындæр не суа æхсаргард æмæ тугæй, тыхми æмæ хæстæй (мид- хæст æмæ æддагон хæстæй), уæдмæ æхсаргард мардзæн, туг кæл- 152
дзæн. Уæдмæ дунейыл сæрибар æмæ хæдбар, рæстдзинад æмæ уарзт, фарн æмæ амонд нæ уыдзæн. Геуæргийы лиризм йæ уды бынæй кæй цæуы, уымæ гæсгæ цæуы адæмы уды бынмæ. Уæлдай тыхджындæр æм у, сылгоймаджы но- мæй куы дзуры, уæд («Æлхуйнæ», 1921; «Кизги зар», 1922; «Скъæв- ди хъарæнгæ», 1924; «Тæходуй, æна», 1934), уымæн æмæ ирон адæммæ рагæй-æрæгмæ сылгоймаджы хъарæг у иууыл номхæссæн- дæр, иууыл æндавагдæр, иууыл поэтикондæр удагайæн æмæ удгæ- нæн аивад. Стæй ма Геуæргийы лиризм кæнгæ у канд поэтæн йæхи æрдзыхъæдæй нæ, фæлæ ма дыгурон æвзаджы сылгоймагон, фæл- мæн, фæлмас, фидауцзæл, æхцонмыс æрдзыхъæдæй дæр. Нартæм уыд хатиаг æвзаг. Хъайтар-иу хатиагау куы сдзырдта æхгæд чырынмæ, уæд-иу йæ дуар байгом, кæннод æй æндæр ницы амалæй — нæдæр тыхæй, нæдæр арæхстæй — бакодтаис. Алы æвза- гæн дæр ис йæхи хатиаг æвзаг, æмæ йæ зоны æрмæст поэт. Хатиаг æвзаг у поэты æвзаг, поэтикон æвзаг. Поэт, хатиагау дзургæйæ, ба- кæны адæмы уды дуар æмæ йын нывналы йæ бынмæ. Дыгурон æвза- гæн йæ хатиаг æвзаг Геуæргийы хуызæн ничи зыдта æмæ дыгурон адæмы уды бынмæ Геуæргийы хуызæн ничи ма нывнæлдта. Геуæрги хорз фыста уырыссагау. Хорз фыстаид иронау дæр, кæд æмдзæвгæ «Федог»-æн иронау цы вариант скодта, уый дыгурон æмдзæвгæйæ аивадонæй лæмæгъдæр рауад, уæддæр. Геуæрги уырыс- сагау дæр у поэт, иронау дæр уыдаид поэт, фæлæ дыгуронау куы нæ фыстаид, дыгурон æвзаджы хатиаг æвзагыл куы нæ дзырдтаид, уæд Геуæрги Геуæрги не суыдаид, Геуæрги Геуæрги нæ уаид. Сæрибар æмæ хæдбары сæрхъуызой, ирвæзынгæнæн поэзийы сæрхъуызой, Геуæрги фыццаджыдæр æмæ сæйраджыдæр йæ адæмы ирвæзын кодта, се ’взагыл сын кæй фыста, уымæй. Поэт сæрибар æмæ хæдбар нæ уыдзæн, йæ адæмы сæрибар æмæ хæдбар куы нæ уой, уæд. Адæм та сæрибар æмæ хæдбар нæ уыдзысты, сæхи æвзаг сын куы нæ уа, куы нæ йыл дзурой, куы нæ йыл кæсой, куы нæ йыл фыссой, уæд. Се ’взагыл сын литературæ, театр, зонад, скъола, прессæ, радио æмæ телеуынæн куы нæ уа, уæд. Сæ национ мон, се ’вæлхатт æмæ сæ хæдбындур се ’взагыл куы нæ ’вдисой, уæд. Малиты Геуæрги æмæ дыгурон адæмæн æнæ кæрæдзи уæвæн нæй, æмæ кæрæдзийæн хъуамæ дæттой æмæлæт. 1996.4.7. «ЦÆЙ-МА, КÆМÆН КÆНОН ЗАРДЖЫТÆ?» Æртынæм азты кæй æрцахстой, кæй фехстой кæнæ Сыбырмæ кæй ахастой, уым чи амард æмæ ма дзы удæгас чи баззад, уыцы фысджыты фæндзайæм азты среабилитаци кодтой. Фæлæ æххæстæй нæ. Уæд нæм сталинон тас нæма бамынæг, не уæнджы цы мигъ бадт, уый демократон дымгæ нæма фæхаста, нæ тоталитарон зондахаст æмæ психологийæ нæма схицæн стæм. Уæд нын хицауад цы кадавар 153
сæрибар радта, уымæй цыма йæхæдæг фæтарст, æмæ йын бар-æнæ- бары цадæггай йæхи къухтæй йæ хурх балхъывта. Уæдмæйау, мах нырма уыдыстæм карз æмæ хъæддаг цензурæ нæхицæн дæр æмæ искæмæн дæр, удæгæстæн дæр æмæ мæрдтæн дæр. Кæй среабилита- ци кодтой, уыцы фысджытæн сæ уацмыстæй бирæтæ нæ рацыдысты сæхи хуызæнæй (гуырысхойаг, кæддæр дзы хъаугъайаг бынæттæ рæцыгътой, æнауæрдонæй сæ редакци кодтой, сæхирдыгонау сæ «уæл- дæр идейон-аивадон æмвæзадмæ» истой) ахсджытæ æмæ сын мар- джытæ цы къухфыстытæ ахастой, уыдон нæ раздæхтысты адæммæ, æмæ абон дæр ма ницы зонæм, цы фесты, кæм сты, уымæн. Кæд сæ, мыййаг, сæ автортау амардтой (басыгътой сæ кæнæ сæ искуы бырон- донмæ акалдтой, кæнæ сæ сæ дзырдхæссæг-нымудзæг фысджытæй искæмæн балæвар кодтой), уæд æй цæуылнæ зæгъынц æргомæй? Æви махмæ реабилитаци дæр реабилитацийы хуызæн уа, уый гæнæн нæй æмæ нæдæр уыдзæн? Кæнæ цæуылнæ зæгъынц, чи уыдысты, нæ фысджыты нын кæй хахуыртæ, кæй даутæ, кæй дамтæ æмæ кæй мамтæй æрцахстой, уыдон? Кæнæ ахст, æхст æмæ хасты тæрхон сын чи рахаста, уыдон? Ау, рæстдзинад хъуамæ ма зонæм? Фæрнион Къостайæн йæ реабилитацийы фæстæ цы чиныг рауагътой (Уацмыстæ, Цхинвал, 1959), уырдæм ын нæ бахастой йе ’мдзæвгæтæн сæ фылдæр (растдæр зæгъгæйæ, нæ сæ бауагьтой), кæй дзы бахастой, уыдон та къуыхтæ æмæ гуылмызтæй, йæхæдæг сæ куыд ныффыста æмæ куыд ныммыхуыр кодта, афтæ нæ, фæлæ чиныгаразджытæ æмæ редакторы куыд фæндыд, раст сæм куыд каст, аккагыл куыд нымадтой, афтæ. (Мах арæх фыссæджы куы редакци кæнæм, уæд æй репресси кæнæм. Чи зоны, «редакци» æмæ «репресси» сты синонимтæ.) Чиныгмæ кæй нæ бахастой, уыцы æмдзæвгæтæ кæд, мыййаг, сæ поэтикон аивæй лæмæгъдæр, æгуыдзæгдæр уыдысты иннæтæй? Нæ, æппындæр нæ, Дзугаты Геуæрги чиныгæн цы фæсныхас ныффыста, уым комкоммæ амоны, зæгъгæ, Фæрнионы æмдзæвгæтæ æмæ поэмæты æмбырдгонд «Зæй»-ы (Цхинвал, 1930) «уыди, идейон æгъдауæй сахъатчи уыд, ахæм уацмыстæ. Уыдон ацы рауагьдмæ хаст нал æрцыдысты» (423 ф.) Уыдон уыдысты, Фæрнион йæхицæн поэты ном кæмæй скодта, йæ поэтикон курдиат бархийæ кæм раргом, æрдзонæй кæм сабузта, официалон кри- тикæ йæ кæй тыххæй æфхæрдта æмæ схуыста-рæхуыста, советон æхсæ- над æмæ советон литературæйæн æй æцæгæлон кæй тыххæй хуыдта, уыцы æмдзæвгæтæ — йæ хуыздæр æмдзæвгæтæ. Дзырд дæр ыл нæй, советон дуджы нæ фысджытæ се ’ппæт дæр уыдысты трагикон удгоймæгтæ. Сæ трагеди кæнгæ у сæ уавæрæй: иуырдыгæй ис царды рæстдзинад, адæймаджы рæстдзинад, реалон рæстдзинад, иннæрдыгæй — идеологийы рæстдзинад, утопион, иллю- зорон рæстдзинад, ома мæнгдзинад. Кæд фыццаг рæстдзинад æвди- сай, уæд дын бар нæй, æмæ фыссæг уа, адæм дын аргъ кæной, сæ цæсты зынай æмæ ахадай. Кæд дыккаг рæстдзинад æвдисай, уæд — табуафси! — ис дын уæрæх фæндаг кадмæ, адæмы уарзт æмæ фарнмæ, ис дын фадæттæ цæрынæн æмæ кусынæн. Ирон фысджытæй стыр æмæ арф курдиат кæмæ уыд, уыдонæй бирæтæ сæхи зонгæ-зонын снывонд кодтой дыккаг рæстдзинадæн, 154
идеологийы рæстдзинадæн, сæ иугай, хицæн уацмыстыл сын куы нæ дзурæм, уæд æмткæй се сфæлдыстад бындуронæй снывæстой социа- листон реализмы домæнтæ æмæ догмæтæм гæсгæ, æмæ уымæй, зæ- гъæн ис, сæхи бабын кодтой (Гæдиаты Цомахъ, Беджызаты Чермен, Хъуылаты Созырыхъо, Хъамбердиаты Мысост, Барахъты Гино, Дзе- сты Куыдзæг æмæ иннæтæ). Сæ иугай, хицæн уацмыстæ, зæгъгæ, кæмæй загътон, уыдон (революцийы агъоммæ кæнæ революцийы агъоммæйы цардыл кæй ныффыстой, сæ уды тыхст æмæ хъизæмар, стæй æрдз, уарзт æмæ æндæр ахæм «æнæсоциалон» «æнæсоветон» темæтыл кæй ныффыстой, уыцы радзырдтæ, æмдзæвгæтæ, поэмæтæ) рохуат йæхимæ нæ айсдзæн. Дыккаг рæстдзинад дзæвгар хъыцъыдæттæ дардта, революцийы агъоммæ йæ гаччы чи сбадт, ирон классикæ чи амадта, уыцы фыс- джытæн, къуылымпы сын кодта се сфæлдыстадон куыст æмæ рæзт, ног цардыл-иу куы фыстой, уæд-иу цыма Антейау зæххæй фæиртæс- тысты, — сæ аивадон хъару-иу цыдæр æрбаци (Коцойты Арсен, Къу- балты Алыксандр æмæ иннæтæ). Идеологийы рæстдзинад сын сæ курдиат, сæ дæсниад сæфта, мардта. Дыккаг рæстдзинадыл сæрысуангæй йæхи чи атигъ кодта, чи йæ нæ райста, ахæм нæм разынд иунæг иу поэт — Малиты Геуæрги. Советон дуджы азарæй адæм æмæ поэт йæхæдæг цы трагеди æвзæр- ста, уый уынын кодта йе ’мдзæвгæтæ æмæ йæ поэмæты æнкъарæнтæ, хъуыдытæ, сюжеттæ æмæ фæлгонцтæй (кæд йæ поэмæтæ ног цардыл нæ, — ивгъуыд, зæронд цардыл фыст сты, уæддæр. Уыди нæм, фыццаг æмæ дыккаг рæстдзинад уыциу рæстæг иумæ, фæрсæй-фæрстæм, кæрæдзимæ ныхмæлæудæй чи ’вдыста, ахæм фыс- джытæ дæр. Уыдонæн трагикон сты канд сæхи хъысмæттæ нæ, фæлæ ма трагикон у се сфæлдыстад дæр: иуырдыгæй дзы ис царды рæст- дзинад, иннæрдыгæй та — идеологийы рæстдзинад, æмæ тох кæнынц кæрæдзиимæ, рассæнд-бассæнд кæнынц кæрæдзи. Куы сæ иу кæны уæлахиз, куы — се ’ннæ. Багъæраты Созыр-иу революцийы заман ног цардыл баууæндыд, цин-иу ыл кодта, сидти йæ сæрвæлтау акти- вон архайдмæ, стæй та-иу йæ хæдуæлвæд ныхъхъæрзыдта царды рæстдзинадæй, йæхæдæг-иу растад йæхи ныхмæ, йæхи-иу бахызта цард æмæ поэзийы уайдзæф æмæ зæрдæхудтæй. Иу уацмыс-трагедиау у Нигеры сфæлдыстад. Дыууæ архайæджы дзы ис: сæ иу фæзминаг — царды рæстдзинад, се ’ннæ фауинаг — идеологийы рæстдзинад. Уыцы дыууæйæ æнæмæнг уæлахиз кæны фæзминаг архайæг, уымæн æмæ поэзийы рæстдзинад фыццаджыдæр æмæ сæйраджыдæр кæнгæ, фæлдисгæ у царды рæстдзинадæй. Зæгъгæ, Созыр дæр æмæ Нигер дæр æрмæст айдагъ дыккаг рæстдзинадмæ скодтой се ’ргом, æндæр сæ ницыуал æндæвта, уæд уыцы «се ’ргом скæнынæй» фæстæмæ уыдон дæр сæхи бабын кодтаиккой. Созыр æмæ Нигерау, дыууæ рæстдзинады ахъаззаг тох кодтой Фæрнионмæ дæр. Æвдыста, царды æцæгæй цы ис, уый дæр (царды рæстдзинад) æмæ царды цы хъæуы, ома, парти æмæ хицауады цы хъæуы, уый дæр (идеологийы рæстдзинад). Фæлæ йæм уыцы тох кæронмæ нæ ахаста, ахаста йæм 30-æм азты райдайæнмæ, номхуын- 155
дæй йæ чиныг «Зæй» куы рацыд, уæдмæ. Чи зоны, уæдæй фæстæмæ дæр ма фыста æмдзæвгæтæ царды рæстдзинады тыххæй, Нигер сæ куыд фыста æмæ куыд æмбæхста, афтæ, фæлæ йæ куы ’рцахстой, уæд ын сæ ахастой нæ «хæрзæджытæ» æмæ нæ «рæстдзæуджытæ», æмæ йын сæ мах нæ базыдтам. Абон дзы нæ къухы цы ис, уыдонмæ гæсгæ йæм 30-æм азты райдайæнæй фæстæмæ дыууæ рæстдзинады йе сфæлдыстады нал тох кодтой. Уыцы тох уыдта Тыбылты Алыксандр. Уый фыста: «Дыууæ зонды, дыууæ зæрдæйы æууилынц Фæрнионы риу æмæ сæ зæйы бын чи фæ- уыдзæн, науæд сæ уæзæй чи баззайдзæн, уымæ гæсгæ уыдзæн Фæрнио- нæн йæ фидæны куыст» (Тыбылты Ал. Равзаргæ уацмыстæ, Цхинвал, 1964, 210 ф.) Æмæ дарддæр: « Уыцы уагæй Фæрнионæн йæ зæрдæ фæсаджил, йæ зæрдæ иу хаххыл нæ лæууы, йæ иу къухы Фæрнион дары хъæууон фыййауы уадындз, иннæ къухæй æвналы пролетарон фыссæджы тырысамæ» (уый дæр уым, 212 ф.). Фæрнионæн ис дыууæ зонды, дыууæ зæрдæйы, дыууæ цæсгомы, дыууæ дзыхы, æмæ уыцы дыууæйæ хъуамæ равзара иу, — афтæ йын дзырдтой, афтæ дзы домд- той, æмæ Фæрнион канд разы не сси семæ, фæлæ ма йæхæдæг дæр цæхгæр, арæх æгæр дæрзæг, æгæр гуырымыхъæй дæр ма, дзырдта æмæ домдта, цæмæй Ирыстоны фæйлауа партион, кълассон, «пролета- рон фыссæджы тырыса». Фæрнион равзæрста пролетарон фыссæджы зонд, зæрдæ, цæсгом, дзых, иннæ зонд, зæрдæ, цæсгом дзы фесты (фæ- кодта) зæйы бын. Зæй йæм у революцийы символ. Чи зоны, йæхи нæ фæндыд, афтæмæй йын уыцы номæй бацамыдта йæ халæн, дæрæнгæ- нæн сæргой-сæрбихъуыройгæнæн миниуæг — революци æрдзон зæйау уыд æвирхъау, æнахъинон æхсæнадон фыдбылыз (æниу революци ахæм кæй уыд, уымæй буц æмæ сæрыстыр уыдысты йæ кæнджытæ: зæй, дам, баныгæндзæн зæронд дуне æмæ, дам, сараздзыстæм ног дуне). Уый уыд милуанты трагеди, уыд Фæрнионы трагеди дæр. Зæй йын йæ быны ныссæста канд йæ поэтикон уд нæ, фæлæ ма йæ буар дæр, кæд йæхи- цæй зæйы зарæггæнæг æмæ зæйæн табугæнæг скодта, уæддæр. Фех- стой йæ 1937 азы 30 декабры 29-аздзыдæй. Зæй æфсис æмæ æнцой нæ зыдта: иудадзыг æй хъуыд ног æмæ ног амæттæгтæ, йæхи-иу сыл рас- къæрдта æмæ-иу сæ бынхафт нылласта. Зæйы бын Фæрнионæн цы ’мдзæвгæтæ фесты, уыдонæн сæ фыл- дæр ныффыста хъæууон царды тыххæй, æмткæй рæстæджы тых- хæй, Ирыстоны тыххæй. Ныффыста сыл, парти æмæ хицауады куыд фæндыд, афтæ нæ, фæлæ æцæгæй куыд уыдысты, афтæ. Цыдысты йæ зæрдæйæ æмæ агайдтой чиныгкæсæджы зæрдæ. Ис дзы бæлвырд детальтæ, лыстæг, цæстуынгæ цыдæртæ, ома фæлгонцтæ, æмæ сæ кæрæдзийыл бæтты, тых сын дæтты (æмдзæвгæйы æппæт хæйттæн дæр — хицæнтæй æмæ иумæ) сæйраг фæлгонц — поэты æнæхин, æргом, драматикон-трагикон æнкъарæн, кæнæ поэты æнкъарæны фæлгонц. Мах арæх фæдзурæм алыхуызон поэтикон амалты тыххæй (абарст, эпитет, метафорæ æмæ а.д.), ома æмдзæвгæ уыдонæй æмдзæвгæ у, фæлæ никуы фæдзурæм, поэты æнкъарæны фæлгонцы тыххæй, æмдзæвгæ æцæгæй цæмæй æмдзæвгæ у, уый тыххæй. Поэт йæ сабион тæлмæнтæ мысгæйæ («Хъæугæрон родтæ хыз- 156
тон», «Рыгыл цыдæртæ фыстон», «Амадтон» дурæй хæдзæрттæ, Уадындзæй уасыдтæн фаг» æмæ а.д.), æвдисы йæ хъæуы бакаст æмæ уымæ йæ ахаст: Рæгътæн сæ рæбын иыттымбыл Талынг чысыл хъæу Сечер. Хъæуæн йæ разæй — ыспгыр был, Хъуысы Æрæфы чыр-чыр. Днссаг дæ, диссаг, мæ зæрдæ, Рох дæр нæ кæныс нæ хъæу! Федтон Уырыс дæр... æндæртæ, — Иу дæр дзы уый хуызæн нæу. Худæд мыл алчи, — «рæстдзинад, Ног цард нæ зоныс», — зæгъæд. Райгуырæн бæсты зындзинад, — Уымæй æнцондæр мæлæт! Фæстаг строфайы поэт полемикæ кæны йæ критиктимæ: цахæм- дæр утопион ног цард нæ, фæлæ реалон цард у йæ мæт, йæ дзуринаг («Талынг, мæгуыр хъæу, æвадат»...), цыма йæ критиктæн афтæ дзу- ры: раст æз дæн, сымах раст не стут. Æмæ йыл мах æууæндæм, уымæн æмæ йе ’нкъарæны фæлгонц у йæ райгуырæн бæстæйы уарз- ты фæлгонц (æмдзæвгæ «Рох мæ нæ кæны»). Поэт йе ’мхъæуккæгтæн дзуры: «Зонын уæ сагъæстæ иууылдæр, Хъусын уæ катай, уæ мæт». Афонмæ, дам, гутондар кæны мæлæты зарæг, изæрæй адæм æд гутæттæ «быдыртæй хъæумæ лæсынц», по- этæн сæхи хуымтæ та сидзæрæй арвмæ кæсынц, се скъæтæй нал хъуысы саулох Циганы мыр-мыр... Æмæ поэт кæронæй йæхи тыххæй зæгъы: «Дистæ кæндзыстут мæ цардыл дæр, Ууыл уæ сагъæс у баст. Рацыд мыл ноджы та азфылдæр, Цух мæ сты низ æмæ маст». Æмæ йыл æцæг дистæ кæнæм: йæ хъæуы рисæй чи риссы, йæ хъæуы зын йæхи зынау чи исы, уымæй цух куыд хъуамæ уой низ æмæ маст? Ахæм ныхмæвæрд цыма халы (хæлд дзы цæуы) æмдзæвгæйы æнкъа- рæны фæлгонц, йæ логикæ. Æви дзы полемикæ ис, æмæ поэт йæ критикты уыцы ныхмæвæрдæй афтæ бафæрсинаг у: цард мæнæ ахæм (мæгуыр, æнкъард, тыхст) куы у, уæд поэт низ æмæ мастæй хызт куыд хъуамæ уа, хъæлдзæг æмæ райгæ куыд хъуамæ уа, цины зарæг куыд хъуамæ кæна? (æмдз. «Мæ фыстæг хъæмæ»). Кæнæ æндæр дæнцæг. Зæронд лæгæн йæ зачъе йæ ронбастæй фæдæлдæр, цотæй йæ амонд нæй, зæу-зæу ыл кæнынц йæ бызгъуыртæ: «Даргъ лæдзæг, даргъ фæндон, сау хызын, Курон та, курон къæ- бæр». Æмæ та — «хæлд», «æнæхъола» полемикон кæрон: «Зæрдæ нырхæндæг, куыд дурты цæнд, Уæнгтæ та — тохы ’рдæм арт». Æви та уыцы ныхмæвæрдæй дæр афтæ бафæрсинаг у: зæрдæ æрхæндæг куы уа, уæд уæнгтæ тохмæ арт куыд хъуамæ уадзой? Кæд уадзой, уæд та зæрондæн ахæм тæригъæддаг хъысмæт чи ныббаста, уыцы цардæвæрд æмæ системæйы ныхмæ? Цыфæнды дæр æмæ куыдфæн- ды дæр нæ уа, уæддæр ам иу хъуыддаг дызæрдыггаг нæу: Фæрнион тох кодта сæйраджыдæр цард æмæ поэзийы рæстдзинады сæрвæлтау (æмдз. «Сагъæс»). 157
Зæронд мæгуыргуры халдих — зæронд æнæхицау сылгоймагæн дæр «йæ зæрдæ бынтондæр ныддур». «Чи зоны амæн йæ сагъæстæ?» — фæрсы поэт, æмæ йе ’нкъарæны фæлгонц балхынцъ кодта ахæм рæнхъытæй: «Къусчы ныххаудысты цæстытæ, Масты ныгъуылы йæ сæр. Риуы æмбырд ысты мæстытæ, Афтæмæй цæр æмæ цæр» (æмдз. «Æнæфæкæсæг ус»). «Афтæмæй цæр æмæ цæр», ома а цард адæмæн дæр æмæ по- этæн дæр у катайаг, сагъæссаг, а цард хæрзæгъдау æмæ хæрзæбон хæссæг нæу. Хуымæтæджы, мыййаг, нæ кæуы уæлмæрд поэтыл, хуымæтæджы нæ кæлы поэтæн йæ цæссыг йæ рустыл: «Бонтæ згъо- рынц цардæй, Туджы цъыртт сысы. Уæлмæрд сиды дардæй, Мах нæмттæ мысы». Хуымæтæджы нæу уый дæр, æмæ æмдзæвгæйы кæрон поэт йæхи «æз»-æй кæй рахызт иумæйаг «мах»-мæ: уыцы равг канд поэтмæ нæй, — бирæтæм ис (æмдз. «Бонтæ згъорынц цардæй»). Фæрнион пахуымпарау зыдта, зæгъгæ, æвирхъау мард кæндзæн æрыгонæй: Мад мсем нсе рауайдзæн худгæйæ, Тугæй куы ферхæцон, уæд. Ниудзæн мыл иунæгсей, дудгæйæ, Къулрæбын сидзæрæй уад. «Дард бæсты иу кæрон джиугæйæ», бамбидзæн йæ мард, æмæ йæ мад искæй куы фæрса йæ фыртæй, цы фæци, зæгъгæ, уæд дзуапп райсдзæн: базаууат æмæ, дам, «дард бæсты ниуы йæ цырт» (æмдз. «Бирæтæн бирæ нæ бантысы»). Поэт иу чысыл фæрæдыд — куыд æм каст, уымæй фыддæр рауад йæ мæлæт: дард бæсты, кæмдæр Сыбы- ры, нæ ферхæцыд тугæй, уым нæ бамбыд йæ мард, уым нæ ниуы йæ цырт. Ам æй нæхимæ, Дзæуджыхъæуы, амардтой, æмæ йæ кæмдæр аппæрстой, кæнæ нынныгæдтой — æдзырдтæй, æдзытæй.Фæрнионмæ йæ чысыл райгуырæн бæстæйы уарзтæй — Сечеры уарзтæй — къад- дæр нæ, — фылдæр у йе стыр райгуырæн бæстæйы уарзт — Ирысто- ны уарзт. Уый йæм æнæвгъау сабухта, Мæскуымæ куы афтыд, уæд. Мæскуы йын канд Мæскуы нæу, Мæскуы йын у ног дуг æмæ ног дунейы хуызæг. Уымæ — ног дуг æмæ ног дунемæ — бæллыд поэт, æмæ йæ куы федта, уым куы рацард, уæд йæ «сагъæсыл ног хилтæ разадис», «сагъæсæй зæрдæ ныссау», хæстæгмæ йæ куы базыдта, уæд йæ райгуырæн бæстæм «нал хæссы фау», фылдæр æй бауарзта («Фаг дæ нæ уарзтон кæддæр», «Ам мын дæу адджынæн нæу»). Уый ахæм ног дуг æмæ ног дуне у, мах йæхи хуызæн чи скæна, нæ национ хуыз æмæ нын апп чи фесафа, нæ национ хиæмбарынад æмæ нын нæ сæрыстыр чц байса. Уымæн ныдздзыназы поэт тых- стæй, адæргæй: 1 Цæй-ма, ксемсен ксенон зарджытæ? Чи мын æмбардзсен мсе мсет? Уынджы нæ фендзынсе барджытæ, Иу ссе нсе дары нымæт. 158
Кæнæ: Зоныс мæ рагсей — дæ хъæбул дсеи, Иу дæ нæ уарзы мæ бæрц. Цæй-ма, цы зæгъæм нæ фыдгултæй? — Абон мын ласынц мæ кæрц. Поэт ныккомкоммæ йæ райгуырæн бæстæм. «Цæй-ма», «Гъе уæууæй, гъе уæууæй», «Рацу мæм, рацу мæм», «Зоныс мæ», «Ку- рын, ныббар мын», «Байхъус» — ахæм дзырдтæй, сидт, лæгъстæ, уайдзæф æмæ домды дзырдтæй йæ баййардта, цæмæй йæ бамбара, цæмæй уый дæр поэтау стыхса æмæ ныдздзыназа. Цæмæн? «Зонæм, цы ныл цæудзæн сом», — хъæддыхæй зæгъы Фæрнион, — цæугæ та ныл æркæндзæн, поэт абон Мæскуыйы кæй æвзары, уыцы трагеди. Махмæ бирæтæ нæ бамбæрстой Фæрнионы æнкъарæны знæт, хъару, фæдис, нæ бамбæрстой «барджытæ», «нымæт» æмæ «кæрцы» уæрæх æмæ бæрзонд мидис, хуымæтæг дзаумæттæ (дарæстæ) йед- дæмæ дзы ницы федтой. Тыбылты Алыксандр фыста: «...дунейы хорз- дзинæдтæй йæм йæхи нымæты гæбазæй хуыздæр ницыуал кæсы», æмæ дарддæр: «Уæвгæйæ, диссаг нæу, Къоста ирон чъизи кæрцæй аивдæр куыд ницы ссардта Мæскуыйы, пролетарон артдзæсты!» (Ты- былты А. Равзаргæ уацмыстæ, 214 ф.). Фæрнионмæ «кæрц», «ны- мæт», «барджытæ» æмæ «зарджытæ» сты ирон национ хиæмбары- над, ирон национ хæдхуыздзинад, ирон æвзаг æмæ ирон культурæ бæрæггæнæнтæ, æвдисæйнæгтæ, нысæнттæ. Æнæ уыдон Ирыстон нæй æмæ нæ уыдзæн. Цы ныл æрцыд, уый Фæрнион не ’рыййæфта æмæ нæ федта, фæлæ йæ мах, йæ фæстагæттæ, уынæм æмæ зонæм. Ирон адæмæн сæ фылдæрæй скодтой уырыссæгтæ æмæ гуырдзиæгтæ, уæрæ- седзаутæ æмæ гуырдзыдзаутæ (раластой сын сæ «кæрц»), иронау нал кæнынц хъуыды дæр, кæсгæ дæр, фысгæ дæр, дзургæ дæр. Абон мах нæхицæн «фыдгултæ» куы стæм, уæд алы ирон фыссæг дæр зæрдæ- рисгæ фæлхат кæны Фæрнионы фарст: «Цæй-ма, кæмæн кæнон зар- джытæ?» (æмдз. «Æнуд цъæхахст»). Ахæм æцæг æмдзæвгæты фарсмæ «рæсугъд, дыууындыууæаздзыд» поэт фыста æмæ мыхуыр кодта, уæлзæй чи баззад, ахæм æмдзæв- гæтæ дæр. Гимн тракторæн: «Æфсæн бæх нæ кæмтты фæбыры, За- рæгмæ райхъал нæ зæхх», «Фæлидзынц йæ разæй хуыцæуттæ», «Зæ- ронд цард фæлдæхы» — (æмдз. «Уалдзыгон хъуыдытæ»). Гимн фæс- комцæдисæн: «Йæ фæдджи йæ сины, Хæцæнгарз йæ къухы, Æдзух вæййы цины, Куы фæцæуы тохы» — (æмдз. «Йæ ном»). Сидт фæси- вæдмæ: «Цæй-ма, нæ фæсивæд, Размæл-ма тагъддæр, Сараз-ма цар- ды фæнд Абонæй дарддæр (*æмдз. «Фæсивæдмæ»). Ирыстоны хъыс- мæтыл цъæхахст кæнгæйæ, уыциу рæстæг йæ удæмбалы та иннæр- дæм фæдзæхсы: «Ма кал дæ цæссыг, æвгъау у, Бафснай йæ риуы бæстон. Ма зæгъ: «Ирыстон æрхауы», Акæс, нæ фæндаг — æндон. Хи сагъæс ницы у абон, Акæс, куыд фыцы нæ цард. Саст сагъæс зæрдæйæ ратон, Ма кæн дæхиуыл æнкъард» (æмдз. «Искуы куы тыхсай дæ цардæй»). Æмæ а.д. Дæнцæгтæ ма дзæвгар ис æрхæссæн. Афтæ кæй уыд, дыууæ рæстдзинады фæрсæй-фæрстæм кæй æвды- ста, уый тыххæй иудадзыг быцæу кодтой фысджытæ: Фæрнион, дам, 159
пролетарон поэт у æви нæ? Хъуылаты Созырыхъо 1930 азы Ирыстоны фысджыты 1-аг съезды пролетарон поэтты æхсæн Фæрнионæн схай кодта фыццаг бынат (газ. «Хурзæрин, 1930 азы 10 октябры). Барахъты Гиномæ гæсгæ, Фæрнион нæу пролетарон поэт, уымæн æмæ кæуы, тъизы, хъæрзы йæ иунæг æмæ йæ тыхстæй («Иунæг у ме ’мбал — мæлæт»), ис æм «есенинщинæ» — «судзаджы мæрддаг æнкъард зæр- дæйы сагъæстæ», «тар хъуыдытæ», æмæ, дам, йемæ хъуамæ тох кæнæм (газ. «Рæстдзинад»-ы уæлæмхасæн «Размæ», 1928 азы 6 июнь). Фæр- нион йæ ныхмæ куы сдзырдта, уæд æм дзы Гино ноджы хъæбæрдæр балæвæрдта: «О, Фæрнийы-фырт, хъуамæ заргæ кæнæм æдзухдæр!.. Искæмæн йæ тъæнгтæ куы ацæгъда, уæддæр алкæмæй дæр мах бацагу- ринаг стæм, рæстæг цы куры, уый». Нæ, дам, хъæуы цардмæ «иугай лæгты цæстæй кæсын (индивидуализм). Рæстæг афтæ амоны, æмæ мах хъуамæ ма фыссæм ирон адæмæн (национализм). Индивидуализм, на- ционализм кæй хонæм, уыдон сты революцихортæ. «Есенинщинæ» у фæллойгæнджыты, социалистон цардаразæджы зæрдæмарæг дзаума» (газ. Рæстдзинад», 1928 азы 19 июль). Дзанайты Сергей дзырдта, Фæр- нион æмæ, дам, Хъамбердиаты Мысостмæ ис æнкъарддзинад, фæлæ, дам, сыл «фæхæцыд, Есенины фыстыты хуызæттæ кæсгæйæ». Фæрни- он, дам, хъæу фылдæр уарзы сахарæй (уый дæр уым, 1929 азы 20 июнь). Фæрнионмæ, дам, ис «Есенины сагъæсы манерæ», йæ «кулакон идеологи», дам, «фидар, æнгом баст у национализмимæ». Дæнцæгæн æрхаста æмдзæвгæ «Æнуд цъæхахст» (газ. «Болыпевикон аивад», 1931 азы 23 ноябрь). Дзагуырты Гуыбады: нæу Фæрнион пролетарон поэт, сæйгæ у индивидуализм, национализм æмæ поэтикон хъал-схъæлдзина- дæй (уый дæр уым). Нæма, дам, у пролетарон поэт, уымæн æмæ «йæхи æвдисы хи бæстæ уарзаг фыссæгæй», «йæ цæстытыл бабадт тар мигъ æмæ Мæскуыйы, пролетариаты центры, ницы уыны», «нæй йæм боль- шевикон æндондзинад, нæй йæм пролетарон сахъдзинад («газ. «Рæст- дзинад», 1930 азы 22 октябрь). Мамсыраты Дæбе: «Къоста ныронг цы уыд, уымæй пролетарон фыссæг нæ уыд. Дарддæр цы уыдзæн, уый та нырма бæрæг нæма у» (газ. «Æрыгон болыневик», 1931 азы 20 август). Хъазбегты Хъазбег: «Фæрнион пролетарон нæ, фæлæ у антипролета- рон фыссæг» — (уый дæр уым, 1931 азы 25 октябры). Боциты Барон: чи дыы сты фыдгултæ, Мæскуыйы фæллойгæнæг кусджытæ? Нымæт æмæ, дам, саулохаг бæх чи дардта? «Уыдон уыдысты лæгмарджытæ, уыдонæй зæрдæ уыд цъæх». «Ма ку, Фæрнион, ды дард бæстæй, Ног Кавказ зоны дæ куыд. Ахæм «æнуд цъæхахст» сагъæстæй Сабыр нæ кæны йæ цыд» (Боциты Барон. Тохы фæйлауæнтæ, 1932, 37 ф.) Жа- житы Сарди: Фæрнионæн йæ фыстытæ «фылдæр хæттыты æвдыстой антипартион хъуыдытæ», уыцы фыстытæ сты, «партийы хаххы ныхмæ арæзт чи уыд æмæ Фæрнионы националистон, троцкистон, кулакон хъуыдытæ чи ’вдыста, ахæмтæ», ис дзы «пессимизм», «есенинщинæ», индивидуализм, «æз»-ы сæрыл тох». Уымæ гæсгæ, дам, Хуссар Ирыс- тоны облпарткомы бюро 1934 азы 23 январы бауынаффæ кодта: «ист æрцæуæд «Зæй» æмæ йын «лæвæрд æрцæуæд уæрæх критикæ» (газ. «Коммунист», 1934 азы 13 мартъи). Фæрнион сын дзуапп лæвæрдта, гæнæн-амал уæвгæйæ, царды 160
рæстдзинад — поэзийы рæстдзинад хъахъхъæдта. Зæгъæм, Барахъ- ты Гинойæн дзуапп дæтгæйæ, фыста: «Мæнмæ гæсгæ, нæ цардыуаг куыд у, афтæ хъуамæ алы лæгмæ (Фыссæгмæ. — Дз.Х.) дæр æхсар уа, йæ зæрды цы ис, уый зæгъыны фаг. Æхсар уый фаг кæмæ нæй, уый фыссæг дæр нæу, стæй нæ царды дæр нæ баззайы» (*газ.»Хур- зæрин», 1928 азы 6 июль). Агуырдта йæхи растгæнæн аргументтæ. Зæгъæм, ирон адæм, дам, рагæй дæр сты хъыгдард æмæ уымæ гæсгæ æнкъард. Уымæй цæугæ, дам, у сæ зæрдыуаг æмæ сæ аивадон сфæл- дыстад дæр. Фæлæ идеологийы рæстдзинад нæ хъуыста ницахæм аргументтæм, нæ быхста æмæ нæ барста æндæрхуызон хъуыдыгæн- джытæн: йæ фарс чи нæ хæца, уый у йе знаг, знаг та йын куы нæ сæтта, уæд æй кæны куынæг! Куынæг кодта райгуырæн бæстæйы уарзт, национ хиæмбарынад æмæ хæдхуыз, — хуыдта йæ национа- лизм, куынæг кодта поэты индивидуалондзинад æмæ хæдбындурдзи- над, — хуыдта йæ индивидуализм. Куынæг кодта поэзи. Поэтæн йæхи «æз» куы нæ уа, йæхи цæстæй куы нæ кæса æмæ куы нæ уына, йæхи зæрдæ куы нæ ’вдиса, уæд поэт нæу. Поэт индивидуалон æмæ наци- он куы нæ уа, уæд мур дæр ницы бар дары поэзимæ. Мæскуыйы ахуыргæнгæйæ, Плиты Грис фыста: «У не знаг, дæ цинад кæй уæнгты Нывæра хъынцъым æмæ маст. Ирон Чайльд-Га- рольдау дæ уынгты Нæ айхъуысдзæн ме ’нуд цъæхахст» (газ. «Боль- шевикон аивад», 1932 азы 28 февраль). Грис Фæрнионы схуыдта, Нигер йæхæдæг йæхи цы номæй схуыдта, уымæй: «Цæмæй зыдта уæд Байрон, æмæ ардæм, Кавказы хохы цъасмæ Гарольды пæлæз æвæи- донæй æрхаудзæн, æмæ хæххон фыййау уый йе уæнтыл æркæндзæн» (Нигер. Уацмысты æххæст æмбырдгонд æртæ томæй, 1 т., 1966, 177— 178 ф.). Нигермæ дæр æмæ Фæрнионмæ дæр зæрдæсаст, æрхæндæг, тыхст, иунæгдзинад, хъысмæтæй æнæразыдзинад, сæрибары мондаг, фидæны раз тас фæзындысты, Байрон æмæ Есенины кæй бакастысты, уый фæстиуæгæн нæ, фæлæ сын сæ сфыццаг кодта, ныббаста, сæ риуы сын сæ нывæрдта ног дуг æмæ ног дуне, царды рæстдзинад. Фæрнион, дам, хъæу фылдæр уарзы сахарæй. Рагæй сæ æвæрд- та ныхæй-ныхмæ. Иуæй: «Нæ цæрæн — æндон фæз, Нæ дарæг — дзæбуг, Н’æ гутон — мæстæй-хъæрз, У ахæм нæ дуг».3æхх нæ, хъæу нæ, — сахар у нæ цæрæн, нæ дарæг: «Фæивгъуыдтам нартхор, Кæм ма уынæм фиу» (æмдз. «Нæ фидæн»). Иннæмæй: йæ царды фæззæг — йæ фидæн — куы ралæууа, адæм сæ хортæ куы ’фснайой, сæ уæр- дæттæ дзагæй куы цæуой, уæд: «Баддзынæн фæндагыл хъæугæрон, Кадæгæй риздзæн нæ зæхх. Хиздзæнис адджынæн нæугæрон Хъазгæ ’мæ кафгæ мæ бæх», «Иу дæр нæ уыдзæн æнкъард». Уым йæхи уыны нæртон кадæггæнæг-поэтæй (æмдз. «Фæззæг æрцæуы»). Иуыр- дыгæй йын фидæн у сахайраг, индустрион, пролетарон, иннæрды- гæй — хъæууон, патриархалон, зæхкусæгон. Дыууæ рæстдзинады, уæлдæр ма йæ загътон, Фæрнионы сфæл- дыстады 30-æм азты райдайæнæй фæстæмæ нал тох кодтой. Фыс- джытæ дзы хистæрæй-кæстæрæй цы домдтой, уый разынд тыхджын- дæр царды рæстдзинадæй дæр æмæ йæхицæй дæр. Суанг ма 1927 азы, Нигер æмæ Хъамбердиаты Мысостимæ иумæйаг æмбырдгонд 11 Дзуццаты Хадзы-Мурат 161
«Уадындз» куы рауагътой, уæд сæм Гæдиаты Цомахъ фæсидт: «Фæ- сивæды фысджытæ! Цардæн йæ разæй цæуыныл хъарут уæхи. Цард агуры тохы зарæг, ног иумæйаг цардыл тохы зарæг» (æм. «Уадындз», 1927, 4 ф.) Уый фæстæ фысджытæ æмбу кодтой: Фæрнион нæ уыд, нæу кæнæ нæма у пролетарон фыссæг. Æмæ сæ фæндиаг фæци — сси сыгъдæг пролетарон фыссæг: царды рæстдзинадыл, поэзийы рæст- дзинадыл, йæхи «æз»-ы рæстдзинадыл йæ къух ауыгъта, бынтондæр æй ныхъхъуытты уагъта. Ныр царды рæстдзинад, поэзийы рæстдзи- над нал хъахъхъæдта, фæлæ ма дзырдта литературæйы аивадон хæрз- хъæды тыххæй (æниу царды рæстдзинад кæм нæ уа, ахæм литера- турæ гъа-да-гъа хæрзхъæд уа!л Иугæр мæ, зæгъгæ, æмгуырæй пролетарон дзæхстытæ кæнут, уæд уæ æз дæр хъуамæ пролетарон дзæхст ныккæнон, ома идеологийы рæстдзинады позицийæ, адæмы цæсты уын бафтауон уе ’мдзæвгæты хæрзхъæд (æнæхæрзхъæд!). Даргъ дæ, Ирыстон, ксерон дын кæм и! — Схлитæй Сечермæ нæ хъуысы мæ хъæр. Къаддæр куы уаис, — æрвылбон нæмин Къах æмæ къухæй «поэттæн» сæ сæр, Иу, дам, дзы нæ бæззы, нæ, дам, зонынц, фыссын, давынц æндæр поэттæй, дзуры сыл æнæввæрсонæй, æнæ гæдыфсармæй («рифмæтæ — фаджыс, сæ сагъæс — бырон» æмæ а.д.) «Дæбетæ, Геортæ, иу Цып- пу» — сæ нæмттæ кæмæн загъта, уыдон иннæты хъауджыдæр уæлдай тыхджын дзæхст баййæфтой. «Зонын, кæй нæм ис поэттæ, Зонын, мæхæдæг дæн иу», — зæгъы Фæрнион, æмæ разæнгардæй домы, цæмæй зарой æмæ кад кæной ног цардæн, комбайн, трактор æмæ динамойæн (æмдз. «Фыццаг ныдздзæхст кæмæндæрты»). Уыцы ныдздзæхстмæ сызмæлыдысты, схъомпал сты фысджытæ — кæй ныдздзæхст кодта, канд уыдон нæ, фæлæ ма иннæтæ дæр. Кæд уыцы ныдздзæхст уыд ног цард хæрзхъæд уацмыстæй æвдисыны сæ- раппонд, уæддæр, дам, дзы Фæрнион ног царды бафхæрдта. Хъоро- ты Хъазег: «Партийы амынд фæдзæхстæй Хайджын нæ фæдæ æви? «Фыццаг кæмæндæр ныдздзæхстæй» Иууыл куы стауыс дæхи» (газ. «Хурзæрин», 1930 азы 6 сентябрь). Хуытъинаты Цыппу: Фæрнионы æмдзæвгæйы, дам, цы ис? Хиуарзондзинад, индивидуализм, æзон- дзинад коллективизмимæ, тох партийы раст хаххы ныхмæ (газ. «Рæ- стдзинад», 1930 азы 20 сентябрь). Галаты Степан, чиныг «Нæ литпо- стон ныдздзæхстытæ»-йæн (Цхинвал, 1931) аргъ кæнгæйæ, раппæ- лыд Хъороты Хъазбегæй, * иннæ дыууæ авторæй загъта: «Схлитæй Сечермæ хъуысы сонт, æрра, лыстæгбуржуазон сæрхъæн хъæр. Уый у Фæрнион æмæ Болайы бирæгъы ниуд». Ис, дам, сæм «политикон хулиганад», се ’мдзæвгæтæ, дам, сты «бульварон, порнографон, хал- турон литературæ» (газ. «Рæстдзинад», 1932 азы 8 май). Хъайтыхъ- ты Михал: «Æз», «иунæгæй» æмæ æндæртæ сты Фæрнионы буц тер- 162
минтæ. Индивидуализм, æздæниуæгдзинад бахордтой Фæрнионы зон- дахаст... Мах кусæм коллективонæй. «Æз»-ы бæсты æвæрæм «мах» (газ. «Æрыгон болыиевик», 1932 азы 4 февраль). Хъайтыхъты Геор- ги: «Катай нæ бæсты Ма хъæуæд дæу. Саст зæрдæ хæсты Бирæ фаг нæу. Царды цæхæры Рæз æмæ хау (!), Ма рæй дзæгъæлы Мигъмæ куыдзау. Базон дæ афон, Де хæс кæм и, Алыбон ма хон Иунæг дæхи... Амард Есенин, Батар ыл дуг. Ног боны Ленин Райста дзæбуг» (Хъайтыхъты Г. Тохмæ, 1931, 129—130 ф.) Ардасенты Хадзыбатыр, иннæты хъауджыдæр, зоны æмæ хынцы Фæрнионы тых, курдиат, хоны йæ «цæхæрцæст Фæрнион», фæлæ, дам, уæддæр «дæ дзырд- тæй сихæн дæн»: «Ис нæм Дæбетæ, Геортæ, Цыппутæ, Ис нæм Тæ- тæри, Сергей ’мæ Барон. Ноджыдæр бирæ ис ног царды хуртæ, Октябрь ысуагъта æлвæст хурхы рон!» (Ардасенты X. Сæуæхсид, 1931, 68—69 ф.) Мамсыраты Дæбе: «Нæ» «фыссæг» Фæрнион Кæд архайды кадыл Æмæ йæ Георги Хъыгдары æцæг, Уæд ерысы бæсты Цæмæн фæци надыл, Цæмæн райста къухмæ Ныхцæвæн лæдзæг», ис, дам, нæм поэттæ, «Мæгуырæй нæ тилынц Сæ бызгъуыртæ, йедтæ», Фæрнионы хуызæттæн, дам, нæ дугьы дзæбæхгæнæн нæй, æмæ сиды «над баййафæг» поэттæм : «Мæ тохы æмбæлттæ, Георги, Цыпуска, Сарди æмæ Гриса, Хъæбатырдæр ут! Нæ Барон — арт фыссæг, Нæу ахæмтæм хъусгæ, Нæ цардимæ иумæ Цæргæстау тæхут!» (Мамсыра- ты Д. Фыццаг къахдзæфтæ, 1931, 50—53 ф.). Боциты Барон: йæхи- цæй, дам, æппæлы Фæрнион, иунæг йæхæдæг уа, уымæ, дам, у йæ хъавд.»Кæцы лæг ыстауа йæ радзырд. Уый дохтыртæ хонынц рын- чын», «Цæй, иумæ æмцæдисæй зарæм, Æмхуызон куыд ысуа нæ зонд. Фæрнионы не ’хсæн ныппарæм, Æхсида нæ фурды йæ конд» (Боциты Б. Тохы фæйлауæнтæ, 1932, 41—42 ф.). Афтæмæй кæд Фæрнион сидт ног цард стауынмæ æмæ уацмыс- тæн сæ аивадон хæрзхъæд фæхуыздæр кæнынмæ, уæддæр та ныр- мæйау разынди партийы хаххы ныхмæ, ног царды ныхмæ цæуæг. Сæ фыдæх æм афтæ æхсыст, æмæ йæ се ’хсæн удæгасæй кæй уыд- той, уый сын сæ зæрдæтæ скъуыдтæ кодта. Хъуылаты Созырыхъо Ирыстоны фысджыты 1-аг съезды йæ кæронбæттæн ныхасы хуымæ- тæджы нæ дзырдта: «Дæбе йæ комкоммæ загъта: «Амарын æй хъæуы, зæгъгæ, Къостайы!» Ау, чердæм æй марут!» (журн. «Фидиуæг», 1930, № 11—12, 99 ф.). Цы уыд уый? Æгурдиæтты бунт курдиаты ныхмæ? Хæлæг æм кодтой? Се ’хсæн бæрæгдæр кæй дардта, уый тыххæй? Хуымæтæджы нæ дзырдта Тыбылты Алыксандр дæр, зæгъгæ, бах- хуыс ын кæнæм пролетарон фысджыты рæнхъыты фидар ныллæууы- нæн, фæлæ йæ æргæвдгæ ма кæнæм, йæ хъуырмæ йын кард ма дарæм (газ. «Хурзæрин», 1930 азы 29 ноябрь). Уыцы æххуыс ын цы басгуыхт, уый тыххæй загътон: æгæр про- летарон дæр ма сси. Хорзæй йæм цы уыд, стæй канд йæхимæ нæ, фæлæ ма искæмæ дæр, уыдон фаудта, марксистон-ленинон цæстæн- гасæй, пролетарон «бæрзæндæй» акаст знон æмæ абоны литерату- рæмæ, сыстад «малусæгады» ныхмæ, сыстад, йæхи цæстытæ йын цы «изм»-тæй къахтой, йæ ных ын кæмæй къуырдтой, уыдоны ныхмæ («национализм», ома национ хиæмбарынад, «индивидуализм», ома 163
аивадон индивидуалондзинад, æмæ æндæрты ныхмæ). 30-æм азты райдайæнмæ цы ’мдзæвгæтæ ныффыста, уыдонæй йын Гулуты Анд- рей цы загъта, ома революцион, уæнгрог æмдзæвгæтæ «уживаются со стихами, пропитанными нездоровыми, упадочническими, иногда даже мистическими настроениями» (газ. «Пролетарий Осетии», 1934 азы 27 январь), уый Фæрнион загъта Хетæгкаты Къостайæ: канд динылхæст, дам, нæу, — мистик дæр ма йæ рахуыдта (газ. «Рæстдзи- над», 1936 азы 29 апрель). Азтæ-фæдисæттæй, дам, иу дæр нæ бæл- лы Пушкинмæ: «Тверæн йæ бульвар ныкъкъæдз и, Ас у дæ цыртæн йæ уæз. Иу къухæй ахсыс дæ къæдзил, Иннæмæн н’арыс фæрæз!.. Адæм æвзардзысты хъуыддаг, Цыртыл æрцæудзæн ныхас. Абон Оне- гин ысхъæддаг, — Кусджытæ райстой сæ маст. Гадзайæ зилы дæ Танйа Бульварты, — агуры цард, Афтæмæй талынджы тауы Алы ’хсæв над æмæ хъард... Рæстæг ныр нал быхсы рагон пæлæзтæ! — Уагæр цы уыдзæн сæумæ?!» (æмдз. «Пушкины цыртмæ») Фæрнио- нæн йæхи «кæрц», «нымæт» æмæ «барджытæ» куыд фаудтой, афтæ ныр йæхæдæг фауы Пушкины «пæлæз». Нырма, дам, дын ницы у, фæлæ дæ, мыййаг, райсом æд цырт, æд сфæлдыстад бынтон куы скуынæг кæной! Кæмдæр дзы цыма хъусæм мæт, тас, тыхст ног «гуннтæ» (Фæрнион раздæр «нæ фыдгултæ» кæй хуыдта, уыдон) цытæ кæнынц æмæ цытæ кæндзысты, уый куы ’вдисы, уæд, фæлæ æмткæй уæддæр ног «гунты» архайдæн ныр хæцы йæ фарс. Азтæ-фæдисæттæ згъордтой иунæг дзæнгæлтæгæнæг тых æмæ то- хæй — кълассон тохæй. Иунæг «хурты хур» Сталин загъта, зæгъгæ, цас социализм тынгдæр рæза, уыйас цырындæр кæндзæн кълассон тох, — иугæр афтæ загъта, уæд пролетарон, советон фысджытæн кълассон тох сси сæ удылхæцæг, сæ дин, сæ хæцæнгарз. Дзанайты Сергей куы фыста, зæгъгæ, алыхуызон фысджыты иумæ æрбамбырд кæнæм æмæ сæ аздахæм социалистон цардарæзты ’рдæм , уæд ын Фæрнион дзуапп радта: «Махæн нæ фысджыты ’хсæн ис бирæ хи- цæндзинæдтæ, ис нæм идеалисттæ æмæ пролетарон фысджытæ, ис нæм æмдзугæнджытæ æмæ революцийы знæгтæ. Нæй гæнæн æппæ- ты иу уаргъы бабæттынæн, уый марксизммæ гæсгæ иу нæ уыдзæнис. Æмæ дарддæр: «Ирыстоны Фысджыты ’хсæн ис алыхуызон адæм кълассон æгъдаумæ гæсгæ, уымæ гæсгæ уыдон се ’ппæт æмхуызонæй нæ аразынц пролетарон культурæ æмæ литературæ». Æмæ дарддæр: «Ирон фысджытæ æмæ фыстытæ раджы слæууыдысты кълассон фæн- дагыл, æмæ ерыс кæнынц сæхи мидæг, царды кълæстæ куыд тох кæнынц, афтæ... Къубалты Алыксандр æмæ Хъуылаты Созырыхъо- йæн иу ран æвæрæн нæй. Коцойты Арсен æмæ Хуытъинаты Цыппу нæ бафидаудзысты иумæ. Хицæн идеологитæ æмæ хицæн фысджы- тæн иумæ æвæрæн нæй» (газ. «Рæстдзинад» 1930 азы 10 сентябрь). Алкæм дæр æнхъызт, пæлхъ-пæлхъ кодта кълассон тох æмæ кæд фæуыдаид, куыд фæуыдаид, цæуыл банцадаид, уый бæрæг нæ уыд. Æвæццæгæн, социализм цалынмæ рæзтаид æмæ цардаид, уæдмæ! Мыййаг кълассон тохы ныхмæ нæ уыд, æппæт фысджыты дæр иу цæдисы баиу кæнынæн ÆК (б) П ЦК «Литературон-аивадон органи- зациты рацарæзты тыххæй» 1932 азы 23 апрелы кæй рахаста, уыцы 164
уынаффæ. Иууылдæр сæ иу цæдисмæ батæр, иухуызон зонд (кълас- сон, советон зонд) сын сæ сæры нытътъысс, къухылтухгæ æмæ сæ къухæйхъазæн къæцæлын-хæцъилын чындзытæ скæн, сæ дзыхы сын дæхи æвзаг нывæр æмæ сæ дзыхæй адæмимæ дзур, æххормаг сæ ма уадз (дæ фынджы уæлдæйттæй сын къæбæр æппар), исчи дзы фæр- сырдæм куы ахиза, кæнæ мидæгæй куы сызмæнта, уæд ын йæ сæр æркъупп кæн, кæд фæстæмæ нæ баздæха, кæнæ не ’рсабыр уа, уæд æй ахæстонмæ баскъæр, Сыбырмæ йæ ахæсс, кæнæ йын йæ фæскъæ- бут дамбацайы бырынкъ сæвæр, — иннæтæн зондзонæн! Иууылдæр суой кълассон тохы сæрхъуызойтæ, парти æмæ хицауады хæстонтæ, цагъартæ-фæсдзæуинтæ! Уыцы уынаффæйæ афæдз куы рацыд, уæд Фæрнион йæхи йæ- хæдæг критикæ кодта, чиныг «Зæй»-ы, дам, ис рæдыдтытæ æмæ, дам, сæ ныр раст кæнын (газ. «Болыпевикон аивад», 1933 азы 15 май). Дзанайты Сергей фыста, Фæрнионмæ, дам, цы зæрдæсаст, æнкъард æмдзæвгæтæ уыд, уыдонæй, дам, йæхи ратыдта, йæхи суæгъд кодта. Уый, дам, у стыр æнтыст, стыр сгуыхт: «Поэт отказы- вается от своих личных чувств, мыслей и заблуждений» (газ. «Проле- тарий Осетии», 1934 азы 18 январь). Уый цæй сгуыхт у, поэт поэт цæмæй уыд, ууыл йæ къух куы сиса, уæд! Фæрнионæй скодтой æмæ Фæрнион йæхицæй скодта æнæ поэт. Йе ’мдзæвгæты рæдыдтытæ кæй ис æмæ сæ кæй раст кæны, уый тыххæй ма Фæрнион фыста фæстæдæр, æмæ канд уый тыххæй нæ. 1934 азы 13 октябры Дзæуджыхъæуы Брытъиаты Елбыздыхъойы мы- сæн изæры цы доклад бакаст, уым, дам, Кавказы хæстæн раст аргъ не скодтон, нæ, дам, дзы раиртæстон «кълассон дифференциаци» (уымæй фаудта канд Елбыздыхъойы пьесæ «Хазби» нæ, фæлæ ма йæхи поэмæ «Хъобаны фæдис» дæр — кад дзы кæны Алыккаты Хазбийы сгуыхт- дзинадæн), нæ, дам, фенын кодтон Елбыздыхъойы «къуындæг нацио- нализм» (æвдисы, дам, «рагон царды идилли», уырыссаг культурæ, дам, критикæ кæны «националистон позицийæ»), пьесæ «Амран», дам, не схызт «кусæг къласы историон мисси бамбарыны онг»», нæ, дам, дзы фæуæлахиз сты пролетариат, æз та, дам, дзы æппæлгæ кодтон (газ. «Пролетарий Осетии», 1935 азы 15 октябрь). Кæд йæ «Фыццаг ныдздзæхст»-ы раст фыста Дæбетæ,Геортæ æмæ Цыппуты аивадон хæрзхъæды (æнæхæрзхъæды!) тыххæй, уæд йæ «Æртыккаг ныдздзæхст»-ы та нæ хистæр фысджытыл аздæхта сыгъ- дæг «кълассон лæдзæгæй». («Æртыккаг ныдздзæхст» уымæн у, æмæ йæ размæ «Дыккаг ныдздзæхст кæмæндæрты» ныффыста Болайы-фырт (журн. «Фидиуæг», 1931, № 5, 23 ф.) Фæрнионы «Æртыккаг ныдз- дзæхст»-æн ис дæлсæргонд: «Кæнæ та цы ’рцыдис Ирыстоны фыс- джыты æрцыды æмæ йæ фæстæ» (газ. «Хурзæрин», 1931 азы 21 июль). Ма фæтæрс, сахъ Цомахъ! Ма ’руадз уырдыгмæ дæ сæр. Колхозы гупгæттæй, похцитæй аразæм цардæн къæсæр. 165
Худæд Цæголы-фырт хинымæр, хинбылæй, Богъау æмбухæд Ссермæт, Рувасау худæд Гуыбады дæр — минсылæй, — Нæй нæ æппындæр сæ мæт: Хъуысæд, дам, Берлинмæ сæ цин, ома Байаты Гаппомæ, фæса- рæнмæ эмиграцийы чи ацыд, уыдонмæ. Съезды фæстæ куывд скод- той, Гоцъи, дам, дзы уыд æфсин. Куывды нæртон сыл кæй мара? Ферох ис Фæзыхъæу ам. Бадтис Арсеныл Тамара — Нал уыд йæ лæгмæ хæрам. Арахъ кæм бары уæлдæйттæ, — Ахста Замиры Алгъуыз. Ныууадз, дам, ныртæккæ тæргæйттæ, Тагъд, дам, уæлгоммæ æрхуысс. Уаспгырджи уадидæг барасыг, Дауытмæ самадта хæст: — Надæй мæ амардзæн Барастыр, Тагъд мæ уæларвмæ фæхæсс! Цы æмæ куыд кæной, уый, дам, сын Берлинæй амоны Гаппо. Бахъырны уырдыгæй мигъмæ куыдзау: — Ал-гъуыз-мæ-æ м-а-а ’рхæссут ф-а-а У’У-у! Коцойты Арсен (Тамарæ — радзырд «Цы ’рцыди Фæзыхъæуы æмбисæхсæв»-ы архайæг), Къубалты Алыксандр (Алгъуыз — поэмæ «Алгъуызы куывд» æмæ пьесæ «Фæтæг Алгъуызы мæлдæт»-ы хъай- тар), Хетæгкаты Дауыт (Гоцъи æмæ Уастырджи — æмном поэмæты 166
хъайтартæ), Цæголты Геуæрги, Къосираты Сæрмæт æмæ Дзагуырты Гуыбадыйы ныхмæ Фæрнион æвæры йе ’мбæлтты, сæ сæргъы Цо- махъ, афтæмæй: Сикъо, Болайы-фырт, Дзесты Куыдзæг — Знагсен йæ фындзмæ сæнæг! Иумæ Цомахъимæ тохы бырсут, Знагæн йæ хъæлæсы даргъ арц тъыссут... Хъуысæд Берлинмæ æхсарджын æхситт, Рæздзæнис минтæй ирон про- лет- лит! Фæрнион идеологийы рæстдзинад, кълассон тохы рæстдзинад канд йе ’мдзæвгæтæ æмæ йæ уацты не ’вдыста. Поэмæ «Цины дуг»-ы (1933) ары социализммæ фæндаг чи гæрды, уыдоны ном. Знон æмæ абон, ивгъуыд цард æмæ абоны цард — адонæн æм се ’хсæн ницы бастдзинад ис, кæрæдзийæ хицæн кæнынц æхсæв æмæ бонау. Знон — æвзæр, абон — хорз. «Ацы дуг цинæй у йемыдзаг... Чидæр цъæхах- стæй кæуы...» Йæхи цъæхахст баивта цинæй. Поэмæйы хъайтар Тохзон зымæгон йæ сау бæхыл цæуы дард хъæумæ — хъуамæ сæм къолхоз сараза. Æмбырд сын скодта. Цъул- бертæ æмæ мæгуыртæн хъаугъа, загъд бацайдагъ. Советы сæрдар у цъулберты фарс, цъулбер Барсæн, дам, сдæры йæ омæнтæ. Барс сæм бартхъирæн кодта. Тохзон сын радта амындтæ: советæн ног сæрдар равзарут, цъулберты советæй ратæрут, уæхæдæг — мæгуыртæ æмæ рæстæмбис цæрджытæ — колхозмæ бацæут. Тохзон хъæуæй куы раз- дæхт, уæд æй фæсвæдæй Барс фехста. Нæмыг йæ уæны сæр сæм- бæлд. Барсы æрцахстой. Тохзон сдзæбæх. Колхоз сырæзт. Поэмæйы кæрон бæлвырд кæны Тохзон æмæ колхозонты тох æмæ куысты ин- тернацион ахадындзинад. Пьесæ «Хæрзбон» (1934) кæрæй-кæронмæ у кълассон схемæйыл амад. Хуссар Ирыстоны тох дзы Гуырдзыстонимæ национ тох нæу, — мæгуыртæ, дам, хæцынц, æлдæртты ныхмæ. Æлдæрттæ гуырдзи- æгтæ кæй сты, нæ зæхх нын гуырдзы кæй байстой, Октябры тырыса- ты бын нæ адæм национ-сæрибаргæнæн тохмæ кæй сыстадысты, Гуыр- дзыстон Хуссар Ирыстоны геноцид кæй кодта, уый дзы у мынæг- гонд, науæд та дзы бынтондæр нæй. Уыцы хъайтарон æмæ трагикон хæсты æцæгдзинад Фæрнион ныздыхтытæ, ныссуйтæ, ныззылын- мылынтæ кодта марксистон-ленинон цæстæнгасы пайдайæн, партийы национ политикæйы пайдайæн. 167
Кæд дзы хорзæй исты ис, уæд — ирон национ интеллигенцийы минæвæрттæ. Фæрнион сæ хоны «историйы бырæттæ, рæстæджы фаджыстæ», «цыппæркъахыгтæ», компрометаци сæ кæны æппæт амæлттæй дæр (зæгъæм, адвокат Голайы алыфарс зилы цахæмдæр æдылы æгомыг, «ммо-отæ» æмæ йыл «æгъи-æгъитæ» кæны, стæй йыл сагъуыд цахæмдæр сæнтдзæф, зæронд сылгоймаг, ды, дам, пи- сыр дæ æмæ, дам, мын мæ сау бæдул ссар, æмæ дзы йæхи куы айста, уæд ыл куыйты сардыдта. Уыцы амалæй афтæ зæгъинаг у автор: Гола, дæр, дам, уыдоны хуызæн у — æдылы æмæ сæнтдзæф). Уыцы интеллигенттæ, дам, æмдзæхдон сты гуырдзыйы гвардийы раздзог- тимæ, революцийæ фæхауæг-фесхъиуæггаг Байаты Гаппоимæ, Цæ- лыккаты Ахмæтимæ, Бичерахты æфсымæртæ Лазæр æмæ Геуæрги- имæ, ома, дам, знаг сты революцийæн æмæ уымæ гæсгæ Ирыстонæн дæр. Фæлæ уыцы интеллигенттæ цы æмæ цæуыл дзурынц, сæ сагъæс æмæ сæ архайды сæр æмæ нысан цы у, уымæй бар-æнæбары — Фæрнионы фæндыдаид æви нæ фæндыдаид, уæддæр — æлхæны чи- ныгкæсæджы зæрдæ, цахæмдæр хицæн æбæлвырд-æбæрæг цыдæр- тæм куы нæ кæсæм, уæд æмткæй, пьесæйы большевикон персонаж- тæй хъауджыдæр, сты раст æмæ уырнинаг. Адвокат Гола: «Хуыцау мæ уыцы бон бабын кæнæд, мæ дзыллæйы ном цы бон ферох кæнон... Мыййаг, мæ дзыллæ куы фесæфа царды лакъон уылæнты? Уый у ме стырдæр тас... Мæн æрмæстдæр уый фæнды, цæмæй махæн нæ культурæ ма фесæфа, цæмæй ба- хъахъхъæнын бафæразæм не ’гъдæуттæ, нæ кад, нæ намыс, æмæ нæ сæ къæхты бын ма фæкæной иннæ адæмтæ, цæмæй нæ уадзой сæ фарсмæ æмæ ирон адæмы дæр нымайой сæхи æмсæр адæмыл... Гъе уыцы бæллиц фехалынмæ хъавынц варвартæ-болыпевиктæ, уымæн сæ нæ уарзын æз...» Æмæ дарддæр: «Мæн æрмæстдæр уый фæнды, цæ- мæй Ирыстон рахицæн уа, æфхæргæ йæ цы адæм кодтой, уыдонæй — уырысæй, иннæ чысыл адæмтæй... Æмæ йæхæдæг араза йæ цард». (Ам уынæм Бекъойты Дзибкæйы хъуыдытæ, Фæрнион сæ цыма цита- тæйау райста, Дзибкæ альманах «Малусæг»-æн цы раздзырд ныффы- ста, уырдыгæй, — Фæрнион йæ литературон-критикон уацты кæй æфхæрдта, уыдоны ныхмæ тох кодта йæ аивадон уацмысты дæр. Тох кодта йæхи «кæрц, «нымæт», «барджытæ» æмæ «зарджыты» ныхмæ). Хуссар Ирыстоны кълассон дихдзинад уабæрæг никуы дардта. Гуыр- дзиаг æлдæрттæн («æрцæуæг хæддзутæн») хъалон фыстой, фæлæ сæ- хæдæг æмхуызон куыст, æмхуызон цард кодтой: чи дзы фæрæзджын уыд, чи — нæ. Адвокат æмæ Бады диалог: «Б а д. Æмæ циу мæгуыр кæнæ хъæздыг? Ницы мур дæр, ницы, намыс æмæ æгъдауы цур ахæм ныхæстæ сты æрмæст демагоги. Хъуамæ ахæм ныхæсты тыххæй адæм æрра кæной, хъуамæ сæ кæрæдзи цæгъдой?.. Цымæ сæ кæрæдзи куы ныццæгъдой ирон адæм, уæд цы рауайдзæн хъуыддагæй? А д в о к а т. Адæм сæ кæрæдзи куы ныццæгъдой, уæд дæм мæгуыр дæр нал уыд- зæн æмæ нæм хъæздыг дæр нал уыдзæн... Б а д. Зæххытæ байуардзы- стæЫ нæ адæмы ’хсæн, нæ бæстæйы æрæвæрдзыстæм нæхи хицауад æмæ нæхæдæг нæ цардæн кæндзыстæм уынаффæ. Цæмæн хъæуы мах уырыссаг юнкертæ, гуырдзиаг чапартæ!» 168
Ау, цымæ адон не сты Ирыстоны æнусон бæллиц? Куыд сын ис рахæссæн сценæмæ худæгæн, худинагæн? Къала — буржуазон интеллигент (афтæ йæ хоны Фæрнион): «Кæс- дзынæн æнхъæлмæ хæсты фæуынмæ. Кæсдзынæн æнхъæлмæ, уырн- дзæн мæ, хæст кæй фæуыдзæн, æмæ туджы зæйы бынæй, лæгты мæрдты бынæй æмæ историйы фаджысæй кæй сзайдзæн рæсугъд дидинæг — малусæг. Уыцы дидинæг уыдзæнис нæ райгуырæн бæстæ, рæсугъд Ирыстон». (Ам Фæрнион цитатæйау райста Елбыздыхъойы пьесæ «Дыууæ хойы»-йæ малусæджы поэтикон фæлгонц, альманах «Малусæг» дæр уыцы номæй Елбыздыхъо схуыдта, æмæ иугæр Фæр- нионæн «малусæгад» у антипролетарон, антисоветон марг, уæд малу- сæджы фæлгонц йæ буржуазон-националистон персонажы дзыхы радавинаг скодта). Интеллигенцийы минæвæрттæ хъуамæ алидзой фæсарæнмæ, Ба- куйы сын æхца Бичерахы фырттæй иу радта, æмæ гъа ныр анкъуы- сой, афтæ дзы сæ иу — Боппи — семæ нæ акуымдта. Фæрнион æй хоны «поэтгонд, националистон интеллигент». Къала дзы загъта: «Боп- пи никуыдæм ацæудзæн... Искуы хъарм бынаты бабырдзæнис æмæ фысдзæнис большевикон, советон сырх-сырхид зарджытæ». Уыдон æнæ Боппи бæргæ араст сты фæсарæнмæ, фæлæ сæ арæныл баурæд- той, нæ сæ ауагътой. Æнæмæнг, Фæрнионы куыд нæ фæндыд, афтæ рауад хъуыддаг: ирон интеллигенцийы минæвæртты хъысмæт иннæ архайджыты хъысмæтæй тынгдæр агайы зæрдæ. Царды рæстдзинад, Ирыстоны цы рæстдзинад уынæм, уыдонмæ, — большевиктæм нæ, кæд Фæрнион хъавгæ, дзургæ æмæ æвдисгæ иннæрдæм кодта, уæддæр. Сырх-сырхид пьесæйы цы æнæ- сырх интеллигештæ ис, уыдон дзы сты цæстæвæрæн æмæ зæрдæмæдзæ- угæ хуызтæ. Чи зоны, Боппийы сырх-сырхид æмдзæвгæтæй цы загьта, уый Фæрнион загъта йæхицæй дæр, йæхи большевикон, советон æмдзæвгæтæй дæр. Чи зоны, йæхи дæр фаудта йæ раздæры «национа- листон, индивидуалистон» æмæ æндæр «истон» позицитæй. Роман «Уады уынæр» Фæрнион фыста, дыууæ рæстдзинады ма йын йæ зæрдæ куы ’ууылдтой, уæд (1929 азы йæ байдыдта мыхуыр кæнын). Дыууæ темæйы дзы — социалон æмæ национ темæтæ — цæ- уынц хъæбыс-хъæбыс, дæларм-дæларм, арæх ауайынц æддæг-мидæг. Уый бæрæг у йæ эпиграфтæй дæр — Гæдиаты Цомахъ æмæ Æлборты Барысбийы рæнхъытæй: иуæй, адæм куы стыхсой цагъайраджы цар- дæй, уæд иу бон сыстдзысты тохмæ, адæм æгæр дæр фæкалдтой сæ туг æмæ сæ рондз, иннæмæй — «Гъей, нæ урс хæхтæ, Рæсугъд бæстæ, Рæсугъд Ирыстон!» Сырхауты Цæрай абырæг цæмæн сси, уый тыххæй романы æртæ- хуызон хабар-аххосаджы ис. Фыццаг: Куырттаты комы,дам, æлдæр- ттимæ фæбыцæу, сæ хуыздæры сын æрфæлдæхта, Цæрайы мыггагмæ ахæстоны бакодтой, фæлæ ралыгъд æмæ ныр у абырджыты хистæр. Дыккаг: Куырттаты пъырыстыф, дам, мæм æвнæлдта æмæ, дам, ын мæ хъамайæ йе ’мбыд сæр афастон. Æртыккаг: райгуырдтæн, дам, Куырттаты комы, мæ фыд, дам, лæскъдзæрæг кæмæ уыд, уыдоны хæдзары фæсдуар (уымæй размæ йæ Фæрнион хоны «кæвдæсард»). 169
Фысты хицау сын сæ хайæ йе ’рдæг дæр нæ лæвæрдта, Цæрайы фыд йемæ схыл æмæ йæ лæскъдæттæг амардта, Цæрай та лæскъдæттæгæн хъамайæ йæ тъæнгтæ хурмæ ракалдта. Æртæ хабар-аххосаджы дзы кæй ис, уый, æвæццæгæн, хуымæтæг аивадон æнæхъола цыдæр нæу. Загътон ма йæ, Ирыстоны — хуссары дæр æмæ цæгаты дæр — царды кълассон дихдзинад уадиссаг бæрæг никуы дардта. Чи зоны, æлдар кæнæ лæскъдæттæджы кæй амардта, уый фаг объективон-типон нæу, уырнинагдæр у дыккаг хабар-аххосаг: ирон адæм сæйраджыдæр æфхæрд æййæфтой паддзахы бынæттон администрацийæ^ (хъæуыхи- цæуттæ, пъырыстыфтæ æмæ æндæр ахæм «æлдæрттæй»). Уыцы æфхæрдмæ ма бамбал кæнын хъæуы æддагон æлдæртты æфхæрд, фæлæ романы æддагон, æндæрбæстаг æлдары кой нæй. Хъарадзауты инæлары фырт Данел йæ ус Чабæханимæ файтоны куы бабадынц, быдырмæ сæхи аирхæфсынмæ куы ацæуынц, уæд уыцы афон адæм та хуымты æмæ уыгæрдæнты кусгæ кæнынц: чи кæрды хос, чи рувы нартхор. Хъарадзаутæн сæ чызг Мисурæты Цæрай куы аскъæфта, уæд Данел дзырд радта, Цæрайы амарынæн, дам, æз мадзал ссардзынæн. Ирон æфсæддон интеллигенцийæн се службæ, сæ лæггады тыххæй паддзах царды хæрзтæ лæвæрдта, фæлæ уый- адыл фæллойгæнæг адæмæн кълассон знæгтæ кæм æмæ куыд уыдаик- кой! Социалон хъулæттæ уыд алкæддæр: паддзахы заманы дæр, со- циализмы заманы дæр. Уыд, ис æмæ уыдзæн. Цæрай: «Нæй рæстдзинад, нæй лæгæн кад æмæ æгъдау. Иутæ царв æмæ сойы сæхи найынц, иннæтæ та сыдæй мæлынц... Уырнæд уæ, æрцæудзæн хуыздæр дуг. Ахæстоны кæимæ уыдтæн, уыдон зонд- джын адæм уыдысты æмæ-иу уыдон дæр афтæ дзырдтой». Уыцы дуг, дам, æрцæудзæни кълассон тохæй. Балхъæды абырджытимæ цæргæйæ, Мисурæт Цæрайы куы бафарста, ныр, дам, кæдмæ цæрдзыстæм аф- тæмæй, уæд ын Цæрай дзуапп радта: «Цалынмæ дæ цæгат мæн ама- рой, уæдмæ. Цалынмæ дæ цæгат сæ бынаты цæрой, уæдмæ. Фæлæ уыдон уым куы нæ уал цæрой, уæд мах сæ цæрæнтæм ныллидздзыс- тæм æмæ цæрдзыстæм». Уыдон уым нал цæрдзысты, кълассон тохы сæ куы ныццæгъдой, уæд. Хъасбол Сыбыры хастæй куы ралыгъд, уæд йе ’мбал Степанæн дзуры: «Иутæ цæрынц хъуаг æмæ тыхстæй, ин- нæтæ — дзаг æмæ буцæй, æфсæст æмæ хъалæй. Афтæ у цард... Мæ зæрдыл æрлæууыдысты, немæ ахæстоны цы Афанасьев бадти, уый ныхæстæ. Уый афтæ дзырдта: «Тох, дам, тох — кълассон тох!» Ай-гъай, ирон царды социалон хъулæттæ æвдисгæйæ, Фæрнион нæ ивгъуыйы историон рæстдзинадæй, кæд æй къласон тохы ’рдæм тыхивазæгау кæны, æгæр-æгæр здахы, уæддæр. Кълассон тох дзы нырма фæндоны хуызæн у, йæ хъайтартæ ахæстоны «зондджын- тæй», ома большевиктæй кæй фехъуыстой, ахæм лозунджы хуызæн. Социалон хъулæттæ дæр цæуылнæ, фæлæ романæй сæйраджыдæр романгæнæг сты, æмдзæвгæ «Æнуд цъæхахст»-ы цы «кæрц», «ны- мæ1г», «барджытæ» æмæ «зарджытæ» ис, уыдон. Хуымæтæджы, мыййаг, нæ байдыдта роман Ирыстоны национ- сæрибаргæнæн тохы хъайтар Алыккаты Хазбийы койæ. Хъæды ас- тæу бадгæйæ, Цæрай зæгъы йе ’мбæлттæн, цæй, Хазбийы зарæг, 170
дам, бакæнæм: «Æвæдза, Хазби æвгъау уыди мæлынæн. Йæ мæлæт дæр æцæг лæджы мæлæт уыдис. Цæрынæй мæлынмæ лæг хъуамæ дæсныдæр уа. Цæрын цы лæг зона, фæлæ мæлын чи нæ базона, уый сау капеччы аргъ дæр нæу». Хазби, дам, худинаг йæ сæрмæ не ’рха- ста, худинаджы бæсты, дам, райста хъазуат мæлæт. Абырджытæ йæ хонынц нæ Ирæн номыскæнæг, нæ Иры ном. Лæгтыдзуары бон куывды бадгæйæ, Æрхыхъæуы мыггæгтæн хыл бацайдагъ. Хъæуыхицау дзы дыууадæс лæджы æрцахста, суагъæ сыл скæнынмæ бавнæлдта. Ахст зæронд лæг Хъæвдыны чындздзон чызг Асиаты йæм æвдисæнæн куы ’рхуыдтой, уæд бавдæлд æмæ йыл хъуамæ тыхæй ныххæцыдаид. Къæнцыларæй фæсивæды «хъустыл ауадис æнуд цъæхахст». Басил дуар куы фегом кодта, «диссаг» куы федта, уæд йæ хъамайæ хъæуыхицауы сæр афаста. Хъæвдын, дам, ахæстоны æнæ- зонд худт бакодта: «Афтæ дын хъуыдис, сабакы фырт! Маладес, Ба- сил, маладес!.. Цымæ куыд æнхъæлдта, ирон адæм нæ нæ хоны». Ирон кад æмæ намыс у сæ сæйраг хæзна. Ахст зæрæдты хъæуæй куы фæцæйкодтой, уæд дзы абырджытæ пъырыстыф æмæ дыууæ хъахъхъæнæджы уайтагъд æрфæлдæхтой: «Гъе, куыдзæй чи райгуырд, уыдон!..Æфсарм нал ис? Зæрæдтыл хъадамантæ æвæрыны бар уын чи радта? Мах ирон адæм стæм æмæ ахæм худинаг нæ сæрмæ нæ хæссæм!» Абырджытæ зæрæдты семæ акодтой Балхъæдмæ — Ассыйы уæтæрмæ, сæ «цæрæн» бынатмæ. Уым сын Хъæвдын хуыйысæрæй рагон ирон кадæг ракодта. «Цæгъды æмæ йæм фæйнæрдыгæй хъу- сынц æдзынæг. Дистæ кæнынц йæ цагъдыл. Уый дæр ноджы уын- гæгдæр хъæлæсæй ауадзы йæ кадæг». Цахæмдæр кълассон цыдæртæ нæ, фæлæ — «ирон адæм» , «ирон кадæг». Хъæвдын Цæрайæн загъ- та: «Де ’гъдау æмæ дæ кад ирон лæджы аккаг сты». Бузныг дзы у, кълассон кæнæ ног адæймаг кæй у, уый тыххæй нæ, фæлæ, «ирон лæг» кæй у, уый тыххæй. Хъаспол Сыбыры хастæй куы ралыгъд, уæд сагдзоныгъыл цæу- гæйæ: «Зары ныллæг бæлццон йæ райгуырæн бæстаг æнкъард зар- джытæ æрдæг хъæлæсæй æмæ йæ зарæг тайы урс, фæлмæн, даргъ быдыры кæмдæр. Уыцы зарæг æмæ быдыры æнкъарддзинад кæрæ- дзийыл фидауынц». Деболайæн салдæттæ йæ хъама куы исынц, сæ хистæры бар- дзырдмæ гæсгæ, уæд æй нæ дæтты, бирæ йæ фæрасур-басур кодтой, цынæ амалæй йæ ахстой, фæлæ уæддæр нæ састи, æмæ йæ æппын- фæстаг къуыммæ бахастой, даргъ æфсæйнаг хæтæлæй йын йæ гуы- бын рæхуыстой, фæлæ сын уæддæр йæхи нæ лæвæрдта, æмæ йын уæд салдæтты хистæр хæтæл йæ сæрыл æруагъта, стæй йæ бæрзæ- йыл дыууæ хатты, — æрмæст уæд «æрхаудта зæхмæ æмæ афæлдæхти æнцъылдтæ цæсгомæй:уæддæр йæ хъамайы фистоныл хæцыди фи- дар». Дон ыл бакалдтой, æрчъицыдта, йæ цæстытæй ракаст «æмæ йæ хъама салдæтты хистæры къухы куы ауыдта, уæд йæ цæстытæ уай- тагъд бацъынд кодта. «Уæззау ныхъхъæрзыдис, стæй ставд, уæззау æмæ масты цæссыгтæ æртылдысты йæ рустыл». Афтæ йын ласынц (æви раластой?) йæ «кæрц». 171
Абырджытæ æфсадмæ, хæстмæ бархийæ ацыдысты (Мисурæты ныхас у Цæрайы ныхас: «Ацы цардæй цæрыны бæсты цыфæнды хæст дæр хуыздæр у»), фæлæ дзы сæ уавæр æвзæрдæр йеддæмæ хуыздæр нæ фæцис. Уырыссаг зарджытæ, дам, кæнут. Будзи: «Мах ирон адæм стæм æмæ ирон зарджытæ зонæм, уыдон та нын уырысса- гау зарын кодтой æмæ нын хæццæ цыдис». Цæрай: «Гæнæн нæй... базонын хъæуы уырыссаг зарджытæ, науæд хъуыддаг хорз нæ ацæу- дзæн». Цыфæнды «хæццæ» куы цæуа, уæддæр дзы «гæнæн нæй»: дæ алфамблай цы хъыгаг, æлгъаг хъуыддæгтæ уыныс, уыдон тыххæй дын сдзурæн нæй. Раст цы у, уый загътай, расты фарс рахæцыдтæ, уæд — додой дæ къона! Цæрай йæ дарæстæм каст æмæ йæхинымæр дзырдта: «Кæд æфсæйнаг не сты, уæддæр хъадамантæй адонæй цы уæлдай ис?» «О, сæрибар, адæймаджы сæрибар!» — йæ цæстыты раз æрлæууыдысты Балхъæды рæсугъд бæлæстæ, Ассыйы уæтæртæ, йæ саби...» «Æмæ цы кæны, ам дæр сæрибары фæрцы дæн, ардæм дæр уымæн ссыдтæн, кæд мын уый фæстæ бынтон сæрибар уаид... Хъада- манты фæрцы сæрибар». Цæрай бахудти: «Хы-хы-хы, хъадаманты фæрцы сæрибар! Куыд дзæбæх хъуысы, куы!» — зæгъгæ, загъта йæ- хинымæр, стæй та æргомæй: «Хъадаманты фæрцы сæрибар! Ха- ха-ха!» Афтæ йын ласынц (æви раластой?) йæ «кæрц» æмæ йын æй ивынц (æви баивтой?) «хъадамантæй». Рæнхъæй цæугæйæ, къæхтæ æмист кæнгæйæ, уырыссагау сæ зард куы нæ цыдис, уæд сын ефрейтор улæфты рæстæджы бар радта, цæмæй, кæй цы фæнды, уый зарыдаид. «Бирæты фæндыди Хазбийы зарæг ныццæлхъ кæнын, фæлæ сæхиуыл хæцыдысты, бафхæрынæй тæрсгæйæ. Зæрдыл-иу æрлæууыд Таймураз, Хъуыдайнат, науæд зæ- ронд лæджы зарæг, фæлæ былтæ æхгæд уыдысты, нæ уыдис ахæм зарджытæ зарæн». Чи зоны, йæ чиныг «Зæй» куы рацыд, уæдæй фæстæмæ дæр-иу Фæрнионы фæндыд йе ’нкъард, йе ’цæг зарджытæ кæнын, царды рæстдзинад, йæ «æз»-ы рæстдзинад æвдисын (æнæ- мæнг æй фæндыдаид, бецау!), фæлæ йæхиуыл хæцыд, йæхи урæдта, «йæхи зарæджы хурхыл лæууыд» куы йæ бафхæрдтаиккой, пролета- рон фыссæг æй куы нал хуыдтаиккой, уымæй тæрсгæйæ. Уыцы рæст- дзинад-иу ныр искæмæ куы равдыста (æмдзæвгæ «Пушкины цырт», пьесæ «Хæрзбон»), уæд æрмæст йæ бафауынæн, йе смамм кæнынæн, кæд йæ бафтауын, йе смамм кæнын йæ къухы нæ бафты, уæддæр (ахæм уацмысты дæр мах идеологийы рæстдзинад нæ, фæлæ царды рæстдзинад аздахы йæхирдæм). Дыууæ ефрейторы быцæу ныхас куы кодтой, уæд дзы иу иннæмæн загъта: «Æфсæддон уагæвæрд хъуыды кæнын æмæ агурын нæ уадзы. Уым алцыдæр хъуыдыгонд æмæ агуырд у, æрмæст æй хъæуы царды æнæмæнгæй уадзын». Будзи æмæ Хъасболы диалог хъæлдзæг æмæ æнкъард зарджыты тыххæй. «— Заргæ чи фæкæны, Хъасбол, уый хъæлдзæг вæййы, уæдæ цы вæййы! Зарын кæмæ цæуы? Йæ зæрдæ кæй фæхæссы, уымæ. Зары- нæнхъæлдзæгзæрдæ адæймаг хъæуы. — Ехх, Будзи, раст нæ дæ. Гъеныр ма ахъуыды кæн, цымæ Хаз- бийы зарæг хъæлдзæг зарæг у, кæнæ Хъуыдайнаты зарæг хъæлдзæг 172
у? Æппынфæстаг, хъарæг дæр зарæг у, фæлæ-ма ахъуыды кæн, цыма хъарæг цас хъæлдзæг вæййы? Нæ зонын, мæнмæ ацы зарджытæм кæуын фæцæуы». Зын рахатæн нæу: ам уынæм, Фæрнион йæхæдæг цы уавæрты цард æмæ куыста, цы быцæутæ уыд йе сфæлдыстады тыххæй, цæ- мæн ын уыд бар æмæ йын цæмæн нæ уыд бар, уыдон. Æфсæддон уагæвæрдæй цы зæгъы, уый у тоталитарон системæйы миниуæг, къа- зармæйон цардæвæрды миниуæг. Царды рæстдзинадмæ гæсгæ хъуы- ды кæнай, æнкъарай, фыссай, уый нæ, фæлæ дын идеологийы рæст- дзинад (уагæвæрд) куыд амоны, афтæ кæн. Дæ национ хæдхуыз æмæ хиæмбарынæй схицæн у, иронау ма зар, дзургæ дæр ма кæн, фыдæлты ма мыс, сæ традицитæ сын ферох кæн, иудадзыг хъæлдзæг у æмæ æнкъард ма зон. Ахæм æмæ дыл æндæр хъадамантæ кæм уа, уым сæрибар нæй æмæ нæ уыдзæн. Ахæм хъадаманджын сæрибар хаста кълассон-пролетарон революци, æмæ уымæ гæсгæ зын зæгъæн у, Цæрай æмæ йыл йе ’мбæлттæ сразы уыдаиккой, йæ фарс рахæцы- даиккой æви нæ. Роман фæуд нæу (дыккаг хайæ мыхуыр æрцыд æртæ сæргонды). Цæрай æмæ йе ’мбæлттæ акъоппы куы бадынц, хæст гæзæмæ куы фегуыппæг, уæд ауыдтой: уæртæ фæцæуы Хъарадзауты афицер Да- нел, æмæ ууыл фескъуыд роман. Уымæй размæ Челемет йæ чызг Мисурæтæн бауынаффæ кодта, цæмæй йæ хъæбулы — Цæрайы фырт Куыцыччы — бафснайа (амара), æмæ сæ арвыста сахармæ, йæ зон- гæмæ. Мисурæтæн «йæ зæрдæйы тох кæнынц дыууæ залиаг калмы»: кæимæ уа, Цæраимæ æви йæ мыггагимæ? Зын зæгъæн у, кæцы калм дзы фæуæлахиз уыдзæн. Стæй — йæ хъæбулæн кълассон уынаффæ рахæсдзæн æви ныййарæг мады адæймагон уынаффæ. Фæрнионы идæдз дзырдта, роман, дам, кæронмæ фыст фæци. Газет «Пролетарий Осетии» хъусын кодта, Фæрнион, дам, «заканчи- вает вторую часть романа «Шум бури» — (1934 азы 23—26 апрель), æмæ ноджыдæр, паддзахадон рауагъдад, дам, сентябры мыхуырмæ ратдзæн Фæрнионы роман «Уады уынæр»-ы дыккаг хай — (1935 азы 24 август). Чи зоны, æцæгдæр æй фыст фæци. Кæд æй ныффыста йæ фыццаг хайы аивадон логикæмæ гæсгæ, царды рæстдзинадмæ гæсгæ, уæд æй, æвæццæгæн, нæ рауагътаид, нæдæр ын æй уадзгæ ракодта- иккой. Романы фыццаг хай раздæр чидæртæ хорз хуыдтой (зæгъæм, Дзанайты Сергей: «По своей реалистической правдивости в описании событий 1905—1917 гг. может претендовать на первое место в осетин- ской литературе» — (газ. «Пролетарий Осетии», 1934 азы 18 январь), фæлæ йæ фæстæдæр афтæ нал хуыдтой. Бесаты Тазе æмæ Епхиты Тæтæри фыстой: «Тынг уæлæнгай æмæ лæмæгъ æвдисы уæды кълас- сон тыхты кæрæдзимæ ахаст Ирыстоны хъæуты мидæг... Фæрни- онмæ гæсгæ, æппæт абырджытæ дæр сты революционертæ... Ахæм уацмыс тынг зæрдиагæй бакæсдзæн знаг... Дзырд нæй, æмæ ацы фыст кæй бакодта йе знаггады ми мах хъуыддагæн æмæ кæй фæци пайда кълассон знагæн» — (Журнал «Фидиуæг», 1935, № 7, 78—80 ф.) Кæд романы дыккаг хай Фæрнион йæ фыццаг хайы логикæмæ гæсгæ нæ ныффыста, уæд та йын рауадаид сыгъдæг кълассон, сырх- 173
сырхид, романы фыццаг хаимæ не сфидыдтаид. Созырыхъо Алык- сандримæ, Арсен Цыппуимæ куыд нæ бафидыдтаиккой, уыйау, æмæ йæ, чи зоны, уымæ гæсгæ дæр нæ рауагъта, кæд ын æй ныммыхуыр кодтаиккой, уæддæр. Романы хицæн цаутæ-цæгтæ æмæ фæлгонцтæ зæрдыл лæууын кæнынц нæ классикты зынгæ уацмыстæ. Мыййаг сæ фæзмгæ æмæ фæлхатт нæ кæны, фæлæ цыма се ’хсæн зына-нæзына ис æнгæсдзи- над. Асиат æмæ Басилы хабæрттæ — Секъайы радзырд «Айссæ»-йы æнгæс (Басил хъæуыхицауы куы амардта, уæд Асиаты йæ бæхыл ахаста Кæсæгмæ, уым æй йæ хæлармæ ныууагъта. Йæхæдæг абыр- джытимæ цæргæйæ, æнкъард кодта æнæ Асиат, мысыд æй, ацыд æм бæрæггæнæг æмæ йæ рынчынæй ныййæфта. «Цыдысты бонтæ æнкъард æмæ даргъæй». Асиат амард, æмæ йæ Кæсæджы уæлмæрдты иу кæ- рон баныгæдтой. Басил мæт æмæ мастæй дзæгъæл цæуын байдыдта, дзырдтой дзы, сæрра, дам. Æнæхъæн æхсæв-иу баззад Асиаты ингæ- ны цур æмæ куыдта. Иу бон æппындæр никæцæйуал разынд — Аси- аты цырты цур æй мардæй ссардтой æмæ йæ Асиаты фарсмæ баны- гæдтой); дыууæ зæронды — Тедо æмæ Хъæвдын (кæрæдзийæн сæ бустæ, тæргæйттæ, сæ худæг-хъазæн быцæутæ) — Арсены радзырд «Цуанонтæ»-йы æнгæс (сæ иуæн дзы хуымæтæджы нæй Арсены пер- сонажы ном — Тедо); Деболайы хъама куыд исынц, уый та — Арсены æндæр радзырд «Тохы бон»-ы æнгæс, æмæ ма æндæр æнгæстæ дæр. Ахæм æнгæстæ æвдисæн сты уымæн, æмæ Фæрнион баст уыд ирон прозæйы хуыздæр традицитимæ æмæ сæ йæхирдыгонау дарддæр кодта. Иу уацмысы фæлгæты мидæг Фæрнион цыдис таурæгъон-ра- дзырдон, рогвæд, цауæй-цаумæ тындзæг, романтикон-поэтикон сти- лæй романон, философон-психологон, реалистон уæзбын, лæмбынæг иртасæн стильмæ. Æмткæй ирон прозæйы цы процесс хъуамæ æрцы- даид — таурæгъон-радзырдтон аивдзинадæй романон аивдзинадмæ рахизыны процесс, уый Фæрнионмæ æрцыд иу уацмысы мидæг. Фæрнион цæмæ цыдис æмæ иуцасдæр цæугæ дæр цæмæ æркодта, уымæй — хъуамæ дарддæр цыдаиккой ирон романисттæ. Фæрнионыл æндæвтой дзæвгар фысджытæ — нæхиуæттæ дæр æмæ æддагæттæ дæр. Уырыссаг фысджытæй — Есенин æмæ Маяковский. Чи йæ «ирон Есенин» хуыдта, чи та — «ирон Маяковский». Фæлæ дзы Фæрнион сæ иу дæр нæ уыд æмæ се ’ннæ дæр. Фæрнион уыд Фæрнион. Маяковскийы «асинтæй» кæй фыста, уыцы æмдзæвгæтæ — идеологийы рæстдзинад æвдисæг æмдзæвгæтæ — сты декларативон, риторикон, иумæйаг. Фæрнионæн йæ хуыздæр æмдзæвгæты ис йæхи ритм, йæхи интона- цитæ, æндæр искæимæ сын фæивддзаггæнæн нæй. Бирæ чидæртæ сæ фæзмыдтой — йæхæдæг кæй «дзæхст» кодта æмæ йын йæхи чи «дзæхст» кодта, уыдонæй. Фæлæ фæзмæг эпигон у, эпигон та поэт нæу. Ис Фæрнионмæ — йæ хуыздæр æмдзæвгæты дæр, стæй йæ про- зæй{>1 дæр — техникон, формалон аиппытæ. Иутæ дзырдтой, зæгъæм, Дзагуырты Гуыбады: Фæрнионы æмдзæвгæтæн, дам, «сæ формæмæ куы ’ркæсæм, уæд сæ уæлдай зæгъæн нæй: ацы хъуыддаджы Къоста йæхи равдыста стыр дæсныйæ» — (газ. «Рæстдзинад», 1930 азы 22 174
октябрь). Иннæтæ дзырдтой, зæгъæм, Нигер: Фæрнионы æмдзæвгæ- ты, дам, «наблюдаются некоторые стилистические и художественные срывы, говорящие о небрежной работе поэта над словом» — (газ. «Пролетарий Осетии», 1934 азы 27 январь). Нигер раст дзырдта. Фæлæ Фæрнионы хуыздæр æмдзæвгæтæ куы кæсæм, уæд нæм сæ иу кæнæ се ’ннæйы æнкъарæны фæлгонц афтæ бахъары, æмæ йын арæх йæ техникон, формалон аиппытæ уыйбæрц ницæмæ дарæм, хатыр ын сæ кæнæм. Цы уыд, уый уыд. Цы дзы у райсинаг, уый хъуамæ райсæм. Фæрнион Къоста ныууагъта ахæм уацмыстæ — уадз бирæ ма уæд, — æнæкъæмдзæстыгæй афтæ зæгъæн кæмæй ис: ис дзы поэт æмæ про- заик, ис дзы æнкъарæны фæлгонц æмæ царды фæлгонц. 1998, июнь. МÆРДТЫБÆСТЫ ФÆСМОН КÆНДЗÆН? Беджызаты Чермены райгуырды 100 азмæ Æз фыстон Беджызаты Чермены тыххæй. Иу æмæ дыууæ хатты, мыййаг, нæ. Хицæн чиныг дæр ыл рауагътон. Фыстон ыл, советон дуг ын кæй сфыццаг кодта æмæ йæхæдæг кæуыл баууæндыд æмæ кæуыл æууæндыд, йæхицæй æнувыд хъузон-сæрхъуызой кæмæн скод- та, уыцы идеалон-аивадон закъæттæм гæсгæ. 80-æм азты æмбис рацарæзт куы байдыдта, советон дуджы æцæг- дзинад, рæстдзинад цадæггай куы раргом æмæ йæ куы базыдтам (æниу æй æххæстæй нæ базыдтам æмæ йæ рæхджы нæдæр базон- дзыстæм), уæд нын бар-æнæбары гуырысхойаг, дызæрдыггаг систы советон фысджытæн сæ уацмыстæ дæр, æмæ сыл цы критикон, зона- дон-иртасæн куыстытæ фыстам, уыдон дæр. 1990 азы 28 сентябры Хуссар Ирыстоны Фысджыты цæдисы дзуап- пон-æвзарæн æмбырды цы доклад скодтон, уым дзырдтон: «Ирон фысджытæ советон азты адæмы трагеди кæй нæ равдыстой, коман- дон-бюрократон системæ сын уыцы фадат кæй нæ радта, уый уыд сæ трагеди. Трагеди уыд Цомахъ æмæ Æрнигонæн, Нигер æмæ Арсе- нæн, Къубалты Алыксандр æмæ Тыбылты Алыксандрæн, Фæрнио- нæн, Чермен æмæ Созырыхъойæн, Куыдзæг æмæ Дæбейæн... Боны- фæстагмæ, уыцы трагеди уыд махæй — мæнæ мæ карæнты онг — алкæй трагеди дæр... Махæн ногæй бакæсинаг у нæ литературæ, ногæй раиртасинаг æмæ ныффыссинаг у йæ истори» (журнал «Фидиуæг», 1990, 1990, № 12, 61 ф.). Канд советон литературæйы истори нæ, фæлæ ма революцийы агъоммæйы литературæйы истори дæр, — уымæ дæр кастыстæм æмæ йын аргъ кодтам партион-кълассон позицийæ. Чермен 1930—1932 азты йæ боныг («Ссыгъди цард» æмæ «Ба- сыгъд цард»), стæй йе ’мдзæвгæты æмбырдгонд («Кардæлвæстæй») куы рауагъта, уæд йæ боныгæй загъта, мыхуыр, дам, æй.кæнынц, 1920 азы фыст куыд æрцыд, афтæмæй, йе ’мдзæвгæтæй’’та загъта, ныффыстон, дам, сæ 1915—1920 азты (сæ фылдæр æмæ хуыздæр хай, 175
дам, басыгъд, 1920 азы сын гуырдзыйы гвардионтæ Едысы сæ хæдза- рыл арт куы бандзæрстой, уæд) æмæ, дам, уыдон дæр мыхуыр кæ- нын, уæд фыст куыд æрцыдысты, афтæмæй. Кæд æцæг раст загъта, уæд сæ цымæ цæуылнæ ныммыхуыр кодта уæдмæ, уæлдайдæр 1924— 1926 азты газет «Хурзæрин»-ы редактор куы уыд, уæд? Ай-гъай, боныг дæр æмæ йын æмдзæвгæтæ дæр фыст уыдаиккой, фæлæ сæм ногæй æркаст, бакуыста сыл, зæгъæн ис, ногæй сæ сарæз- та, кæнæ та сæ рацарæзта, 1926—1928 азты Мæскуыйы журналисти- кæйы институты куы сахуыр кодта, уым бæлвырд-бæстон куы бам- бæрста пролетарон, советон литературæйы, бартæ æмæ хæстæ, стæй, фæстæмæ Ирыстонмæ куы сыздæхт, уæд. Афтæ сыл бакуыста, æмæ сæм политикæ æмæ идеологийы ’рдыгæй къух бакæнæн куыд нæ уыда- ид, æмæ сыл афтæ куы бакуыста, уæд сæ рахаста рæгъмæ, рухсмæ. Черменæн 1920 азы хæст уыд сыгъдæг, айдагъ кълассон хæст, мень- шевиктæ æмæ большевикты хæст, бонджынтæ æмæ мæгуырты хæст. Национ-сæрибаргæнæн хæст кæй уыд (уадз Октябры революцийы сырх тырысайы бын), ууыл æм ныхас нæй. Сæйраг та дзы уый хъуамæ уыдаид. Хуымæтæджы йæ нæ хуыдтой адæм «ир æмæ гуырдзыйы хæст». Æрмæст дзы иу ран скодта йæ кой, уымæй дæр фауæн кой: «Кæй зæгъын æй хъæуы, мыггагон фыдæхдзинадæн дæр бынат ис. Куыд? Гуырдзыйы дæлбазыр бацæуæм, гуырдзы ныл æлдариуæг кæной? Æмæ уæд нæ мæлæт хуыздæр! Худинаджы бæсты мæлæт! Ахæм ныхæстæ арæх цæуы адæмы æхсæн. Кодтой ахæм ныхæстæ Ныхасы дæр. Сабыр сын æмбарын кодтон нæ партийы тактикæйы бындурæ- вæрд, нæ тохы интернацион уавæр, кълассон тохы принциптæ». Уыцы принципты дæлбар бакодта Чермен хæсты удæгас, змæст æмæ знæт змæлд. Уымæ гæсгæ иудадзыг ирон адæмы тох бæтты гуыр- дзиаг большевиктæ æмæ мæгуырты тохимæ, Цæгат Кавказ æмæ Уæрæ- сейы пролетариаты тохимæ, бæггы йæ комкоммæ болыпевикон партийы тохимæ («нæ партийы фидæн, ирон æфхæрд адæмы фидæн»). Калакæй сæм æрбацыдысты гуырдзиæгтæ Девдориани æмæ Ели- дзе æмæ сын загътой партийы Фæскавкрайкомы фæндон-уынаффæ: расидут советон хицауад æмæ хæцын байдайут: «Гуырдзыстоны кус- джытæ цæттæ сты тохмæ, — дзырдта Девдориани, — куыддæр Ирыс- тоны кусджытæ байдайой хæцын, афтæ ныггуыпп кæндзысты алы рæтты Гуырдзыстоны фæллойгæнджытæ дæр. Цæгат Кавказ дæр бах- хуыс кæндзæн». Дзаттиаты Алыксандр загъта: «Цы уа, уый уæд, байдайæм хæцын. Крайкомы фæндоны сæрты хизæн нæй. Советон Уæрæсе дæр нын кæд баххуыс кæнид». Ууыл Чермен гуырысхо код- та («Алыксандр, фæрæдийдзыстæм!»), фæлæ бынæттон партион ко- митет куы сразы крайкомы фæндоныл, уæд Чермен дæр загъта: «Ко- митеты тæрхон мæнæн закъон у, Алыксандр. Цы уа, уый уæд!» Болыневикон партийы фæндон æмæ тæрхон Черменæн закъон уыд царды дæр æмæ литературæйы дæр, æмæ йæ кæддæриддæр æну- выдæй æххæст кодта. «Цы уа, уый уæд!»— ома хорз уа æви æвзæр, раст уа æви мæнг, пайда уа æви зиан, уæддæр, дам, хъуамæ кæнон, парти куыд зæгъы, афтæ. Уый йын уыд иууыл бæрзонддæр бæрн, æцæгæй та уый уыд æбæрн — йæхи æмæ йæ курдиаты раз, литера- 176
турæ æмæ историйы раз, болыневикон партийæн йæхимæ, революци æмæ ног цард аразгæйæ, цы æбæрн уыд, раст ахæм. Революци скæн, ног цард сараз милуанты туг æмæ рондзæй, кълассон фыдуд æмæ фыдæхæй, сараз тоталитарон, цагъарон цард — уымæй æбæрндæр ма цы хъуамæ уа! Черменæн йæ бон нæ уыд, æмæ 1920 азы цаутæ куыд уыдысты æмæ куыд рæзтысты, ууыл «хъоды бакодтаид», ма йæ равдыстаид (алчи дæр сæ федта æмæ зыдта), цахæмфæнды цæстæй дæр сæм нæ кастаид æмæ сын цахæмфæнды позицийæ дæр нæ аргъ кодтаид, уæд- дæр. Уымæ гæсгæ цауты логикæ арæх сысты æмæ рацæуы Чермены кълассон принципты ныхмæ. 1920 азы Хуссар Ирыстон куы сыстад тохмæ, 8 июны советон хицауад куы расидт, уæд æмæ йæ фæстæ дæр ничи базмæлыд гуыр- дзыйæн нæдæр сæ большевиктæй, нæдæр сæ кусджытæй, нæдæр сæ зæхкусджытæй. Цæуылнæ? Уымæн æмæ, загьтон æй, хæст сæйраджы- дæр уыд кълассон нæ, фæлæ национ. Чи зоны, партийы Фæскавкрай- ком Хуссар Ирыстоны адæмы кæй схæцын кодта, уымæн дæр кълас- сон нæ, — национ аххосаг ис. Мæнæ, зæгъ, гуырдзыйы æфсад рав- дæлдзысты Азербайджаны фронтæй, гуырдзы рæхджы бадзырд скæн- дзысты Сетон Уæрæсеимæ, ирæттæн сæхимæ нæй фаг æфсад, фаг хæцæнгарз, æххуыс сын ничи бакæндзæн нæдæр Гуырдзыстонырды- гæй, нæдæр Уæрæсейырдыгæй, — цæй, æмæ сæ схæцын кæнæм (ныры хуызæн фадат, дам, нын никуыуал уыдзæн), стæй сæм бафсæрæм, ныццæгъдæм сæ, фæсурæм сæ æмæ сæ фервæзæм, ам, дам, мауал уæргг, æмæ сæ кæимæ фæнды, уыимæ иу дæр кæнæнт æмæ зиу дæр! Кæд сыгъдæг, айдагъ кълассон хæст уыд большевиктæ æмæ мень- шевикты æхсæн, мæгуыртæ æмæ бонджынты æхсæн, уæд Чермен æмæ не ’ннæ революцион фысджытæ дæр цæуылнæ искуы бафар- стой: цæмæн лæбурдтой æрмæст Ирмæ, цæмæн не скодтой сæхимæ Гуырдзыстоны искæцы ран геноцид, ирæн куыд скодтой, афтæ? Æви гуырдзиаг — большевик уа æви меньшевик, æлдар уа æви зæхкусæг, фыссæг уа æви дзабырхуыйæг — цыфæнды кълассон æмбарынадæй дæр уæлдæр æвæры национ æмбарынад? Кæд Черменмæ геноцидæн йæ ном нæй, уæддæр йæ боныджы иууыл тыхджындæр сты геноциды нывтæ. Лидзæг адæмы хъизæ- мæрттæ кæм æвдисы, уыцы фæрстæн æнцад-æнцойæ бакæсæн нæй. Цы у ирон адæмы геноцид? «Стыр куывд. Сау куывд. Сывæллæтты фæлмæн буарæй физонджытæ, мæгуырты хæдзæртты аххæрджытæй уæхстытæ, зæрæдты, сылгоймæгты хъарм тугæй арахъхъ... Стыр куывд, Сау куывд». Гуырдзы ирон адæмæн цытæ æмæ куыдтæ бакодтой, уый æвдис- гæйæ, Чермен иудадзыг йæ маст хъары Гуырдзыстоны меньшевиктæ, æлдæрттæ æмæ буржуазон интеллигенцийæн. Стæй ма — нæхи ирон меныневиктæ, эсертæ, ахуыргæндтæ æмæ бонджынтæн дæр. Ирон адæмы æхсæн æм ахæм дих кæй ис, уый йын ныббастой кълассон тохы принциптæ. Æгæрыстæмæй Томайты Мæхæмæтыл дæр нæ ба- цауæрста. 90 азы размæ, дам, Уæрæсейы паддзах урстуаллаг-дзо- магъаг ирон адæмы гуырдзиаг æлдæртты æфсондзы бын куы иф- 12 Дзуццаты Хадзы-Мурат 177
тыгъта, уæд Мæхæмæт уыд хæцæг адæмы раздзог, æмæ кæд сæриба- рыл тох кодта, уæддæр адæмы тыххæй нæ, — йæхи тыххæй. Чъехæй мидæмæ адæмы йæхицæн æркуырдта, æлдар, дам, сын хъуамæ уыдаид. Бонджын мыггагæй, дам, уыд æмæ: «Афтæ у бонджыны фæндаг кæддæриддæр. Фæлæ адæмы хъуыдыйы баззад сæрибарыл хæцæ- гæй, номджынæй». Уæд Мæхæмæты хæцæн кæм уыд, уым ныр æрбадт æндæр фæсивæд. «Æндæр у йæ раздзог дæр — большевикты парти. Æндæр у нæ сæр, æндæр у нæ идейæ. Социализм-коммунизмы идейæ». Уыцы идейæ адæмы иртæста, цух кодта се ’рдзыхъæдæй, сæ ис- торион ивгъуыдæй, сæ национ хиæмбарынадæй. Уый сæ иртæста, иуварс кодта царды реалон æцæгдзинадæй. Кæд уыцы идейæйы аза- рæй баййæфтой ахъаззаг трагеди, уæддæр, дам, трагеди нæу, — ца- вæрдæр æнæхъола бæллиц, оптимистон басаст. Чермен ыл дзуры уæлвонг, патетикон хъæлæсы уаг æмæ зæрдæйы равгæй: «Судзы цард, судзы гæвзыкк Хуссар Ирыстон. Судзынц... Уадз судзæд! Басыгъд паддзахы Уæрæсе, фæлæ дзы райгуырд фæринкау цæхæркалгæ ног Уæрæсе — Октябры Уæрæсе. Басудзæд æлдарады X. Ирыстон, рай- гуырдзæн дзы ног Ирыстон — социализм-коммунизм аразæг Иры- стон!» Æмæ ноджыдæр дарддæр: «Басастыстæм, фæлæ нæ бакуымд- там сæттын. Басастыстæм, фæлæ нæ басасты ис нæ уæлахиздзинад. Фæбынæй нæ болыпевикон революци, фæлæ уæлахиз у Октябры ре- волюци. Фæбынæй сты X. Ирыстоны æфхæрд мæгуыр дзыллæтæ, фæлæ уæлахиз у Уæрæсейы кусæг кълас. Басыгъд X. Ирыстон, 6а- сыгъд цард, фæлæ уыдзæн ног Х.Ирыстон, райгуырдзæн сыгъд цар- ды сыгъдонæй ног цард!» Мах æй æмбарæм: зæронд цард басыгъд æмæ райгуырдзæн ног цард — уый метафорон- символон фæлгонц у, æмæ Уæрæсейыл фи- дауы (уым сын сæ цæрæнуæттæ фæнык æмæ æртхутæг нæ фестын кодтой, сæ бæстæй сæ нæ фæтардтой, стырæй-чысылæй сæ нæ ныц- цагътой), фæлæ уыцы фæлгонц 1920 азы Хуссар Ирыстоны геноци- дæн, стæй йæ сомбонæн дæр аккаг, æмбæлон нæу. Чермены кълассон принциптæ, оптимистон ныфсытæ мæнг кæй уыдысты, уый ирдæй сбæлвырд, æвдай азы фæстæ Гуырдзыстон ирон адæмæн ног тугæрхæм геноцид куы скодта, уæд. Уымæй размæ дæр, хуссайраг иры фæндон куы нæ сæцæг — Уæрæсеимæ, Цæгат Ирысто- нимæ куы нæ баззад, куы нæ баиу, Гуырдзыстоны дæлбазыр æй куы барæцыгътой, уæд ын гуырдзы сусæг-æргомæй кодтой экономикон ге- ноцид (фæндæгтæ, заводтæ, фабриктæ дзы нæ арæзтой, адæм куыста- гур, цардагур лыгъдысты алы рæттæм, сæ бæстæ сыл фыдыусау аудыд- та), кодтой йын культурон геноцид (латинаг алфавит сын гуырдзиаг алфавитæй баивтой, скъолатæ сгуырдзиаг кодтой, адæмæн се ’мбисæй фылдæр æрцыдысты ассимиляцигонд) æмæ а.д., æмæ йæм æппынфæ- стаг æрбалæбурдтой — ирон адæмы быныскъуыд фæкæной, фæсурой сæ канд Хуссар Ирыстонæй нæ, фæлæ ма æгас Гуырдзыстонæй дæр. Ау, ныр дæр та сæ меныневиктæ æмæ бонджынтæ цагътой, Гуыр- дзыстоны иууылдæр — кусæгæй, зæхкусæгæй, интеллигентæй — сове- тон адæм куы уыдысты, коммунистон парти дзы куы лæвæрдта раза- мынд, уæд? Ау, ныр дæр та кълассон хæст уыд? Гуырдзы сфæлхат 178
кодтой 1920 азы «стыр куывд, сау куывд», сфæлхат æй кодтой æгъа- тырдæр æмæ æнахъинондæрæй. Æрмæст сын, уæдау, сæттын нæ ба- куымдтам, нæ бæстæ сын нæ ныууагътам, бахъахъхъæдтам æй нæхи кадавар, фæлæ æхсарджын тыхтæй. Раст дзырдтой, Чермен кæй фаудта, гуырдзы ныл æлдариуæг кæ- ной, ууыл разы чи нæ уыд, уыдон, — Чермен сын уыцы национ фæндои хуыдта «мыггагон фыдæхдзинад». Æвæццæгæн, раст дзырд- той нæ хуыздæр интеллигенттæ Тыбылты Алыксандр, Уанеты Захар, Хъоцыты Бидзина, зæгъгæ, уæ кæд ныфс нæй Уæрæсейæ, уæд ма схæцут æмæ нын нæ национ хъуыддаг ма бабын кæнут, — Чермен сæ хуыдта «политикон куырмытæ». Царды реалон æцæгдзинадæй иртæсгæйæ, сæхи тыхтæ æмæ гæ- нæнтыл нæ, фæлæ уырыс æмæ гуырдзыйы болыневиктыл сæ зæрдæ даргæйæ, ирон большевиктæ нæхи ирон меныневиктæ æмæ эсертæн уырнын кодтой, зæгъгæ сæм ис уырыссаг æфсæддон æмæ ма æндæр мыггаг æфсæддонтæ дæр (сайдтой сæхи дæр æмæ искæй дæр). Зæ- гъæм, эсертæ сæм куы ’рбацыдысты бæрæггæнæг, уæд иу цыппарæй сæхи мæхъхъæлæттæ фестын кодтой, æнахуыр хъæртæ кодтой, топ- пытæй хъазгæйæ æмæ хъаматимæ кафгæйæ. Кæнæ сæм уырыссаг æфсæддонтæ кæй ис, ууыл адæмы баууæндын кæнынæн се ’мбал Гæ- диаты Секъайы фырт Никъалайæн радтой мыггаг «крамаренко», Чер- мен æй хоны «Нæ кæнгæ уырыссаг». Æцæгæй цы нæ уыд, фæлæ революцион, большевикон теори æмæ утопимæ гæсгæ цы хъуамæ уыдаид, — ахæм «кæнгæтæй» аразгæ сси адæмы цард дæр æмæ сæ литературæ дæр: кæнгæ кълассон дих, кæнгæ кълассон тох, кæнгæ интернационализм, кæнгæ оптимизм, кæнгæ рæстад, кæнгæ сæри- бар, кæнгæ æмбарад æмæ а.д. Боныджы цы цаутæ æмæ хабæрттæ ис, уыдоныл амад у пьесæ «Октябры тырысаимæ»; æрмæст уым Чермен йæ кълассон принциптæ фæцæхгæрдæр, фæхъæбæрдæр кодта. Боныджы гуырдзиаг меныпе- викты комиссар Цæбиты Харитоны чи ’рцахста, уыдон, дам, сты, хуыснæджы хъуыддагæй сыгъдæг чи нæу, йæ зæрдæ йæхимæ кæмæн æхсайы, ахæмтæ. Пьесæйы уыцы комиссары æрцахсджытæ систы бон- джынтæ (Хату, Дзæрæх, Тузар, Дзабо, Нафи), архайынц, цæмæй гуырдзиаг меныпевиктæ смæсты уой ирон болыневиктæм æмæ сæм æрбабырсой, семæ схæцой. Уыцы ирон бонджынтæ ныццыдысты Дур- глелимæ (Джугъели Уаликъомæ) — гуырдзыйы æфсады хистæрмæ: фынддæсæй, дам, дын Ирыстоны хъæутæм фæндагамонджытæ уы- дзыстæм, сæдæйæ та, дам, уе ’рбабырстмæ æнхъæлмæ кæсæм — цæттæ, дам, стæм уемæ бамбалмæ, уемæ ирон адæмы цæгъдынмæ. Боныджы иунæг гуырдзиаг дæр (ирæтты астæу цæрæг, кæнæ æддейæ æрбацæуæг) не ’рбалæууыд ирæтты фарсмæ, æгæрыстæмæй Фæскавкрайкомы минæвæрттæ Девдориани æмæ Моцъонелидзе дæр Цæгат Ирыстонмæ æфцæгыл куы ахызтысты, уæдæй фæстæмæ æвæд сæфт фæкодтой. Пьесæйы та цалдæр гуырдзиаг гвардионы рахæцы- дысты ирæтты фарс (болыпевикон билеттæ сæм ис), тох кæнынц гуыр- дзиаг æфсады ныхмæ. Уыдæттæ сты аргъæуттæ — кæнгæ кълассон тох, кæнгæ интернационализм. 179
Пьесæйы раст чи хъуыды кæны, уыдон Черменæн сты æппæрц- цæг персонажтæ. Раст хъуыды кæны кæнгæ бонджын Нафи, больше- викты раздзогтæ Амилбар æмæ йе ’мбæлттæм уынаффæмæ куы ба- цыд, уæд: «Ау, иумæйаг знагæй æмбæхсгæ кæнон? Нæй, Амилбар, Нафийы кард саст нæма у. Сæрттивдзæн ма йæ къухæй. Фæлæ уæ Хуыцауæй курæгау курын: ирон адæм стæм æмæ баиу кæнæм нæ тыхтæ знаджы ныхмæ. Фæсмойнаг нæ фæуыдзыстут, Амилбар». Фæлæ йæм Амилбар æмæ йе ’мбæлттæ нæ байхъуыстой, атардтой йæ сæхицæй, се ’хсæнæй. Дзырд дæр ыл нæй, ирон адæмæй уыд æмæ ис гуырдзыйæн Иры- стонмæ фæндагамонджытæ, гуырдзымæ дзырдхæсджытæ, гуырдзы- йæн уæйгæнджытæ, уыд, ис æмæ дзы уыдзæн — уымæн, мыййаг, нæ, æмæ бонджынтæ сты кæнæ æндæр «джынтæ». Цъаммæрттæ æмæ æнаккæгтæн кълассон гакк нæй. Боныджы цы цаутæ æмæ хабæрттæ, цы хъуыдытæ æмæ æнкъа- рæнтæ ис, уыдон уынæм Черменæн йе ’мдзæвгæты дæр. Уынæм сæ, æмæ, боныгæй хъауджыдæр, сты фæлурсдæр, лæмæгъдæр, сæ аива- дон хъару — цауддæр. Алкæм дæр дзы — бæлвырд кълассон, бæл- вырд политикон терминтæ: бонджынтæ — гæлдæрджынтæ æмæ мæгуыртæ — гæвзыктæ, цагъаргæстæ мæ цагъартæ, меныдевиктæ æмæ большевиктæ... Иутипон æмдзæвгæтæ: ныр уал æвзарæм уазал, стонг, кæнæм талынг цард, фæлæ рæхджы арв ныццæлхъ кæндзæн, æмæ ралæудзæн рухс, сæрибар дуг... Интернацион риторикæ: «Дунейы цагъаргæстæн иумæ сæ хурх Ныргæвдæм, — ныддымæм сæ дардмæ», «Нæ тырыса, дардмæ нæ хæхты бæрзæндтæй Дунейы цагъартæн сырх- сырхид фæйлау». Черменæн йæ кард цалынмæ йæ кæрддзæмы уыд, цалынмæ адæм тохмæ нæ сыстадысты, уæдмæ катай æмæ æнкъард кодаа, ныр æй куы сласта, адæм тохмæ куы сыстадысты, 1918 азы Чермен болыпе- викты партийы уæнг куы сси, уæд: Нсе зонын æз тъизын, Тымыгъты раз ризын, Мсе къухы — цæхæркал фæринк. Ныр Ленин — мæ фæтæг, Ныр парти — мæ кæнæг, Мæхæдæг, мæ ном — болъшевик. Адæмы тохæй куы ницы рауад, уæддæр Черменæн йæ кæнгæ оптимизм нæ фæцудыдта: «Уадз абон уал худæд меньшевик тыхгæ- нæг, Уадз ниуæд гæлдæрджын — «нæхи хохбæстаг»; «Фæздæджы тымыгътæ тыхстысты нæ хъæутыл, Уый — сыгъд æмæ басыгъд ца- гъарады цард»; «Уый — мах ныр уæлахиз нæ басастæй абон, Нæ абоны мастæн йæ фидæн — нæ цин. Уый — басыгъд зæронд цард нæуæджы сæраппонд...» Ацы фæлгонц — йæ боныджы фæлгонц- метафорæ — Черменæн йе ’мдзæвгæты дæр у сæйраг «идеон-эмо- цион уаргъхæссæг». Ацы фæлгонц ис пьесæ «Октябры тырысаимæ»-йы дæр. Кълассон тох хицæн адæймæгты æхсæн, бонджын Бадила æмæ 180
мæгуыр Бибойы æхсæн æвдисы уацау «Бирæгътæ». Бибо Бадиламæ фондз азы фæхатт фыййауæй, йæ бинонтæ йын фæхырхтой хуымо- нæй, ссивæгæй, дуцæгæй, фаджыстæ мæрзæгæй. Бадила Бибойæн йæ куыстмæ хъуамæ радтаид фæндзай фысы, фæлæ, дам, дын сæ бафыстон — Бибойæн йæ хо чындзы куы цыд, йæ фыд куы амард, уæд, стæй ма дзæвгар æндæр хæрдзтæн дæр, — цæуы ма, дам, дæм дæс фысы. Бибо хъаст балæвæрдта хъæусоветмæ, уырдыгæй йæ рæ- стæвзарæнмæ (тæрхондонмæ) арвыстой. Уым дæр ын загътой, дæс фысы йеддæмæ, дам, дæм не ’мбæлы. Æвæццæгæн, дам, Бадила бал- хæдта советы дæр, рæстæвзарæны дæр, стæй æвдисæнты дæр. Бибо — кусæг адæймаг, æмæ Бадилайы фæнды, цæмæй йæм но- гæй фыййау ныллæууа. Фæлæ йын Бибо цæхгæр «нæ» загъта. Уæд Бадила бавдæлд, æмæ Бибо цуангæнгæйæ уæтæры цур, а ныр би- рæгъы фехса, афтæ йын йæ цонг Бадилаитæ скъуырдтой, гæрах дзæгъæл афардæг, Бибойы сбастой, тыхджын æй фæнадтой. Маргæ, дам, мæ кодта, æвдисæн, дам, мын уыдзыстут, — загъта Бадила фый- йæуттæн. Ныр, дам, ын Сыбырмæ æнæ ахæсгæ нал ис. Ахæм ама- лæй Бадила хъуамæ Бибойы стæрсын кодтаид æмæ йæм Бибо ногæй фыййау ныллæуыдаид, стæй ма, дам, мын «хъуыддаг ныгæнæггаг» хъуамæ ныууадзай, цы дæс фысы ма дæ дарын, уыдон. Бибо йæхи айста Цæгат Ирыстонмæ. Ам куыста здыцинкуадзæн заводы, базонгæ колхозонты арæзтадимæ, æртæ азы фæстæ аздæхт сæхимæ, уым дæр колхозтæ сарæзтой æмæ дзы Бибойы правленийы уæнгæй равзæрстой. Бадила æмæ йæ хуызæтты советон хицауад сæ бæстæй фæхаста, кæнæ сæ æрцахста. Бадила хастæй рахъуызыд, йæ балимæ хъуамæ колхозы фос къæдзæхæй акалдтаид, фæлæ йæ Бибо- итæ базыдтой, фос калын нæ бауагътой, Бадилаиты та æрцахстой æмæ сæ ГПУ-йы къухмæ радтой. Кълассон тохы классикон схемæ дзы кæрæй-кæронмæ цæуы æна- ипп æмæ хъæддыхæй, æмæ уыцы схемæ йæ быны æрныуæрста, æрыс- сæста царды рæстдзинад, фæлæ дзы уæддæр уыцы рæстдзинад кæм- дæрты стæлфы, сулæфы æппæрццаг персонажты хъуыдытæй, æнкъа- рæнтæй, ныхæстæй. Битар колхозонты номхыгъды йæхи нæ ныф- фыста, æмæ йын Бибо бауайдзæф кодта: «—Æмæ дæ цы фыдбылызтæ нæ бауагътой колхозмæ, цы ныф- фæрск дæ дысон?.. — Уый хыгъд мæ бар мæхи у... Ничи мæм ницы бархъомыс у. Фæлæ ды ныр Ахлæуы бары дæ (Ахлæу — колхозы сæрдар. — Дз.Х.): уый — афицер, ды салдаттаг, ма ма бакæс йæ коммæ!.. — Æмæ кæд Бадила-афицер хуыздæр уыди, уæд та йæ равзар, æрмæст — хъусыс, Битар, мæн нал хъæуы!.. — Æз меньшевиктимæ хæсты æртæ азы дæргъы туг уымæн нæ фæкалдтон, æмæ мæ сæрибардзинад Ахлæуæн радтон. Нæ хъæцынц ме уæнггæ хъадамантыл. Уæ колхоз хъадамантæй у. — Колхоз бархийæ у, Битар. — Бæгуыдæр у бархийæ хъадамантæй хи сбæттын, куыннæ йæ æмбарын!» 181
Бибо æмæ Битарæн иухуызон уыд сæ цард, сæ тухæн. Бибо æнæ- гуырысхойæ бацыд колхозмæ, Битар та: «Цас хъарм арт у зæронд цард, фæлæ уæддæр зонгæ цард у йæ тухæнтимæ, йæ хъизæмæрт- тимæ, йæ æвадатимæ; фæлæ ног цард, хуылыдз æхсæлыты артау, бынтон æнæ хъарм куы уа, æмæ нæ йæ фæздæгæй куы фæхуыдуг кæна, уæд та?» Фæстагмæ Битар дæр бацыд колхозмæ, иннæтæ кæм сæфой, уым, дам, мæнæн дæр ме сæфт æрцæуæд, фæлæ колхозæй цы загъта («хъадамантæ», «æнæ хъарм арт» — фæздæгæй хуыдуггæ- нæг), уый раст разынд — цард æмæ йæ рæстæг æгæрдæр ма сбæл- вырд, сбæрæг кодтой. Хъæуы Ныхасы хистæртæ (Чермен сæ хоны «исджынтæ»: уыдон — уынаффæгæнæг, мæгуыртæ та — омменгæнæг) фауынц колхоз араз- джытæ æмæ фæскомцæдисонты архайд, уагахаст. Зæронд Цыппуйы ныхас: «Мах мæгуыр адæм стæм, Хуыцаумæ лæгъстæ кæнын зонæм æмæ йын кæндзыстæм, кæд нын гæныстон цард ацайдагъ уа, уæд нæ фыдæлты стджытæ хурмæ нæ ракалдзыстæм, æндæр цы нæ бон у?» Комкоммæ советон хицауады ныхмæ нæ дзуры (аххос, дам, нæхимæ хауы, — хицауадмæ нæ!): «Уæ хорзæхæй, мæ ныхас мын зыгъуым- мæ мачи бамбарæд, фæлæ, раст уын зæгъон, а фæстаг заманы цыма нæ хъæу кæрæдзи нал æмбарынц, афтæ мæм кæсы. Уыдыстæм, мæ- гуыр хæххон ирон хъæу цы у, уый,цардыстæм, хæххон хъæу цæ- мæй цæры, уымæй, æмæ нæ кæрæдзи дæр æмбæрстам — æмгуывд, æмхист уыдыстæм, кæй акæнынц. Иу нæ иннæйы хъыджы нæ цыди. Нæ цин иумæ уыд, нæ маст — æнæ дих, иу бинонты хуызæн æрвыс- там нæ мæгуыр царды бонтæ. Æгъдау нæм æгъдауыл нымад уыд, æнæгъдау — æнæгъдауыл. Хорзæн хорз зæгъын фæрæзтам, æвзæ- рæн — æвзæр. Нæ фыдæлтæй нын цы цард баззади, ууыл хъæцыдыс- тæм, æмæ нæ хъæуы фарн нæ сæфти. Нæ хистæр уынаффæгæнæг, нæ кæстæр — коммæгæс, нæ сылгоймаг — æфсармджын. Æвæццæгæн ныл нæ хохы дзуæрттæ дæр уымæн аудыдтой, табу сæхицæн!» Кæд Цыппу фыдæлтæй баззайгæ цард зына-нæзына идеализаци кодта, уæддæр æмткæй раст дзырдта. Советон хицауад иудадзыг хъæр- хъыллист кодта, сæрибар, дам, æрхастам æмæ, дам, сæрибар цард аразæм , æмæ уыцы хъæр- хъыллист адæмы уырныдта, æмæ уыдо- нимæ уырныдта зæронд Цыппуйы дæр: «Хицауад нын бархи цард куы дæтты, уæд æй былæй цæмæн æппарæм? Бафæразæм хицауа- дæн æмдзыхæй зæгъын, цы цард нæ фæнды, уый. Нæхи уагыл нæ кæд уадзы, уæд хорз, науæд уый нæй æмæ нæ æндæр уагыл ласы, уæддæр цы стæм, уымæй — иумæ не сразы, кæнæ не ’нæсразы. Мачи нæ дихтæ кæнæд, хицон лæг у, хицау лæг у, чифæнды уæд!» Цыппумæ колхозонтæ нæ байхъуыстой, — хицауад æм кæм бай- хъуыстаид (хицауад ахæмтæм хъуыста, йæ ныхмæ раст дзурджы- тæм)! Хицауад хъæууон адæмы ныддихтæ, ныххæлиутæ кодта, æмæ уыдон сæ кæрæдзи цагътой, иутæ дзы иннæты фæллой байстой æмæ сæ сæ бæстæй фесæфтой, æмæ ууыл цин кæнынц уацауы æвæрц- цаг х’ъайтартæ. Бибойы ныхас: — «Быдыры адæм тæхуды кодтой махмæ, æлдары æфхæрд, дам, нæ зонут, тæхудиаг, дам, стут, тæ- худиаг уæ цард. Æлдæрттæ уыдысты, уæдæ цы, Бадилайы хуызæттæ, 182
фыддæр ма уæдæ æлдар цы уыдаид!.. Ныр та мæнæ æз бадын Бади- лайы бынаты, æз дæн фосы дзугты хицау — иумæйаг фосы хицау... Цард цæрынæн уыди Бадилатæн, кæуынæй — махæн, ныр та цæры- нæй — махæн, кæуынæй у Бадилатæн... Ацы хъуыды Бибо зæгъы уацауы кæрон дæр, Бадилайы йæ балимæ куы ’рцахстой, уæд: «Цу ныр, Бадила... Ныр та мæ рад у... Хъусыс, Бадила, — мæ дуджы рад!» Раст зæгъы Бибо «зæронд цæстæнгасы» тыххæй — разы йыл нæу (кълассон идеологийæ йын фæцудæн нæй!), фæлæ йын йæ мид-зæр- дæйы уый дæр æмбары йæ рæстдзинад (æмбары йæ алы зæхкусæгау дæр): «Мæнæ ацы фосы дзуг цæстуынгæйæ, уырзæй сгаргæйæ, мæн куы уаиккой, ме скъæтæй-иу куы рагæр-гæр кæниккой, гъеуæд сыл кæнин хъиамæт, мæ быцъынæг сыл скъуынин. Фæлæ мæ сайгæ кæ- нынц, афтæ мын куы фæзæгъынц, иумæйаг фос, дам, сты, уæд. Уæдæ сыл мæ бар цæмæннæ цæуы, кæд мæн дæр сты, уæд, сæ ар- гæвдыныл, сæ къуымбилыл, сæ урссагыл?» Ацы «цæстæнгасы» рæст- дзинад дæр сбæлвырд, сбæрæг кодтой цард æмæ рæстæг. Пьесæ «Чи кæй?»-йы кълассон тох цæуы канд адæмы хицæн къор- дты (бонджынтæ æмæ мæгуырты) æхсæн нæ, фæлæ ма уыцы тох бафсæрста, балæгæрста бинонты цардмæ дæр, интимон сферæмæ дæр. Адæймаджы æрдзон, нормалон æнкъарæнтæй иууыл æмбисонддæр уарзт у, æмæ уый дæр кълассон сси. Дзæрæх (бонджын Ботазы æфсы- мæры лæппу, ахуыргæнæг) æмæ Гуассæ (сылгоймæгты организатор) уарзынц кæрæдзи. Ботаз, йе ’фсымæр Бибо æмæ се ’рвад Солтанбег — адонæй хъуамæ кулактæ скæной, кулактыл сæ банымайой. Гуассæ дзуры йæхиимæ: «Нæ зонын, нæ зонын, куыд бакæндзæн Дзæрæх? А Солтанбег ын хъауджыдæр нæу, йæ дæрддаг æрвад у, фæлæ Ботаз æмæ Бибо йæ фыды ’фсымæртæ сты. Хорз æхсæны кусæг у Дзæрæх, фæлæ ам йæ къах куы фæбыра. Æниу ын йæ сонт зæрдæ скъахтой, ницы йын лæвæрдтой сабийæ фæстæмæ, фæлæ... Ирон зæрдæ ма йæ риуы бады фидар... Æмæ боныфæстагмæ куы нæ баурома Дзæрæх, куы алæууа йæ кулак фыдыфсымæры фарс, уæд куыд кæнон æз та?.. Уæд... уæд!.. Хæрзбон, Дзæрæх, кълассон знаг!» Хъæуы партионты æмбырды Ахлæу (центрон бынатгæс) куы ба- фарста, кулактыл нымаинаг у Ботазы хæдзар æви нæ, уæд Дзæрæх загъта: «Ботазы хæдзарæй кулакдæр æмæ нæ хицауадæн знагдæр нæ комы нæй! Нæу аккаг нæ социалистон цардаразыны хъуыддагæн!» Гуассæ йæм базгъордта, йæ къухтæ йын ацахста: «Цæрæд нæ хорз æмгар Дзæрæх!» Дзæрæх афтæ куы нæ загътаид, уæд æй Гуассæ нал уарзтаид, йæхи дæр ын кулакты сау номхыгъдмæ бахастаид. Æмбырды иунæг раст дзурæг разынд партчыры нымæрдар Хъуы- дæберд: «Сымах сфæнд кодтат фесафын комы аргъ лæгты! Æз, мæ хæстæг, мыййаг, кæй у, уый тыххæй нæ зæгъын, фæлæ никуы сразы уыдзынæн нæдæр Ауызбийы, нæдæр нæхи хъæуккæгты кулактимæ банымайыныл. Сæхи мæгуыр тугвæллойы къæбæрæй цæрынц, адæ- мы æхсæн æгъдауджынæй цæрынц, уынаффæгæнæгæй». Хъуыдæ- берд афтæ кæй загъта, уый тыххæй йæм уайтагъд бартхъирæн код- той: иуварс, дам, æрцæудзынæ ленинон партийæ. ’ Пьесæйы кæрон Гуассæйы амардта Ботазы фыртыфырт Хъуыба- 183
ды. Кълассон знæгтæ агургæйæ æмæ аргæйæ, адæмы æхсæн тыдтам хæрам æмæ сæ кæрæдзийæн цæгъдын кодтам. Революцион, кълассон тохы цæхæры, дам, гуыры ног, цард, ног адæймаг. Пьесæ «Октябры тырысаимæ»-йы Азау æмæ Сæниат парти- зантæн хæссынц хæлц, тохы бон сæ фарсмæ слæууынц æд гæрзтæ. «Нæ, нæ, мæ хур, нæ, — зæгъы партизантæй иу. — Мах кæй зыдтам, уыцы æфхæрд, састныфс ирон сылгоймаг амарди. Революцийы зын- джы райгуырд ног ирон сылгоймаг, хайуан нæ, фæлæ къай-æмбал». Ног ирон сылгоймаг куыд райгуырд, ууыл фыст у радзырд «Æртæ фæкасты». Æртæйæ — Хæлар (техникумы ахуыргæнæг), Бадæг (зылд- парткомы нымæрдар) æмæ Умар (зылдæххæсткомы сæрдары хæди- вæг) дзурынц ирон сылгоймаджы хъысмæты тыххæй. «Сылгоймаг — царды цалхы кæлæх, царды цалхы саст дæндаг», æмæ йæ ракæнын хъæуы нæлгоймаджы æмрæнхъ нæ зиумæ, ома социализмы арæз- тадмæ, — афтæ хъуыды кæнынц Умар, Бадæг. Мах, дам, хъæуы ахæм сылгоймаг, «зæронд царды дисциплинæйы бастæй уæгъд, нæ социалистон коллективон дисциплинæйæ та исджын чи уа, йæ хъузон чи уа». Семæ разы нæу Хæлар: «Сылгоймаджы фидыц — фыццагон ирон сылгоймаг... Уадз баззайæд ахæмæй, æгьдауджынæй æмæ æфсарм- джынæй, мадæй æмæ хойæ, нæртон æфсинæй æмæ, бахъуыды саха- ты, æхсарджын æфсæддонæй, йæхæдæг балæудзæн нæртон зиууо- нæй сылгоймаг ног цард аразыны хъуыддагмæ, сымах сæр æй нæ хъæуы!» Æвæстиатæй дзы ног сылгоймаг ацаразæм — «ууыл архай- гæйæ, ирон сылгоймагæй скæндзыстæм æнæуд хыссæйы гыкъына». Уымæ гæсгæ раст чи хъуыды кодта æмæ раст чи дзырдта, цард цæмæй йæхи æрдзон æмæ æхсæнадон уагыл рæзтаид, ууыл чи рыс- ти, чи хъызыд, уыдон дæр-иу сæ дзыхтæ бахгæдтой, бар-æнæбары- иу ног цардæн ком радтой, уацау «Бирæгътæ»-йы персонаж Битар колхозæн ком куыд радта, афтæ: «Цæй, уæд та дзы ныллæууон. Нæ хъæуæн сæ фылдæр бацыд колхозмæ. Уыдон кæм сæфой, уым мæ- нæн дæр ме сæфт æрцæуæд». Сылгоймаджы тыххæй быцæуы раст æмæ зылын чи у, уый сбæл- вырд кæнынæн хæдзары хицау Битар радзырдта æртæ фæкасты ис- тори: фыццаг фæкаст уыд, Налхъуытæйы хъарæг куыройæ куы фе- хъуыста æмæ йын йæ цæстыты «æнæкæрон ныфссаст, æнусон маст» куы федта, уæд; дыккаг фæкаст, Налхъуытæйы йе ’мбал чызджы- тимæ гуырдзыйы æфсады ныхмæ хæцгæйæ (пьесæ «Октябры тыры- саимæ»-йы Азау æмæ Сæниатау) æмæ йын йæ цæстыты «цыдæр ныфсы æмæ фæндоны фæд» куы федта, уæд; æртыккаг фæкаст та, Налхъуы- тæйы колхозы фермæйы хицауæй кусгæйæ æмæ йын йæ цæстыты ныфсхаст, рухс æмæ хъарм куы федта, уæд. Æртыккаг фæкастæй Битар загъта: «Ног у ацы цæстæнгас, ног ацы цæстытæ, бынтон ног у ацы сылгоймаг!.. Нал ис цагъар, æгъдæуттæ æмæ уагæй æнтъыхт, рагон ирон сылгоймаг». Уымæ гæсгæ Налхъуытæйæн йе ’мбæлттæ аивтой йæ ном дæр, схуыдтой йæ Хъуыдинæ, — ацы номивдæй дæр ныхмсёвæрд цæуынц зæронд æмæ ног цард. Зæронд æмæ ног, се ’хсæн контраст сын хъаруджынæй æвдисы радзырд «Уад асаста гæдыбæлас». Зæронд дзы сты аргъуан, уырнæг 184
ус, халон æмæ гæдыбæлас, ног та — уад, уæфсдзоныгътыл бырæг сабитæ æмæ сæ чызг-хистæр. Ис афтæ зæгъæн дæр: зæронд дзы у Хуыцау, ног та — Ленин. Уырнæг ус æрбацæуы аргъуанмæ — цырæгътæ ссудзынмæ, ку- вынмæ. Цæугæ нæ, — æрбатулы сау къуыбылойау, уад æй раппар- баппар кæны, ратул-батул. Зæронд хæррæгъ ус. Дзой-дзой кæны æдых цыбыр уæрджытыл. Къухтæ — хус хæтæлтæ, ризынц уады футтæй». Зæронд усы æрбацыд, йæ хуыз, йе змæлд, йæ архайд — адон афтæ фыст сты, афтæ ныл бандавынц, æмæ йын тæригъæд кæнæм, нæ зæрдæмæ йæ исæм, æмæ дзы уад куыд хъазы, куыд хын- джылæг кæны, цы удхары йæ ныппары, уый нæм кæсы фыдмийау, æнæрастæфхæр дау. Фыссæг царды æцæгдзинад куыд у, афтæмæй йæ куы равдисы, уæд арæх рацæуы йæхи ныхмæ, рацæуы йæ уацмысы идейон кон- цепцийы ныхмæ. Ам дæр афтæ рауад, кæд, цæмæй афтæ рауадаид, уый Чермены нæ фæндыд, уæддæр. Чермен у уады фарс, ног царды фарс. Уырнæг усыл дис кæнынц сабитæ, æмæ сын сæ чызг-хистæр бамбарын кодта: уыцы ус, дам, кувгæ кæны, ацы агъуыст, дам, раз- дæр аргъуан уыд — Хуыцауы хæдзар. «Хуыцау нæй, уый Ленин базыдта. Фæлæ йæ уæвæг хуыдтой сауджынтæ æмæ дзы тæрсын код- той адæмы æмæ сæ коммæгæсæг кодтой Хуыцауæн æмæ паддзахæн — уый та зæххон Хуыцау хуыдтой. Адæм дæр тарстысты, куывтой æмæ лæгъстæ кодтой сæ дыууæйæн дæр». Стæй Ленин куы бацамыдта кусæг адæмæн, зæгъгæ, Хуыцау нæй æмæ сауджынтæ сайгæ кæ- нынц, уæд «сыстадысты æмæ аргъуантæ ныппырх кодтой, паддзахы дæр раппæрстой». Ныр аргъуанæй скодтой тракторты лæууæн бынат. Сабитæ уырнæг усы схуыдтой «æдылы», æмæ аргъуаны фæзæй — зæронд дунейæ — атахтысты сæ уæфсдзоныгътыл Ленины фæзмæ — ног дунемæ. Уырнæг усæй хъауджыдæр, сабитæн уады æхситт у æхсызгон, уад сын у сæ мады хуызæн, æмæ «сæ хæларæй скъæфы... йæ рог базыртыл». Ног цард æмæ ног адæм Хуыцауæй дæр, Уастырджийæ дæр, æмткæй динæй сæхицæн скодтой кълассон знæгтæ. Очерк «Колхæ- дзарад «Хурзæрин»-ы Чермен Котантойы рекомы тыххæй фыссы: «Йæ дуг аивгъуыдта, йæ найфанты сабитæ бон-изæрмæ цъах-цъах кæнынц æнахуыр ныхæстæ, йæ кувæндон та йын дурæй нысанæн æхсынц...» Рекомы найфаты сарæзтой скъола. Очерк «Ихдзагъд»-ы та Уанелы аргъуаны байгом кодтой кооператив. Черменмæ гæсгæ, уый у зæронд цардыл ног царды фæуæлахиз — тæхудиаг фæуæлахиз. Зæронд æмæ ног — ацы контрастыл амад у уацау «Мæсгуытæ дзурынц». Ног адæймæгтæ, æмæ канд ног адæймæгтæ нæ, — фидæны адæймæгтæ дæр ма сты Тугъан, Андо, Асиат æмæ Дзыллæ — Мæс- куыйы уæлдæр скъолайы ахуырдзаутæ-студенттæ. Зонадон-иртасæн инстит}пг сæ куы ’рбарвыста Мæсгуыты хъæумæ, ирон адæмы рагон материалон æмæ монон культурæ басгарынмæ, базонынмæ, уæд сын зæронд Баймæт хуымæтæджы нæ загъта, зæгъгæ, нæ мæ дуджы (ра- гон дуджы) фæсивæды æнгæс стут, нæ нырыккон фæсивæды æнгæс. Баймæтмæ гæсгæ, ирон фæсивæд сты, фæлæ цавæрдæр æндæр цар- 185
ды фæсивæд. Чындздзон чызджытæ æмæ усгур лæппутæ иумæ бонтæ æрвитой, уый Мæсгуыты хъæуы цæрджытæм диссаг каст, хохаг чын- дзытæ æмæ-иу чызджытæ пыррыччытæ систой уазæ чызджыты «æна- хуыр уæлæдарæсыл æмæ бæгънæг æгъдтыл». Фæстагмæ сыл сахуыр сты æмæ сæм цыдысты аныхас æмæ ауынаффæ кæнынмæ. Студент- тæн се ’ддаг бакаст, сæ уагахаст дæр цæуылнæ, фæлæ уыдон сæйра- джыдæр ног адæймæгтæ сты уымæй, æмæ бирæ цыдæртæ зонынц, ноджы фылдæр цыдæртæ базонынмæ тырнынц, ног царды пайдайæн зæронд царды мидæг хъæугæ, бæзгæ æрмæг агурынц, ис сæм фидар кълассон цæстæнгас. Цы æрмæг æрæмбырд кодтой, ууыл быцæу æмæ йын аргъ куы фæкæнынц, уæд иудадзыг дæр се ’взаджы алгъыл дарынц, 20—30-æм азты махмæ литературон æмæ зонадон критикæйы арæх цы дзырдтæ- терминтæ æмæ дзырдбæстытæ уыд, уыдон: «бæгънæг националистон æнкъарæнтæ», «субъективон цæстæнгас», «кълассон хиæмбарынад», «кусæг къласы идеологи», «субъективон равг», «идеологон дзæгъæлтæ», «кълассон тох», «æмбыд романтикон, науæд идеалистон дзæнгæда» æмæ а.д. Уыдон хъуамæ ныффыссой зонадон куыстытæ, æмæ дзы иу темæ — «Ирон сылгоймаджы уавæр мæлæг натуралон хæдзарады заманы æмæ уарзондзинады фарстытæ адæмон таурæгътæм гæсгæ» — уайтагъд гуьфысхо равзæрын кодта, идеализм æмæ дзы романтиз- мæй тас кæй у, уый тыххæй (уæд зæронд цардыл чи фыста, фыдæл- ты чи мысыд, хорз сæ чи хуыдта, уыдоныл-иу арæх аныхæстой фа- уæвæрæн нæмттæ — «идеализм» æмæ «романтизм», æмæ ма «нацио- нализм» дæр), уыйхыгъд дыккаг темæ — «Социалон-экономикон уавæр æмæ кълассон тох хохы Ирыстоны æстдæсæм сæдæазы» — се ’ппæты зæрдæмæ дæр фæцыд. Стæй кусгæ та хъуамæ хицæнтæй, иунæджы- тæй ма кæной: «Хъуамæ куыст коллективæй бакæнæм. Æппын кæд нæ, уæддæр дыгæйттæй», — советон коллективизмы знаг сæ мачи фенхъæла, буржуазон индивидуалисттæ сæ мачи рахона! Уыдонæн зæронд Баймæты таурæгътæ сты ахъаззаг хæзна. Цæ- мæн? Дзуапп ис Тугъаны ныхасы: «Фольклор æмæ уæлдайдæр та цардæй ист таурæгътæ раст сыхалдзысты махæн æхсæнадон-дзыл- лæйон ахастытæ, экономикон уавæр, кълæсты сконд æмæ кълассон тохы змæлдтытæ нæ фыдæлты æхсæн... Мæнæ Баймæты хуызæн зæ- ронд адæм нын куы ракæниккой комкоммæ цардæй ист, сæ цæстыты раз æрцæугæ, науæд фехъусгæ хъуыддæгтæ..., уæд нæ хъул сах аба- дид». Баймæты хуызæн зæронд кадæггæнджытæ, дам, «ницы субъек- тивон цъарыг хæссынц цауæн йæхимæ аивадон æвзагæй дарддæр», «Баймæтæй æрыгондæр чи у, уыцы кадæггæнджытæн та сæ таурæгьтæ цух не сты «субъективон æнгасæй, романтизмы дæлдзырæттæй, уый адыл иттæг бæзгæ æрмæг не сты, æнæ асыгъдæг кæнгæйæ». Тугъа- нæн дз)фынц йе ’мбæлттæ: стенографист, дам, кæй дæ, уымæ гæсгæ «раст фæфыстай дзырдæй-дзырдмæ зæронд Баймæты таурæгътæ». Чи зоны, æцæг сæ дзырдæй-дзырдмæ фæфыста Тугъан (мах æм уынæм Чермены бæрджытæ), фæлæ Баймæты таурæгътæ æппын æнæагайдæй, гъа-да-гъа, бацыдаиккой уацаумæ? Иуæй, Чермен йæ фыдыфыд номдзыд кадæггæнæг Леуанæй кæй фæфыста, уыцы æрмæ- 186
гæй равзæрстаид, йæ уацауы кълассон принциптæн аккаг чи уыдаид, зæронд æмæ ног царды æхсæн контраст чи арæзтаид, ахæм тау- рæгътæ. Иннæмæй, æнæмæнг сæ «асыгъдæг кодтаид» идеалистон, романтикон, националистон «дæлдзырæттæй», цæмæй Баймæты тау- рæгъты абоны цæстæнгасæй зæрдæхсаинаг мацы уыдаид. Æнæмæнг сæм Чермены къух бахæццæ, редакцигонд баййæфтой, фæлæ Черме- ны редакцигондæй дæр сты Черменæн йæхи нæ, фæлæ/Леуан-Бай- мæты таурæгътæ. Зæгъæн ис, Леуан-Баймæт йæхæдæг дæр йæхи редакци кодтаид — ног цард æмæ ног адæммæ гæсгæ. Кæд студенттæн хъаст кæны йæхи- цæй, зæгъгæ «куырм дæн æхгæд зæппадзау, къуырма — калд мæсы- гау. Бампылдысты мæ хъуыды, мæ зонд, хус серайау. Бахуси ме ’взаг мæ дзыхы, фæйнæджы гæппæлау. Къуымых у мæ ныхас, хъуыр- хъуыр у мæ хъæлæс», кæд сын зæгъы, зæгъгæ, «не ’взарын, нæ хатын, цæмæй мæ фæрсут», уæддæр зоны, йæ алфамблай цытæ цæуы, уыдон, æмæ студенттæн радзырдта, чи сæ хъæуы, цæмæ йæм æнхъæлмæ кæсынц, уыцы таурæгътæ, радзырдта сæ, студенттæ æмæ «цыдæр æмдзæрин цард» аразджыты куыддæриддæр фæнды, афтæ. Куырм æмæ къуырма куы уаид, уæд Гæдиаты Цомахъы кой нæ ра- кодтаид: «Никуы фехъуыстат Гæдиатæ, зæгъгæ, иу дзы номджын лæг дæр рацыди. Цомахъ æй хуыдтой, стыр ахуыргонд уыди кæм- дæр. Ныр, дам, амарди, афтæ æрыхъуыстон, рухсаг уæд!» Стæй иудадзыг йæхæдæг не ’вæрид фыдæлты цард абоны царды ныхмæ, нæ йæ хонид «сырдты цард», абоны цардæй та æппæлгæ нæ кæнид. Уанелы Тутыры бонтæм-иу алы рæттæй чи æрцыдаид æмæ-иу фæс- тæмæ йæ хæдзар чи ссардтаид, ууыл-иу йæхионтæ цинтæ кодтой, зæрдæрухсытæ (иугæр-иу Тутыры бонтæ фесты, з^æд туджджын тудж- джынмæ тых хаста, тыхджын — æдыхмæ, бонджын — мæгуырмæ: кæнæ йæ маргæ кодта, кæнæ уæй, кæнæ йæхицæн цагъар), — ныр та, дам, «сыст дæ хæдзарæй, мæ хур, æмæ Мæскуымæ дæр ахæццæ у, суанг Сыбырмæ дæр». Кæнæ Рагъыдзуармæ Ирыстоны алы къуым- тæй дæр цыдысты куывдхонæй, кæй дзы нæ федтаис, — ныр, дам, «цард ивæнтæ кæны æмæ йæм уыйбæрц ничиуал фæцæуы, дзуæртты кад нал ис». Æмæ а.д. Баймæты таурæгъты ис алыхуызон цаутæ, алыхуызон быцæутæ, алыхуызон хъысмæттæ. Дзырд дзы цæуы тугисын, зæхх, уарзт, дин æмæ бирæ æндæр цæйдæрты тыххæй. Фæлæ дзы сæйраг у иу темæ — æгъдау æмæ адæймаг. Уыцы темæ цæуы иу таурæгъæй иннæмæ, æмæ нын раргом кæны куы йæ иу фарс, куы йе ’ннæ фарс, æмæ нæм разыны рагон заманы цард. Разынынц дзы æгъдау æмæ адæймагæн сæ хорз дæр æмæ се ’взæр дæр. Ирон æгъдæуттæ карз æмæ тызмæг уыдысты, адæймагæн йæ алы фезмæлд, йæ алы сныхас дæр, йæ алы къахдзæф дæр, йæ алы ми дæр хъуамæ уыдонмæ гæсгæ уыдаид, науæд æгад æмæ худинаджы ном хастаид йæ мыггаджы æхсæн дæр æмæ иннæ мыггæгты æхсæн дæр. Æгъдæуттæ цы домдтой, уый куынæ æххæст кодтаис, уæд адæй- магыл нымад нæ цыдаис. Фæлæ арæх æгъдæуттæ аккаг, æмбæлон нæ уыдысты адæймагæн нæдæр йæ хорз, нæдæр йе ’взæр миниу- 187
джытæн, фæндиæгтæ æмæ бæллицтæн, æмæ сæ уæд адæймаг дæр хæлдта — хæлдта сæ йæ гуманон æмæ йе ’нæгуманон нысанты сæ- раппонд. Кодзырты Тохтæйы кард хуыздæр куы разынд Хъороты Бæдтуйы кардæй, уæд Хъорион маст бахаста Кодзыронмæ (Хъоротæ — стыр, хъал мыггаг — лæгарæх, зæххарæх, Кодзыртæ та — чысыл, тæнæг мыггаг, лæгцух, зæхцух, Хъоротæй зæхх хаццоны истой æмбис хаймæ). Бæдту йе ’мбал Гаглойты «рæуæг, æнæуаг» Парсайæн («рæсугъд сыл- гоймагмæ-иу йæ бæттæнтæ атыдта») йæ хины хъуыды бамбарын кодта, æмæ, Тохтæйы ус Рубайæн суадонæй дон куы хаста, уæд ын Парса йæ цонг ацахста, ныпъпъа йын кодта. Парса æгъдау фехæлдта, æмæ Ко- дзыртæ æгъдау сæххæст кодтой — Парсайы амардтой. Фæстæдæр Гаг- лойтæ дæр æгъдау сæххæст кодтой — сбырстой Кодзыртæм, нæлгойма- джырдыгæй сын сæ мыггаг сыскъуыдтой, скуынæг кодтой, сæ ис æмæ сæ зæхх Хъоротæн баззадысты. Æгъдæуттæ æххæст кæнгæйæ æмæ хал- гæйæ, иутæ бонджын кодтой, иннæтæ — сæфгæ, кæнæ мæгуыр. Ходзы Тотыраты æхсæн Тотазы фырттæ (дыууæ хæдзарæй) тугуарæн кодтой сæхи мыггагæн дæр æмæ иннæ мыггæгтæн дæр: æввонгæй сын ластой сæ мæкъуылтæ, сæ хор, истой сын сæ фос, сбонджын сты, авдбынатон мæсыг дæр ма ныццамадтой. Тотыраты мыггаг сæххæст кодтой æгьдау — Тотазы байзæддаг хисты бадгæйæ зарын байдыдтой, фыдохы фын- гæй куывды фынг скодтой, æмæ сæ уым се ’рвадæлтæ ньщцагътой (ахæм хъоды дæр уыд — æгъдаухалты, кæнæ-иу æвзæр адæймæгты се ’хсæ- нæй нæ арвыстой, фæлæ-иу сæ ныммардтой). Æртæ Ерманы (куырттатæ) ард бахордтой: йæ мыггаджы чи ныц- цæгъда, уыдонмæ хъуамæ ныббырсой æмæ сæ ныццæгъдой. Æмæ Тотыратæм ныббырстой. Тотыратæ мæсгуытæм (дуры гуыбынмæ) бахызтысты, иу лæппу сæ кæцæйдæр балцæй æрыздæхт, æмæ гъа ныр мæсыгмæ багæпп кæна, афтæ йæ Фæрниаты Состæ фехста, æмæ лæппу фæмард. Тотыратæ Состæйы фæдыл зилын байдыдтой (хъуа- мæ дзы сæ туг райстаиккой). Состæ Бырытъаты хъæуы бамбæхст, Слантæм. Уынгæджы бахауд, йе ’намонд сæрæн ницыуал зыдта, æмæ йе ’фсымæры радта Тотыратæн сæ лæппуйы тугмæ — æгъдау фехæл- дта йæ гуманон нысаны сæраппонд (тугмæ лæг ничи лæвæрдта — худинаг уыд æгъдаумæ гæсгæ), фæлæ Тотыратæ се ’ууæнк бахорд- той, æгъдау фехæлдтой сæ æнæгуманон нысаны сæраппонд — Со- стæйы æфсымæры амардтой. Уæд Состæ тугдзых бирæгъ фестад, никæуылуал ауæрста марынæй — хионæй-æцæгæлонæй, фæстагмæ Тотыратæм балæбурдта, бирæ дзы ныццагъта, фæлæ йæхæдæг дæр фæмард, йæ ис æмæ йæ зæхх та баззадысты йæ мыггагæн. Чи зоны, Состæйы ахæм мастисæн у гуманон хъуыддаг. Бæлвырд- дæр дзургæйæ, Состæ зонгæ-зонын худинаг йæ сæрмæ райста (тугмæ йе ’фсымæры радта), æцæгæй та уымæй йæхицæн кад скодта, фæлæ кад бамбарынхъом чи нæу, уыдонæн æй хъуамæ сæхи хуызæн фыд- мийæ бамбарын кæнай, — æндæр амал куы нæ уа, уæд цы хъуамæ кæнай, уæдæ! Ахæм мастисæн ма у, Дудайты Цæрай Ахлæуаты Азæмæт æмæ йе ’рвадæлтимæ цы тох самадта, уый дæр. Цæрай нарон Фаризетимæ 188
дзырдгонд уыд, ирæдагур фæфардæг кæдæмдæр. Цалынмæ фæстæмæ здæхт, уæдмæ Фаризеты фыдимæ Азæмæт бафидыдта æмæ Фаризе- ты æрхаста усæн. Цæрай йæ балцæй дзæвгар фæллой куы ’рхаста уæд Азæмæт Цæраимæ йæхи схæлар кодта, кæд мæ, зæгъ, йæ хæ- тæнты бамбал кæнид, бахуыдта-иу æй йæ хæдзармæ, æхсæв дæр-иу æм баззад. Цæрай уым Фаризеты уыдта, бадзырдтой, цæмæй иумæ Хъобанмæ алидзой. Фæлæ сын сæ сусæг фæнд базыдтой Ахлæуатæ, æмæ Фаризеты «æнæрдызт бæхы къæдзилыл бабастой, æмæ йæ уый хуыртыл æмæ дуртыл гуыргай бакодта». Ахæм æнæгуманон ми ба- кæнджытæн Цæрай аккаг фæци, кæд йæхæдæг дæр фæмард, уæд- дæр, — аккаг сын фæци гуманон нысаны сæраппонд. Ирон адæм, æгъдæуттæм гæсгæ цæргæйæ æмæ сыл фидар хæц- гæйæ, кæд се ’ппæт нæ, уæддæр сæ цахæмдæр хай фарслас лæууы- дысты, гуманон нысанты сæраппонд сæ чи хæлдта, уыдонæн. Гаг- лойты Заза — «æбуалгъ, фыдуаг, Хуыцауы гæрах æмæ мæнгард адæй- маг» — Тутыры бонты фæстæ Колыты Бецийæ йæхицæн цагъар куы скодта, уæд Беци фехæлдта æгъдау — Зазайы дыккаг ус Мæргъио- нимæ (йæ лæджы йæхимæ æхсæв æввахс нæ уагъта) кæрæдзи бауарз- той, æмæ иу бон алыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ. Зазама йæ бæргæ асырдта, фæдис Зикъарайы сæрмæ схæццæ, фæлæ Бецийæн йæ дымгæ дæр нал баййæфтой, æфцæгæн фæфале. Æгъдау амыдта, цæмæй Гаглойтæ Кодзыртæй нæлгоймаджырды- гæй иу дæр макæй ныууагътаиккой, фæлæ Рубайон (Кодзыртæ æмæ Гаглойтæ кæй тыххæй фæтуджджын сты, уыцы «рæсугъд, æнамонды рæсугъд» сылгоймаг), йæ цæгатмæ Хъелы æфцæгыл лидзгæйæ, йе ’нахъом иунæг лæппуйы къæссайы мидæг куы фæцæйхаста, сывæл- лон куы хъыллист кодта, уæд æй Гаглойтæй иу ацæргæ лæг басырд- та, къæссайы цы хæссы, уымæй йæ куы бафарста, уæд ын Рубайон дзуапп радта: «Мæ сывæллонæн иу гæдыйы лæппын уыди, бирæ йæ уарзта, сывæллон амардтат æмæ йын йæ гæдыйы лæппыны мæ зæрдæ æппарын нæ батардта». Гаглойы-фырт хъуыддагæн йе ’цæг бамбæр- ста æви нæ, уымæн, дам, чи цы зоны, фæлæ усы ауагъта: «Амæндты хуыздæр дæ хай», — загъта æмæ фæстæмæ фездæхт. Гуманон нысанты сæраппонд, рæстад, уарзт æмæ фидæны сæ- раппонд æгъдаухалтæн адæмæй фарслас чи уыд, уыдонæй у Баймæт. Уымæ гæсгæ йæ таурæгъты персонажтæн аргъ кæны сæ адæймагон миниуджытæм гæсгæ (уæлдай нæу, тыхджын мыггагæй уой æви æдых мыггагæй, бонджын уой æви мæгуыр). Фаризеты тыххæй зæгъы: «Тæригъæддагдæр ма цы федтаид адæймаджы цæст, тугтæригъæдда- гæй мардта Фаризет, йæ тæригъæдæй фæрсæскъуыдтæ кодтой къæ- дзæхтæ, зæнгæскъуыдтæ бæлæстæ, фæлæ адæймæгты зæрдæтæй Фа- ризетæн тæригъæдгæнæг нæ фæци æнаккаг мыггаджы æхсæн», Кæд, мыййаг, адæймаджы гуманон миниуджытæ æмæ нысантæн æрдз дæр, адæмы хуыздæртау, фарслас у, семæ — æм^’д, æмсагъæс, æмæнкъар! Баймæты таурæгъты æгъдæуттæ чи халы, уыдонæй Ирыстоны æмбисондæн баззадысты Барсæгаты мыггаг. Тыхджын æмæ бонджын мыггаг лæгарæхæй, асæй, зæххæй. Стæй — фыдуаг, æнæбарон, æнæр- цæф. Кæм æхсарæй, кæм фыдмийæ сæхи ноджы бонджындæр кодтой. 189
Барсæгаты Дадай æмæ сæ фæсивæд Æлбегаты Сæлдженыхъимæ сæ бæхтæ к}Ъ1 фæлвæрдтой (сыджыткъахæны сæрæй æмуырдыг комы доны былмæ чи раздæр ныххæццæ уа, уымæй), уæд Сæлдженыхъ «иннæтæй фæразæй раст бæхы сæры бæрц». Дадай йын мæстыйæ загъта, дæ бæх, дам, мын рауæлдай кæн, фæлæ Сæлдженыхъмæ хъыг фæкаст Дадайы мæсты ныхас, æмæ йын «нæ», зæгъгæ, дзуапп радта. Дадай маст йæ зæрдæйы бавæрдта. Сæлдженыхъæн уыд æфсымæр — «сæрхъæн, рæ- уæг лæг» Кудзан, æмæ йæ Дадай Сæлдженыхъыл сардыдта, æмæ Ку- дзан Сæлдженыхъы амардта. Уый фæстæ Æлбегаты мыггагыл цыдæр рын сыстад (чи зоны, дам, сыл хохы дзуæртгæ рахæтыдысты Кудзаны æбуалгъ ракæнды тыххæй) æмæ ма сæ баззад^иу адæймаг — Батай, «æвæджиау хæрзхъæд, æгьдауджын лæппу». Йæ мыггаджы мæрдтæ зæппадзы куы бавæрдта, уæд сын хæрнæг скодта, стæй йæхæдæг дæр зæппадзмæ бахызт æмæ йæхиуыл дуар бафæлдæхта. Адæмы хуыздæртæ йæм цыдысты, дæ мыггаг ма аскъуын, зæгъгæ, суанг æм хатæгæй сæрвыстой Барсæгаты мыггаджы хистæр Бæтæ- джы дæр, фæлæ Батай никæмæ байхъуыста, нæ ракуымдта зæппа- дзæй. Уæд Бæтæг базыдта, Батайæн, дам, Барсæгаты Дадайы ус Цæрæхонæй адджындæр йæ бынсæфт мыггаг дæр не сты, Цæрæхо- ны йæм куы барвыстæуид, уæд йæ зæрдæ нæ фæлæууид æмæ рахи- зид. Уый сæм байхъуыста, стæй йæ мыггаджы нæлгоймæгтæм фæ- сидт йæхимæ: а хъæуы сылгоймæгты, дам, сæрвитут зæппадзмæ ирон- вæндаггæнгæ, сæ разæй Цæрæхон, афтæмæй. Æмæ куы ныккуыдта Цæрæхон, уæд: «Суанг зæрæдтæ дæр сæхи нæ баурæдтой зæрдæха- лæн куыдмæ æмæ тымбыл къухæй байдыдтой цæстысыг сæрфын. Хъæдтæ æмæ къæдзæхтæ згъæлæнтæ кодтой..., дон дæр ныхъхъус æфсæрмæй йæ хъæлæбайæ. Цы ма загъдæуа сылгоймæгтæй та, цæс- тысыджы суадæттæ З’ади сæ уадултыл æмæ ивылд къадайау згъорд- той дæлæмæ хъæумæ. Адæмæй Батай æрбайрох, фæлæ сæ кæуын уыди мæгуыр сылгоймаджы тæригъæддзинадыл. Нал баурæдта Æлбеджы-фырт, зæппадзы дуар уыциу тынд ра- кодта, рахызти æмæ Цæрæхоны цур зæххыл дæлгоммæ ныффæл- дæхт богъбогъгæнгæ». Ам Цæрæхоны æнамонд уарзт æмæ тæригъæдимæ хуымæтæджы не сты æмсагъæс, æмæнкъар канд æрдз нæ, фæлæ ма адæмæй дæр бирæтæ. Чи дзы фæуæлахиз уыдзæн — адæймаджы гуманон æви æнæгуманон миниуджытæ? Бæтæг дыккаг хатт фæсидт йæ мыггагмæ æмæ йæ ныхас байдыдта, цы уæззау худинаг æвзарынц, уымæй: «Æнæфенгæ, Иратаманы æнæрцæугæ худинаг худау дæ сæрыл æркод- тай, Барсæджы мыггаг! Де ’фхæрд зонгæйæ, де ’фхæрæджы раз- дæхтай ингæнæй. Ирыстоны алы къуымты адæм æфсæрæлвæстытæ кæнынц фырджихæй ахæм æнæрцæугæ хъуыддагыл». Æмæ фæси- вæд куы схъæрзыдтой (уæлдайдæр Дадай) мæлæты бар кургæйæ, уæд Бæтæг фæхъандзалдæр, фæуæлвонгдæр кодта йæ ныхас: «Мæ- лæт^! Æмæ кæд уыд мæлæт мæрддзаг хæдон худинагæн?.. Мæлæт худинагæй ирвæзынгæнæг уа? Стулут уæ кæрдты фындзтæ Æлбего- ны цъаммар туджы, Цæрæхты чызджы туджы, æмæ худинаг уымæй ферох уыдзæн?.. Мæлæт цæсгом не ссыгъдæг кæндзæн худинагæй?» 190
Ам æгъдаумæ гæсгæ худинаг цы у, ууыл дзуры Бæтæг. Ахæм худинаг (зæгъæн ис, гуманон худинаг) æгъдаухалты тугæй ныхс, уæд уый уыдзæн æцæг худинаг (зæгъæн ис, æнæгуманон худинаг) æмæ уымæ гæсгæ Бæтæг сыстад йæ ныхмæ: Цæрæхоны, дам, чындз- дзон цæттæ скæнут, сфæлындзут æй, æмæ йæ схæссут Æлбеджы фыр- тæн, «Иратаманы цы нæма «’рцыд, уый бакæндзæн Барсæджы мыг- гаг, йæ кады ном куыд баззайа æнусмæ, цалынмæ ирон дзыхæй дзу- рæг ис, уалынмæ». Æгъдаумæ гæсгæ тæккæ стырдæр худинаг сси адæймагмæ гæсгæ тæккæ стырдæр кад. Фæзминаг, стауинаг, арфæ- йаг — Бæтæджы дугæн дæр, абонæн дæр æмæ фидæнæн дæр. Æгъдау — кæмфæнды дæр æмæ кæдфæнды дæр — гуманизмы ныхмæ куы уа, уæд хъуамæ хæлд цæуа, хъуамæ ма уа. Чермены уацауы студенттæ Баймæты таурæгъты цы агуырдтой, уый-иу дзы ссардтой, уацауыл чи фыста, уыдон дæр: Чермен, дам, «сæргом кодта фыдæлты социалон-экономикон цæстæнгастæ», тау- рæгь «Уанелы тутыр»-ы, дам, ис «тох дыууæ социалон къорды æхсæн» (журн. «Фидиуæг», 1935, № 4, 73 ф.). Тыбылты Алыксандр фыста: «Чермен романтикон цæстæй нæ кæсы зæронд цардмæ, нæ бæстон кæны уыцы цард. Зæронд царды хабæрттæн Чермен аргъ кæны нæ дуджы цæстæй. Зæронд æгъдæуттæ уый бары нæ дуджы стыр хъуыд- дæгтыл. Афтæмæй уыцы æгъдæуттæн тынгдæр разыны сæ цъаммар цæсгом. Афтæмæй хуыздæр скалы йæ рæсугъд хуыз нæ социалистон дуг» (журн. «Фидиуæг», 1935, № 5—6, 55 ф.) Уацауы ис уыцы контраст, уæлдæр ыл дзырдтон, фæлæ уæддæр Баймæты таурæгъты сæйраг сты æгъдау æмæ адæймаг, кæрæдзиимæ сæ ахастытæ, сæйраг дзы сты кълассон нæ, — гуманистон принциптæ. Стæй зæронд цард канд ныллæг нæ кæны, — бæрзонд у, уæдæ цы у, Бæтæджы гуманон сгуыхтдзинад. Стæй Баймæт йæхæдæг куы зæгъы, зæгъгæ, нæ фыдæлтæм уыд æвзæр æгъдæуттæ («цардхалæг æгъдæ- уттæ», (фыдæгъдæуттæ), фæлæ сæм уыд хорз æгъдæуттæ дæр. Бай- мæт фауы, «дæрзæг уæрдæхæй, бариссыны уæрдæхæй», чи æнтъу- хы, уыцы æгъдæуттæ. «Уæрдæх» сын æгæр фæлмæн дзырд у — схо- нæн сын ис хъадамантæ-рæхыстæ. Стæй ног цард цы æгъдæуттæ æрхаста, цы хъадамантæ-рæхыстæй сбаста адæмы уæнгтæ æмæ удтæ, — ау, цымæ уыдон тæхудиагдæр æмæ хуыздæр уыдысты зæронд æгъдæут- тæй? Ног царды æгъдæуттæ — гуманон нысанты сæраппонд — мисха- лы бæрц дæр куы фехæлдтаис, дæхинымæр сæ фехалыныл æрмæст хъуыды дæр куы акодтаис, уæд дын, зæронд цардæй хъауджыдæр, искуыдæм лидзæн æмæ искуы æмбæхсæн дæр нæ уыд, — æнæмæнг ахст, хаст кæнæ æхст æрцыдаис. Ног цардæн æваст бирæ адæм — йæ кълассон принциптæм гæсгæ зылынæй дæр æмæ растæй дæр — систы йæ туджджынтæ æмæ сæ æнауæрдонæй цагъта — йæ ^съадамантæ- рæхыстæй йын чи тыхсти, чи уынæргъыдта, уыдоны дæр, æмæ сæ æхсызгонæй, æнæ хъыпп-сыппæй чи хаста, уыдоны дæр. Ног царды фылдæр йеддæмæ къаддæр туг, мыййаг, нæ ныккалд. Уацау «Мæсгуытæ дзурынц»-ы канд зæронд æмæ ног царды æхсæн нæй контраст, — контраст ис зæронд дуджы минæвар Баймæты прозæ æмæ ног дуджы минæвар Чермены прозæйы æхсæн дæр. Канд се 191
’рмæгæй нæ хицæн кæнынц кæрæдзийæ, — тынг хицæн кæнынц сæ аивадон уынынад æмæ хъуыдыкæнынадæй дæр. Баймæты прозæ уæлвонг-патетикон, цæугæдонау тындзы, уылæн дзы уылæны суры. Чермены прозæ та, кæд уым дæр ранæй-рæтты патетикæ ис, уæддæр — æмткæй уæзбын-сындæг, лæмбынæг иртасы æмæ лыстæггай фип- пайы алцыдæр. Хицæн кæнынц сæ ритмæй, сæ интонацийæ, сæ алы- хуызон аивадон амалтæй. Баймæт у фольклорон-дзургæ прозæйы ныв- гæнæг, Чермен та — профессион-фысгæ прозæйы нывгæнæг. Иу дзы у кадæггæнæг, иннæ та — фыссæг. Фæлæ Леуан-Баймæт хуымæтæг, рæнхъон кадæггæнæг нæу. Фоль- клор литературæйæ куы хызт, адæмон сфæлдыстад индивидуалон сфæл- дыстадмæ куы хызт, уыцы фæлдзæуæн заманы иугай, стыр курдиат- джын кадæггæнджытæй. Уый фольклоры арæнтæй рахизæгау кодта, йæхи дзы ыæ ратыдта, афтæмæй, æмæ бахизæгау кодта литературæмæ. Уый уыциу рæстæг уыд кадæггæнæг дæр æмæ фыссæг дæр. Ахæм фæлдзæуæн заманы иугай, стæм, стыр кадæггæнджытæ — зæронд, традицион кæнæ ног, оригиналон сюжеттæй — сфæлдисынц диссаджы номхæссæн уацмыстæ. Ахæм уацмыстæ ирон дзырдаивады сты Зыгъуытаты Бибойы кадæг «Æфхæрдты Хæсанæ» æмæ Беджы- заты Леуаны таурæгъ «Æлбегаты Батай æмæ Барсæгаты чындз». Кæд сæм сæ ныффысджытæ — Къубалты Алыксандр æмæ Беджызаты Чер- мен — кæмдæрты бавнæлдтой, ома сæ средакци кодтой, уæддæр сæ мидис æмæ сæ формæ нæ аивта, нæдæр сыгъдæг, айдагъ фольклорон сты, нæдæр сыгъдæг, айдагъ литературон уацмыстæ, ома сты фæлд- зæуæн заманы уацмыстæ. Уыцы хабар хорз зыдта Хетæгкаты Къоста (йæхимæ дæр поэмæ «Уæлмæрдты»-йы ис контраст профессион поэт æмæ адæмон бæх- фæлдисæджы æхсæн: кæд сæ дыууæ дæр иу æмдзæвгæамадæй дзу- рынц, ома адæмоы кадæгыл Къоста йæхирдыгонау бакуыста, «асыгъ- дæг» æй кодта, уæддæр Къостайы ныхас, æмткæй йæ поэзийау, у зæххон, реалистон, индивидуалон, бæхфæлдисæджы ныхас та — дæл- зæххон, фантастикон, фольклорон), хуымæтæджы, мыййаг, нæ загъ- та иухатт йæхицæй, зæгъгæ, æз дæн поэт æмæ адæмон кадæггæнæг. Леуан-Баймæты таурæгътæ Черменæн йæхи прозæйæ тынгдæр хъардтой æмæ хъарынц адæмы зæрдæмæ, уымæн æмæ таурæгъты (кæд сæ Чермен кълассон принциптæм гæсгæ Баймæтæн радзурын кодта, уæддæр) ис царды рæстдзинад, Черменæн йæхимæ та æлдари- уæг кодта идеологийы рæстдзинад. Æмæ канд Черменмæ нæу афтæ. Ирон советон фысджытæ-иу зæронд цардыл куы фыстой, уæд-иу сæ уацмыстæ сæ аивадон хъаруйæ уыдысты бирæ уæлдæр, ног цардыл кæй фыстой, уыдонæй. Цы стаудтой, цæмæй æппæлыдысты, хорз цы хуыдтой, уым сæ аивадон рæстдзинад — мæгуырау, æгуыдзæг. Цы фаудтой, цы ’фхæрдтой, æвзæр цы хуыдтой, уым та — зæрдæскъæф, цæстæвæрæн. Ахæм литературæ, æмткæй райсгæйæ, сыгъд æмæ уырыд у, мæгуыр æмæ æнамонд, сайраг æмæ æрдиаггаг. Царды дæр æмæ литературæйы дæр иудадзыг, уыцы иухуызон æмæ хъæбæрæй революцион æмæ кълассон принциптæй архайгæйæ, мах хæлдтам цард æмæ литературæ дæр. Хæлдтам адæм æмæ нацийы 192
иудзинад, сæ хæдбындур æмæ хиæмбарынад, хæлдтам дугтæ æмæ фæлтæрты бастдзинад, хæлдтам адæймаджы уд, хæлдтам аивадон кур- диат... хæлдтам... хæлдтам... Кодтам сæ къордтæ æмæ дихтæ, хæлиутæ æмæ хиутæ, саджилтæ æмæ гæлиртæ, фыдуындтæ æмæ гуылмызтæ... Афтæ сæ куы халæм амæй фæстæмæ дæр (уымæй та хызт не стæм, тас дзы у, тынг тас), уæд, æвæццæгæн, бынтондæр фесæфдзыстæм. Иухатт ма йæ зæгъон: царды рæстдзинад у фыццаг реалондзи- над, аивады рæстдзинад та — дыккаг реалондзинад (фыццаг реалон- дзинадмæ гæсгæ нывгæнæг сфæлдисы дыккаг реалондзинад). Фыц- цаг реалондзинадæй бæрæггæнгæ у — кæддæриддæр — дыккаг реа- лондзинад(уымæн йæ хорз дæр æмæ йе ’взæр дæр). Аивады рæст- дзинад царды рæстдзинадмæ гæсгæ куынæ уа, фæлæ куы уа æндæр рæстдзинадмæ гæсгæ — партион, кълассон, идеологон, утопион, ми- фон æмæ а.д., ома мæнг рæстдзиыадмæ гæсгæ, уæд гуырысхойаг, дызæрдыггаг уыдзæн йæ ахадындзинад, формалон дæсныйадæй хъуаг куы нæ уа, курдиаджын къухæй куы рацæуа, уæддæр. Черменмæ курдиат æмæ дæсныйад кæй уыд, уый гуырысхойаг нæу. 1927 азы ныффыста Мæскуыйы Октябры бæрæгбоны тыххæй (газ. «Хурзæрин», 29 ноябрь): «Ныр æхсæв барджын куы баци, уæд бæрæгдæр байдыдта, сахат йæхи цæмæдæр кæй цæттæ кæны. Уый бæрæг уыд сырх хъуымацы райхæлд тынтæй, хæдзæртты сæ сæртæй кæрæдзимæ чи абаста, уынгты сæрты сырх арвы рухсау чи байтыгъ- ди. Уый бæрæг уыд æнæбанымайгæ тырысатæй, сырх гæлæбутау дзаджджынæй чи ’рбадт алы хæдзары сæрыл æмæ тигъыл». Ацы фыстæй уайтагъд фæбæрæг Чермены хæдхуыз æмæ хæдуаг: уæд нæм цы прозаиктæ уыд, уыдонæй афтæ ничи фыста. Чермен уыд ног æмæ йæхи хуызæн. Сырх фæз схуыдта Сырх ныхас — дунейы пролетарты уынаффæгæнæн бынат. Ахæм фæлгонцтæ-метафорæтæ (æмбæхст абарстытæ) сты Черме- ны уацмысты нæмттæ: «Кард йæ кæрддзæмы» — революцион тох нæма байдыдта, Чермен йæхæдæг партийы уæнг, революцион тохгæ- нæг нæма сси, «Кардæлвæстæй» — революцион тох байдыдта, Чермен дзы у раздзогтæй иу; «Цард ссыгъди» — зæронд Хуссар Ирыстон, зæронд цард хæлын байдыдта, «Басыгъд цард» — зæронд Хуссар Ирыстон, зæронд цард фехæлд, æмæ хъуамæ райгуыра ног Хуссар Ирыстон, ног цард; «Бирæгътæ» — хъæууон бонджынтæ, кулактæ- цъулбертæ; «Мæсгуытæ дзурынц» — рагон, фыдæлтыккон заман йæхи æвдисы ног фæсивæдæн, ног заманæн; «Уад асаста гæдыбæлас» — революци фехæлдта, скуынæг кодта зæронд цард... Уыцы метафорæтæй алкæцы дæр уацмысы фæзыны куы иу ран, куы иннæ ран, арæх ахæццæ вæййы суанг кæронмæ æмæ алкæддæр æппынфæстаг раргом кæны йæхи (æмбæхст абарст раргом вæййы), раргом кæны йæ аивадон мидис æмæ нысан. Сæхи раргом кæнынц метафорæтæ-нæмттæ «Кард йæ кæрддзæмы», «Кардæлвæстæй», «Ссыгъди цард» æмæ «Басыгъд цард» — уæлдæр сыл дзырдтон, уыцы уацмыстæ куы ’взæрстон, уæд. Метафорæ — ном — «Мæсгуытæ дзурынц». Зæронд Баймæт рай- сомæй рацæуы Царциаты къуылдыммæ, йæ фыдæлты мæсыгмæ, йæ 13 Дзуццаты Хадзы-Мурат 193
фарсмæ рабады æмæ суанг изæрмæ нал сызмæлы йæ бынатæй: «Æмæ нал равзардзынæ уæд Баймæты йæ фыдæлты мæсыгæй. Æрлæбырд фыс- дзармæй зæронд худы фахс мæсыджы фахсау. Зæронд кæрцы скъуыд- тæй æддæмæ рафæлдæхт æууад хъуын мæсыджы фæхстыл хъуынайау. Фæгуыбыр астæу, мæсыджы æнцойырдæм, Уырысы паддзахы сарма- дзанты цæфтæй мæсыг куыд фæцудыдта размæ — цыма алидзынмæ хъа- выд æмæ йын нал бантыст» «адæймаг — мæсыг» — зæгьы Чермен, æмæ ноджыдæр: «дзырдта Баймæт — зæронд мæсыг» æмæ ма ноджыдæр — уацауы æппæты кæронæй Асиат зæгьы: «Хæрзбон, зæронд Баймæт — удæгас мæсыг». Афтæ раргом кодта йæхи уацауы ном-метафорæ. Метафорæ — ном — «Бирæгътæ». Бибо уацауы райдайæны, цуан- гæнгæйæ, бирæгъы нæ фехста, зæронд цыдæр, дам, у, кæнæ рын- чын. Сæхимæ здæхгæйæ, кæсы, æмæ бирæгъ уæтæрмæ æрхъуызыд, ныр æй хъуамæ фехстаид, фæлæ йын Бадилаитæ уыцы фадат нæ радтой. Уацауы кæрон фыййæуттæ кæсынц, æмæ: «Сæ тæккæ дæ- лейæ фос фахс-фахс æрбатæхынц хауæн къæдзæхмæ, ныртæккæ дзы агæр-гæр кæндзысты. Уæртæ сæ фæстæ æнарæхсгæйæ æрбацопп- цопп кæнынц сæ цыппæртыл иу... дыууæ... æртæ... бирæгътæ». Фый- йæуттæ сæ куы фехстой, уæд: «Бирæгътæ сæ фæстаг къæхтыл слæу- уыдысты æмæ адæймагау фезгъорынц фахсы къуылдымырдæм «(Ба- дила æмæ йæ къорд сæ уæлæ скодтой бирæгъдзæрмттæ). Афтæ рар- гом кодта йæхи уацауы ном-метафорæ. Метафорæ-ном — «Уад асаста гæдыбæлас». «—В-в-у-р-р», — дом- байы уыррытт бакæны уад. — С-с-с-с, — бамæсты йæм кæныныц гæдыбæласы бæгънæг къалиутæ...» — ацы рæнхъытæ радзырдты фæлхат цæуынц авд раны, рефрены хуызæн (хицæн, зына-нæзына ивдты- тимæ.). Уый дзы сæйраг метафорæ у, фæлæ ма дзы ис æндæр мета- форæ дæр: «Цавæрдæр сау къуыбылой тулы фæзмæ, аргъуанырдæм», уад æй «фæхæссы сисы фисынмæ, ныртæккæ сисыл сæмбæлдзæн æмæ ныппырх уыдзæн, артхутæг уыдзæн. Уæртæ та йæ уад фæтулы ин- нæрдæм — хæдзары къулмæ...» Æрбатылд аргъуаны тигъы аууонмæ къуыбылой æмæ: «Удæгас цыдæр у. Сыстад. Зæронд хæррæгъ ус». Стæй ма æндæр метафорæ дæр (уый уайтагъд йæхи раргом кæны): «Аргъуаны къоппайыл сагъдау — сау къори. Халон у». Зæронд дунейы фæлгонцтæ сты кæрæдзи хуызæн: уад аргъуаны къоппайæ халоны ратыдта æмæ йæ зилгæ фæхæссы æртæтигъон сау кæрдæнау, уад ратыдта усы сау кæрдæн æмæ йæ фæхæссы халонау («халон-кæрдæн, кæрдæн-халон») уад зæронд усы дадалитæ аивæзта иуырдæм æмæ ныттынг сты гæдыбæласы къалиутау, гæдыбæласы къалиутæ та — зæронд усы дадалитау. Афтæмæй ацы фæлгонцтæ æддæг-мидæг ауадысты æмæ иумæ аразынц иу метафорон- символон фæлгонц, æмæ уады уыррыттæй гæдыбæлас кæй асаст («Бæлас хъыс- хъысгæнгæ афæлдæхт æмæ адæргъ аргъуаны раз»), уыцы метафорæ- символ у се ’ппæты мæлæт. Зæронд дунейы мæлæт. Иухатт ма йæ зæгъон, кæд Чермен у уады фарс æмæ гæдыбæласы ныхмæ, уæддæр сæ раст, царды æцæгдзинадмæ гæсгæ, кæй равдыс- та, уый фæстиуæгæн мах бар-æнæбары стæм уады ныхмæ æмæ гæ- дыбæласы фарс. 194
Черменмæ арæх, тынг арæх алфамблайы алыхуызон фæзындтæ æмæ дзаумæттæ вæййынц удджын, змæлынц, архайынц, сæхи да- рынц адæймæгты хуызæн. Радзырд «Æртæ фæкасты»-йæ: «Фæлмæн изæрмилтæ, цæстæй æнæ ацахсгæ, цадæггай хъуызынц къаннæг ныл- лæг уатмæ æмæ æфсæрмæй тыгуыр кæнынц уаты къуымты. Сæ сау кæрдæнтæй уыдон сабыргай æмбæрзынц дуарырдыгæй къул, стæй сæ хъуызгæ-хъуызгæ райтауынц иннæ къултыл дæр. Бонрухс ма фæстаджы хъуырдухæны бацыд семæ, суры сæ уатæй, æввахс сæ нæ уадзы, дуары комкоммæ цы къул ис, уымæ». Фæлæ изæрмилтæ уæд- дæр «сæ кæрдæнтæ æрытыдтой къултыл æмæ сæ асау кодтой», «æддейæ ма цы чысыл рухс хъары уатмæ, уый мынæг кæны, стæй удисæнтыл ныллæууыди». Æмæ дарддæр: «Цырагъы рухс уаты къултæй æриста талынджы кæрдæнтæ, аууæрстытæ сæ кодта æмæ сæ тыхтысæй сын- тæджы æмæ чысыл фынджы бын атъыста». Уацау «Мæсгуытæ дзуры»-æй: «Халагъуды рæбын, рæбинаг ми- хыл ауыгъд тасмачъи лампæ сабыргай пæртт-пæртт кæны, йæ фæтæ- ген сыгъд фæци æмæ йæ хуыссæг ахсы, фынæймæ хъавы... Мæйрух- сы фæлурс тынтæ лампæйы фæмынæгмæ сæхи ныццæвынц халагъу- ды хуылфмæ кæттаджы зыхъыртæй, стæй та ралидзынц, лампæ рухс пæртт куы скæны, уæд тæппуд гæлæбутау». Адæймæгтæн се змæлд, сæ архайд, се ’ддаг хуыз, се ’ддаг уавæр (æмæ уыдоны фæрцы сæ мидхуыз, сæ мидравг, сæ митдуавæр дæр; Чермен афтæ æвдисы, æмæ сæ уыныс, цыма сæм дæхæдæг дæхи цæстытæй кæсыс, уыйау. Чермены бæзджын, дзаджджын фæлгонцад æмткæй змæлаг, динамикон кæй у, уымæ гæсгæ йæм тынг ахадгæ сты мивдистæ-фæлгонцтæ. Дæнцæгтæ — бирæ: «йæ цæстытæ æнæра- зыйæ æрцауыгъта Тугъаныл Асиат», Битар йæ лулæ йæ дæндæгты æхсæнæй «тонæгау ракодта», «йæ лулæ иттæг сцъырдта æмæ фæз- дæджы бын атыхта йæ цæсгом», «Хæлары цæстытæ згъорынц уаты къуымты, æмбæлтты цæсгæмттыл æмæ æрттивæнтæ калынц», «йæ цæсгомыл ралæмæрста мидбылхудт Бибо», «риуæй, тыхтонæгау, схауы фæурæд улæфт», «зилынц цæстытæ къуыбырæй-къуыбырмæ, лæн- кæй-лæнкмæ, рындзæй-рындзмæ... агургæ сгарынц», «йæ цæстытæ радав-бадав кæны Аслан», «йæ цæстыты рафт-бафт йæ бон нæ баци бауромын», «æфсæрмæй йæ цæстытæ зæххы атъыста», «дæлæ лæн- кауы дæлæмæ, уæтæрмæ, æврагъы стыр бындзгуытау сабыр тулынц стыр дзугтæ», «йæ мидбынаты здыхсы Бадила», «хур йæ цæст сдард- та фæсрагъæй дзыхъхъынног цалхæй» æмæ а.д. Ахæм лыстæг, хы- лычъы фæлгонцтæ (мивдистæ уой, миногонтæ уой, абарстытæ уой æви æндæр истытæ), Черменæн йе ’ннæ аивадон амалтау, сты бирæ- нысаниуæгджын, ома дзы алкæцыйæн дæр ис иу нысаниуæг нæ, фæлæ цалдæргай нысаниуджытæ: алкæцыдæр дзы уыциу рæстæг æвдисы адæймагæн йе ’ддаг хуыз æмæ змæлд, стæй йæ психологон уавæр (тыхст, цин, хъыг, гуызавæ, маст, æхсызгон æмæ а.д.), стæй авторы ахаст — æппæрццæг кæнæ æвæрццæг ахаст, æмæ ма æндæр цыдæртæ дæр. Черменмæ уынæм киноаивады амалтæ — «егъау пълан» æмæ мон- таж. Уыдон киноаивады агъоммæ зонгæ уыдысты литературæйæн, 195
фæлæ иугæр киноаивад йæ «лæджыкары» куы бацыд, уæд сæ литера- турæ ногæй «байгом кодта» йæхицæн, куыд «цæттæ амалтæ», афтæ. Зæгъæм, «егъау пъланы» амалæй æвдыст сты Налхъуытæйы цæс- тытæ — æртæ хатты нæм разынынц «æгас экраны фæзуатæй» (дзæв- гар дæнцæгтæ æрхæссæн ис Чермены боныгæй, йе ’ннæ уацмыстæй дæр). Уыцы æртæ «егъау пъланы» кæрæдзийыл баст цæуынц монта- жы амалæй(фæдфæдыл сæ хъуамæ равæрай æмæ сын уа иудадзыг). Монтажы амалæй кæрæй-кæронмæ конд у Чермены боныг, стæй ма «Мæскуытæ дзурынц»ы Баймæты таурæгътæ дæр — хуымæтæджы не згъорынц студентты цæстыты раз кинойы нывтау. Канд киноаивады амалтæй нæ, — Чермен пайда кæны иннæ сыхаг, æмауæдз аивæдты амалтæй дæр — музыкæ ( зæгъæм, уады уыррытт æмæ гæдыбæласы сыф-сыф) æмæ хуызфыссынады (нывкæнынады) амалтæй. Егъау хуызфыссæн кæттæгтау сты Чермены пейзажтæ-портреттæ. Уацау «Мæсгуытæ дзурынц»ы райдайæн: «Урссæр уæйыг — Лæгъз- цъити — йæ рахиз цонг раивæзта ныгуылæнырдæм. Раджы кæддæр незаманы æрфæндыд, æвæццæгæн, зæронд уæйыджы ацахсын ныгуы- лæг хуры. Уазал у зæрондæн ихыл кæрцы, куыннæ у æхсызгон хуры хъарм салд буарæн æмæ стджытæн! Фæлæ нæ бантыст тызмæг зæрон- дæн хур ацахсын æмæ фырмæстæй алхъывта йæ армы дзыхъхъы иу чысыл хъæу, Мæскуытæ, зæгъгæ, йæ ном». Хъæуы дæле дон цы хуы- зæн у — сабырæй æмæ ивылдæй, уый афысгæйæ, Чермен дарддæр «ныв кæны»: «Хъæуæн йæ тæккæ ныхмæ, доны фаллаг фарс, фæлмас къуылдымтæ, суанг Гнугъы бæрзонд рагъæй згъорæнтæ кæнынц кæ- рæдзи сæрты гудзитæгæнгæ хъæумæ цымыдис сабитау». Æмæ ноджы дарддæр: «Хъæуы мидæг æмæ йæ алфамблай хæхты сынæгтыл æмæ рындзтыл дæр иу иннæмæй уæлдæр, цыма Лæгъзцъитимæ æзфæраз- дæронæй дугьты уадысты æмæ сæ фæндаг-фæндаг фырфæлладæй дзыхъ- лæуд фæкодтой, кæй кæм æрæййæфта йæ фæллад, уым лæууынц æрдæг- кæлдтытæй фыдæлтыккон мæсгуытæ. Уæйыджы ихсыд дæндæгтау фæ- лурсцъæх хъæнтæй лæууынц уыдон, амцæф-уымцæфтæй». Ам уынæм Мæскуыты хъæуы иумæйаг портрет, æмæ афæдзы алы афонты куыд ивæнтæ кæны, уый дæр ма куы равдисы Чермен, уæд ыл бафты ног, конкретон цыдæртæ, æмæ афтæмæй иумæйаг портрет кæны хъæздыгдæр, дзагдæр. Зæгъæм, фæззæг куы ралæууыд, уæд: «Бæрзонд хæхтæ нал дасынц сæ хил æмæ æруагьтой сæ урс зачъетæ сæ уæрæх риутæм — бæрзонд фæтæнтæм. Зачъе-мит æрвылбон даргъæй-даргъдæр кæны, стæй иу бон бамбæрздзæн æппæт Мæсгуыты бæстæйы буар». Ирон хæххон хъæуты пейзажтæ-портреттæй ма иу дæнцæг — очерк «Ихдзагъд»-æй: «Цъон! Раст былкъахыр куыси тъæпæнбын куыси. Иу былкъахырыл æм схызтыстæм мах дæр Хъемултайырдыгæй. Иннæ дыууæ былкъахыры — Къуыдармæ æмæ Теделет-Имеретмæ ахизæнтæ. Куысийæн йæ бæстастæу бас — Цъоны цад, æмæ турæтæ — фæлмас къуылдымтæ. Бас дæр æмæ турæтæ дæр — уæйыджы фæл- хортæ Уæйыг та йæхæдæг —æрдз. Куысийы былтæ — бæрзонд рæгътæ — алыхуызон хъæды мыггагæй астæрд. Ерцъойы рагъ та — кæрдæг- хуыз райтыд гауыз... Рæсугъд у Цъоны куыси». Цъоны пейзаж-портрет, Мæсгуыты хъæуы пейзаж-портреттæй 196
хъауджыдæр, у æнцад-æнцой, статистикон (змæлгæ, динамикон нæу), фæлæ, æмткæй, Чермен æрдз, адæймæгты хуыз æмæ архайд (æддейæ дæр æмæ мидæгæй дæр), алфамблай дзаумæттæ, предметтæ æмæ æндæртæ куыд æвдисы, ууыл куы дзурæм, уæд зæгъæн ис: Хуыцау дуне æлыгæй, донæй, уæлдæфæй куыд фæлдыста (æрдз дæр æмæ адæймаджы дæр), афтæ Чермен та дзырдæй фæлдыста йæхи аивадон дуне (дыккаг реалондзинад). Стыр хъыгагæн, йе ’намондæн æмæ не ’намондæн, уыцы аивадон дуне — советон системæйы аххосæй æмæ Черменæн йæхи аххосæй — сæрысуангæй фæлдыста царды рæстдзи- надмæ гæсгæ нæ, фæлæ идеологийы рæстдзинадмæ гæсгæ, кълассон принциптæм гæсгæ. Уыцы рæстдзинадæй-иу, чи зоны, кæддæрты афæлмæцыд (кæд иудадзыг йæ хъузон-сæрхъуызой уыд, уæддæр) æмæ-иу дзы йе ’ргом æрдзмæ куы аздæхта, уæд-иу уæлдай рæдау, уæлдай парахат разынд йæ фæлдисон тых æмæ арæхст, уымæн æмæ æрдзмæ кълассон цæстæй нæ каст, кълассон зæрдæ йæм нæ дардта. Æниу æм æрдзимæ дæр тохы фæндон иу ран ферттывта: къанаутæ, дам, айгæрдæм, Цъоны цад, дам, ныссур кæнæм (цъойнаг Муртуйы ныхас: «Æрдзимæ тох хъæуы, æрдзимæ, ног царды сæрыл!»). Мах адæймаджы куыд хæлдтам, афтæ хæлдтам æрдз дæр. Æмæ Цъоны цад куы ныссур кодтаиккой, уæд ма Черменæн — æмæ махæн дæр — Цъоны куыси фыццагау рæсугъд уыдаид?! Чермены аивадон дæсныйад, аивадон палитрæ бирæхуызон, би- рæвæрсыг у, æмæ йыл бирæ дзурæн ис. Бирæ ирон прозаиктыл æндæвта, ахуыр ыл кодтой æмæ йыл ахуыр кæндзысты, кæд ма ирон литературæ уа, уæд. Фæлæ йыл нырæй фæстæмæ, æвæццæгæн, ахуыр кæндзысты, Чермен æмæ йæ фæлтæр сæхæдæг 20—30-æм азты зæ- ронд заманты классиктыл куыд ахуыр кодтой, афтæ. Кæсдзысты йæм, Чермен æмæ йæ фæлтæр сæхæдæг зæронд заманты классиктæм куыд кастысты, куыд сæ истой æмæ сын куыд аргъ кодтой, афтæ. Нигер фыста: «Классикон аивады кусджытæ æмæ сæ бынты хъуыд- даг æппынфæстагмæ æнцайы æрмæст сæ аивдзинад æмæ сæ дæсныд- зинадыл», «нæ фысджытæ хъуамæ базоной Гомер, Шекспир, Бай- рон, Гете æмæ æндæрты фыссыны аивдзинæдтæ æмæ пролетарæн радтой ахæм аив фыст пролетарон сфæлдыстытæ» (Нигер. Уацмыс- ты æххæст æмбырдгонд æртæ томæй, 1968, 3 т., 124—125 ф.) Æмæ дарддæр: «Къостайы культурон бынтæй спайда кæныны проблемæ æрæвæргæйæ, кæцырдæм хъуамæ скæнæм нæ цæстæнгас? Къоста- йæн йæ дæсныйадмæ. Æмæ уый раст уыдзæн? О, раст уыдзæн». Нигер йæ хъуыды бафидар кæнынæн цалдæр раны æрхаста Горь- кийы ныхæстæ: «... в классиках читателя-рабочего увлекает не идеоло- гия, а фабула, внешняя занимательность книги, обилие в ней содер- жания, наблюдений, знаний, ее изобразительное мастерство, т.е. как раз все то, чего еще нет и пока не может быть у большинства молодых писателей, вследствие их малого знакомства с техникой литературной работы». Буржуазон культурæйы, дам, зынаргъ цы ис, ууыл, дам, Ленин йæ къух нæ иста. «Мне кажется, — фыста Горький, — что самым ценным в ней он считал техникум, «мастерство» во всех обла- стях труда, и в области литературы тоже... Вопрос об отношении к 197
литературе классиков сводится к вопросу о мастерстве» (уый дæр уым, 177-181 ф.). Классикты кæсгæйæ, махæн нæ зæрдæ басæтты сæ аивадон рæст- дзинад (мидисæй дæр æмæ формæйæ дæр — уым сæ кæрæдзийæ фæхи- цæнгæнæн нæй), уымæн æмæ дзы ис царды рæстдзинад, ис дзы гума- нистон идейæтæ æмæ идеалтæ. Советон фысджыты уацмыстæн та сæ фылдæры нæй аивадон рæстдзинад, уымæн æмæ дзы ис идеологон рæст дзинад, кълассон идейæтæ æмæ идеалтæ. Классикты сфæлдыстад мах исæм æнæхъæнæй (æд мидис æмæ æд формæ), советон фысджыты сфæл- дыстадæй та иуæй-иу уацмыстæ кæнæ уацмысты хицæн скъуыддзæгтæ дæр, фæлæ нын дзы сæйраджыдæр кæд исты райсинаг ис, кæд дзы исты «аивадон хæзнайагæй» ис, уæд — сæ формæ, сæ дæсныйад. Уымæй дæр æрмæст иуæй-иуты — Чермены хуызæтты — уацмыстæй. Классикты сфæлдыстадæн æрмæст сæ формæ, сæ дæсныйад кæй исæм, ууыл иу хатт куы бадзырдтаиккам æмæ сын сæ мидис рохуатмæ куы аппæрстаиккам, уæд дзы ирвæзт уыдаиккам. Фæлæ сын сæ миди- сыл æнæдзургæ кæм лæууыдыстæм, йæхи адыл æй кæм уагьтам, æмæ- иу æй уæд кълассон принциптæм гæсгæ сæмгьеры, схылы-мылы, сдзол- гъо-молгъо кодтам. Чермен фыста, Къоста, дам, национ фылдæр у, къласон та — къаддæр: «Национ æфхæрд уынгæйæ, уый фаг не ’взæр- ста кълассон æфхæрддзинад», «сидти æппæт адæмон тыхты баиумæ, æрцæуæг тыхгæнджыты ныхмæ тохмæ», «ацы тохы Къоста... уыдта хайадисæгæй æппæт ирон адæмы æлдарæй, бонджынæй, хъæууонæй, мæгуырæй», «Къоста сидти ирон адæммæ, цæмæй кæрæдзи уарзой, цæмæй сиу уой, цæмæй æмдыхæй тох кæной æрцæуæг знаджы ныхмæ — æрцæуæг æлдары ныхмæ». Уымæ гæсгæ Чермен фессæста Байаты Гаппойы ныхмæ дæр — æрхаста йын «Ирон фæндыр»-æн йæ раздзыр- дæй цитатæ: «Ныууадзут, ир, хæлды ныхæстæ: чырыстон — пысыл- мон, Тæга — Куыртта, æлдар — кæвдæсард, чысайнаг — туайлаг, дыгу- рон — къуыдарон... Скæнут æмармæй, æмзæрдæйæ иу буц Ирыстон» (газ. «Коммунист», 1936 азы 15 май). Афтæмæй кълассон «хæлды ныхæстæй» хæлдтам нæ ивгъуыд дæр æмæ нæ абон дæр хæлдтам Къоста æмæ не ’ннæ классикты сфæлдыстад, хæлдтам Ирыстон. Кæмдæр ма 30-æм азты райдайæнмæ Чермен нæ иппæрд кодта, революцийы заман ирон адæмы æхсæн чи сцырын, уыцы фæндон-бæл- лицæй: хъуамæ Хуссар Ирыстон ма атоной Цæгат Ирыстонæй, хъуамæ иумæ баззайой æмæ иумæ уой. Æрымысæм Чермены боныгæй Дзаттиа- ты Алыксандры ныхæстæ гуырдзыйы меныневикты тыххæй: «Уыдон æрбадтысты нæ бæрзæйыл æмæ нæ хицæн кæнынц Уæрæсейы револю- цийæ, Уæрæсейы адæмæй, не ’фсымæртæй— Цæгат Ирыстонæй». Чер- мен фыста: «Карзæй-карздæр абузы нæ дзыллæйы зæрдæйы баиуы хъуыд- даг. Хуссар æмæ Цæгат Ирыстонæн сæ баиудзинады ис фидæны царды фарн. Нæ ныфсытæ иууылдæр сты баст нæ баиудзинадыл» (газ. «Хур- зæрин», 1926 азы 13 апрель). Баиуы фарс слæууыд, 1922 азы больше- виктæ — Ленин, Сталин, Орджоникидзе, Киров — Хуссар Ирыстон Гуырдзыстоны дæлбазыр куы барæцыгътой, уæд. 1922 азы ирон адæм латинаг алфавит куы райстой, уæд уырыссаг алфавиты фарс чи хæцыд (уымæй размæ ирон чингуытæ ’мæ газеттæ 198
цыдысты уыцы алфавитыл), уыдон, дам, дзырдтой: «Ирон адæм сты чысыл, сæ бон нæ бауыдзæн сæхи культурæ саразын æмæ нæдæр хъæугæ кæны, уый адыл цас тагъддæр схайджын уой уырыссаг куль- турæйæ, цас тагъддæр суырыссаг уой, уыйас хуыздæр уыдзæн æмæ ууыл архайын хъæуы... Ирон интеллигенци ирон нæу, фæлæ у уырыс- саг» (газ. «Коммунист», 1935 азы 5 май). Чермен уыд ахæм национ, нацисафæг нигилизмы ныхмæ. Фæлæ йын кълассон принциптæ хуыдуг кодтой йæ национ хиæмбарынад, йæ национ хæдхуыз æмæ хæдуаг, æмæ сæ зæрдæйы фæндиаг равды- стаид, уыцы бар æмæ йын фадат нæ лæвæрдтой æмæ сæ йæхæдæг дæр йæхицæн нæ лæвæрдта. Дæ фыдгулы дын уæд исчи националист схуыдтаид! Кæнæ дингæнæг, кæнæ кулак, кæнæ сæ байзæддаг! Чер- менæн уыцы нæмттæй тас уыд, тынг тас. Йæ фыд Дауыт газетмæ ныффыста, сауджын, дам, кæй уыдтæн, уый, дам, мын арæх мæ цæстмæ бадарынц, мæ ныхмæ. 1905 азы, дам, раздзог кусæг уыдтæн, сæдæ хæцæджы хистæр, — уый тыххæй йæ ахæстоны бакодтой æмæ ын йæ фæллой та пырх ныккодтой. Цæ- мæй, дам, мæ Сыбырмæ ма ахастаиккой, уый тыххæй сауджыны хыз скодтон, æмæ, дам, æй 1917 азы Февралы революцийы фæстæ аппæрстон. Мæ хæдзары, дам, æмбæхстон коммунистты, æвæрдтон сæ. Нæ кусæг адæм революцион тохмæ куы сыстадысты, уæд, дам, кæддæриддæр семæ уыдтæн (газ. «Хурзæрин», 1924 азы 1 ноябрь). Иу чидæр — Мæхъиты Платон — Плиты Харитоны поэмæ «Æфцæ- гыл»-æй (журн. «Фидиуæг», 1933, № 5—6) æрхаста хицæн рæнхъытæ: «Иу къорд — нæ ас лæгтæ, Разæй ныхасгæнгæ Беджызаты Леуан цыди», тухи, фыдæбонæн, дам, хохбæсты схъомыл дæн, æмæ Мæхъийы-фырт бафарста: «Чи у Беджызаты Леуан? Комкоммæ зæгъгæйæ, Леуан у карздæр кълассон знаг — кулак, кæцы йæ фырт сауджын Дауытимæ иумæ æнæгъдау стыгътой адæмы царм 1930 азы онг». Уыдонæй фыл- дæр, дам, зæхх æмæ фос никæмæ уыд, æххуырстытæ дардтой, лæвар сын куыстой, Леуан Плиты Харитоны поэмæйы хъайтар кæй у, «уый у стыр политикон рæдыд æмæ йæ «Фидиуæг»-ы редакци хъуамæ сраст кæна æвæстиатæй» (газ. «Коммунист», 1934 азы 7 январь). Иу чыдæр, йæхи схуыдта Болыневик, рахæцыд Мæхъийы-фыр- ты фарс: «Плийы-фырт зноны фыддæр кулачы равдисынмæ хъавы геройæ, фæллойгæнджыты хъуыддаджы сæрыл тохгæнæгæй». Жур- нал «Фидиуæг»-ы редакци семæ разы нæу: «Зæронд Леуаны хæдзар у рæстæмбис цæрæджы хæдзар, ис колхозы мидæг, кулакон хæдзары æууæлтæй йæм ницы ис æмæ ницы уыдис колхозмæ бацæуыны агьом- мæ дæр» (газ. «Коммунист», 1934 азы 29 мартъи). Цымæ Чермен кулактæй кæй æвдыста, уыдонмæ кулакон хæдза- ры æууæлтæ æцæг уыдаиккой? Кæм уыдаиккой, фæлæ кълассон прин- циптæ куыд амыдтой æмæ куыд домдтой, афтæ хъуамæ кодтаис царды дæр æмæ литературæйы дæр, науæд, дын дæхи кулак кæнæ кулакты фарсхæцæг рахуыдтаиккой Плиты Харитоны куыд рахуыдтой, афтæ. О, фæлæ болыпевик нæ, — хæрæджы къæдзил куы уай, уæддæр дæм афтæ тынг куыд хъуамæ бахуысса, бамынæг уа национ хиæмбары- над, афтæ æнæ ирон куыд хъуамæ суай, æмæ Леуаны адæмы знаг 199
рахонай?! Уыдæттæ, ай-гъай, æнæфсармæй, гуырымыхъхъæй ны- хылдтой, æфсæрстой Леуаны сæрибар æмæ æдасмæ, æмæ йæ канд Чермен нæ, — йæхæдæг дæр йæхи редакци кодта ног «амондджын» цардмæ гæсгæ, кълассон принциптæм гæсгæ. Кълассон тох бирæ, тынг бирæ стыр курдиæттæ саста æмæ асас- та. Дунейæн æмбисонд Горький, Есенин æмæ Маяковский уыдысты, фæлæ уыцы гениты дæр сæ зарæджы хурхыл лæууын кодта, зæгъæн ис, мардта сæ, кæнæ сын сæхи марын кодта, куыд адæймæгтæ æмæ фысджытæ, афтæ. 1936 азы 10—17 февралы Минскы сахары советон Фысджыты цæдисæн цы пленум уыд, уырдыгæй сыздæхгæйæ, Чермен фыста: «Пленум æмзæрдæйæ, æмхъаруйæ айста уый, цæмæй советон поэзи йе ’ргом аздаха политикон лирикæмæ æмæ бахъахъхъæдады темати- кæмæ. Суанг йæхæдæг нæ бæстæйы стырдæр поэт Пастернак Барис загъта, зæгъгæ, хъуамæ æркæса йе сфæлдыстады фæндагмæ афтæ, цæмæй йæ баввахс кæна абоны боны хæстæм, цæмæй йе сфæлдыстад ма уа «сыгъдæг» лирикæйы бындурыл» (журн. «Фидиуæг», 1936, №2, 66 ф.) Советон заман бирæ хъæхъхъаг хъыцъыдæттæ фæдардта Пастернакæн, дзæвгар ын фæраздæр кодта йæ мæлæт, фæлæ уый, иннæ стыр фысджытæй хъауджыдæр, нæ басаст æмæ нæ асаст, йæ курдиат нæ амардта, йæ царды фæудмæ æвдыста йæхи æмæ йæ рæс- тæджы рæстдзинад. Чермен йæ цард æмæ йæ курдиат æгасæй дæр снывонд кодта революцийæн, кълассон тохæн, ног цардæн, æмæ сæ кæмæн снывонд кодта, уыдон æй 1937 азы фехстой 39-аздзыдæй. Афтæ у кълассон тохы логикæ: хъуамæ йын иудадзыг уа знæгтæ, æмæ а зæххыл бын- тондæр куы нæ уой, уæддæр сæ хъуамæ агура, хъуамæ сæ ссара, науæд цæй кълассон тох уыдзæн! Уымæ гæсгæ Черменæй дæр скодта знаг æмæ йæ амардта. Кълассон тохы æнувыд хъузон-сæрхъуызой кълассон тохы амæддаг фæци (зæгъæн ис, йæхи амæттаг фæци). Революци, кълассон тох, ног цард æмæ сæ хъузæттæ-сæрхъуызойтæ Хуыцауы раз, историйы раз азымджын, тæригъæдджын кæй уыдыс- ты, уымæн — трагикон æвдисæн, риссаг-дудаг æвдисæн. Чермен, мæгуырæг, мæрдтыбæсты фæсмонæй йæхи хæрдзæн æви нæ? Æви мах — мардæй дæр æмæ удæгасæй дæр — фæсмон никуы ницæуыл кæнæм? Æмæ уæд куыд хъуамæ цæрæм? Уæд адæймæгтæ куыд хъуамæ уæм?! 1998, авгуап ЙÆХИ ЗАРÆДЖЫ ХУРХЫЛ ЛÆУГÆЙÆ Хъамбердиаты Мысосты тыххæй дзæвгар ныффыстой. Ныффыс- той йын йæ цард æмæ йе сфæлдыстады тыххæй. Йæ цыбыр, дыу- уындыууæанзон царды хабæрттæ æмæ цауты тыххæй. Йе сфæлдыс- тады темæтæ, мотивтæ, æууæлтæ æмæ бæрджыты тыххæй. Фæлæ уым, уыцы уацтæ æмæ мысинæгты, зæгъæн ис, æмæ Мысост нæй. 200
Нæй дзы, уымæн æмæ йын йæ цард æмæ йе сфæлдыстад кæрæдзийæ хицæн, иппæрд кодтой, нæ йын æвдыстой, йæхи «æз» æмæ иумæйаг «мах», «йæхи зарæг» æмæ «рæстæджы зарæгæн», иумæйаг зарæ- гæн» се ’хсæн цы ахастытæ, цы «хъулæттæ», цы ныхмæвæрдтæ, цы коитрасттæ уыд, уыдон. Дзуапп нæ лæвæрдтой сæйраг фарстæн: кæм ис йæ уацмысты цард æмæ аивады рæстдзинад, æмæ дзы кæм нæй, ома дзы кæм ис æцæг аивдзинад æмæ дзы кæм ис мæнг аивдзинад? Афтæ кæй уыд, уымæ гæсгæ нæм нæ зынд, нæ цæсты раз никуы сыстад Мысост — реалон Мысост, трагикон Мысост. Чи йыл фыста, уыдон дзырдтой — æмæ уымæй раст уыдысты се ’ппæт дæр: Мысостмæ уыд курдиат, поэты курдиат. Фæлæ Мысосты курдиат сæрысуангæй йе ’ргом дардта, иуæй, царды рæстдзинадмæ (цы уыдта, цы ’взæрста, цы ’нкъардта, уымæй), иннæмæй — идеоло- гийы рæстдзинадмæ (рæстæг дзы цы домдта, цы агуырдта, цы йын амыдта, уымæ). Мысост барвæндæй, бархийæ иста идеологийы рæст- дзинад, йæхи йын нывондæн хаста, уыд йæ лæггадгæнæг, йæ хæс- тон, йæ сæрхъызой, фæлæ æцæг аивдзинад йæ къухы æфтыд, царды рæстдзинадмæ йе ’ргом куы дардта, уæд. Мысост алфамблай дунемæ, уæлдайдæр æрдзмæ кæсы æмæ йæ æнкъары æрыгон, романтикон цæстытæ æмæ зæрдæйæ, уыны йын йæ хуызтæ, хъусы йын йæ мыртæ, хаты æмæ йын фиппайы йæ алыхуы- зон сусæг-æргом змæлдтытæ, раив-баивтæ, рафæлив-бафæливтæ. Æхсæв: «Уый конд у тарæй, Йæ цæст — ыстьалы», «Йæ тых æртауы Дымгæ цæгатæй. Кæрдæг фæйлауы Йæ тыхджын батæй», мæй «æрхуы кæфойæ... зынг гага тауы», «Фæткъуы бæласæй Афон куыд калы — Ныцъцъыллинг ласы Фыдуаг ыстъалы» (æмдз. «Æхсæвæддæ»). Сæрдыгон æхсæвы райгæ равг раивы фæззыгон æнкъард рав- гæй, поэт бæласмæ куы дзуры, уæд: Ску, бæлас, фыдхуыз сыфтæрсей, Фен дзæбæх фæстаджы бон. Чи уыди? Ызнаджы къухæй Чи ныллæгуын кодта дæу? Æз дсеуæн дсе сыфтсе цухсей Федтон абон. Цсей, фсексеу! Нæ йæ «бауарзта фæззæг», æмæ дзы поэт куры, цæмæй кæуа, кæд ма йын йæ хуызæн тæригъæдгæнæг фæуид: «Дæ мæгуырыл, дæ фыдхуызыл Исчи ноджыдæр кæуид» (æмдз. «Ску, бæлас»). Зымæгон: Цселхытсе пыхсыты хафынц, Усердоны хьседдзау сселы. Бсех быры — късехтсе ыскафынц, Фсерстсей йсе фсездсег кселы. Бселсестсе нал зынынц салфсей, Дымгсе ысниуы, ксеуы. Хъседсей — седдозсей, йсе арфсей — Фсерæты къупп-къупп цæуы. 201
Алцыдæр дзы уыныс æмæ хъусыс. Бæхы «къæхтæ ыскафынц» — ацы рæсугъд, райгæ мивдисæг — фæлгонц ам у, ам сси фыдынд, тыхст, рыст, æмæ дзы уыцы хуыз æмæ æнкъарæн цырын кæны йе ’мрифмæгæнæг дзырд «хафынц» («хафын» цы бар дары «кафын»- мæ!). Кæнæ йæ алыхуызон зæлфæзмæнтæ: бирæгъты уасын «у-ууу- уу», уазалы футтытæ «и-и-и-хх-æн-у-у-у», фæрæты «къупп-къупп», бæлæсты «къæр-къæр-къæр». Адоны фæстæ кæройнаг рæнхъ — «Зы- мæг мæстыйæ кæсы» — хуымæтæг, иумæйаг, абстрактон фæлгонц нæу, фæлæ у конкретон мидисæй дзаг фæлгонц. Тыхст æмæ рыст сты уыциу рæстæг æрдз дæр, адæм дæр, поэт дæр (æмдз. «Хъæды»). Хъæууон уæззау цард æмæ куыст: Тохынатæ лулæтау калынц сæ фæздæг, Фæздæгыздыхсгæйæ арвмæ тындзы. Хъæууонтæ сæ хæдзæрттæм быдырæй куы ’рбацæуынц, уæд: «чи кæсы ’хсæвæрмæ, чи ’лгъиты рæстæг», «Батулынц хуыссæнты иутæ æд гæрзтæ... Нал сын фæкæны сæ хæринаг ад» (æмдзæвгæйы вари- анты рæнхъытæ), «Хурсыгъдæй, зын куыстæй алчи фæллайы, — Акæс- ма, саби дæр мардау хуыссы». Зæрæдтæ ма бадынц, рувæнтæ да- уынц, райсом та раджы алчи уыдзæн йæ хуымы кæрон (æмдз. «Ру- вæнты»). Мысост куыд уыны, куыд хъусы, куыд æнкъары, ома куыд æвди- сы, уымæн схонæн ис «есенинон фæлгонцад», фæлæ йын æрмæстдæр схонæн ис, уымæн æмæ Мысост алкæддæр æмæ алкæмдæр у йæхи хуызæн, ирон хъæууон æрдз, хъæууон цард æмæ куысты хуызæн. Æрмæстдæр хицон у Есенинæн, дард хицон, æндæр йæ эпигон мыййаг нæу. Мысостæн ис йæхи ирон, йæхи «мысостон фæлгонцад». Хъæууон куыстæн æм канд йæ зын æмæ йæ рыст нæй, ис æм йе ’хцон дæр: Æтт! Тæрхъус фæлидзы Кьуыппытыл цæрдæг. Дымгæ-тæфæй ризы Астæумæ кæрдæг. Æрдз æмæ куыст иумæ, æддæг-мидæг. Æрдзон куыст, æрдзон зæрдæйы уаг, æрдзон поэтикон хъару — уæгъдибар, парахат, зæр- дæскъæф. Уæнгты туг æхсиды. Хъæлдзæг у мæ бон. Ныххуылыдз и хидæй Цикъæйæ хæдон. Цæй, мæ тых, ысхъаз-ма, Фындзæй хид æртагъд. Мæ цæвæджы размæ Гоппон цъиу ыстахт. Кæд дзы хидæй ныххуылыдз йæ хæдон, уæддæр йæ туг æхсиды, уæддæр у хъæлдзæг (æмдз. «Хосгæрст»). Куысты ахæм поэтизаци у поэзи, нæу хъæддзаутæ æмæ рувджыты куысты ныхмæ, нæу дзы иу 202
куыст иннæйы иуварсгæнæг, куынæггæнæг. Дыууæ раны дæр ис цард æмæ аивады рæстдзинад. «Арв ныггуыр-гуыр кодта, Цæгъды дзы чидæр ысхон», зæхх æрдæ- бон сур уыд, хус фæндагæй-иу рыг скалд, ныр «уæлейæ ’ркъул и йæ тæккæ дзаг къæрта», ныр ыл «къуымæл хъæхъхъагау, фыцы гыццыл зæй-дон», сывæллæттæ сæ фадгуытæ стылдтой æмæ: «Доны сæрты ныууылдтой Гыццыл гæххæттын нау» (æмдз. «Уарын»). Иннæ рæттау, ам дæр та поэты цæстытæ æмæ зæрдæйæ уынæм æмæ æнкъарæм уарыны афон, цыма йæ фыццаг хатт уынæм æмæ фыццаг хатт æнкъарæм, цыма йыл цалынмæ Мысост нæ ныффыста, уæдмæ йæ нæ уыдтам æмæ не ’нкъардтам, уыйау. Алфамблай дуне нын йæхирдыгонау байгом кæнгæйæ, поэт махæй скæны йе ’муынæг æмæ йе ’мæнкъарæг адæймæгтæ. Ахæм æмдзæвгæтæ сты Мысостæн «йæхи зарæг», «зæгъæн ис, поэзийы зарæг. Фæлæ уыциу рæстæг Мысост кодта æндæр зарæг дæр — «рæстæджы зарæг», «иумæйаг зарæг». Рæстæг хъæддыхæй домдта алкæмæй дæр — йæ ми, йæ дзырд, йæ цард æмæ йæ куыстæй ахъаз кæна, пайда уа ног фæтк æмæ ног уагæн, уыцы фæтк æмæ уагмæ гæсгæ рацараза йæхи дæр æмæ цард дæр, ссара йæ бынат ног бæстæ æмæ ног адæм, ног зондахаст æмæ ног удыхъæд фæлдисæг зиууæтты æхсæн. Уыцы домæнмæ гæсгæ Мысост йæхицæн снывæста йæ поэтикон программæ, кредо, з^ынаффæ. Комкоммæ йæ кæмæ гæсгæ снывæстаид, дæнцæгæн кæй хъуамæ райстаид, уыцы поэттæй йын тæккæ разагъддæр басгуыхт Маяковский. Уымæн дæр, Есенинау, Мысост уыд хицон, дард хицоы — канд йæ идейон здæхт, мидис æмæ пафосæй нæ, фæлæ йæ формæйæ дæр, йæ иуæй-иу æмдзæвгæты скъу- ыдтæ-кæрстытæ ритмæй, лозунгон- сиддон интонацийæ. Цыма реа- лон цардæй йæхи схицæн кодта, уыйау, схызт царды сæрмæ æмæ уырдыгæй бынмæ дзуры трибун-раздзог-зондамонæджы хъæлæсæй. Дзуры, «рагæй дæр чи царди махæн нæ фæллойæ», уыдонмæ — туг- цъиртæм, сауджынтæм, моллотæм, дзуры «рухстау æфсадмæ»: Цомут æнгомдæрæй! Рахиз! Рахиз! Сисут уæ къахдзæф Цæрдæг. Мачи ныл фæуа уæлахиз. Иу! Дыууæ! Æртæ! Йæ фæнд æмæ йæ нысанмæ гæсгæ — рахал, рарæгъ кодта тæр- сæн, æртхъирæнгæнæн, ныфсæвæрæн, разæнгардгæнæн фарстытæ мæ æвастхъæртæ (æмдз. «Ног æфсад»). Рæстæджы идейæтæ æмæ идеалтæ — ныллæудзæн рæстаг æмæ рæ- стмæйаг, сæрибар æмæ тæхудиаг цард — Мысосты уырныдтой, æууæн- дыд сыл, æмæ йæ, бирæ æндæр поэттау, аивдзинады мæт нал уыд, — æрмæст, дам, уыцы цард тагъддæр ныллæууæд, æмæ, дам, аивдзинад 203
дымды фæуæд, йæ амæттаг фæуæд! Цард æмæ аивады рæстдзинад хас- та идеологийы рæстдзинады сæрвæлтау, кълассон дих æмæ тохы сæр- вæлтау. Ног цардмæ кæм сидти, ног цард кæм стыдта, зæронд царды ныхмæ йæ кæм æвæрдта, уыцы æмдзæвгæтæ йæм сты декларативон, агитацион (рифмæбыд газетон иударон, шаблонон, стереотипон публи- цистикæйы хуызæн), нæй дзы, йе ’ннæ æмдзæвгæтæй хъауджыдæр, хæдбындур, индивидуалон фæлгонцтæ, хъуыдытæ æмæ æнкъарæнтæ. Мæгуыр фæллойгæнæг адæм æмварсæй Аппæрстой се ’ккойæ хъæздыджы ’фсондз Хъæздыг фæкодта йæ тугцъырд йæ фарсæй, Хъæздыгæн акалд йæ туг æмæ рондз. Мæгуыр фæллойгæнæгмæ сиды, дзуры йын: «Абон дæ мæллæг бæх — райсомы трактор, Аивдзæн, кусæг, дæ куыст æмæ цард». Æмæ, диссаг, йæ хæдфæстæ, уайтæккæ «ивгæ» дæр акодта: «Нæмгуыты ’хситт æмæ топпыты къæр-къæр Аивта машинæ — тракторы зард» (æмдз. «Октябрæн»). Ам автормæ, æвæццæгæн, «аивта» нæ, — «аив- дзæн» хъуамæ уыдаид, уымæн æмæ трактор строфайы фыццаг рæн- хъы «райсомы трактор» у, фæлæ æмдзæвгæ газет «Рæстдзинад» куы мыхуыр кодта (1926 азы 7 ноябрь), уæд райсоммæ нал фенхъæлмæ каст æмæ йæ абон «аивта». Æндæр ран (æмдз. «Бон ныл æрттивы нæ цуры») Мысост фыста: «Адæмы райхъал — æрыгон, Цыма сæ тар фын фæци». Газет «Рæстдзинад»-ы литературон уæлæмхасæн «Размæ» йæ куы мыхуыр кодта (1928 азы 2 август), уæд «цыма» баивта «абон»-æй: «Абон сæ тар фын фæци». Райсом цы хъуамæ уыдаид, уый, дам, абон ис. Мысост йæхæдæг дæр йæхицæй домдта æмæ дзы редакцитæ дæр домдтой царды рæстдзинад нæ, фæлæ идеологийы рæстдзинад. Паддзах адæмы хæстмæ тыххæй тардта, хæцын сæ кодта Япо- нимæ, Германимæ, фæлæ сын болыпевиччытæ «бамбарын кодтой хъуыддæгтæ», адæм базыдтой «мæнгтæ-æцæгтæ» æмæ Германæй сæ топпытæ раздæхтой сæхи паддзахады ныхмæ (æмдз. «Æфсæддоны за- рæг»). Большевиччытæ мæнг цы схоной, уый мæнг схон, мæнг куы нæ уа, уæддæр, æцæг цы схоной, уый та — æцæг, кæд æцæг нæ уа, уæддæр, — афтæ кæнгæйæ, Мысост ленинградаг оппозицийыл æнæв- вæрсон былысчъилтæ фæкодта (æмдз. «Оппозицийæн»). Болыпевикон хаххæй иу уысм дæр фæсвæд ма алæуу, цу йыл уыциу растæй, æдæрсгæ æмæ æнæгуызавæйæ — æмæ уæд уыдзынæ поэт. Уæд ын ахæм рекла- мæтæ дæр уыдзысты поэзи (æмдз. «Петт — газетфыссæг»). Мæнæ «Æвзонг тых» ай у} Ракæс, чи нæ йæ федта? Цы уæм æфты æхцайæ, Уымæй фыссут газеттæ, — Йæ поэтикон программæ бæрæг æмæ бæлвырд кæнгæйæ, Мысос- ты фæндыд: Куы ’мбарин адæмæн сæ амынд, Куы уаид коммæгæс мæ уд. Куы ссарин æз мæ дуджы амоид, Куы уаин алцæмæй рæвдыд. 204
Гъестæй ма ноджыдæр куы ссарин Зæрдсвйы гуыдырæн дæгъæл, Уæд дардмæ, чи зоны, ныззарин, Мсе мысын не суаид дзсегъсел. Йæ мысын, ома йæ фæндон, йæ бæллиц — хъуамæ амонд æмæ рæвдыд фена, зæрдæтæ бакæнынæн дæгъæл ссара æмæ йæ зарæг дард айзæла. Уый та йæ къухы бафтдзæн, кæд æмæ æмбара адæмы амынд, коммунистон парти æмæ йæ идеологийы амынд, йæ уд ын коммæгæс скæна, уæд (æмдз. «Фæндон»). Бар-æнæбары нæ зæрдыл æрлæууы Маяковскийы зындгонд формулæ: «Я сам себя смирял, ста- новясь на горло собственной песне». Мах зонæм, поэзи у уд, æнæ уд поэзи нæй. Поэт зары искæй амындæй нæ — нæдæр адæм æмæ нæдæр партийы амындæй, поэт зары йæ уды амындæй, æмæ дæ уд истæмæй кæнæ искæмæн коммæ- гæс куы скæнай, уæд ма а-да-гъа уай поэт. Поэт кæны «йæхи зарæг» æмæ уымæй — æрмæст уымæй! — бакæны зæрдæйы гуыдыр, уымæй айзæлы йæ зарæг дардмæ, уымæй айгæрды фæндаг фидæнмæ. Мы- сост поэт уыд, «йæхи зарæг» куы кодта, уæд. Йæ уд коммæгæс нæ, йæхи бар æмæ йæхи хуызæн куы уыд, уæд. Фæлæ Мысост «йæхи зарæгæн» йæ хурхыл лæууыд, йæ хурх ын æлхъывта, æлвæста, хуы- дуг æй кодта. «Йæхи зарæгæй» йæм хуыздæр каст æмæ дзы хуыздæр хуыдта «рæстæджы зарæг», «иумæйаг зарæг». Цомут мемсе царды рохмсе Æмсе царды ад ыссарæм. Цомут, бахизæм уæлхохмæ Æмæ уадындзæй ныззарæм. Цомут, уадындзы хъæлæстæй Абон адæммæ æрсидæм. Поэттæм сиды æрмæст сидынмæ, — царды рæстдзинад æвдисынмæ нæ! Царды ад сын агурын кæны цардæн йæхи мидæг нæ, фæлæ, царды сæрмæ, уæлхохмæ схизгæйæ, абстрактон-утопион идейæтæ æмæ идеалты мидæг, идеологийы мидæг (æмдз. «сидт»). Афтæ чи нæ уа, йæ хуызæн чи нæ хъуыды кæна, уыдонæн нæ бары, тызмæгæй сæм кæсы, хæрам зæрдæ сæм дары: Мæ фæндаг куы ’вдисон, — У барвæндæй ист. — Кæцон дæ? — Цæдисон! — Дæ ном? — Коммунист! «Кæцон дæ?», зæгъгæ, чи йæ бафарста æмæ цæхгæр-хъæбæр дзуапп кæмæн радта, уымæ мæлæты гæмæл нæ фæкодта йæхи: «Ды та мын кæцон дæ? Фæкæс-ма, фездæх». Ома фен, бамбар: «Æнкъ}>ы- сынц нæ бонтæ, Ызмæлы нæ зæхх». Ома ды дæр мæ хуызæн хъуамæ уай кæнæ суай — ног цардмæ гæсгæ — цæдисон æмæ коммунист Сæмдз. «Мæ фæндаг куы ’вдисон»). Мысостмæ «йæхи зарæг» æмæ «иумæйаг зарæг» арæх æмбæлынц 205
иумæ иу уацмысы мидæг, æмæ дзы «йæхи зарæг» вæййы «иумæйаг зарæджы» райдайæн æмæ кæроны астæу. Æмдзæвгæ «Фæндон»-ы, Мысост йæ поэтикон программæ кæм бæлвырд кæны, уым райдайæн æмæ кæроны астæу ис дзæбæх поэтикон рæнхъытæ: Фæнды мæ рагуалдзæджы згьалын Зæххы цæсгомыл хор æрмæй, Æхссев æнцад доны куыд калы Æвзист уæларвы зæрдæ — мæй, Ыстæй ма мæнæуы кæрдæджы Æфсадын бæстæйы хуызтæй, Æфсиры буртæн та фæззæджы Сæ зыр-зыр бануазын цæстæй. Ахæм рæнхъытæ чи фыста, уый ма цæй поэтикон программæ хъуамæ агуырдтаид йæхицæн! Ахæм фæлгонцон уынынад æмæ æнкъа- рынадæй хуыздæр ма цавæр программæ хъуамæ уа поэтæн! Æмдзæвгæ «Сидт»-ы дыккаг строфа редактортæ нæ бахастой чи- ныг «Цин»-ы фыццаг рауагъдмæ (1931). Хуымæтæджы мыййаг нæ. Уым, «иумæйаг зарæджы» райдайæн æмæ кæроны астæу, бæрæг дарынц мæнæ ацы рæнхъытæ: Комы, барджытау, Се ’хсæн аразынц уынаффæ. Æмдзæвгæ «Уарзын»-ы райдайæн: «Абон уарзын ног фæсивæд, Уарзын абон ног фæлтæр!» æмæ кæрон: «Царды зиууæттæн хæла- рæй Баст мæ цард æмæ мæ зард» — адонæн сæ астæу ис æртæ стро- файы — Мысостæн «йæхи зарæг: Райсом раджы мæм куы сиды Гоппон цъиу ис-сур-р-ыс-сур... Уæлæ чьирийау æхсиды Арвы ирды худгæ хур. Къулы, хосгæрсты сæр-сæрмæ Зиууон хосгæрдджыты таг. Ныдздзыназы хохы сæрмæ Арæхст зарæджы зæланг. Хуымты мысын — иунæг хорзæх — Сусæн заман асæст бон. Уарзы цæст уынын æддозæй Хæхты урс, лæзгъæр хæдон. Ацы æмæ ма æндæр æмдзæвгæтæй бæрæг у, Мысостæн «йæхи зарæг» — иу æмдзæвгæйы мидæг — «иумæйаг зарæг» не сси, ома дзы иумæйаг зарæг не сси Мысостæн «йæхи зарæджы» хуызæн, уыдон кæрæдзийæ сты хицæнгомау, «ды— дæхицæн, æз — мæхицæн» куыд акæнынц, уыйау. Фæлæ Мысостмæ цалдæр «иумæйаг зарæджы» си- сты «йæхи зарæджы» хуызæн — йæ уд-иу «иумæйаг зарæгæн» ком- мæг^ес куы нæ кодта, йæхи бар-иу æй куы ауагъта, уæд, кæд-иу дзы йæ поэтикон программæ цы домдта, ууыл дæр дзырдта, уæддæр. Æмдзæвгæ «Хотæн», зæгъгæ, ам Мысост сиды сылгоймæгтæм: «Æмдыхæй баивæм хуыздæрмæ Нæ царды уаг... Æгъдæуттæн сара- 206
зæм — куыд зонæм — Æндæр бындур». Уыцы «иумæйаг зарæгæй» фæстæдæр скодта «йæхи зарæг» — дыууæ æмдзæвгæйæ. Фыццаг — Ныстуан Дзерассæмæ». Мысост дзы дзуры «зæронд мæли- наг æгьдауы» тыххæй, дзуры сылгоймаджы сæрибары тыххæй — уыдон «боныфæткмæ» советон дуг, фыццаг, нæ рахаста, ирон адæмы хуыздæр хъæбулæн паддзахы заманы дæр уыдысты сæ риссаг дзуринæгтæ. Поэт йæхæдæг уæгъд у (йæхи суæгъд кодта) зæронд æгъдауæй (дзыллæты æмбырды хистæртæй айсы ныхас, йæ чындз йемæ хъазгæ-худгæ рацæуы уынгмæ) æмæ йæ фæнды, цæмæй дзы уæгъд уа Дзерассæ дæр. Æмдзæв- гæйы адон, ай-гъай, сты ахсджиаг, фæлæ дзы уæддæр уыдон не сты сæйраг. Сæйраг дзы сты сылгоймаджы рæсугъд æмæ уарзт. Æмдзæвгæ уайтагъд — йæ фыццаг рæнхъытæй — мах ацахсы поэты зæрдæйы æнкъард, зын уавæр-уаг æмæ тыхджын бæллиц-тæхудыйæ: Лбон та демæ мæ зæрдæ куы дзуры, дард дæн — цы зын у, цызын!.. Гъæй-джиди, чи загъта, семæ дæ цуры абон ксей авæры фын. Ацахсы нæ æмæ нæ нал суадзы суанг кæронмæ. Уыцы зæрдæйы уаг æмæ бæллиц ахъарынц, поэт зæронд æгъдауы тыххæй цытæ дзуры, уыдо- ны мидæг. Уыцы лиризм — арф, фæлмæн, уæздан, табугæнæн, лæгъзгæ- нæн — æмдзæвгæйæ скодта иу зарæг — Мысостæн «йæхи зарæг». Искуы, Дзерассæ, куы фæуон дсе цуры (уый дын нæ мысын æдзух?), ма мсем-иу радсетт усед, курын дæ, курын, зсехмсе ксесгæйæ дæ къух. Уыцы лиризм балхынцъ и — æмдзæвгæйы кæрон — сылгоймаджы рæсугъд æмæ уарзты раз (алцæуыл дæр æмæ алкæуыл дæр уæлахиз- гæнæг рæсугъд æмæ уарзты раз) рагон æмæ нырыккон цин æмæ дисæй: Чи дын уромы дæ цæстыты хъазын æмæ дæ уарзон ныхас! Дыккаг æмдзæвгæ — «Чызгимæ ныхас». Йæ темæ канд советон нæу (уыцы темæйыл Мысост ныффыста «иумæйаг зарæг» — æмдзæвгæ «Фæдисы зарæг»), — райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау, бинонты сæр- 207
вæлтау фæсивæд хæстмæ цыдысты кæддæриддæр æмæ кæмдæрид- дæр. Æмдзæвгæ уымæй æмдзæвгæ нæу. Кæд æгæр рог, оптимистон зæрдæйы уагæй байдыдта («Æз цæуын нæ тохы ’фсадмæ, Циу, цы у фæсмон?», кæнæ йæ мадæн хæрзбон кæнгæйæ: «Акса, хъæлдзæгæй мæм дзуры: «Хæстамонд дæ уæд!» — «иумæйаг зарæг» нæ быхста гуырысхо-гуызавæтæ, хъуамæ йын æнæмæнг алцыдæр æмæ алчидæр уыдаид хъæлдзæг, цин кодтаид, цины ныгъуылдаид) кæд афтæ бай- дыдта, уæддæр дзы сæйраг у — ам дæр — сылгоймаджы рæсугъд æмæ уарзт, сæ алæмæтаг æмæ æгæрон тых. Поэт чызгæй куры, ма йыл мæт кæна, йе та йемæ ацæуа. Хæстоны цардæн бæрæг нæй, цыбыр — йæ бонтæ, æмæ, мыййаг, бæхæй куы ’ртула, уæд: Ма дæ-иу фсекæнæд сурау Туджы сау тæдзæн. Зон, дæ уынд мæ цæфæн хурау Царды хос уыдзæн. Зон, мæ удæн пæй æрмынæг, Фесгпдзынæн дæм рог, Æмæ царды тпæф, уырны мæ, Риуы хиздзæн ног. Сылгоймаджы рæсугъд æмæ уарзтæн сæ бон у, æмæ ирвæзын кæной, здахой мæлæтæй. Афтæмæй Мысост «йæхи зарæгæй» æвдыс- та, рæгъмæ хаста, рагæй-æрæгмæ чи уыд æмæ чи ис, ахæм æнкъа- рæнтæ, хъуыдытæ, удварны хæзнатæ. Ацы æмдзæвгæты йеддæмæ ма Мысост сылгоймаг æмæ уарзты тых- хæй цы уацмыстæ ныффыста, уым æвдисы, 20-æм азты йæ алфамблай чи ’рцыд æмæ кæй уыдта, йæхæдæг æвдисæн кæмæн уыд, уыцы цаутæ. Фæлæ сæ «иумæйаг зарæгæн» аккагыл кæй нæ нымадта (мачи дзы загътаид, йæ цæстмæ йын мачи бадардтаид, идеологийы рæстдзинад не ’вдисыс, зæгьгæ), уый тыххæй-иу сæ «ахаста» ивгъуыд заманмæ. Поэмæ «Æнхъæлц»-ы хицæн хæйттæй сарæзта æртæ æмдзæвгæйы — «Хъазты», «Ныййарæг» æмæ «Ног хъæу», æмæ дзы фыццаг дыу- уæйы дæлсæр бафыста: «Фыццагон нывтæй». Поэмæйы дæлсæр æмæ æртыккаг æмдзæвгæйы дæлсæр афтæ бафыстаид, уый гæнæн ын нæ уыд, уымæн æмæ поэмæйы дæр æмæ æмдзæвгæйы дæр ног дугыл цæуы ныхас: «Хъæубæсты фæндон — Ног скъола — арæзт». Поэмæйы алфамблай змæлдтытæ, хуызтæ, мыртæ — алцыдæр дзы у бæлвырд, уынæм æй, хъусæм æй, æнкъарæм æй, Мысостæн йæ хуыздæр æмдзæвгæты куыд у, афтæ. Ам дæр æрдз æмæ поэт, æрдз æмæ персонажтæ сты кæрæдзиимæ æддæг-мидæг, тугхæстæг æмæ удхæстæг, фылдæр хатт æмхъуыды æмæ æмæнкъар, æмсагъæс æмæ æмсархайд, арæх сын æрдз ракæны, сæхæдæг сæхи дзыхæй кæй нæ фæзæгъынц, уыцы дзуринæгтæ, æрдз сын раргом кæны сæ мидуа- вæр, сæ зæрдæйы уаг. Мæхæмæт бæллы фыртмæ (йæ ус Фатъимæтимæ бирæ уарзынц кæраедзи, не ’фсæдынц кæрæдзи уындæй: «Гъæй æмæ тæхуды Ацы цардмæ — фырт!»), бæллы йæм Фатъимæт дæр — йæ лæг æм ма фæхъыг уа, æмæ йæ арынафон куы ’рхæццæ, уæд сын сæ тыхст æмæ се ’нæнцой æнхъæлмæгаст, сæ тас æмæ сæ фæдис равдисын Мысост 208
сæйраджыдæр бабæрн кодта æрдзæн, кæд сын æй сæхи архайд, сæхи уавæрæй, стæй уындæй дæр равдыста, уæддæр: «Дымгæ хъæумæ скъæфта, Ивта бон йæ хуыз. Арв йæ маст улæфтæй Комы тæф æппæрста — Мигъты здыхст рæхыс», «Дымгæ тохынайы Хъæлæсы ыскъуыд». Фатьимæт куы ардта æмæ Мæхæмæт сæ сыхæгтæм куы бадт, уæд йæ уды цæстыты раз сыстынц сæ уарзты райгæ бонтæ, сæ чындзæхсæв. Кафынц... Дардау хъуыды Къæхты ’пцад сыр-сыр. Чызг пыттыгъта дыстсе... Фæндыры зыр-зыр. Кæнæ: Уатæй згъордта дардмæ Фæндыры хъæлæс. Фатъимæт куы ныййардта æмæ Мæхæмæт («Уæ, мæ уд Фатъи- мæт, Ма фехал мæ цард!») сæхимæ куы бауад, æмæ йын куы загъ- той: «Хуры хуызæн... чызг», уæд: «Азылди фæстæмæ, Фæкаст та... Фатъимæт Скуыдта... сылтимæ... Урс цикъæ цæсгом... Ацыди Мæхæмæт». Æмæ сын сæ дыууæйы зæрдæйы уаг дæр, стæй сæ царды «фехæлд» дæр равдыста æрдз: «Æддейæ гыццылгай Æрталынг и бон». Фыртмæ бæллын — уый ирæттæн рагæй-æрæгмæ у «психологон æгъдау». Мæхæмæт ма раздæхдзæн æви нæ, уарзт уыцы «æгъдауы амæттаг фæуыдзæн æви нæ, ууыл тæрхæттæ кæнæм, уый дзæгъæлы хъиамæт уаид (гæнæн ис, иуырдæм дæр уа æмæ иннæрдæм дæр, гæнæн ис, бон куыд æрталынг, афтæ рухс дæр суа), фæлæ дзы иу хъуыддаг гуырысхойаг нæу — поэмæйы ис царды рæстдзинад, аива- ды рæстдзинад. Æмдзæвгæ «Æнæбары»-йы чызгæн йæ уарзоны ахастой дард бæ- стæм, æвæццæгæн, Сыбырмæ, цæй тыххæй йæ ахастой, уый дзы нæй), чызг ын зæрдæ бавæрдта, ард ын бахордта — æнхъæлмæ йæм кæсдзæн, æнкъард кæндзæн æмæ йыл кæудзæн. Фæлæ рацыд аз, æмæ дзы йæ хотæ, йæ мад æрдомдтой, æнхъæлмæ йæм мауал кæса (уымæн, дам, афонмæ ус дæр ис), чындзы ацæуа. Нæ сын коммæ каст, фæлæ йæ басастой, сфыццаг æй кодтой йæ курджытæй æвзæр- дæрæн — фæрныгæн, хъæздыгæн. Æмæ гъа ныр араст уа уыцы фæр- ныджы хæдзармæ («Йæ хызы бынæй кафтмæ Кæугæйæ ног чындз каст»), афтæ йæм хъазтмæ фæзынд йæ уарзон (чи зоны, хастæй йæм лидзгæ дæр ракодта), фæзынд æм æмæ йæхи фехста. Чызг æм бауад æмæ йыл зæрдæскъуыдæй ныххауд. Ацы æмдзæвгæ (чызджы æвæндонæй моймæ кæй радтой æмæ йæ фæдыл цы фыдбылыз расайдта, уымæй) у поэмæ «Ард»-ы хуызæн. Æмдзæвгæйы дæлсæр дæр Мысост бафыста: «Ивгъуыд царды ныв- тæй», кæд дзы ивгъуыд цард нæй, уæддæр — поэмæ «Ард»-имæ дзы иу цард ис — 20-æм азты цард. Фæлæ æгæр «антисоветон» кæй уыд, уый тыххæй йæ Мысост «ахаста» ивгъуыд заманмæ. Поэмæйы йæм уыцы тас нæ уыд, уымæн æмæ дзы йæ фæнд æмæ йæ нысан советон у — ныхæй-ныхмæ æрæвæра «зæронд мæлинаг æгъдау» æмæ «ног 14 Дзуццаты Хадзы-Мурат 209
цæринаг æгъдау», æмæ сбæлвырд кæна: зæронд æгъдау у æвзæр, ног æгъдау та — хорз. Ахмæт уарзы йе ’рдхорд Хъасболаты æрвадæлты чызг Мæдийы, Мæди дæр æй уарзы, Ахмæт æй ныр æртыккаг аз куры, Мæдийы мад разы у, фæлæ Мæдиы фыд ныффæрск — нæ, дам, æй ратдзынæн. Цæуылнæ йæ дæтты? Ирæд дзы исы æмæ Ахмæты бон йæ бафидын нæу? Æви йæ куырм-къуылыхæй фауы? Æви, ног æгъдауы фарс кæй хæцы, уымæн? Ацы æмæ ма бирæ æндæр фарстытæн поэмæйы æргом дзуапп нæй, бирæ цыдæртæ нын дзы ис æбæрæг, сусæг, гуырысхойаг. Фæлæ дзы уæддæр базонæм — уыцы «нæ дæттынæн» ис кълассон-мул- кон аххосаг. Мæдийы фыдæй Хъасболат зæгъы: «Йæ мард ын фенон уыцы зыдæн». Уый Мæдийы æндæр хъæуккагæн куы радта, уæд Ах- мæт, йæхинымæр Мæдиимæ дзургæйæ, зæгьы: «Ысси йæ фæнд ныр де ’лгъыст фыдæн, Ысси йæ фын — уыдзæн хъæздыг». Уыдзæн хъæздыг, уымæн æмæ Мæдийы мойаг у фæрныг, хъæздыг, хъал: «Мæди, Мæди! Дарийы тухдзæн Дæу уыцы хъал йæ хъал фæндæй». Ахмæт йæхи та хоны «мæгуыр... æлгьыст». Ахмæт уайдзæф кæны Мæдийæн: «Нæ фæ- рæзтай дæ хъал мыггагмæ Æппарын хи тыххæй ныхас». Хъасболат кæд йæхæдæг дæр уыцы хъал мыггагæй у, Мæдийы мыггагæй, уæд- дæр: «Дыууæ уды æнуд хъæрзынмæ Нæ фæрæзта кæсыы æдзух. Уыцы æгъдаумæ каст зыгьуыммæ, Чи сын кæны сæ иумæ цух» (ома кълассон- мулкон æгьдаумæ). Ахмæт сахармæ æхсæвыгон куы цыд, уæд ыл фем- бæлдысты «кæцондæр амондджын фæрныг» чындзхæсджытæ, æмæ, дам, кæд уыцы чызгæн дæр афонмæ йæ уарзон, мæнау, уайы йæ сæр искуы- дæм фесафынмæ. Ома типикон хабар у кълассон-мулкон дих: хъæзды- джытæ æмæ мæгуыртæ, фæрныг чындзхæсджытæ æмæ Ахмæты хуы- зæттæ, Мæди æмæ Ахмæты хъысмæттæ. Фæлæ поэмæйы сæйраг нæу кълассон-мулкон æгъдау. Сæйраг дзы у чызгскъæфты æгъдау. Зæронд æгъдау æвзæр кæй у, уый дзы Мысост бæлвырд кæны уыцы æгъдауæй — чызгскъæфты æгъдауæй. Уый дзы у сюжетаразæг. Иугæр Мæдийы йæ фыд нæ дæтты Ахмæтæн, уæд Хъасболат чызгимæ бадзырдта, аскъæфæм, дам, дæ, чызг ын разыйы дзырд радта. Фæлæ Ахмæт ууыл разы нæу: «Нæу мæ бон ыскъæфын», «Куыд мæ рæдийын кæныс ды?», «Нæ, уымæй нæй, мæ хур, æхсар», ныронг, дам, сылгоймаджы йæхи бар нæ уагътам, ныр, дам, нæхæ- дæг «ног уаг садзæм», скъæфынтæ, дам, ныууадзæм, «Куыд мын ыскъæфын кæныс уæд?» Ахмæт у скъæфыны ныхмæ. Цæмæн, зæгъгæ, фарстæн йæ дзуапп: сылгоймаджы, дам, куы аскъæфай, уæд, дам, ын уымæй кæныс тыхми, дæлдзиныг ын кæныс йæ сæры кад, йæ джелбетт. Фæлæ кæд? Куы нæ дæ уарза, куы нæ дын кома, куы нæ йæ фæнда, уæд. Ам та — æндæр ситуаци ис. Уымæ гæсгæ Ахмæты зонды ныхмæ, Ахмæтæн йæхи ныхмæ слæууы царды реалон-конкре- тон рæстдзинад. Ахмæт зæгъы: «Хъасболат! Уый йæхи фæнд хоныс, Æз æй куы аскъæфон тыххæй? Нæ мæ хъæуы мæн йе ’фхæрд ис- куы.:.» Сылгоймагæн йæхи куы фæнда, уæд тыххæй скъæфт нæу, уæд тыхми нæу. Æмæ йæ уый тыххæй искуы æфхæргæ нæ бакæн- дзæн, фæлæ дзы бузныг уыдзæн, уымæн æмæ йын сæххæст кодта йæ 210
фæндон, йæ бæллиц. Уый йын тыхми нæ уыдзæн, фæлæ уазми. Ахæм ситуацийы скъæфт у уарзт ирвæзынгæнæг. (Ай-гъай, кæд сæ фæстæ нæ ралæбурой — чызджы мыггаг — æмæ сæ нæ амарой, уæд). Тыхми кæны Мысост, йæ хъайтарты куы иуырдæм, куы иннæр- дæм дзурын кæны — йæ фæнд æмæ йæ нысан сæххæст кæныны сæраппонд. Ахмæт ын у фæзминаг, æвæрццæг хъайтар — хоны йæ «хъæба- тыр лæг». Цæмæн? Уымæн æмæ у зæронд æгъдауы ныхмæ æмæ ног æгъдауы фарс. Мæдийы аскъæфыныл разы нæу, Мæдийæн йæхимæ кæсы æнхъæлмæ — стох кæна йæ фыд æмæ йæ мыггаджы ныхмæ («Нæ фæрæзтай дæ хъал мыггагмæ Æппарын хи тыххæй ныхас»). Хъæды сиахсы размæ бабадгæйæ, йæ амарынæй йæхи баиргъæвта (иуцъус рæстæг зæронд æгъдауы ахæсты бахауд æмæ сырды хуызæн сси), стæй сахармæ афардæг: «Дæ бæстæй дард дын у æнцондæр». Хъасболат ын у фауинаг, æппæрццæг хъайтар — цæй хъайтар? — хоны йæ «ныфсджын æдзæсгом». Цæмæн? Уымæн æмæ у зæронд æгъдауы фарс, скъæфыны фарс. Ард бахордта Ахмæтæн, Мæдийы, дам, дын аскъæфдзынæн, ома зæронд æгьдау бакæндзынæн (уымæ гæсгæ хуыйны поэмæ дæр «Ард»), æмæ уый аххосæй æрцыд æвирхъау фыд- былызтæ (амардысты Хъасболат йæхæдæг, Мæди æмæ йæ тиу). Мæдийы куы фæхæссынц, уæд йæ зæрдыл æрбалæууыд — сæхицæй куы цыд, уæд ын Хъасболат загъта: «Цæттæ у алцæмæ дæр ды!» Скъæфтмæ цæттæ у, зæгъгæ, афтæ йæ нæ бамбæрста Мæди: «Кæд ме ’нæбары цыдыл моймæ. Цыдæр зæгъын ма йæ фæндыд?» Афтæ цæуы, цыма скъæфын Мæдийæн йæхи нæ фæндыд, — Хъасболат æй мысгæ æркодта, Ахмæты сайгæ кодта. Ау, æмæ скъæфын Мæдийæн йæхи кæй фæнды, уый тыххæй дæр Хъасболат ард куы бахордта («Ахмæт! Хæ- рын дын ард зæххæй...»), æмæ кæд йæ иу ард, йæхицæн мæлæтдзаг ард (Мæдийы кæй аскъæфдзæн, уый тыххæй) мæнг нæу, уæд йæ иннæ ард (Мæди скъæфыныл разы кæй у, уый тыххæй) мæнг куыд хъуамæ уа? Цавæр логикæ дзы ис? Кæнæ дзы цы пайда ссывта йæхицæн? Цыдæр гуырысхойаг у Хъасболатæн йæхи ныхас дæр, Мæдийы куы аскъæфта, уæд: Ць1ууæ зæрдæйы куыд-хъæрзынмæ Йæхи зæрдæ æдзух куыдта. Æмæ сæм нал фæцыд фæрсынмæ, Кæй сæ фæндыд, уый та зыдта. Цы сæ фæндыд — скъæфын? Ахмæты нæ фæндыд, Мæдийы, дам, фæндыд — афтæ йæ зыдтам скъæфты размæ. Ныр кæд зæгъы, сæ дыууæйы дæр фæнды, зæгъгæ, æмæ уымæй мæнг зæгъы, сайгæ кæны, уæд мæнг æмæ сайд уыд, Мæдийæн йæхи фæнды, аскъæфа йæ, зæгъгæ, кæй дзырдта, уый дæр. Уымæй йæ Мысост тыхæй цæсты æфтауы, — уадз, зæгъгæ, «ныфсджын æдзæсгом» кæй у, ууыл йæхи дзыхæй йæхæдæг басæтта! Мысост кæд йæ фæнд нæ, йæ нысанмæ гæсгæ Ахмæты стауы, æппæлы дзы, цы нæ у, уый дæр æй хоны, Хъасболаты фауы, æфхæ- ры йæ , Мæдийы дæр фауы, кæд сюжеты цаутæй ног æгъдауы хорз 211
æмæ зæронд æгъдауы æвзæр равдисыныл тыхмийæ архайы (Ахмæт Мæдийы аскъæфыныл разы нæу, фæлæ бабадт сиахсы размæ, хъуамæ йæ амара, цыма лæг амарын чызг аскъæфынæй æнаипдæр, хуыздæр у, уыйау, — уымæй хъуамæ равдиса, зæгъгæ, зæронд æгъдау сырд аразы адæймагæй; Хъасболат, цалынмæ Мæдийы моймæ нæ радтой, уæдмæ йæ нæ аскъæфта, цыма æнæ куырд чызг аскъæфынæй кæйдæр чындз, кæйдæр ус аскъæфын æдасдæр, æнцондæр у, уыйау, — уымæй хъуамæ равдиса, зæгъгæ, зæронд æгъдау тугкалд æмæ мæлæт хæссы адæмæн; Ахмæт хъæуы нæ баззад, фæлæ ацыд сахармæ, — уымæй хъуамæ равдиса, зæгъгæ, ног æгъдау адæймагæн амоны раст фæндаг — ахуырмæ, рухсмæ, амондмæ, æмæ а.д.), кæд Мысост афтæ архайы, уæддæр поэмæ не сси йæ фæнд æмæ йæ нысаны уæлахизы поэмæ, поэмæ кæд исты у, уæд — уарзты трагедийы поэмæ. Ахмæт Исламатæм чындзæхсæвы Мæдиимæ куы кафы, уæд ба- фиппайдта: уазæг лæппу кæсы Мæдимæ («Йæ каст — хъахбай, æдзæс- гом тынг»), Ахмæтæн «цыдæр ныццавта» йæ сæр, фæскафт Хъасбо- латæн загъта: базон æй, чи у, кæцон. Йæхицæн æнцой нал ары: цæмæ йæм каст? Цыма йæ алыварс мигъ ныббадт, уыйау фынуынæ- гау йæ цæстытыл уайы: бæхыл фæтæхы, йæ фарсмæ — Мæди, чидæр сæ ссуры — фæдис! Æмæ йæм цалынмæ хъазты чегъре бадзырдта, уæдмæ не ’рчъицыдта: «Йæ алыварс ыссыгъдæг мигъæй». Йæ хъуырдухæн ын ноджы арфдæр, уæрæхдæр уынæм æмæ æнкъа- рæм, æхсæв æд топп дуармæ куы бады, йæхинымæр Мæдиимæ куы дзуры, дымгæ йын йæ хъуырдухæн куы ’ргом кæны («Лæппу, лæппу, кæм и дæ хъару? Чызгæн фæфидауы кæуын... Рæсугьд Мæди цæхæртæ калы... Кæмæндæр рухс кæндзæн ыстъалы... Йæ былтæй худгæйæ ыс- тондзæн Фыццаджы ба æртыккаг бон... Лæппу, зæгъ-ма, цæйагæн да- рыс Дæ сæрыл худ?»), стæй, хъæдмæ сиахсы размæ куы ацыд, уæд. Кæнæ Мæдийы куы фæхæссынц, уæд: чызджыты æхсæн æнкъар- дæй бады, куыддæр ныддур йæ каст (цыма æддæмæ нæ, мидæмæ, йæхимæ кæсы, уыйау). Фæстейæ, хъæуы, баззад йæ бæллиц: Йæ фæндтсе баззадысты рындзыл, Нæ баххæсти йæ чызджы фын. Фæстейæ баззад хурмæ тындзын, Йæ хурмæ ’нхъæлæджы кæсын. Фыццагмæ нал и ныр æздæхæн, Куыд нæй кæнæн «нырæй» «æзнон»... Йе ’нæбары цыд моймæ, Ахмæты уарзт: Уæд та уд базырджын куы уаид, Уæд уаид зæрдæйæн тæхæн, Уæд ныр Мæди йæ разы уаид, Æмæ зæгъид: æрмæст дæуæн. Кæнæ Хъасболат чындзхæсджыты æхсæн куы «фæныхст», Мæ- дийы куы аскъæфта, уæд: Мæдийы базыртæ фæидыди, Æмæ йæм иыр æцæг тæхы. 212
Мæди куы нæ дзуры, уæд: «Тæссæй, æвæццæгæн, фæсур и», стæй ноджыдæр: «Цы диссаг у? Мæди нæ дзуры». Æркæса йæм, уый гæнæн нæй — тæрсы фæдисæй. Йæхицæн дæр йæ фарс фæцæф æмæ тугтæдзгæ тæхы, тæхы сахармæ. Хъасболат нæу нæдæр зæронд, нæдæр ног æгъдауы сæрхъызой, Хъасболат у уарзты сæрхъызой, намысджын æмæ хъæбатыр сæр- хъызой. А зæххыл уарзтæй зынаргъдæр ницы ис, æмæ йæ хъуамæ мæлын ма бауадза. Ахæм характеристикæ йын дæтты Мысост нæ, фæлæ йæ удыхъæд æмæ йæ архайды объективон мидис. Хъасболат у Мæдийы фæндон, бæллиц æххæстгæнæг. Æмæ уыцы фæндон, бæллиц куы амард, уæд хъуамæ амæлой Мæди дæр æмæ Хьасболат дæр. Ахмæт нæ амард. Уымæй Мысосты зæгъын фæндыд: ног æгъдау чи æххæст кæны, уый цæрдзæн. Фæлæй йæ цы фæндыд, уый дзы нæ рауад. Хъасболат æмæ Мæди тæхынц Ахмæтмæ, æмæ сæ йæ цæрæн- уаты дуармæ мардæй куы федта, уæд, иуæй: «Цавддурау мæрдты раз Ахмæт», иннæмæй: «Ахмæт кæсы йæ зианмæ мардæй, Нæ йæм — цæссыг, нæ йæм — хъæрзын». Ам «цавддурау» æмæ «мардæй» сты синонимтæ (иу мидис сын ис), æмæ кæд Ахмæт мæлгæ нæ акæна, ивгæ дæр нæ акæна, куыд уыд, афтæмæй баззайа, уæддæр «цавдду- рау» кæй лæууы æмæ «мардæй» кæй кæсы (удæгасæй, уæлхъæдæй мард), уым ис царды рæстдзинад. Поэмæйы хъайтартыл цы ’рцыд, уый ам дæр равдыста æрдз: «Æрæппæрста йæ цæссыг дардæй Фыц- цаг хъæргæнæг — хуры тын». Ахмæтмæ цæссыг дæр нæй, хъæрзын дæр нæй, — æвæццæгæн, хур йæ цæссыг æрæппæрста æртæйыл дæр, æртæ мардыл дæр. Дзырд дæр ыл нæй, Мысосты куыд фæндыд, афтæ йын нæ рауад: идеологийы рæстдзинадæй дзы нæ, — цард æмæ дзы аивады рæстдзи- надæй цы ис, уымæй нын æлхæны нæ зæрдæ. Диссаг у, æвæдза, сылгоймагмæ сид æмæ дзы кур, дом, зæронд фыдæгъдæуттæй йæхи суæгъд кæна, сæрибар уа, йæхи ма ’мбæхса, гæды æфсæрмытæ аппара, æргом йæ хъуыды дзура, йæ зæрдæ æвди- са, адæмæй дом, тыхæй йæ ма скъæфой, тыхми йын ма кæной, æмæ уыциу рæстæг поэтæн та ныббæтт ног фыдæгъдæуттæ — царды рæст- дзинад, дæ уды рæстдзинад ма ’вдис, сæйгæ куы уай æмæ мæлгæ куы кæнай, уæддæр хъæлдзæг у, цин кæн, æмбæхс де ’нкъард, де ’рхæн- дæг, дæ катай, дæ хъизæмар, дæхицæн тыхми кæн, «дæхи зарæгæн» йæ хурхыл лæуу æмæ «иумæйаг зарæг» кæн. Мысост йæхицæн цы программæ скодта æмæ цы программæмæ гæсгæ фыста, уый йын бар нæ лæвæрдта «йæхи зарæг» уæрæх æмæ алывæрсыгæй кæнынæн, йæ цыбыр царды цы уыдта, цы ’взæрста, цы ’нкъардта, цы хъуыды кодта, уыдон йæ уацмысты равдисынæн. Кæд «йæхи зарæг» иуцасдæр йæ уацмысты ис, уæддæр йæ фылдæр хай баззад йæ уацмысты æдде, баззад, йæ фæстæ цы боныг, цы фыстæджытæ ныууагъта, уым, стæй ма йе ’мбæлтты мысинæгтæ-æвди- сæндарты дæр. Æнæ уыдон бамбарæн нæй Мысостæн — поэтæн æмæ адæймагæн. Æнæ уыдон ын нæй раиртасæн, фенæн — æнæхъæнæй æмæ æнæкъахырæй. 213
Йæ мæлæты размæ йæ уарзон чызг Осепян Тосямæ фыста: мæ бон, дам, фыссын нал у, уымæн мыййаг нæ, æмæ мын низ мæ тых, мæ буар бахордта, фæлæ уымæн, æмæ нырмæ куыд фыстон, афтæ нал ныффысдзынæн, нырмæ куыд зарыдтæн, афтæ нал ныззардзы- нæн. Æндæрхуызон бамбарæн нæй йæ фыстæджы мæнæ ацы рæнхъы- тæ: «Осетинская литература знает меня как молодого и жизнерадост- ного поэта. Что же могу я воспевать, когда струны моей души обо- рваны? Как могу я петь веселым, призывающим голосом, когда вижу багровый закат моей жизни? Я могу писать теперь только песни «печали и слез», но кому нужен надорванный голос и глухие стена- ния удрученной лиры? Да я и не хочу, чтобы по свету носились связанные с моим именем звуки печали. Я привык быть полезным, но раз уже не могу им быть, значит лучше молчать»1. Мысост йæ поэтикон программæйыл æнувыд, иузæрдыг уыд суанг йæ фæстаг бонмæ. Ацы фыстæджы цы загъта (мæ зарæг хъуа- мæ уа хъæлдзæг, сидæг, мæ ном хъуамæ баст ма уа æрхæндæг мыр- тимæ), уый уымæй размæ, 1927 азы, йе ’мдзæвгæ «Зонын»-ы дæр загъта: «Зонын уый, æмæ мæм сиды Къулæй цыртыты æмбырд», йæ мæлæт æм кæцæйдæр кæсы «уазал цæстытæй», куы амæла, уæд ин- гæнкъахджытæ сæ мызд, сæ хаймæ æрцæудзысты кæугæ, мæрддзы- гойæ кæуын кæмæ нæ цæуа, уый йæ «цæстытæ æууæрддзæн туйæ», бирæтæн дзы сæ «дæндаг скæрддзæн мæрдæхсæвæры хæрнæг», зæр- диагæй йыл ниудзæн иунæг йæ мад, йæ рустæ тондзæн. Адон сты уæзгæ, реалистон детажæ — царды рæстдзинад, фæлæ Мысост у ахæм æмæ уыцы рæстдзинад нæ ныууадздзæн йæ фæстæ: Æз ныууадздзынæн мæ фысты Бонты рухсдæрæн мæ зард... Хъæу ныгъуылдзысты сæ куысты, Æмæ згъордзæн ногмсе цард. Ныууадздзæн йæ цины зарæг, йæ хъæлдзæг æмæ йæ сидæг за- рæг, ныууадздзæн æй ног цард æмæ ног адæмæн, ныууадздзæн «иумæйаг зарæг» — пайдайы зарæг. Мысостмæ гæсгæ, зарæн ис æрмæст «хъæлдзæг, сидæг хъæлæ- сæй, æрмæст ахæм хъæлæс у пайда, æндæрхуызон — æнкъард, тыхст, саст хъæлæсæй зарæн нæй, æмæ йæ царды зынтæ, ристæ, хъизæ- мæрттæ, йæ буар æмæ уды фыдæвзарæнтæ йæ поэзимæ нæ уагъта. Уыдон та цъус, гыццыл, мыййаг, нæ уыдысты, — цы цин æмæ цы рухс^уыдта, уымæй бирæ, æнæвгъау бирæ фылдæр. Иæ боныг, йæ фыстæджытæ æмæ йын йе ’мбæлтты мысинæгтæ- æвдисæндартæ куы кæсай, уæд дзы цал раны, цал хатты ныккæрз- дзæн дæ зæрдæ! Санаториты цардæй, дам, бафæлмæцыдтæн — «как однообразный мотив какой-либо избитой песенки». Дзæуджыхъæуы, дам, «попробовал задевать девочек, но, наверно, плохо выходит, по- 1 ^Гысосты боныг æмæ фыстæджытæй, стæй Мæскуыйы йæ уырыссаг æмбæлтты мысинæгтæ-æвдисæндартæй мæм цы цитатæтæ ис, уыдон ист сты Цæгат Ирыстоны гуманитарон иртасæнты институты архивæй ф. 34, оп.1, ед.хр.2, 6, 12, 13, 45. 214
тому что я говорю им всякие веселые вещи, а лицо у меня — словно лимон проглотил». «Я уже в горах, мне очень плохо, трудно ды- шать». «Здоровье мое скверно. Температура по-прежнему высокая. Ночи не сплю». Мне уже надоело лечиться. Доктора говорят, что не надо ничего делать. Не нужно даже читать». «Как это ни смешно, но мне стало так тяжело, что я пожалел даже сам себя». « Несколько знакомых женщин иногда навещали меня, и, как теперь рассказыва- ют, не могли удержаться, чтобы не плакать». Хос кæнынмæ кæдæмты нæ цыд — Кисловодскмæ, Налцыкмæ, Сухумимæ, Ялтæмæ, Дзаумæ: «Буду разъежать, пока на какой-либо станции не издохну». «Я бы совершенно спокойно застрелился, повесился или отравился, но этого я не сделаю только потому, что на меня слишком сильно повлияло, как «тогда» (иухатт тынг куы фæтыхст, куы фæцæймард, уæд. — Дз.Х.) моя несчастная мать валялась буквально у моих ног... Нет, ради родителей я не покончу с собой сам, хотя мне и трудней умирать медленной смертью. Пусть свеча моей жизни догорит медленным ог- нем, лишь бы стало легче пережить мою смерть тем, кто меня искрен- не и сильно любит». Гуытъиаты Дзерассæмæ фыста: «Я лично все- таки с осени надеюсь переместиться к вам в Цхинвал, если до осени не «поплыву к другим берегам». Хаттæй-хатт-иу афтæ стыхст, æмæ- иу адæргæй йæ хъысмæтыл йæ фыдæх цавта: «О проклятая судьба, нет у меня таких страшных и черных слов, которыми бы я мог о тебе говорить. О судьба моя, мне часто по ночам мнится твой ледяной, кошмарный лик... Прочь от меня, прочь!» Мысост йе ’лгъыстаг хъысмæт йæхицæй кæй сырдта, йæхицæй йæ кæй тардта, уый, ай-гъай, уыд лæджыхъæд æмæ хъæбатырдзи- над, фæлæ йæ йæ поэзимæ кæй нæ уагъта, уымæн лæджыхъæд æмæ хъæбатырдзинад схонæн, ада-гъа, ис. Мысост йæ боныг æмæ йæ фыстæджыты дзуры йæхи тыххæй, йæ уарзты тыххæй, цард æмæ адæмы тыххæй. Царды тыххæй: «Мнится мне, что несчастлив и ты (йе ’фсымæр Дзамболатæй зæгъы. — Дз.Х.). Обоих обманывает жизнь». «Что-то тоскливо на душе. Все вокруг так бесцельно, люди копошатся всюду, как свиньи в помойной яме. Едят, пьют и спят». «Жизнь мне кажется большим, могучим прибоем, вок- руг которого на шатких подмостках во все стороны мечутся жалкие, слабенькие существа — люди. Их слишком много и один старается столкнуть другого, чтобы лучше устроиться самому. Зазевайся кто- либо, как роковая волна уносит его в пучину безвестности. Здесь царствует право сильного». Уарзты тыххæй: Невинномысчы вагзалы йæм дидинджытæ уæймæ куы бахастой æмæ йын йæ уарзон чызджы йæ зæрдыл куы ’рлæууын кодтой, уæд — «сжалось сердце и я почув- ствовал себя слишком одиноким... Гляжу в окно и вижу, как разукра- шенные поля бегут назад... Еду, еду, еду. Впереди — туман, позади — все». «Чудовищную силу своей любви я особенно остро начинаю ощу- щать тогда, как проклятая судьба отрывает меня от Тосеньки». «... я еще не могу представить, что потерял тебя. Мне самому становится жутко перед силой моей любви... Пусть весь мир восстанет против нас, а мне ничего не страшно. Если даже случится самое страшное, 215
что ты меня разлюбишь, я все равно приеду, чтобы посмотреть тебе в глаза и сказать: прощайте навсегда, Тося, вместе с вами я теряю то, без чего нельзя жить — это веру в людей и веру в свои силы, в самого себя». Æмæ а.д. Ай-гъай, Мысосты боныг æмæ фыстæджыты æмбæлæм йæ поэти- кон программæйы домæнтыл дæр, зæгъæм, йæ уарзон чызджы къам райсынмæ æнхъæлмæ куы кæсы, уæд: «Меня очень радует, что я получу Тосю в комсомольском костюме (может, и с сердцем комсо- мольским, а?)» — Маяковский куыд домдта, афтæ: «В поцелуе рук ли, губ ли, В дрожи тела близких мне Красный цвет моих республик Тоже должен пламенеть». Фæлæ, æмткæй райсгæйæ, йæ боныг æмæ йæ фыстæджыты цы дуне ис, уый тынг хицæн кæны, Мысостæн йæ поэтикон програм- мæмæ гæсгæ йæ уацмысты цы дуне ис, уымæй. Гъæй-джиди, æмæ уым, йæ боныг æмæ йæ фыстæджыты, цы цаутæ, цы хабæрттæ, цы хъуыдытæ æмæ цы ’нкъарæнтæ ис, уыдонæй Мысост куы скодтаид аивадон уацмыстæ! Уæд нын хорзæй цы ныууагъта, уый нырæй уаид бирæ хъæздыгдæр, тыхджындæр, вазыгджындæр, ахадгæдæр, Æниу дзы ныр дæр иуæй-иу гæппæлты сты æмдзæвгæтæ, цæттæ æмдзæв- гæтæ, кæд дзы строфатæ æмæ рифмæтæ нæй, уæддæр, — прозæйæ фыст æмдзæвгæтæ. Мæнæ дзы цалдæр: Ростовы доныбыл: «Расширивзрачки, смотрел, какстройная девушка, играя гр5'дями, как обыкновенными мускулами, и похлопывая крутые бедра, прошла мимо. Белый, вздрагивающий зад медленно по- гружался в воду, а у меня стучало в висках и кружилась голова». Мæскуыйы ихæн: «Слова мерзнут на лету... Сидит на улице поэт, а перед ним груда замерзших слов. Что, говорю, делаешь, бра- тец? Стихи складываю — говорит». Дзæуджыхъæу — Тосяйы ацыды фæстæ: «Если бы ты знала, как для меня опустел Владикавказ! Прошел сегодня по городу — пусто... Заглянул в горсад — пусто... На душе — пусто... Везде пусто, черт возьми!..» Налцыччы уалдзæг:«Ау нас зацветает сирень, птички ще- бечут, анютины глазки нежными и наивными девичьими взорами уставились в небо голубое. Так хочется жить! жить! жить!.. Улыбает- ся белый старик, ибо слилась его седина с цветами белой яблони, ибо кровь его вспенена и опьянена веселым кудесником — маем». Ныр, зæгъгæ, царды рæстдзинады тæразыл куы ’рæвæриккам иуырдыгæй йæ поэзи, иннæрдыгæй йæ боныг æмæ йæ фыстæджытæ, уæд дзы — фæнда дæ-нæ дæ фæнда, уæддæр — уæззаудæр уаиккой йæ боныг æмæ йæ фыстæджытæ. Мысост цæхгæр хицæн кодта поэзи прозæйæ. Йæ иу фыстæджы дидинджыты фидауц куы афыста, уæд: «А теперь обращусь к прозе, ибо только познав ее и вкусив горечь языка прозаического, можно познать истинную прелесть поэзии», æмæ радзырдта, базары, дам, алцыдæр у зынаргъ, дзидза нæй, рады лæуджытæ бирæ, фатер зын арæн... Ахæм прозæйæ, мастхъылма прозæйæ — царды прозæйæ, цар- ды реалон рæстдзинадæй — гуырынц æмдзæвгæтæ (Ахматовамæ гæсгæ: 216
«Когда б вы знали, из какого сора Растут стихи, не ведая стыда»), уыцы маст-хъылма аивадон хуызæй æмдзæвгæты куы разыны, уæд — дидинджытау уа æви æндæр истæйау — свæййы «поэзийы алæмæт». Уыцы маст-хъылмайæ иудадзыг куы («рæзыдаиккой») Мысосты æмдзæв- гæтæ, царды реалон-бырон рæстдзинадæй — куы нæ «æфсæрмы» код- таиккой, уæд нын абон се ’ппæт дæр «адджын» уаиккой. Йе’мбæлттæ йыл цы фыстой, уым дæр ын уынæм йе ’лгъыстаг хъысмæт, æмæ ма йын уыимæ æнæмæнг ракæнынц (рæстæджы цæс- ты йæ ма бафтауой, рæстæгæн æй аккаг хъæбул æмæ поэтæй равди- сой!) йæ тох, йе ’хсар æмæ йæ хъæлдзæджы кой дæр (йæхи царды дæр æмæ æхсæнадон царды дæр). Кемах Леонид ын йæ къам балæ- вар кодта «...в память дней совместного голода, лютого мороза, ми- нутного тепла и первой оттепели». Мысосты номыл цы ’мдзæвгæ ныф- фыста, уым ис ахæм рæнхъытæ: «Милый друг! Продолжай Свой любимый рассказ. Я люблю его бодрость, я люблю его слушать. А тоска твоя — гордость, Ее любит Кавказ, Ничего, что тебя Она давит и душит». Рябов Аввакум: арæх дам, уыд Мысост æнкъард, æрхæн- дæг, рæуджыты низ карзæй-карздæр кодта, фæлæ уæддæр «задорная молодая юность не переставала гореть ярким пламенем живых и вол- нующих образов», «не бледнел комсомольский задор его мысли и не истощался запас бодрых и призывных слов». Иухатт, дам, урочы тынг æнкъардæй бадт, æмæ йæ афарстон: «Не о бренности ли мира задумался ты, Мисост?.. Улыбаясь, Мисост не замедлил ответить ко- роткой запиской: « У нас сейчас такие дни, что свежесть их румянит жизнь и делает ее волнующей и сильной». Сухотин Виктор: йæ низ, дам, куыд карздæр кодта, афтæ «...брови угрожающе сдвигались над переносицей». Иухатт, дам, туг сæппæрста агуывзæмæ, æмæ мидбыл худгæйæ байдыдта дзурын крематорийы тыххæй, спирохетты тых- хæй (хæцгæ низтæ зынынгæнæн микробты тыххæй). Осипов Никъа- ла: «И находясь уже больным, Ты радость не гасил». Æмæ а. д. Цхинвалы 1930 азы Ирыстоны фысджыты съезд куы уыд, иуафон залы Мысост æмæ Нигер, се ’хсæн Гуытъиаты Дзерассæ, афтæмæй, куы бадтысты, уæд Мысост схуыфыд, кæлмæрзæнæй йæ дзых ахгæд- та æмæ тугæй айдзаг. Скодтой йæ, кæм царди, уырдæм. Æрхуыссыд, худгæйæ сын загъта, уый, дам, ницы у, хъуыды дæр æй ма кæнут. Уырдыгæй йæ рынчындонмæ аластой, фæлæ сæм дыккаг бон райсо- мæй æрбамидæг. Нигер фыста: «Низæй куыд тыхст, уымæ гæсгæ тынг æмхиц кæнын байдыдта Мысост нозтмæ. Æз æй нæ уагътон, о, уæддæр ын бæрцæй фылдæр нæ лæвæрдтон. Æмæ-иу хаттæй-хатт йæхи фæтылиф кодта... Фæлæ та-иу мæ уайтагъд ссардта... хъæлдзæ- гæй». Йæ мæлæты размæ йæм куы бацыд хæдзармæ, уæд: «Бакас- тæн, цы уаты хуыссыд, уырдæм... Батади, баруади, цæсгом хилæй нал зынди. Куы мæ федта, уæд ма базмæлыныл афæлвæрдта, фæлæ... нал» (Нигер. Уацм. æххæст æмб. æртæ томæй, 3 т., чиныгуадзæн «Ир», 1968, 100, 104 ф.) Фæрнион Къоста дæр æм уыд йæ мæлæты размæ. Хуыссыд, тынг, дам, смæллæг. Мысост ын загъта: «Къоста, ракæс-ма мæ къухтæм — лæджы буары анатоми базонынæн цы хорз сты, нæ?» Йæ фæстаг 217
ныхас уыд: «Нæ мæ фæнды, Къоста, ацы хорз дуджы мæлын, фæн- ды мæ цæрын æмæ кусын — тох кæнын» (газ. «Болыневикон аивад», 1931 азы 24 декабрь). Поэт нæу тохгæнæг революци, социализм, советон хицауад кæнæ æндæр ахæм «изм» æмæ «ады» сæрвæлтау. Поэт у тохгæнæг рæст- дзинады сæрвæлтау. Рæстдзинад æвдис — уый дæ тох дæр, дæ хæс æмæ дæ пайда дæр. Рæстдзинад æвдис, скæн дзы аивадон рæстдзи- над — уымæй кæнгæ у дæ лæджыхъæд æмæ дæ хъæбатырдзинад, дæ ахадындзинад æмæ де ’нæмæлæт. «Ацы хорз дуг» — Мысост дзы йæ «иумæйаг зарæгæй», йæ алы- варс бирæ æндæр иумæйаг зарæггæнджытау, арæзта миф. Æмæ йын йæхицæй дæр йæ амæлæты фæстæ арæзтой миф. Нигер æй бары дидинæгимæ, кæддæр сабийæ уæлхох уыгæрдæны кæй федта, йæ рæсугъд æмæ йыл йæ хæрздæфæй дис чи бафтыдта, уыцы дидинæ- гимæ. Уыцы абарст бæззон, æмбæлон у Мысостæн йæхи цардæн — æвзонг, цардбæллон, фидауц æмæ курдиатæй æххæст лæппуйы цар- дæн. Нигер дидинæгмæ иудзæвгар куы фæкаст, уæд æрæджиау ба- фиппайдта — «дидинæджы зæнгыл, уидагмæ æввахс, йæхи æртыхта иу сау хъуынджын гыццыл калм». Нигер Мысостæн калмимæ бары йæ низ, æмæ æртæ боны фæстæ ногæй куы ссыд йæ бынатмæ, уæд — «мæ дидинæг йæ сæрæй нал хъазыд: къоппæй ахауд йæ тæккæ бын- дзарыл, афæлдæхт æмæ баруад». Фæлæ дидинæгимæ абарст фаг бæззон, фаг æмбæлон нæу Мысо- стæн йæ поэзийæн. «Ахæм адджинагæй никуыма фæхъæстæ сты ме ’мбудæн оргæнтæ, — фыссы Нигер. — Уый уыд æцæг, æнæ исты хæццæ, сыгъдæг аромат». Ау, куыд «æнæ исты хæццæ»? Йæ «иумæйаг зарæг» æгæрдæр ма у идеологи хæццæ, уырдыгæй ныл кæлы револю- цион, кълассон аромат. Уый тыххæй Нигер йæхæдæг дзуры æргом текстæй: Мысост, дам, хъуыста «кълассон хъустæй» уыдта «кълассон цæстæй», уыди йын «кълассон зæрдæ æмæ кълассон зонд», æ мæ ма æгæрыстæмæй «кълассон аив æвзаг», «кълассон аив фæлыст» дæр. Мысост, дам, «касти революционеры цæстытæй, хъуыста революцио- неры хъустæй, йæ риуы цавта революционеры зæрдæ, йæ сæрымагъз куыста революцион уагыл». Ау, æрмæст кълассон æмæ революцион куы уай, уæд дæ поэт? Æмæ уæд ахæм поэт куыд у æрдзон (æнæкълас- сон, æнæреволюцион) дидинæджы хуызæн? Нигер фыссы: «...бирæ алыхуызон тихалджытæ æмæ дидинджытæ ма уыди йæ алыварс, фæлæ се ’ппæтæн дæр сæ хуыз иста уыцы дидинæг». Ацы «хуыз иста» цы амоны, уый тыххæй дæр Нигер йæ- хæдæг зæгъы æргом текстæй: «Мæ зæрдæ мæм афтæ дзуры, æмæ Ирыстоны хæхтæ советон дуджы Мысосты зарæгæй аивдæр зарæг нæма фехъуыстой сæ рагон сæгæйдзаг хъустæй, Мысосты зарæгæй адджындæр зарæг нæма бахызт сæ зæронд митæвдæрзт риутæм» (Ни- гер. Уацм. æххæст æм., 3 т., 88, 89, 93, 95 ф.) Ау, куыд? Кæмæн дзы иста йæ хуыз нæ хуыздæр поэттæй, кæй зарæгæй дзы уыд аив- дæр йæ зарæг — Æрнигон Илас, Малиты Геуæрги, Къубалты Алык- сандр, Багъæраты Созыр æви Нигерæн йæхи зарæгæй? Кæд сын, мыййаг, сæ хуыз идеологон, кълассон, революцион «рæсугъд» æмæ 218
«адæй» иста? Уыдонæй алкæмæн дæр уыд йæхи индивидуалон, æвæл- хат, хæдбындур уаг, къахайст æмæ ахаст, алчидæр дзы йæхирдыго- нау æвдыста цард æмæ адæймаджы рæстдзинад, æмæ сын, зæгъгæ, Мысост сæ хуыз иста, ууыл баууæндæн нæй. Ай-гъай, Мысосты «есенинон фæлгонцад» ирон поэзимæ хаста ногдзинад, фæлæ йын не ’ннæ поэттæй искæй фæлгонцады хуызæн кæй нæу, уый афтæ нæ амоны, æмæ Мысосты зарæг се ’ппæты зар- джытæй дæр у аивдæр. Уыцы поэттæй алчи дæр «йæхи зарæг» кæм кæны, уым дзы иу иннæйы хуызæн нæу, фæлæ «иумæйаг зарæг» кæм кæнынц, уым сты кæрæдзийы хуызæн, иу поэты хуызæн (кæд уыцы «иу поэтæн» поэт схонæн ис, уæд). Кæд Ирыстоны хæхтæ Мысосты хъæлдзæг, сидæг æмдзæвгæтæй, стæй-иу ын «йæхи зарæг» арæх сæ астæу, сæ «хъæбысы» чи бакодта, уыцы иухуызон, иумæйаг райдайæнтæ æмæ кæрæттæй аивдæр, адджындæр ницыма фехъуыс- той, уæд, зæгъæн ис, аивдзинад, поэзийы «рæсугъд» æмæ «ад» не ’мбæрстой. Кæд, Нигермæ гæсгæ, Мысост кодта йе ’мдугон, 20-æм азты ирон поэттæй тæккæ аивдæр зарæг, уæд Смеляков Ярославмæ гæсгæ та уыд 60-æм азты ирон поэттæй «се ’ппæтæй дæр нырыккон- дæр», йæ алы æмдзæвгæйы дæр, дам, у агитатор, ивгъуыд заман æмæ, дам, абоны цард уыны фæскомцæдисоны позицийæ. Мысост, дам, у «комсомольский джигит революции». Смеляков бирæ цæмæйдæрты уыд Мысосты хуызæн, Мысосты «иумæйаг зарæджы» хуызæн. Æмдзæвгæ «Зонын»-ы цы хъуыды æмæ цы ’нкъарæн равдыста (æз амæлдзынæн, фæлæ «боны рухсдæрæн» мæ зард куы ныууадзон, хъæу куы куса æмæ цард ногмæ куы згъора, уæд мæ мæлæт ницы уадиссаг уыдзæн, кæнæ бынтондæр ницы уыдзæн), уый ис Смеляковмæ дæр»: «И разве это смерть, когда Работает Союз?» (Ам ма æрымысын хъæуы Мысосты æндæр уацмыс дæр — ра- дзырд «Мидæмæ æрбакалд уалдзыгон хъарм уæлдæф». Мысостæн йæхи хуызæн цъæхдзæст, дыууыназдзыд лæппу Какиты Хъазбег уарзы машинæйыл мыхуыргæнæг Зенйайы. Уалдзæг, дидинæг калы фæт- къуы бæлас — ног цард згъоры размæ. Хъазбег ацыд Мæскуымæ, кусфакмæ. Куы йæ фæци каст, уæд кæд йæхи Зенйамæ тыдта, уæд- дæр æй арвыстой цахæмдæр уырыссаг хъæумæ, комфæсивæдон куыст- мæ. Уым æй тугцъиртæ-кулактæ амардтой. Зенйа ацы хабар куы фехъуыста, уæд — «уæззау хауд æркодта», фæлæ йæ хæдфæстæ — радзырды кæрон — уартæ разæй куыд уыд, афтæ — ницы аивта Хъаз- беджы мæлæтæй, ног цард йæ кæнон кодта: «Сыгъдæг цъæх арвæй бур стъæлфæй касти хур. Фæткъуы бæлас дидинæг калдта». Адæй- маджы мæлæт ницы у, ног цард куы цæра, уæд. Поэмæ «Ард»-ы афтæ нæу, уым хъайтарты мæлæт трагеди у.) Симонов Константин фыста, Смеляков, дам, нæ ивта. «И эта редкая неизмергяемость в самом главном одинаково относилась и к его поэзии, и к его облику». 1932 азы йæ чиныг «Работа и любовь» куы рауагъта, уæд, дам, «в двадцать лет, принимал решения на всю свою жизнь». Фæстæдæр бавзæрста ахъаззаг хъизæмæрттæ, фæлæ Смеля- ков «не захотел прикасаться к этим тяжким жизненным испытаниям строками стихов, и нам, говоря о жизни поэта, остается уважать его 219
столь ясно выраженную волю». Æмæ ма ноджыдæр: «Я не знаю в своем поколении поэтов никого, кто бы начинал так крупно, как Сме- ляков, и кто бы всю свою жизнь с такою последовательностью дер- жался той самой программы, которую заявил в первой своей книге» (газ. «Правда», 1973 азы 9 мартъи). Иухатт цы программæ райстай дæхицæн, ууыл иудадзыг фидар хæц, мачердæм дзы ахиз, царды цы фыдæвзарæнтæ федтай, уыдонмæ ма ’внал, дæ уацмыстæм сæ ма бауадз, — уыдон Мысосты поэзийæн цы «ахъаз»^6акодтой, уымæй уæлдай ницы фесты Смеляковы поэзи- йæн дæр. Йæхи æмæ рæстæджы рæстдзинад, йæхи рæстдзинадæй рæстæджы рæстдзинад куы не ’вдиса поэт, уæд уый фауинаг у, — æппæлинаг нæу. Нæ, дам, ивта. Ау, уым хорзæй цы ис поэтæн дæр æмæ поэзийæн дæр? Поэт иухатт раст программæ куы нæ райса, поэзийæн зиангæнæг программæ, æмæ йын йæ рæдыд, йæ аипп куы бамбара æмæ йæ куы аива, уæд уымæй рамбулдзæн поэт дæр æмæ поэзи дæр. Æви исты кæнæ исчи ивтаид, истæуыл кæнæ искæуыл фæдызæрдыг уыдаид, цард æмæ поэзийы рæстдзинад бамбæрстаид æмæ йæм йе ’ргом аздæхтаид, уый нымад цыд фыдракæндыл, нымад цыд революцион æмæ кълассон принциптыл, советон цард æмæ сове- тон идеологийыл гадзрахатæй рацæуыныл?! Абон дæр ма бирæтæ афтæ нымайынц, тынг бирæтæ. Нигер дæр æмæ Смеляков дæр Мысостæн аргъ кодтой поэзийæ нæ, фæлæ позицийæ, ома йын айдагъ йæ позицимæ гæсгæ аргъ код- той йæхицæн дæр æмæ йæ поэзийæн дæр. Афтæмæй уыдон (æмæ ма бирæ æндæр поэттæ æмæ литературæиртасджытæ дæр) Мысостæн йæхи дæр æмæ йæ поэзи дæр куыд æвдыстой, уымæй уыдон уыдысты вазыгджындæр, къабазджындæр, контрастондæр. Уæлдæр дзырдтон, хъæууон цард æмæ куыст, сылгоймаджы уавæр æмæ йæ рæсугъд, йæ уарзт æвдисгæйæ Мысостмæ цахæм алыхуызон равгтæ æмæ ныхмæвæрдтæ ис, уыдоны тыххæй. Арæх æм ныхæй- ныхмæ лæууынц æмæ сæхи мидæг кæрæдзиимæ тох кæнынц «йæхи зарæг» æмæ «иумæйаг зарæг». Æмдзæвгæ «Хохы зæппæдзты æмбырдтæ», зæгъгæ, уым кæд кълас- сон цæстæй кæсы ивгъуыд заманмæ («Бирæ уыд фыдцарды руаджы Хицæуттимæ ных», «Бирæ бакуыстой ысхъæлты Дзаджджын, нард фынгæн»), уæддæр, дам, абон: «Тырысатыл судзы — зонæм — Нæ фыдæлты туг», «Хъуысы махмæ, тохы фырттæм, Нæ фыдæлты кад». Ивгъуыд æмæ йæм абонæн ис бастдзинад — бæргæ, кълассон нæ, фæлæ национ, монон культурон, моралон-этикон куы уыдаид! Æмдзæвгæ «Хъама»-йы Мысост уыцы бастдзинад, хъамайы иу æрцъыкк, иу æрриуыгъдау, ахауын кодта. Ивгъуыд æмæ абон йæ уды хъуырдухæн кодтой. Уыцы хъуырдухæнæй йæм равзæрд æмдзæв- гæйы иууыл тыхджындæр строфа: Ма кæ, ма мæ ’фхæр, Уастæн заууат уай, Ма кæ, ма мæ хæр Абон, сау катай! 220
Иннæ строфатæ йæ ныббынæй кодтой: Номдзыд рагбон мæм Кадау нал кæсы. Ивгъуыд афонтæ Зсердæ нал мысы. Рацу, ног заман, Къух дæм бауыгътон. Æз мсе сау хъама Къулыл сауыгътон. Ныббынæй йæ кодтой, фæлæ йæ уæддæр нæ ныббырстой, уымæн æмæ, уыцы строфайæ хъауджыдæр, уыдон æмткæй сты мæнг. Мысо- стæн хъама у ивгъуыд заманы гакк æмæ ном, символ, æмæ йыл йæ къух ауыгъта «иумæйаг зарæгмæ» гæсгæ. Ног заман æмæ ног царды символ ын у хур. Мысостмæ ис æрдзон хур дæр æмæ социалон хур дæр, æмæ дзы арæх, чи кæцы у, уый равзæрæн нæй. Зазы къалиутауу ныккæсы Сау арф цадмæ цæстысыг. Арæх уд хæрдмæ фæхæссы Хурмæ мысынæй мæсыг. Мысост бæллы хурмæ мæсыг самайынмæ, комæй райсомы фæз- дæг — мигъ — афæйлауынмæ (æмдз. «Судзы буары тутт бæласы...»). Ам ын, зæххыл, æнцон нæу, уымæ гæсгæ, бирæ романтиктæ куыд кодтой, афтæ, — базыртæ йын куы уаид, уæд атæхид хурмæ. «Арвы цъæх йæхимæ саид, Иннæрдыгæй дзурид цард» — арв æмæ цард æвæры кæрæдзийы ныхмæ. «Ам хуыздæр уыдзæн æнæ мæн, Ам мын у мæнæн æнуд» — уым, арвыл, ферох уаиккой йæ мæттæ, амонд дзы ссарид. Зæгъ мыну цард, мæ бон ысуыдзæн? Афтæ дæу фыццаг фæрсын. Хур мæ базыртæ куы ’рсудза, Уымæй ма гыццыл тæрсын. Поэт йæ романтикон бæллиц сæххæст кæна, уымæн ын нырма фадат нæй, фæлæ йæ базыртæн судзынæй куы нæуал тæрса, уæд æм атæхдзæн (æмдз. «Мæнæн базыртæ куы уаид...»). Ахæм бæллицæй къаддæр романтикон, утопион, мифон нæу йе ’ндæр бæллиц: адæммæ фæсидт, цæмæй ссарой фæрæз — хур бауро- мой сæ сæрмæ: Æмæ йæ рухсмæ уæм æдзух, Æмæ дзы мауал кæнæм цух, Æмæ нæ ма ’фснайа йæ сæр, Куы сисы базыртæ изæр. Уæд, дам, амондджын уыдзæн нæ цард, ничиуал уыдзæн мæ- гуыр. «Уый дын куы зона алы уд, Уæд æм иваздзæни йæ гуыр» (æмдз. «Фæсидтæн фæсивæдмæ æз»). Ам хур канд æрдзон нæу, фæлæ ма у социалон дæр, ома нæм социалон хур æхсæвæй-бонæй куы кæса, 221
уæд нæм мæгуыр нал уыдзæн. Æниу, чи зоны, ахæм у хурмæ атæхы- ны бæллиц дæр: нырма зæронд цард ног цардæй æххæст, кæронмæ нæ раивта, поэтыл йæ зæрдæ фидарæй нæма дары, уымæ гæсгæ тæрсы, хур ын йæ базыртæ гыццыл куы ’рсудза, уымæй, фæлæ йыл æххæстæй, кæронмæ куы баууæнда, йæхи цæстæй йæ куы фена, уæд атæхдзæн хурмæ — ног цард куы фæуæлахиз уа, уæд хурыл цæр- дзæн. Уыцы цардмæ — ног цардмæ, хурмæ — ивазы æмæ иваздзæни йæ гуыр», йæ сæрыл тох кæндзæн. Дыууæхуызон хур — æрдзон æмæ социалон, реалон æмæ симво- лон — ис, дæсгай азты дæргъы нæм хрестоматион чи сси, уыцы æмдзæвгæйы дæр: «Дæумæ бæллын, Сыгъзæрин хур. Дæумæ цæуын Мæ амондгур». Æмæ — кæройнаг строфа: «Дæуæн кæнын Мæ ризгæ зард. Дæуæн бæттын Мæ рæзгæ цард» (æмдз. «Хурмæ курдиат»). Мысост хуры тыххæй цы ’мдзæвгæтæ ныффыста, уымæй уæлдай йе ’нæфæуд поэмæ «Хурдзуан»-ы дæр ницы ис. Уым йе ’фсымæр, йе ’мгарæн — ахæм уыд йæ фæнд æмæ йæ нысан — хъуамæ раргом кодтаид йæ зонд, йæ катай, йæ мæт æмæ йæ хъыг. Æмæ йæ раздæры æмдзæвгæты цы ис, уыдон дзы ногæй куы ранымадта: хъæу у æнкъард, худын æмæ дзы зарын нæ хъуысы, æрмæст-иу бангæстæ, базмæлыд, «цæхæр сыгъзæрин — хуры цæст»- иу арвы цъæх куы ссыгъта, уæд, æрцыд-иу хъæуыл «хуры тынты уард» (æрымысæм æмдзæвгæ «Уарзын»-ы рæнхъ: «Зæххыл хуры циы — зынгуард»), фæлæ та-иу хур фæсхохмæ куы ныттылд, уæд та-иу «бæсты хуыз фæлыгъд», æмæ йæ поэт фæрсы: «Кæдæм нæ бафснайыс дæ сæр? Кæдæм нæ батулыс изæр?» (æрымысæм æмдзæвгæ «Фæсидтæн фæ- сивæдмæ æз»-ы рæнхъытæ: «Æмæ нæ ма ’фснайа йæ сæр, Куы сисы базыртæ изæр»), уыдон дзы куы ранымадта, уæд уыцы уавæр æмæ уаг раивынæн æм æрцыд «æнахуыр диссаджы фæндон» — ууыл ас- къуыйы поэмæ. Цахæм фæндон уыдаид, уæдонг æм чи уыд, уымæй уæлдай: хур бауромæм, мæсыг æм самайæм, асинтæ йæм сæвæрæм, — уыцы фæндонæй уæлдай ма йæм исты ног фæндон уыдаид, уый нæ равдыста æмæ йæ нæ зонæм. А-да-гъа æмæ йæм æндæр исты ног фæндон уыдаид, фæлæ йæ, æвæццæгæн, фæндыд, цæмæй йæ фæндон хуры тыххæй, йæ раздæ- ры æмдзæвгæтæй хъауджыдæр, фæконкретондæр, фæбæлвырддæр, фæирддæр кодтаид. Къосираты Сæрмæтмæ Сухумæй 1930 азы 15 декабры фыста: «Вначале у меня была мысль дать в отвлеченной форме борьбу двух начал — светлого и темного, причем начала эти олицетворялись в виде человека, борющегося за солнце и свет, им в виде стихии, противостоящей человеку в этой борьбе. Сейчас же я пришел к выводу, что идею эту нужно воплотить в форме конкретной борьбы за право на жизнь. Причем брать нужно не вообще «челове- чество», а проводя известную классовую дифференциацию» (Хъам- 6ер,д;иаты Мысост. Æмдзæвгæтæ, кадджытæ, радзырд. Чиныгуадзæн «Ир», 1979, 186 ф.). Æвæццæгæн, йæ поэмæйы — уæрæх æмæ лыс- тæггай — хъуамæ равдыстаид, йæ иустрофайон æмдзæвгæйы цыбы- рæй цы равдыста, ахæм цыдæр: 222
Размæ атæрдзынæн риу, Ме знаг фестъæлфдзæн мæ уындæй. Хурæн мигъты рæхыс циу? Рæвдз æй атоны йæ тынтæй. Кæнæ та равдыстаид, æмдзæвгæ «Хур ныттылдта фæсхохмæ йæ сæр»-ы цы равдыста, ахæм цыдæр: «Найы та йæхи мæ цæстыты изæр, Сау гæрзтæ æнцадцæст цæдтæм калы», мигъты бал мæйырдæм æрфгуытæтарæй хилы — «бæстæйы мæгуыртыл хъару хъары» — ома «кълассон дифференциаци» дæр дзы ис. Уыцы мигъты балмæ тоны йæ зæрдæйы маст æмæ кæсы бонмæ æнхъæлмæ — «хуры цæхæр та ссудздзæн». Ай-гьай, хурæй кълассон символ скæн, уый тыхми у æрдзæн, уымæн æмæ хур канд пролетариаты нæ тавы, — хур тавы адæмæй алкæй дæр, æнæ хур дзы иуæн дæр цæрæн нæй. Фæлæ уый тыххæй (поэтæн — йæ фæнд æмæ йæ нысан сæххæст кæныны сæраппонд — хур знаг нæу. Знаг æмæ йын æппæрццæг сты, йемæ чи нæй, йæ ныхмæ чи у, йæ хуызæн чи нæу, уыдон — ног царды знæгтæ, уыдон ын сты хуры знæгтæ. Тох, фæсивæд, тох, лæппутæ, тох, мæлæтимæ хæснаг. Не’хсæн нæй бынат тæппудæн, уæртæ рацæуы ызнаг. Хуры знаджы цæв, нырриуыгъ, æмæ хуры уазæг уат! Ахæм сидтыты фæстæ Мысост йæхицæй цы зæгъы: «Æтт! Мæ зæрдæ сæрра риуы, риуы нал ары бынат», уымæн комкоммæ бамба- рæн дæр ис. Нормалон адæймаг хур баурома (æмдзæвгæ «Цæй-ма, ’рзарæм, цæй-ма»-йы: «Цæй-ма, нæ зарæг сисæм! Банцай дæ цы- дæй, хур!»), уый тыхми у канд æрдзæн нæ, фæлæ цардæн дæр, адæймагæн дæр, поэзийæн дæр. Ахæм «æррадзинад» сын халы сæ эволюцион змæлд æмæ рæзт, сæ раст, сæ хорз æмæ сæ фидауц, бар- æнæбары скъæры, тæры цард æмæ адæймаджы æнæмбарынмæ, по- эзи æнæмбарынмæ. Мысост хуры знæгтæй номхуындæй кæй ныхмæ ныффыста, уыдон сты Гæдиаты Цомахъ æмæ Æрнигон Илас. Цомахъы æмдзæвгæ «Хур ныккасти»-йæн цы эпиграф ис: «Рæ- сугъд æрттивы хур уæларвæй, Æнæ аныгуылгæ йын нæй уæддæр», уый ист у Гейнейы «Книга песен»-ы раздзырдæй, фæлæ Гейнейы фыст нæу. Уым Гейне, чи йæ фаудта, чи йæ критикæ кодта, уыдонæн дзу- апп кæнгæйæ, йæ зæрдæйы уавæр æмæ уаджы тыххæй фыста: «Наи- большее, в чем меня можно было 6ы обвинить, — это некоторое утомле- ние. Но у меня есть право быть утомленным... И затем каждому прихо- дится подчиняться закону времени, хочет он того или не хочет. 223
И как 6ы прекрасно ни светило солнце, В конце концов зайдет и оно. Мелодия этих стихов с утра звучит у меня в мозгу, и она же, быть может, отзывается во всем, что я только что написал. В одной из пьес Раймунда, честного комика, который недавно застрелился от меланхо- лии, юность и старость выступают в виде аллегорических персонажей, и только что приведенными стихами начинается песенка, которую юность поет, прощаясь с героем. Много лет тому назад в Мюнхене видел я эту пьесу; мне кажется, она называлась «Крестянин-миллион- щик». Стоит уйти юности, и мы сразу же замечаем странную переме- ну, которую претерпевает личность героя... Его каштановые волосы мало-помалу седеют и становятся, в конце концов, снежно белыми; спина сгибается, коленки трясутся, вместо былых страстей появляется плаксивая размягченность... старость приходит» (Генрих Гейне. Собр. соч. в 10 томах, т. 1, Гос. изд. худ. лит., М., 1956, стр. 326). Ам цы ис, уымæй уæлдай Цомахъы æмдзæвгæйы дæр ницы ис. Эпиграфы хъуыды у æмдзæвгæйы хъуыды дæр. Сæрдыгон хур кæмæ ныккаст, уыцы бæстæн, адæмæн æмæ поэтæн абон у сæ царды «бæ- рæгбон»: æфсæст сты хуры рухсæй, цъиутæ зарынц, дымгæ хъазы, дæттæ хъæлдзæгæй згъорынц, зæрдæ райы, цард цырддæр тындзы размæ. Фæлæ царды «бæрæгбон» фæуыдзæн, абон сæм цы хур нык- каст (поэмæ æмæ адæммæ), уый аныгуылдзæн, кæнæ та — алы адæй- магæн дæр йæ царды «бæрæгбон» фæуыдзæн, хур æрвылбон дæр куыд аныгуылы, афтæ. Цард нал уыдзæн, хур нал кæсдзæн, дуне фесæфдзæн, ууыл дзы, мыййаг, нæ цæуы ныхас. Алы адæймаджы царды «бæрæгбонæн» дæр æрцæуы кæрон — ахæм у, Гейнейы загъ- дау, рæстæджы закъон, æмæ дзы никæмæн ис фервæзæн, нæй йын æндæрхуызон закъонæй баивæн. Нормалон адæймаджы нормалон æнкъарæн, цард æмæ мæлæты тыххæй нормалон сагъæс (кæд поэтикон дæсныйадæй хæрзарæзт нæу, уæддæр) Мысосты «сæрра» æмæ сызнæт кодта, æмæ Цомахъæн алы- выд акалдта: Ныфс нсей райсомæн уæ дзырдæй, туджы ахстытæ — уæ зæрдæ! Ды нæ царды фæудæн зарыс, нæ, фæлæуу, фæлæуу, ныууадз æй. Æз мæхи æндæрыл хъарын: Хурмæ асинтæ куырдадзæй! Афтæ ма Мысосты «сæрра» æмæ сызнæт кодта Æрнигоны æмдзæвгæ «Иунæджы зарæг» дæр. Æрнигон дзуры булæмæргъмæ, ма йын æрвита царды цин йæ размæ, йæ цуры сонтæй арфæ ма кæна цардæн. Бузныг нал у царды бонтæй, бузныг нæу хурæй. Цæмæн? Уымæн æмæ иунæг у, булæмæргъау нæ рæвдауы йæ къайы, царды 224
хинтæй ниуы, хур æй райсом раджы иунæгæй нæ ары. Поэт, булæ- мæргъæй хъауджыдæр, иунæг кæй у, йæ уарзонимæ иумæ кæй не сты, «царды хинтæ» сын фадат кæй нæ дæттынц — баиу уой, иумæ уой, уымæ гæсгæ булæмæргъæй куры: Ма ’рвшп, булæмæргъ, зæллангсей Царды цин мæ размæ! Ма зар, райсомæй тъæллангæй Рудзынгæй мæ базмæ! Ис дзы уарзты æнкъард, уарзты рис, уарзты тых æмæ фидауц. Нормалон адæймаджы нормалон æнкъарæн. Йæ лиризмы арф æмæ кæлæнæй, йæ уазмыр æмæ уæздан, тасгæ-уасгæ зæлланг-тьæллангæй — цыма адæймаджы къухæй нæ, булæмæргъы уд æмæ хъæлæсæй ра- цыд, уыйау! — ирон поэзийы алæмæтаг æмдзæвгæтæй иу. Мысост æй куыйты хæринаг, фидиссаг фæкодта: «Уæ, дæ катай та нын циу? Хъусын æм кæй бон у!», «У дæуæн дæ зæрдæ дур, Царды цин нæ комы», Æрнигоны хоны «магуса», «цæлгур», уымæ гæсгæ: «Цом-ма, атæрæм дæ мах Рувгæйæ нæ разæй. Цом-ма, немæ кæд æндæр, Ног хъæлæс ыссарис, Æмæ махау кæд ды дæр Хъæлдзæ- гæй ныззарис». Иунæг нæ, — «кусджыты æмбалады» уæнг; æнкъард нæ, — цинæйдзаг æмæ хъæлдзæг, — кæд ахæм нæ дæ, уæд дæ «хуры знаг», ног царды знаг. Кæд революцион, кълассон, пролетарон «иумæ- йаг зарæг» нæ кæныс, уæд поэт нæ дæ. Кæд ахæм нæ дæ, æмæ кæд барвæндæй ахæм не суай, уæд дæ тыхмийæ скæндзыстæм ахæм поэт, — бæлвырддæр дзургæйæ, скæндзыстæм дæ æнæпоэт. Цомахъы дæр æмæ Æрнигоны дæр Мысост цæмæй азымджын кодта, уыдæттæн се ’мдзæвгæты сæ кой дæр нæй. Тыхми кодта æмдзæв- гæтæн дæр æмæ сæ автортæн дæр. Мысост поэзи кæй æмбæрста æмæ йæхæдæг дæр æцæг поэтикон уацмыстæ — «йæхи зарæг» кæй фæл- дыста æмæ кæй сфæлдыста, ууыл гуырысхогæнæн нæй. Фæлæ, æвæц- цæгæн, «иумæйаг зарæг» ахæм æнахъинон дæлимон (хæйрæг, зин, иблис) уыд, æмæ бар-æнæбары кодта æмæ-иу арæх æркодта æцæг поэтты дæр æнæмбарынмæ. Тыхми гуыры, æвзæры æнæмбарынæй æмæ алкæддæр кæны æмæ æркæны æнæмбарынмæ, æркæны ха- лынмæ, куынæгмæ, сафынмæ, марынмæ. Мысост Цомахъы тыххæй — Цомахъы ныхмæ — цы ’мдзæвгæ ныффыста, уый Нигерæн куы бакаст æмæ йын Нигер йæ хъуыды куы загъта, уæд ын Мысост дзуапп радта: «Нæ йыл фæтых дæн, зæгъгæ, зæгъыс. Æмбарын дæ. Разы» (Нигер. Уацм. æххæст æмб., 3 т.,100 ф.). Афтæ йын загътаид Нигер Æрнигоны тыххæй — Æрни- гоны ныхмæ — æмдзæвгæйæ дæр. Фæзмгæ та Мысост Маяковскийы кодта (уый Есенин, Горький æмæ иннæты ныхмæ кæй ныффыста, уыцы æмдзæвгæтæ). Ай-гъай, Нигер ын раст загъта; ахæм æцæг æмдзæвгæтыл мæнг æмдзæвгæтæй фæтых уай, уый нцкæй бон бауыдзæн! Нигер, фыццаг хатт Мысостимæ куы базонгæ, уæд ма йæм уыимæ хæдзармæ чи ’рбацыд, уымæн йæ мысинæгты йæ ном нæ загъта (чи зоны, политикон, цензурон аххосæгтæм гæсгæ. Уый уыд Фæрнион. 15 Дзуццаты Хадзы-Мурат 225
«Зиу»-ы фæхыл стæм, — фыста Фæрнион. — «Зиу»-æй рацыдыстæм: Нигер, Мысост æмæ æз. Рауагътам «Уадындз». «Уадындз»-æн раз- дзырд ничи фыста. Хыл уыдысты немæ «зиууæттæ». Раздзырд ныб- фыста Цомахъ» (газ. «Большевикон аивад», 1931 азы 24 декабрь). Мысост уыцы æмбырдгонды (рацыд 1927 азы) ныммыхуыр кодта, Цомахъы ныхмæ цы ’мдзæвгæ ныффыста, уый дæр. Диссаг у, Цо- махъ æй фаугæ нæ бакодта, фæлæ æртæ поэтмæ дæр фæсидт, уыцы æмдзæвгæ цæмæ сиды, уымæ: «Фæсивæды фысджытæ! Цардæн йæ разæй цæуыныл хъарут уæхи. Цард агуры тохы зарæг, ног иумæйаг цардыл тохы зарæг». Мысостæн сæм йæхийау фæсидт царды рæст- дзинад æвдисынмæ нæ, фæлæ хурмæ асинтæ сæвæрынмæ, арвыл хур бауромынмæ, ног царды сæрыл тохмæ, идеологийы рæстдзинад æвди- сынмæ. Мысостæй миф чи арæзта, уыдон æй канд дидинæгимæ нæ бар- стой — барстой йæ Хетæгкаты Къостаимæ дæр. Дзесты Куыдзæг фы- ста: 20-æм азты ирон литературæйы цы æрыгон фæлтæр «ныггуыпп ласта», уыдонæн «се ’ппæты астæу уæлдай бæрæг дардта Хъамберди- аты Мысост. Уыцы æрыгон фæлтæрæй алчи дæр зыдта уырыссаг æвзаг, фæлæ Хетæгкаты Къостайæ фæстæмæ мадæлон æвзагыл æмæ уырыссаг æвзагыл дæр Мысосты хуызæн уацмыстæ «ничи фыста». (Æз ам не ’взарын Мысосты уырыссаг уацмыстæ, — йæ ирон уац- мыстæй уæлдай ын, мæнмæ гæсгæ, уадиссаг ницы æфтауынц йæ фæлгонцмæ.) Куыдзæджы хъуыды ноджы «фæмифондæр» кодта Плиты Грис: «Хъамбердиаты Мысост куы рацардаид, уæд Ирыстонæн, Иры адæ- мæн уыдаид дыккаг Къоста». Æмдзæвгæ «Певцу»-йы Мысост скодта Къостайы «æнкъард фæн- дыр» æмæ йæ «цæссыгты» кой, фæлæ йын Къоста сæйраджыдæр у хæстон æмæ сидæг поэт, «иумæйаг зарæг» чи кодта, ахæм поэт: «Поэт и храбрый витязь, Ты звал к борьбе людей, И бравые джигиты Сед- лали лошадей», «песни разжигали и мужество, и пыл», æмæ, дам, ын йæ ингæнмæ ме ’мдзæвгæтæ хæссын дидинбыдау: «В могильные по- кои Прими ты дань мою. Неспетое тобою, Быть может, я спою». Къостайæн «заринаг» цы баззад, уый кæд æз «азарин», зæгъгæ, — ацы «азарин» Мысост сæйраджыдæр бакæнинаг уыд «иумæйаг зарæгæй». Æмдзæвгæ «Нæ хохмæ»-йы эпиграфæн сæвæрдта Къос- тайы рæнхъытæ: «Æз дзыллæйæ^къаддæр куы дарин, Куы бафидин искуы мæ хæс», Мысост на^хохæн дзуры,'дæ хъаст, дам, дын хæс- дзынæн нæ царды — ног цардй — тæрхонмæ, æмæ уым лыггонд æрцæудзæн. Лыггонд æрцæудзысты, Къоста цæуыл тыхст, цæуыл рыст, цæуыл куйМ’а, цæмæ бæллыд, уыдонГ! Дæ доминаг хъæбул, п^-^Л. æз дæр дæ — хæсдарæг/~^^ хæссын дын нывон^Нмс/^р. Уæззаудзæф —)((вЛ&щт^ нæ царды хъо^с^щг^у ыскалы — > ^ æхсидгæ цæхæр. 226
Нæ хохы раз Къостайы хæс дæр æмæ йæхи хæс дæр Мысост бафиддзæн, ног цардæн «иумæйаг зарæг» куы кæна, ног царды хъæс- дарæг цæхæр куы скала, ног цард куы фæуæлахиз уа, уæд. Æмдзæвгæ «Ма у æнкъард» йе стихæй (бæрцбарстæй), йæ асæй (иу строфа) у Къостайы æмдзæвгæ «Амонд»-ы хуызæн. Фæлæ йæ мидисæй — Мысост Цомахъ дæр Æрнигонæн цы дзуаппытæ радта, уыдоны хуызæн. Къостамæ: Лмонд... æрра дæн, цæй амондмæ дзурын! Лцы рæстæджы та амондджын чи у? Нæ, æз Хуыцауæй æндæр цыдæр курын... Базон-ма, циу? Мысостмæ: Ма у æнкъард... æмæ амондмæ ма дзур, Лмонд йæхæдæг зындзæн. Дардмæ йæм ма цу, дæ куыстæй йæ агур, Æмæ дæ уый дæр уындзæн. Мысостмæ гæсгæ, Къостайы зарæг адарддæр кæндзынæ, Къос- тайæн йе ’нкъард æмæ йæ сусæджы ныхмæ хъæлдзæг æмæ куыст куы æрæвæрай, уæд. Къостайæн хъарæг, додой, катай у йæ зарæг («Кæй зæрдæ нæ агуры хъарæг, Уый зарæд йæхи фæндиаг»), Мысо- сты зарæг та — хъæлдзæг, цин, æмæ йæхи хуызæн чи нæ уыд, уыдо- ныл нæ ауæрста, сæ адыл сæ нæ уагъта, тыхми сын кодта (йæхæдæг йæхицæн тыхми куыд кодта æмæ тыхми куыд бакодта, афтæ). Поэмæ «Джызæлдон» фыст у Къостайы «Хъуыбады»-ы стих æмæ строфайæ, æцæг дзы рифмæтæ йæхирдыгонау равæрдта: Къостамæ — ааæааæ, Мысостмæ — аæбаæб. Къоста цæуыл фыста, ууыл фыссы Мысост дæр (Къостайы дуджы цард нæ, — Мысостæн йæхи дуджы цард дзы ис, фæлæ, Къостаимæ абаргæйæ, нæ аивта). Фыййауы зын цард: «Æрбады зæххыл, Хуылыдз — фырхидæй, Йæ дзаума — фис- тау», нæ Иры хъæстæ сты æнæхъæстæ сæ зæххы бæркадæй, нæ бæстæ цæры «мæгуыр, æгадæй». Хæххон хæдзар æмæ йæ цæрджытæ: «Цыт- джын æфтæгæн Хъуынахæрд фиумур Фæтæдзы царæй», «Хæдзары къуымты Хъæмпы дзыгуыртæ — Сæ сидзæр родæн», «Ныхъхъæбæр дурау Сæ хоры кæрдзын» æмæ а.д. Ахæм детальтæ-фæлгонцтæ (стæй æрдзы змæлдтытæ, хуызтæ, мыртæ дæр) Мысост федта йæхи цæстæй æмæ сты йæхи — уыдонæй Мысост Къостайы нæ фæлхат кæны, кæд хохаг цард æмхуызон æвдисынц, уæддæр. Мысостæн, йе ’ннæ æмдзæв- гæтау, ам дæр ис Къостайæ реминисценцитæ (Къостайы æмдзæвгæтæй йæм чи ’рцыд, ахæм дзырдбæстытæ, рæнхъытæ, арæх вæййынц цита- тæты хуызæн). Хæххон хæдзары хицау зæронд лæг æм (иронион уаг ын ис): «Буцæй куы дары Йæ кæрцы къæрид Зымæгæй, сæрдæй» (Къостамæ: «Сæрдæй, зымæгæй йæ къæрид кæрцы...»). Къоста йæхæдæг цы «азарыд, уый Мысост дæр куы «азарыд», уæд йæ хæдфæстæ бавнæлдта, Къоста цы нæ «азарыд», уымæ. Джы- зæлдонмæ кæсгæйæ (гыбар-гыбур кæны, абухы, сырдау хъырны, къæдзæхтæ сдæры), Мысостмæ æрцыд фæндон:^гъæ-джиди, æмæ, дам, — «Цардуаргъ хæссынæн Æндон æфсæнтæ Йæ уæлæ баппар!» 227
Кæй нæ, дам, фæнды «æцæгæй» фенын йæ аргъау фынтæ!», æмæ сæ Мысост дæр федта: адæм рацыдысты электростанцæ аразынмæ, æрдз басæттынмæ, сæхицæн дзы лæггадгæнæг- цагъар скæнынмæ. Ууыл Мысост цин кæны, диссаджы хорз æй хоны, фæлæ æрдзы тыххæй цы зæгъы, уый, ай-гъай, хорз нæу. «Ызнаг фæмæлы. Мæсты гæн- дзæхтæ», — уыцы рæнхъыты фæстæ: «Нæ митсæр хæхтæ Кæсынц æнкъардæй», рæхджы, дам, кæрон æрцæудзæн «сæ цыт, сæ кадæн», Гæнал-Джызæлдоны «бархи уадæн», æмæ сын цæугæ дæр æркодта: «Гъеу-уæй, кæрон уын, Гæнал-Джызæлдон, Уæ бархи згъордæн!» Æрдз æмæ знаг (кълассон знаг) кæрæдзийы хуызæн куы уой, уæд уый катайаг цыдæр у, фауинаг, æфхæринаг. Мысост раст кæй равдыс- та нæ хæхты æнкъард, уымæй нын цин нæ, — зин уадзы нæ зæрдæмæ. Поэмæ «Джызæлдон»-ы нын иу фæлгонц — æддаг бакастæй бæл- вырд, фæлæ мидисæй гуырысхойаг фæлгонц: «Нæ сæрмæ телтæ Хæ- луарæг тынтау Æрттивынц хурмæ», — нæ зæрдыл æрлæууын кæны Мысосты æндæр фæлгонц, поэмæ «Дыууæсæрон»- ы райдайæн: «Уæртæ хæхты, комы нарæджы Сау хæлуарæг сæхгæдта йæ тын- тæй. Уыцы тынтæ ’рбадтысты зæххыты дзаджджынтыл, Æмæ сыл згъоры Зæххы туг Тугцъиры дзыхмæ» — адæмон кадæджы паралле- лизмы фыццаг хайы хуызæн. Йæ фæстæ поэмæ æгасæйдæр у парал- лелизмы дыккаг хайы хуызæн. Уыцы тугцъир — нæ Иры номдзыд æлдæрттæ (Хъуыбадтæ, Слонатæ, Тæгиатæ) æмæ дыууæсæрон уари (Уæрæсейы паддзах). Дыууæ раны дæр — хæлуарæджы тынтæ: кæд, мыййаг, канд æддаг бакастæй не сты æнгæстæ, кæд, мыййаг, митди- сæй дæр сты æнгæстæ?! (Æз ам нæ дзурдзынæн поэмæ «Дыууæсæрон»-ы тыххæй. Ирон æлдæрттæ, Уæрæсейы паддзах Ирыстоны фæллойгæнæг адæмы туг куыд нуазынц, бухъ æмæ хъал цард куыд кæнынц, уыдон 1930—1931 азты, чи зоны, актуалон уыдысты, коллективизаци куы стынг æмæ тугцъиртæ-кулакты куы цагътой, уæд, фæлæ афтæмæй дæр анахро- низмау у поэмæйы кæрон Мысосты æртхъирæн дыууæсæрон уаримæ, додой, дам, мын дæ сæр, уымæн æмæ уыцы уарийы 1917 азы раппæр- стой, æниу, чи зоны, æлдæрттæ æмæ паддзахы кълассон байзæддагыл нымадта тугцъиртæ-кулакты, æмæ дыууæсæрон уаримæ куы ’ртхъи- рæн кодта, уæд æртхъирæн кодта уыдонмæ. Стæй ма ноджы иу хабар: 20—30-æм азты ма Ирыстоны бирæ кадæггæнджытæ уыд, уыдон дзыр- дтой, хъисфæндырæй кодтой фыдæлты зарджытæ, таурæгътæ, кад- джытæ, фыстой сæ фольклорæмбырдгæнджытæ, æмæ Мысост уыцы кадæггæнджытæн дæр тыхми^ кодта: раст æмæ, дам, хорз у, сымах куыд æвдисут, афтæ нæ, фæлæ мæнæ æз куыд æвдисын, афтæ!) Мысосты æмдзæвгæ «Зонын»-мæ Къостайæ æрцыд йæ ном дæр, йе стих дæр, йæ темæ дæр, æмæ ма хицæн рæнхъытæ дæр гæзæмæ фендæргондæй. Къостамæ: «Зонын, æфсæрмæй кæудзыстут», Мы- состмæ, сæ мыздмæ, сæ хаймæ æрцæудзысты «ингæнкъахджытæ кæугæ», чи та — «цæстытæ æууæрддзæн туйæ». Къостамæ: «Алчи æфсæстæй мæ хисты Ссардзæн арахъхъæй мæ ном», Мысостмæ: «Би- рæты дæндаг ыскæрддзæн Мæрдæхсæвæры хæрнæг». Фæлæ Къос- тамæ кæд иу бон кæндзысты йæ дзырд æмæ стæй ферох уыдзæн, уæд 228
Мысостмæ та — иннæрдæм: ныууадздзæн йæ зард ног цардæн, ныу- уадздзæн ын йæ цин, йæ хъæлдзæг, пайда йын уыдзæн. Къоста цар- ды рæстдзинадæй — трагикон, судзаг, дудаг рæстдзинадæй, «йæхи зарæгæй» хъуамæ баззадаид æмæ ахъаз кодтаид адæмы цардæн, Мысост та — идеологон, хъæлдзæг, цинæйдзаг рæстдзинадæй, «иумæйаг зарæгæй». Æниу Мысост йæхæдæг дæр — кæд афтæ не ’нхъæлдта, уæддæр — баззайдзæн «йæхи зарæгæй», царды рæстдзинад кæм рав- дыста æмæ дзы аивады рæстдзинад кæм ис, уыцы уацмыстæй (уæл- дæр сæ ранымадтон, равзæрстон), уыдонæй уыдзæн арфæйаг цар- дæн дæр æмæ поэзийæн дæр, уымæн æмæ Къостайæн «заринаг» цы баззад, уый Мысост «азарыд», ома Къостайы традицитæ адарддæр кодта «иумæйаг зарæгæй» нæ, фæлæ «йæхи зарæгæй». Мысосты уацмысты ис Ирыстоны кой (йæ поэмæты: «Нæ Иры хъæстæ», «Бæллиццаг фæуай, нæ Ир, нæ Ир!», «Нæ Иры номдзыд æлдæрттæ», «Æрбаскъæрдта Ирыстоныл йæ сау уари»), йæ кой йæм ис, фæлæ йæм нæй Ирыстоны зарæг (кæнæ хъарæг). Мæскуыйы куы ахуыр кодта, уæд поэт Васильев Павел бафæл- гъуыдта «злобно посмеяться над национальными особенностями в по- ведении Мисоста» (Рябов Аввакум), Мысост æм хъама радавта, æмæ Васильев таппызарты хай баци. Дыккаг хатт дæр та йæ фыдгой куы кодта, уæд æй ныццавта æмæ, цы чызгимæ лæууыд, ууыл æй бафæл- дæхта. Йе ’мбал дзы фыста: «Стройная фигура в белом бешмете и папахе», «с легким акцентом» (Сухотин Виктор). Ацы æмæ ма бирæ æндæр цаутæ æмæ хабæрттæ йын, Мæскуыйы куы царди, уæд, ай- гъай, агайдтой йæ национ «æз», хъуамæ йæ цырын кодтаиккой, Иры- стоны уарзын æмæ мысынæй кæрзыдтаид æмæ рыстаид (Къостайы «Æнæ хай»-ы куыд у, афтæ), фæлæ йыл æппындæр ницы фыста. Æмдзæвгæ «Сидт»-ы варианты уыд ахæм кæрон: «Фенæм цъуп- пæй Иры хъæстæ, Фенæм хъæуты куыст æхсидæн», æмæ йæ аивта: «Хъæлдзæг базмæлыд нæ бæстæ, Цард дзы ’нхъæвзы æмæ ’хсиды». Æмдзæвгæ «Уарзын» фыццаг варианты хуынди «Ирæн», уыдис дзы рæнхъытæ: «Уарзын не ’хсарджын фæсивæд, Уарзын не ’гъдауджын фæлтæр», æмæ сæ аивта: «Абон уарзын ног фæсивæд, Абон уарзын ног фæлтæр», кæройыаг строфа та уыд афтæ: «Иры уаджы хорз нæ халын, Иры цæхх æмæ кæрдзын, Иры сæрмæ рухс ыстъалы, Иры ахуырмæ тындзын», æмæ йæ аивта: «Хур йæ тынтæ зæхмæ луары, Зæххыл хуры цин — зынгуард. Царды зиууæттæн хæларæй Баст мæ цард æмæ мæ зард». Æмдзæвгæ «Фæндон»-ы ракодта Ирыстоны кой: «Зæгъынц мын: «Ды нæ бæззыс Ирæн», фæлæ дзы дзургæ та кæны Ирыстоны тыххæй нæ, — йæ поэтикон программæйы тыххæй. Уыцы программæмæ гæсгæ, адæмы амындæн, коммунистон парти æмæ йæ идеологийы амындæн йæ уд коммæгæс скæнгæйæ, хъуамæ Ирысто- ны зарæг ма кодтаид, фæлæ пролетарон интернационализмы зарæг. Æмдзæвгæ «Фæдисы зарæг»-ы Ирыстоны кой куы скодта: «Дæуæн, мæ Ирыстон, мæ цард Мæ амæлæтмæ баст», уæд æй уайтагъд, йæ хæдфæстæ, «бараст» кодта: «Æрмæстдæуæн, фæллойгæнæг, Мæсидт æмæ мæ дзырд» — националист æй мачи фенхъæла, мачи схона (на- цион хиæмбарынад, хиæнкъарынад, национ сæрыстырдзинад, наци- 229
он мæт æмæ сагъæс сын кæддæриддыр уыд буржуазон национализм). Уымæ гæсгæ-иу Ирыстоны кой йе ’мдзæвгæтæм (фыццаг вариантты) кæм баирвæзт, уым-иу æй аивта «иумæйаг зарæджы» шаблонон, сте- реотипон дзырдтæй, иудадзыгон клишетæй. Мысост хъуамæ нацио- налист ма уыдаид, хъуамæ «йæхи зарæджы» хурхыл лæууыдаид. Нæ, æвæццæгæн, Къоста Мысосты хуызæн «иумæйаг зарæг» нæ кодтаид. Æниу — Хуыцау йæ зонæг! Къоста цы уыд, уый зонæм, фæлæ советон дуг куы ’рыййæфтаид, уæд цы суыдаид, уый нæ зо- нæм, æмæ, чи зоны, хорз у, кæй йæ нæ зонæм, бæлвырддæр дзур- гæйæ, кæй йæ нæ базыдтам. Революцион, кълассон, пролетарон фæтк æмæ æгъдау, загътон ма йæ, хæлдтой истори дæр, цард дæр, æрдз дæр, адæймаджы дæр, поэзи дæр. Иу æмæ дыууæ курдиаты нæ ба- бын кодтой. Мысост, дам, куы рацардаид, уæд, дам... Йæ фæстаг уацмысты скодта йæ низы кой. Поэмæ «Хурдзуан»-ы: Æмгар, æрбалæуу ма хæстæг... Куы мæм ныккастæ уый лыстæг... Мæ мард цæсгомыл у дæ дис, Цæсгомы туджы цъыртт кæм ис... 1931 азы, йæ мæлæты размæ кæй ныффыста, уыцы æмдзæвгæйы: Тох кæнын бахъуыди — Тохмæ дæр мах... Тырыса сæрмæ — хæлиу. Размæ нæ рогæй-иу хасгпа нæ къах, размæ-иу хаспгам нæ риу. Терчы был иу хæдзар джихæй лæууы, уый дæр рынчын у мæнау. Азтæй дыккаг у, гъеуый мыл цæуы, дуртыл куы ныппырх мæ нау... Ам æвдисы йæ уавæр — ног царды сæрыл тох кодта, рогæй цыд размæ, æмæ ныр сæйы низæй, цы хъару æмæ йæм цы ’хсар уыд, уый йæм нал ис. Науы фæлгонц райста Маяковскийæ. Уый йæхи куы фехста, уымæй размæ фыссын кæй байдыдта, уыцы æмдзæвгæтæй иуы дзырдта: Как говорят — «инцидент исперчен», любовная лодка разбиласъ о быт. Я с жизнъю в расчете ине к чему переченъ взаимных болей, и обид. Ам «уарзты нау» цахæмдæр къуындæг, къаннæг, æрмæст сылгой- маджы уарзты нау нæу, кæд æй Маяковский йæхæдæг афтæ хоны, 230
уæддæр. Йæ трагедийы аххосаг сылгоймаджы уарзт нæу (кæнæ канд уыцы уарзт нæу), — æндæр уарзт у йæ сæйраг аххосаг. Маяковс- кийы уарзт уыд егъау, уæрæх, нæрæмон — революци æмæ социализ- мы уарзт, коммунистон парти æмæ йæ фæтæгты уарзт. Уыдонæн æгасæйдæр снывонд кодта «поэты зæлланггæнæн тых», лæууыд «йæхи зарæджы» хурхыл, æнхъæлдта æмæ йæ уырныдта — зæххыл иууыл рæстагдæр, сыгъдæгдæр, гуманондæр æхсæнад — уарзты æхсæнад — сараздзыстæм. Фæлæ æрæджиау, æвæццæгæн, фыдæнхъæл фæци. Йæ «уарзты нау» цы цард æмæ цы цардыуагмæ бæллыди, бырста, тындзыдта, ууыл ныппырх. Уыцы уарзтæй, мæнг, утопион, мифон уарзтæй йæхи бабын кодта — сфæлдыстадон æгъдауæй дæр æмæ фи- зикон æгъдауæй дæр. Мысостæн, йæхимæ гæсгæ, низыл ныппырх йæ нау. Ныппырх физикон æгъдауæй — низ ын бадомдта, баууылдта æмæ бацъырдта йæ буар. Фæлæ Мысостæн дæр сфæлдыстадон æгьдауæй йæ нау нып- пырх, йæхи кæмæн снывонд кодта, уыцы цардыл (кæд йæхæдæг афтæ не ’нхъæлдта, афтæ нæ хъуыды кодта, уæддæр). Уый дæр йæхи бабын кодта мæнг, утопион, мифон уарзтæй. Мысост куы рацардаид, уæд йæ поэтикон программæ аивтаид æви нæ, æрмæст «йæхи зарæг» кодтаид æви йæ бынтондæр «иумæ- йаг зарæджы» бын ныннорстаид, уый нæ зонæм. Къостайæ цы загъ- тон, уый зæгъын Мысостæй дæр: Мысост цы уыд, уый зонæм, цы суыдаид, уый нæ зонæм. Мысост цы уыд, уымæй та уыд, æз ыл куыд фыссын, афтæ. Æви æз раст нæ дæн?.. 1999. 19. 04 «ХЪАЗТ, КУЫВД, МЫЙЙАГ, НÆУ» Афтæ загъта хæсты тыххæй Нигер. Хæст у трагеди, æнамонд, хъизæмар æмæ маст — канд хæцгæ чи кæны, йæ туг чи калы æмæ дзы йæ адзал чи ссары, уымæн нæ, фæлæ ма йæ бинонтæ æмæ йæ хиуæттæн дæр, æппæт адæмæн дæр. Афтæ йæ æнкъардтой, æмбæр- стой æмæ æвдыстой ирон фольклор, ирон поэттæ Октябры револю- цийы агъоммæ . Уый у хæсты сæйраг, бындурон рæстдзинад æмæ нæм уымæ гæсгæ сси поэтикон, аивадон традици. Уыцы традицийыл фæсреволюци, ай-гъай, хъуамæ æфтыдаид ног бæрджытæ, ног мини- уджытæ, — æмæ йыл æфтгæ дæр кодтой. Уыцы традици советон дуджы сæхирдыгонау адарддæр кодтой нæ поэттæ. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ мах ам равзæрстам æмæ фæд-фæдыл равæрдтам хæсты тых- хæй ирон поэзийы хуыздæр уацмыстæй иу къорд. Уыдон хицон, тугхæстæг сты кæрæдзийæн, бирæхуызон тæгтæй баст сты кæрæдзи- имæ. Уыцы уацмысты зыны ирон хæстоны фæлгонц, æмткæй хæсты фæлгонц. Уыцы уацмыстæ сты зарæг нæ, фæлæ хъарæг. Алыккаты Хазби дзуры йæ мадмæ (варианты: «Ой, дзыцца, мæлгæ дын кæндзынæн», дзуры йæ усмæ (варианты: «Цæуыл кæуыс, мæ 231
рæсугъд Фырдæуыз? Æз дын куы амæлон — Ахæрæты нын дзæнæт уыдзæни. Дунейы дын куы баззайон, — Кадджын, намысимæ фæ- цæрдзыстæм»). Афтæ у иннæ адæмон зарджыты дæр: хъайтар мæл- гæйæ (кæнæ мардæй) дзуры йæ мадмæ, дзуры йæ бинойнагмæ, дзу- ры йæ уарзон чызгмæ. Афтæ у поэтты æмдзæвгæты дæр Къостамæ, Бласкамæ, Созырмæ, Гиномæ, Нигермæ, Грисмæ, Калоты Хазбимæ, Кочысаты Мухарбегмæ, се’ппæтмæ дæр). Алыккаты Хазби дзуры: (алыхуызон вариантты): джауыртæ-тъæ- пæн худджынтæ, цыбыр дымæгджынтæ, æрцæуæг тыхгæнджытæ нын нæ рæсугъд цæрæнтæ куы ныппырх кæной, нæ бæрзонд мæсгуытæ нын куы ныссæттой, цагъартæ нæ куы хæссой æмæ нæ сæхицæн ца- гъартæ куы скæной, уæд адæм нал уыдзыстæм, æмæ уымæ гæсгæ хæстмæ чи нæ рацæуа, уымæн уыдзæн мыггагмæ худинаг. Хазби цæ- мæй тарст, уый ныл æрцыд, æмæ фæстæдæр Къоста зæгъдзæни: «Фи- дар рæхыстæй нын не уæнгтæ сбастой, Рухс кувæндæттæй хынджы- лæг кæнынц, Мард нын нæ уадзынц, нæ хæхтæ нын байстой, Сты- рæй, чысылæй нæ уистæй нæмынц», æмæ фæсиддзæн ирон адæммæ, цæмæй æрцæуæг æлдар æмæ тыхгæнæг хæддзумæ рæстæнхъæл макуы радтой сæ бар. Махæн нæ цардывæнд чи хæлдта, уыцы хæддзуйы ныхмæ Къоста æвæры ирон национ хæдхуыз æмæ сæрыстырдзинад. Тыхгæнæг хæддзуйы æфсадмæ ирон лæппу салдатæй куы бахауд, уæд ын цухъхъатæ дарæн нал ис, баиртæст йæ дзыллæйæ æмæ æвзары «фидиссаг цардæн йæ ад», исчи йæ куы ныммара, уæд ын ничи райс- дзæн йæ туг. Фæлæ, Хазбийау, уый дæр бахъахъхъæндзæн йæ ирон ном æмæ сæры кад: «Фенæм уал... Фесæфæд сау лæппу цардбæллон, — Чи мæ цы айса — йæхи!..» Хазбийы зарæджы цы ис, уый уынæм — æндæр дуг æмæ æндæр уавæрты — Къостайы «Салдат»-ы дæр. Фæстагмæ нæ поэттæ тыхгæнæг хæддзуйы ныхмæ нал æвæрдтой сæ ирон «æз». Бласкайы мæлæг æфсæддоны уырны: уырысы æфсад ын райсдзысты йæ туг сæ иумæйаг знагæй. Секъайæн фыццаг дунеон хæст байдыдта кæйдæр бæстæйы ныхмæ нæ, фæлæ Ирыстоны ныхмæ, æмæ сиды Иры зæнæгмæ, цæмæй знагæн дзуапп радтой лæджыхъæд æмæ æхсарæй. Советон дуджы кæд национ хиæмбарынад æмæ сæ- рыстырдзинад мынæг æмæ цъист цыдысты, уæддæр дыккаг дунеон хæсты заман ссыгъдысты цырынæй, æмæ ирон хæстонтæ, ирон по- эттæ, иннæ адæмты минæвæртты фарсмæ æмæ се ’мрæнхъ, хæцыды- сты Ирыстоны сæрвæлтау, сæ фылдæр хъуыды кодтой, Кочысаты Мухарбег куыд хъуыды кодта, афтæ: «...если я погибну, то со славой, не опозорю гордое имя сына осетинского народа». Токаты Алиханмæ хæст (номхуындæй революцийы дуджы мид- хæст) у æнахуыр, æвирхъау, æнахъинон-æрдзон фыдбылызы хуы- зæн, дæлзæххæй чи стыдта æмæ чи сыстад, ахæм зындоны хуызæн. Уынгты сырх сæн пырх, ома туг, — адæм кæрæдзийы æвзонынц, кæрæдзийы туг калынц æмæ нуазынц. Хæст — тугæй расыггæнæг æмæ æррагæнæг. Кæнæ хæхтæ куыд судзынц — цахæмдæр фыдфы- ны хуызæн! Ахæм æрдзон тыхау, æрдзон фыдбылызау, дæлзæххон зындонау дыккаг дунеон хæст — Фыдыбæстæйы Стыр хæст чи уыдта æмæ чи 232
æнкъардта, уыдонæн гæнæн нæ уыд, æмæ йæ раст ма ’вдыстаиккой. Алкæд нæ, уымæн æмæ се ’ппæтæн дæр уæлейæ амыдтой, кæм хъуа- мæ змæлой æмæ цæуой, уыцы фæлгæттæ, арæнтæ, схемæтæ. Фæлæ иу уыцы фæлгæтты мидæг дæр равдыстой фæтæгтæ æмæ маршæлты рæстдзинад нæ, официалон идеологийы рæстдзинад нæ, ома мæнг- дзинад нæ, фæлæ, æцæгæй кæй уыдтой æмæ кæй æвзæрстой, уыцы карз æмæ тызмæг рæстдзинад, хæсты реалон рæстдзинад, адæйма- джы зæрдæйы удæгас рæстдзинад. Алы хæсты дæр — æддагон знагимæ хæст уыдаид æви мидхæст — нæ поэттæ æнхъæл уыдысты, зæгъгæ, уый сын у фæстаг хæст, йæ фæстæ ралæудзæни национ æмæ социалон сæрибар, фарн æмæ са- быр цард. Афтæ æнхъæл уыд Созыр, фыццаг дунеон хæстмæ куы ацыд, уæд. Канд нæ бæстæ, дам, æцæгæлон знæгтæй нæ бахъахъ- хъæндзыстæм, — хъз’амæ, дам, фервæзæм нæхи знæгтæй дæр, нæхи æфхæрджытæй дæр. Фæлæ фыдæнхъæл кæй кæндзæн, уый уайтагъд бамбæрста æмæ æфсадæй алыгъд. Афтæ æнхъæл уыд Гино — хæцыд, йæхиуыл нæ ауæрста, кæд, дам, нæ сæрысæфтæй, нæ мæлæтæй си- сиккам нæ адæмæн сæ къæлæт. Афтæ æнхъæл уыд Алихан дæр — хæхтæ кæд судзынц, уæддæр, дам, ралæудзæн уалдзæг, бæстæ цъæх адардзæн. Афтæ æнхъæл уыдысты не ’ппæт поэттæ дæр, дыккаг ду- неон хæсты цæхæры куы удхар кодтой, уæд. Фæлæ-иу уыцы хæсты нæ бæстæ, нæ зæхх цы бахызтам (уый дæр алкæд нæ!;, æндæр-иу дзы нæдæр сæрибар систæм, нæдæр-иу дзы фарнмæ æрцыдыстæм. Иу хæстæй цыдыстæм иннæ хæстмæ, иу цагъайраг цард ивтам иннæ цагъайраг цардæй. Æниу æй алкæд нæ хатыдтам — цагъайраг цард æнхъæлдтам сæрибар цард. Мах, сталинон цагъартæ, хæцыдыстæм гитлерон цагъартимæ æмæ нæ кæрæдзи ныццагътам. Мах сыл фæтых стæм, гермайнаг фашиз- мыл фæуæлахиз стæм — цæй сæрвæлтау — нæхи фашизмы сæрвæл- тау. Гитлерон фашизм ныддæрæн кодтам, сталинон фашизм та цы уыд, уымæй йæ ноджы фæтыхджындæр æмæ фæуæрæхдæр кодтам. Советон тоталитарон системæ куы хæлд, уæд нæхи фашизм кæм- дæрты, хицæн адæмты фюрерты разамындæй, абæгънæг кодта йе ’лгъаг мидис, равдыста йе ссыртæ æмæ йæ ныхтæ, йæ агрессивон хæст мондаг æмæ фыдæх — сыхаг адæмтæн сæ зæхх иста, сæхи та сын сургæ кæнæ куынæг кодта. Нæуæдзæм азты райдайæны Ирысто- ны хуссармæ гуырдзы куы ’рбабырстой, йæ цæгатмæ та — мæхъ- хъæл, ирон адæмæн фыдмитæ куы кодтой, уæд уыдæттæн фашизм йеддæмæ цы схонæн ис? Уыцы хæсты, уартæ Хазбийы хæстау мах хæцыдыстæм нæхи зæххыл, нæхи Ирыстоны сæрвæлтау, æмæ йæм, Хазбийæ хъауджыдæр, кæд знæгты не ’рбауагътам, кæд нæ нæ баса- стой, уæддæр тас у, æмæ уыцы хæст дæр, Хазбийы хæстау, дзæгъæ- лы фæуа. Кæнæ та ногæй хæцын бахъæуа. Цæй уæлахиз æмæ цæй бæрæгбон! Кодзырты Таймураз сæрджын саг (кæсгон æлдар) куы рамардта, уæд йæ мадмæ дзуры: «Цин дæр ыл ма бакæн, хъыг дæр ыл ма ракæн». Мах Уæлахизы бæрæгбон кæй хонæм, уым, цин цæуыл кæнæм, ахæмæй ницы ис. Чи зоны, растдæр уаид, æмæ уыцы бонæй куы скæниккам, уартæ Задæлескы 233
Нанайæ суанг абонмæ хæстыты чи фæмард, йæ зынг дзы кæмæн бахуыссыд, уыдоны Мысæн бон, уыдоныл Хъынцъымы бон, æмæ — хæст трагеди кæй у, трагеди та адæймаджы уд æмæ зæрдæ кæй сыгъ- дæг кæны, уымæ гæсгæ — Сыгъдæггæнæн бон. 2000 аз СУГУБО СУБЪЕКТИВНО ИЛИ ВСЯКАЯ ВСЯЧИНА ИЛИ РАЗНОЕ О РАЗНОМ Каждый раз заново учишься писать. Начинаешь с самого начала. Хотя начало было давно. Есть опыт. Есть какое-то мастерство. Есть как будто все. Но в то же время кажется, нет ничего. Белый лист — белая пустота, белая бездна, где ты должен сотворить свой мир. Не похожий ни на какой другой. Единственный, неповторимый. Сотворить по своему образу и подобию. Как-то Борису Пастернаку похвалили стихи некоего поэта. На лице мэтра отразилось сомнение: «Как он мог написать хорошие стихи, когда он плохой человек!» Бытует мнение, — и оно постоянно тиражируется, — дескать, таланты, художественно одаренные люди, за редким исключением, эго- центрики, вне своего творчества — чаще всего тираны в семье, монстры в обществе... Короче, нехорошие люди. Я не понимаю этого. Не могу принять. По-моему, любое художественное произведение — самовыражение, самообнаружение, саморазоблачение, как бы ни старался его автор замаскироваться, выдавать себя за того, кем он на самом деле не является. Чуткий, проницательный читатель сразу же определит — хороший или плохой человек пишет. И соответственно — хорошее это или плохое произведение. Критерий поэтического таланта, поэтической истины — доброта и любовь. Ими наделены хорошие люди. Плохие же — завистью, злобой, ненавистью, которые, как известно, разрушают, уродуют, иссушают (даже хорошего человека, когда, по разным причинам, овладевают им, они его делают плохим, как, впрочем, и его творчество). Да, я принимаю мнение Пастернака. Не могу не принять. В стихах «На смерть Пастернака» поэт Борис Чичибабин писал: ...И манишь, и вяжешь навек Веселым обетом: Не может быть злой человек Хорошим поэтом. Осетия разделена на юг и на север. Разделена Главным Кавказским хребтом? Нет. Разделена политиками, вождями, партиями, странами. Но в народе, вопреки всему, всегда жила мечта — быть вместе, объединиться, стать единой Осетией. Брти попытки ее осуществления, например, после Октябрьской революции 1917 г., но эти попытки кончились геноцидом или этноци- дом. Последняя попытка — в конце 80-х, начале 90-х — кончилась тем, что в ходе ожесточенной грузино-осетинской войны мы отстояли, 234
защитили свою землю, провозгласили республику, так что если бы не это, нас бы уже на юге не осталось. Теперь надо добиваться признания независимости, суверенности, затем уж объединяться. К стыду и несчастью человечества, современная цивилизация мало цивилизованна. Ведь разделенный народ — национальный урод, а уродство и цивилизованность вряд ли могут гармонизировать. Современная цивилизация негуманна, несправедлива, ущербна. Иначе бы целостность государства не была приоритетна. Даже когда та или иная часть его (как в случае с Южной Осетией) когда-то им была захвачена и насильно присоединена. Разве нормально, когда целостность территории ставится выше целостности народа и, соответственно, целостности его представителя — каждого отдельного человека? Разве нормально отнимать у народа и у человека священное право на самоопределение? Я вечно буду признателен той стране, — будь она Америка или Россия, Англия или Германия, даже сама Грузия, — которая пойдет на признание нашей независимости и даст осетинской нации возможность наконец-то реализовать исконную мечту народа — не быть разделенным. Давно это было. С моим старшим сыном, тогда еще мальчиком, долго ходили, бродили в окрестностях нашей деревни и изрядно устали. И присели отдохнуть возле старинного кладбища с полуразрушенной часовенкой, устроившись на зеленой траве в прохладной липовой тени. Мы до этого собрали грецкие орехи и теперь били их камнем и ели. Когда собрались уходить, сын показал на горку скорлупы: — Уберу, некрасиво... Спустя годы, когда грузины пошли на нас войной, обезображивая, уродуя нашу землю, он, как и многие его сверстники, встал на защиту этой земли, на которой даже ореховая скорлупа казалась ему мусором. Он знал, что такое некрасиво, и поступал красиво. А совсем недавно, когда мы гнали араку по древнему дедовскому способу, я, чтобы поддержать огонь, подбросил поленья под клокочущий черный котел. И едва пламя охватило их, другой мой сын, подросток-школьник, стаявший рядом, внезапно нагнулся и, мгновенно выхватив одно полено, отнес его в сторону и осторожно положил на землю. — Зачем? — спросил его. — Муравьи на нем... Я их спас. Что-то похожее мне до этого уже встречалось... А-а, у Эрнеста Хемингуэя, в романе «Прощай, оружие». Там Генри вспоминает, как однажды в костер положил корягу, кишевшую муравьями: «Некоторые сумели выбраться, обгорелые и сплющенные, поползли прочь, сами не зная куда. Но большинство падало в огонь. Помню, я тогда подумал, что это светопреставление и блестящий случай для меня изобразить мессию, вытащить корягу из огня и отбросить ее туда, где муравьи могли выбраться на землю. Но я этого не сделал». То, что не сделал персонаж Хемингуэя, сделал мой сын. 235
Если не хочешь, чтобы наступил конец света, защищай этот свет, свой свет, наш свет. Спасай его! Чтобы вы там не говорили, но должно быть приятно, когда твой сын — миссия, пусть даже с маленькой буквы. Если представить невозможное, чтобы грузинский поэт стал осетинским, чтобы мы с ним поменялись местами, то, уверен, он бы в мой адрес высказался резко и гневно: — Вы, грузины, начали против нас, осетин, войну — идеологическую и вооруженную. Вы, особенно писатели, начали третировать осетин: они-де пришельцы, ублюдки, мусор, который немедленно надо выгрести и выбросить за Главный Кавказский хребет... Сын писателя, сам писатель, — ваш Звиад Гамсахурдиа стал ярким примером враждебного отношения ко всему осетинскому. Потому-то и неудивительно, что ни один грузин за все время войны, то бишь, варварского истребления осетин, не проронил ни слова сострадания и жалости, ни слова самоосуждения, не озадачился вопросом: за что же мы с ними так?.. Тем самым вы разрушили миф, который многие годы создавался вами, многими представителями других народов, в том числе, к сожалению, и осетинами, миф о том, что вы высококультурная нация, что Бог к вам благосклонен. Но вы, высококультурные, так и не поняли, что Бог создал Землю и она принадлежит только Ему. На ней он расселил народы, которым даровал жизнь, равные права и обязанности, каждому из них позволив звать родиной место его обитания. А вы гневите Бога, отнимаете родину у народа с древней историей, языком, культурой, обычаями, этно-психической самобытностью. Мешаете ему, принуждаете, нападаете на него. Дайте ему возможность жить так, как того он сам хочет... Как Бог хочет! Вот так бы высказался гипотетический грузин, ставший осетином, и он бы был прав, тысячу раз прав. Однако невозможно даже на минуту допустить, чтобы грузинский поэт стал осетинским, чтобы мы с ним поменялись местами. В этой невозможности, в нежелании, неумении и неспособности ставить себя на место другого — беда людей, беда народов, беда человечества, причина и источник всех бед — малых и больших. Если бы он, грузинский поэт, поставил себя на мое место, он бы не пошел на меня войной. Минуты откровения — минуты истины! Они бывают редко, даже у поэтов, тем более у не-поэтов, но все же бывают. Мой старый и старейший — по возрасту — друг мне говорил: — Постоянно слышишь: правители приходят и уходят. Нельзя, мол, ставить знак равенства между правителями и народом. Неправда! Сталин и Гитлер никуда не уходили, хотя умерли давно. Они живут — и где бы вы думали? — в народе, с народом. Не случайно ведь мы, осетины, народ-сталинист. Он же мне говорил: — Когда началась Великая Отечественная (ты не помнишь, тогда мальчуганом был), думали, что избавимся от тоталитаризма, станем 236
после войны свободными. Парадоксально, но война для многих из нас была возможностью обретения свободы. Поэтому рвались на фронт, на поле битвы. Дрались честно и героически, не щадя своей жизни. И победили. И вернулись. И что же? Ничего не изменилось, стало еще меньше свободы. Оказывается, дрались с немецким фашизмом ради того, чтобы спасти свою несвободу. Каждый раз заново учишься писать, начинаешь с самого начала. Хотя начало было давно. Есть опыт. Есть какое-то мастерство. Есть как-будто все. Но в то же время кажется, нет ничего. Белый лист - белая пустота, белая бездна, где ты должен сотворить свой мир. Не похожий ни на какой другой. Единственный, неповторимый. Сотворить по своему образу и подобию. Сотворишь, и если он будет признан Богом, главным и авторитетнейшим Творцом, то считай, что так и надо — каждый раз заново учиться писать. В начале 30-х Осип Мандельштам, отчаявшийся и не желающий жить, словно обезумевший пушкинский Евгений из «Медного всадника», погрозил тирану, плюнул ему в лицо своим знаменитым «Ужо тебе...» Решительно высказываясь в защиту советской литературы, диссертант не прочь утверждать, что-де она, хотя и не избежала метастатических проявлений общественно-государственного недуга, сохранила «неповрежденным то рациональное зерно, которая не позволяет сомневаться в подлинности советской литературы как полноценного художественного мира, результата честного созидательного труда старших поколений наших писателей и поэтов», что-де ограниченность и замкнутость социалистического реализма вовсе не содержательны, а всего лишь формальны, а общечеловеческие ценности были трансформированы как внутриклассовые, и поэтому природа этих ценностей не извращается, а, напротив, выигрывает в силе и экспрессии, что-де советская литература «содержит ценнейший нравственный эликсир, который нам столь необходим сегодня» и т.д. и т.п. По собственному признанию диссертанта, теоретической основой и методологическим инструментарием для него служат труды советских литературоведов, поскольку он не вправе «игнорировать оправдавшие себя постулаты теории социалистического реализма, тем более что главное «русло» «Буйного Терека» соответствует данному художественному направлению». Однако подобные апологетические утверждения сам диссертант в процессе всестороннего, структурно-целостного осмысления и рассмотрения романа нередко подвергает сомнению и опровержению, не давая, однако, нигде однозначного ответа на вопрос «благодаря или вопреки?» Диссертант доказывает и показывает, что все же вернее, справедливее последнее, то есть предпочтение отдается не столько «благодаря», сколько «вопреки». В нем прошлое и настоящее, советское и несоветское образуют некий причудливый симбиоз. Он как бы прикован к прошлому, советскому и в то же время выламывается из него, и этим выламыванием сам же отрицает то, что защищает от отрицания. Кто-то сказал о Мугуеве, что у него «за строкой — пережитое», и это верно, но при условии, если к «пережитому» отнести не только то, 237
что приобретал писатель непосредственно от реальной жизни, от действительности, но и то, что входило в него от господствующей идеологии, от догматических установок и требований социалистического реализма. Бесспорно, от жизни шло стихотворение, написанное Мугуе- вым в марте 1919 года, доселе не печатавшееся, которое, при всем своем поэтическом несовершенстве, дает подлинную картину совершающегося: «По широким степям мы без счета легли», «На фанерных столбах, на деревьях безлиственных, С перекошенным, синим, зловещим лицом... Много было повешенных, и при ветра порывах Как-то странно шептался мертвец с мертвецом», «Кто ты — красный ли? белый? кадет иль товарищ? — Все равно: мы лишь жертвы безумья войны», «Я не знаю, зачем и кому это нужно». Позже, когда подлинная правда жизни перемешалась с обязательной идеологической «правдой», все написанное Мугуевым о гражданской войне уже не шло ни в какое сравнение с этим внешне несовершенным, но внутренне точным стихотворением. Это, однако, не значит, что правда жизни и ложь идеологии всегда мирно уживались в душе писателя, и когда первая брала верх над второй, то Мугуев тут же натыкался на официальные препоны стойкой цензуры. Не случайно повесть «Тонкая рябина», написанная в начале 60-х годов и изобличающая антигуманную сущность тоталитаризма, так и не была опубликована при жизни автора. Да, ложь идеологии тяготила писателя, мешала быть художником. Очевидно, этим можно объяснить его обращение к приключенческому жанру (повести «В тихом городке», «Кукла госпожи Барк», «Бриллианты императрицы») — в нем он мог позволить себе быть более или менее идеологически нейтральным. Неудовлетворенность идеологической ложью иногда выплескивалась в письмах к разным адресатам, из которых особо стоит выделить письмо от 1933 года, где, в частности, сказано: «Ей-Богу, не знаю, нужен ли вообще писателю метод (канон). По-моему, дело здесь не в методе, а в личной художественной интуиции и чувстве меры. И то, и другое должны: первое — своевременно подсказать, второе — своевременно оградить художника от всего лишнего, вульгарного и фальшивого... Если читатель чувствует это, читая написанное другим, то писатель обязан ощущать это все время, когда он пишет свою вещь и когда он отделывает ее». Во всем этом диссертант видит честность, искренность, мужество писателя, и все это, конечно же, восстает против им же самим защищаемого метода социалистического реализма. Беспрекословно относя «Буйный Терек» к данному художественному направлению, диссертант при разборе многих частных, но весьма важных вопросов и аспектов романа подводит к убеждению, что роман ценен главным образом не тем, что автор во всем следовал принципам социалистического реализма, а тем, что просто старался изобразить далекое прошлое — эпоху декабризма и мюридизма, эпоху Кавказской войны — в лучших традициях русской реалистической и гуманистической литературы. Концепция исторического человека, по формуле Александра Герцена, «отражение истории в человеке» — это уже было в XIX веке — теоретически и практически. Решающая роль 238
народа в общественно-историческом развитии — это тоже не открытие марксизма-ленинизма и советской литературы, оно давно было уже у многих мыслителей и писателей. Кстати, этот вопрос Мугуев решает не по общепринятому шаблону, а по-своему. Диссертант констатирует, что мугуевская концепция человека и истории не исчерпывается принципами социалистического реализма, тяготеющего к взаимопроникновению, согласованию, совпадению судеб исторических и судьбы отдельной личности и, соответственно, к отрицанию антагонизма между историей и человеком, между необходимостью и свободой. У Мугуева акцентируется идея несвободы личности, в его художественной интерпретации история «сильнее» человека. По мнению диссертанта, вечную проблему трагизма (и даже абсурдности) личного бытия невозможно нейтрализовать горьковским псевдооптимизмом: «Коллективу... свойственно сознание его бессмертия», «Чтобы народ стал героем произведения, — пишет диссертант, — недостаточно показать толпу или массу... Народ тогда лишь подлинный герой, когда... он делает историю, в «борьбе с историей» инициативой владеет он. И эта инициатива должна, разумеется, выражаться в судьбах и образах конкретных героев. Елохин, Кутырев, Абу-Бекир, Нур-Али, Желтухин, Кунта-Ефенди и, тем более, Ахмед никак не отвечают этому требованию». Вдумчиво, скрупулезно разбирая художественные приемы и средства, которыми пользуется писатель в сюжетосложении, в композиции, в лепке и раскрытии характеров, диссертант видит их генетическую связь с творчеством выдающихся мастеров дореволюционного времени. В изображении войны Мугуев следовал совету Оноре де Бальзака — не «живописать военные события сверх определенного объема», не описывать целую битву, а «в мелких стычках показать дух обеих сражающихся сторон». Не прибегать к рассудочным императивам и комментариям, раскрывать идею «сценами, а не словами» — это у Мугуева от Федора Достоевского, который идейно-художественную убедительность произведения связывал с так называемой «ситуацией незнания», ибо она дает возможность параллельно и динамично развиваться сюжету и идее, не отделяясь и не отрываясь друг от друга, в результате чего произведение не превращается в иллюстрацию идеи, а являет собой живой процесс становления и реализации идеи. Диссертантом исследование ведется на двух уровнях: общетеоретическом и конкретно-аналитическом, так сказать, на уровнях макрокосма и микрокосма. В их контактности и контрастности решающая роль принадлежит микрокосму, им проверяется и удостоверяется истинность макрокосма. Микрокосм — это то, что цементирует диссертацию, делает ее цельны^ и ценным научным трудом. Именно на уровне микрокосма получают убедительное подтверждение тезисы и положения о жанровом суверенитете исторического романа (не только эстетически воспроизвести прошлое, но и обнажить «философию истории», выразить мыслЬ, полезную и необходимую для современности); о концепции человека и истории (чуть выше уже говорилось об этом); об истине и обладании ею (она не привилегия народа и отдельной личности, она, по 239
Владимиру Соловьеву, «может быть только вселенскою», или, по Федору Достоевскому, «правда выше нации»); об «истории чувств», «движение чувств» (они многогранно проявились в любовном пятиугольнике, который в романе составляют Анна Бирюзова, Станислав Родзе- вич, Александр Небольсин, Ардальон Петушков, Илларион Голицын и очень подробно, тонко и точно проанализированы диссертантом); о сюжете (он есть характер, заключен в характере, и в этом убеждаемся опять же при тонком и точном анализе диссертантом многих и разных образов) и еще о многом другом. Замечательно, что все это диссертантом постоянно и пристально рассматривается с точки зрения историзма, мы становимся свидетелями того, как историзм проявляется в изображении событий и людей, как через интригу, коллизию история входит в частную жизнь героев, в их быт, переживания, настроения, каково ее восприятие отдельной личностью и, не в последнюю очередь, как отражается историзм в художественном тексте, в стилистике и лексике, в общем, в поэтике романа. На мой взгляд, историзм — это то, что наиболее полно, сильно, впечатляюще исследовано в диссертации, в основном и главным образом на уровне микрокосма, фактически и по существу является центральной темой и проблемой исследования, и поэтому я бы диссертации дал другое название — «Историзм в романе Х.-М. Мугуева «Буйный Терек». Оно не только верно отражает содержание работы, но и литературоведчески более специфично. Диссертант научную новизну своей диссертации определяет тем, что в ней, во-первых, впервые роман «Буйный Терек» становится объектом всестороннего монографического рассмотрения, во-вторых, впервые вводятся в научный оборот неизвестные до сих пор материалы, касающиеся истории создания романа, критической оценки его идейно-художественного содержания. Все это действительно так, но новизна работы не ограничивается этим, точнее, определяется в основном не этим. Всесторонне рассматривая роман, особенно на уровне микрокосма, диссертант своей работой не оставляет сомнений в том, что выламывание из прошлого — это уже не то, что было, а то, что должно быть, это движение к новому литературоведению. Прошлое, то, что было, не требует ни позитивного, ни отрицательного к себе отношения, а просто понимания. Без понимания — трезвого, объективного, терпеливого — вряд ли возможно постичь правду прошлого, да и настоящего тоже. Не думаю, чтобы с таким пониманием прошлого согласовывалось мнение диссертанта о необходимости нравственной и эстетической реабилитации литературы советского периода (к ней, естественно, относится и творчество Х.-М. Мугуева). От советской литературы останутся только те произведения, в которых воплотилась правда жизни и человека, останется живое, а не мертвое. Живое не нуждается ни в реабилитации, ни в реанимации. Другое дело, — и в этом прав диссертант, — что роман Мугуева сегодня востребован самой жизнью — в нем множество аналогий с современностью, с кровавыми процессами межэтнических распрей и войн. Востребован, потому что в нем есть правда жизни, правда истории, только не в такой мере, в какой могло бы получить- 240
ся, если бы не идеологические схемы и решения, предписываемые социалистическим реализмом и почитаемые писателем, а вслед за ним и диссертантом. Проблема «Россия — Кавказ» писателем решается с позиции так называемого «знания действительности будущего», то есть победившей социалистической революции и советского общественного строя. Одно из первоначальных названий романа «Дела давно минувших дней» как раз свидетельство тому, что времена, изображаемые в романе, безвозвратно ушли, «минули» навсегда. Это «знание действительности будущего» ограничило писателя в постижении полной правды прошлого, ибо это «будущее» было утопично, построенное на лжи и насилии, вследствие, чего и рухнуло, и в новых условиях по-разному продолжались и продолжаются «дела давно минувших дней». Поэтому сегодня востребованный самой жизнью роман «Буйный Терек», естественно, не вполне удовлетворяет ее потребностям. На мой взгляд, весьма сомнительна трактовка мюридизма как антифеодального движения, она тоже «подсказана» писателю социалистическим реализмом, проповедующим классовый подход везде и во всем. Ныне признано, что Кавказская война — наиболее значительное явление в цепи антиколониальных войн. Мюридизм в основе своей не религиозное, не социальное, а национально-освободительное движение, для которого классово-сословные различия не столь значимы, поскольку речь идет о свободе и независимости нации, родины. Имамы Гази-Магомед и Шамиль объявляют газават шамхалам, нуцалам и бекам не потому, что те феодалы, а потому, что продаются и продают свой народ, свою родину русским колонизаторам. Диссертант не согласен с теми, кто считает, что в романе Алексей Ермолов идеализирован. И совершенно напрасно, ибо они правы. Это тоже от социалистического реализма: раз Ермолов декабрист по убеждениям, он — революционер, прогрессивный деятель, положительный герой, как же не идеализировать! Это не могло и не может импонировать тем, кто считал и считает, подобно Ермолову, что «один только страх русского оружия может удержать горцев в покорности», что горцы могут быть «любезны в прижатом положении». Ермоловым восхищались и восхищаются еще и потому, что он дерзил царю, но даже при том, что дерзил, — он был если не главным колонизатором, то главным проводником, ужасным орудием русской колонизации на Кавказе. Строить свободу и величие своего народа на несвободе и унижении других народов — разве это не преступно, не безнравственно и разве достойно идеализации? Как все это солидаризируется с общечеловеческими ценностями, с тем, что истина выше какого бы то ни было народа, государства, общественного строя? История не допускает, чтобы были идеальные и неидеальные, любимые и нелюбимые герои. Каждый герой, каждый государственный деятель, каждый человек — отражение времени и заслуживает объективного отношения к нему. Каждый должен получать свое, только свое, ни больше и ни меньше. Когда возносишь Ермолова, то это не история, когда поносишь Паскевича, то это тоже не история. 16 Дзуццаты Хадзы-Мурат 241
Такое изображение двух исторических личностей в романе диссертант оправдывает тем, что, дескать, правда историческая и правда художественная — несинонимичны, неадекватны. Это в общем правильно: есть свои существенные, принципиальные различия между правдой жизни и правдой литературы, между жизненным и эстетическим, но без правды жизни вряд ли может состояться правда литературы. Художественная правда не подменяет собой жизненную правду, она вбирает ее в себя, воссоздает (или создает, или пересоздает) по своим законам. Они сильно разнятся, но друг другу не противоречат. Поэтому не состоятельны попытки диссертанта оправдать многократные отступления в романе от правды исторической в пользу правды художественной. О Паскевиче, например, он пишет, что хотя исторические заслуги Паскевича бесспорны, но образ Ермолова требовал себе яркой антитезы, и поэтому-де противопоставление Паскевича Ермолову художественно закономерно и не может вызывать нареканий. В другом месте, рассуждая о том, что Ермолов в России приобрел «славу кавказского героя», а «среди горцев имя русского Чингисхана», диссертант пишет: «Однако оставим историю: Ермолов вполне оправдан (...) и реабилитирован тем уже, что из него создан художественный образ: герой литературный всегда был ходатаем за своего прототипа перед лицом истории и памятью поколений». Точно так же объясняет диссертант мюридизм в действительности и в романе: «Все, что здесь сказано о мюридизме, есть, прежде всего, результат эстетического осмысления этого движения, но историческое явление прошлого всегда рано или поздно приобретает в памяти поколений и отдельного человека именно форму эстетического объекта». С таким толкованием жизненного и эстетического согласиться трудно и почти невозможно. При всей своей самостоятельности, самоценности, суверенности эстетическое, художественное всегда проверяется жизнью, историей, и не обнаружив себя в эстетическом, художественном, жизнь, история рано или поздно восстает против эстетического, художественного. Диссертант не согласен с теми, кто называет Мугуева русским писателем. Он настаивает на том, что творчество осетин, пишущих на русском языке, «правомерно рассматривать (...) как возможное звено и составную часть осетинского литературного процесса», в частности, творчество Мугуева «не может не быть частью национального достояния, национальной культуры и искусства его народа». Конечно, литература — не язык, иначе бы при переводе на другие языки она не оставалась литературой, ибо литература — творение не языка, а человеческого духа, художественного мышления и видения. Но литература не создается вне и без языка, и тот язык, из слов, звуков, красок которого создается ее плоть и душа, определяет ее национальную принадлежность. Поэтому всякие доказательства вроде того, что писатель по пятой графе (по национальности) осетин, разговаривает по-осетински, разрабатывает осетинскую тематику, ничего не доказывают. Об Осетии и осетинах писали многие русские писатели — от Александра Пушкина до Николая Тихонова, писали не хуже, а даже лучше самих осетин, но это не осетинская литература. Дело писателя, 242
паспорт писателя — его слово, и если оно произнесено, изречено на русском языке, то, стало быть, он — русский писатель (не зря ведь еще при жизни Коста Хетагурова в России, где его знали тогда только по русским произведениям, называли «известным русским поэтом»). Сегодня всем ясно: была, есть и будет в Осетии русская литература. Но не всем ясно: будет ли в Осетии осетинская литература и будет ли жить осетинский язык без осетинской литературы? И еще одно. Диссертант всячески старается убедить нас в том, что все написанное Мугуевым, непорочно, превосходно, даже непреходяще. Оно проистекает, с одной стороны, от желания диссертанта во что бы то ни стало реабилитировать советскую литературу, с другой — от традиционного представления о том, что от объекта исследования (произведение, или произведения, или творчество) зависит достоинство диссертации, поэтому объект должен выглядеть не рядовым, не средним, не ординарным, а непременно крупным, высоким, чуть ли не гениальным. Однако достоинство диссертации зависит не от объекта, а от субъекта, от диссертанта, и только от диссертанта. От его незаурядного таланта, от широты и глубины эрудиции, от профессионального умения анализировать и обобщать, от беспокойного, ищущего рвения к «езде в незнаемое». Воет волк. От голода. От холода. От горя. От радости. От стыда... Стоп! Только не от стыда. Стыд — неведомое ему чувство. Воет двуногое существо. Воет по-грузински. — Кто ты? — Я — осетин! Воет по-русски... по-кабардински... по-ингушски... по-марсиански... Воет по-всякому. Только не по-осетински. И удивительно: считает себя осетином! Как-то во время гастролей артисты театра Южной Осетии остановились на неделю в одной из владикавказских гостиниц, только недавно освобожденной от жильцов — беженцев-осетин из внутренних районов Грузии. На каждой пяди — следы варварства. Я спросил главного режиссера: — При грузинском нашествии театр ваш подвергся, как об этом писали во всех газетах, невиданному разгрому. Неужели тот разгром был страшнее, чем вот этот? Главный режиссер ответил: — Нет, не страшнее... Не случайно от многих я слышал, что беженцы эти для того выселены из Грузии, чтобы они в Северной Осетии делали то же, что сами грузины в Южной Осетии — оскверняли и разрушали. Не только материально, но и духовно — ведь с появлением их в городе Владикавказе грузинская речь по звучанию и значению занимает сейчас почетное второе место вслед за русской. Стыдно! Не им, а мне. За них, за народ, к которому я имею счастье или несчастье принадлежать. Было время, когда я в течение двух-трех часов мог читать наизусть свои стихи перед разными аудиториями. 243
Однажды, когда выступал перед сотрудниками экономического института, меня спросила женщина: — А могли бы вы вот так, то есть так, как вы читаете свои стихи, прочитать, например, стихи Коста, Сека или Нигера? Я ответил, что нет. Почему? Да потому, что гортань не такая, как у них. В ней иное дыхание, иное напряжение, иная энергия. От нее — все мои слова, строчки, ритмы, интонации... И всегда я читаю этой, а не иной гортанью. Речь не о том, что она у меня лучше, чем у Коста, или у Сека, или у Нигера. Конечно же, у них лучше — всегда лучше. Просто я — и не Коста, и не Сека, и не Нигер. Просто я — другой. К 60-летию Ахсара Кодзати хотел написать статью. Она не состоялась. Состоялись лишь отдельные куски, основные мысли, которые должны были обрасти необходимой конкретикой. Дал статье название: «Поэт, который есть поэт». На первый взгляд, оно тавтологично. Но только на первый взгляд. Ибо многие из тех, кого мы называем поэтами, на самом деле не являются ими. Поэт больше и выше рифмованных и нерифмованных столбцов и лесенок, которые прилежно, умело, даже профессионально могут создавать — и успешно создают — десятки и сотни версификаторов. Поэты редко посещают этот мир, и, по моему убеждению, один из них — Ахсар Кодзати. Он родился в 1937 году, на его кроваво-жестоком гребне — в июне. Легко представить, как он кричал, ревел, стонал. Это было недовольство и протест, предвосхитившие его непростые отношения с окружающей действительностью, его гражданское и поэтическое поведение, определившие трагичность его миропонимания и мироощущения. Он, как и многие другие поэты, отдавал дань идеологическим схемам, попадал под «обаяние» всеобщих, регламентируемых социалистическим реализмом стереотипов жизни и искусства, но в то же время сопротивлялся им, спасался от них, оставаясь в основном верным себе — выражать трагичность свою, правду свою и через них — трагичность, правду эпохи. Это было опасно. За правду сажали, ссылали, расстреливали, в лучшем случае отлучали от работы и обрекали на нищенское существование. Шестидесятник, тогда, в 60-е годы и позже, осуждая многое в системе, бичуя одних вождей-тиранов, в то же время сохранял веру в систему, веру в других вождей-тиранов. Оставалось много иллюзорного, романтического, идеалистически-утопического. Так же, как и у его собратьев — рано ушедших Хазби Дзаболова и Георгия Бестаути. Он их пережил, но оказался ли счастливее их — сказать трудно. Одно ясно: он постепенно шел все дальше и глубже к себе, к своей человеческой и художнической сути, подвергал «переоценке» многое, прежде всего, свою Осетию, свой народ, а также воздвигнутые литературные авторитеты, своих сверстников-собратьев: от некоторых отвернулся, с некоторыми переругался. Ныне можно констатировать: не осталось почти никакой веры, никакой надежды. Но ныне он сопротивляется намного сильнее, чем когда бы то ни было, становится мужественнее. Хоть и парадоксально, но трагичность — это и есть 244
мужество. Признавать, переживать, испытывать трагичность бытия — значит не принимать мифически-сказочную гармонию, не впадать в оптимистические сны и грезы, не соблазняться ими, отречься от полуправды, что ничуть не лучше неправды, не жить по лжи. Это ли не мужество! Он был членом ССП, членом КПСС. Но не был членом чего-то коллективного, общинного, соборного. Он был личностью, во всяком случае, стремился быть ею — независимой, суверенной. Он пишет не вообще для народа, не вещает от имени и от лица народа, который — ныне и всегда — понятие весьма абстрактное, расплывчатое, неопределенное. Он пишет для себя и от себя. Это, безусловно, самое высокое уважение к читателю, которого не считает, не ставит ниже себя. В поэзии, как правило, что не для себя, то и не для народа. Суверенность — это иметь собственную единственность, беречь и никогда не терять. Суверенность — не изоляционизм, как может показаться кое-кому. Суверенность предполагает открытость миру, народам, странам, к достижениям их культуры, литературы — и в прошлом, и в настоящем. Вот откуда у Ахсара десятки чужих тем и мотивов, которые настолько органично «освоены», «интерпретированы» его поэтической суверенностью, что воспринимаются не иначе, как его собственные стихи. Суверенность — это быть «на уровне века». Быть новым, а вовсе не временным, не модным, то есть не тем, что быстро проходит. Поэзия Ахсара не старомодно советская, общедоступно-общенародная, без личностная, она и не новомодно-постмодернистская, сумбурно-индивидуалистическая, вроде бы личностная, но на самом деле тоже безличностная. Поэзия Ахсара — где-то между этими крайностями. Если верно, что новое — всегда вечное, то она тяготеет к вечному. Ахсар писал свободным стихом (верлибром), белым стихом, классическим стихом, иногда даже лесенкой. Писал одинаково мастерски, одинаково виртуозно. С какого-то момента он пристрастился к сонету. Лично я к сонету не питаю симпатии: почему-то строгость, каноничность, жесткость и незыблемость его формы мне напоминает тоталитарную систему, в которой нам вольно или невольно приходилось жить — жить как бы в сонете, в его догматике и несвободе. В нем, в сонете, Ахсар выражал свою «несонетную», несистемную, недозволенную правду. Он в сонете противостоял сонету. Ахсар часто вынужден был прибегать к эзоповскому языку, к языку шифров и кодов, к всевозможным иллюзиям. Стихи об осетинских народных героях, об испанских и чилийских фашистах, в монологах великих писателей и художников разных народов — что в них? Его собственные страдания, мучения, раздумья о себе и об Осетии, о нашей с вами жизни. Ныне, с отменой цензуры, в таком «художественном методе» нет уже необходимости. У Ахсара, трагического поэта, как ни странно, много смеха, особенно в последние годы. Смех его выполняет двоякую функцию: с одной стороны, по-сырдоновски (Сырдон ведь тоже был трагическим поэтом!) мстить всему, что не достойно жизни и человека, мстить тем, 245
кто подл и двуличен, живет по принципу двойного сознания, двойной морали, мстить нравственно-эстетически, с другой — спасаться от нервно-психического истощения, безумия, преодолевать трагедию, чтобы не стать ее жертвой. Говорят, от зависти люди готовы убивать. Написал вещь лучше других — тебя ненавидят. Я, когда встречал у Ахсара что-то свежее, смелое, оригинальное, — а таких встреч было множество, — искренне радовался, как будто сам написал. Не зависть во мне вызывал, а радость, утоление собственной духовной, эстетической жажды и голода. Почитание власти и противостояние власти, вера во власть (в вождя, в систему, в «светлое настоящее и будущее») и недоверие, приязнь и неприязнь — такое легко обнаружить почти у каждого из наших значительных поэтов за семьдесят советских лет. Странный феномен. В одно и то же время поэт писал и настоящие, и ненастоящие стихи. В одних — правда о человеке и жизни, индивидуальное переживание, боль и страдание, в других — «общая правда», безудержная, пустопорожняя радость и бездумное, безумное веселье, то есть ложь о человеке и жизни. В одних — сама поэзия, в других — видимость, кажимость поэзии. Как будто в одном поэте жило два «я», два разных человека. Таковы Нигер, Фарнион — и не только они. Двуликие Янусы. Двойная мораль, двойное сознание. Так или иначе — разрушение личности. Не имеет значения, происходило или произошло оно вынужденно или добровольно, под внешним давлением или по внутреннему побуждению. Они до тех пор, пока оставались Янусами, оставались наполовину поэтами (и этим останутся в живой осетинской поэзии), но когда уже оставалось одно «я» — только почитание, вера, приязнь, оставалась ложь, окончательно отрекались от своего второго — главного «я», принимали за творческое кредо то, что Михаил Шолохов сформулировал предельно кратко и четко: «Писатель должен преданно смотреть в глаза власти», они полностью переставали быть поэтами. Другими словами, переставали жить и писать по правде. Мне жаль их, словно самого себя. Потому что этот странный феномен в той или иной степени не миновал ни одного из нас. Почти ни одного. Кто-то на открытии памятника Георгию Малиеву 12 мая 1999 г. сказал: «Он был основоположником осетинского поэтического романтизма». Романтизм как особое настроение — приподнято-радостное и (или) тоскливо-меланхолическое, обращенное то в прошлое, то в будущее — был присущ всем нашим великим поэтам, однако их вряд ли можно назвать романтиками в прямом смысле этого слова, то есть в смысле художественного метода. Если есть кто-нибудь среди них такой, то это — в первую очередь и главным образом Александр Кубалов. Он принципам романтического восприятия и ощущения, выражения и изображения (в основном — прошлого) остался верен почти до конца жизни. Старый, традиционный, кубаловский романтизм решительно от- 246
вергался советскими поэтами, утверждавшими так называемый новый романтизм. Они создавали мифы — солнечные и райские — о жестоких, кровожадных вождях и бездарной, бесправной жизни. Да, Георгию Малиеву не было чуждо романтическое настроение, но он никогда, подобно своему литературному окружению, не создавал мифов. Он — не мифотворец, он — правдотворец. Он один из тех редких поэтов, кто сказал правду о советской жизни, той жизни, ради которой боролся, но которая оказалась обманом — всего лишь романтической иллюзией, Сказкой: вместо ожидаемого мира, благоденствия, свободы она принесла террор, рабство, и поэт отвернулся от нее и стал к ней в оппозицию. Он был диссидентом, эмигрантом в своей стране, в своей родной Осетии. Правда о советской жизни — она у Георгия Малиева и в его непревзойденной лирике и лиро-эпике, хотя последняя вся — о прошлом, внешне как будто только «поэтическая обработка» народных сюжетов и мотивов, а по сути — свое, самобытное, оригинальное, малиевское, — она не столько о прошлом, сколько о настоящем. В ней — контрасты, проблемы, коллизии, которые мучительно переживались поэтом. Лирика и лиро-эпика — это не разные миры, а единый, целостный поэтический мир. Такова истина. И если уж нельзя обойтись без «измов», то можно сказать: Георгий Малиев был основоположником осетинского поэтического трагизма в советскую эпоху. Читая, притом очень часто, «патриотические», неприязненные, юдофобские высказывания о «нерусскости» превосходных стихов, вышедших из-под пера нерусских по национальности поэтов, меня невольно осеняет желание: если бы кто-то из них написал всего-то несколько стихотворений (тот же Борис Пастернак или Осип Мандельштам) на осетинском языке, — какое бы это было счастье для нашего языка, для нашей литературы! Могло бы это вызывать у меня, кроме восторга и признательности, какое то другое чувство?! ПОЭТЕССÆЙЫ ÆРВХУЫЗ ДУНЕ Хостыхъоты Зинæ Ирыстоны хуссармæ куы ’рцыд, дыккаг мой куы скодта æмæ журнал «Фидиуæджы» куы куыста, уæд ын лæмбы- нæг кастæн йе ’мдзæвгæтæ, мæ зæрдæмæ йын цыдысты, иннæ æры- гон поэтты хуызæн цæмæй нæ уыд æмæ йæхи хуызæн цæмæй уыд, уыцы æууæлтæ æмæ миниуджытæй. Уæд, æхсайæм азты æмбис, фыстон: «Поэтессæйы сфæлдыстады сæйраг у уарзты темæ. Уарзты æнкъарæн баст цæуы адæймаджы моралон удыхъæдимæ, царды алы- хуызон фæзилæнтимæ, зæронд фауинаг æмæ ног фæзминаг æгъдæут- тимæ, азы алы афонты æрдзы ивæнтимæ. Æмдзæвгæтæн цардхъом хъару дæггынц цæстуынгæ фæлгонцтæ, реалистон-цардуагон детальтæ æмæ драматикон лиризм. Уыцы миниуæгæй куы фæцух вæййынц (уæлдайдæр æхсæнадон темæтыл фыст æмдзæвгæтæ;, уæд рауайынц иумæйаг-афыстон. Йæ тематикæ уæрæх кæнгæйæ, поэтессæ хъуамæ 247
йæхиуыл йæ зæрдæ ма ива, ома йæ поэзи цæмæй поэзи у, уый дзы рох ма уа. Уымæй дарддæр ма хъуамæ фылдæр йæ хъус дара æмдзæв- гæйы техникæмæ, æмдзæвгæйы формалон культурæмæ». Уырыссаг æмæ дунеон поэзийы минæвæрттæ йыл куыд бандæвтой, ууыл дзур- гæйæ, бацамыдтон: «Уæлдай æхцон ын фæцис Есенины поэтикон фæлтæрддзинад». Мæ иумæйаг хатдзæг та уыд ахæм: «Нæ дуджы цæрæг ирон сылгоймаджы вазыгджын зæгъинæгтæ бирæ æнхъæлцау сты курдиатджын поэтессæйæ». Уæд, æртын фондз азы размæ, цы ныффыстон, уый мæм раст кæсы абон дæр — æмткæй, бындуронæй, — æмæ хауы, поэтессæйы канд уæды æмдзæвгæтæм нæ, фæлæ ма уæдæй фæстæмæ кæй ныф- фыста, уыдонмæ дæр. Хауы сæм, фæлæ абон бирæ цæмæйдæрты у фæбæлвырддæр æмæ фæдырысдæр кæнинаг, фæуæрæхдæр æмæ фæ- арфдæр кæнинаг. Нæ дуджы цæрæг ирон сылгоймаг... Поэтессæ ирон сылгоймæгты зæгъинæгтæй дзæвгар цыдæртæ загъта, дзæвгар цæмæйдæрты у сæ хуызæн. Фæлæ уæддæр у «æз», уæддæр «мах» нæу. Уæддæр у инди- вид, уæддæр тип нæу. Ие сфæлдыстадæн ис типикон нæ, — фæлæ индивидуалон уаг. Фæлæ Зинæ йæхæдæг йæхи хуыдта типикон ирон сылгоймаг, фыста: «Æз уæм æрцыдтæн аивгъуыйгæ ’нустæй, Мæ уд дзынæзта, мин азты куыдта, Æз рагон Иры хъарæггæнæг ус дæн, Æмæ æрцыд- тæн зарынмæ ныр та», кæд афтæ фыста, уæддæр типикон нæу, инди- видуалон у. Афтæ кæй зæгъы,зæгъгæ, ивгъуыд æнусты кæугæ, дзы- назгæ кодта, ныр та — заргæ, райгæ, ома хъыг (маст, хъарæг) æмæ цин (хъæлдзæг, зарæг) кæрæдзийы ныхмæ кæй æвæрдта, уый уыд советон системæйы идеологон домæн— ирон сылгоймаг раздæр кæугæ кодта, ныр та хъуамæ заргæ кæна, раздæр æвзæр уыд, ныр та — хорз, раздæр — талынг, хъарæджы дуг, ныр та— рухс, зарæджы дуг. Уыцы ныхмæвæрд мæнг у, æмæ мæнг кæй уыд, уый Зинæ йæ- хæдæг бæлвырд кодта йæхи зарæгæй — йæ цард æмæ йæ поэзийы æцæг рæстдзинад кæм æвдыста, уыцы зарæгæй, ома уыцы æмдзæв- гæтæй. Зинæйæн йæхи зарæг — кæд дзы ис цин дæр, хъæлдзæг дæр, уæддæр у хъарæг, схонæн ын ис зарæг-хъарæг. Кæд Зинæ нæлгоймæгтæй дзырдта: «Ничи сæ зоны, йæ зæрдæ цæмæй конд у усæн, Ацы гуырымыхъ, æвæлмон цæргæстæй» («Сыл- гоймаджы мидмонолог»), уæддæр ирон сылгоймаджы зæрдæ æмæ Зинæйы зæрдæ не сты иу зæрдæ, иухуызон конд. Уыдон бирæ цæ- мæйдæрты хицæн кæнынц кæрæдзийæ, бирæ цæмæйдæрты дзы иу иннæйы халдих æмæ сурæт нæу, иу дзы иннæйы æвдисæг нæу. Гæ- нæн ис, ирон сылгоймæгтæй йын сæ фылдæр йæ зарæг сæхи зарæг ма схоной, сæхи зарæгау æй ма райсой, кæд ын йæ ахадындзинад нымайой, стыр аргъ ын кæной, уæддæр. Уымæн, ай-гъай, афтæ æмба- рæн нæй, æмæ Зинæйы рæстдзинад ницы бар дары нæ дуджы цæрæг ирон сылгоймаджы рæстдзинадмæ. Адæмы иумæйаг, типикон хъыс- мæт кæнгæ у хицæн, индивидуалон хъысмæттæй, æмæ дзы алы хъыс- мæты дæр бар-æнæбары зыны иумæйаг хъысмæт. Уымæ гæсгæ гæ- нæн нæ уыд, æмæ Зинæ йæхи хъысмæтæй, йæхи рæстдзинадæй ма 248
равдыстаид нæ дуджы цæрæг ирон сылгоймаджы хъысмæт æмæ рæ- стдзинад. Æвæццæгæн, поэзийы алкæмæн дæр йæхи зарæг у иууыл хуыздæр иумæйаг зарæг. Зинæйы зарæг у йæ поэтикон дуне — йæхи цард, йæхи хъысмæт, йæхи зæрдæ æмæ йæхи психикæмæ гæсгæ кæй сфæлдыста, уыцы дуне. Цы хуызæн у, цы дзы ис, цы дзы уынæм? Æндæр дзырдтæй, цы хуызæн у йæ адæймагон кæнæ сылгоймагон æмæ поэтикон «æз»? Уым ис арв æмæ зæхх. Иу дзы иннæйы хуызæн нæу. Иу дзы у иннæйы ныхмæ. Зæххыл «нырма рæстдзинад туджы аргъ у», «ныр- ма цæрынц лæгсырд æмæ хæрам» («Мæ зæрдæ»). Поэтессæйæн зæхх æнæтугæй æргæвды йæ бæллиц, лæгæрды йыл милуан къахæй, æмæ куы фæтырны цæргæсау арвмæ стæхынмæ, æврæгътæн хъæбыстæ кæнынмæ, уæд æй зæхх йæхимæ нылвасы «йæ дам-думтæй, йæ фæ- ныкгуыз æгъдæуттæй», фæлæ поэтессæйы уырны: иубон стæхдзæн арвмæ æмæ уæд зæххы «фæныкгуыз æгъдæуттыл» уæлейæ бынмæ ныххуддзæн («Фæзæгъын: ехх, цæргæсау арвмæ стæх»). «Зæххы фыдæх»ын цъæл кæны йæ зæрдæ, фæлæ йæ зæрдæ бардузын йæ бон нæу, уый хъуамæ уадза цæргæс-лæппынтæ (æвæццæгæн, æмдзæв- гæтæ) æмæ уыдон арвыл зилой æмæ тымыгътимæ хæцой («Чи зоны, æнцондæр у цæрын»). Къæвдайы æртах бæрзондæй рахсы йæхи æмæ кæд зæххон цардæн сæрнывонд у, сæрхаст, уæддæр айнæджы сæрыл куы сæмбæлы, уæд райхъуысы йæ удисæн цъæхахст æмæ, рыст зæр- дæйау, фæхауы кæрдихтæ («Къæвдайы æртах»). Зæххæй арвмæ фæцæф цæргæс, сусæгæй йæ фæдыл рагæй чи зылд, уыцы цуаноны нæмыгæй, рахауд æмæ къæдзæхыл фæцæудзæн йæ дзæхст: «Мæнæн уæддæр æнусон бынат арв у, Мæ бынмæ зæхх та — цуанæтты хæ- тæн» («Цæргæсы мæлæт»). Зæхх, дам, зæдбадæн нæу, зæдбадæн у зæрдæ, фæлæ йыл кæнынц «къуырма фосы лæгæрст», æмæ поэтессæ «лæппын цъиуæй» йæ ных сарæзта арвмæ: «Зылди мæ сæр, мæ бынмæ та мæм зæххыл Æнхъæлмæ касти хæфсбадæн цъыфдзаст» («Мæнгæй нæ уасыд райсомсарæй уасæг»). Арв у «зæххы фыдæхæй» ирвæзынгæнæг, арвæй цæуы зæхмæ рухс, амонд æмæ фарн. Царды мæстытæ бавзарæг æвзонг чызгыл «арвæй æркæлдзæн мин хуры тыны», йæхицæн сæ сбидзæн кæлмæр- зæн («Иухаттау зар»). Сæуæхсид ныррухс кодта бæстæ, «Чырысти цыма арвæй зæхмæ ’рхызти» («Æхсæвы ронæй рабырыд сæуæхсид»). Поэтессæйæн «æвын æхсæвтæ» сты удхæрæнтæ, бонрухс ын хæссы «царды хæрзтæ» («Æхсæв мæ бæллиц бонрухс вæййы ’рмæстдæр»). «Зæххы фыдæх» æмæ талынг æхсæв — адон ын сты синонимтау, адон ын хæрынц йæ уд, зæхх ын цыма фестади Сахарæ, талынг æм лæбуры сау бирæгъау(цъæх нæ, фæлæ сау, æхсæв сау кæй у, уый тыххæй). Поэтессæ иунæгæй растад талынджы ныхмæ, куыйтæй, дам, мæм иу уæддæр куы разгъорид æмбалæн, куы йыл срæид, иумæ, дам, æй фæсурæм æмæ «иумæ аба кæнæм хурæн» («Æхсæвы хъуыр- духæн»). Поэтессæ хъæддаг дунейæ ралыгъд хъæдмæ, уым хуры тынтæ æхсæрæджы лæппынтау бæлæстыл кæнынц хъылдымтæ, мæр- гъты зардæй йыл æнхъæвзы «арвы рухс», æмтъеры зæххæй йæ схи- цæн кодта арв — хуымæтæджы йын нæу цъиуты зарæг чырыстон 249
аргъуыды «аллилуйæ» («Хъæды»). «Фыдæхы бæлас арвы бын æрза- ди», зæхх у зындон, хицау дзы — дæлимон. Поэтессæ куры Чырыс- тийæ, цæмæй нæм фæзына: «Гуымыдза зæхх йæ равзæрдæй фæс- тæмæ Дæу хуызæн лæгтæн аргъ кæнын кæд зыдта!» («Фыдæхы бæ- лас»). Зæххæн йæ лæппынтæ сты æнæбазыр, бæллынц арвмæ, сæхи æнхъæлынц цæргæстæ, стæхынц, фæлæ та фæкæс, æмæ цъасы фæ- цæуы сæ дзæхст. Уыдонæн цæргæс у æнæуынон, сæ удтæ — хæлæг æмæ хæлмаг, уымæн æмæ не сты æмæ никуы суыдзысты цæргæстæ, «нæ бамбардзысты арвы цъæхæн й’ад» («Цæргæстæ»). Арв (йæ цæргæстæ, æврæгътæ, къæвдайы æртæхтæ, хуры тынтæ æмæ Чырыстиимæ) æмæ зæхх (йæ айнæджытæ, бирæгътæ, талынгтæ, æнæбазыр лæппынтæ, хæфсбадæн цъыфдзæстытæ æмæ дæлимонтимæ) поэтессæйæн сты, а царды цы хорз æмæ цы фыд ис, уыдоны роман- тикон аллегоритæ, символтæ, фæлгонцтæ.Уымæ гæсгæ йæм се’хсæн цы цæхгæр, хъæбæр, карз ныхмæвæрд, контраст ис, уый иуцасдæр у абстрактон, схематикон. Афтæ зæгъæн нæй Зинæйы иннæ — бирæ æмæ алыхуызон — контрасттæй. Уыдон сты, иуæй, фæлмæндæр, нымæхстдæр, мынæгдæр, иннæмæй та — конкретондæр, реалондæр æмæ ма реалистондæр. Уымæ гæсгæ бирæвæрсыгдæр, вазыгджын- дæр, мидисджындæр. Поэтессæ арæх кæны Чырыстийы кой, чырыстон уарзты кой. Фæдзæхсы йæ зæрдæйæн, цæмæй адæмы уарза, адæймаджы уарза: «Куы уай æфхæрд, уæддæр-иу базон уарзын», «Кæйдæр мастыл дæхи мастау дзыназ» («Мæ зæрдæ»). Куры йæ мадæй: «Дзыцца, ныттух дæ дæллагхъуыр мæ зæрдæ, Цард хорз æрмæстдæр уарзтæй у, — мын зæгъ, Цæмæй мæ удмæ цавæрдæр сæлхæртæ Сæ сау базыртыл ма хæссой фыдæх» («Дзыцца, ды дæр куыд сæдых дæ бынтондæр»), «Ды мæ дæ къæсæй рарвыстай рæстагæй, Дæ фæдзæхст мын уыд адæймаджы уарзын» («Ды ма тыхс, гыцци, иу мур дæр мæн тых- хæй»). Дзуры Чырыстимæ, иумæ, дам, уынаффæ бакæнæм: «Фыдæх ныммарæм н ’аргъуан — зæххы риуыл» («Уынаффæ»). Ахæм уарзт — чырыстон уарзт — Зинæмæ у фæндонау, бæллиц- цау: адæм, дам, ахæм уарзтæй куы уарзиккой! Фæлæ ахæм нæу Зинæйæн йæхи уарзт, уартæ йæ фыццаг уарзтæй суанг йæ фæстаг уарзтмæ. Йæхи уарзт у æрра уарзт: «Æз ацы дунемæ æрра уарзтæн æвзæрд дæн» («Сау цæстыты кадæг»). Йæ зæрдæ— æрра, хивæнд, сонт, æгæнон, знæт, абухаг, фыд-зонд, æгоммæгæс, æнæсæттон (адон иууылдæр сты поэтессæйæн йæхи эпитеттæ): «Æвæццæгæн, тъымы- тъыматы, дугты Нæ уыд æррадæр, хивæнддæр дæуæй», куы, дам, дын фæдзурын: «Сабыр у, æрхъус у, Уæд де уæнгтæ бæстытыхау ныууигъыс, Дæ бæттæнтæ гæталджытæй тæхынц» («Хивæнд»). Зи- нæйæн йæхи уарзт у бæстытыхы хуызæн, æрдзытыхы хуызæн, сырдтæ, мæргътæ æмæ цæрæгойты хуызæн (æрвнæрд, саха-къæвда, уадты- мыгъ, арт^ стай, цæргæс, цъиусур, бæх, саг æмæ æндæр ахæмты хуызæн). Иæхи уарзт æгъатыр у, æнæбарон, æнауæрдон. Йæхи уарзт у расыг æмæ расыггæнаг — мифологон ронджы хуызæн. Уарзт æм гъа ныр фæзына кæнæ йæм фæзынд, уæд: «Арвы гæ- рæхтæ хуымæтæджы не сты — Чидæр мæ къæсæрмæ дардæй тындзы, 250
Уый у мæ удæн йæ цин дæр, йæ рыст дæр, Уый мæ æрра уарзты ронгæй хынцы. Сæрра кæд Уацилла дæр мæ цинæй, Калы цъæх цæхæртæ, фестади арт. Арв мæ нæ сайы, нæ мыл цæуы хинæй, Чидæр мын тымыгъы ’рбахæссы цард» («Арвы нæрын»); «Фæлæ фæзындтæ ’мæ дæ цæстыты æрвдзæфæй Мæ удыл сирвæзти æвзонг- дзинады арт», ома йæм раздæхт йæ кæддæры уарзт («Æнхъæлдтон, н’ауайдзынæ никæдуал мæ тæфтыл»); «Цы ’мбисонд æрбамбæлд, цæмæ ныггуыпп ластой Мæ кæддæры арты мынæг цæхæр муртæ» («О, цал азы нал уыд æрвхуыз фæлыст бонтæ!»); «Фæлæ дын иубон арвнæрдау цыдæр Гыбар-гыбурæй ку ’ацæуид мæ уæнгты, Фæцыд мæ уды ’нахуыр диссаг хъæр, Уый уыд бæллиц, Куы ’рцæйцыдтæ нæ уынгты. Дæ цæстытæ куы ’рбакалдтой цæхæр Мæ уадултыл, мæ бæгъæмвад урс къæхтыл, Мæ хъустыл ауад рагуалдзæджы хъæр, Ысцырын зæрдæ, риувæйнæг рæмыгъта» («Фембæлд»); «Цæй, ныр куыд ныхъхъус уа, куыд ныхъхъус уа мæ зæрдæ, Кæд ды йæ хуыл- фы дæ æхсæрдзæны сæх-сæх», кæнæ: «Цыма нуаздзынæн уыцы цæ- стытæ, Ронгау нуаздзынæн расыггæнгæ» («Сау цæстыты кадæг»). Поэтессæ йæхæдæг (йæ зæрдæ, йæ уарзт) цы сырдтæ, мæргътæ æмæ цæрæгойты хуызæн у, уыдоны хуызæн сты йæ уарзæттæ дæр. Æмæ канд уыдоны хуызæн нæ, фæлæ ма Хуры фырт, Уастырджи, Уырызмæджы æнæном лæппу æмæ ма суанг Чырыстийы хуызæн дæр: «Мæ сусæг Хуры фырт кæдæмдæр усгур цыд» («Сусæг»); «Æмби- сонд сагæнгæсыл уæд мæ цæст куы ’рхæцыд» («Фыццаг хъазты»); «Ды цыма Уастырджийы урс бæхыл æртахтæ, Æнæнхъæл урс дзуа- рау куы февзæрдтæ мæ размæ» («Урс уалдзæг»); «Ды иухатт Лæг- тыдзуар кæй уыдтæ, Дæ кувæндон бæлас — мæ уд» («Æниу ды уыдæт- тæн цы зыдтай»); «Нæ уынг уæд фестад таурæгъты бæстæ, Ды та — Уырызмæджы æнæном лæппу» («Фембæлд»); «Цъæх дзæбидыр — мæ уарзоны æнгæс» («Æз ам цæрын бæрзонд мигъты хъæбысы»); «Афтæ цæрдзынæн мыггагмæ дæ уарзтæвджид, Ме ’рвхуыз кæркуа- сæн, мæ рагсагъæс — Уастырджи» («Сылгоймаджы мидмонолог»); «Уæдæ уæд йæ сау цæстытæ Мæн цы ныхъуырынц цæргæстау?» («Моладзан»); «Мæ зæххон Чырысти, ныррухс кодтай мæ куывддон, Фыццаг куы ауыдтон дæ цардæгас ныв, уæд» («Куыд æрæгмæ?»). Кæд поэтессæ Хуыцауæй куры, цæмæй-иу ын зæгъа: «Фыдæхы бар дын нæй», кæд йæхæдæг йæхицæй дзуры: «Нæй мур фыдæхы уаг мæ уды», кæд æмткæй сылгоймагæй дзуры: «Никуы уыд хиуар- зон ус» («Евæ»), уæддæр гæнæн нæй, æмæ романтикон æрра уарзт ма уа эгоистон, хиуарзон, мастисæн, ма йæм уа фыдæх, схонæн ын ис уарзт-фыдæх. Поэтессæ йæ цæст кæуыл æрæвæра, йæ зæрдæмæ чи фæцæуа, кæй бауарза, уый хъуамæ æнæмæнг йæхи бауа, йæхи йæ бакæна, йæ бар ыл цæуа, йæ мондæгтæ дзы уадза. Кæйдæр фынгыл йæ зæрдæйы цины аххос сæн нæу: «Чидæр йæ цæстыты ’рбахаста хуртæ, Уыдон мæ уды ыскастысты ’васт. Нал баззад æхсæвы талынгæй мур дæр, Рудзгуытыл зæлы сæуæхсиды хъазт», æмæ къæйныхæй куры фы- сымтæй, афтæ ма искуы куы ’рбамбырд уой иумæ, уæд ын йæ бандо- ныл бадын макæй бауадзой: «Уыцы цæстæнгас æндæр чызджы тава.... 251
Исчи мæ амонд уæ фынджы цур дава, Уыйфæлтау бандон æдзæмæй лæууæд». Уыцы лæппу хъуамæ иунæг йæхи уа,— æндæр никæй! («Фынгыл»). Йæ зæрдæйы цины аххос ын у уарзты сæн (ронг ын куыд у, афтæ). Эчмиадзины сомихаг æвзонг моладзаны куы федта, уæд æм уайтагъд сцыбæл: «Ехх, ныр ме ’нгуылдзтæй куыд хъазин Уыцы сау боцъотæй æз», æмæ: «Сатæгсау пæлæзы стыхтай Уыцы уарзтмондаг зæрдæ. О, уæддæр ныртæккæ ссыгъдтæ Æмæ зон, мæн дæ, мæн дæ!» Æмæ йæм сомихаг æвзонг моладзан æхсæвы «ралыгъд сыгъдæг удты ’хсæнæй»: «Ныр мæ комулæфт сырх сæнау Нуазы, ра- сыг дзы кæны... Æмæ ризгæ къух мæ уæхскыл Уадзы адæргæй йæхи» («Моладзан»). Кæнæ сау денджызы был абхазаг лæппуйы куы федта, куы йæ бауарзта, уæд æм кæмдæр къуымæй кæсынц абхазаг чызджы дыууæ знæт цæсты, фырмæстæй йæ хæрынц, æмæ йын поэтессæ йæ ныхмæ æвæры уæлахиздзауы мастисæн-æртхъирæн: «Æз, ирон чызг, мæ сæрмæ дæр не ’рхæссин, — Байсай ацы лæппуйы мæнæй. Æз фæ- хæсдзынæн хохбæстæм азæр дæр, — Циу æппæтæй зынаргъдæр дæ- уæн: Æз хæсдзынæн, кæй бауарзтон , уый зæрдæ, Стæй-иу уый фæстæ сфæлвар, дæу уа...» («Абхазаг куплеттæ»). Кæнæ йыл æндæр лæп- пуйы сау цæстытæ арт куы сæндзæрстой æмæ дзы кæдæмдæр куы фæлыгъдысты, æхцон æмæ йын дудгæ хъизæмар куы ныууагътой, уæд сæ канд мысгæ нæ кæны, фæлæ цыфæнды ныхдурты сæрты дæр ахиздзæн, фæцæудзæн сæм æмæ: «Уыдзысты аизæр дæ дыууæ цæсты мæн!» Стæй сæм канд цæугæ нæ кæны, — фестдзæн амазонкæ, сау цæстыты хицауæн йæ фæдыл бафтдзæн, фат ыл суадздзæн æмæ куы ’рхауа, уæд: «О, куыд фыцдзæн дæ зæрдæ мæстæй! Æз дæ разы æрзо- ныг кæндзынæн, Арвы хурдзыд зæлдаг гæбæзтæй Сабыр, хъавгæ дæ цæфтæ бæтдзынæн. Цæстыхаутыл ысхæцдзынæ ’васт... Макæ, ма-иу сæ ’рыхгæ фæстæмæ! — Уыцы сау дыууæ цæсты фæкаст Уæд фыццаг хатт уындзынæн хæстæгмæ» («Сау цæстыты кадæг»). Цы бакæнинаг уыд, уый нæ бакодта, фæлæ йыл гуырысхогæнæн нæй: цæмæй йæ зæрдæйы фæндон сæххæст уа, уый сæраппонд цæттæ у алцæмæ дæр, ницæуыл бацауæрддзæн, суанг ма марыныл дæр. Поэтессæ кæддæр кæй уарзта, уыдонæй йын иуæй-иутæ (се’ппæт нæ!) свæййынц æнæуынон, æмæ сæ йæ маст исы дæрзæг æмæ гуыры- мыхъæй. Уардиты зæрдæты кæй ном бавæрдта, уымæн, дам, йæ гадз- рахат се ’хсæн калмы хуызы ныххылд æмæ сын сæ къусчытæй рацъыр- дта йæ ном («Гадзрахат»). Уарзтæн, дам, йæхæдæг йæ цæстытыл чи ’рхæцыд, уый йæм фæстæмæ куы раздæхт, уæд: «Цы ма дæ ’рхаста, цæй, цы куыдз, цы хæрæг?!» («Мæн нал хъæуынц дæ хорз дæр æмæ ’взæр дæр»). Цард ын кæй азарæй схъæстæ, чи дзы ацыд æндæрмæ, æмæ ныр сусæгæй кæй фæнды, куы та суаид йæ бинойнаг, уымæн йæ зæрдыл æрлæууын кодта: «Цыма куыдз феуæгъд йæ бастæй, Уыйау систай мемæ æйтт. Уыйбæрц та кæцæй æрхастай Ды дзырды фыд- дæртæ уæд?»(«Уæд цы гæды ауад не ’хсæн?»). Романтикон æрра уарзт сысхъиуы-æрысхъиуы иу æгæрæй иннæмæ: бæрзондæй ныллæгмæ, дзыр- ды хуыздæртæй «дзырды фыддæртæм», фидауц-рæсугъдæй фыдуынд- фыдхуызмæ, Хуры фыртæй (Чырыстийæ, Уастырджийæ, Уырызмæ- джы æнæном лæппуйæ) калммæ, куыдзмæ, хæрæгмæ. 252
Кæддæр чи уыд, уыцы уарзт — йæ хъæбулæнгæс уарзт, ома йæ хъæбул кæмæй равзæрд, уыцы уарзт — нæ комы рох кæнын, æмби- йын, æлхъивы йын æнæхсæст дзæмбыйæ йæ зæрдæ: «Куы йæ цæс- сыгтæ фестын кæны уайтагъд, Куы й ’алывæрстæм цъиу-сурау лæбу- ры, Уæд феуæгъд и мæ риуæй æмæ атахт — Нæ баззаид, æвæццæгæн, ДУР дурыл», æмæ йæм æрцæуы æвирхъау фæндон: «Мæ хъæбулæнгæс буц уарзтыл фæкæуон, Ныххурх æй кæнон сау масты фæндиаг», ома йæ хъæбулы ныххурх кæна, æмæ кæд йæхæдæг йæхиуыл бахуды: «Мæ боныл, зæгъын, мæлæты Медея» («Масты уысмы»), кæд æй юмо- рырдæм аздахы, уæддæр ахæм фæндон цы зæрдæйы сæвзæрд, уый æдæссаг нæу. Уыцы зæрдæ, иуæй, аразæг у, иннæмæй та — халæг. Чи зоны, аразæг — къаддæр, халæг та — фылдæр, хиуарзон, фыдæх æмæ^дзы мастисæн тыхджын кæй сты, уый тыххæй. Йæ зæрдæ ахæм кæй у, уый йын дис æфтыдта йæхиуыл дæр. Йæ зæрдæ æмæ æмткæй адæймаджы зæрдæ — цы ’рмæгæй, дам, æй счындæуыди? «Хуыцау æмæ хæйрæг нæ иумæ скодтой» («Дис»). Йæ зæрдæйæ загъта: «Мæ уд дæр зилы хæйрæджыты ’рфæнты... Фыдæ- хæн мæ фыдæхæй дзуапп фæфæнды» («Мæ уд дæр»). Кæнæ: «О уарзт, куыд равзæрдтæ, куыд фæзындтæ нæ зæххыл, Хуыцауы хор- зæхæй æви хæйрæджы ’лгъыстæй?» Куы æрвгæлæн у, куы — дзæ- нæт.Куы хъамалвæстау, куы — сабийы фæлмæн худтау. Арв æмæ зæххы æхсæн æм цы контраст ис, уымæ гæсгæ, поэтессæ зæгъы, чи зоны, дам, нæхи аххос у: уарзт нæм æрцæуы уæлæрвтæй æмæ йæ мах нæхæдæг фестын кæнæм сау сырд, цæмæй нæ удты хъизæмар æвзара æмæ нæ сæрзилæджджын зæххыл быныскъуыд баййафа («Уарзт»). Цыфæнды дæр æмæ куыдфæнды дæр ма уа, уæддæр дзы иу хъуыддагыл дызæрдыг нæ кæнæм: поэтессæйы зæрдæйы уыциу рæстæг ис Хуыцау дæр (Чырысти, зæд, бардуаг) æмæ хæйрæг дæр (дæлимон, иблис, зин). Зинæйы уарзтæн схонæн ис зæд-зины уарзт. (Цахæм аллитераци дзы рауад зы-сы-тæи\ Хуымæтæджы уа?) Уыцы уарзт цы хъыг дары, цы йæ æлвасы, цы йæ бæтты («хъæ- бæр мæцъы бæндæнтæй»), уыдонæн цæуы сæ ныхмæ— æмæ йæ ницы уромы: нæдæр æгъдау, нæдæр дин, нæдæр æхсæнадон æмæ национ этикæ. Цы йæ фæнды, уый хъуамæ кæна, æмæ йын уыцы бар æмæ уыцы фадат куы дæттой, уæд сæ райгонд уыдзæн, науæд сæ фау- дзæн, æфхæрдзæн, алы фидиссаг нæмттæ сыл æвæрдзæн. Уый фæн- ды, цæмæй уа сæрибар æмæ йын арæнтæ, гæрæнтæ мацы æмæ мачи æвæра. Ахæм сæрибар æцæгæй сæрибар нæу, фæлæ у уæгъдибар, уæгъдидон: цу æмæ тæх, дæхи кæдæм фæнды, уырдæм, цæр æмæ архай, æрмæст дæхи куыд фæнды, афтæ. Поэтессæ æмбæрста, ахæм сæрибар ын хъыцъыдæттæ бадарын кæндзæн: «Мæ цæстыл уайы, ацы хъæрмуст дуне Цы бакæндзæн дæуæн, мæ зæрдæ, уый», бæргæ, дам, дæ мæ зондыл ныббæттын «лæппын стайау æз» («Хивæнд»). Йæ тæлтæг митæй-иу куы фæрыст, уæд-иу æй йæ риуы ныббаста «куыдзау рæхыстæй» («Уæд бамбардзынæн»). Фæлæ йын, иуæй, коммæ нæ каст, йæхионтæ кодта, иннæмæй та— зæгъæм, ныббаста йæ, уæд йе ’рдзæй схицæн уыдаид, йæхи хуызæн адæймаг æмæ по- этессæ нал уыдаид. Уый та йын мæлæтæй хъауджыдæр нæу. 253
Зинæ дзырдта, æхсæнадон æмæ национ менталитетмæ гæсгæ цы ’мбæлы, цы фæччы, уый нæ, фæлæ цы ’нкъардта, цы ’взæрста, цин æмæ йын маст, æхцон æмæ йын хъизæмар цы хаста, уый, дзырдта йæ æргомæй, æнæсайдæй. Зинæ табу кодта уарзтæн, сæрибарæн, рæстдзинадæн. Фæлæ табу нæ вæййы æнæ тобæ. Зинæ табу кодта, фæлæ тобæ нæ кодта. Адæ- мæн тобæйаг цы у, аккагыл цы нæ нымайынц, уый Зинæйæн арæх у аккаг æмæ табуйаг. Поэтессæ йе ’рдзытых æмæ йæ уæгъдибарæн се знæгтæ хуыдта фыдæх, хæлæг, дам-думтæ, фыдгойтæ, «фæныкгуыз æгъдæуттæ». Фылдæр хатт сæ ницæмæ дардта — фылдæр æнкъарæнæй царди (зондæй нæ!) æмæ йын йе ’нкъарæн куыд дзырдта, куыд амыдта, афтæ кодта. Фæлæ-иу сæ хаттæй-хатт йæхи хызта. Куыд? Поэтессæ йæ уарзоны ном хъæрæй нæ дзуры, æмбæхсы йæ: цæр уал, дам, «мæ зæрдæйы æргъæу чырыны ’мбæхстæй», æмæ фæсæмбисæхсæв адæм фынæй куы кæной, «зæххы хъылма» хуыр-хуыр куы кæна, уæд-иу мæм рацу— «уыдзыстæм уæд æз æмæ ды æрмæст», æмæ, дам: «Йæ тыбыртæ куы бацæгъда хæлæг, Æмæ фыдæх куы амæла нæ царды, Хуыцæутты ’нгæс куы ссыгъдæгуд уа лæг, Дæ ном хъæрæй уæд ныз- зардзынæн дардыл». Адæм æй не ’мбæрстой: «Куыннæ ’мбарынц, цæр- гæбонты мæнæн Поэзийы сыгъдæг бардуаг ды кæй дæ» («Хæлæг»), нæ йæ æмбæрстой, фæлæ йæхæдæг хъуамæ æмбæрстаид: иуæй, хæлæг æмæ фыдæх никуы амæлдзысты, царды тох — хорз æмæ фыды æхсæн тох — никуы банцайдзæн, куы банцайа, уæд цард дæр банцайдзæн, нал уыдзæн, иннæмæй та — адæм хуыцæутты хуызæн никуы суыдзыс- ты, фæлæ, дзырдæн, куы суой, уæддæр тобæйаг цы уа, уый сын табуйаг не суыдзæн, фауинаг цы уа, уый сын стауинаг не суыдзæн. Хуыцау дæр, Чырысти дæр сты нæфæччиаг, æмбæхсинаг, тæригъæдджын уарз- ты ныхмæ. Хуыцау адæймагæн цы сæрибар радта, уымæн ис æмæ йын кæддæриддæр уыдзæн йæхи арæнтæ, йæхи гæрæнтæ, æмæ уыдонæн сæ сæрты чи хиза, уый йын тæхудиаг адæймаг нæ уыдзæн. Стæй, арæби, иугæр де ’мдзæвгæты дæ уарзоны куы равдисай (поэтессæ дзы равдыста йе’ппæт уарзæтты дæр), уæд ма йын уымæй хъæрдæрæй, уымæй дар- дылдæр куыд хъуамæ ныззарай йæ ном! Кæд ыл, мыййаг, адæм — уадз алкæд нæ — уымæн дам-думтæ кодтой, æмæ йæ уарзт уыд фауинаг, нæфæччиаг, тæригъæдджын — ныхылдта кæйдæр уарзт æмæ кæйдæр сæрибармæ, хæлдта сæ, по- этессæйæн амонд цы хаста, уый кæмæндæр хаста æнамонд. Кæд афтæ уыд, уæд хъуамæ адæммæ ма мæсты кодтаид, фæлæ йæхимæ, канд адæмы аххос ма кодтаид йæ уарзты трагеди, фæлæ ма йæхи аххос дæр. Æнæ арт, дам, фæздæг нæй. Æнæ аххосæй адæм дæр алкæд дам-думтæ нæ фæкæнынц. Зинæйæн йæхимæ ис цыппаррæнхъон: «Мæ цæстытæ дын, дам-думгæнаг устытау, Раргом кодтой ме ’вастæй мæ зæрдæ: Нæ дæ уынынц, уæд сæ нæ вæййы рухсы тау, Акалынц дæ иу фендæй цæхæртæ». Цæстытæ дам-думтимæ кæй абарста, уымæй Зинæ йæхæдæг амоны: дам-думтæ дæр раргом кæнынц æцæгдзинад (дам-думтæй дæр ис мæнгтæ æмæ дзы ис æцæгтæ). Гъе æмæ дын кæд уыцы æцæгдзинад пайда нæу, де ’рра уарзт æмæ дæ уæгъдибарæн 254
зиан у, уæд æй хъуамæ «зæххы фыдæх», «зæххы хъылма» хонай?! Цыфæнды трагеди дæр канд рæстæг, адæм, уавæртæй кæнгæ нæу, — адæймагæн йæхицæй къаддæр кæнгæ нæу. Чи зоны, хаттæй-хатт фылдæр, науæд та иууылдæр йæхицæй кæнгæ у. Поэтессæйæн-иу йæ уарзт сгуыпп кодта æмæ арт уагъта лæппуйы æддаг рæсугъдæй, — мидрæсугъдæй, мыййаг, нæ. Буар (уынд, бакаст, конд) æм тыхджындæр у удæй. Буар ын— уарзт амидингæнæг, цы- рынгæнæг, æмæ йæ къуылымпыгæнæг дæр, йæ мынæггæнæг дæр. Амондджынгæнæг æмæ æнамондгæнæг. Ай, дам, мыл цы ’рцыд, уадындз мын цы фестын кодта мæ зæрдæ, мæ удыл мын чи бафтыдта рухс зарæг: «Се ’ргом раздæхтой мæм зæдтæ Æви сæрра дæн дæ уындæй?!» («Ай цы диссаг у, цы сæрд у!»). Алкæддæр сæрра вæййы лæппуйæн йæ буарæй, фылдæр хатт йæ цæстытæй. Æмæ йæхæдæг дæр лæппуты зæрдæтæ æрра кæны, сæтты йæ буарæй. Буар тæккæ рæсугъддæр æмæ кæлæйнагдæр вæййы æрыгонæй, æвзонгæй. Цæмæй поэтессæ уарза, уый тыххæй: «Æрбахæсс мын чызгон бонтæй мæ уынд» («Æрбацу ’мæ мын ме ’взонг бонтæ ’рбахæсс»). Цæмæй йæ уарзой, уый тыххæй дæр: «Мæ рæзты рацæйтæхут хъал хæххон цæргæстау Æмæ мын аскъæфут мæ фæндæгтыл мæ уд... Уæдæ ма раздæхиккой ме ’взонгзæрдæ азтæ, Уæдæ ма бахудид уæм иухатты рæсугъд. Уæд уæ бæргæ фенин, цы бæрзæндты тæхиккат, Уæд уыл бæргæ суадзин сызгъæрин-бырынкъ фат... О, сау дыууæ цæсты, уæхæдæг мын зæ- гъиккат, — Нанайы буц чызгай, дæ зæрдæ ма нын ратт» («Сау цæсты- ты кадæг»). Иугæр буар базæронд, уæд уарзт дæр нал ис, кæд ма уды уарзын бафæнды, уæддæр: «Ехх, фæлæ зæронд ыстджытæ! Фæлæ, тæхуды, ’мпылд зæронд буар...» («Уалдзæг у, мæ зæрдæ счызг та»). Буары рæсугъдмæ гæсгæ æмæ йын уымæй кæнгæ у амонд. Гыц- цыл чызджытæ, гæдыйы урс лæппынтау, кæнынц хъылдымтæ, зи- лынц донбылты тыччыдзуан, кæрæдзийыл æрхъæцмæ дæр нæ хъæ- цынц, фæлæ: «Чындздзон чызджы дуг ралæудзæнис иубон, Хъысмæт сæ искæй авæрдзæнис хурварс, — Рæсугъддæры ном ратдзæни сæ иуæн, Æмæ уæд се ’хсæн ацъелф кæндзæн рувас» («Гыццыл чыз- джытæ»). Цæмæй уыдзæн рæсугъддæр? Буарæй. Æндæра, чи зоны, иннæ чызджытæ уымæй рæсугъддæр уой — удæй. Фæлæ поэтессæ- йæн удæй рæсугъд рæсугъд нæу. Кæд ын у, уæддæр ын сæйраг нæу. Æртæ монцы, дам, ис. Уыдонæй дыууæ — æнæуынон (фыдæх) æмæ уарзт — сты риссæн, удхæрæн, æртыккаг — «куы уа уд удæн хицон», ома чи дæ æмбара æмæ кæй æмбарай, ахæм хæлар — уымæн, дам, дзы æмбал нæй, уый уæлдæр у фыдæхæй дæр æмæ уарзтæй дæр, æгайтма, дам, уыцы маргъ — уарзт — не ’хсæн нæ атахт («Мæ уды хæлармæ»). Афтæмæй та дыууæ уды хицон — уый хъуамæ уар- зтæй фылдæр æмæ тыхджындæр макæцы монцмæ уа. Æнæ уый уарзт уарзт нæу, цард уарзтыл нæ лæууид, уарзтæй нæ рæзид æмæ уарз- тæй æвидигæ, æмæлæт нæ уаид. Буары уарзт нæ, — уды уарзт у сæйраг. Базæронд вæййы буар, — уд нæ. Буары уарзт нал ис, æмæ уд æнæ уарзт баззад. Æрмæст ма йæ бон у, æмæ мыса йæ кæддæры æвзонг буары уарзт (кæнæ уарзтытæ). Уды рæсугъд æмæ уарзт — уыдон нæ фидийынц, уыдон кæнынц уарзæтты кæрæдзийыл æнувыд, 255
иузæрдыг, аудæг суанг зæрыбонмæ.Буар, цалынмæ нæ базæронд уа, уæдмæ дæр алкæд æнтыст æмæ сгуыхты «дзаума» нæу. Ууыл дзуры поэтессæйы хъаст дæр — йæ цыппаррæнхъон: «Ехх, кæмæй нæдæр дæн кондæй, Йе кæмæй нæдæр мæ уынд!.. Уæд дæ къæхты бын цы скодтай, Уарзты рухс бардуаг, мæ уд?!» Буары уарзт амонд не ’рхæс- дзæн, уды уарзт дæм куы нæ уа, уæд дын уарзты бардуаг абон уа, сом уа дæ уд йæ къæхты бын скæндзæн. Поэтессæмæ кæд уд тырны буармæ, уæддæр уд нæ, — буар тырны буармæ, уæддæр ыы уарзт сæйраджыдæр у буары уарзт: «Æз бæллын, дæ хъарм хъæбысы ронгæй Баназон, ысрасыг уон æрмæстдæр» («Уыцы дыууæ цонджы»); «Мæнæй дæ асайдта йæ кæл-кæлаг рæуцинтæй, Мæнæй дæ асайдта йæ тæлтæг буары тæвд» («Цæмæн ма?»); «Бæгуы- дæр дæм кæлæнгæнæг цæудзынæн, Æрхæсдзынæн дæ сæры хилтыл м’арм, Цыдæртæ дын сусу-бусу кæндзынæн,Ды банкъардзынæ де ’ппæт буары хъарм» («Кæлæнгæнæг»). Ахæм «буарон монцтæ» йæм дзæв- гар ис (сомихаг моладзан, абхазаг лæппу æмæ сау цæстыты хицауы тыххæй æмдзæвгæты дæр). Бар-æнæбары дзы æнкъарæм эротикæ, кæд æй поэтессæ комкоммæ, гомгæрццæй не ’вдисы, уæддæр. Цы йын у нæлгоймаг æмæ йын цы у сылгоймаг? Нæлгоймæгтæй домдта, цæмæй уой хъæбатыр, зæрдæвидар, гуыргъахъхъ фæндæг- тыл цæуой, се знæгтæ сæ уындæй тæрсой æмæ кæрзой, царды æнæ- рæстытыл ныфсджынæй дзурой æмæ сын сæ ных цæвой, райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау сæхи нывондæн хæссой. «Уадз æмæ тымыгъ рæмудза дæфæрстæ, Гъе’мæцы! — тымыгътæй фидауыцард... Уадимæ бацæуынц тохы цæргæстæ, Хилджытæм никуы хæццæ кæны уад...» («Уадз æмæ...»). Поэтессæ йæ маст, йæ зæрдæниз кæмæ хæссы, уыцы æмгар, æцæг нæлгоймагау, йе ’мбуар не ’рбалæудзæн, йæ рæстдзи- нады сæрыл нæ рахæцдзæн— къуырма фесты, нынныгъуылы йæхи мидæг, æмæ йыл иронион худт бакодта: «Зынтæ нæ царды бирæ ис нырма, Æндæр мын ды кæуылты ’мгар ныззилис!» («Æмгар»). «Чи- дæр фауы алкæйдæр, æмæ стауы йæхи, æппæлы йæхицæй. «Иу лæг- дзинады мур а зæххыл ма равдис, Афтæмæй хъæр кæн: «Лæг дæн!» («Кæмæндæр»). Чидæр, Ирыстонæн йæ сæр йæ кой куы свæййы, уæд йæхи фæтылиф кæны: «Ныхъхъус вæййыс къуыртхор гæдыйау уæд, Дæхæдæг та дæхи йæ хъæбул хоныс» («Тыхлæг»). Поэтессæ нæлгоймæгтæй домдта, фæлæ сæ цы домдта, уый сæм нæ ардта, нæ уыдта, æмæ сæ йæ «мæгуыры бон базыдта»: «Къуыдыр гуыртыл сæры къуыдыртæ ауыгъд. Сæры къуыдырæн цастæ у йæ бон! Нæ зæххон дуне уымæн у гуымыдза» («Дæ ратгæ лæджы дзуар æнхъæлдтон æз»). Адæм, дам, нал сты адæмы хуызæн, се ’рдзыхъæд аивта. Евæ — поэтессæимæ æмхъуыды æмæ æмдзыхæй — дзуры: «О, бафæлладтæн æз, мæ цот, уæ мастæй, Хæрут кæрæдзи ’гæнонæй, налатæй, Мæ бон ныккалд, æцæг адæмы бæсты Куы ныййардтон сылатæ ’мæ нæлатæ» («Евæйы хъыг»). Иронау ис иу дзырд: сыла-нæла (гермафродит — уыциу рæстæг нæлгоймаг æмæ сылгоймаджы миниуджытæ кæмæ ис, ахæм адæймаг). Зинæ дзы дыууæ хицæн дзырды сарæзта: сылатæ æмæ нæлатæ. Сылатæ — сылгоймаджы хуызæн чи у (кæнæ чи сси), ахæм нæлгоймæгтæ (феминизаци), æмæ нæлатæ — нæлгоймаджы 256
хуызæн чи у (кæнæ чи сси), ахæм сылгоймæгтæ (маскулинизаци). Нæлгоймаг нæм нæлгоймаджы хуызæн нал у, сылгоймаг та — сыл- гоймаджы хуызæн. Сылгоймаг æмæ нæлгоймаг хъуамæ æмбар-æмсæр уой царды алы къабазы дæр — афтæ домы феминизм. Зинæмæ гæсгæ, канд æмбар хъуамæ ма уой, фæлæ ма сылгоймаг хъуамæ уæлдæр уа нæлгоймагæй. Уымæ гæсгæ Зинæйы феминизм зына-нæзына у агрессивон. Хуымæ- тæджы нæ дзуры нæлгоймæгтæн: æз — сылгоймаг — цардаразæг фарн, бæллиц, дидинæджы тау, цъæх уалдзæг, цины зарæг, æфсарм, хæдза- ры бæркад, царды дугъы уе ’мдзу, бахъуаджы уæ кард, уæ раттæг, уæ фидæн, æмæ: «Кувут, лæгтæ, иууылдæр мæнæн» («Æз — сылгоймаг — цардаразæг фарн дæн»). Уый сылгоймаджы иумæйаг сурæт у, Зи- нæйы индивидуалон сурæт нæу (уæлдæр дзырдтон йæ цины зарæг, йæ аразæг фарн, йе ’фсарм æмæ æндæр цыдæртæ цы хуызæн сты, уый тыххæй), фæлæ сылгоймаг нæлгоймæгтæн алцыдæр кæй у æмæ йын се ’ппæт дæр кæй хъуамæ кувой, уымæй йæ уæлдæр æвæры нæлгой- мæгтæй. Хуымæтæджы нæу уый дæр, æмæ кæй бауарзы, чи йæ бахъæуы, уыцы нæлгоймæгты йæхи кæй бакæны, кæй сæ басæтты, йæ буары «кæлæнты» амæттаг сæ кæй фæкæны:»Мæн дæ, мæн дæ!», æмæ йæ куыд бафæнды, афтæ бакæнынц уыдон дæр. Поэтессæйæн йæ уарзæттæй иу дæр нæ басгуыхт, кæддæр æрыгон чызгæй йæхицæн йæ сæнтты кæй «равзæрста» æмæ кæй сныв кодта, уыцы лæппу — «дадайы аргъæутты лæппу»: «Цыма фæзынд, зæгъгæ, тæссагдæр сырд, уæддæр ын Ды ам — мæ къæхты раз æрæвæрис йæ мард»;цыма гуннты æфсад куы ’рбазыниккой, уæд сæ сухты цагъд нык- кæнис; «Цыма мын исчи-къуыдипп мур æфхæрæн загъта, Гъе уæд ды нал равзарис раст æмæ зылын» (?!); зæххон рæсугъдты рæсугъдтæ, дам, дæ алыварс куы ’рзиликкой æмæ дын сæ удтæ сæ урс къухты куы ’рхæссиккой, «уæддæр нæ фæфæливис де ’нгас ды мæнæй»; уыцы лæп- пу уæдæй абонмæ поэтессæйæн æрмæст «йæ ныфсы февзæры», фæлæ йыл æмбæлгæ никуыма фæкодта: «Нæ уыдтæ, ’вæццæгæн, зæххон лæп- путæй иу дæр, Нæ дын уыд аргьæутгæй æрцæуыны фæрæз» («Идеал»). Фæлæ йæм кæд не ’рцыд, уæддæр уыцы лæппу цы хъуамæ арæзтаид, уый поэтессæ аразын кæны йе ’ппæт уарзæттæн дæр: кувой йын, табу йын кæной цахæмдæр ус-паддзахау, йæхи йеддæмæ йын æндæр сыл- гоймæгтæм макуы бакæсой, раст уа æви зылын, уæддæр йæ сæрыл-иу рагæпп кæной æмæ йын йæ маст исой, ома уой йæ уæгъдибар, йæ эгоистон æмæ йæ мастисæн фæндиæгтæ æмæ монцты цагъартæ. Ахæм «статусыл» йæ уарзæттæй, æвæццæгæн, ничи разы кодта (кæд-иу дзы исчи разы кодта, уæддæр рæстæгмæ), æмæ афтæмæй кæддæр йæхицæн кæй сныв кодта, уыцы лæппуйыл кæм хъуамæ фембæлдаид! Цыбырдзырдæй, Зинæмæ гæсгæ, нал ис æцæг нæлгоймæгтæ (си- сты сылатæ), фæлæ ма ис æцæг сылгоймæгтæ (систы нæлатæ), æмæ ма уыдонмæ у Ирыстонæн йе скаст. Ир, дам, хæстыты слæмæгъ лæджы тыхæй, — уымæн афтæ æмбарæн нæй, зæгъгæ, нæлгоймаг фæсивæд нæм нал баззад,— нæ, баззад нæм, фæлæ се ’хсæн хæс- тонтæ, æцæг нæлгоймæгтæ нал ис: «Ир фыдхæстыты бабын, ныччы- сылтæ, Фæлæ тохы бон Иры сæрыл хæсты Амазонкæтæ фестдзыс- 17 Дзуццаты Хадзы-Мурат 257
тæм, чызджытæ, — Фыдгул, рацу нæм гъеуæд лæгæвзæрстæй!» («Го- къонаты Кабæйæн»). Нал ис æцæг нæлгоймæгтæ абон, æмæ сæм поэтессæ ацæуы ив- гъуыд замантæм. Ацæуы Сослан-Дауытмæ: «Цы дын æй æмбæхсон, чындздзонæй мæ фырхъалæй Мæ бирæ усгурты дæуыл барстон» (Со- слан-Дауыты успаддзах уарзон Тамарæн дæр бирæ усгуртæ уыд), фæлæ: «Мæ кары лæппутæй Сослантæ нæ уыдзæн». Канд нæлгой- мæгтæй нæ, — поэтессæ йæхи хицæн кæны сылгоймæгтæй дæр, сæ хуызæн нæу, иунæг йæхи хуызæн у: «Дæ уды сусæгтæ, дæ уды æрвон арт Гъеныры чызджытæй æз зонын æрмæст». Поэтессæйы цæсты Сослан-Дауыт кадджын у, йæ успаддзахæн табу кæй кæны, уый тых- хæй: хæстæй здæхгæйæ-иу йæ уарт иуварс æрæвæрдта æмæ-иу йæ уарзонæн быдыры рæсугъддæр дидинджытæ æртыдта. Поэтессæйы рыст зæрдæ у Сослан-Дауыты «афтид ингæн» æмæ йæ уарзты бæл- лицтæ мæрдты цъиутау йæ сæрмæ тилынц сæ базыртæ («Дауыт-Со- сланы æндæрг»). Ай-гъай, поэтессæйы цæсты кадджын у Сослан- Дауыт — кæйдæр сылгоймаджы буарыл (кæд уымæй рæсугъддæр, адджындæр æмæ æнæфсисдæр буар нæ уыд, уæддæр — буарыл!) ныууæй кодта йæ райгуырæн бæстæ, йæхицæй цагъар скодта, сгуыр- дзиаг æмæ Гуырдзыстоны арæнтæ дардыл ныззылдта . Зинæмæ гæсгæ, йæ феминизммæ гæсгæ, уарзты дæр, бинонты царды дæр нæлгоймаг хъуамæ уа Сослан-Дауыты хуызæн — хъуамæ æлдариуæг кæна сыл- гоймаг, паддзах уа сылгоймаг, нæлгоймаг та (цыфæнды домбай, бæгъа- тыр хæстон-балхон нæ уа, уæддæр) — йæ дæлбар, йæ цагъар, æххæст ын кæна йæ бардзырдтæ, æфсада йын йæ буар æмæ йæ уды монцтæ. Нæлгоймаджы нæ уарзта, нæ, — нæлгоймаджы мидæг уарзта йæхи, æмæ йын йæ мидæг, йæхи куыд фæндыд, афтæ куы нæ уыдаид, уæд- иу æй ныууагъта æмæ-иу йе ’нæуынон фестад. Ацæуы нарты Сосланмæ. Поэтессæ йе ’ннæ уарзæттæн цы аразын кодта, уый — амæн дæр. Асимæм, дам, иумæ: «Мæ цонг мын балвас аивæй дæ риумæ, Сырдон дæр уадз йæ дам-думтæ кæнæд» (ам дæр — дам-думтæ! Сомихаг æвзонг моладзаны боцъотæ æмæ цæстытау ын сты Сосланы боцъотæ æмæ цæстытæ дæр: «Дæ боцъоты мæ сонт зæрдæ ныууадзон, Дæ сау цæстытæн хуры тын хæссон» («Сослан»). Ацæуы Уастырджимæ. Уый йын у «лæгау лæгтæй, фыртау фырт- тæй гæмхетт» Иры инæлар, æцæг нæлгоймаг, лæджыхъæды бардуаг, сиды йæм, рæствæндагыл, дам, нæ акæн («Кæдæм»), æмæ уымæ гæсгæ — устыты уарзаг æмæ устытæн уарзинаг. Поэтессæ йæ изæры- гон уæлæуæз хохбæрзæндтыл йæ дугъоныл сæппуадгæнгæ федта æмæ йæм тылдта йæ кæлмæрзæн, хъæр æм кодта: ахæсс, дам, мæ демæ, дæ цъæх нымæты мæ æрбатух («Барæг»), (йæ уарзæттæй кæйдæрты хоны Уастырджийы хуызæн — æмдзæвгæтæ «Урс уалдзæг», «Æниу ды уыдæттæн цы зыдтай», «Сылгоймаджы мидмонолог»). Ацæуы Чырыстимæ: «Кæй фæдыл рафтыдысты цардбонты мæ сщнттæ, Ды дæ, æвæццæгæн, æндæр цы ныррухс бæстæ? Ныррухс, ныццæхæр калдта, дуне сси æрвнæрын, Æрвæрдын фестади мæ Чы- рыстимæ фæндаг, Æз къахдзæф къахдзæфыл тæрсгæ-ризгæ æвæрын, — Фæцæуын — иухатты æвддæсаздзыд нæуæндаг» («Арвы дуар»). Чы- 258
рыстийы уыны, поэтессæ кæддæр нæлгоймагæн кæй сныв кодта, уыцы идеал (иуран йæ уарзонмæ дзуры Чырыстийы номæй — æмдзæвгæ «Куыд æрæгмæ?»). Ацæуы ивгъуыд замантæм канд æцæг нæлгоймæгтæм нæ, фæлæ ма йæхиау æхсæнадон æмæ национ этикæ, менталитет чи хæлдта, зæххы «фæныкгуыз æгъдæуттæ»-иу кæуыл худтысты æмæ сыл-иу фæстагмæ чи ныххудт, ахæмтæм дæр. Нартæм, æвæццæгæн, тæккæ агрессивондæр феминисткæ уыди Сатана, æмæ йæ Зинæ фæрсы: куыд, дам, дæм хъуыстой нартæ, сæ зондамонæг куыд сдæ, стæй: «Цы ’хсыры цад дын дардта Нывыл дæ уынд, дæ конд?» Уый поэтессæ- йæн у тынг катайаг проблемæ: йæ буар куыд зæронд кæны, афтæ йæ уарзты хъуыддæгтæ мæгуыраудæр цæуынц. Кæнæ: «Уырызмæджы нын иу бон Куыд бакодтай дæхи?» («Сусу-бусу Сатанаимæ»). Уый дæр ын у тынг катайаг проблемæ: худинагæй, æфсармæй, дам-дум- тæй, адæмы дистæ æмæ джихтæй ма тæрс, сæ сæрты ахиз, æмæ де ’рра уарзты цы фæнды, уый бакæн (сомихаг моладзан, абхазаг лæп- пу æмæ сау цæстыты хицауы йæхи куыд бакодта, афтæ, кæд сæ, Сатанайау, мой не скодта, уæддæр). Мæ зонгæ мын дзырдта: Зинæ, дам, бавзæрста бинонты царды- хæлдтытæ, бæллыд æцæг цардæмбал ссарынмæ æмæ йæ аргæ дæр скодта. Фæлæ йын йæ бæллиц æмæ йæ монцтæй уæлдæр уыдысты ирон æгъдау, æфсарм, намыс æмæ сæры кад, искæй цардыхæлдыл йæхи цард нæ сарæзта. Мæ зонгæ раст нæ дзырдта. Зинæ уыцы лæппуйы басаста, йæ ца- гъар дзы скодта: «Мæн у, мæ къухы ис!» Уыцы лæппу цæттæ уыд алцæмæ дæр, бинонты цардыхæлдмæ дæр, æрмæст, дам, иумæ уæм, иу агъуысты бын цæрæм. Фæлæ Зинæ З’уыл не сразы ис. Уымæн æмæ йæ зыдта, афтæ куы бакæна (куы баиу уой), уæд хъуамæ йæхиуыл — йе ’рра уарзтыл, йæ уæгъдибар æмæ йæ эгоизмыл — йæ къух сиса. Уый та йæ бон нæ уыд æмæ нæдæр бауыдаид, æмæ уæд уыцы лæппуйы дæр, йе ’ннæ æппæрццаг уарзæттау, ныууадзын бахъуыдаид. Уыцы лæппу йын æцæг нæлгоймаг уыд йемæ йæ цард нæ баиу кæнгæйæ, æмæ йын æцæг нæлгоймагæй дæр гъе уымæн баззад йæ мæлæты бонмæ. Поэтессæйы уарзт æрдзытых, сырдтæ, мæргътæ æмæ цæрæгойты хуызæн кæй у, уымæ гæсгæ йын афæдзы афонтæй иууыл æмбисонддæр фæци уалдзæг. Уалдзæгимæ йæм æрцæуы^уарзт. Уалдзæг ын у уарзты метафорæ. Уалдзæг ын у бæхы хуызæн: «Иæ сираг бæх цъæхснаг мыр- мыр ныккодта Мæ рудзынджы бын, къаххойæн кæны» («Ысхызт та зæрдæ зымæджы ныккæндæй»). Уалдзæгимæ æмæ уалдзæгау скалы йæ хуыз, сызмæлынц æмæ сыстынц йе ’ппæт монцтæ дæр: «Мæ иухатты дари къаба та скæнон Æмæ та феста зæрдæ сонт, æгæнон. Мæ кафт та сайа усгурты цæстытæ, Сæ худты бынты сисой та кæстытæ». Афтæ чи ’нхъæлы, урс дидинæг миты басыд, уымæ æртхъирæнау кæны: «Фæ- лæуу, фæлæуу! Æрбалæууа та уалдзæг» («Æрбалæууа та уалдзæг»). Уалдзæг æм æрцæуы, кæйдæр чызджы усгуры фенгæйæ: йæ зæрдæ сдидинæг, сног ын сты йæ кæддæры æрвхуыз фæлыст бонтæ, ныг- гуыпп ласта йæ кæддæры арты цæхæр, — нырмæ, дам, кæм уыдтæ? («Кæм?»). Æрцæуы йæм «цъæх амонд» — æрдз сног и æмæ сног и 259
поэтессæ дæр: «Ацу ’мæ та ногæй худ кæл-кæлæй, Сай дæ кафтæй хъал лæппуты, сай. Раджыйы ыссæдзаздзыд зæрдæйæ Тай дæ разы, сойдзы- рагъау, тай» («Арв мæнау — йæ цъæх амондæй расыг»). Æрцæуы йæм зымæгон дæр æмæ йын уæд зымæг свæййы уалдзæджы хуызæн: цыма митæмбæрзт бæлæстæ урс дидинæг акалдтой, æмæ цыма йæ уарзонимæ се уæхсчытыл хаудтой хъылдымгæнгæ æрвон гæлæбутæ («Урс уаддзæг»). Æрцæуы йæм æрвылаз дæр, цыма фыццаг хатг, уыйау. Цыма йын уæдмæ цы уалдзæджытæ, цы уарзтытæ уыд, уыдон йæ уаддзæджытæ æмæ йæ уарзтытæ нæ уыдысты, уыйау. Цыма йын æрвылаз дæр у фыццаг уалдзæг æмæ фыццаг уарзт: «Нырма ныр æрцыд уалдзæг... Нырма ныр фæзынд уазæг!» («Æз цыма уый нæ уыдтæн»). Уалдзæг æм æрцæуы, фæлæ йын куыдфæстагмæ хæссы цин æмæ æхцон нæ, — хæссы йын маст, хъыг, сагъæс, æрхæндæг. Æрцæуы йæм, фæлæ йын уалдзæг нал у уалдзæджы хуызæн: «Уалдзæг, мах æрзæронд ыстæм иумæ, Ныр ды дæр уæды уалдзæджы сих дæ, Æмæ ма цы ’рбацъил дæ мæ риумæ?» («Уалдзыгон ивæнтæ зæрдæйы»). Буарæй æрзæронд: «Уыдтæн хæрзуынддæр хъæубæсты чызджы- тæй, Ныр ма мæ ц’и?» Æнцъылдтæ зæрдæ, царм æмæ ыстджытæ («Дæуау сæркъуыр зæххыл нæма уыд, рæстæг»). «Цæстæнгас-иу адзæгъæл и, афтыд, Иу гæпп кодта авд суангыл æргом... Гъеныр та мæ цæсты уæл- тъыфалтыл Куы нал у ысхæцын дæр мæ бон» («Цард мæнгард у, сæ- рæй къæхтæм — рувас»). Йæ кæддæры уарзонмæ дзуры: «Ды мæ ныр- ма дæр мысдзынæ æвзонгæй, — Куы сыгъд кæддæр мæ цæстыты цъæх арт. Нырма дæ расыг ме ссæдз азы ронгæй, Мæнæн та фæззæг ме ’нгасы æрцард» («Ныр дæр дæ цæстыл уайдзынæн æвзонгæй»). Буарæй æрзæронд, афардæг йе ’взонг: «Куыд тынг ныффæллад- тæн! Цыма мæ ’ууилынц зинтæ», йæ уарзоны йын кæйдæр æвзонг чызг асайдта йæ «буары тæвдмæ», фæлæ йæ не ’лгъиты, уымæн йæ- хиуыл дæр «бакæндзæн кæддæр-кæддæр мæ бон», ууыл дæр фæззæг куы ’рцæуа, уæд ын йæ уарзоны акæндзæн æндæр æвзонг чызг («Цæ- мæн ма?»). Буарæй æрзæронд, азгъæлд йæ царды сыфтæр бурæй, «цыма æппындæр уалдзæг дæр нæ уыд», фæлæ æнæ уалдзæг, æнæ уарзт дæр йæ бон нæу: «Ехх, уæддæр цæй диссаг у зæрдæ, — Уый та ма цæмæдæрты æхсайы» («Фæззæг мыл æнæнхъæлæджы ’рцыд»). Уæддæр бæллы уалдзæгмæ, йæ кæддæры уалдзæджы раздæхынмæ: «Уыцы бонтæй ма иу чысыл исты! Иунæг иу хæфсы уаст дæр фæ- уæд», «Раджы уалдзæг-иу уадындзтæ фестад»). Уæддæр бæллы уал- дзæгмæ, æмæ-иу æм уалдзæг цæугæ дæр æркодта. Иу хатт ыл сæм- бæлд, йе ’рра уарзт æмæ йæ эгоизммæ гæсгæ, тæрттæтыгъдæй: «Зæрдæ стай фестад дæ уындæй, Гъæйтт, æнхъæлдæн дыл фæхæст и! Нал дзы фервæздзынæ ’нцонтæй, Ды мæ бæллицтæн сæрнывонд. Æз цæмæ бæллыдтæн сонтæй, Уый мæ баййæфта зæрыбон» («Ды — изæрон зæл мæ уды»). Иннæ хатт ыл сæмбæлд уайдзæфимæ, гуырысхоимæ, фæсмонимæ: нырмæ, дам, кæм хаттæ, куыд æрæгмæ цыдтæ, нырмæ цæуылнæ ауадтæ ме ’мгæрон, ныр, дам, де ’нæрцыд хуыздæр уыда- ид де ’рцыдæй, ныр, дам, мæ уды нал зæлынц æвзонджы зæлтæ: «Акæс-ма, дæ развæндагыл бур зæйтау Джих бæлæстæ бур сыфтæр куыд æзгъалынц» («Цæй, кæм хаттæ, уарзондзинад — сау лæппу»). 260
Поэтессæ æрзæронд, æмæ йын раздæр сыгъдæг, уаз, тæхудиаг цы уыд, уыдонæй йын сæхи хуызæн ницыуал ис. Раздæр ын арв æмæ зæххы æхсæн, нартæ æмæ нырыккон адæмы æхсæн уыд кон- траст, ныр ын иууылдæр фестадысты æмхуызон. Раздæр мæимæ уыды- сты æвзонг, ирд, «дыууæ рæсугъд чызджы», фæлæ хъысмæт разынд хæйрæг, уымæ гæсгæ: «Зæххыл дæр, арвыл дæр — фæлитой, Зæх- хыл дæр, арвыл дæр — зындон. Йæ цæфтæй иухатты цин нал ис, Æрзæронд кодта мæн йæ хин, Быценон-хæфсытимæ найыс Ды дæр æнцад малы дæхи» («Мæ цырагъдар»). Раздæр-иу мæй поэтессæимæ донулæнты цъыллинджытæ кодтой, ныр... Нарты чындз, Батрадзы мад Быценон ын ахæм фауинаг, фидиссаг кæм у, уым ын Сослан, Сатана, Уырызмæджы æнæном лæппу дæр, ай-гъай, нал сты, Зинæ раздæр кæмæн табу кодта æмæ абонæн табуйаг кæй хуыдта, ахæм адæймæгтæ — табуйы аккаг адæймæгтæ. Цард ын — йе’взонгæй йæ зæрондмæ — æгасæй дæр сси фауинаг. «Дзырды фыддæртæ» йын нæ бавгъау кодта. Цард — йæ «зæронд лæг», кæсы йæм тызмæгæй, хæзгулау уарзы æндæрты: «Мæнæн та, м’аргьуыды хæтаг лæг, Мæ уд гæркъайы хуынчъы здухыс» («Мæ аргьуыды лæг»). Цард афардæг — йæ зæрдæйыл ын «хъæхъхъаг пулкалгæ» («Цы уыд мæ сонт дуг, циу мæ кар дæр»). Цард æй сайдта, фæлывта æмæ йæм рæдыдтытæ — къубалмæ («Мемæ къамæй хъазыд цард»). Цæуылты æууæндыд! Ис, дам, зæдау сыгъдæг адæймæгтæ, æмбæлттæ æмæ æрдхæрдтæ, æмæ: «Ныр мæхицæн зарын: «Ис Гино, гино, гис» («Ехх, цæй диссаг вæййы, цæ»). Йæ раттæгмæ дзуры: цалынмæ, дам, æрв- хуыз базыртæй тахтæн, цалынмæ зæххы чъизи нæ федтон, «ме ’ууæн- даг æзондæй», цалынмæ уарзты ныфсæй бæрзонддæр тахтæн зæдтæй, цалынмæ æмгары сау цæсгом нæ федтон, фæлтау мæ уæдмæ куы айста- ис — цардмондагæй, сонтæй («Зæгь-ма, цы дын кодтон, дунейы сæр — мæ раттæг»). Ме ’взонджы дуг, дам, иу рæвдыд нæ федта, иу цъæх райсом не ’рымысдзæн: «Аззадтæн лæугæ цыма цъæх ихыл, Æмæ мыл æнæнхъæлæджы ’рæхсæв» («Зæрыбоны фæсмон»). Ай-гъай, уыдис йæ царды рæвдыд дæр, цъæх райсомтæ дæр, цъæх уалдзæгтæ дæр — йе ’мдзæвгæты сæ равдыста, фæлæ уæддæр «цъæх ихыл» аззад. Ие ’рра уарзт, йæ хиуарзон, йæ уæгъдибар æй æркодтой уыцы «цъæх ихмæ» — фыдæнхъæлмæ, æнамондмæ, иунæгмæ, фæсмонмæ. Кæддæр йæ зæр- дæйæн цæмæй тарст, уый йыл æрцыд: «Мæ цæстыл уайы, ацы хъæр- муст дуне Цы бакæндзæн дæуæн...» («Хивæнд»). Цард ын афтæ кæй бакодта, уым поэтессæ йæхæдæг нæ, — цард ын у аххосджын, цард — йæ «фыд-зыкъуыр фысым», æмæ йæ уыр- ны, цардыл йæ тæригъæд ныккæлдзæн, йæ уды раз ын йæ аххостæ бамбардзæн, æмæ дзы поэтессæ куы цæуа, уæд ын уæддæр ныууадз- дзæн «æвдудон уарзт» («Цард, иу бон дыл мæ тæригъæд ныууардзæ- ни»). Цард, дам, мын æвæрдта зæрдæтæ йæ судзгæ уарзтæй, уы- дзæн, дам, дын паддзахчызджы кад (хуымæтæджы нæ домдта йæ уарзæттæй успаддзахы лæггæдтæ йæхицæн), фæлæ йын йе стырдæр лæвар— «мæгуыр, зæрдæниз»: йæ уд ын фыдгуырд хæзгулау фыдæ- бæтты фæлвæрдта, æмæ йæ ныр æлгъиты: «Мæ куыдз фæлдыст дæ гадзрахатæн, цард!», «Бастъæлай, дыдзæсгом!» Цардæн йæ «лæп- 261
пын» не суыдзæн — уырдыглæугæ, сæрбæрзондæй йын райсдзæн йæ фæстаг «лæвар» — мæлæт, æмæ уæд цардмæ æрцæудзæн фæсмон: «Уæд фыны, хъалы дзурдзынæ мæ ном. Ныр уал мыл худ, æз худ- дзынæн фæстагмæ» («Фæстаг лæвар»). Кæддæр ма афтæ дзырдта зæххæн дæр: арвмæ, æврæгътæм, дам, стæхдзынæн, æмæ, дам, ных- худдзынæн дæ дам-думтыл, дæ фæныкгуыз æгъцæуттыл («Фæзæгъын: ехх, цæргæсау, арвмæ стæх»). Цы у уый? Йе «’ууæндаг æзонд» æви? Цавæр хъуыды дзы ис? Кæд ын буары уарзт уыд сæйраг, уæддæр: «Æрмæст мæ удæй зарджытæ фыссын, — Дæ кæлмæрзæны лæгты рæгъы згъорын» («Дæ разæй та фæци, Дзыцца, дæ хыл»). Поэзийы æмбар уыд нæлгоймæг- тимæ, æмæ канд æмбар нæ,— бирæтæй дзы фыста хуыздæр. Зыдта æмæ йæ уырныдта йæ поэтикон хъару: урс гæххæттыл куы аскъæра йæ гутон, уæд æй «фестын кæндзæн адæмæн æлутон» («О урс гæх- хæтт — æдзæрæг зæххы гæппæл»). Цы у поэзи, зæгъгæ, фарстæн лæвæрдта алыхуызон дзуаппытæ. Нæу, дам, хуыцæуттæм кувæн аргъуан, зæдты бадæн. Поэзи, дам, у хæст, поэт та — хæстон, раздзог. Адон сты цахæмдæр советон бæ- рæггæнæнтæ — поэзийæн дæр æмæ поэтæн дæр. Фæлæ афтæ кæй зæгъы, поэтæн йæ ныфс хъуамæ уа рæстдзинад, поэт хъуамæ тæппуд ма уа, куы фæцуда, уæддæр йæ фæидаг ног сæуæхсиды ’рдæм дара («Поэт»), уымæн райсæн ис. Æнæуый поэзи у алцыдæр: тох дæр, кувæндон дæр, цин дæр, хъыг дæр... Алцыдæр у, фæлæ фыццаджы- дæр æмæ сæйраджыдæр — цард æмæ адæймаджы рæстдзинад. Ай- гъай, поэт тæппуд ма хъуамæ уа (иу дæнцæг ма — поэтессæйы цып- паррæнхъон: «Царды ’лгъыстон, цард мын загъта: «Нæу хъыс- мæт фæндæй... Кæд тæрсыс мæ дурадзагъдæй, Уæд поэт нæ дæ», фæлæ поэт поэт кæй хъуамæ уа, уымæ гæсгæ ма хъуамæ тæрса цард æмæ адæймаджы рæстдзинад æвдисынæй, цыфæнды тæссаг æмæ то- бæйаг куы уа, ахæстонмæ дзы куы бацæуа, ауындзæнмæ дзы куы схиза, уæддæр. Гъе æрмæст уæд уыдзæн йæ поэзи адæмæн æлутон. Фæстæдæр поэтессæ дзырдта: поэзи, дам, у Хуыцау, цыдæр тых æм тæхы æрвбæрзæндтæй, уырдыгæй йæм цæуынц «уаз дзырдтæ» æмæ сын уый та урс гæххæттыл ратты цард, йæ уд уым, уæларвон зæдты цур ис, цæмæй æвзæгты рæсугъддæр — Хуыцæутты æвзагыл, ома поэзийы æвзагыл, æрдзы сусæг дзура, уарзт зæххонты зæрдæты мидæг ныхтабуйаг скæна æмæ йæ фыдæхы бардуагæн сыскъуынын ма бауадза, æмæ, йæхиуыл æнæууæнчытæ кæнгæйæ, бафарста: «Кæд уый Хуыцауы иу къæртт у мæ уд?» («Æнахуыр тых»). Фыны хъуы- ста: поэзи, дам, у Хуыцау. Фын æмæ хъалы æхсæн та уыдта: аргъуаны рухс ныв — Чырысти — йæ уæлхъус æрлæууыд: «Уыйбæрц та, уый- бæрц рæсугъд дзырд кæм ардта! Поэтты поэт йæхæдæг цыма уыд». Акодта йæ йемæ «бæрзонд бæстæм», уым поэтессæйы къæхты раз срæмыгъта дидинæг: уый, дам, уарзт у — адæмы зæрдæты мидæг муртæ, гæбæзтæ кодта æмæ ардæм ралыгъд, ардæм сирвæзт. Уалынмæ йæм саубуар хъæндилтæ — адæмы уарзтивад, афтид зæрдæтæ — сæ сæртæ сдардтой, хъуамæ дидинæг ныккæрдихтæ кæной, æмæ по- этессæ лидзынвæнд куыд скодта, афтæ анæрыд Чырыстийы хъæлæс: 262
«Гъе, поэт, райхъал у, райгас! Науæд зæххон уарзты рухс бон æрæх- сæв... Ку’ акæной ацы дидинæг кæрдихтæ, Гъеуæд сæ нысан — сæ кæрæдзи сæртæ». Адæймаджы зæрдæйы, дам, дæлимон сусæг-æргом йæ сау туг ныттагъта, æмæ йæ фервæзын кæнын «мах бон у ’рмæст- дæр», ома Чырысти æмæ поэтессæйы бон («Хурхæтæны»). Поэзи йын сси Хуыцау, Чырысти. Фæлæ æз уæлдæр загътон, Зинæ цы уарзтæй уарзта æмæ йе ’мдзæвгæты кæй равдыста, уый нæу чырыс- тон уарзт. Хуыцау æмæ йæм Чырыстийы рæстдзинад нæй, фæлæ йæм ис йæхи «æз»-ы рæстдзинад, ис æм царды рæстдзинад. Уымæ гæсгæ Хуыцауы къæртт нæу йæ уд. Дзырд дæр ыл нæй, поэтикон курдиат Хуыцау æмæ йе скæнгæ æрдз раттынц адæймагæн. Фæлæ уый афтæ нæ амоны, æмæ Хуы- цауы хуызæн вæййынц, курдиат кæмæн ратты, уыдон (æниу дзы, æвæццæгæн, вæййы æмæ ис ахæмтæ дæр). Зинæ арвмæ тырны, æнæ арв ын удæнцой нæй, ома, уырдæм куы ссæуа, уым куы ’рцæра, уæд парахатæй раргом уыдзæн æмæ рарттивдзæн йæ курдиат, фидæн йæхи бакæндзæн (уым дæр — фæнда дæ-нæ фæнда, уæддæр — бæ- рæг дары поэтессæйы феминизм), æмæ йыл ныр чи худы, уыдоныл уæд йæхæдæг худдзæн, æмæ йæ ныр чи хъыг дары, сæ дам-думтæй, се ’гъдæуттæй йæ чи ’ргæвды, уыдонмæ фæсмон æрцæудзæн, кад ын кæндзысты, йæ ном ын дзурдзысты буц æмæ сæрыстырæй (уым дæр та — фæнда дæ-нæ фæнда, уæддæр — бæрæг дары поэтессæйы мас- тисæн). Цардæн, дам, ныууадздзынæн «æвдудон уарзт» — ныууадздзæн ын, поэтессæ йæ уарзтытæ, йæ хъизæмæрттæ, йæ хъулæттæ, йæ кæркæ-мæркæтæ, йæ ивæнтæ кæм равдыста, уыцы æмдзæвгæтæ. Чи зоны, ахæм уырнынад æм кæй ис, уый дæр у йе ’ууæндаг æзонд» (наивность кæй хонынц, ахæм цыдæр). Æз, дам, искæд бон æрдзон рыг куы фестон: «Уæд мæ Ир — мæ сауæрфыг чындздзон чызг — Дидинджыты сфæлынддзæн мæ уæлмæрд. Æмæ уыцы дидин- джыты къускæй М’ахуыргонд, мæ нæргæ фырт — Ирыстон — М’ алы дзырд дæр хъавгæ-хъавгæ исгæ, Ратдзæн цард мæ зарæгæн æнус- тæм» («Иры ныфсæй»). Иуæй, Ирыстон ахæм буц, уæздан митæ никуыма никæмæн кодта (æгæр-мæгуыр йæ иууыл стырдæр фыс- джытæн дæр), иннæмæй — æнусон цард поэтæн йæхи йеддæмæ ничи дæтты йæ дзырдтæн, стæй йын Ирыстон— кæд ма иронау кæса æмæ аивдзинад æмбара, уæд — райсдзæн йæ алы дзырд дæр нæ, фæлæ дзы æцæг поэзи кæм ис, уыцы дзырдтæ. Бестауты Гиуæргимæ дзуры: кæуыл бафтыд цин дæ рухсагæй, даутæ дыл чи кодта, дæ Амран зæрдæ дын чи ’хсыдта, уыдон ныр сæ цæссыг сусæгæй асæрфынц æмæ «дæ уæлмæрды æрлæууынц сæ зонгуытыл». Чи? Кæд? Афтæ къæссавæлдæхт цæмæн фесты йе знæгтæ? Хуссар Ир, дам, марой куы кæны, хæсты цæхæры куы судзы, уæд рухс кувæндонау балæу- уынц дæ цырты раз (куыд дзы балæууыдаиккой, уырдæм — уæлмæр- дтæм — ссæуæн дæр куы нæ уыд, гуырдзы сæ куы бацахстой æмæ уырдыгæй æхсæвæй-бонæй сахар куы æхстой, уæд?): «Бамбæрстой, Ирæн дæу хуызæттæ ку ’амæлынц, Гъеуæд йæ сæрыл ысдзурæг дæр нал вæййы» («Бестауты Гиуæргимæ»). Уыцы уæззау бонты Хуссар Ирыстоны сæрыл йæ хуыздæр хъæбултæ дзырдтой хотыхтæй (æндæр 263
«æвзагæй» йыл дзурæн æмæ йын бахъахъхъæнæн нал уыд) æмæ Гиуæрги дæр сæ фарсмæ уыдаид, кæд йæхæдæг хæцгæ нæ кодтаид, уæддæр. Поэзийы «æууæндаг æзонд» арæх, тынг арæх рæстдзинад нæу æмæ уымæ гæсгæ поэзи дæр нæу. О, фæлæ поэтессæйæн фидæн йæхи кæй уыдзæн (йæхи йæ кæй бакæндзæн), уыцы уырнынад æм уыдис. Ахматова Раисæйæн дзуры: царды, дам, нæ дыууæмæ дæр уыд æрвхуыз сæнттæ, фæлæ нын нæ уыд æрвхуыз амонд, нæ федтам рæвдыд нæ хъысмæтæй, бавзæрстам гадзрахат, нæ рустыл уад фыдæнхъæл цæссыг, фæлæ нын уæддæр ис рæсугъд амонд — нæ удты хъарм цæрдзæн нæ фæстæ дæр, æндæр чызг-иу нæ зарджыты ныхæстæ кæндзæн йæ уарзонæн, хæсдзыстæм зæххы удæн фарн («Рæсугъд амонд»). Царды йын æнамонд цы хаста, уый йын йæ поэзийæн хаста амонд. Цыдæриддæр йæ царды бавзæр- ста хъыгæй, мастæй, кæуын æмæ цæссыгæй, хъизæмар æмæ фыдæн- хъæлæй, уыдон æрбацыдысты йе 'мдзæвгæтæм,уым систы поэзийы цин æмæ зæрдæрухс (йæ цардæй сæм цы цин æмæ цы зæрдæрухс æрбацыд, уыдонæй дзы сты, чи зоны, тыхджындæр æмæ зæрдæ- мæхъаргæдæр). Йæ царды йын^мæнг, сайд, гадзрахат цы уыд, уый йæм сси поэзийы рæстдзинад. Йæ царды йын æвзæр цы уыд, уый йын йæ поэзийы басгуыхт хорз. Зинæйы зæрдæ йе’ппæт ныхмæвæрдтæ æмæ контрасттимæ у иу зæрдæ. Иу удæй цыдис йæ поэзи. Уыциу рæстæг дзы ис романтизм дæр æмæ реализм дæр. Æрмæст хицæнтæй нæ, — дыууæ дæр дзы сты иумæ, æддæг-мидæг. Уымæ гæсгæ сæ хонын дæр хъæуы иу номæй — реалистон романтизм кæнæ романтикон реализм (иуæн дзы иннæ у бæрæггæнæн-эпитет). Ай-гъай, кæцыдæр æмдзæвгæтæн дзы ис фылдæр романтикон уаг, кæцыдæртæн та — фылдæр реалистон уаг. Фæлæ дзы сæ иутæн дæр æмæ се ’ннæтæн дæр ахæссæн нæй нæдæр сыгъдæг романтизммæ, нæдæр сыгъдæг реализммæ. Реалистон уаг дзы фылдæр кæм ис, уыдонмæ хауынц, Зинæ йæ хъæуы тыххæй кæй ныффыста, уыцы æмдзæвгæтæ. Уыдон сæ темæ- тæй, се ’нкъарæнтæй, сæ равгæй хæстæг лæууынц Есенины фæлгон- цад æмæ лиризммæ, бæлвырддæр дзургæйæ, Есенины поэтикон тра- дици йæхи равдыста æндæр дуджы, æндæр бæстæйы, æндæр æвза- гыл — Есенины хуызæнæй нæ, фæлæ Зинæйы хуызæнæй. Хъæу ын у йæ мад, йæ саби-æвзонгдуг, йæ уарзты фыццаг цинтæ æмæ мæстытæ, йæ иууыл æхсызгондæр мысинæгтæ. Мады тыххæй æмдзæвгæты лыстæг цыдæртæ, хицæн детальтæ равдисынц мады уарзт, йæ рæвдыд, йæ мæт, йæ тыхст, йæ удвидар, уæрæхдæр — мады рæстдзинад æмæ царды рæстдзинад. Мад сæ уæлхæдзар куы ’фснайдта, уæд къутуйы фæстæ ссардта йæ чызджы зæронд цъындатæ (йæхæдæг ын сæ сбыдта), йæ цæст сæ аппарын нæ бауарзта, йе тары сæ нывæрдта: цыма та йе скъоладзау чызджы дзабыры скъуыдты мит фæкалд, баргъæвстысты йæ къæхтæ, æмæ тæхы Дзыццамæ гæвгæвгæнгæ: «О, разгъор, ра, мæ хур, æз дын,фыццагау Дæ ивæнтæ мæ хъарм тары хæссын» («Æзнонрайсом нæ уæлхæдзар æфснайдтон»). Хуымæтæг деталь — зæронд цъын- датæ — æмæ цас «загъта» мад æмæ чызджы тыххæй, царды тыххæй! 264
Кæнæ æндæр деталь — кæрдзыныл Дзыццайы æнгуылдзвæдтæ: «Кæр- дзыны ’хсызгон тæф, дæуимæ лæг цы сбарид? Нартхоры хъарм кæр- дзын. ... Дзыццайы ’нгуылдзты фæд»— цыма йын Дзыцца йæ хъарм къухты йæ къухтæ дардта æмæ йæ «уды ’ргъæвст йæ дæллагхъуыр æртæфст» («Æнгуылдзвæдтæ»). Мадæн уалдзæг йæ чызджы уалдзæ- джы хуызæн нæу — йæ фыдæбон та байдайдзæн сæударæй, къах- дзæн, рувдзæн, зæххы куыст кæндзæн, йæ миднымæр æнхъæлмæ кæсдзæн йæ чызджы æрцыдмæ: «Куы ’рлæууай хуымгæрон дæ белы ’нцой фæлладæй, Дæ хъустыл уайдзæни мæ къахуынæр, мæ дзырд» («Мады къухтæ»). Ам дæр та хуымæтæг деталь — уынæм дзы мады сурæт æмæ психологон уаг. Поэтессæ тырны, цæуы йæ мадмæ — йæ кæддæры гомкъах, стонг, фæлæ æхцон бонтæм, се ’нæхин, сæ сыгъдæг æмæ сæ хъарммæ. Мад ын у йæ хъыгтæ æмæ йæ мæстытæ рохгæнæг, йæ фæллад æмæ йæ рисæй ирвæзынгæнæг: «Дæ былтæ-иу мæ цæстыхаутыл авæр, Мæ фынддæс азы раздæхой цæмæй» («Куы зонис ныр, Дзыцца, куыд тынг фæллад дæн!»). Поэтессæйы мад у традицион ирон сылгоймаг. Ирон æгъдау, ирон æфсарм æмæ чырыстон уарзтыл хæст. Хуыцау ын цы хъысмæт сныв кодта, ууыл хъæцы, уромы йæ æмæ йын быхсы, æнæ хъæр-хъæлæба хæссы йæ уæззау дзуар. Поэтессæ нæу йæ мады хуызæн. Йæ мадмæ цы уарзт æмæ цы рæст- зæрдæ ис, уыдон йæ чызгæн сты æрмæст йæ «бæллиццаг фæнд рагæй» («Æмбæрзы уалдзæг хуссæрттыл цъæх дари»), ома йæ фæндгæ кæны, бæргæ, куы уаид йæ мады хуызæн, фæлæ нæу. Поэтессæ йæ хъæбулæн дзуры: æз, дам, цæй гыцци дæн, гыццимитæн цы ’мбарын, фæлæ ис æцæг гыццитæ, уыдонæй у йæ мад, диссаг — йæ узæлд, йæ бацин, нæ зоны хъæбулы раз фæллад: «Æрмæстдæр иунæг уый мæ мæстытыл фæкæуы, Кæны мæм иунæг уый мæ сайд амондыл хыл» («Уæддæр-иу ма зæгъ»). Поэтессæйы йæ мад хизы, иргъæвы йæ ’рра уарзтæй, йе ’рдзон тыхæй. Дзыцца, дам, систа уынг йæ сæрыл: мидæмæ рахиз, ныртæккæ сах къæвда ныккалдзæн. Фæлæ йæм поэтессæ нæ байхъуыс- та, йæ къухтæ арвмæ сдардта: «Нырттив цъæх мигъты ’хсæн, — æрвон гæрæхтæ мысын» («Ныууадз мæ ам»). Йæ мад ын тæригъæд кæны, цыдæр масты уæз ыл кæй æнцайы, дзæгъæл-мæгъæлы кæй не сурс и йæ дзыкку, уый тыххæй, фæлæ дзы кæмдæр ирон æгъдау æмæ æфсарммæ гæсгæ разы нæу, фауы йæ: «Дæ зарджыты кæйдæр лæппуйы ном Куы фæмысыс, уæд дæ, цымæ, цы схонынц?» Поэтессæйы дзуапп ын: ныр, дам, æндæр рæстæг у, стæй — кæйдæр лæппуйы ном (кæнæ лæппуты нæмттæ) кæй мысын, уый тыххæй мыл адæм абон цы нæмттæ æвæрой, цы нæмттæй мæ хоной, уыдон, дам, нæ: «Мæ Ирæн æз сылгоймаг поэт дæн, Мæ фæстагдæр ном уый уыдзæни, баууæнд», ома, ам дæр зæгъы, фидæн йæхи кæй уыдзæн, уыцы уырнынад («Мæ ном»). Кæд ын йæ уарзтытæй се ’ппæтæй нормалондæр уарзт у йæ мады уарзт, уæддæр ын йæ уайдзæфтыл разы нæу, уæддæр йæхион кæны æмæ кæндзæн. Ма- дæн худинаг цы у, уый йæ чызгæн худинаг нæу. Канд мады тыххæй нæ, — Есеыинау фыссы хъæуы йæ уарзты тыххæй (кæнæ йæ уарзтыты тыххæй), «нæ чысыл æфсымæрты» тых- 265
хæй — цæрæгойты тыххæй, хъæу æмæ сахары тыххæй, хъæуы цар- ды ивæнты тыххæй (куыд уыд æмæ цы хуызæн сси, уый тыххæй). Мысы йæ сонты бонтæ. Фыццаг хатт хъазтмæ куы рацыд, уæд цы сагæнгæс лæпиуйыл æрхæцыд йæ цæст, уый поэтессæмæ нæ, — æндæр чызгмæ куы бакафыд, уæд ын уыцы сахат, уыцы ситуацийы йæ психологон уавæр арф æмæ аивæй раргом кæны деталь-фæлгонц: «Æз та сæм зулмæ кæсгæ, адæргæй ыздыхтон Мæ даргъ дзыккуйы къæдзил м ’амонæн æнгуылдзыл» («Фыццаг хъазты»). Кæддæр кæй уарзта, уыимæ сæ кæд иумæ нал æрцахсдзæн уалдзыгон уарын, кæд сæ уалдзæг аивгъуыдта, уæддæр æй уырны иуахæм йæ фæзынд, æмæ та — деталь-фæлгонц: «Уæддæр зымæгон бон нæ уынгæй Мæ хъус- тыл ауайы дæ ныхась Æмæ та салд рудзынджы авгыл Уæд атайын кæнын цæстыйас» («Иæ хуыздæр амарди хъысмæтæн»). Аргъæутты лæппуйы хуызæн сæ уынгты куы ’рцæйцыд, уæд поэтессæ амбæхст бæласы фæстæ, йæ армы тæлфыди бурхъулон гæлæбу, лæппу йæ бафарста: «Кæй рæсугъд чызг дæ?», æмæ йын дзуапп радта: «Гæлæ- бу дæн, уæдæ-ма мæ æрцахс!»— Ныккæл-кæл ластон, алыгъдтæн дæ цурæй. Нæхимæ кæрты смидæг дæн æваст Æмæ дæм кастæн кулдуа- ры зыхъхъырæй» («Фембæлд»). Ацы идеалтæ-фæлгонцтæ ирдæй æвдисынц чызджы æвзонг удыхъæд æмæ зæрдæйы уаг. Кæнæ: æрвы- лизæр-иу сæ уынджы, доны къабаз кæм цыд, уым хæрисы цур са- рæзтой хъазт, æмæ та детальтæ-фæлгонцтæй разынынц хæрис йæхæ- дæг дæр: «Хæрис-иу немæ не’мчызгау ыслæууыд, Цыма-иу раст йæ бæллицты нындзыг, Цыма йæ ’ртæккæ хорз курæг куы фæуид, Уæд азгъорид нæ разæй дæр чындзы», æмæ чызг дæр: «Уыдис æвдисæн а хæрис мæ удæн, Куы мыл бафтыдтой сау цæстытæ зынг. Фæсхъазт дæр ма-иу цал хатты æз уымæн Фæхъарм кодтон мæ уадулæй йæ зæнг» («Доны къабаз»). Кæнæ: бæгъæмвад чызгæй фыццаг хатт куы бауарзта æмæ йæ «сусæг Хуры фырт» усгур кæдæмдæр куы цыд, уæд каурæбын æрбадт, ныккуыдта, йæ уд ын иргъæвæг дæр нал иргъæв- та, æмæ та^— деталь-фæлгонц: «Нæ гыццыл урс гоко мæ уадултæ ысдæрдта, Йæ фæлмæн бандзæвдæй рæвдыдта гоко мæн» («Сусæг»). Аивта йæ хъæу, аивта йæ быдыр. Кæддæрау зæрæстон нал у, ныххуым ын æй кодтой. Нал дзы хизынц родтæ, сæныччытæ, хъазтæ, нал дзы тонынц чызджытæ дидинджытæ. Æмæ: «Цæй, уд-æмуд нæ ныхæстæ фæкæнæм, Дæ уазал русыл авæрон мæ рус. Нæ мæстытыл дыууæ хойау фæкæуæм, Æрбакæс-ма, мæ сау дзыкку ысурс... Фæлæ уæддæр, мæ кæнгæ хо, мæ быдыр, Цæрдзыстæм æмæ уадздзыстæм цъæх тау. Ныр та уал мын мæ сонт азты ронг бадар, Æмæ мын азар, азар мын уæдау» («Мæ быдыр»). Йæ сонты бонты быдырæй йæм æртахт уалдзыгон сыфтæр — «фæлмæн, хурдзыд æмæ рухсæй», æмæ фæрсы: «Нæ бафиппайдтай, уым сæууон æртæхы Нырма дæр зилы амондгур мæ зæрдæ? Нæма фæзындис Хуры фырт йæ бæхыл? Нæ фæхатыдтæ кæрдæгыл йæ фæдтæ?» Уыцы быдырæй, уыцы рох бæс- тæйæ йын æрхаста йæ «бир-бирæ æрвхуыз сæнтты зæрдæхцон», æмæ: «Тæхуды, уырдæм аздæх-ма фæстæмæ» («Уалдзыгон сыфтæр»). Уыцы быдыры йæм хæрзæрыгон чызгæй æрцыд йæ уарзты идеал дæр, — фыццаг хатт сгæллады гæбæзтæй йæхицæн хæцъил дзабыртæ куы 266
бахуыдта, дидинджытæ дзы куы тыдта æмæ йæм дидинæгæй куы сыстад «дадайы аргъæутты лæппуйы» хуыз, уæд. Поэтессæйæн йæ быдыр у — йæ сабибонтæй суанг йæ зæры бонтæм — йæ бирæ æмæ алыхуызон æнкъарæнтæ æмæ сагъæстæ, ныфсытæ æмæ фыдæнхъæлтæ, йæ буар æмæ йæ уды ивæнты айдæн. Рæвдаугæ, уарзгæ бустæгæнæгау дзуры куыдзмæ: «Куыдзы цæс- тæй мæм, уаих уай, цы кæсыс?», «Ау, ферох дæ?», «Дæхи нæзонæг ц’акодтай ныр, цæй?!» Гыццыл къæбысæй йæ сæхимæ куы ’рхаста, уæд-иу ын йæ уадулыл йæ мукъу æрхаста, æхсыры сæндæг иумæ иу тæбæгъæй хордтой. Кæртмæ цъиутæхæг нæ уагъта, æддагон фосæн уынджы — уагæвæрæг. Ныр дзæгъæлдзуйæ бампылд, зыр-зыр кæны уæлмит-уæлих: «О куыдз, æрмæстмæм уазал цæстæй ма кæс, Æмæ... Фæлтау та иу къусæй хæрæм» («Куыдз»). Афтæ ма — рæвдаугæ, уарзгæ — дзуры хæфсмæ дæр: хъæуы цъыфдзастæй дæ цы ’рхаста сахары асфальтмæ? Мæ рудзынджы бын цæмæн хъуысы дæ хъæр- марой? Цæмæй мæ фæрсыс, цæуыл тоныс дæ фæрстæ? Сахары ныр уары «сæгæйдзаг къæвда», «зонды нæргæ хъылма», стæй кæй хъæ- уыс ам? «Нæу горæт, хъырру, æз æмæ дæу бæстæ, Æмæ фæстæмæ афардæг уæм хъæумæ». Уый — нæ сабион бæстæ, уым-иу кæддæрау «самон дæ иугæндзон æхцон зарæг» («Хæфс»). Цæрæгойты хъысмæ- тæй нæм зыны адæймæгты хъысмæт, царды хъысмæт. Нæ уыд хъæуы цард æнцон, фæрныг, советон пропагандæ æмæ йæ литературæ куыд æвдыстой, афтæ. Поэтессæйæ йæ мад куырдта: «писыр», дам, дæ, ома фыссæг, æмæ мын хъæуы хицауадмæ ныф- фысс курдиат: Дзыцца, дам, артельмæ бацыд фыццаг, куыста дзы зæрдиагæй, бавзæрста хæст: «Мæнæй æвзонгдæртæ дæр улупатæ исынц, Æз та цæстырухсæй дæр райдыдтон ныр цух. Ныффысс дыууæ дзырды, кæд мын фæуиккой исты, Ома капеччытæ... уæддæр дзы — сапон...цæхх...»(«Ды дæр, дам, «писыр» дæ уым, фæсхохы, æнхъæл- дæн»). Фæкæсæг æм нæй, фæхæцæг ыл нæй, лæппу, дам, мын куы уаис: «Уæд иунæгæй нæ джиуин ам, мæ бон, Кæйдæр артмæ нæ тавин-иу мæ къухтæ, Æнæ холлаг нæ уаиккой мæ хъом, Рæгъ-рæ- гъытæй лæууиккой кæрты сугтæ» («Дæ разæй та фæци, Дзыцца, дæ хыл»). Æмæ кæд афтæ у, уæддæр æм ис æнæхин æууæнк (кæнæ «æууæндаг æзонд»): «Ныр и нæ зæххыл Ленины рæстдзинад» æмæ, дам, Ленины фæрцы рухс у мæ чызджы развæд («Дæ гуырæнбоныл никуы дæр куыдтон»). Æцæг, фæстагмæ йыл фæгуырысхо: иуæй- иутæ, дам, адæмы фæллæйттæй гæлдæртæ рауагътой, нæ цардуаг стауынц, фæлæ йын сæ митæй сты знæгтæ, бахъуаджы сæ сырх чи- ныг сдарынц æмæ «исбоныл кæнынц зыдæй зыддæр», æмæ фæрсы: «Ау, Ленины фæнд уыдæттæм æрцыд?!» Поэтессæйæн йæ мады ны- хæстæ йæ зæрдæ рæмудзынц, фæлæ советон «мадзурайы фæткмæ» гæсгæ йæ «туджы арвнæрдæн йæ зынг къубал» нылвæста, æмæ, дам, афтæмæй мæхи æнхъæлын адæймаг! «Цæмæн?». Сæ хæдзар сарæз- той «æккойы дур, æккойæ хаст сыджытæй», цардысты дзы мæгуы- рæй, тыхстæй, фæлæ уæддæр: «Цы мысинæгтæ баззад уыцы цардæй! Æви нæ удтæй баззад уым цыдæр... Цыма сæ мæгуыр, се ’вадатæй адæм Сæ кæрæдзи дæр уарзтой уæд фылдæр». Ныр сæ хæдзар фæр- 267
ныгæн радтой (ауæй кодтой), йæ мад дæр сахармæ рацыд цæрынмæ, æмæ: «Нæ былыцъæрттæ арæх хордтам дзулмæ, Нæуæг хоры фæ- зындмæ. Ехх, уæддæр Æз бирæ хатт ысфæнд кæнын: фæцу ’мæ Уым сау халонау иунæгæй дæр цæр»(«Нæ хъæууон хæдзар»). Æвæццæгæн, Ленинты рæстæг куы фæци, уæд поэтессæ йæ «ту- джы арвнæрдæн йæ зынг къубал» нал æлвæста æмæ рухсмæ рахаста йæ иууыл карздæр мысинаг йæ саби-æвзонгдугæй. Хъæуы царды тыххæй уæдмæ йе ’мдзæвгæты цы рæстдзинад уыд, уымæн æмбæр- зæн фæци. Стонг аз-иу сыл куы скодта, къуту-иу куы сæвдæлон, уæд- иу «Хуыцауимæ æмсæр ысси нартхор»: «Иæ гагатæ йын фосы хъарм фаджысæй Мах быдырты нæ фæдджитæм уыгътам. Цы фаг кодтой’. . куыройы сæ æрыссай! — Нæ «бонгуыстæй» фæлтау дзæрна фыхтам... О, раст цыма нæ цæрайæн лæбурдтой Уæд хъуццытæ дæр колхозы хуымтæм... Цъæх нæууыл хизæнт дзæнæты сæ удтæ, Уæды хъуц- цытæ, бузныг уæ ыстæм» («Мамо»). Ленин æмæ Сталин, Коммунис- тон парти æмæ советон хицауадæй нæ, — уæды хъуццытæй, уыдон сæ фервæзын кодтой. Хъæу æмæ сахар ныхæй-ныхмæ æвæргæйæ, поэтессæ хъæу фыл- дæр уарзы сахарæй, æмæ дзы фыдæлты фарн кæй сæфы, сахары хуызæн кæй кæны, ууыл риссы йæ зæрдæ. Дзæбидыры здыхт сыкъа сæ цары лæзæры згæ зæгæлыл ауыгъдæй, хуыскъагæй: «Йæ фарнсаф- джытыл уым йæ рохуат хъары, Иæ хуылфы ниуы дзæгъæлдзу дымгæ» («Сыкъа»). Дзуры йæ мадмæ: «Цæмæ лыгъдыстæм горæтмæ, Дзыцца! Ныр та нæ хъæумæ ’рцыдаид цъæх уалдзæг» («Уалдзæг»). Дзуры йæ хъæуæн: дæ уд æндæр у, сахайраг нæу, æмæ йæ ма «ауæй кæн» — сахар ма су: «Æз амæлон, куы бакæнай, мæ хъæу, — Куы мын фæли- дзай горæтмæ ды искуы» («Цы дыл æрцыд, мæ ныййарæг, мæ хъæу»). Зинæ хъæуы тыххæй цы æмдзæвгæтæ ныффыста, уыдонмæ йе ’ннæ æмдзæвгæтæй æмхицдæр у Есенины фæлмæн, фæлмас, рухс- æнкъард лиризм. Иумæ дзы сты уды æнкъарæнтæ æмæ уды цæстытæ: уд цы ’нкъары, уый уыциу рæстæг кæны уынгæ дæр (зæгъæн ис, уд у цæстджын, цæстытæ — æнкъарæнджын). Цы бирæ дæнцæгтæ æрхас- тон, уыдонмæ ма бафтаудзынæн. Поэтессæ хъæумæ, Дзыццамæ куы ’рбацыд, уæд: «Æрхъуызыд мæй йæ фæлмæн мигъын цатырæй, Къуырт- хор гæдыйау кæркдоны сæр бандзыг, Гыцци, ныууадз æй ацы ’хсæв мæ хатырæй, Кæддæрау та йæм ма бавзид дæ лæдзæгæй» («Мæ мыси- наг»), Поэтессæйы фыды мардыл цалдæр азы рацыд, фæлæ йæ сагъд бæлас хæдзары раз: «Дæ мæлæн бон йæ сæр ныллæг æруадзы Æмæ йæ цæссыг, удгоймагау, калы» («Дæ сагъд бæласыл хур йæ тынтæ луары»). Уды æнкъарæнтæ æмæ цæстытæй чи «райгуырд», уыцы æмдзæвгæтæ нын æлхæнынц нæ зæрдæ, æлвасынц æй сæхимæ, уымæн æмæ дзы ис цард æмæ поэзийы рæстдзинад. Ахæм рæстдзинадæй хъуаг сты, Зинæ Хуссар Ирыстоны тыххæй цы æмдзæвгæтæ ныффыста, уыдон (схуыдта сæ «Блокадæ»), уæлдæр дзы ракодтон иу æмдзæвгæйы кой — Бестауты Гиуæргийы тыххæй æмдзаёвгæйы кой. Уыцы æмдзæвгæты поэтессæйы «æууæндаг æзонд» йеддæмæ ницы ис, зæгъгæ, куы зæгъиккам, уæд рæдыд нæ уаид. Кæддæр Хуссар Ирыстонæй фæстæмæ Цæгат Ирыстонмæ куы 268
’рбаздæхт цæрынмæ, уæд æй мысыд: «Куыд цæрыс, куы, æнæ мæн ныр, Гуырдзыстон? Æви дæуæн дæр сусæгæй зын у?!» («Гуырдзыс- тон»); «Дæ риуыл м’артуадзæг сæууон бонтæ, Гуырдзыстон, Дæ ри- уыл байзæрстон мæ сонт уды фæрчытæ», мысын, дам, дæ Ирысто- нæй («Уæдæ нæ кæддæры хæлар бонтæ цы фесты»). Диссаг у, æвæ- дза, дæ «артуадзæг» уарзт цы зæххыл бавзæрстай, дæ поэтикон кары кæм бацыдтæ æмæ дæ Фысджыты цæдисмæ кæм айстой, уый ма зон, Гуырдзыстон æй хон! Иугæр уыцы зæхмæ — Хуссар Ирыстонмæ — гуырдзы куы ’рбабырстой, уæд æй схуыдта йæхи номæй. Фæлæ... «Нæ хæлар нæм æрбауырдыг хæрамæй... Хæлары хæрам афтæ дуды, афтæ!» («Иры зæххыл æнæбауырнгæ диссаг»). Ау, хæлар тыхгæнæг цæуы хæлармæ? Цы ’рцыд, уымæн йæ аххос ма ’мбар! Кæд нын кæддæриддæр знаг уыд, фæлæ-иу кæддæрты йæ уæлæ æркодта хæла- ры гамхуд? Гамсахурдиа Звиадмæ дзуры: «Фыдæй-фыртмæ хæла- рæй, уд-æмудæй куы цардыстæм», «нæ дард гыццитæ ’нусты сæ хæ- стдзагъд фырттыл хъарæг кодтой иумæ» (ау, 1920 азы дæр, стæй уымæй размæ дæр бирæ хæттыты, гуырдзы-иу ирон адæмы куы ныц- цагътой, уæд иумæ хъарæг кодтой?), уыдæттæ, дам, куы ’мбарис, «уæд нæм, бæгуыдæр, къулбадæг лæппуйау, нæ фæцъортт ласис де ’мбæхст дур дæ ронæй» («Звиад Гамсахурдиамæ»). Ау, чердыгон къулбадæг лæппу? Гуырдзыйы национ фæтæг, сæ бар æмæ сæ хъо- мысы хуызæг, уый иннæ «къулбадæг лæппутимæ» дуртæ нæ, — ирон адæмыл сармадзаны нæмгуытæ æмæ ракетæтæ скъæрдта. Уыцы къул- бадджытæн, дам, Сослан-Дауыт — Ирыстоны фырт — ехсæй се ’рба- дæнтæ («сæ диттытæ») нæмдзæн («Звиад Гамсахурдиамæ та»). Ау, ирон адæмы фæцæгъдынмæ æмæ фæсурынмæ йæ гæрзтæ чи рабаста, уыдон сывæллæттæ сты æмæ сывæллæтты хъæзтытæ кæнынц æви? Стæй цæй Ирыстоны фырт у Сослан-Дауыт, кæд йæ фæдон Звиа- димæ иумæ хæцыдысты Ирыстоны ныхмæ, уæд? «Чи дын уыди ахуыр- гæнæг? Чи уыд?» («Æмæ та Звиад Гамсахурдиамæ»). Чи-чи, æмæ гуырдзиаг адæм, гуырдзыйы номдзыд сæрхъуызойтæ — уартæ Со- слан-Дауытæй суанг ардæм, абонмæ. Сослан-Дауыт, дам, кæцæй уыд æнхъæл, Гуырдзыстоны сæрыл тохмæ кæуылты цыд, «уыцы зæхх кæй фестдзæн райсом ауындзæн фæз й’адæмæн?» Цавæр адæмæн? Кæй сæрыл хæцыд, ирон адæмы кæмæн ныууæй кодта, йæхи кæуыл нымадта, кæмæй хуыдта, уыдон — йæ адæм! «О, æнхъæлдæн, нæ раг туджджын дзуæрттæ, Исут махæй Батрадзы мæстытæ!» («Цыма рагæй дымгæмæ нæ дардтай»). Ау, гуырдзыйы фыдæлтыккон бæл- лиц — хуссайраг ирон адæмæй фервæзой, сæ зæхх сын байсой, уый Хуыцау æмæ йæ дзуæртты бæллиц куыд хъуамæ уа, кæнæ ирон адæ- мæй сæ маст цæмæн хъуамæ исын кæной гуырдзыйæн, сæхи бон къаддæр у æви? Поэтессæ лигъдон чызгæн дзуры: ма ку, «Иры урс- сæр инæлæрттæ не ’рхæсдзысты худинаг сæ сæрмæ» («Ма ку»). Цæ- голты инæлар Кимæй цы зæгъы, уый дæр — «æууæндаг æзонд»: тагъд, дам, мын бæх, Ирыстонмæ, дам, цæуын тыхгæнджыты ныхмæ тохмæ («Цæголты Кимæн»). Нæ, йæхæдæг нæм йæхи барæй не ’рцыд, æрвитгæ йæ æркодтой — мыййаг, Ирыстоны сæрыл хæцынмæ нæ! («Цæголты Кимæн»). «Иссæ ма нын æгас куы уаид ныр, Слæууид 269
уæд ирон æфсады сæргъы» («Иссæ»). Иннæ инæлæрттæй йæхи ба- рæй Хуссар Ирыстонæн йе ’мгæрон куы ничи ацыд, уæд Иссæ куыд бакодтаид афтæ? Стæй цымæ ирон æфсады сæргъы кæд лæууыд, кæд æмæ ахæм æфсад уæвгæ дæр нæ кодта, уæд? Бестауты Гиуæргийæ, дам, йæ цæгатаг хæлæрттæ дзурынц: «Махæн уыд уый ныфсæй Хус- сар Ирыстон дæр Хи уæзæг, хи къуым, æфсымæры кæрт» («Æмгæрттæ бадзурынц»). Ау, Ирыстон кæд ирон адæмæн сæ райгуырæн бæстæ у, уæд цæгатæгтæн йæ хуссайраг хай кæйдæр ныфсæй (кæйдæр ныф- сæй!) цæмæн хъуамæ уа хи уæзæг, хи къуым? «Дзыццамæ мын чи бадзурдзæн» — зæгъæг нал и Дæ арæнгæрæттыл. Цæмæ ’рцыдтæ, Ир!» («Мæ бон дæ кæлдзæни, æнхъæлдæн, Ирыстон»). Ау, Алыкка- ты Хазби æмæ Коцты Бегайы хуызæн (Сослан-Дауыт æмæ ирон инæ- лæртты хуызæн нæ!) лæппутæ нæм куы нæ уыдаид, уæд Хуссар Иры- стон чи бахъахъхъæдтаид? Поэтессæ дзуры Калоты Хазбимæ: «Нал дæ ды æмæ Нæй хæстон поэт, Чи та фехъусид Иры зæххы хъæрзт... Охх, кæмæн нал дæ, Уый кæмæ кæуа, Ныфс кæмæй кура!» («Кало- ты Хазбимæ»). Кæд дзы, мыййаг, уыд, уæд та? Ау, иу дæр дзы нæ дзырдта, нæ фыста хæсты рæстдзинад? Уыцы рæстдзинад Зинæ нæ равдыста, нæ йæ зыдта. Æмæ канд Зинæ нæ. Уый уымæн, æмæ иу Ирыстон не стæм, иу хъысмæт нын нæй, нæхи не ’нкъарæм æмæ не ’мбарæм, куыд иу адæм, иу наци, афтæ. Уый Ирыстоны трагеди у, йæ сæфты трагеди. Хæсты тыххæй Зинæ æрмæст кæмдæрты, уæлæнгæйтгы загъта раст. Æвæццæгæн, æрæджиау, хæст банцайынмæ куы хъавыд æмæ куы банцад, уæд. Хæст куы цыд, уæд Дзæуджыхъæуы хуссайраг лæппу- тæй базардзауæй чи зылд, уыдоны тыххæй («Нæ иуæй-иу лæппутæм»). Гуыцмæзты Алешы тыххæй: «Ды цы ныфс хастай дæ риуы, Уый нæ цауд удты нæ разынд... Махмæ ’мгары намыс бастъæлд... Иу нæ не ’рлæууыд дæ фарсмæ... Ехх, дæ бон бакæла, уастæн, Хæсты кæд хæ- цæг нæй иуæй!» («Гуыцмæзты Алешæн»). Алеш иуæй (иунæгæй) нæ хæцыд, йæ фарсмæ бирæ æмгæрттæ уыд, фæлæ дзы цæгатæгтæй кæй ничи уыд, уымæй раст зæгъы Зинæ. «Ирон инæлæртты уæхсчытыл Худинаг æруæззау» («Фæдисы катай»). Сослан-Дауытмæ дæр гæзæмæ æрвонгдæр цæстæй акаст: «Дæ фæрцы даргъ-уæрæх у чидæр», мах та — цагъдуæлдæйттæ, æмæ: «Цытæ нын бакодтай, нæ Сослан!» («Да- уыт-Сосланы тугвæдтæ»). «Мæ бон дын циу?» Дæуæй, дам, Ирыстон, кæдæмдæр цардагур нæ фæлидздзынæн, дæ рæзгæ фырт цæфæй дæ арæныл куы ’рхауа, уæд ын скувдзыстæм Лæгтыдзуармæ, нæ хъарæ- джы ныдздзурдзыстæм нæ сау маст, æмæ нæм кæд ныффæдис уаид дуне («Мæ бон дын циу, цы зæрдæ дын æвæрон»). Уымæй, цыма, Зинæ йæхæдæг рацыд йæ феминистон сидты ныхмæ — чызджытæ Иры сæрыл тохы бон нæ фестадысты амазонкæтæ. Мæнмæ гæсгæ, Зинæ хæсты тыххæй кæй ныффыста (йæ фæстаг æмдзæвгæтæ), уыдон йæ раздæры æмдзæвгæтæй лæмæгъдæр, цауд- дæр кæй сты, уый хъуамæ быцæуаг макæмæн уаид. Зинæмæ ис иу ахæм рæнхъ — деталь-фæлгонц: «Нæ балы цъуппыл хуымæллæг ныппыхцылтæ» («Мæ мысинаг»). Кæддæр нартæм цъиу хуымæллæгæй ахордта æмæ срасыг, зæххыл ратул-батул кодта. Нартæ 270
хуымæллæгæй аразын байдыдтой, расыг чи кæны, ахæм нозт (кæнæ нозтытæ). Поэтессæ дæр — уарзты ронг нуазаг æмæ искæмæн дараг, расыг æмæ искæй расыггæнаг — хуымæллæгау у пыхцылтæ. Йе ’рра, йæ уæгъдибар, йæ хивæнд, йæ хиуарзон, йæ мастисæн — адонæн нæй æрфасæн,æрлæгъзгæнæн. Пыхцылтæ у йæ зæрдæ (æрдзытыхы хуы- зæн, сырдтæ, мæргътæ æмæ цæрæгойты хуызæн) æмæ уымæ гæсгæ — пыхцылтæ у йæ поэзи, йæ мидис дæр æмæ йæ формæ дæр. Пыхцылтæ — йæ техникæ, йæ формалон культурæ (ис дзы лексикон, стилистикон дыркъуымтæ, дызгъуынтæ). Пыхцылтæ — йæ ритмикæ (ис дзы гуыр- гъахъхъытæ, къуыппытæ-дзыхъхъытæ). Пыхцылтæ— йæрифмæтæ. Ис æм æххæст рифмæтæ; уарын — дарын, уалдзæг — уазæг, здухыс — тухыс, æлутон — гутон, тызмæгæй — зымæгæй, ис — гис, дæу — нæу æмæ а.д.Фæлæ ма йæм ис бирæ æндæр рифмæтæ дæр— æнæдырыс,æ- нæбæлвырд рифмæтæ, цавдон хъæлæсонтæ иухуызон, æмхъæлæсонтæ та (фылдæр хатт сæ кæцыдæрты йеддæмæ) алыхуызон кæм сты, ахæмтæ: адæмæн — а дуне, ахæм — къахыл, æрвдзæфæй — мæ тæфтыл, уаз уд — уарзы, тыхæй дæр — хæйрæг, фын — цым æмæ а.д.; кæнæ цавдон хъæлæсонтæ алыхуызон кæм сты, æмхъæлæсонтæ та (фылдæр хатт сæ кæцыдæртæ) иухуызон кæм сты, ахæмтæ: бæстыл — æрхызти, Ирыс- тон — мæ фæстæ, исчи — хæсджын, оххай — къухæй, уындæй — удыл, суагьтай — богьтæ, лæппу— æппын, быдыр — бадар, ныр — ир, дæхи — фæхуд, хъуамæ — хъоло æмæ а.д. Адонæй бирæтæн риф- мæтæ схонæн дæр нæй, фæлæ уæддæр цыдæрхуызон æмзæлланг кæ- нынц, æмæ поэтессæйы æмдзæвгæты нæ хатæм мидис æмæ формæйы æхсæн ныхмæвæрд, сты кæрæдзимæ гæсгæ, кæрæдзийы аккаг. Иу рæстæджы Зинæйы æмдзæвгæтæм фæхæццæ Бестауты Гиуæр- гийы къух — æрфаста-иу сæ, æрлæгъзытæ-иу сæ кодта, фæлæ уымæй уадиссаг ницы аивтой, чи зоны, се ’рдзыхъæдæй-иу кайдтой æмæ уымæ гæсгæ уыцы «фæхæццæ» хъæугæ дæр нæ кодта (кæд Гиуæрги æмæ Зинæ сæ романтикон уагæй, сæ романтикон дзырдвæлыстæй, сæ инто- национ кондæй кæрæдзийæн хицон уыдысты, уæддæр). Зинæ йæхæ- дæг йæхи нæ лæгъз кодта, нæ фаста: уый йæхи æвдыста, цы уыд æмæ куыд уыд, афтæмæй — йæхи хуызæнæй, æмæ поэзийы хъæугæ дæр кæны афтæмæй — йæхи хуызæнæй( искæй хуызæнæй нæ!). Поэтессæйы пыхцылтæ — йæ контрастон хуызтæ, сæ сысхъиу- æрысхъиутæ, расхъиу-басхъиутæ иу æгæрæй иннæмæ, иу хуызæй иннæ хуызмæ. Ис дзы сау, урс, сырх, бур æмæ æндæр хуызтæ, фæлæ йæ уды цæстытæн — йæ уды бæллиц æмæ тæмæнмæ гæсгæ — уæлдай уарзон фæци иу хуыз — цъæх, æрвхуыз. Йæ уды цæстытæ арæх дуне уыдтой цъæхæй, æрвхуызæй: цъæх æвзонгад, цъæх бæллиц, цъæх бæстæ, цъæх райсом, цъæх уалдзæг, æрвхуызцъæх фыдыбæстæ, æрв- хуыз цæхæр, æрвхуыз базыртæ, цъæх быдыр, цъæх дидинджытæ, цъæх сæнттæ, цъæх нымæт, цъæх бон, цъæх къуыбыр, цъæх амонд, æрв- хуыз дидин, æрвхуыз бонтæ, цъæх бæх (дымгæ), æрвхуыз амонд, æрв- хуыз сæнттæ æмæ а. д. Цъæх дуне. Цъæх поэзи. Цъæх пыхцылтæ. Поэтессæйы пыхцылтæ (йе ’рра зæрдæ, йе ’рдзытых, йæ уæгъди- бар, йæ феминизм) — сæхирдыгонау, иуцасдæр — уыдысты, мах кæм цардыстæм, адæймаг (æмæ поэзи дæр) къухылтухгæ æмæ ком- 271
мæгæс, лæгъз æмæ фаст, тоталитарон хъадамантæй баст æмæ ахст, хицауад æмæ бардзимæ æмхъуыдыгæнæг, æмæнкъарæг, æмархайæг кæм уыд æмæ кæм хъуамæ уыдаид, уыцы къазармæйон-феодалон системæйы ныхмæ. Ахæм у Зинæйы «æз». Ахæм у йæ поэтикон дуне. Уым— федтам æй — ахъаззагдæр бынат ахсынц уарзты тыххæй æмдзæвгæтæ æмæ хъæуы тыххæй æмдзæвгæтæ. Уыдонæй дыууæ æмдзæвгæйы хъуамæ æрхæссон æнæхъæнæй. Дыууæйы дæр — хъысмæттæ: фыццаджы — сылгоймаджы хъысмæт, дыккаджы — зæхкусæджы хъысмæт. Дыууæ дæр — чысыл цыртдзæвæнтау, кæугæ-цæссыгкалгæ, трагикон цырт- дзæвæнтау. Фыццаг — уарзты тыххæй æмдзæвгæтæн, сылгоймагæн, дыккаг — хъæуы тыххæй æмдзæвгæтæн, зæхкусæгæн. Дыууæ дæр — цыртдзæвæнтау Зинæйы поэтикон дунейæн. Фыццаг — верлибрæй фыст — «Денджызæй рахызт»: Денджызæй рахызт мадард сылгоймаг. Ралæууыд былгæрон, доны фæрдгуытæ, зæрдæйæ рахъаргсе судзгсе цæссыгтау, тулынц йæ уæлæ. Раст цыма усы буар, царддæттæг усы буар — денджызы былыл йæ иунæджы боныл дзыназы... Дыккаг — кълассикон стихæй фыст — «Зæронд гал»: Йæ хицау ын цæрæнбонты йсе къухсей Цæхх фæдардта, æфсымæр сей хуыдта. Ай-гъай, уыд йемæ царды усез сентъухсег, Йæ хъалы бонтсе ’фсондзы бын тыдта. Йæ ссерты ныр фæлтæхджыты бал атахт, Йæ хъусты бацахст се ’нæнцойы зард. Йæ уæз æрæнцад уæрджытыл фыццаг хатт, Йæ фæллад цæссыг хуымгæрон æртагъд. Сылгоймаг поэтты тыххæй Ахматова Аннæ ныффыста эпиграммæ: Могла ли Биче словно Дант творитъ, Или Лаура жар любви восславитъ? Я научила женщин говоритъ... Но, Боже, как их замолчатъ заставитъ! Кæй бафæндыдаид, æмæ Зинæ ныссус уа, ныхъхъус уа? Кæд йе знæгтæй æмæ йæм хæлæг чи кодта, уыдонæй искæй, æндæр... Чи зоны, зæгъинаг æм цы уыд, уый загъта, чи зоны, уымæй уæлдай ницыуал загътаид (хуымæтæджы йын нæ рауадысты йæ фæстаг æмдзæв- гæтæ йæ раздæры æмдзæвгæтæй лæмæгъдæр). Фæлæ йын уæддæр — æнафоны, æнæнхъæлæджы — мæлæт йæ дзурæн дзых кæй бахгæдта, уый уыд фыдракæндау — æрдзы ныхмæ, поэзийы ныхмæ. 272
ФÆСДЗЫРД «ÆЗ ЦÆУЫН ФАЛÆМÆ...» Æнæуй дæр йæ боныфыддæртæм чи цæуы, уыцы ирон литерату- рæйæ æнæнхъæлæджы, æвиппайды фæхъуыди Дзуццаты Хадзы-Му- рат — фарны лæг, стыр курдиаты хицау, Ирыстоны иузæрдион хъæ- бул. 1995 азы Цхинвалæй фæхауæггаг: уымы хицæуттимæ нæ бафи- дыдта æмæ рацыди Дзæуджыхъæумæ. Уæдæй йæ амæлæты онг куыс- та «Мах дуджы» — поэзи æмæ драматургийы хайады сæргълæууæгæй. 29 майы мæм мæ кусæнуатмæ æрбацыд. Иннæ хæттытау та мæ фæлмæн хъæлæсæй биноныг фæрстытæ акодта: куыдтæтæ дæ, дзæ- бæх дæ, бинонтæ дæр дзæбæх сты? Стæй мын къæмдзæстыгхуызæй афтæ: «Æфсæрмы дæ кæнын, Æхсар, æгæр арæх кæй курын мæхи, уый тыххæй, фæлæ ме ’фсины мадæн дыууиссæдзæм бон уыдзæн, æмæ мæ уым сæмбæлын хъæуы». Уый та, зæгъын, цы дзырддаг у, зианы хъуыддагмæ дæ куыннæ хъуамæ ауадзон! Кæд, зæгъын, хъа- выс цæуынмæ. Бæлвырд, дам, æй нæ зонын, ме ’фсин дæр ам ис, чи зоны, дам, райсом дæр ацæуæм. Дыккаг бон нæ ацыди, куысты ма уыди. Уый фæстæ бон мæм ме ’мкусæг æрбахаста чысыл гæххæтты гæбаз. Хадзыйы къухæй йыл фыст: «Æхсар, æз цæуын фалæмæ. Дзæбæх мын у. Хадзы-Мурат. 2000. 31. V». Фыццæгæм июны райсомæй куыддæр мæ кусæнуаты бандоныл æрбадтæн æмæ газет райстон, æркæсон æм, зæгъгæ, афтæ мæм мæ чызг Иридæ æрбауад, йæ цæссыгтæ гæр-гæр кæнынц, афтæмæй. Æз фæудаист дæн, мæ зæрдæ ныссæххæтт кодта.Уый мын æваст афтæ: «Хадзы-Мурат, амарди». Фæрсын æй сонтæй: «Кæй Хадзы-Мурат? » «Дзуццаты». «Ау, уый ту куыд? Цы йыл æрбамбæлди? Чи загъта?» Уæртæ, дам, Æлборты Феликсмæ æрбадзырдта чидæр. Мæн нæ уыр- ныдта хабар æмæ наукон-иртасæг институтмæ (Феликс уым кусы) азгъордтон, Феликсæн, зæгъын, йæхи афæрсон. Мæ цæссыгтæ тых- урæд кæнын, фæлæ мæ коммæ нæ кæсынц. Уынджы мæ адæм ма бафиппайой, зæгъгæ сæ аивæй асæрфын. Феликсы баййæфтон йæ уаты. Загъта мын: Хадзы-Мураты раздæры бинойнаг Ирæ мæм дзыр- дта. Райстон дзы Ирæйы телефоны номыр. Мæ куыстмæ æрбаздæх- тæн, дзурын Ирæмæ. Кæугæйæ мын афтæ: Цхинвалæй нæм фæха- бар кодтой, дысон, дам, Хадзы-Мурат бафынæй æмæ нал райхъал — райсомæй йæ йæ уаты мардæй баййæфтой. Æмæ та мæ зæрдыл æрбалæууыди, цы гæххæтты гæбаз мæм ныу- уагъта, уый: «Æз цæуын фалæмæ...» Цы амыдта дзырд «фалæмæ»? Ехх, куы йæ зыдтаин, Хадзы, фалæмæ, де ’цæг дунемæ, цæудзынæ, уый, уæд дæ бæргæ нæ ауагътаин дæ куыстæй æмæ, чи зоны, (цынæ вæййы!) абон ацы фыдохы рæнхъытæ нæ фыссин. Фæлæ æппæт хъуыддæгтæ дæр Хуыцау аразы. ...Стыр зын уавæры ис ныртæккæ Ирыстон. Не ’взаг заууатмæ кæй æрцыди (фыццаджы-фыццаг нæхи аххосæй), уый фыдæй ирон адæмы ног фæлтæртæ фæиппæрд сты сæ фыдыбæстæйæ, нал сæ æнда- вынц сæ фыдæлты фарн æмæ æгъдæуттæ, зыд æмæ сыл кæрæф баф- 18 Дзуццаты Хадзы-Мурат 273
тыди, æддагон знæгтæ сæ кæй цæгъдынц, уый сын фаг нæу, фæлæ ма кæрæдзимæ дæр топпы кæсæнæй кæсынц, æхцайы, мулчы тых- хæй кæрæдзи уæй кæнынц нæ фыдгултæн, суанг æфсымæр æфсымæ- рыл дæр нал ауæрды. Утæппæт æвирхъау нывтæ уынгæйæ йæ зæрдæйы уидæгтæ мæ- тæй æмæ мастæй уæззау сыгъд кодтой Хадзы-Муратæн. Уыцы гыц- цыл лæг цы уыд, уымæй уыди рис, уыди удхаргæнæг. Æдде бакæс- гæйæ — уæздан, хиуылхæцгæ æмæ мадзура. Мидæгæй та, риуы æмæ сæрымагъзы, цытæ цыд, уый бамбардзæн, йæхæдæг афтæ чи риссы, æрмæст ахæм адæймаг. «Поэзия — душа подвига», — фыста Михаил Пришвин. Альфонс Ламартин та афтæ загъта: «Поэттæ æмæ геройтæ иу мыггагæй сты». Æвæццæгæн, стыр ныхас нæ уыдзæни, Хадзы- Мурат ахæм сгуыхт лæг уыди, зæгъгæ, куы зæгъон, уæд. Фæлæ, сгуыхт уæвгæйæ, хæрзиуджытæм, титултæм, — стыр нæмттæм никуы бæллыд. Уый фыццаджы-фыццаг хъуыды кодта йæхи номыл нæ, фæлæ Ирыстоны ном уæлиаумæ сисыныл. Æмæ ууыл куыста сæрны- вондæй;/уæлдайæ. Хæрзиуджытæ æмæ алы регалитæ-йедтæ та хъæ- уынц, æрдзæй цыдæр кæмæн нæ фаг кæны, йæ къæхтыл фидар лæууынхъом чи нæу, удæй, зондæй, курдиатæйхъуаг чи æййафы, гуылмыз чи у, ахæмты. Уыцы адæймæгтæн хицæутты лæвæрд нæмттæ, хæрзиуджытæ æмæ æндæр ахæм ницытæ ’мæ мацытæ æнцæйтты, протезты хуызæн вæййынц — уыдон сын куынæ уой, уæд сæ аип- пытæ, сæ сахъæттæ тынгдæр зынынц, æмæ сæ æххæст лæгтыл куынæ банымайой, уымæй фæтæрсынц. Фæлæ ис æндæр адæмы мыггаг дæр, мæнæ афтæ чи хъуыды кæны: «Не до ордена. Жила бы Родина...» (М. Кульчицкий). Уыдо- нæй уыди Хадзы-Мурат дæр. Рæстзæрдæ, цæстуарзон, фидар прин- циптыл хæст. Уыцы миниуджытæ æрдзæй рахаста, ноджы йын æвæ- джиауы ахъаз фæци Мæскуыйы Горькийы номыл Литературон ин- ститут. «Институты ахуыр кодтон Луговской Владимирмæ, арæх хъуыстон Сельвинский æмæ Светловмæ, — фыста поэт. — Мах, алы адæмты минæвæрттæ, поэтикон семинары нæ кæрæдзийы æмдзæвгæ- тыл куы ныхас кодтам, уæд уыдыстæм карз æмæ æнауæрдон. Нæ куысты æгъдау уыд æнæгæдывад , æргом, принципон критикæ. Æз нæ хъуыды кæнын ме ’мдзæвгæтыл иу ахæм уынаффæ дæр, мæн кæм нæ «ныддæрæн» кодтой суанг фæстаг рæнхъы онг. Фæлæ уый адыл никуы никæмæ банкъардтон хæрам æмæ фыдæх. Æвæццæгæн, афтæ хъуамæ уаид литературæйы алкæм дæр æмæ алкæд дæр». Ха- дзы-Мурат галиу митæ никæмæн барста — нæдæр стыр хицæуттæн, нæдæр йе ’мкусджытæн. Ныртæккæ иутæн Ирыстон у къæбицы хуы- зæн, фæфос кæнæн кæм ис, ахæм бынат — нæ йыл ауæрдынц, хæ- рынц æй, стигъынц æй, йæ сойтæ йын мæрзынц, пайда йын кæнынц суанг йæ номæй дæр. Иннæтæн, Нигеры загъдау, туг кæлы сæ цæс- тæй, фæрстæ сау мæтæй хæлынц æмæ Ирыстонæн сæ сæртæ нывон- дæн хæссынц, йæ фарнмæ йын æфтуан бакæнынмæ тырнынц сæ тых, сæ бонæй, не ’взаг, нæ адæм, нæ ном, нæ кадцæмæй быныс- къуыд ма фæуой, ууыл сæ удæй арт цæгъдынц. Йæ удæй арт чи цагъта, уыдонæй уыди Дзуццаты Хадзы-Мурат дæр: 274
Юбилейтæ кæнæм — кадджын, радджын, адджын юбилейтæ. Кæнсем ссе — куы кæуынц нæ цæрæнтæ, нæ цæуæнтæ. ... Юбилейтæ кæнæм — академиктæ, артисттæ, поэттæ-йедтæ, Кæнæмсæ— куы сæфы ирон фарн, ирон æвзаг, Уæд ныззилæм егъау фынгтæ — куывдтæ, банкеттæ, Æмæ кувæм нæ комыдзаг, ныннæрсæм нæ роныдзаг. Мæнæн юбилей нæй... Тыхсын мæ лæппушæн сæ мæтæй, Тыхсын æмæ бынтон фæиппæрд дæн æнцойæ, Тыхсын æз не ’намонд, нæ хъыхъхъаг æнæхъола хъысмæгпæй, Зыны мæм фидæн — нæ фидæн — удисгæ, мæлдзойæ. Ирыстон сæрибар куынæ уа, дунейы арвмæ цъæх бæндæнæй Йæ фæздæг куынæ ’вæза ирон фидауц артæн, Ам ирон æвзаг куынæ зæла æмхуызон æмвæтæнæй, Уæд æз нæ райгуырдтæн æмæ нæ цардтæн! Хадзы-Мурат ирон литературæйæн цы лæггæдтæ бакодта, уыдон бирæ сты. Æртындæсаздзыд лæппуйæ джиппы уадзын райдыдта йе ’мдзæвгæтæ. Ирон, уырыссаг æмæ гуырдзиаг æвзæгтыл ыы рацыд иу дæс поэтикон чиныджы. Сæ ахадгæдæртæ сты: «Романтикæ», «Ветер времени», «Къæвдайы кафт» (ацы ном ын хæссынц дыууæ чиныджы — иронау æмæ уырыссагау), «Æмдзæвгæтæ», «Равзаргæтæ», «Фæди- сы æртытæ», «Азты æфсæрм», «Биографи» æмæ æндæртæ. Къаддæр нæу йæ литературон-критикон куыстыты нымæц дæр: «Беджызаты Чермены сфæлдыстад», «Знон æмæ абон», «Хæст æмæ зæрдæ», «Бæр- нондзинад», «Хетæгкаты Къостайы реализмы тыххæй», «Рæстæг æмæ литературæ», «Арвистон» æмæ а.д. Дзæуджыхъæумæ куы ’рбацыд, уæд бацæттæ кодта æмдзæвгæты ног æмбырдгонд. Йæ къухфыст ныр фондз азы лæууы чиныгуадзæн «Иры». Фæстаг рæстæджы ам (стæй канд ам нæ) ахæм æгъдау сæв- зæрди: уацмыстæн сæ хорзмæ æмæ се ’взæрмæ ничиуал кæсы — фыц- цаджы-фыццаг хъуамæ дæхи æмæ дæ хæлæртты чингуытæ уадзай, стæй та, кæд фадат амона, уæд — иннæты. Уый, æргом дзургæйæ, бæстысæфт у. 2400 азы размæ грекъаг философ Антисфен афтæ загъ- та: паддзахæдтæ фесæфынц, адæмæн сæ хæрзты æвзæртæй иртасын- 275
хъом куы нал вæййынц, уæд. Ныртæккæ ирон адæмыл раст ахæм фыдбонтæ скодта: æппæлынц алкæмæй дæр, искуы-иутæй фæстæмæ сын иууылдæр куырыхонтæ сты. Зынвадæтты царди Хадзы-Мурат Дзæуджыхъæуы. Нывыл цæ- рæнуат ын нæ уыд. Уазал æмæ чъизи къуымты рахау-бахау кодта иунæгæй, хæринаг æмæ уæлæдарæсхъуагæй: цы капеччытæ иста, уыдон ауæрста йæ бинонтæн, йæ кæстæртæн. Ноджы йыл низ стых- джын. Уæззау операцийы фæстæ дæр ма дзæвгар рæстæг стыр ту- хитæ ’взæрста. Афтæ-иу дзырдта, æхсæв, дам, мæ уаты дуар гомæй ныууадзын, исты мыл куы ’рцæуа, мыййаг, зæгьгæ. Фæлæ ахæм уавæр- ты дæр куыста æнæрынцойæ. Бирæ хæрзты бацыди журнал «Мах дугæн», ирон литературæйæн. Ныффыста æмдзæвгæты стыр циклтæ, Малиты Георгийы, Нигеры, Беджызаты Чермены, Фæрнионы, Хъам- бердиаты Мысосты, Хостыхъоты Зинæйы æмæ иннæты сфæлдыстады тыххæй ахадгæ уацтæ. Уыцы уацты уынæм ног, конъюнктурæйæ цух, объективон цæстæнгас нæ литературæйы хицæн фарстатæм. Хæдзонд, æргомдзырд æмæ бæлвырд принциптыл хæст кæй уыд, æхсæны царды, литературæйы, аивады тыххæй йæм йæхи хъуыдытæ кæй уыд, уый кæйдæрты зæрдæмæ нæ цыд, æфхæргæ дæр-иу æй акодтой хæлæггæнаг, хиуарзон адæм. Æппындæр аив дзырды хъæр чи не ’мбары, иу ахæм æнæчетар, æнæфарн автор та йыл фидиссаджы æмæ аллайаджы хахуыртæ фæфыста «Рæстдзинад»-ы. Афтæ йын йæ зæрдæ рæхуыстой алырдыгæй. Хуыцау сын уæд тæрхонгæнæг. Поэты цалдæр хатты федтон йæхи æмдзæвгæтæ дзургæ. Уæвгæ сæ дзургæ нæ кодта. Уыдон уыдысты йæ зæрдæйы æхсидæвтæ æмæ судзгæ-уыраугæйæ тахтысты йæ риуæй. Дзырдтæ-иу цыма цæф арсы богътæ фестадысты: рыстысты, уынæргъыдтой, æмбухыдтой. Уый уыд абоны Ирыстоны зæрдæйы уынæргъын... Фæстаг рæстæджы æмдзæвгæтæ декламаци нал кодта: бафæллад, бастад нæ хъомпал дугæй, йæ тугуарæнтæй, ирон адæмы æгуыдзæг уавæрæй, тыхтонатæй... Ссæдз азы размæ ныффыстон сонет «Терчы сакъадæхтæ». Йæ хъуыды ахæм у: «Терчы сакъадæхтæ асæй чысыл сты, галдзармы дæр сын ис æрбатухæн, вулкантæ нæй сæ быны, фæлæ сæ фенынц хаттæй-хатт сæ фыны»; хуыр, ызмис, кæркмисындзæг, хæристæ-йедтæ — æндæр сæм ницы ис мулкæй; Терк куы раивыла æмæ сæ куы аласа, ууыл у сæ мæт иудадзыг; фæлæ зымæгæтты Терк куы ныггыц- цыл вæййы, уæд сакъадæхтæ та стырдæр фæвæййынц — «фæива- зынц кæрæдзимæ сæхи æмæ фæкæнынц сусæгæй сæ хъаст». Терчы хуызы равдисинаг уыдтæн Рæстæг, Хъысмæт, йæ сакъа- дæхты хуызы та, Ирыстоны рисæй чи риссы, ирон адæмы цæрайæ чи цæры æмæ уыдон тыххæй æппынæдзух мæстытæ, хъизæмæрттæ чи æййафы, уыцы иугай лæгты трагикон уавæр. Æмдзæвгæйæ ссард- тон Дзуццаты Хадзы-Мураты ном. Фынддæс азы фæстæ Хадзымæ дæр’фæзынд æмдзæвгæ «Ирыстоны сакъадæхтæ», уый дæр уыцы темæйыл. Æрмæст Хадзыйæн йæ хъуыдытæ æргомдæрæй, бæлвырд- дæрæй, ирддæрæй разындысты. Æмдзæвгæйы сæргонды бынмæ ныф- фыста: Хъодзаты Æхсарæн. Ахæм рæнхъытæ дзы ис: 276
Теркау цæуы ивылдæй, цæуы Ирыспгоныл рæстæг, Кæлы Ирыстоныл рæстæг — нæ фыдгул æмæ нæ хæстæг, Кæлы йыл змæст æмæ знæтæй, Йæ сæрыл æй исы хохæй-быдырæй, хæдзарæй-скъæтæй. Хъæуæй-сахарæй, Æмæ дзы исы хъалон, цьша йæ цагъарæй. ... Ласы йын йе ’взаг, ласы йын йæ мон, Æрмæст ын нæма ласы йæ ном. Фæлæ куынæ уа мон, Уæд ницы у ном! Æмæ, акæс-ма, цыма незаманон саг адæймæгтæ — æд æрдынтæ, æд сагъадахътæ, Кæмдæрты ма Ирыстонæй баззад иугай-иуæггай сакъадахтæ. Уыцы «саг адæймæгтæй», «иугай сакъадахтæй» уыди Хадзы-Му- рат дæр. Уыдис æмæ нал ис... Æмæ та, оххай-гъе, фæкъаддæр сты Терчы-Ирыстоны сакъадæхтæ. Аннæ Ахматова афтæ фыста: Когда человек умирает, Изменяются его портреты. По-другому глаза глядят, и губы Улыбаются другой улыбкой. Хадзы дæр нæ мæнг дунейæ йе ’цæг дунемæ куы ацыд, уæд йе ’мгæртты цæсты ноджы фæкадджындæр, арфдæр нæм хъарын бай- дыдтой йæ удхæрттæ, йæ мæт, йæ катай ирон адæмыл, ирон æвза- гыл. Фендæр ис йæ цæстæнгас дæр: цæйбæрц нæ адард, уыйбæрц нæм фæци æввахсдæр, уыйбæрц нын сси уарзондæр. Æвæдза, диссаг та куыннæ у: пехуымпары ныхæстау рауадысты, æртæ азы размæ кæй ныффыста, уыцы рæнхъытæ. Поэт дзуры йæ ирон æвзагмæ: Ды мæ риуы иыхъхъæрз сабух, сулæф дæ риуыдзаг Æмæ дзы куыд аскъуыйа, куыд аскъуыйа мæ риу! Хъæрзыдта, абухта, улæфыд ирон æвзаг поэты риуы. Афтæ арф, афтæ бындзарæй хъæрзыдта, абухта, улæфыд, æмæ дзы сæрды фыц- цаг бон сæумæцъæхтыл йæ зæрдæ аскъуыд. Рухсаг у, не ’фсымæр. 277
Хъодзаты Æхсар ХАДЗЫ-МУРАТЫ ЭЛЕГИ Æз мæ ингæны ниудзынæн, хъæрздзынæн, Ирыстоны суадæттау, зæххы бынæй кæудзынæн, æз фæстаг поэт куы уон, поэттæ мæ фæстæ куы нæ уал уа... Дзуццаты Хадзы-Мурат Рæзæм бынырдæм. Рольф Якобсен 1 Дыууæ Иры ’хсæн хауæггаг фæдæ: Тыхстыбæстæй Уырыдбæстæм лыгътæ, Уырыдбæстæй Тыхстыбæстæм фæстæмæ, — æркæсдзæн, загътай, хуры цæст гæзæмæ... Фæдæ фыдæнхъæл... Сау хъоргъæн йæ ахæсты ысхардз ысты дæ уды тых, дæ цард. Дæ хъоргъæн та йæ бын æмæ йæ цар — дыууæ Иры — нæ ристы рис, нæ сагъæстæ. Дæ уд дын ластой саулæгтæ гæркъайы, гуымир уа, дзигло — чи нæ дæ æфхæрдта! О, зонын æз: ды ацыдтæ тæргайæ, — ныббар нын æй, нæ бæззæм мах æрдхæрдтæн. Ныр Хъорнисы æндæр лæгæт — дæ цæрæн, ирон низтæн æмырæхгæд — дæ къуыдыр. Кæм и дæ уд? Цы бæстæ у йæ хæтæн? Æнхъæлын æз: у стъалыджын цъæх быдыр... 2 Дæ хъæлæс дзынæзта бæрзонд репродукторæй. Дзуццаты Хадзы-Мурат Дæу уæлмæрдтæм хастой дæ къона, дæ кæртæй, — дæ хъæлæс дæ фæстæ фæдисгæнгæ згъордта, дзырдта дæм: «О, раздæх!..» Лæгъстæтæ дын кодта, ныффæсус, — нæ хъуыстай дæхæдæг дæ хъæртæ.
Дæ здаист богътæ нæ ахстой дæ хъустæ, нæ райхъал дæ — уæууа! — дæ уариты ахстмæ... Ныр мæнæ дæ чиныг — сæ бæлас, сæ ахстон, йæ сыфтæрты рухсмæ æз хъусын сæ бустæ. Кæмæн сæ ныууагътай, сæ хъахъхъæнæг чи у? Мæ зæрдæ мæ риуы къуыдыр куыдзау ниуы. 3 Ацыдтæ, нæ гыццыл Хадзы, сиу дæ, уидæгтимæ — иу бындзар, бындзæфхад. Къалиутыл ма аззадысты цъиутæ, дидиндуне бацахста бындзæфсад. Хатын æй, дæ уды рис фæкъаддæр уидæгтимæ: уым — Къоста, Секъа дæр, уым — Арсен, Елбыздыхъо, Æрнигон, Кочысон, Геуæргитæ, Фæрнион. Уым — Гино, Хазбитæ ’мæ Алихан, Мах та ам — йæ къæйрагъыл цъæх ихæн. Буц дæ уым кæстæр æмæ æмгарæй: Зинæйæ, Алеш æмæ Оскарæй. Хадзы, о, ды авддæлдзæх, дæлхох дæ: уидæгты æнгом быдыл ма бафтыд. Хъусын та дæ уынæргъын, дæ богътæ сау дунейæ — Иры Бæлас сафтид. Сирвæзт ыл зындоны арт æмбойны: атахтысты дзибатæ уæ бæстæм, дон-донгæнгæ... Басæтт сын сæ дойны, акæ сын, рæвдаугæйæ, ныхæстæ. Кувын, курын не Скæнæгæй арфæ... Арвмæ нæ — дæлæмæ рæзæм, арфмæ, Царцумæ: фыдвæд æмæ æвæдæй сæфы, скъуыйы цадæггай нæ мыггаг... Бастадтæн мæ марой-куыд, мæ фæндтæй... Ам ма мын цы куыстаг и, цы хъуыддаг? Фæлæ... Ис ма иу куыстаг мæ удæн: де ’лвæст нуæрттæн се ’рдиаг, сæ дудын бауром, дæ уидæгтæм æркæс, гом уидæгтæ саумæрæй æмбæрз, базил сæм... Дæ цæстысыг æмбæхс... Уидæгтæ! Ысуадздзыстут ма таутæ? Æви дарæм саутæ! 2005.21.09 279
СОДЕРЖАНИЕ Къоста — кæддæриддæр 3 Поэт — æмбæстаг 6 Малиты Геуæргийы поэзийы тыххæй 23 Ирон радзырд 43 «Иууыл абхазагдæр поэт» 77 Курдиат æмæ дæсныйад 79 Ирвæзынгæнæг рæсугъддзинад 82 Цы стæм? Цы æмæ куыд хъуамæ уæм? 88 Ирыстоны мæт æмæ уарзтæй 101 Уацхæссæг æрцæуинаг дугæй •. 106 Мифтæ фæлдисæм? Мифтæй цæрæм? 136 «Æд хæтæл æдули нæй» .... .^ 141 «Цæй-ма, кæмæн кæнон зарджытæ?» 153 Мæрдтыбæсты фæсмон кæндзæн? 175 Йæхи зарæджы хурхыл лæугæйæ 200 «Хъазт, куывд, мыййаг, нæу» 231 Сугубо субъективно или Всякая всячина или Разное о разном 234 Поэтессæйы æрвхуыз дуне •..,..>.* -. 247 Хъодзаты Æхсар. «Æз цæуын фалæмæ...» 273 Литературоведческое издание Дзуццаты Хадзы-Мурат ГОРЕСТНЫЕ РАЗДУМЬЯ Литературно-критические сташьи на осетинском языке РедакторÆÆ. Валиев Художник В. С. Григорян Технический редактор А.В. Ядыкина Корректор Э.Дз. Баликоева Компыотерная верстка 3. С. Мисиковой Сдано в набор 25.05.10. Подписано к печати 10.08.10. Формат бумаги бОхЭО1/,^ Бум. офс. № 1. Гарн. шрифта «Кудряшов». Печать офсетная. Усл.-п.л. 17,5. Учетно-нзд. л. 19,31. Тираж 500 экз. Заказ № 1416 . С 35. Комитет Республики Северная Осетия—Алання по печати и ннформацпи. ГУП РСО—Алания «Издательство «Ир», 362040, г. Владнкавказ, про- спект Мира, 25. Отпечатано с готовых диапозитивов в ОАО «Издательско-полпграфи- ческое предприятие им. В.А. Гассиева», 362011, г. Владпкавказ, ул. Тель- мана, 16.