Текст
                    БЯЗЫРТЫ ДИМИТР
АРТЫ НÆ СУДЗЫ
(Таурæгътæ, уацау)
РАУАГЪДАД «ИРЫСТОН»
19 ЦХИНВАЛ 90


84 Осет. 7—4 Б 99 Редактор М. Р. Казиты БЯЗЫРТЫ Д. Арты нæ судзы. Таурæгътæ, уацау. Рауагъ- дад «Ирыстон», Цхинвал, 1990. Чиныг сарæзта ХЪАЗИТЫ МЕЛИТОН 18В^ 5-8171—0013-4 „ 4702500201 1Д_1ооп ^ тт Б М 622 (06)—90 ^ ИзДательство «Ирыстсн», 1990.
НЫР ЫЛ СÆХХÆСТ УЫДАИД 70 АЗЫ Арæх æрцæуы афтæ, адæймаг йæ фыццаг къахдзæфтæй, хъысмæтæй йын хайгонд цы цардвæндаг вæййы, ууыл куы ’рлæууы, йæ царды нысанмæ уыцы æмраст куы фæцæуы æнæцудгæйæ. Бязырты Димитры йæ райгуырцæй ахæм амонд нæ фæци. Амонд цы, йæ райгуырæн бонæй фæстæмæ йæ цард фыл- дæр уыдис фыдæбон. Фыдцард æмæ йын фыдниз æдзух уыдысты ныхдуртæ, æхгæдтой йын йæ фæндæгтæ. Гуыргæ та ракодта 1920-æм азы Дзауы районы Котан- тойы хъæуы мæгуыр зæхкусæг лæджы хæдзары. Нæ мæгуыр хæххон адæм тыхст та кæд-нæ уыдысты, фæлæ нæ фидæны фыссæджы фыд йæ бинонтæн маамæла- йы къæбæр арыны тыххæй дæр йæ къухтæм кодта æмха- сæнтæ, æмæ мæгуырæн йæ род гал кæм нæу, йæ саби — хосдзау: Димитр (Митъуш) авд аздзыдæй, цæмæй йæ къæ- бæры фаг куыстаид йæхæдæг, æххуырсты ныллæууыд уæ- лыгæсæй. Æнахъом сабийæ цæй фыййау ис? Фæлæ йын цард ра- гацау æмбарын кодта, цы гуыргъахъ фæндагыл æй бахъæу- дзæнис цæуын, цы удмарæн зилдухæнтæй йæ хъæудзæнис йæхи ратонын, æмæ кæд æрмæст æххуырсты лæдзæг хæс- сынæй дæр йæ уд гæркъайы хуынчъы атъыссыныл разы уыд, уæддæр-иу йæ цардбæллон зæрдæ ныррухс йæ алы- варс алæмæттаг æрдзы мидбылхудтæй, мæргъты диссаджы зарджытæй, сатæг уæлдæф æмæ ихы къæртты хуызæн уа- зал суадæттæй, Пацъайы знæт доны сæр-сæрæй. Йæ хъару- иу цыма дывæр фæци, æмæ æууæндыд рухсдæр фидæныл. Æнахъом фыййау фараст аздзыдæй аппæрста æххуыр- 3
сты лæдзæг, æмæ ахуыр кæнынмæ бацыд сæ хъæуы рай- диан скъоламæ. Чысыл лæппу зыдта царды зын} хатыд, фидæн æм ахуыр- гæнæн чингуытæй кæй ферттивы, æмæ йæхиуыл нæ ауæр- ста, фæлæ мæгуыры бон цыбыр у, æмæ та йæ кæд ногæй 1930-æм азы бахъуыд æххуырсты лæдзæг райсын, йæ авна- лæнтæ та йын æрæхгæдтой йæ ахуыры фæндаг, уæддæр дзы йæ фынты дæр нæ рох кодтой йæ чингуытæ, фес- тъæлфыд-иу сæ коймæ, æмæ та йæ ахуыр адарддæр кодта 1932-æм азы. Уый фæстæ каст фæцис Хъемултайы æнæххæст астæуккаг скъолайы 9 кълас, æмæ фæлва- рæнтæ радта Бердичевы сахары æфсæддон ахуыргæнæн- донмæ. Бязыры фырт уыдис ахуырмæ рæвдз, хæстон хъуыддаг- мæ æвзыгъд æвзонг лæппу, фæлæ йын Стыр Фыдыбæстæ- йон хæст фадат нал радта, цæмæй йæ ахуыр фæуыдаид кæронмæ, рацыдаид дзы æппæт æгъдауæй ахуыргонд æф- сæддон раздзог. Цыфыддæр знаджы ныхмæ тох кæнынмæ ацыд хæсты фыццаг бонтæй фæстæмæ. Æвзонг, хъаруджын, цардбæллон ирон лæппу йæхи фæсвæд куыд урæдтаид, тохмæ куыннæ цыдаид йæ хæс- тонты разæй? Нæмыг та куырм у, раст æмæ зылын нæ зоны. Нæдæр æй хæсты амонд фæци не ’взонг, бирæ мил- уангай хæстонтау, æмæ 1943-æм азы онг кæд бирæ цæфтæ баййæфта, æмæ-иу сын цыбыр рæстæгмæ схос кодта, уæд ын ныр та сармадзаны нæмыджы схъис асаста йæ галиу цонг. Æвзонг афицер бауадзыг. афтæмæй зымæгон фыд- уазалы баззад æддейæ, дыккаг бон йæхи æрæмбæрста гос- питалы. Димитр йæ цæфтæ, йæ низимæ тох кодта æрдæг аз, æмæ йæ нæмгуыты хъæдгæмттыл йæ бон бацис фæуæлахиз уæвын йæ цардбæллон зæрдæйы уаг æмæ сæ хъуыддагыл æнувыд дохтырты фæрцы, фæлæ зымæгон фыдуазалæ’й йе сулæфæнтæ кæмæй фæсахъат сты, уыцы рæуджыты низ ын кæронмæ нæ бакуымдта асæттын, æмæ куы фæфидар, уæд та йе службæ кæд дарддæр кодта ротæйы команди- рæй, уæддæр æй цыбыр рæстæджы бар-æнæбары бахъуыд йæ ныууадзын, æмæ 1946 азы йæ райгуырæн хъæу Котан- томæ æрæздæхт рынчынæй. Йæ хæстон фæлтæрддзинад ын бабæззыд ам дæр — фыццаг куыста Чеселты, фæстæдæр та Котантойы аста- .зон скъолайы æфсæддон хъуыддаджы ахуыргæнæгæй. Фæлæ низ дæр кодта йæхион — 1950-æм азы æруатон бынтондæр, ныууагъта йæ куыст, нал иста йæ сынтæг. Рынчын адæймагæн газеттæ, журналтæ æмх чингуытæ -4
хостæй систы ахсджиагдæр. Уыдон ма йæ бастой цардимæ, уыдон фæрцы ма нымадта йæхи цæрдхъомыл. Æмæ куы сæвзæрид йæхимæ дæр аивадон уацмыстæ фыссыны хъуы- ды. Æмæ фыссын дæр райдыдта. Фæлæ та ам дæр йæ аыва- дон фæндагыл уыцы иу лæуд нæ фæци. Фыццаг кæд ра- дзырдтæ фыссыныл архайдта, уæддæр æй хъыгдардта, ахуырдзинад æм фаг кæй нæ уыд, уый. Аивады кусæджы та хъæуы рæвдауын, уæлдайдæр йæ фæндаджы райдайæны, цæмæй йæхиуыл баууæнда, æмæ уыцы хъару разынд жур- нал «Фидиуæджы». Уый фæрцы Димитрæн йæ ныфс нæ асаст, йæ хъайтартау йæхæдæг дæр йæ хъуыддагыл уыдуд- уæлдай, йæхиуыл бонæй-бонмæ куыста фылдæрæй-фылдæр, æмæ 1960-æм азы йæ фыццаг таурæгъ «Сæгуассæ» жур- нал «Фидиуæджы» куы фæзынд мыхуырæй, уæд æй ба- уарзтой ирон чиныгкæсджытæ. Йæ алы уацмысы фæзынд- мæ дæр-иу ын æнхъæлмæ кастысты цымыдисæй: Авторы таурæгътæ иууылдæр фыст уыдысты ивгъуыд дугыл, фæлæ сæ уæддæр цы ’лхæдта æмæ ’лхæны ныры ирон чиныгкæсæджы зæрдæ, цæмæн-иу сын æнхъæлмæ кас- тысты æмæ кæсынц сæ фæзындмæ. Димитр йæ таурæгътæн æппынæдзух иста æнусон темæ- тæ: стыр уарзт, царды социалон ныхмæвæрдтæ, рæстдзи- над æмæ хæрамдзинады æнæмæлгæ тох, адæймаджы сæ- рыстырдзинад бæрзонд хæссын... Æмæ сæ, йæ хъайтартæ кæд фылдæр хатт, бирæ удхайраг хъуыддæгтæ бавзаргæйæ, мард фæвæййынц, уæддæр сæ лыг кодта рæстдзинады фарсхæцгæйæ. Уыимæ-иу Димитры таурæгътæ алыхатт дæр сæ арæзт- мæ гæсгæ уыдысты цымыдисон. Архайд сæ афтæ рæзы, æмæ чиныгкæсæджы фелвасы йæхимæ. Димитр-иу алыхатт дæр базыдта йæ хъайтарты зæрдæ- мæ ныккæсын. Æвæрццаг хъайтартæн-иу ахæм ахорæнтæ схай кодта, æмæ-иу сæ, йæхыау, бауарзын кодта чиныг- кæсджытæн дæр. Уый хыгъд адæймагмæ æппæрццаг хъай- тартæм та сæвзæры æнæуынондзинад, акæсы сæм, фыссæ- гау, уый дæр хæрам цæстæй. Æмæ уый та дзурæг у Димитры курдиатыл. 1966 азы йын Хуссар Ирыстоны рауагъдады чынгуыты сектор йæ таурæгътæ хицæн чыныгæй куы рауагъта, «Ирон таурæгътæ», зæгъгæ, уæд сыл чыныгкæсæг æхсызгонæй дæр уымæн сæмбæлд. Уый фæстæ дæр Димитр ирон чиныгкæсджыты зæрдæтæ бирæ хæттыты барухс кодта йæ аыв фыст радзырдтæ æмæ уацаутæй, стæй таурæгътæй, фæлæ ырон аыв лытературæйы 5
сæйраджы-сæйраг баззад, куыд таурæгъгæнæг, афтæ. Æмæ ма нын, чизоны, нæ зæрдæтæ цал цæстæвæрæн уац- мысæй барухс кодтаид, хæсты уæззау гакк — рæуджыты низ ын йæ цард æнафоны куынæ аскъуыдтаид, уæд! Ныр ыл сæххæст уыдаид 70 азыу хохаг иронæн куыд æмбæлы, афтæ нырма хъуамæ уаид цæрдхъом, цардбæллон, фæл- дисид ног уацмыстæ, уымæн та йе ’нæрæнцой зæрдæ йæ кусынæй банцад 1976 азы кæфты мæйы 24-æм боны, фæлæ йæ уацмыстæ ирон чиныгкæсджыты зæрдæты цæрдзысты бирæ азты дæргъы. Хъазиты Мелитон 1990 аз, Майрæмкуадзæны мæй, 6-æм бон.
ИРОН ТАУРÆГЪТÆ
А ЛÆ МÆ Т оцты Бæдту æмæ йæ ус Дзæрæ- хонæн цот нæ цард. Лæппу-иу сын куы райгуырд, сæ зæр- дæйы фаг-иу ыл куы фæцин кодтой, куы-иу сын бахъомыл, йæ фындзы бын-иу куы фæмил, Бæдту-иу йæ фыртæн схъæлфындз цæвæг фидар тæрс цæвæгхъæды куы бакодта,' ныфсджынæй-иу афтæ куы загъта: «Цæй ныр кæд мæ цард иу чысыл фенцондæр уаид, иу чысыл мæ рыст зæрдæ бан- цой уаид, дыууæ лæджы хæдзар сси мæ хæдзар», афтæ та- иу сын æгъатыр мæлæт сæ хъæбулы се ’рмттæй атыдта æмæ-иу сын æй уазал сау ингæны хъуыры ауагъта. Бæдту æмæ-иу Дзæрæхон фæкуыдтой, фæдзынæзтой. Афæдзы дæргъы-иу марды кæндтæ фæкодтой æмæ та-иу тæригъæддаг æмæ мæгуырæй æрвыстой сæ царды бонтæ. Афтæмæй лæг æмæ усæн мæлæт сæ къухтæй аскъæфта æх- сæз домбай фырты. Æхсæз дæр фæхъуыдысты, сæ усгур кары-иу куы балæууыдысты, уæд. Дæ балгъитæг æхсæз хосдзауы фæд-фæдыл баныгæнæд! Бæдту æмæ Дзæрæхон кæд сæ уæззау дудгæбонтæ урæдтой, уæддæр сæ а-дунейы цæрын нал фæндыди. Хур сæ нал тавта, адæмы уынæр сæм касти мардыл кæуæгау. Сæ дыууæ дæр æрмæст бæллыдысты мæлæтмæ. Бæдту йæ доны къусæй дæр куывта: «Уæ, иунæг хуыцау, бамбар мын мæ хъысмæт, тагъд мæ ме ’хсæз хъæбулы сыджытыл сæм- бæлын кæн». Фæлæ мæлæт кургæйæ кæм нæу, уымæ гæс- гæ сæм æввахсдæр нæ цыди. Базæронд сты æнæрæстæджы Бæдту æмæ Дзæрæхон. Кæд сыл азтæ афтæ бирæ нæма аивгъуыдта, уæддæр аф- тæ зындысты, раст цыма сæдæгай азтæ рацардысты. Бæд- туйы кæддæры ставд æмæ хъаруджын уæнгтæй ма æрмæст баззад царм æмæ стджытæ. Цæстытæ сæ къуырфыты арф бафардæг сты æмæ тæригъæддаджы каст кодтой. Кæд- дæры фæтæн фæсонтæ фæкъуыпп сты. Сæвджын уæхсчы- тæ размæ сæхиуыл æрбахæцыдысты. Æмæ Дзæрæхон та, Дзæрæхон? Иууыл тугтæригъæд та уымæ бакæсын уыди. Цæстæй гæзæмæты йеттæмæ нал æв- К 8
зæрста, сæр æдзух, тæфсæгæй рынчынау, рызти. Доны къус-иу йæ къухмæ куы систа, уæд-иу дзы йæ дзыхмæ хуыпп дæр нал схæццæ. Къухтæ æгасæй дæр рызтысты. Цæсгом — уазал, фых фæткъуыйау банцъылд, баруад. Сау кæлмæр- зæны бынæй-иу урс дадалитæ, миты хъæпæнау, разынды- сты. Фæлæ та дын, мæ хур акæнай, арв ныггыбар-гыбур код- та, æмæ та цыдæр амонд Бæдтуйы хæдзармæ рухсы тын баскъæфта. Талынг æмæ æнуд хæдзары къуымтæ барухс сты. Дзæрæхоны зæрдæсæр та къуыпп кæнын райдыдта. Йæ райгуырæн бон куыд хæстæг кодта сывæллонæн, аф- тæ мæгуыр Дзæрæхон тарæй-тардæр кодта. Хатт-иу цæсты- сыгтæ æнцъылд цæсгомыл æргæр-гæр кодтой. Бадзой-дзой- иу кодта, ныууынæргъыдта-иу, æмæ-иу тыхстхъæлаёсæй загъта: «Уæ, уаих æрбауай нæ рафæлдисæг, кæд мæнæн, зæнæг кæнон, уый афон нал у. Цымæ та мæм цы æнамонд- дзинад кæсы?! Мадымайрæм, кæд мын дæ цæст исты уарз- та, тæригъæд мын кодтай, уæд мын ме ’хсæз хъæбулæй иу ныууагътаис», Тыхсти йæхимидæг Дзæрæхон. Мæт кодта Бæдту. Йæ цæсты разæй нæ цух кодтой йе ’хсæз лæппуйы. Иу изæр та сæ зылдтытæ куыд кодтой, афтæ æррын- чын Дзæрæхон. Хабар уайтагъд бамбæрста æмæ йæ лæджы арвыста сыхæгты устытæм. Бирæ тухиты фæстæ сылгоймагæн хъæмпыл лæппу райгуырд. Æвгъæддонмæ кæсæг устытæ цингæнгæ ноггуыр- ды хъарм доны анадтой, уый фæстæ йæ цавæрдæр быз- гъуырты атыхтой. Сыхæгты арфæтæн кæрон дæр нал уыди. Фæлæ Дзæрæхон нæ бацин кодта йæ ноггуырд хъæбу- лыл. Арф ныуулæфыд, йæ ризгæ къухтæй йæ ныхы хид асæрфта æмæ уынгæг, фæллад хъæлæсæй загъта: «Æз ме ’намонд бæргæ зонын, уæд ма мып уый разæй дæр уыди хъæбултæ»... — Дæ хъæбулты цæсгомыстæн, ды ахæмтæ куы хъуыды кæнай! Уаих знаг æрбауа, уый цытæ дæ’ цæст уарзы?! — уайдзæфгæнæгау ын дзырдта Гызæ. Бæдту æмæ Дзæрæхон сæ фырты хъомыл кодтой, уæдæ цы. Авгау ын æрхауынæй тарстысты, йæ фыиæйыл дæр ын не ’ууæндыдысты. йе, фæлæ лæппу куыд рæзт, афтæ Бæдту æмæ Дзæрæхон та æнкъардæй-æикъарддæр кодтой. Иу бон уæртæ Бурсамдзелийы дзуары бон уыди. Карз дзуар уыди. Гъе, æмæ уыцы бонмæ канд нæ Чеселтгомæй пæ, фæлæ далæ Къахетгомæй дæр куывды цæуаг уыдысты. Чызджы рæсугъд, лæппуйы хъал, бæхы уайæг, иууыл дæр-иу Бур- самдзелийы бын æрымбырд сты. Гъе, æмæ-иу алчи йæ 9
цармæй дæр стæррæст кодтаид, цæмæй йæ хъару, йæ арæхст адæмы ’хсæн равдиса: чи йæ бæхы фæрцы, чи йæ дамбацайы фæрцы, чи та йæ рæсугъд кафты фæрцы. Алæмæтæн (афтæ схуыдтой лæппуйы) бæх нæ уыд, цæ- уыл бабада æмæ дугъы цæуыл ауайа. Фæлæ йын уæддæр дзуары бынмæ æнæ ацæугæ кæцæй уыдаид. Гъе, æмæ рай- сом йæ цухъа куы ’рбакодта, цъæх фæсмын зæнгæйттыл зæнгбæттæнтæ куы абаста, йæ ног рæхсад æрчъитæ куы скодта, уæд бауад йæ мадмæ æмæ йын мидбылхудгæ загъ- та: — Нана, æз цæттæ дæн, фæлæ... — Фæлæ цы, нанайы зæрдæдарæн? Æз дæр цæттæ дæн. Уæртæ уын къонагæрон тæбæгъы уæливыхтæ. Сæ фарсмæ авджыдзаг æмæ сыкъа. — Ехх, нана, æппæт дæр хорз,фæлæ... Фæлæйы фæстæ цыдæр сагъæс кæй ис, уый фембæрста Бæдту æмæ рæвдаугæ афарста йæ фырты: — Фæлæ куы зæгъай, мæ фырт, уæд ма дзы æндæр дзырдæн æнæфæуромгæ нæ вæййы. Цæуылдæр-ма сагъæс кæныс. — Уыцы сагъæстæн абон ацухгæнæн нæй, баба, фæлæ мах дæр иу байрагæн исты амал скæнæм. — Систа къона- гæронæй тæбæгъ æмæ авджыдзаг. Рахисы ’рдæм разылд æмæ цырд къахдзæфтæй фæцæуæг. Бæдту, йæхиуыл дзуæрттæ афтауыны фæстæ, арф ныу- улæфыд æмæ йæ усæн афтæ: — Ацы гуырды ма нын хуыцау ныллæвар кодта, мæ уд йæ тæхæнтæ æмæ йæ бадæнты фæхъхъау, æмæ йын иу бай- рагæн исты амал бакæнæм. Кæсыс, куыд бакатай кодта. Ие ’мцахъхъæнтæм хæлæг кæны. Дзæрæхоны бæргæ фæндыд, цæмæй исты бæззон ны- хас зæгъа байраг балхæныны охыл, фæлæ ихсыд, æвадат хæдзары кæцæй æрывзæрдаид байраг балхæныны аргъ æмæ загъта: — Уас йæ ныййарæг амæла, тынг бæллы, тынг, мæ хъæбул бæхыл бадынмæ. Адæмæй къух бакæнæн дæр нæ уыди дзуары фæзы, зæххæн уæз кодтой, зæххæн. Чи æрдæг расыг, чи йæхи дæр нал æмбæрста. Чи та æнкъардхуызæй каст хъæлдзæг адæм- мæ. Дзуары фæзы цъæх нæууыл иу цалдæр раны хъазт са- рæзтой. Къæрццæмдзæгъд доны сæх-сæхимæ иу кодта. Фæндыры зæлтæ цыма кæрæдзиимæ ерыс кодтой, уыйау сæ сæрдыгон уддзæф дард скъæфта. Алæмæт йæхи куы бафæдзæхста, уæд сæ мыггаджы хъазты балæууыд. Фæсивæдæн диссаджы æхсызгон дæр 10
уыди. Сæ къæрццæмдзæгъд фæтынгдæр кодтой, фæндыр тынгдæр ныззæлыд. Сыхæгты лæппу Зантемыр йæ цъæх нымæтхудыл хæрдмæ фæхæцыд æмæ бауад Алæмæтмæ. Иæ хъусы йын сусæгæй дзуры: «Уæртæ уыцы фæндырдзæгъ- дæг дæ зæрдæмæ нæ цæуы? Бакæс-ма, бакæс, хуртæ æмæ дзы мæйтæ хъазы. Гъе, куыд дæ, кæд нæ ныддыз-дыз код- тай йæ рæсугъддзинадæй». Фæндырдзæгъдæг чызг цыма фехъуыста лæппуйы ны- хæстæ, уыйау фæсырх, къухы æнгуылдзтæ фæндыры амо- нæнтыл тагъддæр азгъордтой, фæлæ цæмæндæр йæ сæр иуырдæм фæкъул кодта. Фæсивæд сæ къухтæ тынгдæр æрцавтой æмæ Зантемыр, йæ къухы цы лæдзæг уыди, уымæй Алæмæты къæхты цу- рæй хахгæнæгау ракодта. — Дæ хорзæхæй, сахъхъ лæппу, ма бахæлæг кæн дæ рæсугъд кафт. — О, куы мæ ныууагътаис, Занте, — æвæндонæй ра- хызт Алæмæт. Иæ рон æрдзæбæхтæ кодта, хъамайыл раз- дæр æрбахæцыд, æмæ, кæимæ кафдзæн, уымæ æнхъæлмæ каст, фæлæ йæ бирæ кæсын нæ бахъуыд. Зантемыр уай- тагъд рахизын кодта фæндырдзæгъдæг чызджы. Чызг ныр тынгдæр фæсырх. Фырæфсæрмæй цы акæна, уый нал зыд- та. Фæлæ ныртæккæ хуыздæр амал ницы уыди æмæ йæ фæндырæй цæгъдгæ, раст цыма хъаз доны ленк кæны, уы- йау æнæзмæлгæ сиры. Алæмæт уыцы рог айста йæ уæнгтæ. Æрзилы йæ фæрсты, хæрдмæ фæхауы æмæ чызджы раз йæ къахфындзтæ æрсадзы. Чызг цыма Алæмæтмæ кæсгæ дæр нæ кæны, уыйау сиры размæ, даргъ дзыккутæ дыууæ бы- дæй аив конд зæнгтыл сæхи цæвынц. Иæ нарæг астæуыл тынг фидыдта сатæг-сау рон. Кафгæ-кафын-иу йæ дын- джыр сау цæстытæ аивæй базылдта Алæмæтмæ, чи уы- дзæн ацы цæргæс, зæгъгæ. Бонджын Гæуысы фырттæ мардау фесты, сæ дзыхæй ту нал хауд, топпы нæмыг сæ риуы ахызт, зæгъгæ, уæддæр сæ буарæй туджы схъис нæ ратагъдаид. Цæвит- тон, Гæуысы хисдæр фырт Дæбул уыцы чызгыл дзырдта. Гъе, æмæ Зантемыр чызджы Алæмæтимæ кæй ракафын кодта, чызг «нæ», зæгъгæ, кæй нæ загъта, уый сæм мæ- лæты æгад фæкаст. Зантемыр уыцы хъуыддаг хатыд æмæ барæй фæхъæр кодта: — Уый Коцы фырт у, Коцы, сахъхъ лæппутæ, Тыджы- тæй йæ ма ’нхъæлут. Дæбул тынгдæр адæнгæл фырмæстæй, йæ хъамайы сæ- рыл æрхæцыд æмæ лæбурæгау загъта: — Гъо, гъо, зонæм æй, зонæм, Бæдтуйы æнæфæныкæй 11
хъал фырт у. Мæнæ йæ чъиритæ йæ дæларм, афтæмæй адæмы фæстæ хидкалгæ чи сæпп кодта æнæбæхæй. Зариффæ ма иу зылд ракодта, ныллæг йæ сæрæй акуыв- та Алæмæтмæ æмæ йæ бынаты æрбадт. Гъæйда мардзæ, уый та дыккаг дудгæбон Дæбулы зæрдæйæн. Раст ын цы- ма Зариффæ тæвд уæхст йæ зæрдæйы атъыста, афтæ фæ- ци. Бауад чызгмæ, йæ сины сæртыл æрхæцыд, йæхи размæ фесхъæл кодта. Æвзист бæрцытыл йæ цæст ахаста æмæ æнæввæрсонæй дзуры: Хъапланы буц чызг, дæ сæрмæ та куыд æрхастай, уæр- тæ Коцты Бæдтуйы сыстбæрзæй фыртæн дæ сæрæй уæз- дан акувын. Зариффæ артау ссыгъд, йæ фидауцджын уæнгтæ ба- рызтысты, йæ хурх æрбауынгæг æмæ лæмарæгау уынгæг хъæлæсæй сдзырдта: — Æмæ дæ мæнæн уынаффæгæнæг чи кæны?! Адæм сыл амбырд сты. Иннæ мыггæгтæ дæр сæ кафын фæуагътой æмæ сæ цæстæнгас аздæхтой Коцты кафты зиллакмæ, — О, Гæуысы сырхбæрзæй фырт, кæд дæ дæ хъару равдисын фæнды, исты дæ ис мемæ дзырддаг, уæд мемæ дзур, мæнæ мемæ, кæйдæр чызджы раз дæхи ма тнл, — сабыр, æдыхст хъæлæсæй йæм бадзырдта Алæмæт. Дæбул, цæф арсау, фæбогъ кодта: — Ау, ме ’ххуырст мæм æртхъирæн кæны? Æмæ уæ мæ-цъæх бæхы къæбæртæй куы фæхастон æнæхъæн афæдз! — Дæбул, Дæбул, æгæр-æгæр ма кæн, фæлтау де ’взаг дæ фæсдæндæгты нымбæхс. Науæд... — йæ маст уромгæ баппæрста йæ ныхас Зантемыр. Адæм куы бамбæрстой, æнæфыдбылызæй нæ ахицæн уыдзæн хъуыддаг, уæд се ’хсæн бацыдысты æмæ сæ ный- иргъæвтой. Хъазты фæстæ алчи йæ дугъоны рæвдз код- та дугъмæ. Ныр Алæмæт æрæнкъард. Адæм афтæ æнхъæл уыдысты, зæгъгæ, йын Тыджыты Гæуысы фырт йæ уæнгты тас сывзæрын кодта. Фæлæ Алæмæт Гæуысы дыууæ фыр- ты мурмæ дæр нæ дардта. Æрмæст æм тынг æгад æркаст, æнæбæх кæй у, уый. Иуварс ацыд Алæмæт æмæ касти дугъы уайджытæм. Уалынмæ дзуары фæзмæ ’рбаласта чидæр иу бæрзонд æмæ даргъæлвæст сырх бæх. Лæппутæ йыл фæлварæн кæнынц, фæлæ марадз зæгъ, æввахс никæй уадзы, йæ феестæгтыл слæууы. Куы та йæ сынæг фæзилы. Æгæрыстæмæй дæн- дагæй дæр лæбуры, дæндагæй. Бирæ ракæ-бакæйы фæстæ бæхы хицау амæсты, ехсæй йын йæ сæр фæцæф кодта: 12
«Гъа, уæдæ, æнæхайыр фæу, уый дын» — æмæ уæнтæхъи- лæй раздæхт фæстæмæ, йæ бæх йæ фæстæ ласта. Алæмæт йæ бадæнæй фæтæррæст ласта, æруад лæппуйы размæ æмæ йын зæгъы: — Бахатыр кæн, æфсымæр, æнæзонгæ æмбалæй бæх ракурын аив нæу, фæлæ кæд гæнæн ис, уæд ма мын дæ бæх авæр, æз уæртæ уыцы дзæдæлæн йæ бон базонын кæ- нон, — йæ къухæй ацамыдта Дæбулмæ. — Æнæхайыр фæуæд, мæхи бæх абон райсом уымæн нæ раластон ардæм, ацы бæх дугъы тынг æгъуыстаг у. Гъе, æмæ йæ, мæ мады ’фсымæр, уæртæ Фугæджын хъæ- уы цæры, кæд искуы фехъуыстай Козаты Хъаплан, зæгъ- гæ, уымæй раластон. — Нæ, никуы фехъуыстон, — цыбыр дзуапп радта Алæ- мæт. — Кæд дæ дæ хъаруйæ ныфс ис, уæд, табуафсц, айс... Æз дæр уыцы налаты мæстæй тъæппытæ хауын. Иæ сау- лохагæй æгæр æппæлы. Кæс-ма, кæс, уæртæ йæ иукъах хи- дыл куыд скъæры. Лæппутæ æдзынæг кæсынц Дæбулмæ. Уый дардæй раскъæры йæ дугъоны. Дугъон уайы, цыма зæххыл нæ хæцы, афтæ. Иукъахын хидмæ куы бахæццæ вæййы, уæд та дзыхълæуд фæкæны. Дæбул размæ фæцæйсхъиуы бæ- хы сæрты, фæлæ йæхи фæуромы. Алæмæт æфсæрмыгæнгæ райста æнæзонгæ æмбалы къухтæй бæхы рохтæ. Бæх, тарст сырдау, йæ сæр фæхъил кодта. Фæстæмæ йæхи ауагъта. Ныххуыррытт кодта æмæ архайы идоны рохтæ Алæмæты къухтæй атоныныл. Алæ- мæт хæрзцыбыр ныххæцыд идоныл. Бæх уыцы иу схъиуд фæкодта æмæ хъен дурау йæ фæстæгтыл слæууыд. Фæлæ Алæмæт нæ фæтарст. Рохтæ бæхы сæрты æрбаппæрста æмæ бæхы саргъыл куыд февзæрд, уый ничи бафиппайдта. Адæм схор-хор кодтой. Зариффæ, цыма йæ мидбынаты бандзыг фырцинæй, уыйау йæ фæндыры тæнтæ æрдæги- вæзтæй баззадысты. «Уый... уый... уыцы лæппу нæ бæхыл куы бады!» — сдзырдта йæхинымæры. Цæвиттон, бæх Зариффæйы фыд Хъапланы уыди. Алæмæт бæхы йæ къæхтæй фесхуыста. Комы иудзæв- гар бауад, стæй уæд фæстæмæ. Адæм дисы бафтыдысты. Сæ цæстытæ ныццавтой Алæмæты фæстæ. Уый йæ бæх хидмæ сарæзта. Алæмæт цыма бынтондæр бæхы рагъыл нæй, афтæ бæхы къубалмæ йæ сæр æруагъта. Бæх дьгн уыцы иу сæррæтт æрбакодта Дæбулы фæрсты æмæ цæсты фæныкъуылдмæ нарæг хиды сæрты цæргæсау ачачт. Адæм 13
нымдзæгъд кодтой. Алæмæтмæ бæх цы æнæзонгæ æмбал радта, уый фырцинæй йæ мидбынат скафыд. Бауад За- риффæмæ æмæ йын аппæлыд: — Кæсыс, Зари, уыцы лæппумæ? Иæ номæй дæр æй нæ афарстон, абонæй фæстæмæ уыдзæн ме ’фсымæр!.. — Цымæ кæцы хъæуккаг у уыцы сахъгуырд? — цин- гæнгæ йæ афарста Зариффæ, — нæ бæх уыцы лæппуйæн бæзгæ у. Адæм дзуары бын цъæх нæууыл куы ’рбадтысты ми- нас кæныныл, уæд комы зæронддæртæ æгъдаумæ гæсгæ æртæ уæливыхы æмæ дзидзайы хай рарвыстой Алæмæтмæ. Уый фæстæ та йын йæ цæрæнбоны тыххæй гаджидау ра- уагътой. Зариффæ-иу аивæй бакаст Алæмæтмæ. Йæ фæ- тæн ныхыл, йæ дынджыр сау цæстытыл, йæ къæлæс æрф- гуытыл-иу æрурæдта йæ цæстæнгас æмæ-иу йæхимидæг загъта: «Тæхуды, æмæ дæ уарзондзинадæй чи бафсæддзæн». Изæры дзуарæй куы раздæхтысты Алæмæтитæ, уæд Зантемыр сæхимæ дæр нæма бауад, фæлæ смидæг Бæдту- ты хæдзары æмæ цингæнгæ рахабар кодта: «Абон дзуары фæзы Алæмæт алцæппæтæй дæр уæлахиз кодта: кафынæй дæр, бæхыл бадынæй дæр. Адæм ыл сæ цæст æрæвæрдтой. Дзæрæхон исдуг бахъæлдзæг, стæй уæд фенкъард. Йæ- хинымæр бакатай кодта: «Мæ иунæг та адæмæн номхæс- сæн фæци. Цæстæвæрæн та йыл æркодтой, мæгуырæн цы уа, уый адæм дисы бын фæкæнынц. Дæ-дæ-дæй, мыййаг та... Мæ дзæгъæл сæр уынджы къæйыл куы аззайа ниу- гæйæ...» Иу изæр мæгуыр сыхæгтæ ныхасы бадтысты: чи æну- сон дурыл бадт, чи та хисдæрты раз лæууыд æмæ æдзынæг хъуыста зæрæдты таурæгътæм. Алæмæт дæр уыди ныхасы. Æмæ та æрæфтыдтой, Гæуысы фыртимæ йын дзуары фæ- зы загъд куыд бацайдагъ. Алæмæт æнæдзургæйæ бадт æмæ къæцæлтæ амадта, цыма Зантемыриты ныхæстæ хъусгæ дæр нæ кодта. Зантемыры ныхæстæм иннæ лæп- путæ худæгæй мардысты. Æваст сæ хъустыл ауад куыйты рæйын. Ныхасы адæм сæ ныхас фæуагътой æмæ хъæуы ’рбацæуæны ’рдæм æнæдзургæйæ сæ цæстæнгас аздæхтой. Уæдмæ хъæугæронæй æрбазынд цавæрдæр барæг. Барæг куы бамбæрста, ныхасы бадджытæ сæ цæстæн- гас уымæ скодтой, уæд йæ зæвæттæй бæхы тынгдæр бас- хуыст^. идоны рохтыл йæхирдæм ’рбахæцыд. Бæх дæр, цыма йæ хицауы хъуыды фембæрста, уыйау йæ сæр бæр- зонддæр систа æмæ йæ цыд фæрогдæр кодта. Барæг куыд- дæр бахæццæ сыхæгтæм, афтæ бæхы фæурæдта. «Уе зæр- 14
тæ хорз æмæ фарн уæ ныхасы» — раарфæ сын кодта уа- зæг. Зæрæдтæ сæ бадæн дуртыл базмæлыдысты æмæ арфæ ракодтой уазæгæн. Кæсдæртæ сæ бадæнтæй фестадысты æмæ иуварс алæууыдысты. Барæг йæ бæхæй куы ’рхызт, уæд ын Алæмæт, йæ бæхы рохтæм бавналгæйæ, загъта: — Дæ хорзæхæй, бæх ме ’вджид уæд, фæлæ дæхæдæг уæртæ зæрæдты цур æрбад. Лæппутæ бæхыл атыгуыр сты. Чи йын йе ’взист гоп- джын саргъмæ каст, чи йæ лыстæг къæхтæм, чи та йын йе ’сгарæнтæм æвналы. «Диссаджы хайуан у, диссаджы», — дисгæнгæ загъта Зантемыр. — Занте, кæд ма исты зонын, уæд мæм ацы бæх, чысыл раздæр кæй кой кодтам, уыцы бæхы хуызæн кæсы. Зантемыр бæстондæр йæ цæст ахаста бæхыл æмæ гуы- рысхогæнгæ загъта: — Уый хуызæн у æцæг, фæлæ... Уазæг цæуылдæр аныхæстæ кодта, сæ цардæй афæр- стытæ кодта мæгуыр сыхæгты, стæй сæргом кодта, йæ зæр- дæйы цы хъуыды уыди, уый. Коцты Бæдту уæм чи уыдзæн, зæгъгæ, бафарста уа- зæг. Бæдту йæ худыл схæцыд, бакаст уазæгмæ æмæ дзы цыма тæрсгæ кæны, уыйау ныллæг хъæлæсæй загъта: — Æз дæн Бæдту, фæлæ дæ цæмæн хъæуын, цы хъуыд- даджы дын сбæздзынæн? — Дæумæ мын амындæуы, зæгъгаё, дам, дæуæн ис дис- саджы фырт. Хъаруйæ, æппæтæй æххæст. — О, дæ рын бахæрон, мæ хуызæн мæгуыр лæгæн цы хуыцау дæтты ахæм гуырд? Аныхæстæ-ма кодтой, стæй Бæдту æмæ уазæг сæхимæ ацыдысты. Алæмæт дæр уазæджы бæх йæ фæстæ аласта æмæ йæ сæ уынджы абаста. Хæдзары та тæрхæгыл куы ’рбадтысты, уæд уазæг æркой кодта: — Уæдæ цы зæгъыс, Бæдту? Дæ фырты мын радт æх- хуырсты! Æндæр хъæуты дæр ис мæгуыртæ, хур дæр сыл куынæ ’ххæссы, хур. Фæлæ мын Тыджыты Гæуыс дæумæ бацамыдта. Иу дзырдæй, радт мæм дæ фырты æмæ дын æз та, дæ мæгуыр цард цæмæй фæрогдæр уа, уый бакæн- Дзынæн. Акæс-ма мæнæ, дæ хæдзар уымæл, æнуд тæф куы каены. Дæхицæн иу дæс фысы цы хæлæг кæныс? Бæдту йæ уазæджы фæлитой ныхæстæй бамбæрста, Даес фысы йын кæй фæнд кæны йæ лæппуйæн æххуырсты 15
мыздæн. Арф ахъуыды кодта. Бæргæ йæ нæ фæнды йæ иу- нæджы æнæхъæн афæдзы дæргъы ма фена, фарон та йын æнæхъæн аз Тыджыты Гæуысмæ уыди æххуырсты æмæ ма йын фæззæджы радта æрмæст æртæ фысы, кæд фидыд æртындæс фысыл уыдысты, уæддæр. Бæдту арф сулæфыд æмæ мæтгæнгæйæ сдзырдта: — Цæй, цы бакæнон. Бæргæ тæригъæд у мæ иунæг алы аз искæмæн фыййау цæуынæн, фæлæ мын ам дæр цы кус- дзæни, цы мын ратдзынæ æххуырсты мыздмæ? — Мæ дзугтæй дын рахицæн кæндзынæн дæс фысы. , Иу дзырдæй, кæд мæ бирæ ахаудзæн, уæддæр мæ нæ фæ- . рисдзæн, дæуæн мæ цæст уарзы, Хъаплан мæгуырæн тæ- ригъæд зоны. — Уый тыххæй стыр бузныг, Хъаплан, фæлæ уыцы мызд æгæр цъус у. Хинæйдзаг Хъаплан куы бамбæрста, дæс фысыл арды- гæй æххуырст нæ акæндзæн, уæд ма сæм фондз бафтыд- та. Æмæ йæ рæсыд къух ауыгъта. — Цæй, уæдæ фæуæд афтæ, фынддæс... Еныр уæлдай дзырд мауал кæн!—æмæ кæрæдзимæ сæ къухтæ раттой. Дзæрæхоны зæрдæ æрбауынгæг. Йæ кæуын йæ хъуыр- мæ схæццæ, фæлæ йæхи тыхурæд кодта. Бæргæ йæ нæ фæн- дыд, йæ иунæг хъæбулы та æххуырсты радта æнæхъæн афæдз. Иæ ныфсы къæдзæх искæйы дзугты фæстæ хæта фыййау бæгъæмвад къахæй. Фæлæ мæгуыр, æвадæт цард лæджы кæм нæ бамидæг кæндзæн. Цы йын нæ бавзарын кæндзæн зындзинадæй. Гъе, æмæ йæ хъæбулы йæ хъæ- бысы ныттыхта æмæ æхгæд хъæлæсæй загъта: — Дæ ныййарæг сау ингæны куы ныххауид, мæ зæрдæ- дарæн, æмæ мын адæмы фæсдуæртты куынæуал рахау- бахау кæнисг. Алæмæт йæ мадмæ йæ мидбыл бахудт æмæ йын хъæл- дзæгæй загъта: — Нана, цæмæй мын тæрсыс, исты курикаг чызг куы- нæ дæн? Фынддæс фысы та нæ мæгуыр хæдзарæн чысыл ныфс кæд уаиккой. Дыккаг бон Алæмæт сæумæрайсом фестад йæ хуыссæ- нæй æмæ кæмтты мидæмæ фæцæуæг Фугæджыны хъæумæ. ’ Ныр фыццаг хатт цæуы уыцы хъæумæ. Цæуы æмæ хъуы-^ дытæ кæны: «Фæззæджы Хъапланæй ратæрдзынæн фынд- $ дæс фысы, нæхимæ ма цы æртæ фысы ис, уыдонимæ нын æстдæс бауыдзысты. Цæй, уæд кæд мæ хæдзар чысыл ф2Ь,<] хъæздыг уаид, кæд иу бæхы байраг балхæныпæн исты ба , фæразин». Афтæ хъуыдытæгæнгæ бахæгщæ Фугæлжыны хъæумæ. \ 16
Æризæр, æфсæст фосы дзугтæ сæрвæттæй сæхи хъæуты ’рдæм æристой. Алæмæт æрлæууыд хъæугæрон. Йæ цæст ахаста æнæзонгæ хъæуыл. Ахъуыды кодта, кæд йæ фы- сымты хæдзар æнæискæйы афæрсгæ базонид. Фæлæ йæм æгомыг хъæдтæ æмæ дуртæ ницы дзырдтой, нæ йып баца- мыдтой бонджын Хъапланы хæдзар. Кæсы, æмæ хъæуæй рахызтис суадоны ’рдæм иу зæронд ус, йе уæхскыл дон- хæссæн къæрта. Алæмæт йæ хъуыдытæ æвиппайды фæсырдта æмæ æв- вахс бауад усмæ. Де зæр хорз, мæ мады хай, зæгъгæ, йын загъта. Уый дæр ын арфæ ракодта: — Кæй изæр у, уымæй фæдзæхст у, мæ къона, — æмæ йæм æнæзонгæ цæстæнгасæй æрбакасти. — Бахатыр кæн, мæ мады хай, фæлæ ам Хъаплан кæм цæры? — О, æнæнизæй фæцæрай, кæй дæ, уыцы мадæн, мæхæ- дæг дæр дæ бахæццæ кæнин, фæлæ дæлæ йæ чызг, мæ хур, судонамæ рацæуы æмæ дæ уый йæхæдæг фæхæццæ кæн- дзæн сæхимæ. Æвæццæгæн та дæу дæр æххуырсгæ ба- кодта. — О, æххуырсгæ, уæдæ мæнæй æндæр чи цы кæпы, — дзуапп радта Алæмæт æмæ акаст чызджы ’рдæм. Æваст йæ зæрдæ фæсæххæтт кодта. Йæ цæстæнгас æгасæй дæр атыхст чызджы фидауцджын уæнгтыл. Йæ сау къæлæс æрфгуытыл, йæ къуыбыр риутыл, йæ даргъ ставд дыууæ быд дзыккуйыл, йæ нарæг астæуыл. Куыддæр фæсонтау, раст цыма æгасæй дæр мæлдзыджыты губакк фестад, уы- йау йæ буар схæлбурцъ кодта. Ус æдзынæг каст Алæмæты цæсгоммæ, стæй уæд йæ мидбыл бахудт, йæ мæллæг рустæ тынгдæр фенцъылд сты æмæ йæ афарста: — Гъай-гъай, дæ зæрдæмæ фæцыд Хъапланы уæздан За- риффæ! Уымæ бирæ сахъгуырдтæ цæуы усгур æмæ, дæ бон- дæуай, кæмæн йæхæдæг нæ комы, кæй та Хъаплан би- рæгъы сырд фæкæны. Мæгуырæй йæ бафауы. Дыыджыр ирæд домы, дынджыр, бонджын Хъаплан, йæ бон бакала хуцауы цæфæй. Цыма йæхицæн цъус дзугтæ ис. — Уый цытæ дзурыс, ’мæ мады хай? Æз Хъаплантæм усгур мыййаг куынæ цæуын. Æххуырсты сæм уыдзынæн, æндæр... Цалынмæ Алæмæт зæронд усимг:- ныхæстæ кодта, уæд- мæ сæ уæлхъус æрбалæууыд рæсугъд Зариффæ. Сæ хæд- ф.чрсмæ’ æрлæууыд. Йæ допхæссæн æрæргъæвта. Йæ цæс- гом фæсырх. Нарст уадултæ сырхфарс фæткъуыты хуызæ- 2 Бязыр1ы Д 17
нæй разындысты æмæ Зариффæйы цæсгом тынгдæр сфи- дауцджын. Ныллæг æмæ æфсæрмыгæнгæ хъæлæсæй, уе ’зæртæ хорз, зæгъгæ, загъта æмæ Алæмæтмæ бакаст. Уый дæр ын арфæ ракодта æмæ дыууæ æвзонджы сæ цæстæнгасæй кæ- рæдзи ахъæбыс кодтой. Зариффæ йæхимидæг бадис кодта: — Мæ къонайыл, уый дзуары бын, дзуары фæзы йæ кафынæй йæхимæ адæмы цы Алæмæт æркæсын кодта, уый куы у. Фæлæ Алæмæт та, Алæмæт! Зæрдæ риуæй рацæйтыдтаг йæхинымæр загъта: «Ацы чызгмæ мæ цыдæр хуыцау хæстæг кæны. Æвæц- цæгæн, уый ме ’намонд уыдзæн», — стæй афарста чызджы: — Дæ фыд бынаты ис? — О, бынаты ис, цом. Уый дæр дæм æнхъæлмæ кæсы. Сабыр цыдæй цыди Алæмæт Зариффæйы фæстæ. Йæ зæр- дыл æрбалæууыд, дзуары бын иумæ куыд кафыдысты, Гæ- усы фырт сæм уый тыххæй куыд фæхæрам, лæбурынмæ йæ- хи куыд рацæттæ кодта Алæмæтмæ, фæлæ сæ куывддæттæ куыд баиргъæвтой. Хъапланты размæ куы бахæццæ, уæд йæ цæст ахаста уæрæх кæртыл. Фыстæ йæм æцæгæлоны цæстæй ракастыс- ты. Уæртæ мæнгагъуысты цы æртæ бæхы басг ис, уыдон дæр сæ сæртæ æвæндонæй раздæхтой Алæмæтмæ æмæ йæм кæсынц. Алæмæты зæрдыл æрбалæууыдысты Тыджыты Гæуы- сы бирæ фæллæйттæ, йæ фосы дзугтæ. Æмæ йæхимидæг бакатай кодта: «Сыгъд кæдæм цæуыс æмæ уырыдмæ», раст мæныл дæр уый ми цæуы. Ам дæр Гæуысау искæйы тугæй чи ссырхбæрзæй, ахæм фысым кæй ис, уын бæрæг у. Æхсæв йæ тар хъæбысы ныттыхта æгас хъæуы. Адæ- мæй алчи йæ лыстæны раджы афынæй, фæлæАлæмæт нæ фынæй кæны. Уый йæ лыстæны утæхсæн кæны зыну- дисæгау. Хъæмпы уæлæ куы йæ иу фарсыл æрзилы, куы та иннæуыл, фæлæ нæй, йæ хуыссæг фæлыгъд. Хъуыды кæны, йæ ног фысым дæр Гæуысау дурзæрдæ куы разы- на фæззæджы, куы ницы йын авæра æмæ йæ афтидæй куы арвита. Иууыл тынгдæр та йæ сагъæс уыди Алæмæтæн уый, æмæ йæм Зариффæ мидбылхудгæ кæй дзырдта, фæлмæн ныхæстимæ йыл кæй сæмбæлд знон изæр хъæугæрон. Æрбабон, фосы дзугтæ бæгъ-бæгъ систой. Бæхтæ дæр сæхц радав-.бадав кæнын райдыдтой. Алæмæт фестад йæ лыстæнæй, йæ дзаумæпæ тагъд- тагъд акодта. Йæ цæстытæ йæ армытъæпæнтæй асæрфта 18
æмæ рауад уынгмæ. Фæкаст, æмæ цы æнхъæл нæ уыди, уый та йæ цæсты раз февзæрд. Мæнæ Зариффæ йæ дзык- кутæ бигæ рахызт сæ хæдзары дуарæй. Алæмæтмæ фæ- каст æмæ йæм мидбылхудгæ дзуры: — Уый куыд раджы с^ыстадтæ, нырма карк йæ бадæ- нæй дæр куынæ ратахт. — Ау, æмæ ды мæнæй раздæр куы сыстадтæ- Æххуырст фысымтæй раздæр хъуамæ сыста! — Аивæй бакаст Алæмæт чызгмæ æмæ йæхинымæр бадис кодта: «Уæдæ Гæуысæн дæр куы уыдн чызг, Сихорафонмæ-иу йæ хуыссæнæй не сыстад. Мæныл-иу куы фембæлд, уæд-иу мыл былыс- чъилтæ кодта. Æвæццæгæн, ацы чызг хæларзæрдæ у. Гæ- уысы чызгау æиæ сæрмæхæссон нæу. — Мидæмæ цæуылнæ цæуыс, Алæмæт, ныр дæхи афтæ æнкъар, цыма нæ бинонтæй дæ. Алæмæтæн та Зариффæйы дзырдмæ йæ зæрдæ ныссæх- хæтт кодта. Æххуырст уæвгæйæ-иу æм фысымтæй йæ но- мæй ничи дзырдта. Æрмæст ын уыди иу ном æ,:хуырст, зæгъгæ. — Мидæмæ та мæ кæм æвдæлы, фæлæ дæ фыд нæма сыстад. Мæ куыст цæмæй райдайон, уый мын ацамонæд, — æмæ та асагъæс кодта чызджы ныхасыл: «уæхи бинон- тæй та кæцæй дæн... уæд дысон уæртæ бæхдоны цæмæн хуыссыдтæн галгуыфы мидæг хъæмпыл?..» Уыцы бонæй фæстæмæ Алæмæт райдыдта фыййау цæ- уын Хъапланы дзугты фæдыл. Бирæ тухитæ æвзæрста, би- рæ æххормаг бонтæ æрвыста, фæлæ сæ мурмæ нæ дардта, æрмæст æдзух хъуыды кодта: кæд æрлæудзæн фæззæг, Хъапланæй кæд райсдзæн йæ фыиддæс фысы æмæ сæ йæ мад æмæ йæ фыдмæ кæд балæууын кæндзæн. Сæ хæдзар- мæ йæ ныййарджыты абæрæг кæнынмæ дæр никуы ауад æгас сæрды дæргъы. Æниу æй тынг фæндыди сæ фенын, тынг сæ мысыди. Фæлæ, Алæмæтæн йæхи загъдау, æххуырстæн йæ хъуы- дытæ — дард, йæ фезмæлæнтæ — уынгæг. Афтæмæй йыл ивгъуыдтой бонтæ, къуыритæ. Иу изæр Алæмæт сæрвæтæй фос куы ’ртардта, кæрты сæ куы бакодта, æппæт йæ зылдтытæ куы фæци, уæд ба- Цыд йæ бынатмæ æмæ арт бакодта. Уыцы бон райсомæй изæрмæ арв тугтæ дæр калдта, ^нæбанцайгæ фæуарыд æмæ Алæмæты уæнгты суанг стджыты онг ахъардта. Йæ цухъайы зæронд раласта æмæ йае артмæ хæстæг ацауыгъта. Йе ’рчъитæ йæ къæхтæй фел- вæста æмæ уымæл фæсæлттæ арты фарсмæ баппæрста. ^айтагъд фæсæлтты уымæл æмæ æнуд тæфæй чысыл хæ- 19
дзаргонды къуымтæ айдзаг сты æмæ Алæмæты сыгъдæг уæлдæфахуыр фындзы хуынчъыты смидæг. Лæппу арф ныуулæфыд æмæ сагъæсты аныгъуылд... Æваст чидæр дуар æрбахоста. Алæмæт йæ хъуыдытæй фæ- иппæрд. Фæкаст дуарырдæм, фæлæ уынæр, гъе, æндæр ахæмæй йæ хъустыл ницыуал ауад. Алæмæт исдуг фæджи- хау, зæгъгæ, мæм ацы æнафоны дуар чи ’рбахоста?.. — Кæцы дæ? — сабыргай йæм адзырдта Алæмæт,— æрбахæц дуарыл æмæ мидæмæ рахиз! Йсты мын Бæд- туйы чындз куынæ дæ... Дуар байгом кодта Алæмæт æмæ къæсæргæрон За- риффæйы лæугæ куы ауыдта, уæд йæ буар ныддыз-дыз кодта. Фырæфсæрмæй ма цы зæгъа, уый нал ардта. Ба- фæпдыд æй ныртæккæ зæхх куы фескъуыид æмæ дзы æгасæй дæр куы аирвæзид. Йæ сæр йæ риуыл æруагъта æмæ æфсæрмыхъæлæсæй загъта: — Ныххатыр мын кæн ме ’дылы ныхæстæ, Зариффæ... Ам дуаргæрон ды лæууыс, уый æнхъæл мæ фыны дæр ни- куы уыдтæн. Хъæуы лæппутæй кæд исчи у, зæгъгæ. — Афтæ цæуыл стыхсай, Алæмæт, кæнæ адæймаг цæ- уыл смæсты уа, ахæмæй æз куы ницы фехъуыстоп. Фæлæ мæнæ тæбæгъ, айс æхсæвæр, хуыцауæхсæв у, гъе, æмæ дын гыцци мæнæ иу чысыл цыдæртæ рарвыста. Айс æмæ дзы ахæр. — О, иунæг хуыцау уын хорз амонд радта. Ахæмтæ хæ- рыныл æххуырст кæд уыди ахуыр? — Æпиу хуып цæмæй хъæздыг у, уый нырма Алæмæт зонгæ дæр кæ кæны. — Хъарм хæринаг мын мыййаг мæ ахсæп куы бахъыгдара. Æдзух хус къæбæрыл фæцайдагъ æмæ... Зариффæ лæппуйы хынджылæг ныхæстыл бахудт, фæ- лæ йын тæригъæд тынгдæр фæкодта. Радта тæбæгъ Алæ- мæтмæ æмæ йыи пыллæг хъæлæсæй загъта: — Дæхиуыл ацин кæн, æрмæст бабайæн мацы срæди! Уый тæригъæдтæ нæ зоны. — Ау, æмæ сæ дæ мад нæ рарвыста?! — Гыцци... фæлæ... — фæтыхст Зариффæ лæппуйы фарстмæ. — Кæд дæ фæнды, уæд гыццийæн дæр ма зæгъ ацы хуыны хабар, — æмæ фæцæуæг сæхирдæм. Уæвгæ Зариффæйы хуыны æрбахасты хабар уыди аф- тæ: Хъапланæн æрвылхуыцауæхсæв дæр кусарт уыди: куы уæрыкк, куы сæныкк, куы та-иу стырдæр кусарт. Фæ- лæ-иу дзы Алæмæт йæ ком дæр никуы басой кодта, хъæстæ дæр никуы фæци Алæмæт Хъапланы кусæрттæй. Ацы æхсæвы кусартæй Зариффæ фидарæн ахицæн код- ЯО
та, цæмæй дзы Алæмæт дæр бахæра. «Фыдæбон Алæмæт кæны нæ фосы фæстæ, уæд æм цас диссаг кæсы бабамæ иу кæрдих барвитын. Лæг ма йæ куыдзæн къæбæр ап- пары æмæ уый адæймаг куы у»... Иæ мад арынджы мæнæуы ссадæй тæнæгцъарджын уæливыхтæ кодта æмæ сæ дынджыр чъецийыл* тæвд цæ- хæры фыхта.. Уæливыхтæ куыд фыхтысты, афтæ сæ иста æмæ сæ къонагæрон, артмæ хæстæг, тæбæгъы кæрæдзийыл æвæрдта. Зариффæ хæстæг бацыд йæ мадмæ, йæ цæстытæ цины æрттывд фæкодтой æмæ ныллæг хъæлæсæй дзуры: — Гыцци, ацы уæливыхтæй ма мын иу авæр. Мад фæ- сонтау. Йæ кæрдзын кæнын фæуагъта, фездæхт йæ иунæг чызгмæ, йæ риумæ йæ ’рбалхъывта. — Дæ ныййарæджы сæр сыджыты фæуа, мæ хъæбул, æвæццæгæн дын æххормаг у? Æмæ дæ фыды нæргæ хæ- дзар æппæтæй дæр йедзаг куы у, уæд дзы ды цы ахæрай, уый нал ис? — Нæ, гыцци, стонг мын нæу, фæлæ... — Фæлæ цы, гыццийы хъæбул, исты дæ, мыййаг, рис- сы? — æмæ йын йæ цæсгоммæ æдзынæг бакаст. Фæлæ мад Зариффæйы нарст æмæ фидауыцджын цæсгомыл ницы рынчыны нысан бафиппайдта. Йæ чызг æм уæлдай хъæл- дзæгдæр фæкаст. — Цæмæн дæ бахъуыд, уæдæ, уæливых, мæ хуры тын? Зариффæ йæхи фæныфсджын кодта æмæ ныллæг хъæ- лæсæй дзуры: — Уæртæ йæ уыцы кæйдæр лæппуйæн бадæпон. Цас диссаг у æмæ уый дæр иухатт иу хъарм къæбæр бахæра... Уый дæр мад æмæ фыды хъæбул у, уымæн дæр зæрдæ ис, уымæ дæр ныййарджытæ æнхъæлмæ кæсынц, стыр пыфс дзы æвæрынц. Ацы ныхæстæ Зариффæйы дзыхæй фæд-фæдыл куыд разгъæлдысты, уый йæхæдæг дæр нæ бафиппайдта. Мад иу уысм иицыуал сдзырдта. Асагъæс кодта. Нæ йæ фæн- дыд, се ’ххуырстæн сæ уæливыхтæй барвита, уый. Фæлæ йæ иунæг чызг æгæр лæгъстæ кæй кодта, уый тыххæй йын фæтæригъæд кодта æмæ йæ чызджы хъусы бадзырдта: — О, дæбонæй дæ уа, мæ буцхаст хъæбул, ма мын ба- уарзай уыцы кæйдæр тæригъæддаджы?! — æмæ сусæг худ- тæй бахудт. — Дæ фыд дæ уый куы базона, уæд... — зæгъ- гæ, ма загъта Куысыфтон æмæ та фæхудт йæ чызгмæ. к Чъеци — æлыгæй арæзт къæйгонд, фыцынц ыл уæливыхтæ. 21
— Алæ, гыцци, цы мæ хынджылæг кæныс... Афтæ йын тæригъæд кæнын, æндæр... — Хорз, мæ хъæбул, хорз. Мад къонагæрон уæливыхтæй сæ тæккæ сæбæккдæр фæхицæн кодта æмæ йæ Хъапланы аивæй тæбæгъы авæрдта. Зариффæйæн мæлæты хъыг уы- ди, йæ мад уæливыхтæн сæ къæрисдæр кæй равзæрста, уый, фæлæ æргом ницы сдзырдта. Уымæн æмæ уый æн- хъæл дæр нæ уыди. Хъаплан дæр раст уыцы рæстæджы йæ кусарт уæнгтæ- конд фæци. Фысы уæнгтæ даргъ æртыкъахыг фынгыл æр- цагъд кодта æмæ тыргъмæ йæ къухтæ æхсынмæ рахызт. Зариффæ цырд фæлæбурдта фыдызгъæлмæ, иу хай дзы фелвæста æмæ йæ тæбæгъы авæрдта кæрдзынимæ. Цавæр- дæр хæцъилы кæрдæн сыл амбæрзта æмæ дуарæн иннæ- рдыгæй фæци. Æгæрыстæмæй Куысыфтон дæр нæ ауыдта, Зариффæ фысы фыд куыд фелвæста, уый. Алæмæт адджын æхсæвæр куы бахордта, уæд галгуыф лыстæныл . æрхуыссыд. Иæхи банкъардта тыхджындæр, хъаруджындæр. Уæлдайдæр хуын Зариффæйы уæздан къу- хтæй кæй райста, уый йын йæ уæнгты цыдæр ныфс бауагъ- та. Æнæхъæн сæрды дæргъы Хъапланы хæдзары йæ хуыз- дæр хæринаг уыд хъæбæр кæрдзын. Кæд ма-иу стæм хатт цыхты къæртт фæзынд йæ хызыны, уæд-иу уыцы бон хуыд- та йæхицæн бæрæгбон. Афынæй кæнын фæндыд Алæмæ- ты, фæлæ йæ хуыссæг дард кæдæмдæр фæлыгъд. Йæ цæсты разæй нæ цух кодта, Зариффæ йæм мидбылхудгæ хуын куыд æрбалæвæрдта æмæ йын фæлмæн, рæвдаугæ ныхæстæ куыд загъта. Æваст йæ хъустыл ауад уасджыты уасын. Алæмæт бадис кодта. Уый афтæ æнхъæл уыди, ныр- ма æхсæвæй ницы рауад. Уалынмæ арв æмæ зæхх кæрæдзи хойын райдыдтой. Къæвда къæртайæ калæгау уарыд. Алæ- мæты æнæбары бынат дон фестад. Кæд бон нæма кодта, уæддæр лæппуйы бар-æнæбары йæ лыстæнæй сыстын ба- хъуыд. Йæ дзаумæттæ скодта æмæ æнхъæлмæ касти боны ралæудмæ... Бæдту æмæ Дзæрæхон сæ иунæджы фенынмæ сæ былы цъæрттæ ’хсыдтой. Нымадтой, фæззæгмæ ма цы нымад бон- тæ баззад, уыдон. Сæ хъæбулы ма дзæбæх æмæ сæрæга- сæй куы фениккой, æндæр ницæмæуал бæллыдысты. Иу изæр та сæ кæрты æрбалæууыд Тыджыты æнæфсис Гæ- уыс. Искæдæм фæцæуынафон нал уыди, фæлæ та æнæ- фсио Гæуыс Тхелæй Хъоламæ бамидæг, цæмæй та Бæдту- йæн йæ куыстытæ бакæнын кæна. Бæдтутæм дуар бахоста æмæ сæм бадзырдта, фысымтæ, бынаты стут, зæгъгæ. Бæдту ракаст æмæ уынджы Гæуысы лæугæ куы федта, 22
уæд цыма йе знаджы федта, афтæ фæци. Йæ цæстысындз уыдта Гæуысæй. Фæлæ йын ирон æгъдаумæ гæсгæ Бæд- ту æгасцу загъта. Уый дæр ын хинæйдзаг арфæ ракодта æмæ къулгæрон дурыл æрбадтысты. — Цæй, исты ног хабар дзур, Гæуыс, цы дæ ’рбахаста ацы æнафоны? — Цы кæнон, Бæдту? Лæгæн йæ хъуыддæгтæ куы къуы- лымпы кæной, уæд ын æнæрахау-бахау нæй. — О, уымæй раст зæгъыс, фæлæ ды бонджын лæг дæ, цæмæн афтæ тыхсыс? — Дæ рын бахæрон, Бæдту, бонджынæн фылдæр мæт аемæ сагъæстæ ис йæ зæрдæйы... Дæ фырты дæр никуы абæрæг кодтай? Бæдту Гæуысы дзырдмæ фæтарст, афтæ æвиппайды йæ йæ фыртæй цæмæн фæрсы, зæгъгæ, æмæ афарста Гæуысы: — Дæ хорзæхæй, исты мыййаг.. — Нæ, иунæг хуыцауæй дæ бауырнæд, мæгуырауæй ницы фехъуыстон. Фæлæ Хъаплан ме ’мсæр лæг у, æгæры- стæмæй мæм Хъапланимæ балымæн кæныны хъуыды дæр ис. -Тъе, æмæ дын дæ лæппуйæн дæр æз ссардтон бынат. Акæса, фынддæс фысы мæнæ не сты, нæ, Бæдту, хæдзар- ваг фæллой сты. — Кæд исты авæра, уæд, чизоны, истæмæн феххуыс уой. Мæ иунæг, йæ рынтæ ахæрон, бæхмæ бæллы æмæ... — Гъе, æмæ уæдæ, Бæдту, æз дæуæн æвзæры никуы бацыдтæн, никуы дæр дын дæ хъыг райсдзынæн, фæлæ та мæ уæ сæр бахъуыд! — Цы, дæ хорзæхæй, Гæуыс? — Сагджын фæтæны мын цы уыгæрдæн ис, уый мын æнæкарст у нырма, æркæрд мын æй æмæ дын цы ’мбæлы, уый уæлдайджынтæй бафиддзынæн. Бæдту асагъæс кодта йæхимидæг, зæгъгæ, Сагджын фæтæн хуссар у, кæрдæджы хур систа æмæ уыцы къулыл хус кæрдæгыл ныр къах æрæвæрæн дæр нæй- Лæг фæ- бырыд, уæд хæрзбон зæгъ дæ мæгуыр биноптæн. Æмæ йын фергом кодта йæ хъуыды: — Ау, æмæ ныр мæнæ Майрæмкуадзæн куы ’рлæу- уыд, уæд ма уыцы хуссары цæй цæвæг схæцдзæн. Стæй дзы лæг йæхæдæг дæр æдасæй не ’рывæрдзæн йæ къах. — Уымæл рæстæг у, Бæдту, кæсыс, ныр æнæхъæн къуы- ри уымæл хæссы æмæ тынг æнцонæй схæцдзæн цæвæг. Дæ хорзæхæй, мæ къух мын сараз. Мæгуыр Бæдту цы бакæна, бæргæ нæ ацæуид Гæуысæн :хос кæрдынмæ, уæлдайдæр ахæм тæссаг ранмæ, фæлæ йын 23
æндæргæнæн нæй, цæрын, хæрын хъæуы адæймаджы æмæ йын зæрдæ бавæрдта. Дыккаг бон сæумæцъæхæй Бæдту йæ цæвæг йæ уæхс- кыл авæрдта æмæ æвæндонæй араст Хъолайæ Тхелы ’рдæм. Цæуы, сабыргай исы йæ къæхтæ, уæззау хъуыдытæ æмæ сагъæстæ кæны... Гæуысæй тæрсгæ дæр кæны, Хъап- ланимæ хæларæй цæрынц æмæ исты фæлитой ныхæстæ куы фæкæна Хъапланæн, цæмæй йын йæ фыртæн йæ фый- йауы мыздмæ мацыуал авæра. Цæуы Бæдту. Куыд хæс- тæгдæр кæны Сагджын фæтæимæ, афтæ тарæй-тардæр кæны, йæ зæрдæ йæм цавæрдæр тæссаг æмæ ’рхæндæг хъæ- лæсæй дзуры. Афтæ йæм кæсы, цыма ацы фæндагыл цæуы фæстаг хат"1... Схæццæ уыгæрдæны сæрмæ тыхтæ æмæ амæлттæй. Бы- рынæй-иу куы фæтарст, уæд-иу йæ цæвæджы хъæды ’нцой схылд, афтæмæй æрлæууыд йæ куысты уæлхъус. Æдæрсгæ фæйнæрдæм акæсын дæр нæ уæндыд Бæдту, йæ сæр зыл- ди. Афтæ йæм каст, цыма ныртæккæ уæлæ Зикъэрайы хох йæ уæлæ рафæлдæхдзæн, æмæ йæ сау, æндон къæдзяех- тæ дæлæ коммæ ныммидæг кæндзысты. Кæрды тæрсгæ-ризгæнæ. Цалынмæ зæхх уымæл уыди, уæдмæ къах æнæбары фидар кодта зæххыл. Фæлæ сихоры ’рдæм арв сæгъы цæстау ныйирд. Иу мигъы къуымбил дæр хæснагæй пе ссардæуыдаид. Бæдтуйæн йæ къах хус кæрдæгыл цъелф кæнын райдыдта. Раст чындздзоп чыз- джы дзыккутау иыллæгъз кæрдæг. Бæргæ ма фæсмои кодта Бæдту йæ рацыдыл, фæлæ æгæр ферæджы... Тагъд-тагъд даудта йæ цæвæг, цæмæй хус кæрдæг рæв- дздæр лыг кæна. Йæ къах дурмæ æрбыцæу кодча, афтæ- мæй даргъ ссон дурæй цæвæг фæстаг хатт адаудта æмæ цыргъ цæзæгæй хус кæрдæг куыд расæфта, афтæ дс знаг дæр уыйау фод. Къæхтæ æмхуызонæй фæцъелф кодтой. Лæг размæ ахауд. Цæвæджы фындз куыддæртæй тæнтæм фæкомкоммæ æмæ Бæдтуйы синтæй чысыл уæлдæрæй азынд. Лæг ма фæдисы хъæр бæргæ фæкодта, фæлæ уы- цы бон æввахс ничи карста æмæ йæм æххуысмæ ппчп фæ- зынд. Фервæзт йæ тухиаг цардæй мæгуыр, цардæфхæрд Бæд- ту. Уыцы бон æй ничи æрцагуырдта. Чи уыди уый æнхъæл, æмæ Бæдту ахæм æнамонды мардæй амæлдзæн. Гъе, æмæ æхсæв лæджы мард гом арвы бын баззад, йæ удхæссæг йæ тæнты сагъдæй, афтæмæй. Æхсæв-бонмæ Дзæрæхоны цæстытыл цъынд не ’рхæцыд. Æнхъæлмæ каст йæ лæджы ’рцæуынмæ. Фæлæ цы зыдта æнамонд ус, йæ хæдзарыл цы бæлæх сæмбæлд, уымæн. 24
Æртыккаг бон Бæдтуйы мард ссардтой Цыбырты мыг- гаг æмæ йæ йæ сæфт хæдзармæ ’рхастой. Ие ’хсæз хъæбулы фарсмæ Бæдтуйæн дæр ингæн скъах- той æмæ йæ баныгæдтой, уæдæ цы уыдаид. Дзæрæхон, мæ- гуырæг, йæ рустыл цармы мур нал ныууагъта. Туг лæсæн- тæ кодта æнцъылд æмæ мæллæг уадултæй. Ниудта æмæ дЗынæзта Дзæрæхон талынг æмæ уымæл хæдзары иунæгæй. Афтæ йæм каст, цыма хæдзары сæгæй- дзаг къултæ дæр хъарæг кæнынц. Уæд-иу Дзæрæхон фæ- сонтау, фестад-иу æмæ-иу уынгмæ хъарæггæнгæ лидзæгау ракодта. Зæрдæхалæн хъарæг-иу сыхы цæрджытыл ай- хъуыст: «Тæхуды, нæ лæг, æмæ йе ’хсæз хъæбулы фарсмæ æнæ- мæтæй чи ’рынцад...» Сыхы устытæ-иу ахæм рæстæджы æрбатыгуыр сты Дзæрæхоныл æмæ-иу æй æрсабыр кодтой. Афтæмæйты æр- выста йæ бонтæ Дзæрæхон. Йæ зæрдæйы ма цы ныфс уьь ди — йæ хъæбул, уый дæр ахæм тыхст рæстæджы йæ уæл- хъус нæй. Алæмæт-иу бирæ хæттыты рафæнд кодта: фæуадзг Хъап- ланы дзугтæ сæрвæты æмæ бамидæг уа Тхелы. Гæуысы æд зæнæг быныцагъд, быныскъуыд фæкæна æмæ абырæг фæ- фардæг уа. Æмæ йын æнтысгæ дæр бакодтаид, фæлæ уæд цы кæндзæн йæ ныййарæг мад, куыд æй ныууадза уæ- зæджы къæйыл. Чи йæ дардзæни? Тыджыты мыггаг ын йæ. урс дадалитæй хынджылæг кæндзысты. Гъе, æмæ бых- ста Алæмæт. Фæлæ кæдмæ тох кæндзысты Алæмæты сæры зонд æмæ маст. Фæстагмæ сæ чи фæуæлахиз уыдзæн, уы- мæн хуыцау уыдис йæ зонæг. Бирæ хатт-иу мæгуыр Дзæрæхон райста синаг, фæцæ- уон æмæ мæхи къухæй мæхи амарон, зæгъгæ, фæлæ-иу йæ хъуыды æвиппайды аивта: — Уæд мæ иунæг та? Куыд цæрдзæн? Йæ хæдзары йын йе ’рцыдмæ æртдзых чи кæндзæн? Æнæбары къæбæп-иу ын чи ацæттæ кæндзæн. Æмæ ууыл дæр уыйбæрц нæ бамæт кодтаид Дзæрæхон, фæлæ-иу йæ зæрдыл æрбалæууыд, айразмæ йын Бæдту афтæ куы загъта, зæгъгæ, йæхи адза- лæй мæрдтæм чи бацæуа, уый мæрдты зындоны вæййы. Иæхиуæтты та уынгæ дæр нæ фæкæны. Гъе, æмæ та-иу, уымæй тæрсгæйæ, бæндæн иуварс аппæрста. Фæлæ-иу цæстысыгтæ сæ куыст уæддæр кодтой, мæллæг æмæ æн- цъылд рустыл лæдæрстысты. Фесты сæрдыгон хъарм æмæ райдзаст боптæ. Ралæу- уыд фæззæг. Фæтæнтæ æрхуыгъуызæй разындысты. Бæ- лæстæ дæр бурбын дарæс ракодтой. Цъиутæ хæрз ныл- 25
.лæг тæхынц, тыгуыртæ кæнынц. Бæрæг уыди, дард кæ- дæмдæр сæхи кæй бæлццон кæнынц. Алæмæтæн дæр ма баззад нымад бонтæ. Дзырд куыд уыди, афтæмæй хъуамæ Сидæн хуыцаубоны рахицæн кæ- на Хъапланы дзугтæй фынддæс фысы æмæ фæфардæг уа йæ мæгуыр ныййарæг мадмæ. Йæ ацæуыны бон куыд æв- вахс кодта, афтæ Зариффæ та кодта æнкъарддæр. Нæ йæ фæндыд Алæмæты ацыд. Иу изæр та Алæмæт сæрвæтæй фос æрцæйтардта. За- риффæ уый куы базыдта, уæд йæ къæрта радавта, йæ тæк- кæ едзаг уыди донæй. Чысыл раздæр æй æрбадавта суа- донæй. Фæлæ Алæмæты размæ цы ’фсонæн ауайа, уымæн ницы зыдта æмæ йæ уынджы акалдта. Цырд-цырд фæцæ- уæг суадоны ’рдæм. Уыцы рæстæджы Алæмæт дæр суадо- ны цурмæ ’рхæццæ. Зариффæ йæ мидбыл фæхудт лæппумæ æмæ йын загъта: — Хъуыды-ма кæныс, Алæмæт, ам фыццаг хатт куы фембæлдыстæм? — Куыннæ, куыннæ, Зари! Тынг лæууы мæ зæрдыл, уæлдайдæр та уымæн мæ зæрдæйæ нæ рох кæны, æмæ мыл ды мидбылхудгæ кæй сæмбæлдтæ! Æз дæуæй тынг бузныг дæн уæдæй ардæм, мæхуызæн мæгуыр æххуырстимæ алы- хатт ныхасмæ дæ сæр кæй дарыс. Лæппуйы ныхæстæм чызг йæ дзыхыдзаг бахудт æмæ, æввахсдæр балæугæйæ, дзуры: — Цæмæн афтæ хъуыды кæныс, Алæмæт? Æххуырст дæр адæймаг у. Ды мæгуыр кæй дæ, уый дæ аххос, мый- йаг, куынæ у. Ды хъæздыджыты фырттæй бирæ зæрдæ- мæдзæугæдæр куы дæ... — Цæмæй уæд, Зариффæ, мæнæ мæ буар куырæты скъуыдтæй кæй разын-разын кæны, уый тыххæй? — аца- мыдта йæ куырæты зæбултæм. — Нæ, Алæмæт, уыдон æз хъуыды дæр нæ кæнын. Бибитæ къæцæлын чындзытыл фæкæнынц. Сахъгуырдæн та аргъ фæкæнынц йæ хъару, йæ зонд, йæ хæларзæрдæйы тыххæй. Æмæ уыцы лæгдзинæдтæй се ’ппæтæй дæр ды дæ хайджыи. Алæмæт йæ сæр æруагъта. Тынг ныфсæрмы Зариффæ- йы ныхæстæм. Фæлæ Зариффæ æвиппайды Алæмæты æнæ- даст æмæ мæллæг, фæлæ нуарджын русæн йæ фæлмæн, хъарм былтæй адджын пъа акодта æмæ тарст сæгуытау иуфаррырдæм атæррæст ласта. Уый фæстæ йæ допхæссæн къæрта нырд фслвæста зæххæй æмæ фæцæуæг. Афтæ цырд цыди æмæ йæ дзыккутæ дыууæ быдæй сæвджын сиптыл ратул-батул кодтой. Цæсгом цыма арты цæхæры сыгъди, 26
афтæ ныссырх. Йæхимидæг ахъуыды кодта: «фæлтау ын куынæ апъа кодтаин, рæузонд мæ рахондзæн!» Алæмæт, цавддурау, хъенæй баззад йæ бынаты. Цыма йæ рус фыдцæф фæци, уыйау ыл йæ къух авæрдта. Цæс- тытæ дзагъыр каст кодтой чызджы фæдыл. Стæй йын атарытæ сты. Иæ сæр куыройы цалхау ныззыррытт кодта, йæ зæрдæйы судзгæ ’хсидæвтæ йæм сысхъиудтой æмæ лæп- пуйы æнкъарæнтæ базмæлын кодтой. Чызджы адджын пъа йæ арвы уæрæхтæм сыскъæфта. Арвы уæрæхы йæ денджызы уылæнтау араскъæф-баскъæф кодта. Æппынæрæджиау йæхи куы æрæмбæрста, уæд йæ армытъæпæн йæ русæй райста. Æмæ арф ныуулæфыд, фæ- лæ фырцинæй, æви фыотасæй, гъе, та фырæфсæрмæй, уый йæхæдæг дæр нæ рахатыд. Сагъæсгæнгæ загъта йæхицæн: «Цымæ мæ уарзгæ кæны, Зариффæ? Нæ, уый нæ уы- дзæн! Æвæццæгæн мæ хынджылæг кæны! Æмæ пъа кæ- нынæй хынджылæг нæ чындæуы». — Иу уысм та æнæдзур- гæйæ алæууыд. — «Æвæццæгæн мын мæ мæгуыры тыххæй тæригъæд кæны. Æндæр ахæм бунхаст чызг мæнæй цы кæны...» Алæмæты фыд куы фæмард, уæдæй фæстæмæ Зариф- фæ йæ уарзон фæндыр дæр йæ къухмæ пикуыуал райста. Иæ нарст æмæ фæлмæн æнгуылдзтæ фæндыры амонæнтыл нал ахъызыдысты. Алæмæтæй æфсæрмы кодта. Иу изæр та Алæмæт йæ фос куы ’ртардта, уæд Зариф- фæйы уынджы æнкъардæй бадгæ æрæййæфта. Хæстæг æм баиыд æмæ йæ ныллæг хъæлæсæй бафарста. — Дæ хорзæхæй, Зариффæ, цæмæн æнкъард кæныс, исты мæнау дæ фыд куынæ фæмард, кæнæ дæ ныййарæг мад дзæгъæл хæдзары цыппар къулы ’хсæп кæугæ æмæ дзыназгæйæ куынæ ’рвиты йæ бонтæ?. Зариффæйæн лæппуйы зæрдæхалæн ныхæстæм йæ зæр- дæ ’рбауынгæг æмæ йæ цæстытæ доны разылдта: — Мæ зæрдæ цæмæй атона, ахæм ныхæстæ та мын цæмæн фæкæныс, Алæмæт? Æнæуый дæр мæ зæрдæ цъус уæззау сагъæсты куынæ бахауд. Алæмæт ма йын цыдæр зæгъынмæ хъавыд, фæлæ Зариффæйы цæсты бынты дыууæ цæссыджы куы федта, уæд æм ницыуал сдзырдта æмæ фæцæуæг. Æрцыд æххуырст æмæ фысымы кæрæдзийæ ахицæны бон. Æрлæууыд, Алæмæт уалдзæгæй нырмæ цы къуыримæ бæллыд, уыцы къуыри. Райсом — Фидæн хуыцаубон. Сом Алæмæт фæхицæн кæндзæни Хъапланы дзугтæй фынддæс фысы æмæ фæцæу- Дзæн йæ мадмæ. Фынддæс фысы кæд уадиссаг бирæ фæл- 27
лой нæ уыдысты, уæддæр сæ Алæмæт стыр ныфс æвæрд- та. Ихсыд хæдзары къуыдыр уисой дæр ныфс у. Цин кæ- ны лæппу, ахæм æгъатыр æмæ æнæфсис фысымæй кæй ирвæзы. Фæлæ æнкъард та кæны, Зариффæйы кæй нал фен- дзæн... Уыцы æхсæв Зариффæ цъынды хъæстæ нæ фæци. Арф- иу ныуулæфыд, æмæ-иу йæ цæсты раз кæрæдзи фæдыл уа- дысты, Алæмæты базонынæй фæстæмæ цы бонтæ аивгъуыд- той, уыдон. Райдай суанг дзуары бонæй, Алæмæт Хъапла- ны дугъоныл куыд абадт æмæ, хæххоп цæргæсау, нарæг хиды сæрты куыд атахт. Афтæ йæм кæсы, цыма мæнæ Алæмæт цъæх нæууыл йæ разы кафы, бæрзонд фæхауы æмæ йæ фæлмæн ног рæхсад æрчъитыл йæ къахфындзтæ ’рсадзы. Иудзырдæй, æнæ Алæмæт æм цæрын нал цæуы. Иры хæхтæй йæм курæг цы равзаргæ лæппутæ фæцыд, дзаумайы дзæбæх, бæхы равзаргæйыл-иу æм чи ’рбалæу- уыд, уыдоны ’хсæн сывзæрста, чысылæй нырмæ бæхдоны йе ’хсæвтæ чи фервыста, айнæг къæдзæхыл уайгæйæ йæ бонтæ чи нымадта, йæ хъуыры хъарм къæбæр кæмæн нæ ацыд, йæ къæхтæ уæзæг кæмæн сывæрдтой, йæ буар лæгъз хæдон кæмæн никуы бавзæрста, уыцы Алæмæты. Фæлæ кæм уæнды чызг йæ зæрдæйы фæндон, йæ уæззау мæт йæ ныййарджытæн раргом кæиын. Лæппуйæн æй бæргæ раргом кодта, æгæрыстæмæй ма йын йæ русæн адджын пъа дæр акодта, фæлæ... Алæмæт Зариффæйы æрхæсса, зæгъгæ, ууыл хъуыды дæр нæ кодта. Царды уæззау тæлытæй йæ уæнгтæ фидар æлвæст уыдысты. Фæлæ йæ уæддæр уарзта, аргъ ын кодта. Хæдæфсæрм, хæрзуд æмæ йæ раст адæй- магыл иымадта. Йæ уынд, йæ конд, йæ рæсугъддзинады тыххæй та-иу хатт æррайау дæр фæци. Æрбабон. Хъапланы фосы дзугтæ та кæртæй уасын райдыдтой. Алæмæт сæм хъусы, фæлæ уым бирæгътæн холыйаг куы фæуой, уæддæр сæ кæртæй пал рауадздзæн. Фæцис абон йæ рæстæг. Ахицæн уыдзæн йæ боиджын фы- сымæй. Хæрзсындæг скодта йæ дзаумæтты бызгъуыртæ æмæ кæртмæ рацыд. Бацыд Хъапланмæ æмæ йын ныллæг хъæлæсæй дзуры: — Ныр нын афон у, æмæ кæрæдзийæн хæрзбон зæ- гъæм. Цом æмæ дæ дзугтæ банымай. Мæнмæ цы ’мбæлы, уый та мын дæтгæ ракæн æмæ цæуон мæ мадмæ. Хъаплан йæ п^ьхцыл рихитимæ архайгæ зæхмæ каст, бæрæг уыди, цæуылдæр кæй ахъуыды кодта. Æппынæрæджиау йæ сæ- рыл бæрзонд схæцыд, арф сулæфыд æмæ, йæ рæсыд æрмт- тæ фæйнæрдæм акæнгæйæ, афтæ: 28
— Бар дæхи, кæд дæ нал фæнды, уæд... Дæ бауромын нæу мæ бон. Фос банымадтой, уæдæ цы уыдаид. Хъапланы фосæй иу сæныччы хъус дæр нæ фæхъуыд. Æниу Хъаплан æфсоны ранымай-банымай кодта йæ дзугтæ. Агуырдта, цæй æф- сонæй æрурома, лæппуйæн цы дзырд уыди, уыцы фыид- дæс фысæй иу цалдæры. — Еныр хорз дæ хъуыддаг, лæппу, фос бæрæг сты, фæ- лæ дын цы радтон, цы, уый зæгъ. — Ау, æмæ ныр мæнæ нæхимæ куы цæуын, уæд нæма зоныс, афæдз дын фыййау кæй уыдтæи. Цæуыл дзырд уы- дыстæм, уый дæ ферох?! — Рох та, фæлæ... фæлæу... фæлæу... афтæ нæ... — Рахицæн мын кæ мæхиуæттæ! — йæ маст тыхурæд- гæнгæ дзуры Алæмæт. — О, æмæ цал, цал? Æрнымайгæйæ нæу, — загъта са- быр, фæлæ хинæйдзагæй фысым. — Фынддæс, фынддæс, Хъаплан! Фынддæс фысы мын ракæн мæ разæй, науæд сæ ныртæккæ мæ.нæ а-лæппу фæ- хицæн кæндзæн. Æнæхъæн сæрды дæргъы дын фæхызтон дæ дзугтæ, уый дæр фылдæр æххормагæй. Ныр дæ уый фæнды, цæмæй мæ афтид армæй арвитай, нæ? Нæ, уый нæ уыдзæн! — Ау! Фынддæс?! — фæхъæр кодта Хъаплан. — О, о, фынддæс, — цыбыр дзуапп радта лæппу. — Уæд æгæр дзагармæй балæудзынæ дæ мадмæ æмæ фырцинæй исты кæндзæн дæ мæгуыр мад, фæлæ бай- хъус! Дæ фыд куы амард, уæд æнæхъæн дыууæ боны дæ хæдзары бадтæ, æз та ам мæ дзугты фæстæ рахау-бахау кодтон. Дæуæн дæ фыд амард æмæ æз та цы ’рсырдтоп, и? Зæгъ-ма, ныр тыхæй ардыгæй мæнæй цы ахæссинаг дæ?! — Уыцы дыууæ боны тыххæй дын уадзын дыууæ фы- сы, иннæтæм та ма цы бархъомыс дæ?! — фырмæстæй загъта Алæмæт. Хъапланы зæрдæ фырцинæй йæхи риуы къултыл асæрфта. Йæхимидæг загъта: «Фæлæу, уæдæ, ипнæтæй дæр дæм ницы ахаудзæн». Æргомæй та сдзырдта: — Гъе, æмæ... афтæ. Бæргæ фылдæр бауромын æмбæ- лы, фæлæ цæй... Цу, дæ фæндаг раст. Ууыл фæцис сæ нычас æххуырст æмæ фысымæн. Хъаплан цæхгæр фæзылд æмæ дзугтæй æртындæс фы- сы фæхицæн кодта æмæ сæ уæрыккдоны батардта, стæй знаджы цæстæнгасæй æрбакаст Алæмæтмæ, фæлæ дзургæ ницы скодта. Алæмæт мæстæй дæигæлтæ бæргæ кæны, пыртæккæ ин- 29
нæ дыууæйы дæр бæргæ фæхицæн кæнид дзугтæй, фæлæ’ тынг æфсæрмы кæны Зариффæйæ, йæ фыдимæ йын загъд куыд самайа? Æнæхъæн хъæу æм æркæсдзысты æмæ, мый- йаг, Зариффæ куы фæхъæбæрзæрдæ уа Алæмæтмæ. Гъе, æмæ æппын-æнæсыбырттæй лæууьуд йæ мидбынаты. Æниу Хъаплан æнæхъæнæй дæр йæ дзугтæ Алæмæты разæй куы ракæнид, уый дæр бафæндид Зариффæйы. Æгæрыстæмæй Хъаплан Алæмæтæн дыууæ фысы æдзæсгомæй кæй бау- рæдта, уый тыххæй йæ фыдмæ тынг фæхъыг. Фæлæ мæ- гуыр лæппуйæн йæ фыстæ æнæхъæнæй радт, зæгъгæ, уый зæгъын нæ бауæндыд йæ фыдæн. Хъаплан цырд бауад хæдзармæ, йæ дзаумæттæ аизта, хъримаг йæ уæхскыл баппæрста, рахызт уынгмæ. Бæхдон- мæ цырд бамидæг, йæ дугъон бæхыл саргъ авæрдта æмæ уæззау, фæлæ мæстыхуызæй йæхи систа саргъмæ. Алæмæт джихæй кæсы йæ фысымы алы змæлдмæ. Дис кæны: «Аф- тæ тагъд кæдæм тындзы!» Ацыхатт ын Алæмæт йæ бæх нал арæвдз кодта, йæ къæдзил ын ехсбыд ыал акодта æмæ йын æй хæдзарæй рахизынмæ йæ размæ нал æрбаласта. Хъаплан уыцы иу схуыст фæкодта бæхы æмæ лæппуйы иувæрсты куы ’рбауад, уæд æм мæсты хъæлæсæй дзуры: — Цæмæ-ма æнхъæлмæ кæсыс? Цу дæ сæфт хæдзармæ æмæ та дæ гуыбын хойгæ æрвит дæ бонтæ. — Хъапланы ныхæстæ æмæ бæхы къæхты хъæр сæмхæццæ сты. Зариффæ абон райсом, нæма ’рбабон, афтæ фестад йæ хуыссæнæй. Ныр къуырийы дæргъы цы басылыхъ цæттæ кæны, уый йын хуыд фæци, фæлæ басылыхъы кæрæттæн хæрдгæ быдта æмæ уынгмæ дæр нæма ракаст. Бийы тагъд- тагъд йæ уæздан къухтæй. Алæмæтыл дис бафтыд, йæ цæ- уыны размæ Зариффæ кæй æрбайсæфт, уый тыххæй- «Æвæц- цæгæн нæм йæ фыдимæ быцæу ныхас кæй рауад, уын фе- хъуыста æмæ мæм фæхæрам». Алæмæт фæцæуæг йæ фыстæм. Кæрты дуарыл куы рахæцыд, фысты рауадза æмæ сæ йæ разæй акæпа, зæгъ- гæ, афтæ фæцыд Хъапланты хæдзары дуары хъæр. Лæппу æваст фæкаст æмæ ауыдта хæдзарæй рахизгæ Зариффæйы, йæ къухы цавæрдæр тыхтон, афтæмæй. Кæрæдзийыл сæ цæстæнгас куы андæгъд, уæд чызг æнкъард мидбылхудт бакодта. Уый дæр йæхи фæхъæлдзæг кодта, йæ хъуыдытæ аивта, чысыл раздæр Зариффæйыл кæй фенæууæнк, уый тыххæй. Зариффæ лæппумæ хæрз хæстæг æрбацыд æмæ æн- къарД, фæлæ рæвдаугæ загъта: — Алæмæт, мæ фыд дурзæрдæ у, æгъатыр, фæлæ уыцы дыууæ фысы тыххæй дæ зæрдæмæ маст ма айс... 30
— Мæгуыр ахæхмтæ бирæ бавзары, Зæри. Ахуыр дæн лæвар æххуырсты хæтыныл. Дæлæ-ма мын уыцы фыстæ кæй авæрдта, уый дæр диссаг у. Фæлæ ма зæгъ, Зариф- фæ, абон райсомæй нырмæ дыл мæ цæст куы нæ схæцыд. Мыййаг мыл дæ зæрдæ ма сивай? — Нæ, Алæмæт, мæ уд мæ мидæг уæд, æндæр уый ма- куы ахъуыды кæн. Æз дæу равзæрстон... — фæсырх чызг æмæ зæхмæ ныккаст. Алæмæт иудзæвгар ницы загъта, стæй уæд арф ныуулæ- фыд. Бавнæлдта Зариффæйы арммæ, йæ фидар æнгуыл- дзты ’хсæн ын æй балхъывта æмæ йын ныллæг хъæлæсæй дзуры: — Зæри, ферох мæ кæн. Ницы мæм ис ахæмæй, дæхи цæй тыххæй фенамонд кæнай. Æз — мæгуыр, цардæфхæрд, ды та — Хъапланы уæздан чызг. Дæ фыд йæхи амардзæн фæлтау, уæддæр дæ не саккаг кæндзæн мæнæн. Зæри, куы зоныс, мæнмæ ирæдваг фос нæй: фæлтау цæй æмæ хо æмæ æфсымæрæй фæуæд... — Нæ, Алæмæт, æвæццæгæн мæ нæ уарзыс æмæ кæд афтæ, уæд цымæ мæхи амарын дæр пал зонын... — уынгæг хъæлæсæй ныккуыдта чызг æмæ йæ цæнгтæ атыхта лæп- пуйы хъуырыл. Хæкъуырцц куыдæй кæуы. Йæ цæссыгтæ лæдæрсынц Алæмæты æнæдаст русыл. Алæмæты фидар уæнгтæ фыруарзондзинадæй ризынц. Бæргæ йæ фæнды ныртæккæ дыууæ бæлоны, гъе, та дыууæ цæргæсы куы фестиккой, сæ бынатæй куы стæхиккой æмæ сæ зæрдæйы дзæбæхæн арвы уæрæхы куы зилахар кæниккон, фæлæ уы- мæн кæй ницы гæнæн ис, уый тыххæй та Алæмæт загъта: — Уарзын дæ, уарзын, Зариффæ, тынг бирæ дæ уарзын. — Кæд афтæ у, уæд æз æмæ дæу фæхицæн кæндзæн æрмæст мæлæт. Бирæ ныхæстæ ма фæкодтой дыууæ уарзоны æмбонд- гæрон. Хатгай-иу чызг æмæ лæппуйы былтæ кæрæдзийыл андæгъдысты. Афтæмæй æризæр лæппуйыл. — Цæй, Зариффæ, ныр æз цæуын! — æвæндонæй загъ- та Алæмæт æмæ райста чызджы къух. Тынг æй иылхъывта йæ дыууæ къухы ’хсæн æмæ ма йын иу пъа акодта. Зариффæ та йæ дынджыр сау цæстытæ доны разылдта. Æргом скæуынмæ йæ бирæ нал бахъуыд, фæлæ йын Алæ- мæт бауайдзæф кодта, зæгъгæ, алы ныхасы фæстæ кæу- гæ цæмæн кæныс. Уæд чызг йæ цæстытæ асæрфта æмæ мидбылхудгæ, йæ къухы цы тыхтон уыди, уый Алæмæтмæ бадардта. — Айс, Алæмæт, ацы чысыл лæвар æмæ йæ мæ номыл фæдар. Æрмæст-иу мын æппæт дæр хъусын кæн. Æрба- 31
уай-иу нæм! Лæппу райста тыхтон, фæлæ цахæм лæвар у, уый кæд нæ зыдта, уæддæр æм афтæ каст, цыма дзы За- риффæ йæ зæрдæ батыхта æмæ йын уый лæвар кæны. Фæззыгон бон цыбыр æмæ тыхст у. Тар мигътæ хæхты сæ хъæбысы ныттыхтой. Арв йæ цæссыг луæрста фæззыгон уазал зæххыл. Алæмæт тæры йæ фыстæ кæмтты, тындзы, кæд ма афоныл йæ хæдзарыл сæмбæлид. Фæлæ фыстæ æнæзонгæ фæндагыл размæ сабыр æмæ тарстхуызæй цы- дысты. Алæмæт сæ размæ схойæгау кæны. Йæ зæрдæ ба- буц вæййы йæ афæдзы фæллойæ. Йæхимидæг дзуры: «цæй, кæд ныр иу бæхы байраг алхæнынæн исты амал скæнин. } Стæй ма дзы иу æртæ фысы мæхицæн дæр аззайдзæн». Хатт та аивы йæ хъуыды: «уалдзæгмæ мын кæд иу фондз æмæ ссæдз бауиккой. Уæд уыцы бирæгъ Хъапланмæ бар- витдзынæн æмæ кæд йæ чызджы радтыныл сразы уаид, фыстæ та йын ирæдæн радтин». Афтæ йæ фыстæй иыфсы- тæ æвæры, алырдæм рабар-бабар кæны йæ цард. Фæлæ, . дам, кæмæндæр йæ бæндæн иу дагъæй не ’ххæст æмæ йæ цалдæр дыдагъ кодта. Мигътæ кæмттæм æрлæстысты, мады гуыбын аУ НЫТТЯ- . лынг. Уарын фæтынгдæр. Къæвдайы уазал æртæхтæ дым- гæ цæвы лæппуйы цæсгомыл. Алæмæт райхæлдта Зариф- фæйы лæвар æмæ йæ сæрыл æрбатыхта урс-урсид, раст миты хъæпæны хуызæн тинтычъи басылыхъ. Лæппуйы уæнгтæ та сæрæй къæхтæм ныддыз-дыз кодтой. Æнкъа- рæнтæ та базмæлыдысты. Афтæ йæм фæкаст, цыма йæ За- риффæ йæ фæлмæн армы тъæпæнтæй, дауы, йæ рустæн ын пъатæ кæны. Арф ныуулæфыд æмæ сагъæсгæнгæ загъ- та: —«Ех-х, Зариффæ, Зариффæ. Фæлтау мын дæ уарзон- дзинад куынæ раргом кодтаис. Дæ зæрдæйы мын бынат куынæ радтаис, куы зоныс, дæ фыд дæ æнæирæд мæнæн нæ ратдзæни. Куы зоныс, мæ дупейы рухс, æнæстыр бæл- лæхтæ æрцæугæ æз æмæ дæуæн нæ цард сиу кæнæн кæй». Æваст фыстæ иуырдæм фæкъорд сты. Раззаг фыс йæ къæх- тæ зæххыл æрцæв-æрцæв кæны. Алæмæт йæ хъуыдытæй фæиппæрд. Фыстыл фехситт кодта, цъæхснаг уисæй сæм бавзыста. Фæлæ нæй, нал æккуырсынц размæ. Уæд та сыл йæ къухтæй размæ ахæцыд, ссонæгау сæ акодта, фæлæ фыстæ иу ран сцæнд сты, нал цæуынц размæ. Æвæццæгæн, искуы æввахс сырд рахатыдтой. Акаст размæ, стæн уæд уа^лвæндагмæ, фæлæ ’хсæвы тары нииы суыдта. Цæсты къух куы фæтъыстæуыданд, уæддæр æй пæ федтаид лæг Алæмæт йæ сау хъамайыл размæ ’рбахæцыд, уæд та цы нæ вæййы, зæгъгæ. 32
Æваст лæппуйы хъустыл ауад кæйдæр хъæлæс: — Гъей, хæрæгæй гуырд, фысты сæ бынаты уадз, цæу- гæ кæн дæ фæндагыл. Ардыгæй ды иу фыс дæр нал атæр- дзынæ! Кæд нæ, уæд дæ риу сыхырна фестдзæн. Уæд æм Алæмæт æдыхстæй дзуры: — Кæд хъаруджын дæ, уæд арф æмбæхст ранæй ма ’ртхъирæн кæн. Хъæбатыр тыхгæнæг дардæй не ’взиды. Кæд дæ дæ хъаруйæ ис ныфс мемæ тохы æрлæууын, уæд мæм хæстæг æрцу æмæ фыстæ — дæу, — афтæ дзургæ йæ хъа- ма кæрддзæмæй сласта. Хæстæввонгæй та фыстыл ахъæр кодта. Фыстæ цыма бамбæрстой, æнамонды æмбæлæг сыл кæй фембæлд, æмæ размæ æвæстиатæй тындзын хъæуы, уыйау уыцы цырд фæраст сты дарддæр. Дыккаг хъæр ауад Алæмæты хъустыл: — Уæдæ фидар фæлæу, Коцы хъæбатыр фырт, æмæ базонай мæ хъару, — ныхасы кæрон нæма ахицæн, афтæ фæцыд гæрах. Алæмæт ауыдта, дынджыр тæрсбæласы фæхс рæбынæй хъримаджы хæтæлæй судзгæ арты цæхæр куыд ралæбурдта. Алæмæт уыцы тарст æмæ æрхæндæг хъæлæсæй ныхъхъæрзыдта: — Аллах, гыцци, æнæзонгæ знаджы нæмыг мæ зæрдæ- йыл сæмбæлд. Оу, оу, мæлын, — афтæ хъæрзгæйæ йæ алы- варс акаст, ахъус дардта, фæлæ æввахс цæуæг нæй. Уы- нæр ничердыгæй цæуы. Хъусы дарддæр æмæ æхст кæцæй фæцыд, уымæй чысыл фалдæрæй æрбайхъуыст ныхас: — Ам ис ныр уыцы сæмпæрчъи. «Нæ, нæ, тæппудтæ, нæ мыл сæмбæлд уæ топпы нæ- мыг, фæлæ æрцыт æввахс!» — загъта йæхимидæг Алæмæт æмæ йæ сау хъамайы фистоныл фидардæр æрхæцыд. Иæ- хи æрцæттæ кодта æнæзонгæ знæгтимæ тохмæ. Хæрзхæстæ- гæй фæцыд хус къæцæлты къæрцц. Алæмæт зоны, чидæр кæй ’рбахъуызы, сусæгæй хæцаг куыдзау, фæлæ цыма æцæг фыдцæф фæци, уыйау бамыр. Йæ уæлхъус æрбалæу- уыд цавæрдæр сау æндæрг. Уыны йæ, адæймаг кæй у, фæ- лæ чи у, уый хуыцауы йеттæмæ ничи зоны. — Уæдæ кæм куыдзы мардæй ныммард уыцы дзæгъæл- зад? — загъта ’рбацæуæг. Алæмæт уыцы иу сæррæтт фæкодта æмæ йæ разы æр- лæууыд. — Мæнæ дæн, мæнæ, фæлæ фидар фæлæу, чидæриддæр дæ, æмæ уал бавзарæм нæ хъару, стæй уæд атæр æртын- дæс фысы. Æрмæст дæ тæригъæдæй иунæг хуыцау мæнæн ма бахай кæнæд. Æз уæм нæ фæзындтæн тыхгæ- нæг. — Афтæ дзургæ басырдта лæджы — уый ма хъамамæ февнæлдта, фæлæ уæдмæ йæ уæхскыл æруад Алæмæты 3 Бязырты Д. '33
фæтæн хъамайы цæф. Уæхск суанг риуы онг æрфаст. Лæг размæ ахауд æмæ æрхæнДæгæй ныхъхъæр кодта: — Кæм стут, мæ хæлæрттæ, мæнæ мæ куы аргæвста! Алæмæт фырмæстæй бахудт æмæ дзуры: — Уæдæ мæм балбирæгътæй лæбурут!.. Уæлбылæй йæм æргæппытæ кодтой иу цалдæрæй. Алæмæт йæхи байста стыр дуры фарсмæ. Лæгхор абырджытæ йæм сæ хъаматæ фелвæстой, балхъывтой йæ дынджыр дурмæ. Фæлæ хъару- джын Алæмæты уæнгты тых фæдывæр. Архайы йæ фæтæн хъамайæ æртæ знаджимæ. Йæ хъамайы цæфæй та æрхауд сæ иу, фæлæ йæ цардæй ахицæи, йæ дуне йыл баталынг, уый Алæмæт пæ базыдта. Æваст Альемæты рахнз цопгыл æруад знаджы кард, Рахиз фарс æгасæй дæр ныддыз-дыз кодта æмæ йæ къух ауындзæгæй аззад, фæлæ хъама уæд- дæр къухæй не ’рхауд. Алæмæт ма ацархайдта, цæмæй та хъама знаджы сæрмæ сиса, фæлæ къух нал бакоммæ каст. Хъама афтæ уæззау фестад, раст цыма цы дурыл банцой кодта, уый уыди йæ рахпз къухы хъамайы бæсты. Уæд Алæмæт галиу къухмæ раскъæфта хъама æмæ та хæцы знæгтимæ, фæлæ æвæлтæрд къух к’-.уыхцы кæнын рапдыд- та, рахиз цонгæй та туг суадонау лæдæрсти. Уæд Алæмæт бамбæрста, дыууæйæ сын кæй ницыуал бакæндзæп æмæ йæхи пуртийау дæлвæндагмæ аппæрста æмæ арф ададжы залмы сыфты ныххауд. Æрсабыр бæстæ. Банцад карз тох. Æрмæст-иу Алæмæ- ты хъустыл ауад тарст фысты уасын. Стæй уæд уый дæр нал фехъуыста. Бæрæг уыди, фысты Алæмæты знæгтæ кæй атардтой. Ком хус кæны. Цонг цъæхарт уадзы. «Тæхуды æмæ иу доны хуыпп. Тæхуды æмæ мын гыццимæ исчи ха- бархæссæг куы фæуаид. Ох, уæд-та, рæсугъд Зариффæ, ды куы зонис мæ уынгæджы бон. Оу, мæнæ дзæгъæлы мардæй куыд мæлын», — хъæрзыдта тыхстхъæлæсæй Алæмæт. Туг лæсæнтæ кæны. Айхъуыста, æмæ йæ хъустыл ауад ададжы доны хæл-хæл. Уæд йæ рыст зæрдæ фенцой. Æнхъæл дæн, ам æввахс ис суадон». Йæ иуфарсыл бырæгау акод- та залмы сыфты ’хсæнты æмæ ныххылди дæлæмæ адаг- адаг. Мæнæ уазал суадон хæл-хæлгæнгæ цæуы хуырты ’хсæнæй. Алæмæт зыдæй анызта фæззыгон уазал суадонæй æмæ йæ галиу фарсыл æрхуыссыд. Иæ сæрæй райхæлдта За- риффæйы лæвар басылыхъ æмæ тыхамæлттæй йæ цонг æртыхта. Уый фæстæ иу уысм æнæзмæлгæйæ алæуу.ыд, стæй уæд сыстыныл ацархайдта, фæлæ ницы бафæрæзта. Ком та сур кæны, туг басылыхъæй æддæмæ лæбурæгау кæны. Сæр зилы хатт дæндæгтæ кæрæдзимæ сæхи нылхъи- 34
вынц. Ныхъхъæрзы, ныууынæргъы Алæмæт, æххуысмæ æнхъæлмæ кæсы, фæлæ йын йæ тыхстдзинад уынынц æр- мæст æгомыг бæлæстæ, фæлæ цы сæ бон уыди тыхст лæп- пуйæн баххуыс кæнын. Æрмæст æнусон тæрсбæлас йæ къабæзтæ айтыгъта Алæмæты хæдсæрмæ, раст цыма хæх- чон цæргæс йæ лæппыны йæ базыры бын бакодта æмæ йæ къæвдайы ’ртæхтæй хъахъхъæны. Алæмæт йæ тыхтæ ’рбамбырд кодта, схæцыд йе уæнгтыл, фæлæ та ахауд уы- мæл залмы сыфтыл... «Æнæмæлгæ мын хуыцау хос нæ загъта. Ох, мæ ныййарæг, бынтон дзæгъæлæй зайдзынæ уынджы къæйыл». Бирæ фæтухи кодта Алæмæт, фæлæ куыд- дæртæй схылд фæндагмæ æмæ та ахауд. «Тæхуды, уæд та тагъд куы ’рбабон уаид». Фæлæ нæ бапхъуыста фæззыгон тар æхсæв Алæмæты тыхст мыхæстæ æмæ лæгъзтæтæм. Аккуырст та размæ сабыргай, сабыргай, йæ цæссыг лæ- маргæ. Æхсæв æмæ бон кæрæдзийæн фæстаг хъæбыс кодтой. Тар мигътæ сæхи хæхты бæрзæндтæм снстой æмæ æнусон хæхты цыргъытæ сæ уазал хъæбысы нытыхтой. Алæмæт би- рæ тугкалд æмæ тухитæ æвзаргæ æрхæццæ хъæуы сæр Къахырæй ракæсæнмæ. Тыхсаст лæппу йæхи уымæл зæх- хыл æруагътз. Акаст хъæуы ’рдæм. Уайтагъд йæ цæстæн- гас ацахста йæ ныллæг æнæбары хæдзар. Арф ныуулæфыд, йæ цонджы рыст тыхурæд кæны. Æмæ хъæрзгæмхæццæ дзуры йæхицæн: «Цы мæгуыр дæ, мæ ныййарæг, фæлтау дын куынæ уыдаин. Ныр дæм цы хуызæнæй фæзынон? Куыд дæм рав- дисон мæхи афтæмæй. Ох-х, гыцци, кæд мæм ныр фыстæ аертæрдзæн мæ хъæбул, зæгъгæ, афтæ æнхъæлмæ кæсыс. Фæлæ мын ныххатыр кæн, афтид арм æмæ дæм мæ ту- джымæцгæ кæй фæзындзынæн, уый тыххæй». Сыстад, цæстытæ тарытæ кæнынц, уæнгтæ сæхи зæхмæ нвазæгау кæнынц. «Цæй, цæй, ныр кæд мæлон, уæддæр мæ райгуырæн уæзæгыл». Размæ фæцудыдта æмæ хуыртыл ахауд. Цонгæй та туг фемæхст, нæ банкъардта Алæмæт, Цас фæцис хаудæй, фæлæ йæхи куы ’рынкъардта, уæд æнæ- бары ракаст æмæ мæнæ йæ фарсмæ бады Зантемыр — йæ хæлар æрдхорд, йæ иузæрдион æмбал, йæ тагъдфæди- сон. Алæмæт æваст йæ дзых фæхæлиу кодта, йæ цонг ты- хæйты систа æмæ йæ Зантемыры æфцæгыл æрбатыхта. Тынг иыхъхъæр кæнынмæ хъавыд, кæм дæ, мæ хæлар, зæгъгæ, Ф^лæ йæ чъырццæ былты ’хсæнæй райхъуыст дыууæ дзырд: — Занте! Уый ды дæ? — Æмæ йæ цæстытæ æрæхгæдта. Дзæрæхон йæ рустæ тонгæ, йæ уæрджытæ хойгæ йæ 35
хъæбулы размæ схæццæ. Йæ хъæбысы йæ ныттыхта. Алæ- мæт йæхи фæфидар кодта. Тых мидбылхудт бакодта æмæ æнæбары сдзырдта: — Кæугæ цы кæныс, гыцци? Мæнæ удæгас куы дæн! —- Лæппуйы тæригъæддаг мидбылхудтмæ мады зæрдæ тынг- дæр бауынгæг. Йæ кæуын æддæмæ нал хъуыст, фæлæ цæсты сыгтæ сæ кæнон кодтой. Дыууæ мæйы дæргъы Алæмæт йæ хуыссæпæй нал сыс- тад. Йæ царм стджытыл бахус, баруад. Афтæ ныффæлурс, цыма йæ уæнгты иунæг туджы æртах нал уыди. Æдзух тæвд кодта, сæнттæ цагъта. Æнæхъæн сыхы цæрджытæ йæм мардмæ бадæгау бадтысты. Дыууæ мæйы фæстæ йæ тæвд æрхауд. Дзæгъæлгаст нал кодта. Йæ цæсгомыл æнæ- бары туджы уылæнтæ фæзынд. Мæгуыр Дзæрæхоны ци- нæн кæрон нал уыди. Алæмæт йæ дзыхмæ кæрдзыны къæбæр хæссынхъом куы фæци, уæд мæгуыр сыхæгтæ сæ комдзаг дæр рын- чынмæ скъæфтой: чи цыхты мур, чи нартхоры кæрдзыны къæбæр, чи ссады тæпп. Афтæмæй Алæмæты цæф байгас. Иæ къахыл слæууыд, фæлæ йæхи афтæ ’нкъардта, цыма раздæры Алæмæт нал у. Æмæ, бæгуыдæр, раздæры тых æмæ хъару нал уыди йæ уæнгты. Алæмæт-иу йæ мидбыл бахудт æмæ-иу загъта йæхицæн: «Цæй, табу дæуæн, иунæг хуыцау, удæгасæй мæ кæй ныууагътай. Ныр кæд фæсæрæн уон, мæ хъару ма мæ уæнгтæм æрыздæха, уд ме знæгты ссардзынæн. Уыцы рай- сом мæ бирæгъ фысым Хъаплан мæ иувæрсты уæлбæхæй æд хæцæнгæрзтæ хæстæввонгæй хуымæтæджы нæ раив- гъуыдта. Уыцы налат æркодта марджыты. Кæд афтæ у, уæд мыи Зариффæ ницы басусæг кæндзæн. Ех, Зариффæ, цымæ ма дæ фендзынæн? Мидбылхудгæ ма мæ размæ ра- уайдзынæ? Мæ зæрдæйы фæндиаг ма демæ аныхас кæндзы- нæн?» Æппынфæстаг Алæмæт йæ гаччы сбадт. Хъаруджын уæнгтæ та сæ раздæры змæлд райдыдтой. Дынджыр сау цæстытæ та цæхæры стъæлфæнтæ калдтой. Гъе, æмæ лæппу цуаны цæуын райдыдта. Сæумæраджы-иу йæ хуыс- сæн фæуагъта æмæ-иу æвæндаг æмæ астæумæ миты хох- мæ сфардæг. Нæ тыхст уазалæй, нæ тарст тæссаг зæйы фескъуыдæй. Афтæмæй-иу уæлæ Бурсамдзелийы хæдбынмæ схæццæ. Йæ амæттаг сырды-иу куы багæрах кодта, уæд- иу уæртæ Чъыры комы фæтæнтæ, миты æврæгътæ фе- змæлыдысты æмæ-иу кæмттæ зæйты гуылфæнтæй айдзаг сты. Изæры-иу Алæмæт йæ мадмæ ’рыздæхт, сырды мард 36
пе ’ккой, афтæмæй. Æгæрыстæмæй ма æгас сыхы цæр- джытæ дæр хайджын уыдысты йæ амæттагæй. Æфсатийы лæвар æнæсыхы цæрджытæ никуы хордта. Иу райсомæй Алæмæт йæ хъримаг ныссæрфта, йæ хъа- ма æрбабаста æмæ йæ мады хæдфарсмæ æнкъардæй æр- бадт, фæлæ дзургæ ницы кодта. Уæд æй йæ мад афарста: — Исты æнæфæразон дæ, мæ хъæбул? Дæ дзыхæй сы- быртт куынæ хауы. Иннæ райсомты-иу худгæ æмæ зар- джытæгæнгæ куы араст дæ цуаны. Алæмæт йæ хъримаг йæ уæрджытыл цæхгæрмæ авæрд- та. Арф ныуулæфыд æмæ дзуры йæ мадæн: — Гыцци, цымæ Гæуыс цы хъуыды кæны, æппын мæ лæгыл нæ нымайы? Æви мæ туг кæй дары, уый йæ рох фæци? Æз, гыцци, мæ фыды мард уæй мыййаг нæ кæнын. Фæлæ ирон æгъдау æмæ намыс куыд амоны, афтæ мæ цæ- уылнæ бараст вæййы... Мад бадиссæгтæ кодта йæ хъæбу- лы ныхæстæм, кой дæр æй не суагъта Гæуысæй туг рай- сыны тыххæй. Уымæн æмæ зондджын сылгоймаг зыдта, Алæмæт хъуыддаг куы сног кæна, уæд та дыккаг тугкалд кæй æрцæудзæн, æмæ, йæ иунæгæн тæрсгæйæ, йæ лæджы туг райсыны охыл йæ фырты иргъæвта. Лæппу ницыуал загъта, фæлæ йæ маст йæ риуы нæ ба- тад. Худинар æмæ йæм æрдиаг каст, нырма йæ фыды туг æнæист кæй у, уый. Æмæ йе ’нæсæрæны тыххæй куы уы- даид, фæлæ фæззæгæй æрдæг зымæгмæ сæйгæ кодта. Мæлæты хъæлæсæй ма тыхæй раирвæзт. Ныр лæппу ныл- лæууыд, цæмæй худинаджы хæдон мауал дара æмæ йæ фыд кæй куысты фæмард, уыдонимæ йæ хъаруйы фæрцы сраст уа. \ Цæуы Алæмæт хохы ’рдæм. Лæгæрды астæумæ миты. Цæуы æмæ арф хъуыдыты аныгъуылы, арф миты куыд аныгъуылы, афтæ. Ацы бон арвыл иу мигъы къуымбил пæй. Æгомыг хæхтæ, урссæр уæйгуытау, разындысты. Алæ- мæтæн тынг æхсызгон нæу, ирд бон кæй скодта, уый. Ахæм рæстæг сычъитæ дардмæ фæлгæсынц æмæ уайтагъд хæх- ты бæрзæндтæм сæхи айсынц. Фæлæ йæ уæддæр ныфс уы- ди, афтидармæй кæй не ’рыздæхдзæн. Цæуы тигътыл æмæ зæйуæтты. Сагджын фæтæны сæрмæ куы ’рбазынд, уæд айнæджы цъупппыл февзæрд иу стыр дзæбидыр. Ракаст Цуаноны ’рдæм æмæ цæхгæр фæзылд, ныхситт кодта, раст Цыма мæнæ сæрдыгон фыййау хурныгуылды йæ фосыл хъæуырдæм рахситт кодта. Йæ фæстæ айнæджы бынæй Рагæппытæ кодтой иу цалдæр дзæбидыры æмæ сæ раздзо- ДЖы фæстæ сæхи роггомау айстой. Алæмæт нæ фæтыхст. Фæлтæрд цуанон фыццаг хатг 37
нæ фембæлд ахæм хабарыл. Скуывта: «Гъæй, Æфсати, хæ- ларæй та мын бахай кæн дæ фосæй!» Æваст йæ иу уæраг миты фæсагъта, иннæмæ йæ рæмбыныкъæдз фæбыцæу код- та æмæ ныхъхъавыд. Фæцыд гæрах, æмæ сырдтæй сæ иу хæрдмæ фæхауд. Иæ мидбынат, куыройы цалхау, ныззылд. Иу чысыл иннæтæй фæстейæ аззадГ фæлæ та сæ фæдыл лидзынмæ фæци. Алæмæт тындзы размæ, йæ хид йæ ды- сæй сæрфгæ. Дзæбидыры тугвæд митыл сырхæй зыпд, афтæмæй бафардæг Тхелы цурмæ. Цыдæр æнамонддзинад æй бахаста Тыджыты хъæуы сæрмæ. Тынг бафæллад. Афæнд кодта фæстæмæ раздæхын, фæлæ йæм æгад фæ- каст æрдæгмард дзæбидыры ныууадзын. Кæсы æмæ дзæ- бидыр дæр йæ лидзын æрсабыр кодта, хатт уазал мнтыл ахуыссы, басмуды йæ цæфмæ æмæ та фесты. Бирæ цæуын нал бахъуыд Алæмæты. Дзæбидыр ма ацархайдта ай- нæджы ’рдæм, фæлæ, æвæццæгæн, йæ туг фæцыд, йæ тых асаст æмæ къæдзæхрæбын æрхауд. Алæмæт æм куы ба- хæццæ, уæд æм æдзынæг æркаст. Батæригъæд ын кодта, йæ зæрдыл æрбалæууыд, а-фæззæджы йыл æгъатыр лæг- бирæгътæ куыд сæмбæлдысты æмæ, мæнæ ацы дзæбидырау, йæ туг куыд фæцыд йæ уæнгтæй æмæ ма йе ’нæбары уд сæ хæдзарыл куыд сæмбæлд. Йæ фыд бонджын Гæуысы куысты куыд фæмард, йе ’ппæт уæззау цард, йæ бирæ ту- хитæ йæ сæры схæлбурцъ кодтой æмæ дзæбидырмæ кæсы: «Цы кæнон, мæ тухиаг цард, ме ’вæрæз æмæ æвадат цард мæ бафтыдта æнæхъыгдард сырдтæ цæгъдыныл. Гъе, уый тыххæй дын аскъуыдтон дæ уд. Фæхицæн дæ кодтон дæ- хиау æнæхъыгдард æмæ сæрибаруарзаг æмбæлттæй». Дзæбидыр цыма бамбæрста1 лæппуйы сагъæстæ, уыйау ма йæм йæ иу цæстæй лæгъстæгæнæджы каст скодта, ин- нæ цæст нæ зынд, уазал митмæ йæ ’рылхъывта. Алæмæт ын тынгдæр батæригъæд кодта .æмæ ма йæм цы топпы нæмгуытæ уыди, уыдон фырмæстæй зæххыл ныц- цавта. Сырды мард уым фæуагъта, афтæмæй фæлидзæг æмуырдыг. Йудзæвгар куы ’руад, уæд та æрлæууыд æмæ фæсмон- гæнгæ дзуры йæхицæн: «Куыд æрра дæн, мæ топпы нæм- гуытæ та ма цæмæн аппæрстон. Æцæг æз абонæй фæстæмæ цуаны нал рацæудзынæн. Фæлæ мын знæгтимæ æнæфе- мбæлгæ нæй гæнæн». Ахъуыды кодта, фæстæмæ аздæха, æви нæ, ууыл. Фæлæ йæм тынг зын фæкаст дзæбидыры мард ногæй фенын æмæ дарддæр кодта йæ фæндаг. Йымæгон хур æврæгътæ æмæ хæхтыл зулаив йæ тынтæ фæлуæрста. Ацы цыбыр боны тырныдта айнæг къæдзæхты сау риутæ батавынмæ. Фæлæ йæ бон куы ницы баци, уæд 38
митæмбæрзт хохы фæстæ ныттылд, цыма кæмдæр комы хъуыры аирвæзт. Æризæр. Алæмæт æрхæццæ зымæгон фæндагмæ. На- рæг, фæлæ надвæндагыл сабыр къахдзæфтæгæнгæ цæуы. Цыбырты хъæумæ куы ’рбаввахс, уæд йæ хъустыл ауад кæйдæр зарын, стæй уæд ехсы цъыкк. Бæрæг уыди, барæг уæлбæхæй зары. Æдзынæг кæсы Алæмæт, чи уыдзæни йе ’мбæлæг, хæлар æви знаг. Уалынмæ йæ уæлхъус æрбалæууыд Гæуыс фыдрасыгæй. Йе ’рфгуыты бынты нык- каст Алæмæтмæ, æмæ бæхæн ахъаззаг цæф нылласта, цæ- мæй йæ иувæрсты аивгъуыйа. Алæмæты маст йæ сæры- магъзы ныррæхуыстытæ кодта, цæстытæй судзгæ ’хсидæв- тæ акалд æмæ идоны рохмæ фæлæбурдта. Бæх дæр фæстæ- мæ фæлæууыд. — Фæлæу-ма4 кадджын Гæуыс, фæлæу. Дæ кæддæры æх- хуырстæн салам зæгъаи, уый дæр дæ сæрмæ нал хæссыс?! Гæуыс фæтыхст. Рæсыд æнгуылдзтæ фырадæргæй сæ кæрæдзи пыхæгау акодтой. — Гъе-ы. Уый-уый Алæмæт, ды дæ? Афтæ, нал дæ фæхъуыды кодтон... æмæ... — Ды мæ кæй нæ хъуыды кæныс, уый мын æмбæрст у, Гæуыс. Ды мæн сидзæрæй баззайын кодтай мæ фыдæп. Гъс æмæ ныр зæгъ, тагъддæр, цалынмæ мæ масты дзæкъул нæ фескъуыд æмæ дзы не самæхстæ... Зæгъ, æдзæсгом, зæгъ, дæ тæригъæд — æххуырсты уæм нæ фæцыдтæн?! — Цыдтæ æмæ цы?.. — Исты мын радтай мæ мыздмæ?! — Æмæ ма цы хъуыды кæнын... — Уæдæ мæ фыды мард дæр нæ хъуыды кæныс, нæ.^! Æрхиз, æрхиз, æдзæсгом сырд, бæхæй. Æрхиз, æз дæуыл нæмыг нал бахардз кæндзынæн, фæлæ мæнæ мæ сау кард фысым дæ бæрзæйæн. — Уып... гъым... Æрра стæ, æви. Æз дын цы гæнæг дæн?.. Иудзырдæй, чысыл раздæр фырнозтджыпæн бухъхъы- тæ æмæ æнхъизгæ хъæлæсæй цы Гæуыс зарыд, уымæн йæ нозт æрбайсæфт. Æмæ Алæмæтæн лæгъстæгæнгæ дзуры: — Ауадз мæ мæ фæндагыл, дæ маст мæнæй райсынмæ Дæмæн хъавыс. Хъапланæй агур де ’фхæрд. — Уый дæр бабамæ ды ’рбарвыстай, ды, æдзæсгом! Уый дæр дæхуызæн налат у! Æнæфсис Гæуыс куы базыдта, æвыдæй нал аирвæздзы- нæн Алæмæты къухæй, зæгъгæ, уæд уыцы иу лæбурд фæ- кодта йæ хъамайы сæрмæ. Фæлæ йæ Алæмæт ацахста. — Нæ, æдзæсгом, уымæн дын ферæджы! — бæхæй йæ 39
æрриуыгъта. Гæуысæн зæххыл йæ тъæпп фæцыд. Фæлæ фыртасæй фестад. Йæ дамбацамæ ма бæргæ фæлæбурдта, фæлæ уæдмæ Алæмæты хъама йæ дыууæ оны астæу ныс- сагъд. Гæуыс, æмбыд кæлдымау, æрфæлдæхт. Алæмæт ын йæ хотыхтæ райхæлдта, йæхи йын дæлвæндаг аппæрста1. — Хуысс ныр, налат, фæлмæн митыл. Ды-иу мæ бæхы кæвдæсы хуыссын кодтай, фæлæ дын æз аккаг кæнын фæл- мæн мит. Алæмæт бæхмæ йæхи рог систа. Бæхы рохтыл йæхимæ ’рбахæцыд æмæ ныххудт. — Тæх размæ, мæ хур. Гæуысæн тынг æвгъау уыдтæ ныр- мæ дæр. Хъоламæ куы ’рбахæццæ, уæд сæ уынджы бæхæй æргæпп ласта, хæдзары смидæг. Йæ мад æй æвзист гæрзтимæ куы ауыдта, уæд фæджих æмæ йæ афарста: — Æвæццæгæн, мæ хъæбул, абон нæ фæфæндараст дæ... Алæмæт йæ мады йæ риумæ ’рбалхъывта, мидбыл æм фæхудт æмæ загъта: — Нæ, гыццн, рæдийыс, абоны хуызæн фæндараст ни- куы фæдæн. Хорз æмбæлæг мыл фæци, абон райсомæй цу- аны цæугæйæ. Ахæм саг æрфæлдæхтон æмæ... Æцæг ын йæ фыд куыйтæ дæр нæ бахæрдзысты. Мæнæ ацы æвзист хъама, мæнæ уый та дамбаца, фæлæ рагæй цахæм бæхмæ бæллыдтæн, ахæм бæх та мын Гæуыс ралæвар кодта. Цæй, хæрзбон, гыцци, ныххатыр мын кæн, уæзæджы къæйыл дæ- кæй уадзын, зæгъгæ, адзырдта тагъд-тагъд æмæ ратæр- рæст кодта уынгмæ. Бæхыл абадт æмæ, хæххон цæргæеау, комырдæм атахт. Абырæг фæлыгъд, абырæг, цардæфхæрд лæппу. Дзæ- рæхонæн ма цы бамбарын хъуыди хабары æцæгдзн Гæуысы мæрдтæм кæй барвыста, йæ фыды туг кæй райста, йе ’ппæт æфхæрд кæй нал ныххатыр кодта. Гæуыс йæ си- раг бæх, йе ’взист хъамæ, йæ дамбаца удæгасæй Алæмæ- тæн кæй нæ радтаид, уый бамбæрста рыстзæрдæ мад. . Уайтагъд æнамонд хабар сыхæгтыл ахæлиу. Бедтиг Алæмæты сыхаг, Дзæрæхоны сæ хæдзармæ ахуыдта æмæ йæ бааууон кодта. Хæстхъомтæ сæ гæрзтæ æрцæттæ код- той. Уайтагъд Тыджытæ æрбалæбурдтой Хъоламæ. Топпы хъæртæ сарæх сты. Чысыл æмæ æнкъард хъæуы сæрмæ топпы хосы фæздæг мигъау ныббадт. Гъе, æмæ Цыбырты мыггаг се ’хсæн бацыд. Уæдмæ фæзындысты иннæ хъæутæ дæр æмæ сæ æнæуды зиан æрцæугæ ныйиргъæвтой. Аив- гъуыдтой мæйтæ æмæ къуыритæ. Тыджытæ æргом лæбу- рыны фæнд нал кодтой Коцы мыггагмæ. Раст зæгъгæйæ, сæ ныфс дæр нал бахастой æргомæй балæбурынмæ, уы- мæн æмæ Коцы мыггаг лæгджын æмæ тыхджын мыггаг 40
уыди. Гъе, æмæ сусæгæй зылдысты Алæмæты фæстæ. Гæр- тæмттæ лæвæрдтой, сæ къухы сын æй чи бафтыдтаид, уы- донæн. Фæлæ Алæмæты хæтæнтæ ничи зыдта. Аивгъуыдтой зымæгон уазал бонтæ, сулæфыд зæхх. Арф кæмтты чысыл цæугæдæттæ сæ хъæлæс фæтынгдæр кодтой. Фæтæнтæ сæ урс дарæс аппæрстой æмæ æрбакод- той цъæх хъæдабæ фæлыст. Бæстæ куыд райхъал, куыд схъæлдзæг, афтæ фæхъæлдзæг Алæмæт дæр. Ныр арф лæ- гæты уазал æндон дурты хъæбысы хуыссын нал хъæуы. Ныр зæйы гуылфæнтæй нал тæрсы. Ныр йæ ныййарæг ма- ды дæр абæрæг кæндзæн. Ныр уалдзæджы цъæхыл абæ- рæг кæндзæн йæ дунейы рухс, йæ зæрдæйы ныфс Зариф- фæйы дæр. Бирæ уæззау æмæ тыхстдзинæдтæй фæцух абырæджы сæр. Фæлæ йæ ныййарæг мад хъæуы куыд тыхсдзæн æххормаг æмæ æвæгæсæгæй, уый йæ зæрдæйæ иу уысм дæр нæ цух кодта. Иу изæр Алæмæт йæ талынг лæгæты раз æнæбары арт бакодта. Йæ нымæт айтыгъта æмæ йæхи æруагъта йæ иу фарсыл. Иæ бæх чысыл фалдæр зыдæй хызти ногдзыд цъæх кæрдæгыл. Йæ дæндаджы хъæр-иу азæлыд. Изæры сабыр уæлдæфы иу сыбыртт, иу уынæр никæцæй хъуыст. Æрмæст-иу артыл хус къæцæлтæ судзгæ-судзын скъæс- къæс кодтой. Хатгай-иу зынджы стъæлфæн фесхъиудта æмæ-иу цъæх кæрдæгыл ахуыссыд. Алæмæт æдзынæг кæсы арты цæхæртæм, исдугæй-ис- дугмæ айхъусы бæхы дæндаджы хъæрмæ æмæ куы адард вæййы, уæд æм сабыр æмæ рæвдаугæ адзуры: «Уари, Уа- ри, дард ма ацу, де ’мбалыл дæ зæрдæ ма сив!». Бæх дæр 1 41æмæты дзырдмæ йæ сæрыл схæцы, йæ хизын фæуадзы æ-мæ бамыр-мыр кæны. Цыма афтæ зæгъы: «Æз дæуыл мæ зæрдæ никуы сивдзынæн. Мæнæн дæуимæ бирæ хуыз- дæр у, ды мæ фервæзын кодтай, ды мын раппæрстай уæз- зæу Гæуысы ме рагъæй». Бæх та хизгæ ’рбацыд Алæмæтмæ. Алæмæт ын йæ ру- стæ æрдаудта йæ армытъæпæнæй æмæ йын загъта: «Нæй гæнæн, Уари, ахсæв мæ фæхæццæ кæн Зариффæмæ. Абон тынг бирæ хъаруджын цыд фæкодтай, кæм сиргæ, хæххон цæргæсау, æнæнкъуысгæ, кæм сæппуадæй. Ахсæв сфæнд кодтон, цæмæй ацы нæудзармыл фæхизай æнæмæ- тæй, фæлæ абырæг йæ фæнд дард нæ акæны, уайтагъд йæ хъуыды аивы». Алæмæт фестад, йæ нымæт атыхта, бæхы фæсарц æй абаста. Саргъы ’хтæнгтæ балвæста æмæ артыл фæнык бас- чъил кодта. Бæхмæ стахт, фæцарæзта йæ рагъæрдæм. Бæх, хæххон уариау, тахти размæ, Фугæджыны ’рдæм. Хъæугæ- 41
ронмæ куы ’рхæццæ, уæд æй фæурæдта, æргæпп кодта æмæ йæ æмбондыл абаста. Иæхæдæг, йæ къæхтæ арæхстгай ис- гæ, рацыд Хъапланты кæртмæ. Хъапланты дынджыр сау куыдз уыцы иу сæррæтт ракодта сæ тыргъæй. Хъуамæ лæппуйы акъабæзтæ кодтаид. Фæлæ йæм Алæмæт æдыхс- гæйæ, хæрз ныллæг хъæлæсæй сдзырдта: «Амзор, Амзор, дæ раздæры æмбалы нал зоныс, ма кæн, ма фæхæц». Куыдз бахъыс-хъыс кодта, йæ къæдзил дыууæрдæм тилгæ, узæ- лы Алæмæтыл. Алæмæт ын йæ сæр адаудта æмæ уый фæстæ къулмæ йæхи баласта. Хъусы мидæмæ. Нæй, ницы уыкæр хъуысы хæдзарæй. Уæд бынтон йæ улæфт ныуурæдта. Фæлæ йæ фидар зæрдæ тынгдæр сгуыпп-гуыпп кодта. Æваст йæ хъус- тыл ауад Хъапланы хъæлæс: — Тыджытæ нæ бабыхсдзысты, сæ туг нæ ныууадздзыс- ты уыцы мыггагæн. Гæуыс мыййаг Бæдтуйау æнæнымад нæ уыди. Гъе, æмæ йæ уыцы æнæфæныкæй хъал амардта. Зариффæйæн тынг хъыг уыдысты йæ фыды ныхæстæ, Алæмæты йын кæй æфхæрдта. Изæрæй нырмæ схъыг, сфæл- мæцыд йæ фыды дæрзæг ныхасмæ хъусынæй. Гъе, æмæ пьтма æнуд æмæ талынг хæдзары бады, уæлдæф ын нал фаг кæны, уыйау тыхулæфт скодта, фестад æмæ уынгмæ рауад. Скаст арвмæ æмæ цыма тæмæнтæ калгæ цы стъа- лыты уыны, уыдонимæ ныхас кæны, уыйау сагъæсгæнгæ дзуры: «Цымæ баба цæмæн азымы дары Алæмæты, Гæ- уысы кæй амардта, уый тыххæй? Алæмæт Гæуысæй райс- та йе ’фхæрд. Ныр Алæмæтæн хъауджыдæр нæу. Фæнды хъæды, фæнды хъæуы»... Зариффæйы ныхæстæм Алæмæт фырцинæй йæхи арвы милтыл асæрфта: «Мæ иунæг ныфс, æрмæст ды зоныс, æз раст кæй дæн. Æрмæст дæумæ хъары ме ’фхæрд, мæ дзæ- гъæл цард, мæ рыстдзинад! Ды æцæг адæймаг дæ. Цæмæн райгуырдтæ чызгæн æнæфсис Хъапланæн» — ацы ныхæстæ дзырдта йæхимидæг. Йæ цæстæнгас нæ иста рæсгъд За- риффæйы фпдыцджын цæсгомæй, йæхи тыхурæд кæны. Хъуыды кæны, дарддæр цы дзурдзæн йæ дунейы рухс. Фæ- лæ Зариффæ иудзæвгар ницы дзырдта. йæ цæнгтæ кæрæ- дзпйыл тыхтæй сæвæрдта йæ риуыл. Афтæ пыуулæфыд æмæ скаст цæлхыдзаг фæлурс мæймæ. Дзуры йæм сагъæс- гæнгæ: «Уæ, уæлæ мæй, ды зоныс сахъ лæппу Алæмæты хæ- тæнтæ*, ды йын уыныс йе ’хсæв хуыссæнтæ. Тæхуды куы мын радзурис йæ бадæнтæ, уæд æз ныртæккæ дæр фæцæ- уин йæ агурæг. Ох, тагъд куынæ фенон мæ царды иыфс 42
Алæмæты, уæд, æвæццæгæн, мæ зæрдæ мæ риуы фæйнæ- рдæм атондзæн»... — Дæ зæрдæ фидар уæд, мæ дунейы ныфс, æз дæм мæ- нæ фæзындтæн... — афтæ дзургæ лæппу рахызт къулгæро- нæй. Чызг æнæнхъæлæджы уынæрмæ фестт>æлфыд. Тарст сæгуытау, иуварс агæпп кодта. Йе стыр сау цæстытæ но- джы тынгдæр астыртæ сты æмæ кæсы дзурæджы ’рдæм. — Мæ къонайыл, уый мæ хæйрæджытæ мыййаг сайыпц?! — Нæ, Зариффæ, уый мæнæ æз дæн, æз. Ма фæтæрс. Æви ды дæр абырæгыл дæхи атигъ кодтай, уæд ма мæ уындмæ цæмæн бæллыдтæ? Куыд, цы, фæлæ дыууæ уарзоны сæ цæпгтæ кæрæдзи хъуыртыл атыхтой. Æппынæрæджиау чызджы дзыхæй рай- хъуыст ризгæ ныхæстæ: — О иунæг хуыцау, ма нæ фенамонд кæн. Ратт нын цæрыны фадат Алæмæтимæ. Бпрæ зæрдæбын ныхæстæ фæкодтой дыууæ уарзоны. Æниу боны æрбацъæхмæ дæр нæ бафсæстаиккой кæрæ- дзимæ хъусынæй, кæрæдзи уындмæ кæсынæй, фæлæ За- риффæ æдас нæ уыд йæ бирæгъ фыдæй. Алæмæт ма йæ йæ риумæ æрбалхъывта. Уарзæтты былтæ ма фæстаг хатт кæрæдзийыл андæгъдысты, стæй лæппу мидбылхудгæ хæрз- æхсæв загъта чызгæн æмæ тæргæ бæхыл рафардæр йæ лæ- гæтмæ. / Иунæг Зариффæйы йедтæмæ ничи зыдта Алæмæты лæ- гæт. Зариффæ Алæмæтæн хæринаг хаста, æцæг арæх нæ, фæлæ-иу исты æфсонæй афардæг хохмæ. Тыджытæ дæр æрсабыр сты. Мæнг нæ акæнынц, дон йе ’хсидынæй куы фæлæууы, уæд уыйбæрц нал басудздзæн, зæгъгæ. Иу æмбисæхсæв Алæмæт æрцыд сæ хъæумæ, бæхæй æр- хызт æмæ бацыд хæдзармæ. Уайтагъд сыгъдæг уæлдæфмæ ахуыр рæуджыты смидæг уымæл, æнуд тæф. Фындзы хуынчъытæ рæмудзæгау кодта цавæрдæр æмбыд сымаг. Къуымты йæ цæст арахæсс-бахæсс кодта, фæлæ мады гуы- бынау талынг, сау ингæнау, æнкъард хæдзары ницы суыд- та, цæхгæр фæзылд æмæ дуарæп феддæ. Бауад Бедтитæм æмæ сæм дуар бахоста. Зантемыр æм рауад. Кæрæдзийæн салам радтыны фæстæ Алæмæт афарста: — Занте, гыцци кæм ис, уый ды дæр нæ зоныс? Зантемыр дзуапп нæма радта, афтæ фæсдуар уæрмæй йæ сæр сдардта Дзæрæхон, раст цыма сау ингæнæй схи- зынмæ хъавы. — Дæ ныййарæг сау ингæны ныххауа, мæ хъæбул. Мæ- 43
нæ ацы æхсæв нæ разындтæ, уæд мæхи ацы талынг уæрмы фæхурх кодтаин!—Дзæрæхон дзургæ схылд уæрмæй. Алæмæт басагъæс кодта, йæ цæсгомыл разынд масты хуыз. Фæлæ сабыр хъæлæсæй загъта йæ мадæн: — Уымæй сау ингæндæр ма цы уа, гыцци, — Алæмæт йæхи кæй æмбæхсы фыдгултæй, æмæ йæ мад та, Тыджы- тæй тæрсгæйæ, ам талынг уæрмы йæ бонтæ кæй æрвиты, уый Алæмæтмæ хорз нæ фæкаст. Уыцы æхсæв Алæмæт фидарæй ахицæн кодта лæгæтмæ мауал ацæуын. Дзæрæ- хон алы лæгъстæ фæкодта йæ хъæбулæн, иæмæй йæхи айса хъæуæй. «Ныр тагъд сбон уыдзæн, мæ хур, æмæ исчи æнæмæнг уыцы мыггагæн бамбарыи кæпдзæн ха- бар!» — бахатыд æм мад. Фæлæ Алæмæт нæ фæчъил. Маст зондыл фæтых. Гъе, æмæ нал ацыд уыцы ’хсæв хæхты ’рдæм. — Кæмæн цы гæнæг дæн? Кæмæй цы дарын? Уæдæ, гыцци, кæнæ мæлæт, кæнæ адæм куыд цæрынц, афтæ! Æз дæр хъуамæ цæрон хъæуы. Мæнæ мæ фæлахс, сæфт хæ- дзары. Æрбабон. Бæрзонд хæхтæ, сау уæйгуытау, разындыс- ты. Алæмæт йæ гæрзтæ райхæлдта æмæ сæ цæджындзыл сауыгъта. Йæ дыстæ басчъил кодта æмæ йæ хæдзары рæ- бинаг къул дурæй амад уыди, къул, зæгъгæ, йæ ном, фæ- лæ раджы ракалд. Гъе, æмæ лæппу боныцъæхæй æрæв- нæлдта йæ хæдзары къул ногæй самайынмæ. Уæды заманы дзырд уады бæхæй тагъддæр уади. Ца- хæмдæр æдзæсгом фехъусын кодта Тыджытæн, зæгъгæ, Алæмæт мур дæр ницы хъуыды кæны, афтæмæй йæ хæ- дзары къултæ амайы. Мыггаг æрбамбырд сты ныхасмæ. Алкæй цæсгомыл дæр зынди мæсты æмæ хæрам ахаст. Гæуысы хисдæр фырт Дæбул фырмæстæй тъæппытæхаугæ, йæ мыггагæн рай- дыдта дзурын: — Мæ фыд уе ’хсæн æгадæй нæ цард. Мæ фыды амард уе ’ппæтæн дæр кад æмæ намыс нæу. Алкæмæ дæр уæ хауы худинаджы ном. Уæртæ кæйдæр æнæфæнык, дзæгъæл- зад ис сæ хæдзары, цæуæм æмæ йæ лыстæг къуыхтæ скæ- нæм. Стæй уæд мæ фыд цы фос, цы зæхх, цы хæдзар ныу- уагъта, уыдон уæхиуыл байуарут, ме ’рвадæлтæн сæ хæ- лар кæнын! — фæцис йæ ныхас карзæй Дæбул æмæ мыг- гагыл йæ цæст ахаста. — Нырмæйы худинаг аппарæм не ’ккойæ! Туг тугæй райсæЫ — райхъуыст хъæртæ фæсивæды ’хсæнæй. Хъæуы зæронддæр ралæууыд ныхасы размæ. Йæ къæдз лæдзæгыл разуæз анцой кодта. Даргъ сæггъуыз зачъетæ 44
адаудта. Иæ дзыхæй тамакойы цъæх дон ачъиртт ласта æмæ арф схуыфыд. — Æз Дæбулы разæй ныхас уымæн нæ загътон, йæ разæй м’æн хуыцау мæрдтæм барвитæт, фæлæ зианджын Дæбул у. Йæ фыд фæмард Коцты Бæдтуйы фырты къухæй. Туг райсын кад æмæ намыс у нæ хохбæсты ирон адæмы ’хсæн, фæлæ æгæр риуыгътытæй туг райсæн нæй, мæ хур- тæ, нæй. Маст мæлæтæн мæрддзаг хæдон нæу, фæлæ у фыдбылызы æхсидав. Зонд та, мæ хуртæ, лæджыхъæд бæ- рæггæнæг у, æмæ лæгдзинад та зондæй рацаразгæ у. Мас- ты тула уал æрысысын кæнут. Уадз æмæ лæппу тынгдæр æрæууæнда æмæ æнцонæй бафта уæ къухты. Æз цы гуыр- ды зонын, уымæ афтæ бавналæнтæ нæй. Фезнæт, уæд æй уæ цæстæй дæр нал ауындзыстут, афтæмæй та ныл туджы зæй рауадздзæн. Лæгæй-лæгмæ уæ уыимæ ничи стох кæн- дзæн, æрмæст архайын хъæуы зондæй. Алæмæт цæры астæуккаг хъæуы. Бабырсын хъæуы æхсæвыгон, Коцты мыггаг куыд ницы бафиппайой, афтæ. Кæд æй йæ хæдзары баййафат, уæд уæ хъару æмæ уæхæдæг. Кæд нæ, уæд мыг- гагмæ хæцæнгарз райсынвæнд ма скæнут. Кæсдæртæ дыууæ нал загътой сæ хисдæры дзырдыл, суанг æмбисæхсæвмæ сæхи рæвдз кодтой. Сæрфтой сæ хотыхтæ, даудтой сæ кæрдтæ, хъаматæ. Алæмæт кæд йæ хæдзары æхсæвиуат кодта, уæддæр æдас нæ уыди Тыджыты мыггагæй. Æхсæвы йæхи ’руагъ- та йæ хуыссæныл æдпысултæ, йæ хъримаг æхсынæввонгæй нывæрзæны ’рдыгæй къулыл бахъил кодта æмæ æрфынæй. Абон уæлдай тынгдæр бафæллад. Æнæ ’рулæфгæ амадта дынджыр дуртæ сисыл æмæ йын фæцис амад. Хæдзары къул рафидыдта. Гъе, æмæ уайтагъд афынæй. Æмбисæх- сæвтæм æввахс Тыджыты хъæбатырдæртæ æртыхстысты Алæмæты хæдзары алыварс. Тугмондаг, æххормаг бирæгъ- тау, аныхъхъуырынмæ хъавынц Алæмæты. Хуыссы Алæ- мæт æмæ йæ мидфынæймæ хъусы, цыма дуар æрбахостæ- уыд. Фестъæлфыд. Фелвæста хъримаг æмæ рауад дуаргæ- ронмæ. Йæ хъус дуары зыхъхъырыл авæрдта. Айхъуыста æмæ йæ хъустыл ауад кæйдæр ныхас: — Ацы налат, æвæццæгæн, ам нæй ацы ’хсæв. — Нæ, ам уыдзæн, уæдæ нын хабархæссæг мæнг ны- хæстæ фæдзырдтаид?—æрбайхъуыст та æндæры хъæлæс. Алæмæт бамбæрста хабар, йе знæгтæ йыл кæй æртых- стысты æмæ цары фæйнæг стыдта. Цармæ стæррæст код- та æмæ хъуамæ цæргæсау атахтаид коммæ, фæлæ æваст йæ хъуыды аивта. «Нæ, сом æнæрцæугæ цы хъуыддагæн нæй, уымæй абон 45
фервæзын хъæуы». Æрцæттæ кодта хъримаг æмæ кæсы, цы уыдзæн дарддæр, цал сты Тыджыты тыхгæнджытæ, æмæ стæй уæд архайдзæн семæ. — Дæхи радт удæгасæй, сахъхъ лæппу, науæд лыстæг къуыхтæ æрцæудзынæ! — фехъуыст Алæмæтмæ Дæбулы хъæлæг — Рæдиут, хъæбатыртæ, æз удæгасæй мæхи нæ рат- дзынæн, фæлæ архайут уæ тыхы руаджы! — æрдзырдта сæм Алæмæт. Сытынг сты топпы хъæртæ алы ’рдыгæй. Ихуарæгау згъæлыиц нæмгуытæ æнамоид хæдзары къултыл. Алæмæт- иу ныхъхъавыд, топпы хосы цæхæрты-иу кæцæй ауыдта, уырдæм, æваст ныхъхъæрзыдта Дæбул. — Æллæх, амардтæн! — Нæ, нæ, джауыр, фидар лæу, кæд мыггаджы раздзог дæ, уæд тæппудау хъæрзгæ, нæтгæ ма хъæр кæн! — æр- дзырдта йæм царæй Алæмæт, — Арт, арт бандзарут уыцы куыдзы хъæвдыны хæдза- рыл! — ныхъхъæр кодта чидæр. Судзы мæгуыр хæдзар. Судзы æмæ арты пиллон хæрд- мæ, арвмæ лæбуры. Хуыдуг кæны Алæмæт. Тыхсы арты цæхæрæй. Судзгæ арты сырх æвзæгтæ йæм æввахсæй-æв- вахсдæр лæсынц. Цары сыгъдæттæ фаркгай хауынц зæхмæ. Тыджытæ уайтагъд сæ марды бæхыл авæрдтой æмæ афар- дæг сты. Дзæрæхоны хъарджытæм сыхы устытæ ставд цæс- сыг æнæвгъау калдтой. Йæхи артмæ æппары, фæлæ йыл хæцынц цалдæр сылгоймаджы. Арт йæ тæккæ црены куы бацыд, уæд куыддæртæй йæхи атыдта сылгоймæгты къух- тæй. Арты цæхæры раз сæнт лæуд æркодта, йæ кæлмæр- зæн йæ сæрæй фелвæста æмæ йæ арты цæхæрмæ базыв- вытт кодта. Уый фæстæ цыма йæ зонд фесæфта, афтæ ныххудт æмæ ныхъхъæр кодта: «Цæуын мæ хъæбулимæ арты цæхæрмæ. Уадз, æмæ æз дæр мæ хъæбулимæ рау- сыгъд бакæнон. Уыцы иу æппæрст бакодта йæхи судзгæ арты цæхæры. Басыгъд, бавзалы æнамонд сылгоймаг. Æнамонды хабар айхъуыст Иры хъæуты. Адæм тæри- гъæд кодтой Дзæрæхон æмæ йæ фыртæн, фæлæ ма кæмæн цы йæ бон уыди баххуыс кæнын. Иу изæр та мæгуыр сыхæгтæ ныхасы бадтысты. Сæ цæс- тæнгас-иу аздæхтой Алæмæты хæдзары сыгъдæттæм. Арф хъуыдытæ, сагъæстæ кодтой. Æппынæрæджиау райхъуыст Бедтийы хъæлæс: — Цы чындæуа, мæ хуртæ, нæ мыггаджы хъæбатыр- дæр нал ис яе ’хсæн. Тыджытæ йæ арты сфизонæг кодтой. Цымæ Алæмæт удæгас куы уыдаид æмæ ныл ахæм æна* 46
монды хабар куы сæмбæлдаид, уæд уый дæр афтæ æнцад бадтаид? Мæрдтæй дæр срæмудзид йæ ингæн, мæрдтæй. фæлæ мæрдты дæр нæй, цъæх фæнык фестад! Æмæ кæдмæ худинаджы худ дарæм?! Бирæты та уырнгæ дæр нæ кодта, зæгъгæ, Алæмæт йæ- хи зынджы басудзынмæ нæ радтаид. Афтæ мыггаджы ’хсæн алы хъуыдытæ æмæ сагъæстæ æвзæрди. Алчи дæр еагъæс кодта, йæ зæрдæ йæм куыд дзырдта, афтæ. Фæлæ сæ масты дзæкъул æмхуызон дæнгæл уыд. Бирæ фæуы- паффæ кодтой. Æппынфæстаг ныллæууыдысты ахæм фæн- дыл: «Быны цагъд сæ фæкæнæм. Уыцы налат Гæуысы фырттæй ма аирвæзт Харон, уый та арты басудзын хъæ- уы. Уадз æмæ Алæмæтимæ бæсты-бæсты фæуæнт». Хæрз талынгæй ныхасыбадджытæ сæ бынæттæГ: сыс- тадысты æмæ, хæрзæхсæв зæгъыны фæстæ, сæ хæдзæрт- тæм фæцыдысты. Æмбисæхсæвæй аивгъуыдта. Бæстæ уы цы сабыр ныцци. Афтæ зынд, цыма хъæуы иунæг змæлæг дæр нал уыди. Цардæфхæрд сыхæгтæй алчи йæ фынтимæ архайдта. Æваст æрбайхæлд æхсæвы сабырдзинад. Бедтиты дуар чидæр æрбахоста. Бинонтæ фехъал сты, фæлæ сæ сыбырп ннкæй дзыхæй схауд. Хъусынц дарддæр, цы уыдзæн. Дуар га тынгдæр ’рбахостæуыди. Бедти, тасзæрдæ адæймаг, цæ- мæй зыдта, чи у дуархойæг. Гъе, æмæ йæ уæнгты тас ба- цыд. Фæлæ йын цы гæнæн уыди. Сыстад, дуары цурмæ ра- цыд, фæлæ дуар нæ кæны. Хъусы дуары зыхъхъырæй. Чи уыдзæн ацы æнафоньГ. Æртыккаг хатт куы ’рбахостæуыд, уæд æм Бедти адзырдта: — Кæцы дæ, ацы æнафоны дæ цы хъæуы? — Дуар бакæн, Бедти, ма фæтæрс, æз дæп. — Алæмæт! — лæг тынгдæр фæтыхст. Йæ уæнгтæ æга- сæй дæр зыр-зыр кодтой. «О, хуыцау, фыдбылызæй нæ бахъахъхъæн. Уый нæм уыцы æнамонды номæй куы дзыр- дæуы, уæд мæрдтæй æрæздæхт? Нæ, уый цыдæр фыдбылызтæ, æвæццæгæн, йæ хуызы бацыдысты æмæ мæм Алæмæты номæй дзурынц!» — Лæппу, о, лæппу, фынæй дæ? Рабад-ма... Зантемыр фестад йæ уатæй æмæ рауад йæ фыды цур- мæ. Алæмæт та æрбадзырдта: — Æвæццæгæн мыл сымах дæр, мæ хæлар сыхæгтæ, уæ зæрдæ сивтат. Бафæлмæцыды.стут мæ. — Баба! Алан, Алан, баба!—дуары ричъимæ фæлæ- бурдта, фæлæ йын уайтагъд йæ фыд йæ къухтæ ацахста. — Фæлæу, мæ хур, тагъд ма кæн. Бæрæг-бæстонæй ба- 47
зонæм хъуыддаг. Мыййаг нæм... Æндæра Алæмæты бон акæнæт де знагыл дæр. Фæлæ Зантемыр нал байхъуыста йæ фыдмæ. Йæ къухтæ атыдта æмæ дуар фегом кодта. Алæмæтæн йæ сæр басылыхъхъы тыхт, йæ къухы хъри- маг, æнæдаст, афтæмæй лæууы къæсæргæрон. Иæ мидбыл сæм фæхудт, æмæ йæ урс дæндæгтæ дзæнхъатау ферттыв- той. — Уе ’хсæвтæ хорз, мæ хæлар сыхæгтæ! — æмæ хæдзар- мæ бахызт. Зантемыр ныттыхст Алæмæты æфцæджы. Уый дæр æй ахъаззаг ’рбалхъывта йæ гуырмæ, Бедти та, хъендурау, йæ мидбынаты лæугæйæ баззад. Æрбадтысты тæрхæгыл. Ныхас сын ацайдагъ, фæлæ Бедти нырма дæр не ’ууæнды йæхиуыл. Афтæ æнхъæлы, фыны дæн. Иæ цæстытæ аууæрды, йæхи базмæлын кæны æмæ та цингæнгæ бакæсы Алæмæтмæ. — О, дæ рынтæ ахæрон, дæ рынтæ, Алæмæт, удæгас мын чи баззад. Цæй, ныр уæ хæдзар мурмæ дæр ма ’рдар. Лæг мын зæгъ, уый йеттæмæ сараздзыстæм. Мæнæ хъæд æмæ дурæй сæфт куы стæм. Алæмæт йæ цæст къуымты разылдта. Цæстæнгасæй агуры йæ ныййарæг мады. Уый афтæ æнхъæл уыди, ам та Бедтитæм уыдзæн, æндæр ардæм, хъæумæ, цæугæ дæр нал æркодтаид. Хæдзары къуым дæр ын куынæуал ис. — Хæдзары тыххæй ницы тыхсын,тБедти, фæлæ... гыц- ци кæм ис, гыцци. Ам æй æнхъæл уыдтæн. Фыд æмæ фырт лæппуйы фарстмæ фæтыхстысты. Бедти цæстæй ацамыдта Зантемырмæ, зæгъгæ, мацы ской кæн. Алæмæт Бедтийы цæсгомыл рахатыд æнæууæнкдзинад. Фæдызæрдыг æмæ фенкъард. Асагъæс кодта, стæй уæд загъта: — Мацы мын басусæг кæнут, уæ хорзæхæй. Æз уæ мад, уæ фыды уазæг, æппæт дæр радзурут, куыд у, афтæ. — Мæ мард фен, Алæмæт, Дзæрæхон цардæгас у. Мæ- нæ иу дыууæ боны размæ йæ цæгатмæ ацыд. Ам дæр æдзух уынгты хъарæггæнгæ рацу-бацу кодта, хæдзары сыгъдæт- тæм кæсгæйæ. Дæуæи удæгас æнхъæл нал уыди, гъе, æмæ... Гайтма нын ды афтæ дзæбæх баззадтæ. Бауырнæд дæ, æз ныр дæр фенæууæнк вæййын... — Цы кæнон, Бедти, лæгыл цы бон æркæна, уымæй ар- хайын хъæуы. Хæдзарыл арт куы бафтыдтой, уæд исдуг фæздæджы тыхстæн. Нал æвзæрстсп уыцы джауырты, æн- дæра сæ удæгасæй иу дæр нал аирвæзтаид. Стæй уæд ар- ты пиллон лæбурын байдыдта мæнмæ. Æз хуыздæр амал 48
ницыуал хъуыды кодтон. Æнæ басудзгæ мын хос нал и, зæгъгæ, загътон мæхицæн æмæ судзгæ цары хъæдимæ ра- тæррæст ластон, цæмæй афтæ банхъæлдтаиккой цары хъæд судзы æмæ æрдæг сыгъдæй рахауд. Гъе, æмæ мæ амон- дæн мæ бæх уæртæ хъугомы кæрон уыди баст æмæ афар- дæг дæн хъæдмæ. Мæ дзаумæттыл зынгстъæлфæнтæ аззад æмæ тæргæ бæхыл дымгæмæ мæ пысултæ æвиппайды сгуыпп ластой. Бæх фæурæдтон. Æргæпп кодтон æмæ, нæл бæхау, зæххыл стылдтæн. Мæ дзаумæтты зынг куы ахуыссын код- тон, мæхи куы ’рæмбæрстон, уæд ма раздæхтæн тæргæ бæ- хыл, фæлæ ам нæ хъæуæй сыбыртт нал хъуыст. Бæстæ ныссабыр. Æрмæст ма дæлæ мæ хæдзаруатæй зынджытæ æрттывтой. Афæнд кодтон фæстейæ сæ асурон, фæлæ уал сын Дæбулы мард фаг уæд. Дарддæр фендзыстæм. Тагъд ницæуыл хъæуы, — арф ныуулæфыд Алæмæт æмæ фæии йæ ныхас. Бон дзир-дзур кодта, афтæ Алæмæт абадт йæ бæхыл æмæта хохы ’рдæм афардæг. Зариффæ Алæмæты æнамонд хабар куы фехъуыста, уæд сусæг куыдæй йæхи æфхæрдта. Адæмы уынæр æм афтæ каст, цыма Зариффæйыл хъарджытæ кæнынц. Ахи- цæн кодта Зариффæ йæхи къухæй йæхи амарын, йæ ду- нейы ныфс Алæмæты кæд мæрдты уæддæр фенид. Иу изæр хæрз талынгæй бауад суадонмæ. Донхæссæн суадоны цыхцырмæ бавæрдта, йæхæдæг уазал, æгомыг дурыл æрбадт. Исдуг сусæг хъарæг нывæзта, стæй йæ маст куынæ къаддæр кодта, уæд æргом хъарæг райдыдта, цæс- тысыг рустыл æнæвгъау лæдæрсти. Чызджы зæрдæхалæн хъарæг æмæ суадоны хæл-хæл æхсæвы сабырад хæлдтой. Æппынфæстаг уæззау къахдзæфтæй араст сæхимæ. Чызг афтæ кæй тыхст, кæй мæллæг кодта бонæй-бонмæ, уый тыххæй йæм йæ мады зæрдæ фехсайдта æмæ-иу бон йæ фарсмæ ’рбадт. Йæ даргъ дзыккутыл ын йæ къух æруагъ- та æмæ йын фæлмæн, рæвдаугæ хъæлæсæй дзуры: — Мæ тæхудиаджы хъæбул, мæ зæрдæйы уидаг. Арвæй зæххы ’хсæн мын æрмæстдæр ды куы дæ, æрмæст дæ ныф- сæй куы цæрын а-дунейыл, уæд мын цæмæн сусæг кæныс дæ зæрдæйы рис. Акæс-ма, æппын мын дæхихуызæн куы- нæуал дæ. Дæ фидауцджын дыууæ сау цæсты тæригъæд- дагæй куы кæсынц, дæ ныййарæджы сæр сау ингæн бахæ- ра! Уæд та дыл цы ’рцыд, цы дæм рауад, радзур-ма, хъæ- бул, æппæт дæр дæ ныййарæгæн. Зариффæйæн йæ мады ныхæстæм йæ зæрдæ ’рбауын- гæг. Йæ хъуыр фырмгæстæн сцъæхарт уагъта æмæ йæ риз- гае цæнгтæ йæ мады æфцæгыл атыхта. Ныккуыдта. Ирон 4. Бязырты Д. 49
намысы фæрстæ атыдта æмæ уынгæг хъæлæсæй дзуры: — Гыцци, мæн цæрын нал фæнды! Адæмы куынæ уьь нин, хур мæ куынæ тавид, рог уæлдæфмæ мæ риуыдзаг куынæ улæфин, уæд мын æнцондæр уаид... — Уæд цæмæн, цæй тыххæй, зæрдæдзæф дын æрбауон, мæ хъæбул?! — Афтæ... Кæй фенамонд дæн, уый тыххæй. — Дæ ныййарæг æдзæммард фæуа, кæд мын цытæ дзу- рыс. Æз дын амонд нырма гъеныр куы агурын. — Нæ, гыцци, амонд агургæйæ нæу. Амонд йæхæдæг агуры амондагуры. Мæнæн та мæ амонд судзгæ цæхæры басыгъд, — ныккуыдта чызг æмæ фæци йæ ныхас. Ныр Куысыфтон дызæрдыг нал кæны, йæ чызг Алæмæты кæй уарзта, ууыл. — Æмæ цы ’нхъæл уыдтæ уыцы æнамонд мæгуырæй, мæ зæрдæдарæн, и? — Ныууадз, ныууадз мæ, гыцци, æндæра ам дæ разы мæхи федзæм кæндзынæн! Ды дæр, мæ бирæгъ фыдау, дурзæрдæ ма у. Бонæй-бон æнкъарддæр æмæ æрхæндæгдæр кодта За- риффæ. Тынг смæллæг. Цæсгомыл бурхуыз бафтыд. Раст цыма рæуджыты низæй басад, уыйау тыхулæфт кодта. Кæддæры нарст æмæ сырхбын уадултæ цыргъæй баззады- сты. Иу дзырдæй, æнæниз чызгмæ мæлæт йæ цыппæртæ байтыгъта. Базонæн ма уыди Зариффæйæн æрмæст уымæй, æмæ цæстыты сæрмæ дыууæ сау æрфыджы æрдæгкъæлæтæй ныззылдысты, цыма кæрæдзимæ сæхи. тыдтой, уыйау æр- баввахс сты. Гæзæмæ кæрæдзийыл ныдзæвдысты. Гъе, уый ма уыди чызджы раздæры нысан. Иу бон Хъаплан æркой кодта йæ бинонтæн: — Мæ хуртæ, адæм нæ сæ сæрмæ хæссынц лымæны охыл æмæ уæ куыд фæнды? Бинонтæй Хъапланы дзырдмæ йæ дзых дæр ничи баз- мæлын кодта. Æрмæст Зариффæйы зæрдæ бадзой-дзой кодта. Уый рагæй æмбары, йæ бирæгъ фыд æй Гæуысы фыртæн кæй дæтты, фæлæ æргом никуы ницы дзырдта. Хъаплан дарддæр кодта йæ дзырд: — Бафауинаг мыггаг не сты Тыджытæ, стæй, мæ хур- тæ, Гæуысы фырт исджын, фæллойджын у, йæ хуымзæхх, йæ уыгæрдæнтæн кæрон дæр нæй. — Кæцы адæмæй зæгъыс, нæ лæг? — цыма йæ фынæйæ райхьал æмæ уæдæй нырмæ Хъапланы ныхæстæ нæ фе- хъуыста, афтæ йæ афарста Куысыфтон. Хъаплан рамæсты усы æнæрхъуыды фарстмæ, фæлæ 50
Йæ маст нæ раргомгæнгæ, фæлмæн хъæлæсæй дзуры: — Ацы чызг кæдмæ ам нæ фæнык дымдзæн? Бæргæ цард-цæрæнбонты мемæ куы уаид, фæлæ ме ’нæ уарзонæн йæ сылыстæг йæ къонайыл базæронд уæд. Зариффæ, йæ маст уромгæ, дзуры йæхинымæр, «Нæ, ды мæ маст нæ кæныс, фæлæ дæ бирæ галтæ æмæ хъуц- цытæ æрбатæрын ’фæнды Тыджытæй. Стыр ирæд дæ хъæуы», — стæй уæд, æрдæг калд бæласау, бадзой-дзой кодта æмæ та сусæгæй катайы аныгъуылд: «Мæнæ мæ цы æбуалгъы хабар æййафы, мæнæ мæ мæ фыд хъуамæ сфыц- цаг кæна Алæмæты удхæсджытæн. Нæ, фæлтау мæлæт. Мæлæт мæхи къухæй ссардзынæн. Куысыфтон æдзынæг каст йæ чызджы цæсгоммæ. Æм- бæрста, Зариффæйы зæрдæ йæ фыды ныхæстæм фырмæс- тæй кæй анæрст, кæй адæнгæл риуы мидæг æмæ пыллæг хъæлæсæй загъта: — Йæ амонд цы уа, уый уыдзæн, цы йыл тыхсæм, ахæм бирæ чызджытæ нын куынæ ис. — Банцай, фаджысы рагъ, банцай! — фæбæрзонд код- та лæг йæ хъæлæс. Уый æцæг Куысыфтæг сæр куы дæ, æнæмбаргæ цыдæр! Цин нæ кæнут, цин, ахæм бонджын хæдзарвæндаг нæ кæй æрцагуырдта, уæдæ ма уæм хуыцау æрæрвитдзæн йæ фырты?.. — Баба, æмæ æз мойыл куынæ кæуын. Уыйбæрц мыл цæмæн тыхсыс. цæмæн сфæнд кодтай мæн зындоны нып- парын. — Уæд Хъапланы сæр фесæфæд, кæд йæ чызджы æв- зæр, æвадат ранмæ дæтты. Хуыздæр адæмыл нæ фем- бæлдзыстæм, сойы къусау уыдзæн, мæ чызг, дæ цард, раст дæхи куыд фæнда, афтæ. — Баба, кой дæр мауал скæн, кой, абонæй фæстæмæ уыцы хъуыддаг! — Ацы изæр нæм нысангарз æрбахæсдзысты, мæ чызг, æмæ дæхи æгæр ма фæкъæйных кæн. Налат у, зæгъгæ, зæгъдзысты æмæ дæ амонд дæхæдæг фæсурдзынæ!.. — фæ- ВД йæ ныхас Хъаплан æмæ уынгмæ фæцæуæг, цæмæй та йьш загъд ма ацайдагъ уа бинонтимæ. Æризæр. Фос уынгтæм æрхæццæ сты. Хъаплан йæ Дзугтæй иу нард тохъыл фæхицæн кодта æмæ йæ ’рбар- гæвста, цæмæй фаг цæттæйæ сæмбæла йæ цыты уазджы- тыл. Зариффæ сусæг хъарæг бакодта: «Фæлтау мын æй мæ хистæн куы аргæвстаис!» Стыр æмæ уæрæх ирон хæдзары арт гуыр-гуыр кодта. Кæд сæрд йæ тæмæны уыди, арты хъарм тæф фынджы Фарсмæ бадджытæй алкæмæн æхсызгон нæ уыди, уæддæр 51
ахæм рæстæджы хæдзар æнæартæй цыма æдзæрæг вæй- йы, афтæ февдисы йæхи. Стæй нард фысы фыд цæмæй тагъддæр афыца, фынг сфидауа, уый тыххæй Хъаплан нæ ауæрста хус суджы фæхсытæ æндзарыныл. Уалынмæ стыр къуырф тæбæгъмæ фыдисæй, ингæнæй ласæгау, теу-теу кæнын райдыдта Хъаплан къуыдырфых фыдызгъæл. Уаз- джытæ бахъæлдзæг сты, иуæй-иутæ сæ былтæ астæрдтой. Фынг æцæг рафидыдта, сыкъайы фæрстæ дæр ’рттивын райдыдтой. Хæдзарæй уынгмæ хъуыст цины хъæлæба, арфæйы куывд, фарны ныхæстæ, амондджын къахы кой. Фæлæ кæд се ’ппæт дæр куывтой Зариффæ æмæ Хароны амондыл, уæддæр дзы бирæты уыдоны амонд бынтондæр не ’ндæвта. Тынгдæр сæ æндæвта, мæнæ фæздæг калгæйæ, сæ разы цы нард фысы фыд уыди, уый. Кæд хæдзарæй ци- ны хъæлæба хъуысти, уæд Зариффæ та уынджы дыууæ- рдæм кодта, йе ’рмттæ йæ дæлæртты, афтæмæй, сусæг хъар- джытæгæнгæ. «О, мæ дуне, Алæмæт, æппын дæ фæнык дæр нал баз- зад? Æрцу мæм, мæнæ мæ дæ удхæссæг аныхъуырынмæ куы хъавы!.. Изæрæй хæдзары къуымты фæрацагур-бацагур кодта, гъе, бæндæн, гъе, æндæр исты, цæмæй йæхи къухæй йæхи мæрдтæм барвита, фæлæ йæ мад суанг тæбыны скъуыд- дзаджы онг бафснайдта афтæ, цæмæй Зариффæ мацыуал ссара. Нысангарз райстой, уæдæ цы, Хъаплантæ. Хароны ци- нæн зæгъæн дæр нал уыди. Иæ даргъ уачъи-иу дуары ’рдæм аздыхта. Иæ тæнæг даргъ гуыбыр фындз-иу аууæр- ста. Æнхъæлмæ каст, Зариффæ кæд фæзындзæн. Фæлæ Зариффæ Харонмæ бакæсынæй хуыздæрыл нымадта мæлæт. Æрмæст-иу йæхимидæг загъта: «Æвæдза, Алæмæтæн уы- цы æлгъаг цыртæн æвзæр нæ уаид». Дыккаг райсом хъæуы чызджытæ мидбылхудгæ уады- сты Зариффæмæ, арфæтæ йын кодтой. Фæлæ-иу сын уый уынгæг хъæлæсæй загъта: — Арфæты бæсты мыл удæгасæй кæугæ фæкæнут, кæу- гæ, ме ’мгæрттæ. Хъаплан-иу йæ чызджы зæрдæхалæн дзырдтæм бахудт: — Буцхаст у, буцхаст, мæ чызг, æмæ афтæ йæхи буц кæны. Ныр та фæстæмæ æрæздæхон Алæмæтмæ. Цалдæр æх- сæвы хъæумæ нал æрцыд. Зантемыр тыхсти йæхимидæг. Æнкъард кодта Бедти дæр, кæд ыл, зæгъгæ, исты бæл- лæх æрцыд. Кæд, зæгъгæ, Тыджыты хабар æрæхъуыста æмæ семæ карз тохы бацыд. Фæлæ Алæмæт, Хъаплан йæ 52
чызджы Харонæн кæй дæтты, уый нæма ’рæхъуыста. Æмæ йæ кæцæй ’рæхъуса, æгомыг хæхтæ, æндон къæдзæхтæ йын ницы дзырдтой. Уыцы ’хсæв аивгъуыдта. Дыккаг бон Зантемыр сфар- дæг хохмæ. Фæлæ Алæмæты йæ лæгæты не сæййæфта. Лæгæты размæ кæрдæг уыдис ссæст. Ранæй-рæтты йæ цы- ма цæвæгæй ракарстæуыди, уыйау æй бæх йæ дæндæгтæй бындзарæй ралвыдта. Алæмæт ацы æввахс бонты ам лæ- гæты кæй уыди, уый бамбæрста Зантемыр. Фæлæ ныр кæм уыдзæн, ууыл ахъуыды кодта. Æвиппайды йæ дыууæ æн- гуылдзы йæ дзыхы акодта, æхситтæй, бæхау, ныууасыди æмæ арф комы ’рдæм айхъуыста. Фæлæ уынæр никуы- цæй хъусы. Æнкъард æмæ уæнтæхъилæй раздæхт фæс- тæмæ Зантемыр. Гъе, фæлæ уыцы æнкъарддзинад ахаста æрмæст изæрмæ. Фæзынд та сахъхъ лæппу йæ цъæх бæ- хыл. Бедти æмæ Зантемыр тынг схъæлдзæг сты. Бедти æр- хоста Алæмæты уæхск æмæ йын хъæлдзæгæй загъта: — О, æвзæр цыдæр, дæ мæты аргъ нæ дæ! — Цы кæнон, Бедти, ахæмæй райгуырдтæн, ахæм дæн, æмæ... — Цæр нын, цæр! Зынг дæ нæ судзы, кард дæ нæ кæр- ды. — Бирæ ныхæсты фæстæ Бедти афарста Алæмæты, Фугæджыны ма уыди ацы æввахс бонты, æви нæ, Зариф- фæйæн йæхи равдыста, уыцы æбуалгъ хабар куы айхъуыс- ти, уæдæйфæстæмæ, æви нæ? Æмæ йын Алæмæт мидбыл- худгæ куы загъта, зæгъгæ, зынджы куы басыгътæн, уæ- дæй фæстæмæ нæма бауадтæн Фугæджынмæ, æвæпцæгæн, Зариффæ мæнæн удæгас æнхъæл нал у. Ахæм зæрдæбын ныхæсты фæстæ Бедти раргом кодта Алæмæтæн, Гæуысы фырт нысангарз кæй иыууагъта За- риффæмæ. Бирæ нал аныхæстæ кодтой. Æцæг æхсæвæй дæр бирæ нал аззад. Гъе, æмæ Алæмæт фестад, йæ хотыхтæ райста æмæ загъта: — Мæнæн æнæ ацæугæ нæй, уе ’хсæв уæхи фæндиаг? Тагъд та уæм зындзынæн. Алæмæт бæхыл абадт æмæ йæ фесхуыста. Бсдти ма йæм фæстейæ адзырдта: — Арæхстджын у, мачи дæ бафиппайæд! Бæх афтæ тынг уайы, æмæ æхсæвы тары йæ къæхты бын дуртæ цæхæр акалынц. Æхсæв æмæ бон кæрæдзийæ хицæн кодтой, Алæмæт дæр бахæццæ Фугæджыны хъæумæ. Алæмæтæн тынг хъыг уыди боны ралæуд. Æниу абырæгæн æхсæвы фæлыгъд кæд вæййы æхсызгон. Хъæугæрон бæхæй æрхызт, ахъуыды кодта, фæстæмæ 53
аздæха æмæ йæм раст нæ фæкаст Зариффæйы æнæ фен- гæ аздæхын, Уæдмæ æнæнхъæлæджы хъæуæй рахызт За- риффæйы хæлар чызг Мæдинæт. Йæ цæстытæ фырфынæ- йæ барæсыдысты æмæ сæ йæ армытъæпæнæй аууæрста. Алæмæт æвиппайды йæхи бæхмæ систа. Афæнд кодта «мæ бæх фæзилон æмæ афардæг он», фæлæ та æндæр хъуы- ды февзæрд йæ сæры. «Цæй, Мæдинæ Зариффæйы хæлар у æмæ ницы схъæр кæндзæн». Фæстæмæ ’ргæпп ласта бæ- хæй æмæ Мæдинæйы ’рдæм акъахдзæфтæ кодта. Мæди- нæ Алæмæты куы ауыдта, уæд сæнтлæуд æркодта. Касти Алæмæты цæсгоммæ тарстхуызæй. Лæппу чызгмæ фæлмæн мидбылхудт бакодта æмæ йæм дзуры: — Ма фæтæрс, Мæди. Æз дæн, Алæмæт! — Мæ къонайыл, æмæ Алæмæт мæрдтæй ’рыздæхт?!— Йæ армытъæпæнтæ йæ цæсгомыл амбæрзта Мæдинæ æмæ фæстæмæ акъахдзæфтæ кодта. — Адæм кæй фæдзурынц, Мæдинæ, уый алкæд раст нæ вæййы. Иу дзырдыл сæдæ æфтауынц. Фæлæ, дæ хорзæ- хæй, макæмæн мацы срæди. Чызг йæ цæстытæ байгом кодта. Бæстондæр бакаст лæппуйы цæсгоммæ æмæ бахудт. — Махмæ афтæ ’рбайхъуыст, йæ хæдзары, дам, æй ба- сыгътой йæ мадимæ. — Чи? Мæн, мæ мадимæ? — Алæмæт фестъæлфыд, — мæ мады тыххæй дæр ахæм æбуалгъ хабар ахъæр кодтой уыцы налæттæ? Æмæ мæ мад йæ цæгаты куы ис! — Цæй хорз, Алæмæт, æз Зариффæмæ хæрзæггурæг- гаг фæуон. Ох, куыд цины райсом ын уыдзæн, куы! Ныр æнæхъæн къуырийы дæргъы йæхи кæуынæй бахордта, йæ цæстытæй цæстысыг нал хауы, фæлæ уæддæр хъарæггæн- гæ сцæйцæуы суадонæй. Мæдинæ куы рацыд Алæмæты цурæй, уæд æм лæппу фæстейæ, ныллæг хъæлæсæй фæдзырдта: — Фæлæу-ма, Нæди, уæлæ уæм фæтæны бакомкоммæ арф ададжы æнхъæлмæ кæсдзынæи. — Мæдинæ дзургæ ницы скодта, фæла? сæрæй ацамыдта цу, зæгъгæ. Мæдинæ Хъаплантæм куы бацыд, уæд та Зариффæйьт баййæфта æнкъард æмæ фæлладхуызæй. Куысыфтон дын- джыр сау къæртайы æхсыр фæрсыгъта. Мæдипæ бауад Зариффæмæ æмæ йæм хынджылæггæнгæ дзуры: — Дæ хорзæхæй, Зариффæ, цы дæ хъустæ æруагътай. Адæ, мæ мæрдтыстæн, алæ! Æз æнкъард æмгары нæ уар- зын. Дæуау чындзы куы цæуин, уæд фырцинæй мæ зæвæ- тæй ме ’рбадæнтæ хойгæ рауай-бауай кæнип, ды та?.. За- 54
ри, цом абон саунæмыг тонынмæ. Нæ дæ фæнды? Нæхи дæр аирхæфсæм. — Дæ хорзæхæй, Мæдинæ, ды та мæ цы баййардтай, цæуылнæ мæ ныууадзыс мæ тæригъæддагыл?! — Акæн æй, акæн, Мæдинæ, æмæ кæд иу чысыл ба- хъæлдзæг уаид. Тæхуды, æмæ ма йæ бахудгæ куы фенин æмæ дыккаг бон æз æдзæммард куы фæуин! Мæдинæ йæ хъуыр ивазгæ лæгъстæ кодта Зариффæйæн, цом, зæгъгæ. Алы сæттæн ныхæстæ йын фæкодта, æвзагæй та Мæдинæ никæмæ бахæлæг кодтаид. Гъе, æмæ Зариф- фæ сразы. Кæртмæ куы рахызтысты, уæд Зариффæйы хъусы са- быргай бадзырдта Мæдинæ: — Цом, цом, æмæ æнæнхъæлæджы цины бахауай. — Цавæр циндзинады кой кæныс? Алæмæты мын куы- нæ фенын кæндзынæ, — арф ныуулæфыд Зариффæ. Иудзæвгар куы суадысты фæтæны бынæй, уæд та йын Мæдинæ дзуры: — Зариффæ, иу дзырд дын зæгъдзынæн, æрмæст фыр- цинæй мацы кæн! — Дзур, кæд исты зоныс, уæд, науæд хингæнæгау дæ ныхæстæ цы рафæлив-бафæлив кæныс? — Æз Алæмæты федтон!.. — Кæд? Фыны?.. — Фыны нæ, фæлæ тæккæ абон, сæумæрайсом. — Ох, Мæдинæ, æвæццæгæн, дæ зонд фæцыд. Алæмæт арты...—ныккуыдта та Зариффæ. Мæдинæ радзырдта хъуыддаджы æцæгдзинад. За- риффæйы æрхауынмæ бирæ нал бахъуыд, фæлæ йæхи тыхурæд, тыхфидар кодта. Æппынæрæджиау æрæууæндыд. Бауырныдтой йæ Мæдинæйы ныхæстæ. — Цом, цом, фæтæнмæ, арф ададжы рæбынмæ. Уыр- дыгæй дæм хæххон цæргæс ракæсдзæн. Куыдхæстæгдæр цыдысты ададжы сæрмæ, афтæ Зариф- фæ йæ хуыз рафæлив-бафæлив кодта. Куы-иу цикъæйау афæлурс, куы та-иу йæ мæллæг уадултыл туджы уылæн- тæ ахъазыдысты, цæстытæ-иу цины æрттывд фæкодтой. Уалынмæ чидæр фæтæны сæрæй ныхситт кодта. * Чызджытæ сæ бынаты сæнтлæуд æркодтой. Сæ къух- аууæтты акастысты. Уæлейæ сæм, стыр тæгæры бынæй ра- зьшд Алæмæт. Мæдинæт ныххудт йæ дзыхыдзаг. Зариффæ йæхи нал баурæдта. Ципы цæссыгтæ мæллæг Рустыл æртылдысты æмæ ныхъхъæр кодта: — Æрцу, æрцу. мæ дупейы ныфс! Æрцу æмæ мæ зын- Донæй фервæзын кæн. Уый мæм, æвæццæгæн, мæрдтæй 55
æрæздæхтæ! — ахауд цъæх хъæдабæгъуыз кæрдæгыл æмæ фæуадзыг. Иæхи куы ’рæмбæрста, уæд йæ сæр уыди Алæмæты хъæ- бысы. Лæппу йын йæ армытъæпæнæй йæ дзыккутæ дауд- та. Зариффæ аракæс-бакæс кодта æмæ Мæдинæйыл йæ цæст куы никуы схæцыд, уæд йæ ризгæ цæнгтæ атыхта лæппуйы хъуырыл. Мæнæ, æнхъæл кæй нал уыдтæн, ахæм циндзинад! Æмбисбонæй раджы аивгъуыдта, фæлæ дыууæ уарзоны уæддæр цинтæ æмæ хъæбыстæ кодтой. Хаттæй-хатт-иу хур йæ тæвд тын æрбаппæрста тæгæры сыфтæрты ’хсæнты æмæ- иу атыхст дыууæ æвзонг уарзоныл. Афтæмæй, уæ фарн бирæ, фæлæ йæ бамбæхсын дæр цы давы?.. Дыууæ уар- зоны сæ кæрæдзийы зæрдæ бынтон æввахс базыдтой... Уыцы бонæй фæстæмæ Зариффæ къæссавæлдæхт фæци. Схъæлдзæг. Къуымты зилынтæ систа. Арæх-иу рауад уынг- мæ æд фггчдыр æмæ та-иу æрцагъта йæ рæсугъд цæгъты- тæ. Иу дзырдæй, æппæтæй дæр раздæры хуызæн сси. Уа- дултæ та, сырхфарс фæткъуыйау, стымбыл, ссырхбын сты. Цæстытæ цины æрттывд кодтой, даргъ дзыккутæ та дыу- уæ быдæй фæсонтыл суанг зæвæттæм уырдыг лæууыдыс- ты. Куысыфтоны арфæтæн кæрон дæр нал уыди. Мæдийы йы дыккаг хъæбул схуыдта. Мæ чызг, дам, дæ фæрцы фср- вæзт æмæ схъæлдзæг. — Уæдæ куыд æнхъæл уыдтæ? Ды моймæ куы цыдтæ* уæд дæуæн дæр, æвæццæгæн, дæ цæсгом саутæ æмæ тар- тæ кодта. Мидæгæй та дæ зæрдæ уæрыккау кафыди... — О, гуыбынниз дæ макуы ахæра, кæд цæй къæйных æмæ цæй уæндон чызг дæ!.. Хъаплан-иу хинæйдзаг худт бакодта æмæ-иу Куысыф- тонæн загъта: — Нæ дын дзырдтон, усай, чызгæп, моймæ дæтгæйæ» æнæхинæйдзаг митæ нæ вæййы. Уæдæ йæ ныййарджытæн йæхи цæмæй бабуц кæна? Кæсыс, пыр йæхи куыд рæвлэ кæны чындзы цæуынмæ. Тынæй, цъындайæ, уæдæ зæнгойяр уæдæ æппæтæй дæр — зынгæвæрдау кодта йæхи. Фесты сæрдыгон бонтæ. Ралæууыд фæззæг. Хъапляи Тыджытæй ирæд ратардта. Хароны дзугты раст сс ’рдæ- гыл фæлыг кодта. Фыстæ æнæнымадæй, фæлæ ставд фо- сæй та фараст хъуджы, æхсæз галы, уыимæ, хæдзары ми- гæнæнтæй цы хъуыд, уыдон иууылдæр. Суапг ма дзы, арахъхъаг цæм бастыдтаид, ахæм хъæдын тæлыджын тъæпæиæг дæр уыди. Фæлæ мæ уд акæн! Гæуысы фырты 56
хæдзар йæ фæллойæ цыма никæмæн авæрдта. Йæ дзуг- тæй цыма иу дæр нæ фæхъуыд, афтæ зынд. Ныр Харон алы мыггæгтæй, алы уæздан адæмæй пытм уазджытæ ’рцагуырдта. Къухылхæцæг та уæртæ Рукъго- мæй ракодта, уыцы комы адæм, дам, æвзаджджын æмæ арæхстджын сты. Сæ зардæн та зæгъæн дæр нæй. Лæджьт равзаргæ, бæхы уайæг, æвзист саргъ, бæрц, хъама фæсти- йæ нал баззад, афтæмæй Харонты кæрт æмæзмæлд сси. Фæндыры хъæр æмæ къæрццæмдзæгъд хæхтæ арыдта. Чындзхонтæ цал æмбæлд уæды заманы æгъдаумæ гæсгæ, уымæй сæ Харон фæдывæр кодта æмæ бамидæг сты Фу- гæджыны хъæумæ. Хъапланты кæрт барæгæй байдзаг. Мидæгæй, хæдзарæй хъуыст фæсивæды зарып æмæ фæн- дыры зæлтæ. Уалынмæ æваст уынгмæ рагуылф кодтой фæсивæд. Сæ къухты нæзы цырæгътæ хæрдмæ судзгæ сдардтой. Нæзы цырагъы рухсмæ чындзхонты цæсгæмттæ сырхæй разындысты. Иуæй-иутæ дзы бæхы саргъыл сæхи тыхурæд кодтой. Æвзист дзаумæттæ дардмæ æрттывтой. Хъапланæн йæ рахиз къухы дурын, галиуы — сыкъа, аф- тæмæй сæ размæ рауад, уæлбæхмæ сын фæйнæ адардта. Уый фæстæ сын арфæ ракодта: — Фарны боны — уе ’рбалæуд, амондимæ — уæ фæ- цыд! Бирæ кувын æмæ арфæты фæстæ цыты уазджыты æгъ- даумæ гæсгæ мидæмæ бакодтой. Цалдæр боны Хъапланы хæдзарæй хъуыст хъæлдзæг хъæлæба, кафын æмæ зарыны хъæр. Æнæфсис Хъаплан фæстæмæ фæхæцын ницæмæй- уал зыдта. Æниу йæ хæдзары фæллойæ куыпæ фæлхас кодта. Фæсивæды къæрццæмдзæгъд-иу куы сытынг, фæн- дыры хъæр-иу куы азæлыд, уæд-иу Зариффæ та йæ уатьг зæрдæхалæн хъарджытæ кодта. Мæдинæ дæр æнкъардæй бадти йæ фарсмæ æмæ-иу хатт уый дæр йæ цæстытæ до- пы разылдта. Зариффæ дурдзавдау æнæзмæлгæ бадт, йæ цæстытæ та суадонау фемæхстысты. Зариффæ, æгæр дæхи тыхсын кæныс, — ныфс ып æвæ- ры Мæдинæт. Алæмæты хъару куы зопыс. Уый æпæмæнг зындзæни. Уый фæлтау йæхи мæлæтмæ ратдзæн, уæддæр дæу Тыджытæм нæ ауадздзæн. Зариффæ æнæбары йæхиуыл схæцыд. Арф тыхулæфт скодта, тæригъæддаджы цæстытæй бакаст Мæдинæмæ æмæ удисæджы мæллæг хъæлæсæй сдзырдта: — Æри-ма дæ къух, Мæди. Мæдинæ йæм бадардта йæ армытъæпæн. Зариффæ Мæ- 57
динæйы къух авæрдта йæ зæрдæсæр æмæ та йæ былтæ ачъырццæ сты, афтæмæй загъта: — Акæс-ма, акæс, мæнæн ма ныр чындзы фæцæуæнис? Мæ уд кæмæн рауæлдай кодтон. Мæ зæрдæйы арф бынат чи скодта, тагъд мын гуырдз кæмæй райгуырдзæн, уый куыд цæрдзæни? Кæнæ æз уыцы бирæгътæм куыд фæцæ- уон?! Мæдинæ тарстхуызæй бакаст Зариффæмæ æмæ йæ риз- гæ хъæлæсæй афарста: — Уый рагæй, Зари?.. — Ды нæ Алæмæтимæ тæгæры бын бадгæ куы ныу- уагътай, уæдæй нырмæ... Хæдзарæй сæм æрбацыд Мæдинæйы мад æмæ сын загъта: — Уазджытæ сæхи рæвдз кæнынц цæуынмæ, мæ чыз- джытæ, æмæ сымах та ам æнæмæтау куы бадут. Чызджы- тæй ничи ницы дзуапп радта. Зариффæйыл чындзы дарæс скодтой æмæ йæ къуым- рæбын балæууын кодтой, йæ фарсмæ æрлæууыд Харон. Мидбылхудгæ-иу Харон йæ былтæ астæрдта, æвæццæгæн- иу йæхимидæг загъта: «Ныр та мын кæдæм аирвæздзы- нæ, Хъапланы рæсугъд чызг?!» Къухылхæцæг ныццæлхъ кодта «Ой, фæцæуæмы» зарæг. Расыг адæм ын бахъырныдтой. Харон йæ бынатæй уыцы иу сæррæтт ракодта, фæлæ къæсæрæй нæма ра- хызт, афтæ суджы фæстытæ кæрæдзи фæстæ йе рагъыл æргæр-гæр кодтой. Размæ фæцудыдта æмæ къæсæры сæр- ты ахауд. Фæсивæд худæгæй къæцæлтæ æмæ тæныскъуыд- тæ кодтой. Фæлæ чындзхонтæ сæ зарын дарддæр кодтой. Зариффæ къуымæй куы рараст, уæд зæрдæхалæн куыдæй хъырныдта зарджытæн, стæй йæ фæстаг тыхы муртæ ’рбам- бырд кодта æмæ йæ хъæлæсы дзаг ныхъхъæр кодта: — Кæм дæ, мæ хæххон цæргæс, Алæмæт, мæнæ мæ сын- тытæ сæ сау базыртыл куы фæхæссынц. Тагъд мын мæ зæрдæ сæ сау ныхтæй куы тондзысты. Кæд ма дæ уæнгты тых ис, дæ зæрдæйы ма уарзондзинад ис, уæд æрцу. Æрцу æмæ мæ фервæзын кæн. Харон йе ’рфгуытæ фелхынцъ кодта, йæ былтæ ах- сыдта, зæгъгæ, Зариффæ мæ фыды марæг, ме ’фсымæры удхæссæджы уарзта. Æргом йæ маст нæ равдыста, фæ- лæ тыххудт бакодта æмæ, хъаруджын лæгау, сдзырдта: — Кæй кой кæныс, уыцы абырæг йæ ахстопы сау фæ- нык раджы баци. — Нæ, нæ, æлгъæгтæ, нæ басаусыгъд. Алæмæтмæ зынг 58
хæстæг нæ цæуы, кард æй нæ кæрды, нæмыг йæ фидар риуы нæ хизы. Хъæуæй куы æруадысты иудзæвгар, уæд топпы хъæр- тæ кæмтты нæрыдысты. Зариффæ та æрхæндæг хъæлæсæй загъта: — Фехъуысæнт дæм, Алæмæт, уыцы топпы гæрæхтæ æмæ мæм фæзын æххуысмæ! Зариффæ æваст йæ хъуыды аивта. Сæрымагъзы фев- зæрд хинæйдзаг хъуыды. Йæхи тых хъæлдзæг скодта. Æмæ йæхинымæры Хароны тыххæй загъта: «Иры цы нæма ’рцы- ди, ахæм ми хъуамæ бакæнон ацы æлгъагæн». Мидбылхуд- гæ йæ кæлмæрзæны бынты, цыма фырæфсæрмæй зæхх куы фескъуыид æмæ уым куы аирвæзид, уый дæр æй фæн- ды, ахæм цæстæнгасæй бакаст Харонмæ æмæ йæм йæ цæст фæныкъуылдта. Уый фæстæ йæм йæ фæлурс æнгуылдз фæтылдта, зæгъгæ, æввахсдæр æрцу. Лæппуйы зæрдæ цы- ма хъарм сойæ айсæрстæуыд, афтæ афæлмæн æмæ мид- былхудгæ йæ бæх фесхуыста. Æрлæууыд Зариффæмæ хæрзæввахс æмæ йæм йæ хъус баввахс кодта. Уый йын уæлбæхæй йæ хъусы дзуры: — Уаих фæуай, уый дын фæуа мæ арфæ, чындзхæс- джыты уал ауадз æмæ иу чысыл ам фæлæу... Харон аивæй йæ бæх фæурæдта. Чындзхонтæ хъуыддаг фембæрстой æмæ сæ бæхтæ тынгдæр аскъæрдтой, аразæй сты. Харон æмæ Зариффæ хъæдрæбынмæ фæзылдтой сæ бæхтæ. Харон æрхызт æмæ Зариффæйы къах æгъдæнцойæ ссæрибар кодта. Уый фæс- тæ йæм йе ’рмттæ байтыгъта æмæ йæм дзуры: — Мæ цæнгтыл дæ уæз æруадз æмæ дæ раргъæвон. Зариффæ йæ дзыхы дзаг бахудт: — Уый цытæ дзурыс, Харон, ам, хъæуы рæбын хъæ- быстæ кæндзыстæм, уый дæм цас раст кæсы. Хæдзармæ нæ куы хъæуы... Харон тынгдæр схъæлдзæг Зариффæпы ныхæстæм æмæ иуварс алæууыд. Зариффæ æрхызт бæхæй, йæ дзаумæт- тæ бадзæбæх кодта æмæ Харонæн афтæ зæгъы: — Мæнæ ма мын мæ роны аргъæвæг суадз. Цæвиттон, чындзæн-иу уæд æвзист аргъæвæгджын рон уыди, цæмæй йæ астæу фидауцджындæр уыдаид. Лæппу цырдгомау февнæлдта чызджы роны аргъæвæгмæ. Чызг йæ тых йæ бонæй йæхи нЫддымдта. Иудзæвгар йæ улæфт баурæдта, цæмæй фылдæр архайын бахъæуа лæппуйы æмæ йын йæ фæнд сæххæст кæнынæн фæуа фадат. Архайы йæ ризгæ къухтæй Харон. Йæ уæнгтæ адонгонд сты, чызджы буарыл йæ къухтæ куы аныдзæвынц, уæд афæнд кæны 59
ахъæбыс æй кæна. Зариффæ фæцарæхст, уыцы иу цæф ныккодта Хароны астæуыл йæхи æмæ йын йæ дамбаиа стыдта. Иуварс асæррæтт ласта æмæ фæхъæр кодта: — Змæлд дæр дæ бынатæй фæкодтай, уæд дæ ныр- тæккæ дæ цардæй ахицæн кæндзынæн. Уалынмæ чысыл фалдæр фæндагæй фæхъæрчындæуыд: — Ма фехс уыцы æлгъаджы, Зари! — Зариффæ фæкаст фæндаджы ’рдæм. Уæдмæ сæ уæлхъус æрбалæууыд Алæ- мæт. Йæ бæх нал зыны хидæй. Фындзы хуынчъытæй фæз- дæг лæбурæгау цæуы. Алæмæт зæхмæ æргæпп ласта æмæ Зариффæйы йæ хъæбысы ныттыхта. — Бахатыр мын кæн, мæхи Зари, æгæр æрæгмæ дæм кæй фæзындтæн. Фæлæ бузныг, мæ уарзондзинад мын кæй нæ ферох кодтай æмæ афтæ тынг кæй фæцарæхстæ. — Алæмæт фыдæхы цæстæй бакаст Харонмæ, фæлæ йæм дзургæ ницы скодта. Уый лæууыди цавддурау йæ мидбы- нат, йæ уæнгтæ æгасæй дæр рызтысты, тæфсæгæй рынчы- нау. Алæмæт ыл фæхъæр кодта: — Уæ, Гæуысы сахъ гуырд, тагъддæр сбад дæ бæхыл æмæ цæугæ дæ фæндагыл, цæугæ æмæ нæртон чындзæх- сæв скæн. Æрмæст мæн тыххæй исты ской кодтай, уæд-иу хæрзбон зæгъ дæ цардæн. Æз дæумæ хотых нæ райсдзы- нæн. Мæ хъама дæ сау æлгъаг туджы не стулдзынæн. Нæ- мыг дыл бахардз кæнон, уый аргъ та бынтон нæ дæ. Хæ- рам цæстæй ма ракæс дæ раздæры æххуырстмæ. Фæлæ цы кæнон, ацы чызг дæ аккаг нæу. Дæ чъизи ныхтæй йын йæ сыгъдæг уд сынæзæрдæмæдзæугæ кæнай, уый хуыцау- мæ дæр раст нæ фæкаст. Цæй, цу æмæ-иу дæхи ’мхуызон æрцагур усагæн. Рæсугъд Зариффæйæн мæ бæсты аккаг чындзæхсæв кæй скодтай, гъе, уый тыххæй цæуыс мæ къу- хæй удæгасæй. Мах та Зариффæимæ цæрдзыстæм, нæ амонд нæ куыд æрхаста, афтæ. Харон йæ чындзхонтæм куы ’рхæццæ, уæд æрбайрох риффæмæ февнæлдта æмæ йæ саргъыл авæрдта, стæй йæ- хæдæг дæр йæ бæхмæ стæррæст кодта æмæ комы мидæ- мæ фесхуыстой сæ бæхтæ. Харон йæ чындзхонтæм куы рахæццæ, уæд æрбайрох кодта Алæмæты фæдзæхст æмæ æппæт дæр ралæхурдта, куыд уыди, афтæ. Чындзхонтæ айтæ, уыйтæ нал фæкодтой, цæхгæр фез- дæхтой сæ бæхтæ æмæ скъæрынц комы мидæмæ. Сурынц Алæмæт æмæ Зариффæйы. Фæлæ ма ахæм цæргæсæй чызг байсдзысты! Дзæвгар куы æрбауадысты Алæмæт æмæ Зариффæ, уæд хохы ’рдæм фæзылдтой. Хъуамæ Сынт- бадæны рагъыл фæуырдыг кодтаиккой, фæлæ сын рагъыл 60
ныххизын нæ бантыст. Уайтагъд сæ хъустыл ауад топпы хъæртæ. Алæмæтæн цы бамбарын хъуыд, фæстейæ сæ кæй расурынц. Зариффæйы бæхæй æрæргъæвта, бæхтæ фæс- фæд афснайдта æмæ фæрсæй-фæрстæм æрхуыссыдысты стыр дуры фæстæ. Иæ дамбаца Зариффæмæ радта æмæ йын мидбылхудгæ загъта: — Айс, Зариффæ, ды дæр кæд исты сарæхсис! Фæзилæнæй ’рбазындысты Хароны чындзхонтæ. Фæ- дисы уайæгау æнæсыбыртт, æнæуынæрæй æвзидынц сæ бæхтæм. Бæрæг уыди, алкæй зæрдæ дæр сæ фырмæстæй фæйнæрдæм кæй фæтоны. Сæ разæй йæ сау дугъоныл æр- батæры Харон. Алæмæт Хароны куы суыдта, уæд мидбыл- худгæ загъта Зариффæйæн: — Кæсыс, куыд бирæ дæ уарзы Гæуысы фырт, дæ фæ- дыл йæхи мæлæтмæ дæтты. Гъе, æвзæр фæлвых хуыскъæл, уæдæ мæ фæдзæхстæн ахæм аргъ кæныс? Цин нæ кæныс, чысыл раздæр мæ къухæй удæгасæй кæй ацыдтæ, ууыл. Уæдæ фæлæу. — Алæмæт ныхъхъавыд топпæй, фæцыд гæ- рах. Харон йæ риумæ дыууæ къухæй фæлæбурдта, стæй бæхы ’фцæгыл æрбахауд æмæ зæххыл йæ тъæпп фæцыд. Бæх фæтарст, йæ къæдзил йæ рагъыл авæрдта, æмæ, хуыр- рытт кæнгæ, фахсы тæссармæ фæлидзæг. Иннæ чындзхонтæ бирæ рахъуыды-бахъуыды нæ фа^- кодтой, сæ бæхтæ фæзылдтой æмæ сæ фæд-фæд фæстæмæ рафардæг сты. Æгæристæмæй, сæ марды дæр нал ра- хастой. Фыдбылызы арт тынгдæр сгуыр-гуыр кодта Тыджытæ æмæ Коцы мыггаджы ’хсæн. Кæрæдзийы туг дойныйæн нуæзтой. Кæрæдзийы фыд хæрынмæ мондаг кодтой. Фæлæ, иу амондæн, се ’хсæн бацыдысты Цыбыртæ æмæ сæ ир- гъæвтой. Гъе, æмæ уды зиан нал æрцыд мыггæгты ’хсæн. Афтæмæй раивгъуыдта æртæ азæй фылдæр æмæ та ха^- рамдзинады зынг куы фæнымæг, уæд Коцтæ барвыстой Тыджытæм минæвар. — Уæ чындз махæй байсын æнхъæл хæрз æнæхъуа- джы стут. Алæмæты арты цæхæры æд мад уæхæдæг куы басыгътат, уæд ма уыцы æнамонд мæрдтæй æрæздæхт. Фæ- лæ чидæр уыцы æнамонды хуызы фæзынд тыхгæнæг. Уæ чындзхонты размæ бабадт, гъе, æмæ ахæм æбуалгъы хабар бакодта. Мах та сымахимæ кæрæдзи фæцæгъдын- мæ ныр æртæ азы дæргъы нæ гæрзтæ цæттæйæ дарæм. Цæй, æмæ, куыд мах уыцы хъуыддаджы раст стæм. афтæ нын нæ цæхх, нæ къæбæр бахæрут æмæ уыцы знаджы фæстæ нæ дыууæ мыггаджы дæр иумæ зилæм. Тыджытæ бирæ фæрахъуыды-быхъуыды кодтой, æцæг 61
сæ бауырныдта, се знаг Алæмæт кæй нæ уыдаид, фæлæ æцæг сæ мыггаг куыд дзурынц, афтæмæй чидæр се ’хсæн фыдæхдзинады зынгыл сугтæ бакалдта. Æипынфæстагмæ Тыджытæн сæ маст æрсабыр, балæбурыны фæнд нал код- той Хъоламæ, фæлæ фидауыныл ныллæууыдысты. Мыггæг- тæ дзырддзæугæ лæгты равзæрстой, уæд цы! Бафидауы- ны фæстæ туг æхсад æрцыд дыууæ мыггаджы ’хсæп æмæ хæларæй цæрын байдыдтой. Ныр Алæмæт æмæ Зариффæйы хабар кæронмæ бæстон радзурон. Хароны фæмарды фæстæ лæппу æмæ чызг айтæ-уый- тæ нал фæкодтой, фæлæ дæлæ Карелы ныммидæг сты. Уым фысым æркодтой иу уазæгуарзаг ирон лæгмæ æмæ цардысты. Алæмæт æрæвнæлдта кусынмæ. Йæ хъаруйы фæрцы йæ цард йæ къахыл слæууыд. Цыппар мæйы фæс- тæ Зариффæйæн лæппу райгуырд. Афтæмæй Карелы цæ- рæг баисты. Замантæ заманты аивтой. Алæмæт тынг базæронд. Куыс- тæн нал бæззыд. Цæстæй рæстæмæ нал æвзæрста. Йæ цар- ды бонтæн сæ фылдæр хай æрвитын райдыдта йæ хуыс- сæн уаты. Иу изæр фæдзырдта йæ цотмæ æмæ сын æн- къардæй ракодта хохæй йæ ралыгъды хабар, стæй уæд арф ныуулæфыд æмæ та дзуры: — Мæ кæсдæртæ, мæрдты уын мæ тæригъæд фиддæн уыдзæн, фæлæ мæ мæ райгуырæн зæххыл сæмбæлын кæ- нут, цалынмæ ма удæгас дæн, уæдмæ, уадз æмæ мæ мад æмæ мæ фыд, стæй ме ’фсымæрты цур æрцæуон ныгæд. Алæмæты дзырдтыл уæлдай ныхас ничи загъта йæ цотæй. Гъе, æмæ дын баздæхтысты, сæ фæллой иыууæй кодтой æмæ Хъоламæ ’рбафардæг сты Алæмæт æмæ За- риффæ сæ цотимæ. Алæмæт Хъоламæ куы ’рбахæццæ, уæд йæ лæдзæджы æнцой æрлæууыд, йæ хæдзаруаты йæ зачъе- тæ мæстьг дауд акодта. Афтæ йæм фæкаст, нырма йæ хæ- дзар пиллонæй гуылф кæны æмæ дзы йæ ныййарæг мад судзы. Акаст йæ уатмæ, йæ цæстæнгас æрурæдта, хъæуæй йæ алыварс чи ’рбамбырд, уыдоныл æмæ райдыдта дзурын: — Бузныг, мæ цот, мæ зæххыл мæ кæй сæмбæлын код- тат. Бузныг, мæ хъæубæстæ, æцæг мæ карæнтæй никæй- уал æрбаййæфтон удæгасæй, фæлæ уын мæ фæдзæхст уæд, мæ кæстæртæ, макуы схæссут уæ сæрмæ худинаг. Худи- наджимæ цæрыны бæсты-иу агурут кадимæ амæлын. Ма- куы рацæут уæ уæзæгыл, уæ хъæубæстыл, уæ сыхæгтыл, уæлдайдæр рæстаг, цардæфхæрд мæгуыртыл гадзраха- тæй, — акасти ма йæ хæтæнтыл Алæмæт, бабуц ма кодта йæ зæрдæ бæрзонд хæхты уындæй. Æркаст та хæдзаруат- 62
мае. Йæ лæдзæг бæрзонд систа æмæ йæ дурыл баппæрста. Бадзой-дзой кодта, æрдæгкалд бæласу, арф ныуулæфыд азмæ зæххыл хæрз сындæг йæхи ’руагъта. Амбырд ыл сты иæ кæсдæртæ, йæ сыхæгтæ. Зариффæ йæ рустæм февнæлд- та æмæ ныхъхъарæг кодта. Зæронд Алæмæт ма йæ цæсты- тæ иу гом бакодта æмæ ма йæ мæрдон дзыхæй райхъуыст. — Мæныл кæуын нæ хъæуы. Æз амондджын дæн. Знаг мыл никуы фæтых, æвыдæй мæ къухтæй никуы аирвæзт... Ох, куыд æнцон у райгуырæн уæзæгыл мæлын, цы кад- джын у уæлахизимæ цæрын... Æрхаудтой йæ домбай цæнгтæ зæронд Алæмæтæн æмæ банцад йæ зæрдæ. Зæрондæй ма йæ мæлæт æрхаста йæ райгуырæн хъæумæ. Рухсаг уæд, рухсаг, ахæм лæг. Коцы мыггаг уайтагъд бафæнд кодтой æмæ Алæмæты цæрæнуа- ты стыр мæсыг ныццамадтой. Замантæ аивтой. Аивгъуыдтой дугтæ. Гъе, æмæ Коцы мыггаджы хъæбатыртæ Алæмæты фæдзæхст фыдæй-фырт- мæ алæвæрдтой. Алæмæтæн та йæ кад цæры æмæ цæуы фæлтæрæй-фæл- тæрмæ.
СÆГУАССÆ У + æртæ цæугæдоны фаллаг фарсы цы хъæу ис, уый Сыгъдтæ хонæм, Къæбыстæ дзы цæрынц. Сæрбахъуаджы дуджы кæрæдзийы сæрыл мæлæтмæ дæр цæттæ уыдысты. Уый фыдæлты заманы кой кæнын. Тыхы æмæ æхсары дуг уыди уæд, бынтон ницæйаг хъуыд- даджы фæдыл дæр-иу лæгмæрдтæ æрцыди. Зæхджын цæрд- джын куыд уыди, афтæ лæгджын та æхсарджын уыди. Къæбысы мыггагæй иу Алыбег хуынди. Гъе, æмæ уымæн канд сæхи мыггаджы ’хсæн нæ, фæлæ нæ хæххон хъæуты дæр йæ зондджыны кой дардыл хъуыст уыди. Номдзыд лæг уыди Алыбег. Æгас Ирыстонæй-иу æм кæцæй не ’рхæццæуыдаиккой: ой, мæнæ та нын уыцы мыггагмæ ми- нæвар бацу, ой мæнæ нæ нæ туджджынимæ бадзæбæх кæн. Ахæм кадджын лæгæй базæронд Алыбег. Раст цæугæ хох уыди, цæугæ ^ох! Зæхх кæм фаг кодта уæды заманы, уæлдайдæр мах, Къæбысы гæвзыкк мыггагæн! Адæм æнæуд скъуыйгæ цард кодтой. Æниу, дæ бон дæ уа, мæлын уæддæр кæй фæн- дыд? Уд, мæ къона, адджын æмæ зынаргъ у. Æцæг сын уыгæрдæнзæххæй ницыдæр уыд, уымæй чысыл рæвдздæр уыдысты æмæ фос фылдæр дардтой. Цуан кæнынмæ та иууыл рæвдз уыдысты нæ хохы адæм. Нæ мыггаджы цуанон лæгтæн сæ раздзог Алыбег уыди, æрдуйы бæрц нæ ивгъуыдта. Уайтагъд-иу йæ амæт- таг йæ размæ æртылд. Уыцы фарн æмæ амонд ныр дæр сæ мыггаджы баззад. Уæртæ Къæбысты Меркъозы куыннæ зондзыстут? Фæлæ Алыбег та уымæй диссагдæр уыди. Уæд дын иу ахæмы, цуанкæнгæйæ, уæлæ лæбырды сæр къаннæг æрдузыл æрхызт. Уыиы æрдуз ныр дæр ма Алы- беджы бадæн хонынц. Уæд хæрз чысыл æрдуз уыди, æцæг ’дзы ныр дæр æвæдза сæгъ йæ дзыхы дзаг кæрдæг не стон- дзæн, лæг æй хъисыны бын фæкодтаид. Бирæ цуанонтас ахызтаид уыцы Алыбеджы бадæн æрдузы фæрсты. фæляе йæм йæ хъус ничи æрдардта. Зондджып лæг цæугæ-цæ- 64
уын дæр хъуыдытæ кæны, йæ алы къахдзæфмæ дæр кæс- гæ кæны. Гъе, æмæ Алыбег уыцы æрдузгонды æрбадт, афæлгæ- сыд йæ алфæмблаймæ. Сдойны, æмæ дзы диссаджы уазал суадоп ссардта. Банызта дзы æмæ та афæлгæсыд, стæй йæхицæн афтæ зæгъы: «Мæнæ диссаджы цæрæнуат: хъæ- дæй, донæй—æввахс. Æцæг дзы зæхх чысыл ис, фæлæ хъæд фæйнæрдæм ацæгъд æмæ...» Кæй зæгъын æй хъæуы, кæсдæр æнæ хисдæры афæрсгæ ницы аразы. Алыбег дæр æппæт йæ хъуыдытæ, йæ фæндтæ ракодта йæ фыдæн. Фыд æмæ фырт атæрхæттæ кодтой. Рацæй-рабон æмæ баздæхтысты, бауæлæ кодтой æмæ фыд лæппуйы фæндыл ныллæууыд. Гъе, æмæ уыцы æрдузы æр- цардысты. Алыбеджы бадæн азæй-азмæ ауæрæхдæр, фæ- лæ уыйбæрц нæ. Цæвиттон, дæлæмæ хъæд лæгуын кæнын йæ ныфс нæ хаста Алыбег. Иуæй уымæн, æмæ дзуары хъæд уырдæм æххæст, иннæмæй та лæбырæн уыди. Фæлæ йыл уæддæр фæйнæрдæм ахæцыдысты. Æниу сын æнамонды цæрæнуат фæци, хæрз æнамонды. Алыбег куыстæй фæл- лайын нæ зыдта, æхсæвæй бон кодта. Фылдæр фос ска-*- ныныл йæ уд хъардта, фæлæ лæгæн бирæ хатт йæ фæндтæ фелхынцъ вæййынц, æнамонды къуыбылой айхæлы æмæ цард фæстæмæ алæууы. Алыбег бинонтæ бæргæ æрхаста стыр ирæдæй, фæлæ уайтагъд йæ фыд р-арынчын, æруа- тон æмæ раст комахсæнты фæхъуыд. А?ыбегæн ма цы фосы муртæ аззад йæ усы ’рхасты фæстæ, уыдонæй афæ- дзæй-афæдзмæ хистытæн фергæвста. Алыбег йæ тæккæ лæджы кармæ ацыд. Сау зачъетæ роцъойыл рæсугъд фидыдтой. Цæстытæ зондджын сыгъдæй цæхæр калдтой. Зондæй æххæст, хъаруйæ хайджын. Йæ хид суадонау мызти, афтæмæй та цыдæр муртæ фæзынд хæ- дзары. Иæ къаимæ та хъæлдзæг ныхас райдыдтой, зæ- нæг дæр сын рацыд цыппар лæппуйы æмæ дыууæ чыз- джы. Буц уыд йæ зæнæгæй Алыбег. Хисдæр æртæ фыртæп бинонтæ æрхаста. Бинонтæ бабирæ сты æмæ бирæ тых дур дои кæны. Фæлæ бинонты ’хсæн æвзæр æвзаг дæр фæ- зыны æмæ уый та, мæ хур, царды бæркад фæсуры. Цæвиттон, чындзытæ нæ фидыдтой, алчи сæ хицæн чы- рын, хицæн гуыдыр, хицæн дæгъæл дарын райдыдта. Алы- Оеджы хæдзар та цудын райдыдта. Фæлæ сылгоймæгтæ хицæн онг кæй кодтой, канд уый аххос дæр нæ уыд. Би- нонтæ куыд фылдæр кодтой, сывæллæттæ куыд рæзыдыс- тьт, афтæ зæхцух хæдзарæн хор нæ фаг кодта, къæбæрцух æййæфтой. Сылгоймæгтæй алкæй дæр фæндыд, цæмæй йæ- хи С1_чвæллонæн фылдæр къæбæр авæра. Уый та иннæмæ 5 Бязырты Д 65
хъыг каст æмæ æртæ файпусты кæрæдзы дæндагæй æхсыд- той, кусгæ нал кодтой. Æрмæст кæрæдзийæн цыфыддæр хъуыддæгтыл ныллæууыдысты. Ацы хабар Алыбег хæрзæрæгмæ бафиппайдта. Уымæн æмæ уый цур фырæфсæрмæй дурдзавдæй бадтысты. Хæ- дзары къуымты-иу бындз куы атахт, уæд йæ базырты змæлд хъуыст. Зопдджын лаег хъуыддаг уæддæр бафиппайдта, фæ- лæ йæ нæ фæндыд йæ фыртты ныххицæнтæ кæна. Уымæн æмæ сын уæд зындæр цæрæн кæй уыдзæн, уый зыдта æмæ та-иу сæ сæ адыл ныууагъта. Иу изæр хоскæрдынæй æрцæйцыд Алыбег. Лæппутæ ма изæры сатæг уддзæфмæ рог даст кодтой фæлмæн, зæл- даджы хуызæн цъæх кæрдæг. Алыбег хъæуы сæрæй ракаст, хъæу та дзы, æвæдза, цæй хъæу уыд, æрмæст иу хæдзар... Кæсы æмæ уынджы дыууæ хисдæр файнусты кæрæдзи- йы сæрыхилмæ бавнæлдтой, алывыдтæ калынц. Сæ кæл- мæрзæнтæ сæ къæхты бынмæ æрхаудтой. Алыбег катайы бахауд, уæдæ цы! Бинонтæ кæрæдзимæ скомыхæлд сты æмæ сын æнæбайуаргæ хуыиау хос нал загъта. Лæппутæ тынг æнгом уыдысты, фæлæ сылгоймаг куы фæналат уа, уæд хуыцауы æхсидавæй рæхойы. Зонд- джын Алыбег йæ бинонты цыппар хнцæн акодта. Хисдæр æфсымæртæй алчи хицæн хæдзар баци. Алыбег йæ кæс- дæр фырт Бимболатимæ ацыд æгъдаумæ гæсгæ. Алыбегы бадæн фæхъæугъуыз. Разындис дзы цыппар хæдзары. Алы- бег фæзæронд, фæурс. Кæрц йæхицæн дæлдæр бынат скод- та Алыбеджы фæтæн уæхсчытыл. Куыстæн уыйас нал уы- дис, фæлæ уæддæр йæ зонды фæрцы царды размæ тулæ- гау кодта. Иу бон Алыбег йæ фыртмæ комкоммæ бакаст æмæ йын афтæ зæгъы: — Лæппу, мæ къона, ныр дын дæ цард саразынæн афон у. Ацы уалдзæг дыл æнудæс азы сæххæст. Нæ хæ- дзар та æвæгæсæг у æмæ исты кой цæуылнæ кæныс? Уæр- тæ дæ ныййарæг ныр авд азы йæ хуыссæнæй йæ сæр хъил нал кæны, æнæсылгоймаг хæдзар та æдзæрæг у. Бимбол йæ фыды арф ныхæстæм æдзынæг хъуыста, фæлæ дзургæ ницы скодта. Уæд та йын Алыбег афтæ зæгъы: — Кæд дæ фыды фæндыл нæ зæгъæг нæ дæ, уæд ныр- ма фезмæлынæн дæн, нæ хохы адæм мæ æфсæрмы дæр кæнынц, æмæ ссардзыстæм нæ мæгуыр, æвæгæсæг хæдза- рæн аккаг сылгоймаг, иу нæхи æмхуызон. Лæппу фæсырх, йæ цæстытæ ферттывтой æмæ ныллæг хъæлæсæй сдзырдта: 66
— Баба, бар дæу, куыд дæ фæпды, афтæ... Ууыл ахи- цæн сæ ныхас. Алыбегæн фехъусынчынди, зæгъгæ, Хъеу- селты Дауытомæ ис диссаджы хорз чызг. Амондджын æмæ фарны къах бахæссид дæ хæдзармæ, зæгъгæ. Алыбег айтæ-уйтæ ыал фæкодта. Бæхыл саргъ авæрын кодта, йæ сау хъама абаста, бинонтæн нæ раргом кодта йæ балцы хабар, æрмæст йæ фыртæн загъта: — Дæ фосы муртæм дæ хъус фæдар, мæ къона, дæ мадмæ та уæртæ де ’фсымæры сывæллæттæй æрбакæн æмæ-иу ын йæ дзыхмæ дон авæра. Æз дæр тагъд зын- дзынæн. Хъуыддаг скъобор. Алыбег æмæ Дауыто бахæстæг код- той. Дауыто цы загъта ирæды хъуыддагæн, ууыл Алыбег æппæтæй дæр разы уыди. Ирæд иу къуыри фæстæ атард- той: æртиссæдз лыстæджы, дæс хъуджы, цæджджинаг, æх- саргард, иу лæггарст та уыгæрдæы. Дауыто ма хъримаг домдта, фæлæ Бимболы нæ фæнды, фæлтау ма, дам, дæс фысы атæрæд. Дауыт дæр уæлдай нал загъта йæ г.с" си- ахсы дзырдыл æмæ фыстæ дæс æмæ æртиссæдзы баистьк Раст Джиуæргуыбаты Алыбег Хъæцмæзтæй йæ чындзы æрхаста. Ирæды фæстæ ма хæдзары цы муртæ аззад, уы- донæй та номдзыд чындзæхсæв скодта. Æгас Чеселтгомы æрхуыдта. Хæдзар та ихы сæрыл аззад, фæлæ Алыбег йæ бирæ хæрдзтæ ницæмæ дардта. Йæ чындзæй йæ зæрдæ рухс кодта. Номхæссæны сылгоймаг рацыд, мæ хур, ном- хæссæны: уæдæ хъарумæ, уæдæ судзины сынкмæ, æнæуый хæдæфсæрм, хæрзæгъдау. Иууыл æрдхæрæн та уыд йæ ба- каст. Сæвджын фæсонтыл дзыккутæ раст зæнджы хæцъæф- тыл сæхи цавтой дыууæ быдæй. Иæ рæсугъд цæсгом хорз æнхъызт æнхъизæнджын дзулау стымбыл, дынджыр дыу- уæ сатæгсау цæсты сæрмæ сау къæлæс æрфгуытæ кæрæ- дзимæ сæхи ивæзтой. Уадултæ гæзæмæ сырх дардтой. Бим- бол райгонд уыд йæ къайæ æмæ йæ цæнгты тых фæдывæр. Æдзух мидбылхудгæ архайдта цыфæнды уæззау куысты дæр. Хæдзар уайтагъд йæ гаччы æрбадт. Фæлæ фæстаг- мæ хъуыддаг афтæ нæ рауад, мæ хур. Хъæцмæзоны æрцы- дыл æхсæз азы рацыд, фæлæ сылгоймагæн зæнæг нæ уыд. Бимбол æнкъард кæнын райдыдта. Алыбег дæр хъуыды- ты арф аныгъуылд. Фæлæ кæмæн цы йæ бон уыди? Дæс- ныты, хосгæнджыты фарстой, фæлæ никуы æмæ ницы. ^Хъæцмæзон, мæгуыр, йæхицæн бынат нал ардта. Би- понтæм комкоммæ нал каст. Æгæристæмæй йæхи хæлцæй Дæр цух кодта. Иу хатт ын Бимбол афтæ дæр бабуцтæ кодта, зæгъгæ, ^æ æнæмыггаг фæкодтай. 67
Ус цъæх синаг райста, донхæсс*æны къæртайы йæ авæрдта, къæрта йе ’ккой акодта. Суадоны фарсмæ йæхи кæуынæй хорз федта. Иæ алыварс ма акæстытæ кодта æмæ синаг стыр тæрс бæласы ставд цонгмæ куыд абаста, ■афтæ, зæгъы, бæласы цонгæй цъиу фæпæррæст кодта æмæ атахт. Хъæцмæзон йæ бæндæн суæгъд кодта. Бадалд бæ- ласы цонгыл лыстæг къалиумæ, ныккаст цъиуы ахстонмæ, æмæ дзы федта цыппар æиæхъуын лæппыны. Уыдон цæ- стæй нæ кастысты, фæлæ цъипп-цъиппгæнгæ сæ дзыхтæ схæлиу кодтой. Ус бæласы къалиуыл æрбадт æмæ цъиуы лæппынты гом буар йæ хъарм цæссыгтæй æхсадта, йæ уынгæг сагъæсты тыхсти. Алыбег æппæтмæ дæр цæстдарæг уыди. Йæ чындз æна- фоны æгæр æрæгмæ куы цыд хæдзармæ, уæд йæ хуыссæ- нæй радзырдта Бимболатмæ: — Лæппу, уыцы кæйдæр чызг цæмæы афтæ æрæгмæ цæуы? Ауай æмæ ма йæ абæрæг кæн. — Æмæ йын цæмæй тæрсыс, æнæдæндаг мыййаг у? Суадонæй дон фыццаг хатт хæссы? — Иæ бæллæх дæр уый у, уый, мæ хур, — загъта Алы- бег. Бимбол цавæрдæр тарст фæкодта æмæ ауад æхсæвы тары суадоны ’рдæм. Мæнæ диссаг. Хъæцмæзоны бæласы цонгыл бадгæ куы федта, йæ бынмæ та удхæссæг цъæх синаг дзедзлой куы кодта, уæд æм дзурын нал бафæрæз- та, тугдадзиатæ анæрстысты. Йæ фидар æнгуылдзтæ ба- змæлыдысты. Стæй æвиппайды бæласы цонгыл тыртына- йау схылд æмæ Хъæцмæзоны йæ хъæбысы атыхта. — Мæ зынаргъ, Симæ, æрра сдæ?! Цæмæн бадыс ам? — Цæй зынаргъ дын дæн, уадз æмæ мæхи амарон. На- уæд дæ æнæмыггаг кæнын. Куыд уыд, цы уыд, фæлæ йæ ракодта. Хæдзармæ куы бацыд Бимбол, уæд синаг тæрхæгмæ мæсты æппæрст ба- кодта. Хъæцмæзонæн йæ цæсгом афтæ ныффæлурс, цыма йæ уæнгты иу туджы æртах нал аззад. Алыбег йæ хуыссæнæй фестад, бауад йæ чындзмæ æмæ йæ йæ хъæбæр риумæ æрбалхъывта, цæссыг фемæхст æмæ урс зачъетыл лæдæрсти: — Мæ хъæбулау дæ куы уарзын, чындз. Мæ хæдзары ныфс куы дæ. Мæ саударæг куы уыдзынæ, уæд мын уый цы сфæнд кодтай. Мæ зæронд сæр мын цæмæн æгадмæ ’æппарыс? Симæ йæ разы сæргуыбырæй лæууыд. Цы хъуамæ сдзырдтаид йе ’фсæрмагмæ. Уыцы уысм æй, æвæццæгæн, бафæндыдаид зæххы скъуыды куы аирвæзтаид, уый. 68
Бимболæн йæ зæрдæйы æнкъарддзинады сау тымыгъ нæ райхæлд. Симæйæн бæргæ тæригъæд кодта, уарзгæ дæр афтæ, зæрдæ йæм бæргæ нæ хъæбæр кодта, фæлæ цонг- цыбырæй цæрын тæссаг хъуыддаг уыд: уæды заманы лæг- цух æхсарцух уыди, æмæ йæ фыдимæ ахицæн кодтой, цæ- мæй Хъæцмæзонæн файнуст æркæной. Хъæцмæзон дæр дыууæ нæ загъта. Фæлæ фæстагмæ Симæ йæхи хор-доны хъæстæ рæст- мæ нал кодта. Зæрдæ хæццæ кодта, цъæх æхсынцъытыл- иу бафтыд. Рацæй-рабон æмæ ус басывæрджын. Цæвиттон, æнахъомæй æрцыд Алыбеджы хæдзармæ æмæ, æвæццæгæн, йæ зæнæг кæнын афон нæ уыд. Бинон- ты цинæн кæрон нал уыди. Симæ дæр бахъæлдзæг. Алы- бегæн цыма йæ азтæй ссæдз ахауд, уыйау февзонгдæр,. схъæлдзæг. Сæ доны къусæй дæр хуыцаумæ куывтой, цæмæй сын сæ майрæм лæппу радта. Гъе, æмæ, æцæг, раст атынæджы Хъæцмæзонæн лæппу райгуырд. Гъæйда, гъа! Æнæхъæн Къæбыстæ сызмæлыдысты. Кæрæдзимæ хæрзæггурæггаг уадысты. Уæд Къæбысты мыггаджы иу рæуæг лæг уыди. Йæ рæу- вады тыххæй йæ Рæубег схуыдтой, йе ’цæг ном та Хъа- уырбег хуынди. Уыцы Рæубег куы фехъуыста, Бимболæк фырт райгуырд, уæд Хъæцмæзты мыггагмæ æмæхсæвæ- джы ныммидæг. Дауыто, мæ хур, куы фехъуыста йæ чыз- гæн фырт райгуырд, уæд ифтыгъд бæх ралæвар кодта Рæубегæн æмæ фæстæмæ сæ хъæумæ уæлбæхæй æрмидæг. Куывд скъобор. Алыбег бæгæны бахсыста. Гал æмæ дæс тохъылы аргæвста, æгас Чеселтгомы æрхуыдта. Алы- бегмæ лæвæрттимæ цыдысты йæ комбæстæ. Лæппуйыл ном нæма уыди. Чи йын кард хаста лæварæн, чи куырæт- таг, чи хъама. Номдзыд куывд скодта Алыбег. Фынгтæ уæз кодтой„ сау бæгæныйы сæр-сæр цыди гæрзты мидæг. Гаджидау гаджидауы фæстæ цыди. Æппæт лæвæрттæ Алыбсг фын- джы сæр æрæвæрдта, се ’рхæсджытæн зæрдиаг арфæ ра- кодта æмæ скуывта: — Цæй, нæ гуырд æгас Къæбысы мыггагæн ныфс куыд уа, сæрбахъуаджы сахат знаг йæ карды æрриуыгъдæн куыннæ лæууа, ахæм лæг рацæуæд. Бирæ зæрдиаг куывтытæ кодтой æрхонгæ адæм дæр. Лæппуйыл ном сæвæрдтой Авдаз. Цæвиттон, Симæ æх- сæз азы æнæзæнæг кæй фæци æмæ йын æвдæм аз кæй райгуырд, уый тыххæй. Бинонтæ сæ гуырды зæхмæ дæр нæ уагътой. Æгæри- 69
стæмæй-иу Алыбеджы ус йæ хуыссæнæй йæ зæронд мæл- лæг низвæллад цæнгтæ радаргъ кодта æмæ-иу сывæллон- мæ йæ мидбыл мæллæг худт бакодта. Фæлæ йæ йæ хъæ- бысмæ райса, ацинтæ, ахъæбыстæ, апъатæ йын кодтаид, уый йæ хъару нæ хаста. Дыууæ азы нæма рацыд, афтæ та Хъæцмæзонæн чызг дæр райгуырд, æниу ын фæлтау куынæ райгуырдаид. Æнæ- хъæн æртæ боны æмæ æртæ æхсæвы удисæджы архайд фæкодта æмæ сывæллон куыддæр райгуырд, афтæ ус дæр йæ уд систа. Æвзонг мад нал бацин кодта йæ ноггуырд чызгыл, нал æй бафсæста йæ хъарм æхсырæй. Фæхъын- цъым кодтой бинонтæ. Комбæстæ æрæмбырд сты. Адæм зианы йæ сыджытыл сæмбæлын кодтой. Хисты æрбадтысты. Æнкъард гаджидаутæ уагътой исдуг, стæй уæд фæхъæлдзæгдæр сты цъæх арахъхъæй. Бимболатæн ныфсытæ æвæрын райдыдтой æмæ алчи йæ хæдзармæ фæ- фардæг. Мæнæ-иу афтæ кæй фæкодтой, зæгъгæ, уæды заманы чызгæн йæ райгуырд дæр кæуинаг æмæ йæ мæлæн бон дæр, раст ацы æмбисонд æрцыд Алыбеджы хæдзарыл дæр. Бимбол йæ усы марды фæстæ мæллæгæй-мæллæгдæр кодта. Йæ хил нал даста, дзыхæй хъыпп-сыпп нал хауд. Раст цыма Алыбеджы карæн уыди, ахæм хуыз равдыста. Сидзæр сывæллон-иу йæ авдæны куы скуыдта, уæд-иу Бимбол дæр йæ кæуын тыхурæд кодта, йæ зæрдæ-иу анæрст, адæнгæл. Бимбол йæ сидзæр чызджы фæцайдагъ кодта еывæдæ- гыл, сæгъы æхсыр ын дардтой, афтæмæй хъомыл кодта. Бахъомыл сты Авдаз æмæ Сæгуассæ, уæдæ цы! Уæлдæр æй нæ радзырдтон, — чызгыл афæдзмæ ном нæ сывæрдтой. Чысыл йæ уæнгтæ кæрæдзийыл куы бахæ цыдысты, уæд-иу æм сæгъы авдæны уæлхъусмæ æрбакод- той æмæ-иу йæхæдæг дæйыныл фæци сæгъы дзидзи. Сæгъ дæр афтæ фæцайдагъ сывæллоныл, æмæ-иу изæрæй сæр- вæтæй фосы разæй уасгæ хæдзары смидæг. Сывæллон-иу æм йæ цыппæртæ райдыдта тилын. Гъе, æмæ-иу сæгъ сы- вæллонмæ уасгæ кæй бацыд, уымæ гæсгæ чызгыл номæн сывæрдтой Сæгуассæ. Бонтæ цыдысты, уæдæ цы уыдаид. Бимбол та кусын райдыдта. Хæдзар та куыддæртæй чысыл бандидзыдта, фæлæ Бимбол уæлдай нæ хъæлдзæгдæр кодта. Æцæг рай- гонд уыди Сæгуассæ æмæ Авдазæй, фæлæ йæ зæрдæйæ нæ цух кодта йæ уарзон Симæ. — Зиан фæндонæй нæу, — дзырдта Алыбег. — 1Лæ лæп- 70
пу нырма æвзонг у. Афтæ арвита йæ царды бонтæ идæ- дзæй, уый тæригъæд у. Иу изæр та сæ разы Сæгуассæ фынг æрæвæрдта. Би- нонтæ æртыкъахыг фынджы уæлхъус æрбадтысты. Авдаз арсы хъæвдынау йæ фыды дæллаг фарс æрбадт. Сæгуас- сæ къуымты змæлдтытæ кодта. Æнахъомæй йæ уæхсчы- тыл æппæт хæдзары сылон митæ æрæнцадысты. Алыбег бакаст Сæгуассæмæ æмæ Бимболæн афтæ зæгъы: — Мæ фырт, нырмæ дæм æргом ницы дзырдтон, уымæн æмæ сывæллæттæ æнахъомтæ уыдысты. Чи пæ зоны, ца- хæм сылгоймаг æрхауа дæ къухмæ æмæ уæд сывæллæт- гæн маст æмæ æфхæрæн кодтаид. Ныр дæ уды хайы амардыл æххæст кæны 16 азы. Сывæллæттæ бахъомыл сты, мæ зæронд сæр сын цардамонд фестæд. Гъе æмæ ныр дæр амæй уæлдай ницы хъуыды кæныс дæхицæн бинонтæ æркæныныл? Бимбол йæ дзыхмæ нартхоры кæрдзыны къæбæр сцæй- хаста, фæлæ цыма æфсæртæ андзыг сты, уыйау æй фæ- стæмæ сабыргай фынгыл æрæвæрдта, дард кæмдæр фе- стад, уæззау хъуыдыты уылæнтæ йæ сæ сæрыл систой. Цы дзуапп зæгъа йæ уарзон фыдæн, уый ацагуырдта æмæ æрæджиау райдыдта дзурын: — Баба, æмбарын дæ, тынг мæ фæнды, дæ фæндон дын куы сæххæст кæнин, уый. Хисдæры фæндыл нæ зæгъынæй кæсдæрæн амæлын хуыздæр у. Фаелæ мын ныххатыр кæн. Æз буц дæн мæ сывæллæттæй. Уæззау æмæ фыдбонтæ фервыстой, мады рæвдыд нæ базыдтой, уæлдайдæр Сæгуас- сæ. Сæ хъомыл кæнгæйæ бирæ рахъуыды-бахъуыды код- тон бинонтæн исты кой бакæныиы тыххæй. Фæлæ куы зо- ныс, Баба, фыдус фыдрын у. Цæйнæфæлтау мæ сидзæрты исчи асхуыстаид, æлхынцъ æмæ сæм тарæрфыгæй каста- ид, фæлтау мæ ницы хъæуы а-дунейыл æмæ ныр мæнæ схъомыл сты. Стæй мыл цæйнæфæлтау мæрдты сæ мады зæрдæ бахуда, фæлтау мæ цард афтæмæй æрвитдзынæн. Мæнæ лæппуйæн ус æрхæсдзыстæм æмæ нæ хæдзар сыл- гоймагæй фæрæвдздæр уыдзæн. Сæгуассæйы. та махæн чи уадзы? Ныридæгæн ыл дзурджытæ ис алы мыггæгтæй. Алыбег йæ урс зæлдаджы хуызæн зачъстæ йæ армы "ъæпæны æрбатымбыл кодтн æмæ сæ уæззаугай адаудта. Æдзыпæг ныккаст фынгмæ æмæ арф ныуулæфыд. Афæнд ма кодта исты сæттæн ныхас зæгъа йæ фыртæн, фæлæ Бимбол æгæр цæхгæр кæй загъта нæ, зæгъгæ, уый тых- хæй ууыл ахицæн сæ тæрхон. Хорзæн, мæ хур, йæ кой дардыл хъуыст вæййы. Æвзæ- рэей та-иу фидис кодтой уæды заманы. Дардыл айхъуыст 71
Сæгуассæйы хорзы кой дæр. Æрдхæрæны чызг. Номхæс- сæн уæнгты кондæй дæр, йæ мæгуыр мады цæрмыстыгъд бакодта бакастæй, асæй, уæнгты кондæй. Хъаруйæ æххæст. Æгæристæмæй-иу Авдазимæ уæлæ сæ фæтæны куы ралæу- уыди хосгæрдæны, уæд-иу Авдаз йæ уис байсынæй дæр æдас нал уыд. Хуыйынмæ та иууыл номхæссæн уыд. Куы- рæт-иу ахуыдта искæмæн, уæд-иу æй æдтейæ бакæсæг уай- тагъд бафиппайдта: уый Сæгуассæйы арæхстджын къухæй хуыд у. Цæсгомæй саулагъз, нарст уадултæ, стыр сау цæ- стытæ, рæсугъд къуыбыр риутæ, бæзæрхыг фæсонтæ, на- рæг астæу. Бирæ усгуртæн-иу сæ сурхид акалд Сæгуассæ- маз бакæсгæйæ. Йе ’намонды рæсугъд рацыд, йе ’намонды. Уыцы заманы Багатæ тыхджын, лæгджын æмæ æхсар- джын мыггаг уыдысты. Кæуылты бирæ мыггаг уыдысты, кæуылты ахстой зæхх! дæлæ Хъемултайæ уæртæ Хæлиу- доны Елхъантæм, Ерцъойы къахырæй æмуырдыг Зам- тарет, уым Сынтбадæны кæмтты суанг дыууæ доны астæуыл... æмæ фæстæмæ Хъемултамæ — иууыл Багайы мыггаджы зæхх уыди. Авд дзуарæн куывтой. Сæхицæн авд дзуары уыди мыггагæн. Иу хъæу та сæм... хуыдтой, мæ- нæ... раст уæлæ бæрзонд хох Хъеллауы бакомкоммæ. О, æмæ дын куы зæгъын, дардыл мыггаг уыдысты Багатæ, æнæрцæф, схъæл, сæртæг адæм. Æхсары сæрыл лæуд, буц сæ — цардæй, ныфсхаст — сæ лæджы бæрцæй. Æнæуый къахы сындзау ныхстысты. Афæлвар сæ фæндыл нæ зæ- гъын, уæд-иу лæджы къубал ачъепп, атæхын кодтой. Сæ кард кæрддзæмы нæ дардтой, хылмондагæй сæ къух хъи- лæй хастой. Æгас Хъемултагом ыæ, фæлæ сæ Чеселтгом дæр æдас ыæ уыдысты. Гъе, æмæ уыцы мыггаджы ’хсæн иу лæг Гуыбсчыр хуыыд. Фæллойджын æмæ исджыи. Авд лæппуйы йын уы- ди Гуыбечырæн. Гуыбечырæн йæ хъустыл æрцыд, зæгъгæ, ахæм æмæ ахæм чызг ис Къæбысты Бимболатæн, Гуыбе- чыр йæ кæсдæр фыртæн цахæм агуырдта, раст ахæм. Ин- нæ æхсæз фыртæн уыди бинонтæ. Гуыбечыр йæ мидбылты бахудт æмæ афтæ зæгъы: — Алыбег æцæг номдзыд лæг у сæ комбæсты, фæллойæ та цух, цардæй æфхæрд. Мæнæн хæстæгæн бæзгæ не сты, фæлаз чызг номхæссæн у, кæмдæр, æмæ йын æнæрдавгæ нæй. Цæмæй мæ хъуамæ бафауой? Цардæй, æхсарæй — æппæ- тæй æххæст. ’Афтæмæй иу изæр баминæвар кодта Алыбегмæ, зæгъ- гæ, мæ демæ бахæстæг фæнды. Хай, дам, дын уыдзæн мæ кадæй, ныфсджын уыдзынæ ме ’хсарæй, бухъ уыдзынæ мæ исбонæй. Радт дæ фырты чызджы мæ фырт Гуырымыхъæн.- 72
рье, ахæм дзырдтимæ минæвары лæг æрлæууыд Алыбегы уьшджы. Æгъдаумæ гæсгæ йæ хæдзармæ бакодтой, йæ бæх ын бафснайдтой æмæ фынгыл æрбадтысты. Минæвар сыкъа куы райста, уæд сын арфæ ракодта земæ ныллæууыд йæ хъуыддагыл. Бимбол исдуг ницы сдзырдта, стæй уæд афтæ зæгъы: — Мæнæ фæйнæ сыкъайы баназæм, уазæг. Ацы хъуыд- дагыл ныртæккæ кой гæнæн нæй. Иуæй уал уый, æмæ мæнæн нырма чындздзон чызг нæй, аннæмæй мæ фыд ам нæй æмæ æнæ мæ фыд дзæгъæлы таурæгътæ цæмæн хъæ- уынц? Уазæг йæхион кодта æмæ загъта: — Ау, æмæ чызг дæу нæу? — Æмæ æз та Алыбеджы фырт дæн! — зæгъгæ, йын загъта Бимбол дæр. Цæвиттон, дыууæ боны раздæр Алыбег фæцыд Чилæх- саты мыггагмæ туджы тæрхоны: Чилæхсатæ Тыджытæй лæг амардтой уыгæрдæнзæххы тыххæй. Æнæхъæн "фондз азы мыггæгтæ кæрæдзийы туг дойны- йæн нуæзтой. Нæ фидыдтой, цалынмæ зопдджын Алыбег иу-дыууæ лæджимæ се ’хсæн ныллæууыд тæрхопы, уæд- мæ. Афтæмæй Алыбег хæдзары нæ уыд. Бимбол æмæ ма уазæг аныхæстæ кодтой, стæй æрхуыссой, зæгъгæ, куыд загътой, афтæ Алыбег къæсæрæй æрбахызт. Уазæгыл зæр- диагæй бацинтæ кодта, стæй бинонты афарста, уазæджы истæмæй хорз федтат, зæгъгæ? ^азæг йæхи дзуапп фæразæй кодта æмæ загъта: ^АХорз, тынг хорз фысымтæм æрбахаудтæи, Алыбег, æппæт дæр фаг. Уый фæстæ та уазæг æркой кодта Алыбегæы дæр. Гуыбсчы- ры,'зæгъы, фæнды бахæстæг уемæ. Йæ сæртæг ныхæстæ дæр ын лыстæггай радзырдта. Æппæт йæ ис, йæ бонæй йын æппæлыныл схæцыд. Алыбеджы дзыхæй хъыпп-сыпп нæ хауы. Кæсы зæхмæ, куы та арф ныуулæфы. Æрæджи- ау афтæ зæгъы: — Стыр бузныг, Багатæ, уæ сæрмæ нæ кæй хæссут, уымæй, фæлæ Гуыбечыр исджын, æхсарджын, æз та мæ- гуыр, цардцух. Цæй æмæ ацы хъуыддаг не ’хсæн фыдæхы къуыбылой ма уæд. Æндæр ран агурæд Гуыбечыр йæ лæп- пуйæн амонд. Хъæздыг æмæ мæгуырæн сæ фæндаг иу кæд уыди?.. Гъе, мардзæ, минæвары лæг фестад. Æнафоны лидзы- ныл схæцыд. Тæргæйттæ, буцтæн кæрон нал уыд: — Уæдæ ма дæ хуыцауы фырт хъæуы дæ чызгæн къай- агæн? — æмæ æмбисæхсæв ралыгъд. 73
Гуыбечыр хабар куы фехъуыста, уæд цæф арсау фæ- богъ кодта: — Ау! Йæ сæгъы сæныччы йын нæ сæрмæ кæй хæс- сæм, уымæй нæ бузныг цæуылнæ у, уæндгæ та куыд ба- кодта нæ зæгъын, уæндгæ! Кæд мæ авд фырты ницæмæ дары, уæд Багайы æхсарджын мыггагæй бынтон æдасæй сбаддзæн? — райдыдта бæрзонд ныхæстæ бухъ Гуыбечыр. Йæ лыстæг фосæн нымæц дæр нæ уыд. йæ фырттæй — алкæмæн дæр ифтыгъд бæх. Æртиссæдзы та йын дуцгæ хъуццытæ уыди, ссæдз цæды ифтыгъд галтæ. Йæ зæххæн та арæн дæр нæ уыди. Дæс — дыууадæс æххуырсты дард- та сæрдæй, зымæгæй. Йæ фырттæ сæ къух уазал доны нæ тылдтой. Æрмæст сæ сираг бæхтыл хъæуæй-хъæумæ лек- ка кодтой. Хæтæнхъуаг лæг уыд йæхæдæг дæр Гуыбечыр. Багатæ дæр ын стыр аргъ кодтой. Йæ тасæй æвн йæ ис- бонмæ æнхъæлцау уыдысты, уый зын зæгъæн у. Уæд Гуы- бечыр йæ фырт Гуырымыхъæн афтæ зæгъы: — Усы кæлмæрзæн дыл ныччындæуæд, лæппу, усы, ды дæхи æгадмæ куы ’руадзай, ды де ’фхæрд лæджы мардæй куынæ райсай. Афтæмæй дын дыууæ мыггаджы ’хсæн фыдæхдзинад хæрамæй-хæрамдæр кодта. А-Къæбыстæ дæр сæхи æгад- мæ нæ уагътой, æмæ æнæхотыхтæ уынгмæ дæр нал цыды- сты. Алыбег рахъуыды-бахъуыды кодта: цы чындæуа ацы чызгæн? Дæттæм æй Багатæн æмæ ахæм ацæргæйы къу- хы куыд ныссадзон мæ сидзæры? Цæвиттон, Гуырымы- хъыл цыдаид дæс æмæ дыууиссæдз азы. Йæ амонд раджы ссардта, фæлæ усы йæхи къухæй мæрдтæм барвыста. Уый та мæнæ афтæ уыди: иу куадзæн бон Гуырымыхъ сæ хъæ- уæн æхсæны куывды цъæх арахъхъæй йæхи нытъо кодта. Хæдзармæ куы ’рцыд, уæд йæ усæн афтæ зæгъы: — Мæ зæрдæ æвзæр кæны æмæ мын дæлæ суарæй сдав: Сылгоймаг æнафоны нæ рауæндыд, уымæн æмæ хъæ- уæй дзæвгар ауайын хъуыди суармæ æмæ афтæ бакодта: — Нæ ауæнддзынæн иунæгæй! Уæд лæг йæ сырх цæстытæ сивæзта, йæхи стылдта æмæ йыл фæхъæр кодта: — Уæдæ дын мæ фыды арвитон æмбалæн, и? — стæй дамбаца фелвæста æмæ йæ, æвæццæгæн, фæтæрсын кæ- нынмæ хъавыд, фæлæ æваст гæрах фæцыд. Нæмыг раст сылгоймаджы ныхы бахызт, ус æрхауд æмæ йæ гæидзæх- тæ бацагъта. Баззади йын æртæ сидзæры. Гъе, ахæм усгур уыди Гуырымыхъ. Æмæ, арвырæсугъдау, рæсугъд чи уы- ди, усгур лæппутæ æрратæ кæй тыххæй кодтой, уыцы Сæ- гуассæйы йæ бирæгъ дзæмбыты æрбакæнынмæ хъавыди. 74
Дыууæ мыггаджы ’хсæн фыдбылызы арт ссыгъд, цы- ренæй-цырендæр кæны, æмæ йæхи ’гъдауæй нæ банымæг уыдзæн. Чизоны, исты хуызы æрнымæг уаид, фæлæ бæл- лæх уый уыд, æмæ ма чызгыл дзурджытæ уыди æндæр мыггæгтæй, æмæ уыдон, дыууæ мыггаджы ’хсæн цы æна- монды арт ссыгъд, ууыл хус сугтæ армыдзагæй нæ, фæлæ хъæбысдзагæй калдтой, цæмæй фыдбылызы арт ссудза гыпгдæр, сгуыпп кæна æмæ дзы дыууæ мыггаджы æхсар- джынтæ сфизонæг уой. Цал æмæ цал хатты бахъавыдысты Гуыбечыры фырт- тæ Сæгуассæйы аскъæфынмæ. Фæлæ-иу сæ къухы пицы бафтыд. Уæд Багатæй иу ацæргæ лæг Зæлой хуыдтой Рог- дзæф уыд, фæлæ зондæй дæр хайджын уыд æмæ Гуыбе- чырæн уайдзæфгæнæгау загъта: — Æхсарыл лæуд кæй дæ, уый кады нысан у нæ хæх- бæсты, фæлæ æгæр æхсар дæр хатт фæсыкк вæййы. Ды ахæм хуызы архайыс, цыма дын дæ ирæд раздæхтой, гъе та дын дæ чындзы байстой. Цæмæн дæ фæнды, цæмæй не ’хсарджын мыггаг Къæбысты фисивæды ныццæгъдой, ту- джы зæйтæ ацæуа Къæбысты уæзæгыл? Науæд уыдон дæр мыггаг куы сты, мæ хур, уыдон дæр сæхи хъахъхъæнынц. Лæппутæ сæм бахъомыл, худтæ дарынц, хотыхтæ хæссынц æмæ уыдонæй кæд туг акæла, уæд махæй сой рамиздзæн? — О, æмæ уæдæ сæ разы æрзоныгуыл кæнон, Зæлой, лæгъстæ сын кæнон? Кæд дæ фырттæн тæрсыс, уæд æз мæ- хæдæг фаг дæн, цæмæй мæ хъуыддаг ахицæн кæнон! — Мæ фырттæн лæгдзинад равдисын кæм хъæуа мыг- гаджы сæрыл, уым кæд фæстæмæ алæууой, æгад сæ сæр- мæ æрхæссой, уæд уадз æмæ сæ кæрæдзи кæрдтæй сæ мæ- лæт ссарæнт! Фæлæ нæ æхсары сæр нæма хъæуы. Иу атъæп- пæй бæлас нæ рæдывдæуы, фæлтау ма иу æрвыст ба- кæнæм Алыбегмæ. Æз Алыбеджимæ тæрхæтты фæдæп æмæ комы уæз лæг у, зонды мæсыг. Цы æмбæла, уый сараз- дзæн æмæ ма нæ тохы сæр та цæмæн хъæуы? — Æмæ Багайы хъал мыггаг Алыбеджы зондæй цæры? Бирæ фæллæйттæ скæнын мын Алыбег бацамыдта?.. — Нæ дæ хъæуы нырма ахæм схъæл ныхæстæ. Хæстæг кæнгæйæ, чызджы хицæуттæм сæр бакъул фæхъæуы, кæд Нае рæза, уæд та æрцархай тыхæй дæр, уæдæ куыд вæй- йы, — загъта Зæлой. Бирæ ракæ-бакæйы фæстæ ныллæууы- Дысты, зæгъгæ, ма баминæвар кæнæм Къæбыстæм. Гуыры- Мыхъы хорз срæвдз кодтой. Куыннæ уыди Гуыбечыры нæр- гæ хæдзары хъаматæ, æвзистрæхысджын бæрцытæ, цухъ- хъатæ, сгæллад куырæттæ. Фæлæ Гуырымыхъ не сфида- Уыцджын. Сау бухайраг худ хъустæ æмæ æвидыц сырх 75
цæстытыл æрхауд. Ставд былтæ æрдæгфых тыппыронау ныддæнгæл сты, цухъхъа йæ рæсыд уæцъæфыл не ’ххæсти æмæ йæ фæччитæ фæстæмæ баззадысты. Бакæсгæйæ афтæ зынд, цыма сывæллæттæ æмбыд кæлдымы бибитæ скод- той. Иу æнæхайыр хайуан сæм уыд. Æвзист гоппджьщ саргъ ыл авæрдта Гуырымыхъ. Бæх та ахæм бæх уыди, æмæ дугъы уайгæ нæ, фæлæ-иу уæлдæфы цыма уарийау тахт> афтæ-иу зынд. Суанг ма-иу æй дæлæ Къуыдаргомтæм, уæртæ Цъоны дæр амидæг кодтой дугъмæ, æмæ фæстейæ никуы баззад. Сыгъдæг хорыл хаст бæх уыди. Найгæ та йæ суары донæй кодтой. Уыцы бæхыл бабадт Гуырымыхъ. Иемæ Багаты æхсарджындæртæй фондзы акодта. Лæбу- рæгау сæ бæхтæ фæцагайдтой кæмтты мидæмæ, Сыгъдты ’рдæм. Авдаз изæры куыстæй куы ’рцыд, уæд йæ хъримаг райс- та, рауад хъæуæй чысыл æддæдæр æмæ иу дыыджыр къо- дахыл иу худы зæронд æрæвæрдта, йæхæдæг дард ацыдг хæрз чысыл ма йæм куыд зындаид, афтæ æмæ йæ æх- сын райдыдта. Иу æрду нæ ивгъуыдта милмæ æхсгæ- йæ. Уалынмæ йæ уæлхъус æрбалæууыдысты Багаты хъал фæсивæд. Сæ бæхтæй рог æргæппытæ кодтой. Гуырымыхъ иу цалдæр къахдзæфы æддæдæр æрлæууыд, æвзонг сиах- сы лæуд. Иннæтæ хæстæг бацыдысты лæппумæ æмæ йын де зæр хорз загътой. Уый дæр сын уазал зæрдæйæ арфæ ракодта. Багаты фæсивæдæй иу Михел хуынд æмæ, тых- мидбыл худгæйæ, Авдазæн афтæ: — Сæрæй дæхи топпæхсæг ахуыр кæныс? — Нæ, мæн ахуыр нал хъæуы. Мæ фыдгул мæ хъри- маджы аргъæвæнмæ бахауа! — Ау, ахæм рæвдз топпæхсæг схъомыл К/ьæбыстæм? — зæгъгæ, афарста йæ Михел. — Иннæ мыггæгтæм цахæм топпæхсджытæ ис, махмæ дæр ахæмтæ, — загъта Авдаз. — Ауай уæдæ æмæ, милмæ цы ’хстай, уый радав. Æз æй фенон, кæддæра дæсны æхсæг дæ? — Нæ, æз æй федтон. Еныр кæй хъæуы, уый йæ фенæд, цахæм топпæхсæг дæн, уый. Уазджытæ кæрæдзимæ бакастысты. Тынг рамæсты сты, æвзонг лæппу сæ разы йæхи дæлдæры бынаты кæй не ’вæры, цыты уазæджы аргъ сын кæй нæ кæны, ууыл. Фæлæ сын ныртæккæ лæппумæ хъæбæр ныхас скæнæн нæ уыд, æндæра йын йæ сæр йæ гуырæй бæргæ фæхицæн кæник- кой. Лæджы къубал ачъепп сæм мыды къус ахæрæгау кас- ти Багатæм. Багаты хъалтæ хæдзармæ бамидæг сты. Сæгуассæ Гуы- 76
рымыхъы куы федта, уæд йе ставд цæссыгтæ гæр-гæр рай- дыдтой, йæ уæнгтæ фыртæссæй гæдыхъæдау рызтысты. Лæппутæ сæ хотыхтæ дæр не ’рæвæрдтой, афтæмæй зондджын Алыбеджимæ радзур-бадзур, радæлæ-бадæлае райдыдтой. Иудзырдæй, ахæм хъуыды сæм уыд ацы на- латтæм, æмæ куынæ ком дæдтой, зæгъгæ, уæд хъуамæ ты- хæй раскъæфтаиккой Сæгуассæйы. Зондджын Алыбег рахатыдта хабар æмæ сын загьта: — Мæнæн дæр æрвадæлтæ ис. Мыггаг стæм. Æз дæр арвитон мæ хъæубæстæм, иу дыууæйы дзы афæрсæм, на- уæд мæ сомбон азымы дардзысты. Уымæн æмæ æнæ мæн Къæбысы мыггаджы иунæг хъуыддаг .никуыма ахицæн. Мæнæн дæр æмбæлы æрвадæлты афæрсын. Багаты хъæбатыртæ Алыбегмæ куы байхъуыстой, æгæр фæлмæн ныхас куы райдыдта, уæд сæ кæрæдзимæ разыйы цæстæй бакастысты. Афтæ сæм фæкаст, цыма Алыбег æмæ Бимбол сразы уыдзысты сæ чызджы радтыныл. Алыбег фæдзырдта Авдазмæ. Уый мидæмæ рбахызт. Цæвиттон, уæды онг хæдзармæ ’рбацæуын нæ фæнд кодта. — Мæнæ дæн, дада, цы мæ кæныс? — Ауай, мæ къона, æмæ не ’рвадæлтæн бамбарын кæн цытджын уазджытæ нæм кæй ис, — æмæ аивæй йæ цæст лæппумæ фæныкъуылдта. Лæппу уынгмæ куы рауад, уæд ма йæм Алыбеджы хъæ- лæс райхъуысти, чи нæ хъæуы ныртæккæ, уый дæхæдæг бамбар, зæгъгæ. Багайы фырттæ уæд тынгдæр схъæлдзæг сты. Гуыры- мыхъ йæ дынджыр худыл уæлæмæ схæцыд æмæ мидбыл- худгæ бакаст Сæгуассæмæ. Иу уæлдай гаджидау ма рауагътой. Алыбег нæ тагъд кодта, æнхъæлмæ каст йе ’рвадæлтæм. Хатт-иу йæхины- мæр бамæт кодта, кæд мæ лæппу нæ бамбæрста... Фæлæ Авдаз æппæтдæр бафиппайдта, бамбæрста, Алыбег ын цы зæгъынмæ хъавыд, уый. Чи йæ зоны, цас рæстæг рауад, фæлæ дын Къæбысты фæсивæд иу дыууадæсæй хæдзары смидæг сты æд хотых- тæ. Мидбылхудгæ Алыбегæн арфæ ракодтой æмæ æрбад- тытæ кодтой. Цыты уазджытæ фембæрстой. Алыбег сыл зондæй кæй фæтых, уый, фæлæ ферæджы. Уæд Авдаз ба- худт æмæ афтæ: — Кæсут, Къæбыстæм цахæм топпæхсджытæ ис? Ба- хъуыды сахат сæ сæр никæй раз æркъул кæндзысты. — Бæргæ ма сæ кæрæдзи баазым кодтой Багайы æхсарджын- тæ цæстæнгасæй, зæгъгæ, фадат нын уыди чысыл раздæр 77
æмæ æнæ ракæ-бакæ афард&г кодтаиккой Бимболы рæ- сугъд чызджы. — Гъеныр, мæ хуртæ, дзурут мæнæ мæ кæсдæртимæ. Æз дæр уыдон дзырдыл нæ зæгъæг нæ дæн, сæ хо у æмæ... Багатæ фестадысты. Михелæн йæ маст арæсыд, йæ хур- хы уадындзтæ адæнгæл сты æмæ афтæ зæгъы: — Абон ныл зондæй фæтых дæ, зæронд, фæлæ райсом бавзардзыстæм, — æмæ рафардæг сты. Гуырымыхъ ма иу каст бакодта Сæгуассæмæ, йæ чъырццæ былтæ астæрдта æмæ йе ’мбæлтты фаестæ афардæг. Сæгуассæйы æдзæстхизæй уынгмæ дæр нал уагътой. Авдаз дæр йæ хотыхтæ æхсæв йæ нывæрзæн дардта, бон сæ куысты рæстæджы дæр зæхмæ нæ уагъта... Йæ сæрæй нæ цух кодта. Багаты стыр масты лалым нæрсы æмæ цы минут акæлдзæн, уый бæрæг нæу. Æрлæууыд Дауджыты бон. Æнæхъæн афæдзы дæр- гъы-иу æм æнхъæлмæ кастысты нæ Иры фæсивæд. Мах- иу уæртæ Чеселты дзуармæ цыдыстæм. Алыбегтæ дæр Дауджыты бонмæ сæхи барæвдз код- той, Сæгуассæ диссаджы сатæг-сау бæгæны сфыхта. Авда- зы саулох æцæг хæрз къаныæг уыд, фæлæ диссаджы рæвдз сирынмæ. Гъе, æмæ йæ уыцы бонмæ рæвдз кодта, зылди йæм. Дугъы йæ фæлвæрдта ализæр. Иæ кард æмæ йæ дам- баца сæрфта — йæ райгуырæн боны лæвæрттæ. А-ныр райсом Дауджытæ у, афтæ изæрæй Алыбег фæ- дзырдта йæ зæнæгмæ æмæ афтæ: — Райсом стыр бон у, мæ хуртæ. Фæлæ ахæм бон æна- монддзинадæй дæр тæссаг у. Уæхи хъахъхъæиут Багатæй. Дзуары бынмæ ма фæзынат, уый дæр нын худинаг у. Тæп- пудтæ нæ фæхондзысты. Фæлæ фыдбылызæй уæхи бахи- зут. Уыдон æнæмæнг дзырдкъахæн кæндзысты. Лæппу, демæ дугъы скъæрдзысты, фæлæ-иу сын ма сразы у. Сæг- уассæ, ды та бынтондæр дзуары бынмæ цæуыны фæнд ма скæн. Æз дæр нæ фæцæуин, фæлæ æгас комы хисдæр дæп æмæ мын æндæр гæнæн нæй. Æхсæв фæци, æмæ бон уæлæ бæрзонд хæхты сæртæй æрбагудзицц кодта. Хъæу базмæлыд. Кæмттæ сдзырдтой, фæндыры хъæр азæлыд. Топпы хъæртæ уынгæг комы æрв- нæрæгау кодтой. Фæсивæды зард хæхтæ арыдта. Алчи дзуармæ цыди хъæлдзæг æмæ мидбылхудгæ. Авдаз дæр йæ бæхыл йæ сауарæзт саргъ авæрдта. Чеселты дзуары уæрæх фæзы базмæлæнтæ нал уыд адæмæй. Фæсивæд мыггагæй хъазт сарæзтой. Къæрццæм- дзæгъд кæмттæ арыдта. Ас адæм бæлæсты бынты аууæтты бадтысты. Кастысты кафæг фæсивæдмæ. 78
Уалынмæ Багатæ цалдæр барæгæй гæризфтонгæй дзуа- ры фæзы сæ бæхтæй æргæппытæ кодтой. Гуырымыхъæн дзе бæхы æвзист гопджын саргъ хурмæ тæмæнтæ калдта. ^уырымыхъ æвиппайды йæ бæхмæ йæхи систа. Къæбысты фæсивæды кафты зилаччы балæууыд æмæ афтæ: — Æмдзæгъд, мæ хуртæ. Мæ хайуан сымахæй дæсны- дазр кафы, зæгъгæ, — æмæ бæхы рохтæ йæхимæ æрбал- вæста. Бæх йæ фæстæгтыл слæууыд æмæ иу цалдæр къах- дзæфы акодта. — Бæхæй йæ барæг дæсныдæр хъуамæ уа кафынмæ, — мæсты хъæлæсæй сдзырдта чидæр. Гуырымыхъ бæргæ рамæсты, бæргæ йæ рафæндыд бæ- хæй æргæпп кæнын, хъазты астæу цъилау ныззилын, йæ къахфындзтæ æрсадзын, йæхимæ фæсивæды æркæсын кæ- нын, фæлæ гъа? Уæнгтæ зæрдæйæн бар куы нæ дæдтой, уæд зæрдæйæн дæр йæ цины таг аскъуыйы. Кафыны охыл уый йæ къах никуы айста. Уæд Авдаз йæ фыды фæдзæхст ферох кодта æмæ афтæ зæгъы: — Лæгæй-лæгмæ — кафгæ, бæхæй-бæхмæ та — дугъ- мæ! Æмдзæгъд, лæппутæ! — æмæ хъазты астæумæ уыцы иу сæррæтт акодта. Цъилау ныззылд æмæ цыма уæлдæфы тахт, афтæ-иу бæрзонд фæхаудта æмæ-иу йæ къахфындз- тæ æрсагъта фæлмæн, цъæх нæууы. — Уæдæ йæхи хъаруджындæр чи хоны, уый афæлва- рæд йæ бæх мæ Араппимæ, — сæрыстырæй загъта Гуыры- мыхъ. Авдаз цыма йæ дзырдыл фæфæсмон кодта, афтæ æн- цад алæууыд, йæ бæхыл йæ зæрдæ нæ дардта. Авдаз æнæ- дзургæйæ фæцæуы æмæ Алыбегæн сæргуыбырæй загъта: — Дада, Багайы фырт мæм дугъмæ сиды, æмæ худи- паджы фæлтау цы бакæнон? — Алыбег арф ныуулæфыд æмæ афтæ зæгъы: — Мæ хъæбулы иунæг хъæбул, æз дын бæргæ фæдзæх- стон, дæхи сæ иуварс дар, фæлæ кæд сиды, уæд æндæр хуыздæр ницы гæнæн ис. Ацу, æрмæст дзы дæхи хъахъ- ^ьаен. Ие змæлдмæ йын кæс, хæцæнгарзмæ куы ’внала, уæд Дæ æдзæттæйæ ма ’рæййафæд. Адæм ныхъхъус сты, фæндыртæ бамыр сты. Алчи йæ Цаестæнгас дардта дугъы уайджытæм. Алыбег йæ урс за- чъетæ адæргæй адау-адау кодта. Бимбол цавддурау йæ мидбынаты лæугæ баззад. Уалынмæ уæртæ Тхелы комæй Разынд иу барæг йæ фæдыл дыккаг. Алыбег рог сулæфыд: 7&
— Цæй, табу дæуæн, абоны бардуаг. Нæ лæппу фæс. тейæ баззад, фæлæ æвыдæй æрбаскъæры. Адæм схор-схор кодтой. Къæбысты фæсивæд мæсть кæнынц. Багаты хъалтæ та сæ мидбыл худынц, Авда^ фæстæдæр кæй цыд, уый тыххæй. Уæртæ Цыбырты был- мæ донæй æрбахизæнмæ куы ’рбахæццæ сты, уæд раст донастæу уымæл дурыл Гуырымыхъы бæх фæбырыд. Лæг йæ сæрты асхъиудта æмæ доны йæ тъæпп фæцыд. Къæ- быстæ нымдзæгъд кодтой. Иу арæхстджын чызг йæ фæн- дыры тæнтæ айвæзта. Авдаз уыцы иу сæррæтт æрбакодта йæ фæрсты æмæ адæмы раз æрбалæууыд. Багатæ сæ кæрдтæ сæ кæрддзæмт- тæй фелвæстой, лæбурынц Авдазмæ, цыма сын уый аххос уыди. Адæм схъомпал сты. Кæрдтæ хуры тынтæм цæхæр- тæ æппарынц. Уалынмæ фæцыд топпы гæрах. Тох сытынг, Авдазæн йæ худ йæ сæрæй ахад, топпы нæмыг чысыл йае сæрыхъуынтыл ауад. Багатай иу æдзæммард фæци. Фæ- мард Авдазы фыд Бимбол дæр. Гуырымыхъы ничиуал федта: кæм дæлдзæх фæци, уый ничиуал ауыдта. Адæм сæ хæдзæрттæм цæуын райдыдтой. Бимболы мард дæр сæ хæдзармæ рахастой. Гъе, фæлæ хъуыддаг ууыл нæ ахицæн. Райсомæй сыхæг- тæ дзуары бынмæ куы ацыдысты, уæд Сæгуассæ хæдзары иунæгæй хъыг кодта, тæрсын дæр райдыдта. Цынæ вæййы, уæд та искæцæй уыцы тугкалинæгтæ фæзындысты, уæд... Йæ фыды мадмæ бауад æмæ йын загъта: — Нана, мæ зæрдæ мæм цавæрдæр тæссаг хъуыддаг дзуры æмæ мæхи искуыдæм айсон. Ам æдасдæр нæу. — Рынчын ус æм йæ мæллæг цæстытæ разылдта æмæ йæм мæллæг хъæлæсæй сдзырдта. Ацу, цард дын фестон, дæхи бавæр. Чызг уæд ахъуыды кодта æмæ æдасдæр бынат сæв- зæрста куыроймæ ацæуын. Стæй изæры адæм дзуарæй куы раздæхой, уæд æз дæр ссæудзынæн, афтæ хъуыдыимæ къæ- сайы иу чысыл хор акодта, бæндæнæй йæ абаста æмæ куыроймæ ацыд. Уыцы æдзæсгом доны бæхæй куы ахаудта, уæд фæн- дагыл нал рацыд, фæлæ фæсвæпдæгтыл рацыд. Уымæн æмæ Сæгуассæ хъазты куынæ уыд, уæд бафиппайдта хæ- дзары йæ кæй ныууагътой, стæй йæм худинаг æркаст адæ- мы астæумæ бацæуын. Сæгуассæ куыройыл авгæдта. Дуар та фидар рахгæд- та æмæ фæлгæтæджы былыл æрбадт, æдзынæг каст куы- ройы зылдмæ. Тарст зæрдæмæ алыгъуызои хъæлæсæй дзырдта зилгæ куырой. Афтæ йæм фæкаст, цыма йын куы- 80
рой дзуры: «Мæнæ чызг, дæхи къахæй цæмæн æрцыдтæ дæ удхæссæджы хъæлæсмæ». Уæдмæ чидæр куыройы дуар æрбахоста. Сæгуассæ фес- тъæлфыд, фестад, фæлæ дуар нæма кæны. Дуар та ногæй аербахостæуыд. Уæд чызгæн хуыздæр амал нал уыд, йæ ризгæ къухтæй дуары ричъи иуырдæм акодта æмæ дуарыл æрбахæцыд: къæсæргæрон лæугæ ауыдта Гуырымыхъы. Æрхауынмæ йæ бирæ нал бахъуыд. Фæлæ йæхи фæурæдта, тыххъæлдзæг йæхи скодта æмæ йæм йæ мидбылты бахудт: — Дæ хорзæхæй, кæцæй фæдæ?—зæгъгæ. Гуыры- мыхъ йæ цæстæй гæзæмæйы йеттæмæ нæ каст. Цæсгом ту- джы зылд, хъæлæсæй арахъхъы тæф боцкъайæ калæгау кодта. Сæгуассæйы куыройы æнхъæл нæ уыди, фæлæ куы фæцæйцыд, уæд куыройы зилгæ цалхмæ фæкомкоммæ, æрурæдта йæ бæх æмæ ахъуыды кодта: ам æнæмæнг сыл- гоймаг уыдзæн, чи фæнды уæд... Æрхизон, æмæ мæ рæстæг арвитон... Бæх фæрвы цонгмæ абаста æмæ цы ’нхъæл нæ уыд, ахæм цины бахауд. Сæгуассæйы куы ауыдта, уæд йс ставд былтæ базмæлын кодта æмæ йæм дзуры: --Гъе, рувас, ныр та мын кæдæм аирвæзынмæ хъавыс? — Мидæмæ, Гуырымыхъ, мидæмæ! Науæд нæ исчи бз- фиппайдзæн æмæ нæ ирон намыс басудздзæп. Уый дæр цингæнгæ фæраст мидæмæ. Æрбадт фæлгæ- тæджы тигъыл æмæ афтæ зæгъы: — Мæ бæлон, мæ царды ныфс? Цæмæй мæ фауыс? Цæ- уылнæ мæ аккаг кæныс дæхицæн къайæн? — афтæ дзургæ фестад, йæ цæнгтæ фæйнæрдæм айтынг кодта æмæ аныр Сæгуассæйы ахъæбыс кæна, афтæ Сæгуассæ тыххудт ба- кодта, йæ къухтæ йын иуырдæм акодта: — Фæлæу, Гуырымыхъ! Æцæг гуырымыхъ митæ ма рай- дай. Æз дæу пикуы фаудтон, уарзгæ дæр дæ кæпын, фæ- лæ мын ирон намыс æргом мæ цæсгом нæ уадзы. Бар мын нæ лæвæрдта мæ пыййарджыты раз зæгъон, уарзып дæ, уый. Ныр мын æппæт раргом кæнынæн дæр ис фадат, фæ- лæ иучысыл фæгæдзæ кæн. Мæнæ ацы куыройы гыбар- гь1бурæй ницы бамбарæн ис. Ам уал æрбад, Гуырымыхъ, ^з куыройы нук ауазæнæй ацауазоп, æмæ уæд æппæт дæр дæ бар, — дзырдта йын Сæгуассæ. Гуырымыхъæн йе ’нæбары зæрдæ бафæлмæн, бабуц æмæ та æрбадт фæлгæтæджы кæрон. Сæгуассæ фелвæста Фæсдуарæй нукауазæп æмæ рауад æддæмæ. Нукауазæн иу- Варс аппæрста. Цырд-цырд бæхы идон фæрвы цонгæй рай- *а?лдта æмæ, фæлтæрд барæгау, саргъыл февзæрд. Дæ бал- г"Ьитæг афтæ, мæ хур! Уыцы иу дзæхст фæкодта Сæгуас- 6 Бязырты Д. 81
сæ, æмæ ма Гуырымыхъы хъустыл ауад йæ бæхы къæхты хъæр. Гуырымыхъ ма бæргæ рагæпп кодта, фæлæ æгæр бай- рæджы. Уæд йæ дамбаца фелвæста, цалдæр æхсты ма йæ бæргæ фæкодта, фæлæ дзæгъæлы. Йæ былтæ ма фырмæстæй ахсыдта, æррайау аракæс-бакæс кодта, фæлæ йын æххуыс- гæнæг никæцæй фæци. Фæстæмæ бамидæг æмæ куыройы къуту дамбацайæ æхста. Раст æй сыхырнайы хуызæн скод- та. Ссады мур къуымты ныххæлиу кодта. Хъама сласта æмæ къæссайы лыстæг кæрдæнтæ скодта. Уыдонæй ранста йæ маст сæрхъæн Гуырымыхъ Æризир. Æнусон зæрин хур цыма тæригъæдмæ кæсы- пæй сфæлмæцыд, зын ын уыдис Алыбеджы фырт Бимболы уæззæу сынтмæ кæсын, уыйау атындзыдта æмæ дард фæс- хох нымбæхст. Айтыгъта йæ фæстæ йæ зæрин тынтæ, афтæ Бимболы мард схæццæ кодтой сынтыл йæ мæгуыр хæдзар- мæ. Багатæ дæр сæ мард ахъуыдты кодтой. Сæгуассæ цы- ма йæ фыды мардмæ мæрддзыгой тындзыдта, уыйау тæр- гæ бæхыл сæ кæрты бамидæг, æргæпп кодта бæхæй æмæ йæ хъустыл ауад иронвæндаджы хъæр. Чызг фæсонтау, йæхимæ фæлæбурдта. Рустæ растыгъта. Уый афтæ æнхъæл уыди, Авдазы исчи амардта. Хæдзармæ йæхи тонгæ бацыд æмæ йæ уарзон фыды мардæй уæлтæрхæг куы ауыдта, уæд фæуадзыг. Адæм ыл æрхъула сты. Чи йын йæ цæнгтæ æу- уæрста, чи йыл уазал дон калдта, чи та.йæм фырадæргæй æдзынæг каст. Куыддæртæй æрчъицыдта Сæгуассæ, ба~ хылд йæ фыды сынты уæлхъусмæ, йæ уазал риуыл дæл- гоммæ ныххуад, йæ цæсты сыг æнæвгъау лæсæнтæ кодта марды риуыл. Фæлæ Бимбол йæ уарзон чызгмæ ницыуал сдзырдта, нал æм бахудт, нал дзы бабуц йе ’фхæрд зæрдæ, ныууагъта, сидзæрæй цы дыууæ сабийы схъомыл кодта, уыдон. Адæм та Бимболы дæр сау сыджыты хай бакодтой. Æмæ алчи йæ хæдзармæ фæцыд. Æрмæст ма Сæгуассæ йæ уарзон фыдыл зæрдæхалæн хъарджытæ кодта. Æмæ куыннæ хъарæг кодтаид, мады рæвдыд дæр Бимболæй ба- зыдта æмæ фыды рæвдыд дæр. Йæ дыууæ сывæллоны йып исчи куы схойа, зæгъгæ, уый тыххæй дыккаг амонд дæр нал æрцагуырдта. Фæлæ хъуыдаг ууыл нæ ахицæн. Æнæрцæф æмæ æхса- рыллæуд Багатæ сæхи азыммæ нæ лæвæрдтой. Гуыбечыр- иу фæхъæр кодта фæсивæдыл: — Нæ иумæ дæс! Нæ иумæ дæс! Афтæмæй иу æрдæгæхсæв Багатæн сæ тæккæ хъару- джынтæ бабырстой Алыбегбадæнмæ. Куыдз уайтагъд ба- 82
фиппайдта цæуджыты æмæ комырдæм йæхи аппæрста. фæдисы рæйд кодта. Авдаз фестад, йæ хотыхтæ æрцæттæ кодта. Зæронд, урсзачъе Алыбег ныр къорд азты дæргъы цы хъримагмæ нал бавнæлдта, уый хъаруджынæй райста æмæ афтæ зæгъы лæппуйæн: — Удуæлдай тох нæ бахъуыд, мæ хъæбул. Бæрæг у, уыцы джауыртæ кæй æрбафсæрстой, фæлæ лæгдзинад рав- дисæм. Чысыл рудзынгæй акаст, фæлæ ницы суыдта æх- сæвы сау хъæбысы. — Ех, уæд та не ’рвадæлтæм исты хуызы фидиуæг ис- чи куы фæуид. — Сагуассæ, ды дæлæ уæрмы ныххиз. Дæхи бафснай! Сæ хъавд дæумæ кæй уыдзæн, ууыл гуырысхо нæ хъæ- уы, — загъта фæдисы хъæлæсæй Авдаз æмæ расæррæтт кодта æд хъримаг уынгмæ. Бауад хъæдгæронмæ æмæ дын- джыр дуры фæсдзæгат æрбадт. Æрбацæуæптæм пæ хъус адардта æмæ рог сулæфыд: диссаджы фидар быыат æм фæкаст. Зондджын Алыбег хъæуæй чысыл уæлдæр суад, хæрд- мæ иу гæрах фæкодта æмæ скуывта: — Абоны бардуаг, Бурсамдзели, хорз фидиуæг æй фæ- кæы, цæмæй мæм ме ’рвадæлтæ æххусмæ фæзыной. Фæстæмæ æрæздæхт хъæугæронмæ. Афтæ цырд змæ- лыд Алыбег, цыма раст Авдазы карæн уыди. Багатæ топпы хъæр куы фехъуыстой, уæд фæгуырысхо сты. Уыдон сæм ахæм хуызы хъавыдысты, цæмæй сæ быны- скъуыд скæпой æмæ Сæгуассæйы та ссмæ рахæссой. Топпы хъæрмæ Къæбыстæ базмæлыдысты, кæрæдзимæ уадыстьь Зæгъгæ, Алыбегбадæнæй топпы хъæртæ цæуы æмæ æвæс- тиатæй цæуын хъæуы фæдисы. Багатæ сæм æрбабырстой, зæгъгæ. Уæдмæ Багатæ хæрз хæстæг схылдысты Алыбсг- бадæнмæ. Нæмгуытæ ихуарæгау кодтой чысыл хъæуыл. ^вдаз-иу ныхъавыд Багайы фæсивæдмæ æмæ-иу нæ фæ- мæнг. Авдазы нæмыгæй фæмард Гуыбечыры хисдæр фырт Иликъо. Тох сытынг, стыхджык. Зæронд Алыбег дæр дæл- гоммæ ныххуыссыд. Йæ урс зæлдаджы хуызæн зачъетæ т°ппы хæцæныл ныдзæвдысты, афтæмæй æхста. Сæгуассæ У^рмы нæ ныххызт. Худинаг æм фæкаст ахæм рæстæджы аУуоны бадын, фæлæ райста къулæй йæ фыды кард æмæ Ь1ь1нныгъуылд каугæрон сисаууои. Æнхъæлмæ каст, зæгъ- Гае> мæ зæронд фыд, ме ’фсымæр кæм мæлой, æз дæр уым. Уæдмæ Къæбыстæ дæр фæдисмæ схæццæ сты се ’рва- Даглтæм. Топпы хъæртæ сытынг сты. Кæрдтæй бацыды- 83
сты хъæбысæй-хъæбысмæ тохы. Кæрдты æндон къæрццьь тæ хъуыстысты. Сæгуассæ фестад йе ’мбæхсæн бынатæй æмæ Багатæй кæйдæр уæхск ахъаззаг цæфæй æрдаудта. Лæг æрх’ауд. Фæмард уæззау тохы, мæ хур, Авдаз зиаджы кардæй. Æнæхъæн Къæбыстæ сæм æрæмбырд сты æмæ сæ ныйир- гъæвтой, фæлæ ма цы? Хъыгагæн ма Гуыбечыры фырттæй аирвæзт æртæ, иннæтæ сæ мæлæт ссардтой. Къæбыстæй дæр фæмард Авдазимæ фондз. Зæропд Алыбег йæ урс зачъе тонгæ уынгты рацу-ба- цу кодта. Сæгуассæмæ адæмы ’хсæн цæрын раст нал фæкаст, æмæ иу æрдæгæхсæв йæхи æрцауыгъта. Афтæмæй аскъуыд Бимболаты хæдзарвæндаг. Адæм кæрæдзийы фыд хордтой уæды рæстæджы, фæлæ кæрæдзийы уæлхъус дæр балæууаг уыдысты. Адæмæй та хуыцауы хайджынтæ фæзынд æмæ та мыггаджы бадзæ- бæх кодтой, туджы фиддæнтæ фæкодтой, афтæмæй. Гуыбечырæн ма цы æртæ фырты аирвæзт, уыдон иу къуырийы мидæг рарынчын сты æмæ сæ радгай баныгæд- той. Æвæццæгæн, тæригъæд æрæййæфта уыцы налатты. Гуыбечырæн йе ’ххуырстытæ фæлыгъдысты. Хæдзар стæригъæддаг, смæгуыр. Гуыбечыр сæрбæрзондæй нал цыд йæ мыггаджы ’хсæнмæ. Худинаг æм æркаст туджы зæйтæ кæй ацæуын кодта дыууæ мыггаджы ’хсæн æмæ уыцы ту- джы зæйы уылæнтæ кæй фæластой йæ цыппар фырты дæр.
ФАЗЗÆТТÆ æлæ комы фаллаг фарс сырх лæ- бырды сæрмæ наз хъæды къох. Йæ фаллаг фарс Тæгуаты мыггаг царди. Уыйбæрц стыр мыггаг нæ уыдысты, фæлæ фыдбылызы арты цæхæр бацырын кæнынæн иу æдылы дæр фаг уыди, мæ хур акæнай, уæды заманы. Стæй цы уыдысты, уымæй гæрзифтонг уыдысты, ныфсхаст æмæ æхсарыл лæуд. Иу ахæмы сын фыдæх асайдта Уалыты мыггаджимæ. Уæд Уалытæ та уæртæ Мацхарайы цардысты, Леты комы хæдрæбын иу тигъыл. Гъе, æмæ зæгъы, Уалытæй иу лæджы Тæтæрхъан хуыд- той. Æгъуыстаджы зондджын æмæ æгъдауджынæй базæ- ронд. Дардыл хъуыст уыди йæ кой. Уæлæ йын уыцы сырх лæбырды бынмæ уыди иучысыл уыгæрдæн. Иу хосгæрдæны сæумæраджы Тæтæрхъан райста йæ цæвæг æмæ араст йæ уыгæрдæн кæрдынмæ. Хъæуæй уа- бæрæг ничи-ма базмæлыд, фæлæ Тæтæрхъаны дзæвгар суа- йын хъуыди æмæ сæумæцъæхæй дæр уымæн фæцæуæг. Цот дæр уыди Тæтæрхъапæн, фæлæ сæ йæ зæрдæ ни- цæмæй рухс кодта. Хъаруйæ, зондæй, бынтон шщæмæй раййæфтой сæ фыды. «Хæрз тæнæг агъуыст фесты сæ сæртæ мæ цотæн», — Дзырдта-иу Тæтæрхъан. О, æмæ Тæтæрхъан уыгæрдæны хæд бынмæ куы схæц- Дæ, уæд йæ къухаууонæй акаст æмæ уæлæ уыгæрдæнæн йæ тæккæ ’рдæг æркарстæуыд, иннæ ’рдæг дæр кæрдынц дыууæ лæджы, фæлæ чи сты, кæцæй фæзындысты, — æх- хУысмæ, æви тых æвзарынмæ, уый зæронд лæг нæма бам- бæрста. Уæд Тæтæрхъан ныхъхъæр кодта: — Уæй, уæлæ уыдон мæ уыгæрдæны кæцытæ стут?! Хосдзæуттæ дарддæр кодтой сæ куыст. Цæвджыты æх- ситт сæууон уддзæф скъæфта Тæтæрхъанмæ. Лæгæн йæ маст ссыгъд. Зæрдæ риуы къултæ рацæй- Рæмыгъта, цæстытæ сæ къуырфытæй рацæйтæррæст код- Д 85
той. Арф, мæсты улæфт ныккодта æмæ тагъд-тагъд фæцæ- уæг. Куы сæм схæццæ, уæд кæсы æмæ мæнæ Тæгауты Би- тары дыууæ фырты кæрдынц уыгæрдæн. Тæтæрхъан йæ цæвæджы æнцой æрлæууыд. Бæзджын, урс зæлдаджы хуы- зæн зачъетæ цæвæджы хъæдыл пыдзæвынц, афтæмæй сæ фæрсы. — Цæмæн æрбацыдыстут тыхгæпæг? Цæмæн уæ ба- хъуыд, æмæ ацы зæххы гæбаз тугкалæны хос феста нæ дыууæты ’хсæн? Лæппутæ читт дæр нæ кæнынц: уыгæрдæн дасынц æмæ дасынц. Худинаг фæкаст зæронд лæгмæ æвзонг лæппутимæ тых æвзарыныл схæцын æмæ сæхимæ ’рфардæг мæстæлгъæ- дæй. Битары фырттæ худæгæй къæцæлтæ кодтой, афтæмæй дын уыгæрдæн карст куы фæци, уæд афардæг сты уыдон дæр. Тæтæрхъан йæ мыггагæн ницы ма ской кодта. Æниу бафæлвар æмæ ской кæн, зæгъгæ, мын мæ уыгæрдæн уы- цы æмæ уыцы мыггаг ныккарстой, кæддæра бæстæ туджы зæйтæ нæ фестид. Авдæны цы саби уыдаид, уый дæр йæ авдæнбæттæнтæ фæйнæрдæм арæмыгътаид. Зæхмæ бав- налып лæджы амардæй карздæр уыди уæды заманы. Аф- тæ карз ма уыд æрмæст сылгоймаджы фæхудинаг кæнын. Гъе, æмæ дын Тæтæрхъан иу изæр, сæ хъæуы лæгтæ куыд ницы бамбарой, афтæ фæсидт, сæ мыггагæй иу Бдзеу хуынди, æмæ уымæ. Рахабар ын кодта, зæгъгæ, бахъиамæт кæн, æмæ бацу Тæгауты хисдæр зæрæдтæм æмæ сын ра- кæн мæ ныхæстæ: «Не ’хсæн мыггагæй-мыггагмæ кард æлвæст пæма ’рцыд. Кæрæдзимæ топпы дзых никуыма ныддардтам. Ницы фы- дæх уыдис не ’хсæн æмæ, зæгъ, уæ цæмæн бахъуыд мæ зæххы гæппæл, цæмæн ныккарстой Битары фырттæ мæ уыгæрдæн? Уæ зæххимæ, зæгъ, æмарæп дæр куынæ у!» Бдзеу дыууæ нæ загъта Тæтæрхъаны ныхасыл. Дыккаг бон æппæт дæр рахабар кодта Тæгауты зæрæдтæн. Æмæ æрмæст мыггаджы зæрæдтæ нæ, фæлæ ныхасмæ фæзын- дысты фæсивæд дæр. Ацæргæ лæгтæ æдзынæг хъуыстой Бдзеуы ныхасмæ. Сæ цæстæнгас зæхмæ аздæхтой. Раст сæм нæ фæкаст, Би- тары дыууæ схъæл фырты Уалыты зæхмæ тыхæй кæй бав- нæлдтой, уый. Мыггаджы хисдæр къæсхуыр, бæрзонд, тæп- тъихæг, даргъзачъе зæронд лæг сыстад йæ бадæн дурæй, йæ цæст ахаста йæ мыггагыл æмæ райдыдта дзурын: 86
«Тынг зæрдæмæхъаргæ ныхæстæ нæм æрбахаста Тæ- тæрхъаны минæвар, тынг, мæ мыггаг. Тæтæрхъан зонды чырын у, æндæра уый бынаты æндæр лæг нырмæ афтæ нæ бабыхстаид. Битары фыртты йæ уыгæрдæны йæ цæ- вæгæй скæрдæнтæ кодтаид. Цы зæгъинаг сты цымæ Битар æмæ ’йæ фырттæ, кæй дзæгъæл зæхмæ баирвæзтысты? Уалытæ мыййаг тых æмæ ’хсарцух куынæ сты! Фæлтау, Бита’ры фырттæ, уæ къахæй дæр мауал ацæут уыцы зæх- хыл», — фæци йæ ныхас зæронд лæг. Гъе, фæлæ рацæй рабон, æмæ Битары фырттæ нæ бай- хъуыстой нæ дæр сæхи мыггаджы хисдæртæм, нæ дæр ми- нæвармæ. Цыппар боны фæстæ Тæтæрхъаны уыгæрдæп æрæссывтой иу мæйрухс æхсæвы. Смæкъуылтæ йæ кодтой æмæ йæ аластой сæхимæ. Уалыты кæсдæрты мæстæн кæ- рон нал уыдис. Уæд зондджын Тæтæрхъан иу изæр фæскуыст фæсидт мыггагмæ. Фæсивæд уайтагъд атыгуыр сты сæ хисдæры алыварс. Тæтæрхъаны хъæлæс æрвнæрæгау азæлыд ныхасы адæ- мыл: — Мæ хъæбатыр кæсдæртæ, æз хатын: уæ кæрдтæ сæ кæрддзæмты нал лæууынц, уе ’хсæнгæрзты лулæтæй тæвд нæмыг агæпп кæнынмæ хъавы; фæлæ уæд Тæтæрхъаны зæронд сæрæй бадæн къуыдыр скæнут, сымах уый куы са- разат. Хъыгаг æмæ æгадаг у бæргæ ацы æбуалгъ хъуьтд- даг, фæлæ цæй æмæ нæ масты фæдыл нæхи ма бабын кæ- иæм. Мæ зæххы гæппæл ма фæуæд дыууæ мыггагæн фы- дохы æхсидав. Фæлтау ма сæ афæрсæм, кæд ма мæкъуыл- тæ æрбаппарой сæ бынатмæ, уæд уый хуыздæр, кæннод дыккаг хатт ауынаффæ кæндзыстæм. Фæсивæд базмæлыдысты. Райхъуыст мæстыйы хъæртæ: — Курæм дæ, дада, бар нын радт æмæ нæ тыхгæнджы- тæн дзуапп радтæм. — Тæтæрхъаны сæр йæ мæрдон сыджытыл ма сæмбæ- лæд, сымах уал зондæй куы нæ бацархайат. Нæ мæ фæыды туджы зæйтæ фенын. Ныссабыр сты фæсивæд, фæлæ сæ йæ масты уылæн пикæмæн байсыст. Фыдбылызы арты цæхæртæ дард схъи- уаентæ кодтой æмæ æхсарджын фæсивæд цъæх фæздæг уагътой. Бонæй-бонмæ хæрамдзинады лалым дымсти. Ныггуыпп кæиынмæ йæ бирæ нал хъæуы, судзины бырынкъ дæр фаг Уыди æмæ уыцы масты лалым дыууæ мыггагыл ныппырх Уыдаид. Мыггæгтæ сæ хотыхтæ æркъæппæввонгæп дард- 87
той, æнхъæлмæ кастысты, кæд райдайдзæн тохы бон, уы~ мæ. Тæгаутæн сæ сылгоймæгтæ донхæссынмæ дæр нал уæн- дыдысты æнæлæг æмбал. Фæцис уыцы сæрд. Ныллæууыд карз зымæг. Бæрзонд хæхтæ сæ урс зачъе нал дастой, урс кæрц æроакодтой суанг къæхты бынмæ. Тæтæрхъан Уалыты æхсарджынты тыхир- гъæвд кодта. Дыккаг хосгæрдæн куы ныллæууыд, уæд та Битары фырттæ Тæтæрхъаны уыгæрдæн ныддастой. Ацыхатт Тæ- тæрхъаны стыр зондыл маст фæуæлахиз, фæсидт йæ кæс- тæртæм æмæ сын мæсты хъæлæсæй афтæ: — Худииаджы худ уын фæхæссын кодтоп æнæхъæн афæдз. Æгады лæдзæджимæ уæ фервыстон. Ныр ссæут æмæ уыцы уыгæрдæн рассивут. Йæ хосы мур ын уæхиуыл адих кæнут. Мæн дзы иу дæндаг схъауæп дæр нæ хъæуы! Уалыты æхсарджыптæ æдхотыхтæ айтæ-уйтæ пал фæ- кодтой, фæлæ хæстæввонгæй сфардæг сты уыгæрдæнмæ. Кæсынц æмæ уæлæ уыгæрдæн рассывтой Битары фырт- тæ. Ныр кæсдæр мæкъуылыл лæууы, иннæ та йæм тъы- фылтæ дæтты. Фæцыд топпы гæрах æмæ лæппу мæкъуылы сæрæй уыцы иу схъиуд ракодта. Нæ йæ фæци сыбыртты боп дæр. Иннæмæн цы бамбарын хъуыд хабар. Йæ сагой фехста, фæуад йæ хотыхтæм. Къутæраууон æрбадт. Фæ- лæ иуæн дыууæ ’фсад, мæ хур. Уалытæ лæг бæрцæй тынг бирæ уыдысты. Æртыхстысты уыгæрдæны кæрæтты, хæст сытынг. Топпы фæздæг, мигъау, ныббадт хъæды сæрмæ. Уæдмæ Тæгаутæ се ’рвадæлтæн æххуысмæ фæзындысты. Хæст тынгдæр сцырын. Туг лæсæнтæ кодта чысыл уыгæр- дæны. Уæззау цæф фæци Битары хисдæр фырт, æцæг йæ уд нæ аскъуыд. Цæфтæ уыди Уалыты фæсивæдæй дæр, фæлæ дзы уды зиап нæ уыди. Изæрмилтыл сæ ипнæ мыггæгтæ тыхтæ-амæлттæй пый- иргъæвтой, уæд цы уыдаид! Зондджын Тæтæрхъан та ныллæууыд, цæмæй мыггæг- тæ бафидауой æмæ фæсивæд сæ кæрæдзийы кæрдтыл ма- уал æфтой. Фæлæ Тæгаутæ кæд лæгбæрцæй цух уыдысты, уæддæр сæ туг агуырдтой карды комæй. Уалытæ та сæхи азимаг кæ хуыдтой. Гъе, æмæ та фыдбылызы арт сцырын. Дыууæ мыгга- джы æхсарджынтæм та мæлæт йæ сау ком айвæзта æмæ сæ аныхъхъуырынмæ хъавы. Рацыд иу цалдæр азы. Иу джиуæргуыба æхсæв уæлæ Сæриттаты уыди чындзæхсæв. Тæтæрхъаны æфсымæры лæппу Тегъо дæр фæци уыцы чындзæхсæвы. Чындзæхсае- 88
вы фæстæ, æнафоны сæхимæ рацæуыныл ныллæууыд. Фы- сымтæ йæ кæм уагътой, диссæгтæ æмæ æмбисæндтæ фæ- кодтой, фæлæ расыг лæгмæ цы хъары! Рафардæг. Чидæр дзырдхæссæг фæци Тæгаутæм, зæгъгæ, уæ хъа- ру æмæ уæхæдæг, уе знæгтæй уæм иу хæрзæнцонæй æфты æмæ фезмæлут. Тегъо, хъæуæй дзæвгар куы рауад, сæхи- рдæм куы фездæхт, уæд ыл йæ нуæзт æртæфст æмæ фæн- дагæн уæлбылмæ бахызт, æрбадт æмæ йæ хуыссæг йе ’намонды ахст акодта, афынæй. Тæгауты фæсивæд æй уым æрæййæфтой, йæ дзаумæттæ йын раластой, мадуард бæгъ- нæг æй скодтой æмæ йæ скъуыхтæ кодтой. Уалытæн сæ бæлццон куы никæцæй зынд, уæд дыккаг бон фæфæдис кодтой. Сæриттатæм гæрзифтонгæй бами- дæг сты. Уым сын, куы рахабар кодтой, зæгъгæ, махæй дзæбæхæй ацыд, уæд ма Уалытæн цы бамбарын хъуыд хабар. Сæхирдæм нæ, фæлæ уыцы иу цыдæй балæууыдыс- ты Тæгауты хъæууынджы. Карз тох та сын бацайдагъ. Тæгаутæ сæ тыхтæй сæ бон зыдтой æмæ сын цы дын- джыр мæсыг уыди, сывæллоны онг уым бамидæг сты. Уæд Уалытæ сæрвæтæй раскъæрдтой Тæгауты фосы муртæ æмæ афардæг сты. Тæтæрхъан та ног масты бахауд. Рахъуыды-бахъуыды райдыдта æмæ фервыста мыггæгты дзырддзæугæтæм, цæ- мæй амæй уæлдай лæгмæрдтæ мауал æрцæуа. Æвзæрст лæгтæ ратæрхон-батæрхон фæкодтоп æмæ ныллæууыдысты ахæм тæрхоныл:^ Мыггæгтæ бафидауæнт. Лæгмæрдтæ бæсты-бæсты ба- цæуæнт. Аххос сæйраджы дæр Тæгаутæм кæй хауы, уый тыххæй Тæгаутæ Уалытæп радтæнт чызг. Афтæмæй лы- мæнтæ бакæнæнт æмæ туг æхсад æрцæуæд цард-цæрæн- бонтæм. Дыууæ мыггаджы дæр сразы сты ацы тæрхопыл, уæдæ цы! Тæгаутæ Тегъойы куы амардтоп, уымæй йын ссæдз азы раздæр райгуырд дыууæ фаззоны — чызг æмæ лæппу, уæ рын бахæрон. Адæм, хæстæджытæ фæцип кодтой ног гуырдтыл. Стыр куывдтæ фæкодтой сæ цæрæнбонты тых- хæй æмæ сабитæ рæзыдысты, уæдæ цы! Уæд иу хосгæрдæн райсом Тегъо ссивынмæ араст æмæ йæ усæн афтæ: «Сывæллæттæ искæмæн афæдзæхс æмæ нæ куыстмæ фæцæуæм». Ус уæлдай ницыуал загъта, рауад уыпгмæ, фæлæ алчи дæр атындзыдта йæ уыгæрдæпмæ. Фаз- зæттæ гæзæмæ ауадысты сæ къахыл. Мад йæ дыууæ саби- йы афæдзæхста хъæуы асдæр сывæллæттæп, цæмæй сæм сæ хъус дарой. Алчи йæ куыстыл удисæджы архайдæй архайдта. Хъæ- 89
уы ас адæмæй ничиуал уыди, æрмæст сабиты хъæрахст хæхтæ арыдта. Хъазгæ-хъазгæ сывæллæттæ хъæууынгæй дæлæмæ-дæлæмæ комы ’рдæм адзæгъæл сты. Гъе, æмæ Тегъойы фаззон чызг сæ фæстæ куы быргæ, куы дуртæ æмæ хъæдтыл хæцгæ, лæсыди. Лæппу сæ кæрты къæсæр- гæрон бафынæй æмæ иннæ сывæллæттæй фæиппæрд. Уæд иу дæлæрдыгон базаргæнæг лæг Андро, зæгъгæ, Иры хъæутæм хаста лыстæг базайрæгтæ. Гъе, æмæ уыцы Апдро фыррасыгæй фæцæйцыд сæхимæ. Йæ голджытæ цыхтæй, царвæй, рæвдуанæй — седзаг. Уый сывæллæтты хъæдгæрон куы ауыдта, уæд сыл тæрсæн хъæр фæкодта. Уыдон куыд сæрæндæрæй лидзынмæ фесты, фæлæ Те- гъойы фаззон чызг фыр тæссæй æрхауд йæ мидбынат. Скуыдта æмæ тæригъæддæг цæстæнгасæй скаст лæгмæ. Андройæи æваст йæ сæры фæмидæг ахæм хъуыды: «Ахæссон æй. Æнæзæнæг дæн, бахъомыл æй кæндзынæн æмæ мын кæд зæрдæмæдзæугæ нæ рауайа, уæд æй искæ- мæн ныууæй кæндзынæн». Сывæллоны систа бæхмæ æмæ йæ афардæг кодта. Изæрæй Тегъо æмæ йæ ус куы ’рыздæхтысты æмæ сæ чызджы куынæуал æрæййæфтой, уæд де знагыл дæр уыдон бон куы ’ркодтаид. Ус, йæ рустæ тонгæ, зæрдæхалæн хъар- джытæ кодта. Агурынц сыхæгтæ дæр. Иу къуым, иу дуры бын, иу къæдзæхы дыдагъ æнæсгæрст нал ныууагътой, фæлæ ницыуал ссардтой. Сæ зæрдæ Тæгауты ’рдæм æх- сайдта, фæлæ ацы хъуыддаджы уыдон раст уыдысты. Номы хист скодтой, мæ хур, Тегъо æмæ йæ ус, цæмæй се ’рхæндæг зæрдæтæ фæрогдæр уыдаиккой, фæлæ уæддæр чызджы мад Фадизæ дзыназгæ агуырдта йæ хъæбулы. Æрæздæхон та ныр фæстæмæ, Уальттæ æмæ Тæгаутæ куыд бахæстæг кодтой, уымæ. Гъе, æмæ дын уæд иуахæмы Тæтæрхъан барвыста Тæ- гаутæм, зæгъгæ, уæ къухæй мард цы Тегъо фæци, уымæн баззад лæппу. (Æссæдз азьт размæ цы чызг фесæфти, уый фаззон бахъомыл, йæ ном та Сæуæхмæт хуьтнди). Гъе, æмæ, дам, нын уьтмæн хъуамæ бахæлар кæпат ^ызг. Тæгаутæ дæр æмæ Уальттæ дæр бæгæнытæ бахсыстой дынджыр цæджджинæгты. Фынгтæ фæкодтой æмæ хæлæрт- тæй сæ хæдзæрттæм фæцыдысты. Тæгаутæ Тæтæрхъанæп ралæвар кодтой ифтыгъд бæх. Тсгъойы усæн дæр къабайæгтæ, йедтæ. УаЛьттæ дæр сæхи æгадмæ нал æруагътой æмæ сын ра- лæвар кодтой галæй зæгъ, хъугæй зæгъ, суаьт льтстæг фо- сьт онг. 90
Уæд лымæны хабар скъобор. Иу фæсахсæвæр Тæгауты Битары кæрты балæууыдысты Уалыты усгуртæ. Сæуæх- мæтæн Битар хъуамæ йæ иунæг чызджы усæн радта, куыд дзырд уыдысты, афтæмæй. Битармæ уыдис диссаджы æгъуыстаджы рæсугъд чызг. Цыди йыл дыууæ æмæ ссæдз азы. Кæрæф Битар хинæйдзаг хъæлдзæг скодта йæхи, ны- сапгарз райста. Æгæристæмæй ма ахæм кой дæр ракодта, зæгъгæ, мын мæ лæппуйы сымах амардтат, мæыæ ме си- ахсаджы фыд та мах къухæй йæ мæлæт ссардта, æмæ ныр Сæуæхмæт уæд мæ хъæбул абонæй фæстæмæ. Мæ иу- нæг чызджы йын хæлар кæнын æмæ хæларæй фæцæрæнт зæронды бонмæ. Сæуæхмæтæн йæ зæрдæйы ныххаудта Битары чызг Махъала. Тынг æй бауарзта, йæ цинæн кæрон нал уыди. Æцæг, чысыл йæ зæрдæ æнкъард кодта, йæ фыды мардмæ йын æй кæй дæттынц, уый тыххæй, фæлæ ирон фæтк æмæ намыс афтæ домдта. Ныр уал чызджы хабармæ æрæздæхон. Ма ферох кæ- нут, ам мæ таурæгъ цæуыл фæлыг кодтон, уый. Андро æмæ Битар хæлæрттæй цардысты. Иу бон Битар уæлбæхæй ныммидæг йæ хæлар лæг Андромæ. Уый йыл бацинтæ, баузæлдтытæ кодта æмæ сырх сæнæй ахъаззаг ■куы барасыг сты, уæд Битар фæрсы Андройы: — Ацы чызг дын кæй у, æнæзæнæг куы стут, уæд? Андро нсдуг йæ ныхæстæ арафæлив-бафæлив кодта. стæй уæд дзуры Битары хъусы: ацы чызг мыл бафтыд иу аст азы размæ уæ хæхты ’рдыгæй цæугæйæ. Битар фестъæлфыд æмæ йæхинымæр ахъуыды кодта: «Уый Тегъойы чызг ма уа?» — Уый у, уый, мæ хæлар, фæлæ, дæ хорзæхæй, макуы мацы срæди. Чызг зонгæ дæр нæ кæны, йæ хабар куыд рауад, уый. Битар иудзæвгар ыицыуал загъта. Цалдæр гаджыдауы ма рауагътой, стæй афтæ зæгъы Андройæн: — Рауæлдай кæн дæ давæггаджы. Хæларæй цæрæм æмæ не ’хсæн ацы къæрыыхæггагыл дæр бафыдауæм. Цы ’рдомай ыæ аргъмæ, уымæй дын мæыæ лæг. Андро, базаргæпæг лæг, аргъы кой куы фехъуыста. уæд йæ былтæ зыдæй астæрдта, ыæ фыыдзы бын аыыхгл æмæ афтæ зæгъы: — Фæуæд дæ дзырд, æрмæст... -— О, мæ мард фенай, Андро. Нæ мæ зоныс, нæ'-> — Уæдæ, æз рахау-бахау кæнын, уый зоныс æмæ мын иу фидар уаргъхæссæн бæх радт æмæ йæ акæы. Бæргæ 91
мын нæ уыди ауæлдайкæнипаг, фæлæ йæ дæуæн дæттын. Битар чызджы рафардæг кодта æмæ йæ ба^хъомыл кОдта. Номхæссæны сылгоймаг рацыд, кæмдæр, номхæс- саены. Гъе, æмæ ныр кæрæф, налат Битар сфæнд кодта хо æмæ æфсымæры тæригъæды бацæуын, хо æмæ æфсымæ- ры фæтугхæццæ кæнын. Архайдта, цæмæй чындзæхсæв тагъддæр уыдаид. Хо æмæ æфсымæр цæмæй æмбæрстой, ахæм æбуалгъ худинаджы сæ æппары æдзæсгом Битар. Уымæи æмæ Уалыты чызджы фесæфт дыууæ æмæ ссæдз азы размæ уыд. Кæй фæсонæрхæджы уыдаид ахæм хабар?! Уæд иу бон Битар фæзынд ирæдисæг Уалытæм. Уалы- тæ сæхи цæттæ дардтой сæ лымæнты фæзындмæ æмæ сæ хорз суазæг кодтой. Даргъ æмæ уæрæх зæхбын хæдзары æхсæв-бонмæ арт никуы æрнымæг. Фынгыл æвæрдтой цъыс-цъысгæнгæ бур физонджытæ даргъ æхсæр хъæдæй арæзт уæхстытыл. Даргъ фынджы фарсмæ Ьадынц Тæтæрхъаны ирæдис- джытæ. Йæхæдæг сæ уæлейæ йæ фыдæлтыккоп къæлæт- джыныл фæстæуæз йæхи ауагъта, афтæмæй. Ногæй-ног- мæ уадзы гаджидаутæ. Бирæ раныхас-баныхасы фæстæ ахицæп кодтой, ирæдæн цы æмбæлд, уый: иу бæх, цыппар галы, дæс хъуджы, дыууиссæдзы та лыстæджытæ, арахъ- хъуадзæп æрхуы аг æд мили. Ирæд куы ахицæн, уæд Битар бахъæлдзæг. Йæхими- дæг загъта: «Уæхи сойæ уын айсæрстон уæ былтæ, мæ лы- мæнтæ...» Сæуæхмæт уырдыг лæууы уазджыты раз. Архайы, цæ- мæй аккаг лæггад сарæхса йæ каистæн. Йæ дыпджыр ирæд мурмæ дæр нæ дары, кæд хæдзары цыппæркъахыгæй ни- цыуал аззад, уæддæр. Йæ цæсты разæй нæ хицæп кодта йæ рæсугъд Махъала. Фæззæджырдæм бонтæ цыОырдæр кодтой, къуыритæ кæрæдзи æййæфтой, фæлæ Сæуæхмæтмæ та афтæ каст, цыма бонтæ размæ нал æггуырсынц, ныддаргъ æмæ ныб- бирæ сты. Æрбалæууыд джиуæргуыбайы къуыри. Номхæссæны чыпдзæхсæвмæ йæхи цæттæ кæпы зæронд Тæтæрхъан. Иу къуыри раздæр фервыста æгас комбæстæм хопджытæ, зæгъгæ, мæ йæхицæй чи хопы, чи мæ æфсæрмы кæны, уый мæм-иу фæзынæд уыцы æмæ уыцы бон. Иудзырдæй, зынг- æвæрдау цæттæ уыди æппæтæй дæр. Уæд дын иу райсом Махъала æнкъардæй абадт къо- найы фарсмæ. Битар уыцы рæстæджы æрбахызт уынгмæ 92
æмæ чызджы афтæ æнкъардæй бадгæ куы федта, уæд æй хин фарст акодта: — Цы дæ хъуын сфæлдæхт, рынчын родау, цæуыл æн- къард дæ? Æз дын цы къайаг ссардтон, уый цинæй дæ бынаты æндæр чызг æдзух къуымты кафгæ æмæ заргæ цæуид. Махъала йæ мидбынаты базмæлыд æмæ ныллæг, æн- къард хъæлæсæй афтæ зæгъы: — Уый тыххæй, мыййаг, куынæ æпкъард кæнын, фæлæ... — Уæдæ цæуыл у дæ зæрдæйы сагъæс? Чызг фестад, хæстæг бауад Битармæ, йæ разы уырдыг слæууыд æмæ йын лæгъстæгæнæгау дзуры: — Курьш дæ, хуыцауæй курæгау, æмæ мæ мæ ный- йарджытæм ауадз. Тынг сæ æрæмысыдтæн. Фсндзынæн мæ мад æмæ мæ фыды æмæ уайтагъд фæстæмæ фсздæх- дзынæн. Махъала йæ ныййарджытæ Андро æмæ йæ усы æн- хъæлдта. Битар фенæууæнк чызджы ныхæстыл. Иæхинымæр ахъуыды кодта: ныр цалдæр азы рацыд, ацы чызджы куы ’рбакодтои, уæдæй нырмæ æмæ йæ ныййарджыты кой куы никуы скодта, уæд ыл ныр цы ’рцыд? Кæд исты æрфип- пайдта, уæд ме сæфт æрцыд, æндæр ницы... Стæй йæ афар- ста: — Афтæ тынг дæ цæмæн æрфæпдыд сæ фенын? — Ау, искæй ма йæ ныййарджыты фенын нæ фæнды?! — Дæ ныййарджытæ сты, уый æз дæр зонын, мæ хур, зонын, фæлæ дæ æз схъомыл кодтон. Мæнæ дæ æввахс бонты чындзы куы æрвитын. Чындзы куы ацæуай, уæд уы- цы лæппуимæ фæцæудзынæ дæ ныййарджыты фснынмæ, мæ хур. Уыдонæн дæр уæд æхсызгон уыдзæн уæ фенд. Ныр та мæнæ фырæнæвдæлонæй нæ къухтæм æмхасæнтæ куы кæнæм. Нымад бонтæ ма баззад джиуæрыгуыбамæ æмæ дын кады митæ кæнинаг куы дæп, уæд нæ уырдæмы- ты цæуынтæм æвдæлы! Кæрæф лæджы фæлывд ныхæстæм та чызг æрæн- къард. Йæ хъуыр æрбауынгæг. Йæ кæуын нал баурæд- та æмæ йæ фæлмæн рустыл ставд цæссыгтæ æртылдысты. Цыдæр амопд æй лæдзæгæй схойæгау кодта йæ ныййар- джытæм. Чызг фæкъæйных æмæ æнæрынцайгæ, йæ хъуыры цъар ивазгæ, лæгъстæ кæны, дзыназы æмæ кæуы, пицæмæ уал ком дæтты. Битарæн æндæр хуыздæр гæнæи пицыуал уыд æмæ сразы Махъалайы ауадзыныл. 93
Дыккаг бон Махъала сæумæцъæхæй цингæнгæ араст. Уынгæй куыд ахызт, афтæ ма йæ хъустыл ауад Битары хъæр: — Тагъд-иу раздæх, мæ хур, тагъд! Цæуы Махъала, тындзы размæ æмæ хæрз изæрæй ных- хæццæ, йæ ныййарджытæ кæй хуыдта, уыдопмæ. Бирæ йыл фæцинтæ кодтой Андро æмæ йæ ус. Куыннæ цин кодтаид æнамонд чызг, стæй æнкъардæй афарста Андройы: — Зæгъ мын, мæ фыд, æрмæст уын мæны йеттæмæ нæ уыд нæдæр чызг, нæдæр лæппу? — Андро фæцырд дзуап- мæ. — Нæ уыди махæн зæнæг," мæ чызг. Зæнæджы ад æр- мæст дæуыл базыдтам. Махъала йæ цæнгтæ атыхта, йæ фыд кæй хуыдта, уы- цы Андройы хъуырыл, æмæ йын æрхæндæгæп дзуры: — Уæдæ уын кæд иунæг æз уыдтæп, æндæр ничи, уæд мæ цæмæн схъеллауаг кодтат, цæмæн мæ радтат кæрæф Битарæн?> Чындзы искæй уæзæгæй цæмæн цæуын? Цы хæ- лæг мын кæнут нæхи хæдзарæй чындзы фæцæуын? Бирæ цыдæртæ дзурипаг ма уыд чызг, фæлæ фыртых- стæй йæ кæуын фæраздæр... Андро тæригъæдгæнаг никуы уыди, фæлæ йæм ныр тынг бахъардтой Махъалайы тæригъæддаг иыхæстæ æмæ рафæнд кодта ныртæккæ пе ’дзæсгом хабæрттæ фæдзу- рын. — Мæхи æнамонд Махъала. Ныббар мын æппæт дæр. Æз тынг æдзæсгом хъуыддаг сарæзтон. Мæнæн хъуамæ иунæг хуыцау ма ныббарид дæ тæригъæд... Æз нæ дæн дæ фыд, нæ дæр мæнæ не ’фсип у дæ мад... Дæ ныпйар- джытæ сты æндæртæ, Уалытæй. Битары фырт æрæджы цы Тегъойы амардта, гъе, уый уыди дæ фыд, дæ мад та йæ ус — Фадизæ. — Чи у мæ фыд?!. Уæдæ мæ фыды марджытæ... Мæн мæ мады зæнæгæн... — афтæ ма скъуыдтæ дзырдтæй сфæ- рæзта чызг. Йæ цæсгом афæлурс, былтæ ачъырццæ сты æмæ Андройы раз уазал зæххыл æрхауд, фæуадзыг. Тых- тæ, амæлттæй йæ æрчъицын кодтой, фæлæ йæ зæрдæхалæн куыдмæ хæдзары къултæ сыггай згъæлдысты. Куыддæртæй йæ рсабыр кодтой. Æппæт дæр радзырдта Андро чызгæн. Куыд æй æрхаста ардæм, Битарæн æй куыд ауæй кодта... ш Сонт стад фæкодта йæ бынатæй æмæ та атыхст Андро- йыл: — Бузныг, стыр бузныг, кæй мын батæригъæд кодтай. уый тыххæй. 94
Дыккаг бон æнкъардæй араст Махъала хохы ’рдæм. Йæ сау цæстытæ ныссырх сты фыркуыдæй. Кæрты лæугæ сæййæфта Сæуæхмæты. Лæппу йæ куы ауыдта, уæд йæ цæсгом фæрухс, йæ мидбылты йæм бахудт. Чызг дæр йæхи тыххъæлдзæг скодта, йæ цæнгтæ дард ай- тыгъта æмæ ныттыхст Сæуæхмæтыл. Ныхъхъæр кæнынмæ йæ бирæ нал бахъуыд, мæ мады зæнæг, зæгъгæ, фæлæ йæхи тыхурæд ныккодта. Кæд чызг лæппуйыл мады зæнæджы цинæй цин кодта, уæд лæппу та афтæ æнхъæл уыди, къайаджы уарзтæй йæ уарзы æмæ йын нымæг хъæлæсæй дзуры: — Уаыцон нæу, Махъала. Худинаг у, исчи нæ куы фе- на... Хинæйдзаг Битар абон райсомæй нырмæ йæхи кæрты къуымты радав-бадав кæны, рафт-бафт кæны, йæ сау зæрдæ йын цыма кæрчытæ сæ фидар цыргъ фындзтæй къурцц кæнынц, афтæ тыхсы. Ныр хæдзары къулы аууонæй йæ иу цæст æрбадарта, лæппу æмæ чызгмæ аивæй кæсы, æмæ сæ кæрæдзийыл атых- сгæ куы федта, уæд йæ бирæгъы зæрдæ барухс, йæ рпуы дзаг зыд улæфт скодта. Уыцы æхсæв Сæуæхмæт сæхимæ нал раздæхт. Сиахсы зылдтытæ куы акодта, Махъала дæр йæ митæ коид куы фæци, уæд та уынджы фæхибар сты. Сæ алфæмблайы сæ цæст куы никæуыл схæцыд, уæд Махъала фæрсы Сæуæх- мæты: — Мæ зынаргъ Сæмæт, уæдæ ды дæр мæнау иунæг дæ, нæ дæр дын хо уыдис, нæ дæр æфсымæр? Чызджы æнæнхъæлæджы фарстмæ лæппу фенкъард, арф ныуулæфыд æмæ ныллæг хъæлæсæй дзуры: — Æфсымæр мын нæй, нæ дæр мып уыди. Фæлæ мын иунæг хо уыди, фаззæттæ уыдыстæм. Мæ ныййарæг мад куыд фæдзуры, афтæмæй иу бон куыстæй куы ’рыздæхтыс- ты мæ фыдимæ, уæд æй нал ссардтой. Бирæ йæ фæраца- гур-бацагур кодтой, фæлæ кæм æрбадæлдзæх, уый абоны онг дæр ничи ма зоны, — загъта Сæуæхмæт æмæ та дæлæ- уæз сулæфыд. — Уæд та ахæм амонд куы уаид, æмæ дæ иунæг хойы ныр æвиппайды куы ссарис, уæд дæхи куыд банкъарис? — сдзырдта чызг. — Уæд а-дунейыл мæнæй амондджындæр нæ уаид, мæ- хи иунæг æмæ мæгуыр нал схонин. Фæлæ уый фесæфынæй абонмæ дыууæ æмæ ссæдз азы рацыд. Æз мæ хойæ исты ^абар куы фехъусин, æмæ дыккаг бон мæ мæлæт куы Уаид. 95
— Зæгъæм, фæзынд дæ иунæг хо, уæд мæн фылдæр уарзис æви дæ хойы? — Дæу нырмæ куыд уарзтон, афтæ дæ уарзип, дæхи бынаты, фæлæ мæ иунæг, æнамонд хойы та уарзин мадьь зæнæджы уарзтæй. Фæлæ ахæм хорздзинад не ’рцæудзæп æмæ ма ахæм ныхæстæ дæр цæмæн хъæуынц, — æмæ та Махъалайы йæ риумæ куы ’рбалхъывта, æгæрыстæмæй ма йын аба кæнынмæ дæр куы рахъавыд, уæд иунæг æфсы- мæры раз уырдыг æрлæууыд æмæ афтæ зæгъы: — Нæ, мæ мады зæнæг, æз æмæ дæуæн афтæ нс ’мбæ- лы. Иунæг хуыцау нае бахъахъхъæдта. Æз дæн дæ иунæг хо, хæрз чысылæй дын чи фесæфт, уый, — йæхи баппæрста Сæуæхмæтыл, йæ хъуырмæ йæ æрбалхъывта, кæуын æй нал бауагъта. Сæуæхмæт фæсонтау, иу уысм ницыуал ба- фæрæзта, йæ домбай уæнгтæ барызтысты дымгæ боны гæ- ды бæласау. Æппынæрæджиау æхгæд хъæлæсæй афтæ зæ- гъы: — Нæй, уый нæ уыдзæн. Уæд мын иырмæ цæуылнæ дзырдтай, мæ хо дæ, уый? — Цæуæм уал ныр æвæстиатæй нæ пыййарæг мадмæ, не ’рвадæлтæм, фенон тагъддæр мæ фыды уæзæг, — æмæ æхсæвы тары нал фæзындысты. Зыд æмæ æнæфсис Битар рауад уынгмæ. Арауай-ба- уай, арацагур-бацагур ма кодта лæппу æмæ чызджы, фæ- лæ йæ уыдон къæпдзыхæй фæуагътой. Куы бамбæрста, лæппу æмæ чызг афардæг сты, уæд фæдисы хъæр ныккодта, зæгъгæ, мын мæ чызджы уыцы налат аскъæфта. Сæуæхмæт æмæ Махъала сæ кæртмæ куы схæццæ сты, уæд та чызгæн йæ уынгæг зæрдæ нал бабыхста æмæ йæ хъæлæсыдзаг ныхъхъæр кодта: — Кæм дæ, мæ ныййарæг мад. Æрцу нæм, мæнæ де сæфт чызг дæ къæсæрыл æрбалæууыд. Уæ, иуиæг хуыцау, цы адджын у фыды уæзæг! Фæдисы æнæнхъæлæджы хъæрмæ Фадизæ сæ кæртмае рауад. Тарстхуызæй кæсы куы йæ лæппумæ, куы та йе ’пæзонгæ чызгмæ. — Гыцци, дыууæ æмæ ссæдз азы кæугæ æмæ ниугæ мæрдтæм кæй тыххæй дзынæзтай, уый мæпæ дæ разы æр- лæууыд, — сдзырдта лæппу. Фадизæ ма иу хъæр фæкодта æмæ фæстæмæ ахауд, йаг цæстытæ ма фæирд кодта æмæ йæ зæрдæ банцад йæ ку- сыиæй. Хъæубæстæ уайтагъд æрбамбырд сты. Чи Махъалайыл 96
цинтæ кодта, чи та зæрдæхалæн хъарджытæ нывæзта Фа- дизæйы æнамонд мардыл. Иууыл зæрдæхалæндæр уыд Махъалайы хъарæг: «Уæ мæ ныййарæг мад, æз дын æнамонды гуырд куы фæдæн. Ай фæлтау дæм куынæуал æрцыдаин». Уалытæ куыдæхсарджынæй æд хотыхтæ æрæмбырд сты. Хъæуæй чысыл æддæдæр сæхи рæвдз кодтой, цæмæй бабырсой Тæгаутæм æмæ сæ быныскъуыд скæной. Зонд- джын Тæтæрхъан уайтагъд бафиппайдта, йæ кæсдæртæ цы сфæнд кодтой, уый æмæ бацыд фæсивæды размæ. Иæ худы зæронд йæ сæрæй систа æмæ æнкъард, уынгæг хъæ- лæсæй райхъуыст — Уæ, мæ кæсдæртæ, абон махæн у цин æмæ хъыджы бон, абон цы нæма ’рцыди, ахæм æмбисонд æркодта мæ хæдзарвæндагыл. Цæй æмæ уал нæ зиан йæ сыджытыл сæмбæлын кæнæм. Не сæфт чызгыл та, мæ хуртæ, цин фæкæиæм. Стæй уæд, мæ зæронд сæр сыджыты ныгæд ма ’рцæуæд, æз ма сымахæп уæ фæндаг куы æрæхгæнон! Уалыты æхсарджынтæ сæ хотыхтæ æруагътой, кæрæ- дзимæ бакастысты æмæ æнкъардæй æрбаздæхтысты Тæ- тæрхъаны кæртмæ. Сæуæхмæтæн цыдæриддæр бацæттæ кодта Фадизæ ка- ды чындзæхсæвæн, уыдон йæ хистæн сфæлхас кодтой. Тæгаутæ хъуыддаг бамбæрстой æмæ се уокджы мигъ ныб- бадт. Мæсыджы сæр хъахъхъæнæг баурæдтой, цæмæй сæ Уалытæ æнæнхъæлæджы ма сисой сæ карды фындзтыл. Уалытæ сæ фынгæй куы сыстадысты, уæд, сæ разæй Сæ- уæхмæт, афтæмæй сæ бæхтæ кæмтты фæцагайдтой Тæ- гауты мыггагмæ. Бон фæлыгъд дард кæдæмдæр, цæмæй цы æвирхъау цаутæ æрцæуинаг уыди дыууæ мыггаджы ’хсæн, уый ма фена æмæ йæ хъуыддаг æхсæвы æвджид бакодта. Бæстæ ныссабыр. Кæмттæ ныттар, нытталыиг сты, аф- гæ Уалытæ хæстæввонгæй бамидæг сты Тæгауты уыиджы. Цæвиттон, афтæ хæстæг сæ æнæхæстæй нæ бауагътаиккой, фæлæ æхсæвы тары хъахъхъæнæг пæ бафиппайдта тых- гæнджыты æрбабырст. Гъе, æмæ, мæ хур, уайтагъд Тæ- гауты уæзæг топпы гæрах фестад. Бæргæ ма фсвнæлдтой сæ хотыхтæм, фæлæ ферæджы. Тæгауты хисдæр ыыхъхъæр кодта: — Мæсыгмæ, мæсыгмæ, мæ хуртæ, науæд нæ быны- скъуыд фæкæндзысты! Тæгауты хæстонтæ уайтагъд дуры мидæг бацыдысты азмæ Уалытæ : ницыуал гæиæп æмæ амал уыди. Уынгты аербацæйлыгъди иу куыдз. Сæуæхмæт æм йæ хотых фæ- ?• Бя’.ырты Д. 97
царæзта, фæцыд гæрах. Æнамонд куыдз æваст йæхи къæлæтау фæкъæдз кодта. Зæрдæхалæп хъыс-хъыс нык- кодта æмæ æрхауд. Сæуæхмæт æм бауад, тугкалгæ йæ фел- вæста æмæ йæ сырх фæдгæнгæ аскъæфта Тæгауты уæл- мæрдмæ. Мæрдты дуртæ æмæ йæ цыртытыл аралас-ба- лас кодта, стæй йæ хъæлæсы дзаг ныхъхъæр кæны: — Мæнæ уæ мæрдты риуыл куыдзы тугтæ ацыд æмæ кæд æхсарджын стут, уæд маесыгæй рахизут! Тæгаутæ нал бабыхстой. Уымæй худинагдæр ма цы уы- даид! Гъе, æмæ ратæррæстытæ кодтой сæ мæсыгæй. Кардæй балæбурдтой Уалытæм. Афтæмæй бон фæстæмæ куы раз- дæхт уæлæ бæрзонд хæхты цъуппытæй, уæд банымæг туг- калæн хæст дæр. Нал хъуыст Тæгауты уæзæгæй топпы хъæртæ. Быныскъуыд акодтой Уалытæ Тæгауты, æрмæст ма кæмдæр сылгоймæгтæ бамбæхстысты. Уалытæ сæ мæрдты рафардæг кодтой æмæ сæ ну ин- гæны баныгæдтой. Стæй сыстадысты уыцы æнамонд зæх- хæй, хъæдæй, дурæй ныууагътой сæ бынат æмæ дæлæ Чы- сангоммæ фæлыгъдысты. Ныр уыцы зæххыл æрцардыс- ты Козатæ, уæртæ Мацхарагомы, фæлæ хъæуы ном абоп дæр Уалыты хъæу хуыйны.
КАДЫ НУАЗÆН нусты размæ нæ хохы адæмæн сæ сæйрагдæр куыст цуан кæнын уыди, Уымæй дардтой сæ- хи, састой се ’ххормаг, бæрæг кодтой сæ лæгдзинад цуан кæнын æмæ æхсарæй. Гъе, æмæ алчи йæ удæй цыд, цæ- мæй цуан кæнынмæ æвзыгъд уыдаид, хуыздæр æмæ нард- дæр сырдтæ мардтаид. Адæмæн сæ цард цуан кæнынæй куыд уыди, се сæфт дæр уыцы хъуыддагæй афтæ ардтой нæ хохы хъæбатыр- тæ. Иу ахæмы Цæлхауты идæдз ус Госæмайы дыууæ фаз- зон фырты цуаны иæуын æрæмысыдысты. Æрæмысыдыс- ты, æвæдза, раст нæу. Иу æмæ дыууæ хатты мыййаг куы- нæ фæцьтдысты цуаны, иу æмæ дыууæ хатты мыййаг куы- нæ рамардтой сæрджын сагтæ, нард дзæбидыртæ. Фæлæ ацыхатт сфæнд кодтой дард хæхтæм цуаны фæцæуын. Сæ мад сып æдзухдæр фæдзæхста, зæгъгæ, уыцы æнæдон, æнæ- хъæд хохмæ макуы сфæнд кæнут цуаны фæцæуын. Иæ кой- мæ дæр мæ зæрдæ баризы! Госæмайы мой Бечыр йæ адзал уыцы хохыл ссардта, фæцу æмæ ма ’рцуйы фæндагыл, Бсчыр хъæбатыр цуанон уыди. Ныхъхъавыд, уæд æрду пæ ивгъуыдта. Фæлæ уыцы æнæдон хæхтæм цуаны куы фæцыд, уæд нал æрæздæхт. Сырдты амæттаг баци, гъе, та йæ къæдзæхы лæбырæнтæ аныхъхъуырдтой, уый æр- мæст хуыцау зоны. Уыцы фæстаг цыд куы акодта цуапы, уæдæй фæстæмæ йæ уарзон ус Госæма тарзæрдæ аемæ цæсты сыгимæ æр- выста йæ царды бонтæ. Бечыры ус Госæма æнæфæразон уыд. Йæ мойы фесæф- тæй авд мæйьт куы рацыд, уæд Госæ^ай^ен райгуырд дыу- уæ фаззон фырты. Амондджынæй райгуырдысты Бысал аемæ Бæрсæбег, æнæнизæй рæзыдысты. Сæ цинæй сæ ный- йарæг мад йæ бирæ дудгæбæттæ байрох кодта. Бысал хис- Дæр æфсымæрыл нымад уыди. Цæтшттон, уый раздæр Райгуырд. Дыууæ æфсымæры кæрæдзи цæрмыстыгъд ба- Æ 99
кодтой асæй, хуызæй, зæрдæйæ, иууыл номхæссæн та хъа- руйæ уыдысты. Сæ дыууæ дæр асæй рæстæмбис, фæтæн- уæхск, нуарджын уæнгтæ, сау-сауид цæстытæ, къæбæлдзыг сæрыхъуынтæ... Хъæубæстæ сыл æнувыд уыдысты æмæ сае сæхи хъæбултау уарзтой. Сæ мад Госæма йæ дыууæ хъæ- булæн æмхуызон дарæс хуыдта. Дардтой цъæх цухъ- хъатæ, игæргъуыз куырæттæ, саджы цармæй зæнгæйттæ. Æфсымæртæ æнæ сæ кæрæдзи сæ дзыхмæ къæбæр не схастаиккой, донæй сæхи нæ бафсæстаиккой, Номхæссæны цуанонтæ рауадысты, номхæссæны, Бы- сал æмæ Бæрсæбег. Кæд царды мидæг сæ разы бирæ ных- дуртæ уыди, æгъатыр дуджы зынтæ сæ разы хъендурау лæууыдысты, уæддæр сæ хъаруйы фæрцы царды зьтндзи- нæдтæ фæринк карды æрриуыгъдау лыг кодтой. Нард сыр- ды фыдæй сæхи цух нæ уагътой. Уымæй лæггад кодтой сæ ныййарæгæн. Æфсатийы лæвар сырды фыд нæртонæй уæрстой сæ хъæуы цæрджытæн. Сæ фыды амæлæты хабар сын сæ ныййарæг мад æп- пынæрæджиау раргом кодта. Ныййарæг мад æдас нæ уы- ди, зæгъгæ, мæ хъæбултæ уый куы базоной сæ фыд æнæ- хъæд, æнæдон хохмæ фæцыд цуаны æмæ нал æрæздæхт, уæд сфæнд кæндзысты æмæ сæ фыд цы хæхтæй нал æрæз- дæхт, уыцы хæхтæм уынæг фæцæудзысты. Рамардзысты сæрджын сæгтæ æмæ сырды фыдæй сæ фыдæн рухс зæгъ- дзысты. Иу райсом Госæма куы сыстад йæ хуыссæнæй æмæ уынгмæ куы рахызт, уæд арвыл йæ цæст ахаста. Арв уы- ди мигътæй æмбæрзт. Фæстæмæ баздæхт æмæ йæ фырттæн афтæ: — Мæ хъæбултæ, диссаджы цуаны цæуæн бон скодта, диссаджы. Лæппутæ уыцы рæстæджы сæ хотыхтæ рæвдз кодтой. Бысал йæ дзыхы дзаг ьыххудт æмæ дзуры йæ мадæн: — Нана, цы дын æй сусæг кæнæм, мадыл, ныййарæг мадыл, гадзрахатæй ращеуын худинаг æмæ фидиссаджы нысап у хъæбултæн. Ма\ цæуæм æнæдон хæхтæм. Фенæм уыцы хæхтæ, зонгæ уæддæр кæнæм, нæ фыд цы хæхты фæмард. Мад йæ хъæбулы дзырдтæм исдуг æдзынæг хъуыста, стæй йæ хъуыр æрба^ынгæг æмæ йæ рустыл æртылд дыу- уæ цæссыджы. Атыхст йæ дыууæ хъæбулыл, адджын хъæ- быс сын иыккодта æмæ æнкъардæй загъта: 1— Фæлтау уæ ныийарæг мады кæрдихгай скæнут... Уы- цы хохмæ цуаны ничима фæцыд, æрмæст уæ. фыды йет- тæмæ, æмæ уый дæр нал æрæздæхт. 100
Мад æмæ фырттæ иудзæвгар æнæ дзургæйæ лæууы- дысты. Госæма сæрфта йæ.цæссыгтæ. Æфсымæртæ судзгæ сагъæсты аныгъуылдысты. Æппынæрæджиау Бæрсæбег арф ныуулæфыд æмæ афтæ зæгъы: — Нана, нæ ныййарæг мад, бирæ, тынг бирæ сты дæ лæггæдтæ дæ фыртты раз. Мады дзырдыл «нæ» зæгъын хъæбулæн фидиссаг у, фæлæ куы зоныс, Нана, сом худи- наджы ном цæмæй сбада дæ хъæбултыл, уымæй абон мах, дыууæ æфсымæрæй бахизæм? Нæ хъæуы тæрсын зынтæй, фæлæ сæм хъæуы комкоммæ цæуын, хъару æмæ æхсары фæрцы. Хъæбулы карз дзырдтæ мады зæрдæ айгæрстой, æргом скуыдта æмæ æрхæндæг хъæлæсæй загъта: — Иунæг хуыцау уе ’ххуысгæнæг, мæ хъæбултæ. Дард балцы цæуын сфæнд кодтат, æрмæст уæ фæдзæхсын: дой- ныйæ куы тыхсат, уæд-иу дарддæр цæуынвæнд мауал скæ- нут. Мад йæ хъæбулты фæдыл бирæ фæкаст. Хохы дыдагъы куы фæаууон сты, уæд арф ныуулæфыд, арвмæ скаст æмæ скуывта: — Иунæг хуыцау, дæ бар кæнын мæ хъæбулты. Адза- лæй сæ бахъахъхъæн! Хур арвы уæрæхы куыд бæрзонддæр цыди, афтæ фаз- зон æфсымæртæ сæ райгуырæн хъæуæй кодтой дардæй- дарддæр. Сæрд. Æрдз уыд йæ тæккæ рæсугъдыл. Арф кæмттæй хъуыст æнусон æхсæрдзæпты сæх-сæх. Хъæдæй хъуыст цъиу- ты алыгъуызон зарджытæ. Фæхсытæй дидинджытæ сæ ба- зыртæ сдардтой æмæ сæ диссаджы зæрдæмæдзæугæ тæ- фæй дыууæ æфсымæры рæвдыдтой. Хæхты ’рдыгæй дымд- та рæубазыр дымгæ æмæ дыууæ фаззоны уæнгтæ рог код- та. Бысал æмæ Бæрсæбег цыдысты алы ’рдæм фæлгæсгæ, цыдысты æнææрулæфгæйæ комæй-коммæ, хохæй-хохмæ. Фæцыдысты æртæ боны. Схæрд кодтой æнæхъæд, æнæдон хохыл. Сæ сæрмæ айнæг къæдзæхтæ бæрзонд фæцыдысты. Къæдзæхты æндонгъуыз фæрстæ хуры тынтæм нымæг æрт- тывд кодтой. Иунæг цъиуы уасын никуыцæйуал хъуысы. Арф кæмттæй нал хъуыст ’хсæрдзæнты æнусон зарæг. Æф- сымæртæ æрæнкъард сты, фæлæ сæ ныфс нæ асаст. Бы- сал айнæджы тигъыл фидар ныххæцыд, фæзылд Бæрсæ- бсджы ’рдæм æмæ йын афтæ зæгъы: — Мæ ныфсы мæсыг, уырны мæ ацы æиæдон хæхтæ нæ фыды ингæн кæй сты. Сæ уындæй дæр адæймаджы зæр- дæ æнкъард куы кæны. 101
Куы сæ цыппæртыл хылдысты, куы айнæгæй-айкæгмæ гæпп кодтой, афтæмæй цыппæрæм бон схæццæ сты сæрсæ- фæн къæдзæхы сæрмæ æфсымæртæ. Хæхтыл. къæдзæхтыл сæ цæст ахастой. Алы ’рдыгæй сæрсæфæн былтæ, къæдзæ- хы лæбырæнтæ. Бæрсæбег æмæ Бысал цы айнæг къæдзæ- хы сæр æрлæууыдысты, уый та иннæ къæдзæхтæй — тæс- сагдæр. Рахизæрдыгæй — кæрдгæ хох, галиуырдыгæй — адæймаджы зæрдæ кæмæй уынгæг кæны, уæнгтæ кæмæй нырризынц, ахæм лæбырæн чыс къæдзæ^. Бысал арф ныуулæфыд, йæ сæр йæ риуыл æруагъта æмæ æнкъардæй зæгъы: — Бæрæг у, нæ фыд ацы хæхты йæ адзал кæй ссардта. Дыууæ дæр сæ худтæ систой. Уыйфæстæ арвмæ фæй- нæ гæрах фæкодтой æмæ айнæджы сæр æрбадтысты. Хур ма фæстаг салэм лæвæрдта æгомыг хæхтз? æмæ айнæг къæдзæхтæн. Бысал та йæ алыварс йæ нæст ахас- та, фæкаст сæ бакомкоммæ айнæг къæдзæхы сæрмæ æмæ ауыдта диссаджы рæсугъд саг. Сагæн йæ дæллагхъуыр хуры тынтæм сыгъзæринау тæмæнтæ калдта. "Йæ фæрстæ афтæ лæгъз уыдысты æмæ-иу иуырдæм куы фæзьтлд, уæд- иу хуры тынтæм, ’лвæст фæринкау, сЬерттывтой. Бысялæн саджы пæсугъддзинадмæ кæсгæйæ йе ’нкъард зæрдæ схъæл^ дзæг. Æиæдзургæйæ басхуыста Бæрсæбеджы фарс æмæ йын ныллæг хъæлæсæй загъта: — Уæлæ-ма скæс, нæ хæхты фидауц рæсугъд саг кæ- цæй æркаст! Бæрсæбег фестад, йæ хотых фæцарæзта саджы ’рдæм. Багæпах æй кæна, зæгъгæ, афтæ йьттт Быслл т"æ ^ъоимаг ацахста. — Уый цы ми кæныс, мæ ныфсы мæсыг? Ацьт æдзæрæг хæхтьт мæ зæрдæ уый фендæй куы барухс. Уадз æмæ бæр- зонд хохæй фæлгæса. Чизоны зæххон адæймагæн йæ тыхс- ты уысм цы ахъаз фæуа. Бæрсæбег йæ хотых æруагъта. Иæ хисдæр æфсымæпы дзьтпдыл уæлдай нал загъта. Кæсьтнц дьтууæ ’фсымæры сагмæ уæлæмæ. Кæсьт сæм хо- хы (Ьидауцджын саг уæлей дæлæмæ. Æфсымæртæм афтæ зыны, цыма саджы сыкъатæ апвы хытъыны сфаплæг сты. Æдыхст, æдасæй кæсы хохы фидауц сæпджьтн саг дыууæ æфсымæры ’рдæм. Æвæццæгæн топпы гæрах, тæвд нæмы- джы зæрдæхалæн æхситт никуыма фехъуыста. Æрæджиау йæ сæр уæздан батылдта, айнæджы тигъæй йæхи айста æмæ хохы дыдагъы фæаууон. Дыууæ ’фсымæры иудзæвгар æнæдзургæйæ алæууы- дьтсты. Сæ сагъæстæ сæ дард кæдæмдæр ахастой. 102
Хур йæ зæлдаг æндæхтæ йæ фæстæ тухгæ ныттылд фæсайнæгмæ. Радымдта, зæрдæйæн æхсызгон чи уыди, ахæм уæлдæф. Æфсымæртæн цыма сæ фæллад фæлыгъд, уыйау рог сулæфыдысты, æрмæст сæ дойны тыхсыы кодта. — Донæн ницы амал скæндзыстæм, Бæрсæбег, фæлæ нæ æхсæвæры кой æнæмæнг хъæуы. Уæлæ уæлдæр суа- пæм æмæ нын кæд Æфсати ралæвар кæнид... Афтæ дзургæ йæ хотых йе ’ккой баппæрста æмæ араст сты айнæджы тигъыл дыууæ цуаноны. Топпы гæрах æн- къард къæдзæхтæ ныццарыдта. Бæрсæбеджы гæрахæй нард дзæбидыр хæрдмæ фæхаудта æмæ айнæгæй рас- хъиудта. ÆрТылд айнæджы бынмæ æмæ йæм дыууæ æфсы- мæры кæрæдзи къухтыл хæцгæ ныххылдысты, фæлæ йæ ра- хæссын уыди зындæр. Адæймаг афтæмæй дæр зынæй цыди уыцы кæрдгæ къæдзæхтыл. Нæ фæтыхстыты æфсымæртæ. — Ам æй астигъæм. Бæрсæбег. Уонггай йæ акæндзыс- тæм æмæ йæ ахæсдзыстæм, кæм æрбынат кодтам, уыр- дæм. Æфсымæртæ рæвдз архайдтой. Счъил дысæй стыгътой нард дзæбидыры мард. Æхсæв цадæггай лæсыди комы рæбынтæй, цæст ма гæзæмæ æвзæрста, афтæ æрбахæццæ сты сæ раздæры бынатмæ. Къæй дурты фæсцæгат арт акодтой æмæ уайтагъд физонджыты хæрздæф дымгæ скъæф- та. Нард физонджыты сой цæссыгтæ артмæ гæр-гæр код- той. Арты æвзæгтæ нард физонæгмæ лæбурдтой. Цуанон æфсымæртæн арты рухс сæ цæсгомыл хъазыди. Сцæттæ сты физонджытæ. Æфсымæртæ æрбадтысты. Бысал, йе ’рфгуытæ фелхынцъ кæнгæ, афтæ зæгъы: — Рухсаг у, нæ фыд. Мах разы куыд ис нард физо- нæг, афтæ уæд дæ разы дæр. Æфсымæртæ физонæгæй хорз куы фæминас кодтой, уæд къæй дуртыл хъæбыс-хъæбыс æрхуыссыдысты! Сау- базыр æхсæв сындæггай дыууæ ’фсымæры пæ тар хъæбьг сы банорста. Фаззæттæ афынæй сты, фæлæ æрдзон тыхи- мæ карз тохы бацыдысты, дойны сæ фынæйæ дæр хурх кодта. Бысал тынгдæр сдойны. Бæрсæбег ма дыууæ боны размæ уазал дон банызта, фæлæ уæд Бысалæн дойны нæ- ма уыди. Гъе, æмæ Бысал йæ фынæйæ тынгдæр тыхст. Йæ фыны Бысал цæуы арф комы, алы ’рдыгæй хæл-хæлгæнгæ уайынц уазал суадæттæ. Бысал ныггуыбыр кæны, нуазы аемæ нуазы, фæлæ не ’фсæды, йæ дойиы басæттынæн ницы фæразы. Цæуы дарддæр Бысал. Йæ цуры æхсыргъуыз æх- сæрдзæн айнæджы сæрæй расхъиуы æмæ къæй дуртыл, ав- гау, лыстæг згъæлæн авæййы. Бысал йæ дзых ныххæлиу кæны, йæ сæр æгасæй æхсæрдзæны бынмæ бавæрдта, фæн- 103
ды йæ йæ цæсгом куы схуылыдз кæнид, куы дзы баназид ахъаззаг, фæлæ йын не ’нтысы. Фехъал. Йæ алыварс акаст. Æрдз уыди сабыр. Иæ чъырццæ былтæ астæрдта. Ныр- рызтысты йæ фидар уæнгтæ, ныттæхуды кодта, зæг-ъгæ, иу доны æртах... О, доны... Дойны бауромын кæй бон у... Йæ сæр нынкъуыста æмæ æрхуыссыд, æрхуыссыд, фæлæ нал бафынæй. Æрбабон. Зæрин хур стылд фæсхохæй æмæ хохæй-хох- мæ йæ хæрдгæ тынтæй хид æвæрдта. Дыууæ æфсымæры сыстадысты, сæ кæрæдзи цæстытæм бакастысты æмæ сæ алкæй цæстыты дæр зынди тасы нысæнттæ. Бысал арф ныуулæфыд æмæ дзуры Бæрсæбегмæ: — Мæ ныфсы мæсыг, нæ хъысмæт нын карз тæрхон скодта. Æнæдонæй быпсæфт кæнæм... Иу цъус æнæдзургæйæ алæууыд æмæ та дзуры: — Цæуын хъæуы æвæстиатæй, фæлæ ма цыппар боны æнæдонæй бафæразæм, уый ныфс мæ нал ис! Сырд амарын фæнд нал кæнынц, фæлæ æппæт тыхтæй цæуыыц, цæмæй æнæдон хæхтæ фæстейæ пыууадзой. Хур арвы уæрæхмæ сфардæг æмæ йæ тæвд тынтæ айнæг къæ- дзæхтыл луæрста. Хохы фæрстæ афтæ стæвд сты, æмæ зынг æфсæйнагау æпдæвтой. Æфсымæртæ тынгдæр тыхсынц дой- ныйæ. Бæрсæбег ма йæхи уромы, фæлæ Бысалæн йæ тых асаст, цæстытæ хъаруджын æрттывд нал кæнынц. Йе ’взаг йæ дзыхы бампылд. Æрхауынмæ йæ бирæ нал хъæуы, фæ- лæ йæхи тыхурæд кæны. Цæуы, фæлæ йыл хатт дуне атар вæййы, йæ сæр нынкъусы æмæ та цух-мухтæгæнгæ йæ къæхтæ йæ фæдыл тыхласæгау акæны. Чи йæ зоны, цас ауадаиккой, фæлæ æвиппайды йæ мидбынаты æрхауд хис- дæр æфсымæр æмæ æрхæндæг хъæлæсæй загъта: — Мæ иунæг æфсымæр, мæ царды мидæг мæлæтæй ни- куы фæтарстæн, знаджы карды бын никуы схъæрзыдтон, фæлæ мæ ныр адзал ныхъхъæбыс кæнынмæ хъавы... Тæ- худы æмæ знаджы судзгæ нæмыг йæ риувæйнæг кæмæн батондзæн, афтæмæй йæ адзал чи ссардзæн. Тæхуды, æмæ знагмæ кардæлвæстæй чи алæбурдзæн, афтæмæй йæ мæ- лæт чи ссардзæн карз тохы... Ох, цы мардæй мæлын... Дой- ныйæ... Мæ иунæг æфсымæр, кæд ма дæ дæ хъаруйæ ныфс ис, уæд цæугæ кæн æвæстиатæй æмæ ма кæд допыл сæм- бæлис æмæ цардæгасæй баззаис. Æрмæст дын фæдзæхсын^ макуы бахæсс дæ сæрмæ, дæ хисдæр æфсымæр дойныйæ фæмард, уый зæгъын. О, иупæг хуыцау, æз саефын, фæлæ мæ иунæг æфсымæр дæ фæдзæхст, сæмбæлын æй кæн йæ ныййарæгыл... Бæрсæбсг дæр хуыздæр уавæры нæ уыди, дойныйæ йæ 104
чъырццæ былтæ ’хсыдта, фæлæ йе ’фсымæры тыхстдзинад- мæ кæсгæйæ йæхи афтæ банкъардта, цыма йæ йæ дойны æрбайрох. Æргуыбыр кодта, йе ’фсымæры йæ риумæ ны- лхъывта æмæ йæм уынгæг хъæлæсæй дзуры: — Бысал! Бысал!.. Мæ цæугæ хох!.. Дæхи фæфидар кæн, æз цæуын донагур!.. Йæ хъуыр æрбахгæдта æмæ йæ нарст рустыл йæ цæс- сыгтæ æртылдысты. Иу цæссыг дзы æрхауд Бысалы уæл- лаг былыл. Уый йæ зыдæй астæрдта æмæ йæ сæр нын- къуыста. Бæрсæбег ма йын ныхъхъæбыс кодта. Фестад æмæ комы ’рдæм лидзынмæ фæци. Цæуы, тындзы. Хатт йæ уæр- джытæ йæ быны фæкъæдз вæййынц, цæстытæ атар вæй- йынц æмæ ныфс æвæрынæн фæхъæр кæны: — Адзал, айс дæхи иуварс! Мах, дыууæ æфсымæры, хъуамæ цæрæм. Цæрæм амондджынæй, — аджих вæййы. - - 0, иунæг хуыцау, дæ бар кæнын мæ иунæг æфсымæр Бы- салы... Курын дæ, цæмæй иу доны цъыртт ссарон. Цæуы диссаджы цыдæй Бæрсæбег, чысыл адаггонд, æрх, лæнкау, гъе, æндæр зæрдæхсайгæ бынатыл йæ цæст куы схæцы, уæд йæ ныфссаст уæнгтæ фæфидар вæййынц. Фæлæ зæрдæ цæуыл фæлæууа, ахæмæй иицы ары. Нæй дон. Донагур бирæ фæрахау-бахау кодта æмæ дон куы- наа ссардта, уæд айнæджы сынæгыл банцой кодта. Иæ сæр сагъæссаджы æнкъуыст пыккодта æмæ ставд цæссыгæн ныккуыдта: — Ныр дыууæ æфсымæрæй ам æнæдон хæхты куы ба- бын уæм, уæд нæ ныййарæг мад цы ’гъдауæй æрвптдзæн йæ царды бонтæ. О, иунæг хуыцау, уæд та тæрккъæвда рауадз. Фæлæ æрдз, æгомыг æрдз кодта йæхионтæ. Хур раздæ- рау йæ фыццаг тынтæ ’рвыста сау хæхтæм. Бæрсæбсг фе- стад, йæ алыварс та йæ цæст ахаста æмæ арф комы ’рдæм йæ цæстæнгас аздæхта. Дардæй йæм, сау стъæлфæнтау, разындысты фугæйы къутæртæ. Бæрсæбегмæ афтæ фæкаст, æнæбын цад суыдта, гъе та уыцы фугæты ’хсæн уазал суа- дон хæл-хæлгæнгæ згъоры. Цыдæр æнæуынон тыхтæ йæ размæ схойæгау акодтой. Цыма йæ дойны æрбайрох код- та, уыйау æмуырдыг тындзы. Дзæвгар куы ’руад, уæд фæ- цудыдта æмæ тæвд къæйдуртыл ахауд. Ныууынæргъыдта, таеригъæддаджы цæстæнгасæй скаст хохы ’рдæм а^мæ æр- хæпдæг хъæлæсæй загъта: — Уæд та дæ цуры куы амардаин, мæ иунæг æфсымæр. Ох, мæнæ æнæдонæй царæфтыд кæнæм. Йæ цонджы фыд- тæм дæндагæй фæлæбурдта. Аджих. Р1æ чъырццæ былтæ 105
ахсыдта. Арф ныуулæфыд æмæ та акаст фугæты ’рдаем. Ацы æнæдои, æнæхъæд хæхты уыцы фугæтæ æнæхъуаджы нæ зайынц. Чизоны... Дон... Иæ къухтыл æнцойгæнгæ сьь стад, слæууыд йæ къæхтыл æмæ расыг лæгау йæ сæр ра- зылд, ацух-мух кодта, фæлæ йæхи фæфидар кодта æмæ та размæ атындзыдта. Куыддæртæй бахæццæ фугæты къу- тæртæм. Фæлæбурдта фугæйы сыфтæртæм, зыдæй дзы ра- тыдта цалдæр æмæ сæ аууылдта. Сыфтæрты дон зыдны- хъуырд акодта æмæ æркаст, фугæйы астæуты цы нарæг фæндаг скодтой сырдтæ, уымæ. Бæрсæбег æргуыбыр код~ та æмæ уымæл зæххыл бæрæгæй зындысты саджы къахы фæдтæ. Цыдæргъуызон йæ зæрдæ барухс, афтæ йæм фæ- каст æппæт зынтæн кæрон скодта. Иæ ризгæ къухтæй ра- къахта хуырджын сыджыт. Уымæл сыджыт йæ армы дзаг фелвæста, нылхъывта йæ, фæлæ дзы иу цæсты сыджы йас æртах не ’рхауд. Уæд арф ныуулæфыд æмæ уымæл сы- джыт зæрдæйы ’нкъарæнтæ базмæлын кодта, талынг зæр- дæйы къуымтæ барухс сты, æмæ фæзæгъы: — 0, райгуырæн зæхх!.. О, адæмы дарæг, сау сыджыт, радт иу доны хуыпп, æрмæст иу ныхъхъуырд уазал доны æртах... Уымæл сыджыт йæ риумæ балхъывта æмæ йын цыма фæриссынæй тарст, уыйау æй зæххыл æрывæрдта сындæг- гай. Иу цалдæр къахдзæфы размæ ацыд. Саджы къахвæд- тæ цыма фæфылдæр сты, афтæ йæм фæкаст. Йæ цæстытæ фæирд кодта, йæ зонгуытыл æрхауд, кæсы æмæ саджы къахвæдты дон. Фырциыæп йæ уæнгтæ ныррызтысты. Фæ- хъæр кодта: — Дон!.. Уæ, иунæг хуыцау, ды нæ хъахъхъæнæг!.. Фестад æмæ йæ хъæлæсы дзаг ныхъхъæр кодта: — Мæ иунæг æфсымæр, Бысал, кæд ма дæ дæ хъару- йæ нс ныфс, уæд æвæстиатæй цу ардæм, мæнæ дон!.. Бæрсæбеджы фæдисы хъæртæ дымгæ хæхты ’рдæм аскъæфта, фæлæ Бысалмæ нæ фехъуыстысты. Аинæджы дыдæгъты байсыстысты. Бæрсæбег та æркаст саджы къах- вæдмæ. Зæххыл адæлгом. Йæ былтæ фæцъупп кодта, са- джы фæды сæ анорста. Схуыпп кодта дон æмæ йæ зыд ныхъхъуырд ныккодта. Цины улæфт скодта, йæ уæпгтæ бапкъардта фидардæр æмæ ныфсджындæр, йæ цæстытæ дзæгъæлтæ нал кодтой. Саджы къахвæды ма цы допы æр- тæхтæ аззад, уыдон бæргæ аназид, фæлæ... Сагъæсгæнæ- джы’ хъæлæсæй загъта: — Æз бæргæ фервæздзынæн адзалæй, фæлæ Бысал...Æр- цу, мæ иунæг æфсымæр!.. Мæнæ мæ нуазæнæй бапаз!..— Цæхгæр фæзылд. — Ех, сидзæрты мадау сагъæстæ цы кæ- 106
нын. Ныр æрдзон тыхтимæ нал тох кæнын. Мæ уд ме ’муд æрцыди!.. Ныр цудтытæгæнгæ нал цæуы, фæлæ згъоры хæххон сæгуытау хæхтыл уæлæмæ. Хур арвыл акъул, афтæ Бæр- сæбег схæццæ, йе ’фсымæры кæм ныууагъта, уыцы айнæ- джы сæрмæ. Фæсонтау. Аракæс-бакæс кодта, фæлæ Бы- салы не суыдта. Йæ сæрыхъуынтæм фæлæбурдта æмæ æр- хæндæг хъæлæсæй загъта: — Сæрæй мæ иунæгæй ныууагътай. Дæхи сæр ба- фснайдтай! Æруад дæлдæр. Акасти йæ алыварс. Айнæджы бынмæ ауыдта сау æндæрг. Тарст сæгуытау агæпп кодта айнæ- джы бынмæ. Бысал дæлгоммæ хаудæй лæууы. Бæрсæбег æм февнæлдта, рабадын æй кодта, фæлæ йæ сæр йæ риуыл акъул, йæ хъуыр ма тæпп-тæпп кæны. — Бысал, хъусыс, Бысал... Нæ амонд нæ бахъахъхъæд- та... Ссардтон дон!.. Бысал доны кой куы фехъуыста, уæд йæ лакъонгъуыз цæстытæ бакодта, скаст йе ’фсымæрмæ æмæ ныллæг хъæ- лæсæй райхъуыст йæ дзыхæй: — Мæнг зæгъыс, уый ды... Зæрдæ фæфидарæн... — Ард дын хæрын æфсымæры фарнæй, сомы дын кæ- нын иунæг хуыцауæй, ссардтон дон... Æз дзы банызтон... Бысалæн йæ чъырццæ былтæ базмæлыдысты, арф ныу- улæфыд æмæ загъта: — Гайт-ма мын ды цардæгас уыдзынæ. Куыд, цы?.. Фæлæ уæхскыл хæссæгау кодта Бысалы Бæрсæбег. Тындзы размæ, хатт скæсы арвмæ, хур хохы фæстæмæ куыд æввахс кæны, афтæ Бæрсæбсджы зæрдæ тарæй-тардæр кæны. Зæгъгæ, ацы æдзæрæг хæхты тар æх- сæв йæ сау базыртæ куы ’рымбæрза, уæд тас у, йæ нуа- зæн куынæуал ссара, уымæй. Куы хæсгæ кодта Бысалы, куы йс ’нцæйтты цыди. Би- рæ тухнтæ æмæ фыдæбæтты фæстæ æрхæццæ сты, Б æосæ- бег дон кæм схуыпп кодта, уыцы фугæты цурмæ. Быс?л йæ алыварс акаст æмæ суадоны хæл-хæл йæ хъустыл куыпæ ауад, уæд йæ сæр нынкъуыста. Бæрсæбег бамбæрста йс ’фсымæры хъуыды æмæ йын йæ амонæн æнгуылдзæй аца- мыдта саджы къахвæдмæ: — Мæнæ ардæм æргуыбыр кæн æмæ мæ нуазæнæй аназ. Бысал йæ цæстытæ фæирд кодта, зæххыл æрхаудта, ныггуыбыр кодта саджы къахвæдмæ æмæ зыднозт акодта, Бысалы нуазæны ма цы доны цъыртт уыди, уый. Афтæ йæм фæкаст, цыма йе ’ккойæ стыр уаргъ аппæр- ста, цыма йыл фæскъæвда хуры тынтæ атыхстысты. Йе 107
’муд куы æрцыд, йæ зæрдæ куы фæлæууыд, йæ уæнгтае куы фæфидар сты, уæд сонтау фестад, йæ былтæ асæрфта, ныттыхст Бæрсæбегыл, йæ цины цæссыгтæ æргæргæр код! той æмæ йын афтæ: — Дæ нуазæн бирæ, мæ ныфсы мæсыг, дæ нуазæн! Абонæй фæстæмæ нуазæн кадæн уæд. Цæуæд фæлтæрæй- фæлтæрмæ. Дæттæд æй ирон сгуыхт бæгъатыртæн, кады охыл. Уый тыххæй фервæзтыстæм адзалæй. Уæдæй фæстæмæ кæд бирæ азтæ, бирæ æнустæ раив- гъуыдта, уæддæр ирон кады нуазæн у æвидигæ.
ГУАЦЪÆТÆ ÆМÆ СХЪÆЛАТÆ хъæлатæ æмæ Гуацъæтæ иугæр зынг- хицæн куы фесты, алчи сæ йæхицæн хицæн быидур кæнын куы райдыдта, уæд зæрдæйæ дæр фæхицæн сты. Мæнг нæ акæнынц нæ ирон адæм: кæрдзын куы асæттай, уæд нал ныхæсы, зæгъгæ. Гъе æмæ дыууæ фыды фырты дæр кæрæ- дзи рæстмæ нал æмбæрстой. Схъæлайæн уæрцы фæстæ йæ зæнæг ауæрæх. Иу фыд- былызы гуырд ын райгуырд, Дзебыс, зæгъгæ, йæ ном. Хыл- мондаг æмæ æхсарджын уыдис Дзебыс. Йæ тæсæй æгас Багатæ æмризæджы рызтысты. Ноджы диссаджы амонд- джын фæцис. Рацыд ын зæнæг — цыппар фырты. Уыцы заманы лæгджын ныфсджын æмæ æхсарджын уыди. Дзе- бысæн йæ цыппар фырты дæр йæхиау фыдбылыз, хылмон- даг рауадысты. Æнæхъæн Чеселтгом дæр сæ фæлмæцыд уыдысты. Дзебыс буц уыди йæ зæпæгæй. Цæмæ æнхъæлмæ каст, ахæм фырттæ йын рауадысты. иудадзыг æхсары сæрыл лæуд уыдысты. Ныхасмæ-иу куы фæзыпд, уæд-иу æппæлæ- гау дзырдта: — Лæппутæ дзы мæ фыртты хуызæттæ схъомыл хъæуы, науæд Гуацъæйы байзæттаджы цы нæлтæ рахъомыл, уы- дон та цы сты: уалдзыгон цола галау дзедзылойтæгæнгæ рацæйхилынц сæ хæдзæрттæй. Хотыхæй та бынтон æнæ- арæхст сты Гуацъæтæ. Нæлтæ куы рахъомыл уа уæзæгыл, уæд сæ тасæй хъуамæ дымгæ басабыр уа, быдыры дон йæ цæуынæй фенцайа. Науæд уæртæ Гуацъæтау хырх æмæ хырх æхсæвæй-бонæй. Ахæм бæрзонд æмæ схъæл ныхæстæ-иу ралæхурдта Дзебыс Ныхасы. Бæргæ-иу мæстæй тъæппытæ хаудтой, Дзебысмæ-иу чи хъуыста, уыдон, фæлæ æргом сдзурын ничи ницы уæндыд, æмæ-иу алчи йæ масты тула йæ хуыл- фы батайын кодта. Гуацъæтæ æцæгдæр æхсары сæрыл лæуд нæ уыдысты. Уæвгæ, хъару, æгъдау æмæ лæджыхъæдæй цух нæ уыды- 109
сты. Счъилдысæй зæххы се ’рмттæ дардтой, сæ уæззау фыдæбоны сæхицæн æнæбары къæбæр фæрæз кодтой. Иу- дзырдæй, номхæссæн уыдысты кусынмæ, æрдхæрæн — къæ- бæрдæттынмæ. Фос, зæххæй дæр уадиссаг цух нæ уыды- сты. Алчи дæр семæ рæдау æмæ хæларæй царди. Уый та Схъæлатæм хардзау касти. Мæнгæй нæ акæныыц: хъулæт- тæ мады гуыбыны дæр вæййы. Гуацъæтæ дæр æмæ Схъæ- латæ дæр сты Багатæй. Гуацъæтæ кусаг, адæмæн уарзон. Схъæлатæ æцæг схъæл æмæ хылмондаг. Сæ лæг-рæгъауы фæрцы — ыыфсджын æмæ æхсарджын. Кусгæ мыййаг нæ кодтой, фæлæ искæй исбонæй исджын уыдысты, искæй зæх- хæй зæхджып. Дзебыс æмæ йæ фырттæ зайæн хуым ба- фиппайдтой искæмæн, уæд-иу хуымы хицауы хуымы тæф- тыл ауайын нал ауагътой. Æниу афæлвар æмæ сæм сдзу- рын бауæнд, мæ хуым у, зæгъгæ. Мæ хур акæн, ачъспп дын кодтаиккой дæ къубал. Хæтæнты цæуаг уыдысты, цæ- уаг, Дзебыс æмæ йæ цыппар фырты æмæ-иу афтид армæй хæдзармæ ницы хуызы æрыздæхтаиккой. Гъе, æмæ се ’хса- ры фæрцы исджын уыдысты. Дзебысы хисдæр фырт хуынд Хъандо, æгъуыстаджы уæйыг æй хуыдтой. Бакæсгæйæ дæр-иу адæймаджы уæнгты тас бауагъта. Йæ иæстæнгас знæт сырдау дзæгъæлтæ кодта. Хъандойы хæд кæсдæр Мырзæт уыд даргъгомау, йæ фезмæлд арт. Тæргæбæхæй зæгъы-иу атæррæст кодта æмæ та-ну фæстæмæ саргъыл февзæрд. Уайгæбæхæй милмæ нæ ивгъуыдта, фæлæ æгъатыр дурзæрдæ лæг. Мырзæты кæсдæр та Грига — рæстæмбис ас, æгъуыста- джы къæрных. Лæджы раз хæдзар афистæг кодтаид æмæ йæ цæст пæ ауыдтаид. Цыппæрæм фырт уыди сæ кæсдæр — Илыкъ. Уый ин- нæты хуызæн хъаруджын нæ рауад. Фæлæ йæ хисдæр æф- сымæрты ныфсæй ныфсджын уыди æмæ зæххыл дæр пæ хæцыд, æхсары сæрыл лæуд уыди уый дæр. Гъе, æмæ ин- нæтау уый дæр стыр тас æвзарын кодта Гуацъæты зæрдæ- ты. Цы дардыл дын нывæндын мæ таурæгъ. Схъæлатæ æмæ Гуацъæты æхсæн фыдæхдзинад ацайдагъ ис, уæдæ цы! Гуацъæты фыды фырты уынаффæгæнæг уæд Хъæцлæу уы- ди. Азтæй, стæй уæд зондæй дæр хисдæр уыди Гуацъæйы цотæй. Мæ фыдæй-иу фехъуыстон, авдæссæдз азы, дам, ыл куы сæххæсти, уæд, дам амард. Ныр дæр ма йæ æмбисондæн æрхæссынц, зæгъгæ, мын Гуацъæты Хъæцлæуау стыр хæр- нæг куынæ уыдзæн. Дæс æмæ ссæдз галы уыди æргæвст йæ х&рнæджы. Авд бæхæй та йын дугъ уыди æмæ куыд дугъ? Æхсæвæддæйыл ацыдысты дугъонтæ, цæмæй дык- 110
каг бон хæрнæджы æмгъуыдмæ æрбахæццæ уыдаиккой. Хъæцлæуы зæнæгæй иу Хæмыц хуынди. Хайджын уы- ди Хæмыц йæ фыдæлты зонд æмæ хъаруйæ. Куыстмæ æрд- хæрæн уыди, кæмдæр! Æппын фæллайын нæ зыдта. Æхсæ- вæй бон кодта. Гъе, æмæ йæм цард йæ мидбыл худти. Фæ- лæ йæ иу æнамонддзинад баййæфта. Цæвиттон, цыбыр- цонг уыди. Хуыцау ын кæд æппæт дæр ралæвар кодта: фос, хуым зæххытæ, уæддæр сæхи æнамонд хуыдтой йæ ус Сау- чызгимæ, зæнæг сын кæй нæ уыди, уый тыххæй. Хæмыц æдзух куывта стыр хуыцаумæ. Мадымайрæмæн йæ дзугты нарддæртæ нывонд кодта. Куывдтæ кодта. Дæсны- тæн йæ тугвæллойæ ницы ауæрста. Хосгæнджытыл зылди, фæлæ хæрз дзæгъæлы: лæг æмæ ус афтæ цыбырцонг æмæ цухæхсарæй æрвыстой сæ царды бонтæ. Куыд карджын- дæр кодтой, афтæ æнкъардæй-æнкъарддæр кодтоп. Хæмыц- иу сагъæсгæнгæ дзырдта: — Гъе, гормон, мæ хуыцауы хай, кæд мæ ахæм цыбыр- цонг æмæ æхсарцухæй цæмæн рафæлдыстай! Уæдæ æв- зæргæнæг куынæ дæн, уæдæ мæ цæхх æмæ мæ къæбæр нæр- тонæй адæмыл куы уарын. Уæдæ давæг дæр куынæ дæн. Æмæ цы! Æцæг лæг хуыдтой Хæмыцы. Нæ комбæстæ сæ йæ ус Саучызгимæ, сæ рæдау æмæ сæ хæларзæрдæйы тыххæй, фæрæты хъæдæй барст хуыдтой. Иу изæр лæг æмæ ус сæ хуыссæны сæхн куы ’руагъ- той, уæд Хæмыц афтæ зæгъы Саучызгæн: — Сатæ, мæ хур, цымæ кæмæн бынтæ кæнæм, цæмæн мæ хъæуынц мæ фосы муртæ, мæ зæххы гæппæлтæ? Куы ’рба’мæлæм, уæд кæмæн зайынц? Æцæг нæ фыды цот би- рæ сты, сæрбахъуыды сахат мæ уæлхъус æрбалæудзы- сты... Фæлæ нын нæ арм чи фæрог кæна, нæ дзыхмæ нын дон чи бадара зæры бон, иу ахæмæн исты фæрæз бакæ- нæм, Сатæ, цæмæй нæ ис, нæ бон нæ амæлæты фæстæ ма ныххæлæттаг уой, нæ хæдзар æдзæрæгæй ма баззайа. Сау^ызг исдуг æдзынæг хъуыста Хæмыцы æнкъард ны- хæстæ^. Цармæ йæ цæстытæ ныйирд кодта, &æд æхсæвы тары уынгæ ницы кодта, уæддæр. Æмæ æрхæндæг хъæлæ- сæй афарста йæ лæджы: — Æмæ цы радавинаг дæ, нæ лæг? Нæ хуыцауы хай нæ афтæ æнамондæй рафæлдыста, нæ нын батæригъæд кодта æмæ цы кæнæм? —■ Гъе, æмæ, Сатæ, мæ хур, мæ сагъæстæ дæр ууыл сты, Ууыл. Фæлæ ма иунæг хъуыды æрцыди мæ сæрмæ æмæ кæд исты рауайа, уæд уый хуыздæр, кæннод... Дæлæ мын Карелы хæрæфырттæ ис. Æцæг сæ зонгæ дæр нал кæнын, ^æ фыдимæ сæм раджы кæддæр уыдтæн хæрз чысылæй. 111
Фæлæ сын зæнæг, кæмдæр, ауæрæх нæ хæрæфырттæн. Ц^ æмæ сæм тæккæ райсом фæцæуон æмæ мын кæд сæ зæнае- гæй иу æнахъом саби бахæлар кæниккой. Нæ бындуртæ йын хъæдæй, дурæй, фæллойæ хæларæй ратдзыстæм. Уæддæр хи туг, хи стæгæй уыдзæн, æмæ нын кæд мад æмæ фыды аргъ кæнид, хи хъæбулау нæ рæвдауид. Науæд кæ. сыс, куы нæ уыгæрдæнтæй мæкъуылтæ аластæуы, куы нае дзугтæй æрбайсæфы æмæ чи сты, уый бæргæ зонын, фæлае иуæн дыууæ ’фсад, мæ хæдзар, лæгцух æхсарцух у, Дзе- быс æмæ мын йæ фырттæ халынц мæ хæдзар. Мæ фосæй сойбыл сты, мæ хостæй — хосджын. Æмæ пæ фыды фырты лæгтæн кой дæр нæ уæндын. Уымæн æмæ уæд туджы зæй- тæ ацæудзæн нæ уæзæгыл æмæ æлгъыстаг фæуыдзæн мæ зæронд къоппа. Æмбисæхсæвæй аивгъуыдтаид, уæддæр Хæмыц æмæ йæ ус сагъæстæ кодтой. Саучызджы разы-иу цыма февзæрди чысыл саби. Цыма-иу æм йе ’рмттæтилгæ æрбауад æмæ-иу ыл йæхи æрбаппæрста. Гыцци, гыцци, зæгъгæ-иу сдзырдта. Фæлæ-иу йæ хъæбыс æхсæвы тары куы æрысгæрста æмæ- иу дзы лæггаг куынæ разынд, уæд-иу арф æрхæндæг улæфт ныккодта, бакатай, басагъæс-иу кодта: — Ех, сылгоймагæн йæхи бын&й куынæ скæуа лæппу, уæд ын йæ лæппу чи хъуамæ радта! Мыййаг æлвисæн уæ- дæртт куыиæ у. Æхсæв Хæмыц æмæ Саучызджы сагъæстæм хъусыпæй куы сфæлмæцыд, бæрзонд хæхты цъуппыты фæстæмæ йæ пæлæз куы аласта, бон та йæ цъæх цæстытæй куы ’рба- каст уæлæ Хъемултайы сæрмæ Хъсллауы хохы сæрæй уæд Хæмыц дæр фестад йæ хуыссæнæй, бæхыл саргъ авæрдта. Цъиутæ цыма Хæмыцы йæ дард балцы фæнда- раст кодтой, уыйау сæумæрайсомæн диссаджы зарджытæ кодтой. Хæмыц арæвдз кодта бæх. Хордзентæ саргъыл æр- фидар кодта, æвзонг лæппуйау бæхмæ йæхи систа. Бæхы рохтæ галиу къухмæ райста, рахизæй пæ сау фысдзарм худ систа æмæ йæхинымæры скуывта фæндагсар Уастыр- джыйæп. Æртыккаг бон ныххæццæ Карелмæ йæ хæрæфырттæм. Рæстмæ сæ зонгæ дæр нал кодта, фæлæ хъæуы куы афар- ста, уæд æй уайтагъд сæмбæлын кодтой йæ фысымтыл. Иæ хо æгас пал уыдис, раджы фæхъуыд, фæлæ йыл йа? хойы лæппутæ тынг фæциитæ кодтой. Кæрæдзн хабæрттæй фæфарстой. Стæй Хæмыц йæ хæрæфыртты хисдæр Бедзи- йæн æркодта йе ’рцыды хабар. Загът? йыи: — Гъай æппæт сывæллæттæй мын иу радтут. Цалын- 112
мав мæ сæр удæгас уа, уæдмæ йæ схъомыл кæнин æмæ мæ бындуртæ нæ ныххæлæттаг уаиккой. Бедзи арф хъуыдыты афардæг. Тынг батæригъæд код- та йæ мады ’фсымæрæн æмæ йын афтæ зæгъы: — Мæ зæнæджы зæнæг æгæр фæас сты, æниу дæ кæ- цы хъæуы, уый акæн, уæддæр сын æз сæ хæссыныл тынг гыхсын. Фæлæ дын хуыздæр уаид, Хæмыц, йæхи рæстмæ чи нæ зоны,, ахæм æнахъомы куы ахæссис. Хæмыц фенкъард Бёдзийы ныхасмæ æмæ æнæбары загъта: — Чи ратдзæн мæнæн йæ сывæллоны?.. — Кæд дын иунæг хуыцау æххуысгæнæг уа, уæд фæ- зындзæн, ны’рма æнахъом чи у, ахæм сывæллон. Мæнæ нæ сыхы иу хæдзары бинонтæ быныскъуыд аисты, æрмæст ма авдæны иу саби баст уыди æмæ удæгасæй аирвæзт, иннæтæ, мæгуыр сæ бон, бындзагъд фесты. Чи сын цы зо- ны, иунæг хуыцауæй дарддæр, цы сæм рауад, фæлæ сæ фыртыхстæй цыдæр марг кæй бахордтой, æмæ иу рæстæ- джы уымæй кæй ахицæы сты се ’намонды цардæй, уый гуырысхойаг нæу. Куыд, цы, фæлæ, дын, Хæмиц фæфæндараст æмæ уы- цы тæригъæддаг сывæллоны Хъемултамæ æрбахаста. Кæд уыцырдæм цæугæйæ æртæ боны бахъуыд, уæд фæстæмæ æрмæст бафæстиат дыууæ боны. Фырцинæй кæуылты æр- бахæццæ, уый фиппайгæ дæр нæ бакодта. Сывæллоны-иу асгæрста, хатт-иу фенæууæнк, чизоны, уыцы æнамонды бинонтæ исты низæй аскъуыдысты æмæ мын исты куы кæ- на. Фæлæ-иу æм æнахъом саби йæ дынджыр сау цæсты- тæ куы байгом кодта, уæд-иу бахъæлдзæг. Сæ кæртмæ куы схæццæ Хæмыц, уæд йæ бæх фæурæдта, хæдзармæ ба- дзырдта: — Уæ, Сатæ, кæд хæдзары дæ, уæд ма рауай, мæ хур, мæнæ сывæллоны айс! Саучызг Хæмыцы хъæбысы æцæг чысыл лæппу куы ауыдта, уæд фæсонтау. Ие ’рмттæ фæй- нæрдæм байтыгъта! Цавæрдæр цины хъæр фæкæныны æв- вон^ йæ дзых байгом кодта... Æмæ уыцы хуызæнæй йæ мидбынаты лæугæйæ баззад. Иу дзырдæй, чи йæм бакас- таид, уый æнæмæнг загътаид, зæгъгæ, Саучызг сæрра. Хæ- мыц дæр æм дисгæнæджы цæстæй иудзæвгар фæкаст, стæй йын хъæлдзæгæй загъта: — Æвæццæгæн, сывæллон ахуыр нæ дæ æмæ дзы фæтар- стæ. Саучызг уæлбæхмæ фæлæбурдта Хæмыцы хъæбысмæ æмæ æпахъом сывæллопы скъæфæгау ракодта. Йæ риу- мæ йæ балхъывта. Иæ хус дзидзи йын йæ дзыхы акодта. 8. Бязырты Д. 113
Сывæллон дæр зыдæй ададта йæ мады дзидзп. Фæлæ дзы йæ хъуырмæ куы ницы цыди, уæд æй раппæрста йæ дзьь хæй. Саучызг зæрдиаг пъатæ æмæ хъæбыстæ фæкодта йе ссаргæ хъæбулæн æмæ йæ хæдзармæ бадавта. Бонтæ цыдысты, уæдæ цы уыдаид, Хæмыцы кæнгаз фырт, мæнæ аргъæутты цæйау фæдзурынц, æхсæв уылынг рæзыди, бон уыдисны. Саучызг æмæ йæ Хæмыц зæхмæ дæр нæ уагътой. Алы хорз дзаума йын æлхæдтой. Хуыздæр номæн ын равзæрстой Баймæт. Йæ бакастæй бæрæг уыди, хъаруджын лæг дзы кæй рауайдзæн, уый. Æмæ кæд æгас Гуацъæйы фыды фырт райгонд уыд Баймæтæй, уæд Дзе- быс æмæ йæ фырттæ та тарзæрдæ æмæ æлхынцъæрфыг кодтой рæзгæ лæппуйы хъæлдзæг æмæ пыфсджып уындæй. Дзебыс-иу йæ фырттæн бакодта: — Уыцы кæйдæр дзæгъæл къæбылайы искуы фæхурх кæнут, науæд куы бахъомыл уа, хотыхтæ хæссынмæ куы фæуа, уæд уын Хæмыцы дзуиæп æнцонæп æрС’аргæвдæн нал уыдзæн. Азтæ кæрæдзи ивтой. Баймæт байрæзт, бахъомыл. Дис- саджы лæг дзы рауад. Æхсæрдæсаздзыд Баймæт лæгцух хæдзары змæлын райдыдта, лæджы куыстытæ йæхи ’вджид бакодта. Иæ фосы дзугтыл-иу сæрвæты ’рдæм куы ахъæр кодта, уæд-иу дзы Хæмыцы зæрдæ фырцинæй хуры фарс- мæ абадт. Йæхи дзæгъæл, æнæхицау, цонгцыбыр æмæ æх- сарцух нал хуыдта. Раст-иу уæлæ Къахыры фæтæссаргæ- нæнæй йæ фос куы фæфале кодта, уæд-иу йæ хъæлæсы- дзаг ныззарыд æмæ-иу уæртæ Тæрсджыны комы цыма ис- чи мыр-мырæгтæ бацагъта, а^Ьтæ-иу йæ зарын кæмпы зæллангæй азæлыд. Фæлæ иу изæр йæ хъæлдзæгдзинад æрбайсæфт. Фос хизæнуатæй æртардта æмæ сæ кæрты ба- кодта. Йæхæдæг хæдзармæ бацыд æмæ йæхи тæрхæгыл мæсты ’ппæрст æркодта, хъыпп-сыпп нæ хауы йæ дзыхæй. Иæ цæсгом фырмæстæй артау пиллон уагъта, хурхы уа- дындзтæ ныддæнгæл сты. Саучызг тæгæр къæрта райста æмæ йæ фос дуцынмæ рацæйцыди. Фæлæ Баймæты ахæм хуызæнæй куы федта, уæд къонагæрон къæрта зæхмæ æрыппарæгау кодта. Ба- уад Баймæтмæ, йæ хъæбысы йæ ныттыхта æмæ йæ афар- ста: — Дæ ныврнд фæуа мæ сæр, мæ хъæбул, исты дæ мый- йаг риссы æви мын фæллаигæ бакодтай? Фæлæ лæппу йæ мады фарстæн ницы дзуапп загъта. Уæд ус тынгдæр басагъæс кодта: — Дæ-дæ-дæй, кæд мын исчи мæ иард æрбайхалынмæ 114
хъавы, — æмæ та йæм лæгъстæгæнгæ дзуры. — Уæдæ цæ- мæн æнкъард дæ, мæ зæрдæдарæн? -— Рынчын бæргæ нæ дæн, фæллайгæ дæр нæ бакод- тон, Нана. Фæлæ абон хур бæрзæндтæм йæхи куы систа, уæд æз дæр мæ фос ривæддонмæ æрбаздæхтон æмæ мæ- хицæн уадындзæй цагътон. Мæ уæлхъус Дзебысы лæгби- рæгътæ дыууæйæ февзæрдысты... — Кæцытæ уæд? — афарста йæ ус. — Хъандо æмæ Мыртаз. Фосыл сæ цæст ахастой. Мæн- мæ зулаив æрбакастысты, стæй уæд Хъандо Мыртазмæ фæхудт æмæ йын загъта: «Уæртæ, кæсыс, — ацамыдта ех- сæй нæ бурæфцæг нæл фысмæ, — Рагъы дзуарæн æй сны- вонд кодтам айразмæ. Æрхнз æмæ йæ рацахс». Мыртаз дæр йæ бæхæй æргæпп ласта, фысыл йæхи знæт сырдау ыыццавта æмæ йæ рацахста. Æз мæ уадындз аппæрстоп, фысы сыкъатыл фидар ныххæцыдтæн. Хъандо уый куы базыдта, нæ йын æй ауадздзынæн, уæд æргæпп кодта уый дæр бæхæй æмæ мыл ехсæй æрлæууыд, æмæ мын афтæ: «Айс дæхи, кæйдæр дзæгъæлзад, науæд дæ ныртæккæ фы- сы ’фсон сыргæвддзыстæм». Æз уæддæр нæ фæтарстæн, фæлæ мæм ме ’намондæн нæ кард фæци, нæ хъримаг, æн- дæра сæ æвыдæй нæ ныууагътаин. Гъе, æмæ мын мæ фы- сы аластой уыцы сырдтæ, — фæци Баймæт йæ ныхас æмæ йæ цæстытæ мæсты æрттывд фæкодтой. Йе ’взонг зæрдæ- йы фыдæхы дзæкъул атымбыл. — Мауал дæхи ’фхæр, мæ зæрдæ, иу фыс бирæгъ дæр аскъæфы — Нæ, Нана, æгæр, æгæр кæнынц уыцы налаттæ æмæ сын æз дарддæр нал ныббардзынæн. Саучызг йæ ризгæ цæнгтæ атыхта Баймæтыл æмæ кæ- уынæмхæццæ дзуры йæ хъæбулæн: — Уый фæнд ма скæн, фæлтау дæ хъомылгæпæджы ба- ныгæн. Уыдонимæ хæцæн нæй, æгас комбæстæ сæ æмри- зæджы ризынц, уæд сын ды цы ракæнинаг дæ, мæ хъæбул. Уæлæ сып дынджыр хуыцау кæд нæ пыххатыр кæнид нæ тæригъæд. Хæмыц изæры куы базыдта, зæгъгæ, та йын йæ пывонд фысы сæхи бакодтой, уæд йæ маст адæнгæл. Масты фæй- лауæн сæрымагъзмæ судзгæ æхсидæвтæ скъæфта. Зæрдæ адур. Цæстытæ цæхæртæ акалдтой. Йæ уæнгтæ барызты- сты. Йæ куыстуарзаг æнгуылдзтæ фæтымбыл сты. Фæлæ цы бакæна, йæ масты фæдыл бæргæ ацæуид, иу — дыууæ- йы дзы бæргæ ’рбамарид, йæ маст бæргæ райсид, нырмæ- йы мæстытæн кæрон бæргæ скæиид, фæлæ цард-цæрæнбон- тæм цæмæ фæбæллыд æмæ ныр цы ссарæггаг лæппуйы 115
бахъомыл кодта, лæджы бындзæфхад чи сси, æхсæрдаес азы кæуыл сæххæст æмæ ас лæгау зондджын хуыз чи ’вди- сы, йæ иу бакастæй дæр йæ зæрдæ буц кæмæн у, уыцы Баймæты йын лыстæг къуыхтæ скæндзысты. Цæй, фæлтау мæ фысы тщхæй кой дæр ма скæнон уыцы лæгбирæгътæн. «Уыцы фысы уæрыкк ма фæуæд туджы зæйы райдиан», — загъта йæхицæн Хæмыц. Ралæууыд Рагъыдзуары бон. Алы хъæутæй ног æмæ рæсугъд дарæсы адæм цыдысты дзуармæ. Дзуары бын дынджыр тæгæр бæласы бынæй зарыны хъæр, хъæлдзæг уынæр хъуысти. Дзаджджын уæливыхтæ тæгæр тæбæгъ- ты адæргъ сты зæлдаджы хуызæн кæрдæгыл. Алчи-иу дзуары алы фарс æртæ зылды бæгъæмсарæй куы ’ркодта, уæд-иу нæууыл æрбадт. Æнхъæлмæ кастысты адæмы æрымбырдмæ. Куывддон адæм сæ цæуынæй нæ цух код- той. Хъæцлæу куывддæттæй иста тæбæгътæ, зæрдиагæй-иу сын акуывта. Раст-иу Зикъарайы бын Бурсамдзелийы хо- хæй райдыдта зæдтæн кувын æмæ-иу дæлæ быдыры зæд- тыл фæцис. Æмбисбонмæ æввахс адæм сæ цæуынæй фен- цадысты. Уæливыхты сой хуры тынтæм æнхъæвзæнтæ кодта. Цæ- мæй физонджытыл бындзытæ ма бадтаиккой, уый тыххæй сыл цъæх сыфтæ æмбæрзтой. Уалынмæ Хъæцлæу йæ лæ- дзæджы æнцæйтты дзуары кувæндонæй æрбацыд бадæн фæзмæ. Адæм сæ бынæттæй сыстадысты. Сылгоймæгтæ иуварс алæууыдысты æмæ Хъæцлæуы йæ бынаты æрбадын код- той. Уый фæстæ алчи йæ рады æрбадт цъæх кæрдæгыл æмæ сын уырдыглæуджытæ сæ разы æвæрдтой дзаджджын уæливыхтæ, уæрстой нард фысы фыдæй физонджытæ. Зар- ды хъæлдзæг зæлтæ кæмтты нæрыдысты. Гаджидау гаджидауы ивта. Сау бæгæны тагъд-тагъд хастой рæгъгæпджытæ æмæ сыл рæгъытæ систой. Иу дзыр- дæй, адæмы цинæн зæгъæнтæ дæр нæ уыди. Цæвиттон, Дзебыс æмæ йæ фырттæ дзуармæ нæма ’рбацыдысты æмæ уый тыххæй уæлдай хъæлдзæгдæр уы- дысты куывддон адæм. Фæлæ уæдмæ дзуармæ фæзынды- сты Дзебыс æмæ йæ фырттæ. Адæм сын æнæбары арфæ ракодтой æмæ сæ æрбадын кодтой, уæдæ цы! Дзебысы раст Хъæцлæуы дæллаг фарс æрбадын кодтоп æгъдаумæ гæсгæ. Ногæй та минас райдыдтой. Кæсдæр фæсивæд сæ бадæнтæй фестадысты æмæ минасгæпджытæн чысыл æддæдæр хъазт сарæзтой. Къæрццæмдзæгъд хæх- тæ арыдта. Ас адæмæй ма чи йæ бадæны бадт, чи та хъæ- 116
ды ’рдæм йæхи аирхæфста. Иу дзырдæй, бадт фæкъахыр- тæ. Дзебысы фырттæ хорз сæхи куы федтой хæрд æмæ ноз- тæй, уæд фестадысты æмæ сæ кæрæдзи уæхсчыты сæрты сæ къухтæ ауагътой, афтæмæй иуварс ауадысты. Цæуыл- дæр сусæгæй тæрхон кодтой. Бæрæг уыди, кæйдæр цырын артыл та ихджын дон бакалынмæ кæй хъавынц. Æмæ ал- чи дæр йæ хотыхтæ цæттæ дардта. Дзебыс хинæйдзаг худт бакодта æмæ Хæмыцæн афтæ зæгъы: — Уæллæй, диссаджы нард тохъыл уыд дæ тохъыл, дæ хорзæхæй, нал дæм дзы ис? Хæмыц фырмæстæй рафыхт. Æнгуылдзтæ [хъамайы хæцæныл андæгъдысты. Цæстытæ анæрстысты. Уынгæ ни- цыуал акодта, фæлæ уал йæхи тыхурæд ныккодта. Уый пæ, фæлæ йæм цыма Дзебысы дзырдтæ бынтондæр нæ бахъардтой, афтæ йæхи равдыста æмæ йын загъта: — Уæ, Дзебыс, айс мæ нуазæн. Иу туг, иу стæг стæм, кæд фыды фыртæй хицæн стæм, уæддæр Багайы стыр мыггагæй стæм æмæ дæ фырттæн зæгъ: мауал мæ хъыг- дарæнт. Мæ фосы дзугмæ сæ ницы хъуыддаг ис. Цæмæн мын æрцахстой мæ нывонд фыр, и? Мæнæ мып ацы зæ- дæн хæларæй нывонд куы уыди. Макæн, Дзебыс, сæ рох- тыл сын æрхæц, науæд исчи дæр йæ мадæн лæппуйæн рай- гуыры... — Æмæ цы дæ зæрды ис, Хæмыц? Дæ кæвдæсард къæ- былайæ æртхъирæнтæ кæныс мæ цыппар фыртмæ? Гъæйда, м^рдзæ, нал бабыхста Хæмыц. Едзаг дзæби- дыр Дзебысы былтыл фæкодта. Уый фæстæ æрбынæй кодта æмæ ныхъхъæр кодта: — Ацы дзуары цæхæрæй басудзæд, мах чи баиргъæва. Уадзут нæ æмæ бавзарæм! Адæм сæмхæццæ сты. Дыууæ къорды фссты. Иутæ сæ иргъæвын фæуагътой, карз дзуары цæхæртæй фæтарстыс- ты. Иннæтæ ма уæддæр иргъæвыпц. Хæмыц хъама фæцъортт ласта, хъуамæ йæ Дзебысы тæнты атъысса, фæлæ йæ уайтагъд Дзебысы цыппар фыр- ты ацахстой. Йæ хъама йын йæ къухæй стыдтой, лыстæг къуыхтæ йæ скодтой. Уый фæстæ сæ хъаматæ сæ зæнгæйт- тыл асæрфтой æмæ сæ сæ кæрддзæмты нытъыстой. Адæм Хæмыцы марды систой æмæ йæ йæ хæдзармæ ’рхастой. Сыхæгтæй ма дзуары чи иæ уыди, уыдон дæр аербамбырд сты æмæ фæкуыдтой Хæмыцы тæригъæддаг мардыл. Уый фæстæ йæ сау зæххы хъуыры ауагътой æмæ алчи йæ хæдзармæ фæцыд. Саучызг ма зæрдæхалæн хъар- 117
джытæ кодта уæддæр Хæмыцыл. Мæрдтæм æм дзыпæзта. Æппæт хæдзары хъуыддæгтæ, нæлгоймаджы куыстытæ æрынцадысты æнахъом Баймæты уæхсчытыл. Æвзонг уæв- гæйæ, куыстæй нæ фæллад. Йæ цонджы хæцъæфтæ-иу хъыбылы мардыйæстæ фæтымбыл сты. Йæ цæвæджы ра- риуыгъд нæ хæццæ кодта æндæртимæ. Йæ мæкъуыл амад, фидар хохау, æнæфæцудгæ лæууыди уыгæрдæны. - Кæд марды кæндтæн бирæ фæхардз, фæфæлхас кодтой Саучызг æмæ Баймæт, уæддæр Баймæт йæ хъаруйы фæр- цы хæдзар фæцудын нæ бауагъта. Æдзух уыди йæ куысты уæлхъус. Азтæ цыдысты тар æмæ æрхæндæгæй. Фæлæ дыууæ фыды фырты ’хсæп туг æхсад нæма ’рцыд æмæ хæрамдзинады дзæкъул йæ былтæй калд. Пиллон калдта фыдæхы арт. Гуацъæтæ мæстæй фæйпæрдæм тъæпп ха- уынц, Дзебысы фыоттæ сæ мурмæ кæй нæ дарынп, уый тыххæй. Æгæристæмæй туг бафидыны кой кæнгæ дæр нæ кæнынц. Баймæт æппæтæй дæр йæ лæджы кармæ ацыд. Фындзы бын сатæгсау рихитæ дыууæ дихы фесты æмæ фындзы фæрстьт гæзæмæ фесхъæл сты. Саучызг йæ лæппуйы ци- нæй Хæмыцы мардыл тынг фыдох нал уыди. Фæлæ уæд- дæо йæ зæрдæйæ нæ рох кодта. Арф-иу ныуулæфыд, æмæ- иу йæхинымæры æнкъардæй загъта: — Нæ лæг, хуыцауы рынæй мын куы фæхъуыдаис, уæд дæ афтæ нæ дарин мæ зæрдæйы. Фæлæ мын лæгбирæгъты кардæй кæй фæмардтæ, уый мын нырма мæ зæрдæйы уи- дæгтæ судзгæ хæрдæй хæры. Фæлæ амæлæджы фæстæ щт баззайы, уый цæмæй знаджы фæндиаг мл фæуа, ^ьтй тьрг- хæй йæ царды кой кæнын уæддæр фæхъæуьт. Хæмьшы мап- дыл ныр æхсæз азы раныди, фæлæ Баймæт йæ былы бын худыны сæраппонд никуы базыхъхъыр кодта. Никуыуал базарыд йæ зæлланг хъæлæсæй. Куьтд цыди йæ лæджы кармæ, афтæ йæм æгадæй-æгаддæр касти. ттьтома йæ фьт- ды туг кæй нæ райста, уый. Саучызг — æмбаргæ сылгой- маг, зындзштады фæлтæрп адæймаг, сфæнд кодта йæ лæп- пуйæн ус æрхæссын, кæд афтæ æнкъардæй нал цæуид, зæгъгæ. Иу изæр сæ хъæуьт хисдæр зæронд Хъæнлæумæ барвцста, цæмæй сæм иу чысыл абада. Хъæцлæу йæ чьтн- дзы дзырдыл дыууæ нал загъта æмæ бацыди Саучызгтæм. Саучызг кæд ацæргæ сылгоймаг уыди, уæддæр- Хъæц- лæумæ уайсадгæ кодта æмæ йын къухты ’мхасæнтæй бам- бапын кодта, зæгъгæ, нæ зианы фæстæ ньтр уал азы ра- цыд æмæ мæнæ ацы лæппуйæн бинонтæн исты амал скæ- нæм. Хъæцлæу тынг зæрдæбынæй байхъуыста Саучызгмæ. Кæд ын йæ дзырдтæй бирæтьт нæ фехъуыста, æгæр ныллæг 118
хъæлæсæй кæй дзырдта фырæфсæрмæй, уый тыххæй, уæд- дæр бамбæрста, Саучызджы зæрдæйы цы фæндтæ æмæ хъуыдытæ ис, уыдон. Æмæ йын загъта: — Хорз, мæ чындз, хорз! Фæлæ афæрстытæ кæнæм. Акæсæм, æмæ дын уæд уый фæстæ зæгъдзынæн. Чи зоны уын уæхицæн искуы исты бацамындæуыди, уæд уый та хуыздæр. Саучызг йæ сæр банкъуыста, «нæ», нырма ницы зонæм, ахæмæй, зæгъгæ. Баймæт йæ мады фæндыл цæхгæр «нæйыл» ныллæу- уыд: — Мæ фыды цæсгом цалынмæ ссыгъдæг кæнон, уæд- мæ мæм, гыцци, ахæмтыл дзургæ дæр мауал скæн. Мæн Дзебысы фырттæ кæвдæсардæй тонынц, фысы аргъ дæ, зæгъгæ, мыл худынц æмæ бавзарæм. Саучызг уырдыг фестад, Хъæцлæуæй дæр ыал фефсæр- мы кодта, атыдта æфсæрмы фидар тæлы, ныккуыдта æмæ Баймæты раз йæ уæрджытыл æрхауд: — Æмæ дын æз уымæй куы тæрсын, мæ хъæбул, цæмæй туг райсыныл ма ныллæууай, æмæ дæ мад уынджы къæ- йыл кæугæ æмæ ниугæйæ ма баззайа. Хъæцлæу йæ фидар зонды руаджы æрсабыр кодта Баймæты. Æппæт дæр ын загъта, æнхъæлмæ уал кæй кæ- сы, зæгъгæ. «Науæд мæ фырттæ æмæ мæ фыртты фырттæ дæр сарæхсдзысты. Афтæ æнхъæл ма ут, мæ хуртæ, æмæ ме ’фсымæры фырт Хæмыц мæнæй байрох. Нæ, уый нæ уыдзæн, фæлæ уал сын сæхи намысмæ кæсык. Нæ мæ фæн- ды, цæмæй не ’хсæн уæлдай туг акæла æмæ ма нæ фыды фыртæй исчи мæрдтæм аивгъуыйа». Куыд, цы, фæлæ Баймæтæн бинонтæ æркæныныл ныл- лæууыдысты. Хъæцлæу йæ хисдæр фырты барвыста уæртæ Цады хъæумæ. Уым иу æгъуыстаджы бонджын лæг Бигъамæ уыди чындздзон чызг. Исджын æмæ цардджын уыди Би- гъа. Фæлæ æнæфсисгомау уыди, йæхицæй æппæлын та йæм мыды къус стæрæгау касти, Бигъа æмбæрста, йæ дæндаг цæуыл схæца, ахæмæй Баймæтмæ æппæт дæр кæй разындзæн, уый. Ирæд æвæстиатæй ратæрдзæн, æмæ уы- цы заманы ирæд ссарын алкæй бон нæ уыди. Бигъа минæвар Дотийæн загъта: — Гуацъæты æз æппæтæй дæр зонын, фæлæ ауынон ^ лæппуйы. Кæд ма Хæмыцы цæджындзыл цы цырагъдарæн ис, ууыл ма цырагъ афтæ цыренæй судза, сæ къултæм ма сæнæрттæ рæдзагъдæй лæууынц, уæд ауынаффæ кæндзы- стæм. 119
Доти æнæфсис лæджы хъуыды бамбæрста æмæ йын загъта: — Ирон фæтк æмæ намыс мах мыййаг не скодтам. Гъеу æмæ сæ сафгæ дæр нæ кæнæм. Дæ ирæдмæ дын чи цы бар дары. Чызг къонагæрон уырдыг лæууыд. Фырæфсæрмæй йæ цæсгом туджы разылд. Иæ фидауцджын уæнгтæ барызтьь сты æмæ уынгмæ йæхи фæцæуæг кодта. Йæ фыдмæ фæ- фыдæх æмæ мæстыхуызæй йæхинымæр бахъуыр-хъуыр кодта: — Гормон фæуай, мæ фыд, уæд та уыцы лæгæн афтæ куы загътаис, мæ чызджы кæмæн дæттын, уый уал фенæм, науæд ды та ирæдыл куы райдыдтай дзурын. Джиуæргуыбамæ раст мæйы бæрц уыди, афтæ Баймæт нысангарз схаста Цады хъæумæ. Бигъа сæм тынг хæларæй равдыста йæхи. Цыты уаз- джыты лæггад сын кодта. Баймæт-иу аивæй бакаст Суран- домæ æмæ-иу йæ уæнгтæ адон сты. Сурандо дæр цæмæ æнхъæлмæ каст, ахæм лæппу йæм æнæнхъæлæджы фæзын- ди. Кæрæдзимæ-иу сæ мидбыл фæхудтысты. Кæрæдзийæн- иу цæстæнгасæй адджын хъæбыстæ, арф цины улæфт нык- кодтой. Баймæт йæ дамбацæ райхæлдта æмæ йæ Бигъа- йæн балæвар кодта. Рацæуынмæ куыд хъавыдысты, афтæ Сурандо донхæссæн къæрта райста æмæ суадонмæ йæхи фæцæуæг кодта. Суадон тæккæ фæндаджы был ис. Баймæт фæстейæ æдзынæг каст Сурандойы фидауц- джын уæнгтæм. Йæ даргъ дзыккутæ-иу фæтæп синтыл куы баыкъуыстысты, уæд-иу лæппуйы зæрдæ ныссæххæтт код- та. Бигъа æмæ ма Доти цæуылдæр ныхас даргъ кæпынц, уый базонгæйæ, Баймæт, цыма ницы бафиппайдта, афтæ уæззаугай нæхи æриста суадонмæ. Сурандомæ хæрз хæ- стæг бацыд æмæ йын афтæ зæгъы: — Дæ хорзæхæй, дæ донæй мын авæр! Чызг йæ мидбыл фæхудт æмæ йын хъæлдзæгæй афтæ: — Мæ къонайыл, æз та афтæ æнхъæл уыдтæн, дзурын бынтон нæ зоныс, — æмæ йæм къусы дон азæрдта. — Уæд цæмæн афтæ æнхъæл уыдтæ, мæ хуры хай? — афарста Баймæт. — Уымæн æмæ ныр дыккаг бон нæ хæдзары дæ æмæ дæ сыбыртт нæ фехъуыстоп. Баймæт дон зыд нозт акодта æмæ йæм къус фæстæмæ авæрдта. Цыдæр зæгъынмæ ма хъавыд Сурандойæн, фæ- лæ уæдмæ тцгъæй æрзынд Доти æмæ сæ ныхас фескъуыд- той. Сурандойы бæргæ нæ фæндыди Баймæтæй фæхицæн. 120
фæлæ æндæр гæнæн нæ уыд, уæд æм йæ мидбыл бахудт æмæ йын зæгъы: — Хорзыл амбæл, фæлæ та’-иу нæ тагъд абæрæг кæн. —- Хорз, хорз, мæ царды хур. Ныр ардæм цæуынмæ зи- вæг никуы бакæндзынæн. Хæтæнхъуаг æфсымæртæ уайтæгъд бафиппайдтой, зæгъ- гæ, Хæмыцы æлхæд фырт Сурандоимæ бафидыдта. Уæд Дзебысы хисдæр фырт Хъандо йе ’фсымæртæн загъта: — Уæртæ уыцы кæвдæсард Цады хъæуккаг Сурандойы æрдавинаг у æмæ уæм куыд раст кæсы? Мæнæ Илыкъæн нырма бинонтæ нæй æмæ нæ цæст уынгæйæ уыцы æлхæд ахæм рæсугъд куы ’рдава, уæд нæ удæгас удæгас мауал уæд. Ау, уæндгæ та куыд кæны æнæмæтæй ус æрхæссын, нæ тасæн арв нæрын куы нæ уæнды. Куыд, цы, фæлæ йæ уæлвæд Хъандо бамидæг Цады хъæумæ æмæ раст Бигъаты кæрты æрхызт бæхæй. Бигъа та уымæн дæр хорз балæггад кодта, хæрд, позт ын йæ раз- мæ ’рхаста. Нуазæнтæ йын лæвæрдта. Цæвиттон, Бигъа афтæ æнхъæл уыди, зæгъгæ, мæнæ Багатимæ льшæн ба- кодтам æмæ нæм нæ ног лымæнтæ хонæг æрбарвыстой, цæмæй сæм ирæдисæг фæзынæм. Уæд-иу æнæфысымы фæ- сидт чызджы фыд нæ цыди ирæд исынмæ. Фæлæ Хъандо æндæр хъуыдытимæ фæзынд ардæм. Ахъаззаг куы ныр- расыг, уæд бухъытæгæнгæ загъта Бигъайæн: — Хæрд, нозт хорз куыннæ сты, фæлæ уæм цæмæн æр- бауадтæн, Бигъа, уый дын нæма рахабар кодтон. — Дзур, дæ хорзæхæй, ног лымæнтæ етæм æмæ бам- бардзыстæм нæ кæрæдзи. Хъандо йæхи фæтар кодта Бигъайы ныхасыл æмæ йын ныллæг хъæлæсæй загъта: — Дæ чызг арвау рæсугъд, хæххон суадонау сыгъдæг æмæ йæ зындоны цæмæн æппарыс, и? Кæд дын уыйбæрц уæлдайаг у, уæд æй дæлæ Пацъайы иу хуыдымы бавзил. Уыцы Баймæты адæм фидисæн куы хæссынц, кæвдæсард æмæ фысы аргъ æй куы хонынц, уæд цæмæн дæ чызджы худинаг кæныс, цæмæн дæхи кад сафыс? Сурандо къонагæрон ног куырæтæн æгънæджытæ хуыд- та. Баймæт кæвдæсард у, зæгъгæ, куы фехъуыста, фысæй аелхæд у, зæгъгæ, куы загъта налат Хъандо, уæд адæргæй йæ куырæт йæ къухтæй æрхауд. Цæстытæ донæй айдзаг сты, йе уæнгтæ базыр-зыр кодтой. Ныббогъ кæнынмæ пæ бирæ нал бахъуыд. Фæлæ йæхи тыхурæд ныккодта. Иæ бандонæй фестад æмæ цыма бынтондæр йæ цæсты рухс ^ атад, афтæ къулы æнцæйтты уынгмæ рахызт. Кæрты афæлгæсыд æмæ куы никæй суыдта, уæд ныккуыдта. Сау 121
зæхх уымæл кодта йæ цæссыгæй. «Уæ, иунæг хуыцау, æр- кæс мæм æмæ мын батæригъæд кæн. Кæнæ мæлæт, кæнæ мæ Баймæтæй ма фæхицæн кæн. Кæвдæсард нæ, кæд бын- тон ницæйаг у, уæддæр ын ныртæккæ мæ зæрдæ мæ ри- уæй стонин, нæ йын æй бавгъау кæнин»... Хъандо бирæ æлгъаг ныхæстæ фæкодта Бнгъайæн, цæмæй йæ чызджы Баймæтæн ма сфыццаг кæна. Бигъа дæр дзургæ ницы скодта, зæхмæ дызæрдыг цæ- стæнгасæй каст. Хъандо уæд тынгдæр фæныфсджын æмæ йын зæгъта: — Мæ кæсдæр æфсымæрæн бинонтæ нæй. Нæ тых, нæ хъару нын зоныс. Ирæдæп цы хъæуы, уый тæккæ абон ахи- цæн кæндзынæн, цы зæгъай, уымæй æртывæрæй. Æрмæст бауынаффæ кæнæм æмæ дæ чызгæп йæ сомбоны цард хуыздæр цæмæй уа, дæуæн дæр исбонæй дæ арм истæуыл цæмæй схæца, ууыл цæуылнæ дæ разы? — Æз, мæ хæлар, Гуацъæтæй ирæд нæма æрдомдтон, фæлæ фидыдгонд стæм æмæ уæд та чызджы афæрсæм. Хъандо нырмæ дæр æмбæрста Сурандойы хъуыды. Чы- сыл раздæр чызгæн йæ хуыинаг йæ къухæй куы ’рхауд æмæ куы феддæдуар ис, уæд та бафиппайдта Сурандойы зæрдæ. Хъандо хинæйдзагæй Бигъамæ дзуры: — Кæд уыди уыцы хабар æмæ ирон лæг сылгоймаджы фæндыл ацыди? Иу дзырдæй, Хъандо Баймæты Бигъайæн йæ удхæссæг фестын кодта æмæ Бигъа ныллæууыди, цæмæй йæ чыз- джы Дзебысы фырт Илыкъæн ратта. Ныфс æй уыди, зæгъ- гæ, Дзебысы фырттæ фылдæр фос ратдзысты Бигъайæн. Сурандо уый базонгæйæ, йæхи мæлæтмæ лæвæрдта. Атыдта ирон æфсæрмы фидар рæхыстæ æмæ йæ фыдæн загъта: — Уый нæ уыдзæн æмæ мæ ды мæ амондæй фæхицæн кæнай, лæгбирæгъы дзæмбыты мæ фæсадзай. Мæхи къу- хæй мæхи марын дæр нал зонын. — Омæ æз ирæд нал исын, мæ чызг, фæлæ, дам, бал- хæнæггаг лæппу куы у. Кæвдæсардæй йæ тонынц, Бага- тæй дæр куынæ у... — Уый балхæнæггаг у, фæлæ мæ ды та уæй кæныс. Мæхи къухæй мын мæхи марын кæныс? Гуацъæтæ дæр æрыхъуыстой, зæгъгæ, сын Дзебысы фырттæ сæ чындзаджы сæ къухтæй стонынмæ хъавынц, цæмæй сыл худинаджы ном сæвæрой. Фæрахъуыды-ба- хъуыды кодтой, фæлæ ацы бонты ницы аразæн уыди. Цæвиттон, Хъандо Цады хъæуæй куы ’рбаздæхт, уæд рахабар кодта йе ’фсымæртæн æмæ уайтагъд æмæхсæвæ- 122
джы æрбадæлзæх сты. Æнæхъæн къуырийы дæргъы нал разындысты. Цыдæр фыдбылыз сæ аныхъуырдта. Сыхы адæм кæрæдзи рафæрс-бафæрс кодтой, зæгъгæ, та кæдæм фæмæрдтыхай сты уыцы лæгбирæгътæ. Фæлæ ничи ницы зыдта, кæм сты æмæ та кæй бабын кæндзысты. Уыцы къуыри рæстæг æваст йæхи аивта. Сæрд нæ хæх- бæсты рæсугъд куыд уыд, афтæ зымæг та зындон уыди. Æмæ-иу алчи дæр зымæджы æрбалæудæй тарст, уæззау мæт-иу æвзæрди алы мæгуыры зæрдæйы. Æрæгвæззæг æрлæууыд. Мигътæ сау тарæй хохæй-хох- мæ лæбурæгау лæсыдысты. Арв йæхи æрбахгæдта сау ми- гъты рæдзæгъдтæй. Фæззыгон уазал дымгæ къуыззит код- та гом къæдзæхты риутыл. Æмбисæхсæв уыдаид, афтæ митфæлдзæгъдæн райдыд- та æмæ ставд пирæнгæмттæй зæхх æмбæрзта. Гъе, æмæ ацы æнафоны Дзебысы фырттæ сæ дард балцæй æрæз- дæхтысты. Къуыззиттгæнгæ сæ кæрты æрбалæууын код- той æнæхъæн фосы дзуг æмæ дыууæ та саргъы бæхтæ* Хъæубæстæ дисы бафтыдысты, зæгъгæ, кæй та бабын код- той, кæй артыл та ауагътой ихджын доны къæрта. Фæлæ бафæрсын ничи бауæндыд уыцы æгъатырты. Дзебыс сæ размæ рауад, йæ мидбыл бахудт æмæ сын афтæ зæгъы: — Гъе, мæ хæдзар, гъе, ныр цы ирæды кой кодтам, уьь мæй уæлдай ма ацы æвæлмон фосæй уæхицæн дæр аззай- дзæн. Фос бæргæ ’ртардтой, фæлæ фосы ацы зымæгон уазал æхсæв хæрын дæр хъуыди. Гъс, æмæ та Дзебысы æдзæс- гом фырттæ æвиппайды фæфæнд кодтой æмæ æмæхсæв раафтид кодтой Баймæты æфтауцдон. Иæ райсомы Баймæт йæ хуыссæнæй куы фестад, пæ фосмæ куы рауад, куы скаст æфтауцдопмæ æмæ дзы иу дыууæ мæкъуылы йеттæмæ куынæуал уыди, уæд йæ уæнг- тæ фырмæстæй андзыг сты. Зæрдæ йæ риуæй рацæйтыдта: — Æз лæппу ма фæхуыйнон, æгаддзипад ма мæ сæр- мæ куы схæссон, — фырмæстæй хæдзармæ фездæхт æмæ дзуры йæ мадмæ:—Гыцци, уыцы лæгбирæгътæ та мын цæрдудæй ингæн скъахтой. Уæдæ ныр дæр мацы суæндон, ма бавзарон мæ хъару уыдонимæ? Саучызг бауад Баймæтмæ. Йæ цæнгтæ йыл ныттыхта æмæ йын æрхæндæг хъæлæсæй дзуры: — Дæ мадæн ингæн скъах, мæ хъæбул, ды дæ масты фæдыл куы ацæуай. Дæ-дæ-дæй, уыцы лæгбирæгътæ нып Нæ артыл туджы зæй ацæуын кæндзысты. Зынджы хай нæ бакæндзысты. 123
Баймæт йæ хъомылгæнæгæн батæригъæд кодта. Йæ тæригъæддаг цæстытæм ын бакаст æмæ йын афтæ: — Уæдæ кæдмæ барон, кæдмæ худннаджы цардæй цæ- рон? Туг мæ кæй дарынц, уый мурмæ нæ дарынц, ноджы мæ тугвæллойæ сæхи хъæздыг кæнынц. Уыцы бон хæдзарæй йæ къах нал равæрдта Баймæт. Иæ сæрмæ алы хъуыдытæ бырстой хæлбурцъгæнгæ. Саучызг дæр йæ фырты хъахъхъæнæгау кодта. Æри- зæр, æхсæв йæ сау нымæт айтыгъта хъæубæстыл. Хъыхъ- хъаг дымгæ хсæвы тары, футтытæгæнгæ, къуыззитт кодта уынгты. Баймæт йæ цæстытæ æрæхгæдта æмæ цыма тарф фынæй баци, афтæ ныхъхъус, ныссабыр. Саучызгæн йæ зæрдæ цахæмдæр тасдзинад æнкъардта æмæ нæ фынæй ’ кодта. Иæ къахкъухтыл-иу бауад Баймæтмæ æмæ-иу æм байхъуыста, зæгъгæ, фынæй кæны, æви нæ. Фæстæмæ-иу йæ хуыссæнмæ баздæхт æмæ-иу йæ цæстытæ цармæ ный- ирд кодта, кæд нæ афынæй уаин, зæгъгæ. Фæстагмæ æгъа- тыр хуыссæг йæхи фæсагъта Саучызджы цæстыты, æмæ йæ хуыссæг йæ хъæбысы куыд ныттыхта, куыд афынæй, уый нал бафиппайдта. Баймæт йæ хуыссæнæй сыстад. Цæджындзыл ауындзæ- нæй хъавгæ райста йæ хотых. Йæ хъама бабаста йæ фар- сыл. Æмæ цыма- хæдзарæн фæстаг салам лæвæрдта, уы- йау къонайы цур сонтау æрлæууыд. Саучызгмæ бакастæмæ йæхинымæр загъта: «Бахатыр кæн, гыцци, мæхи зоидыл удуæлдай. тохмæ кæй цæуын, фæлæ... Скаст саджы сыкъа- тæм. Сæ уæлæ ауыгъд уыдысты, хæрз æрæджы Саучызг Баймæтæн цы ног цухъхъа æмæ куырæт бахуыдта, уыдон. Йæ цæстытыл ауад, нырма йæ уарзондзинадæй кæмæн нæ бафсæст, йæ зæрдæбын ныхæстæ кæмæн нæма фæкодта, афтæмæй йæ царды ыыфс, йæ дунейы рухс кæй хуыдта, уыцы рæсугъд Сурандо. Айразмæ йын афтæ куы загъта: «Тагъд та-иу нæ абæрæг кæн», уыцы ныхæстæ йæ зæрдыл æрбалæууыдысты. Фæлæ масты тула нал бакуымдта са- йын æмæ Баймæты акодта йæ разæй. Баймæт рахызт уынг- мæ. Акаст, афæлгæсыд æхсæвы тары. Æппæт дæр уыди сабыр æмæ æрхæндæг, æрмæст хъæугæрон Дзебысы хæ- дзары чысыл рудзынгæй рухс калд. Рухс уыцы иугъуы- зон цренæй нæ судзы, фæлæ куы тынгдæр разыпы, куы та æрнымæг вæййы. Баймæт йæхинымæры бадис кодта, зæгъгæ, та уыцы лæгбирæгътæ ацы æнафоны цы архайынц, æмæ фæраст Дзе- бысты ’рдæм. Æрлæууыд сæ кæрты. Ахъуыды кодта, хæ- дзармæ сæм уыцы иу цыдæй бамидæг уа æмæ йæм сæхæ- дæг куы фæцарæхсой раздæр, уæд æй кæрдихгай акæндзы- 124
сты. «Цæй, фæрсагæй сæ райдайон æхсын, уæд мын бирæ æнцондæрæй бантысдзæн сæ ныццæгъдын». Фæраст хæ- дзары къулмæ, йæ хотых йæ къухмæ райста, хæстæввон- гæй йыл ныххæцыд, чысыл фæрсагмæ бырæгау скодта. Бакаст мидæмæ æмæ федта диссаджы ныв. Хæдзары астæу арт фæйлауæн кæны. Дзебыс фыдæлтыккон къæлæтджы- ныл фæстæдзæг бады. Хъандо даргъ уæхстыл физонæг цæхæрмæ дары. Дуарæй чысыл мидæгдæр Мыртаз, Гри- га æмæ Илыкъ дынджыр галы цармыл стыгъд галы уæнг- тæ кæнынц æмæ сæ ’фснайынц. Иу дзырдæй, алчидæр сæ фæдисоны архайдæй архайы. — Дзебыс райгондæй кæсы куы Хъандомæ, куы та иннæ фырттæм. Æвæццæгæн, æнхъæлмæ кæсы физонæг ацæт- тæмæ. Уæдмæ галы уæнгтæ афснайдтой. Илыкъ галы сæр зæххæй систа, фæсдуармæ йæ къуыдыр æппарæгау бакод- та æмæ даргъ фынг Дзебысы раз авæрдта. Иннæтæ дæр куы ’рбадтысты, уæд Хъандо физонæг цъыс-цъысгæнгæ фынгмæ ’рбахаста. Баймæт арф мæсты улæфт ныккодта æмæ йæхи афар- ста: — Цымæ та кæй бабын кодтой, кæй гал та æрбаргæв- стой? Гъе, джауыртæ, бавзарæм ныр, искæйы тугвæллойæ куыд цæрын хъæуы, уый, æмæ йæ хъримаг рудзынгæй са- быргай бадардта. Фехсыныл нæ тагъд кодта, хæрыныл уал æрбадой, зæгъгæ. «Уæ хæцæнгæрзтæ хæстæг æрбайсут, мæ хуртæ. Цы нæ вæййы, æппæтæй хи бахъахъхъæнын хорз у. Уæд та ныл исчи æдзæттæйæ сæмбæлд», — загъта Дзе- быс йæ фырттæн. Хъандо фæхудт æмæ æртхъирæнгæнæгау загъта: — Мæнмæ тыхгæнæг чи фæзына, уый зонæд, йе ’намонд фаендагыл кæй ныллæууыд, — æмæ фæкаст тæрхæгмæ йæ хотыхмæ. «Фæлæуут, иууыл сымах нæ хæтдзыстут амондджын фæндагыл», — йæхинымæр бакодта Баймæт. Куыд, цы, фæлæ Баймæт ныддардта фæрсагæн хъри- маг Хъандомæ. Фæлæ Баймæты топпы гæрах æмæ Хъан- доны фестын баиу сты æмæ ма топпы нæмыг бацыд Хъан- дойы уæраджы. Иннæтæ уыцы иу сæррæтт фæкодтой, сæ хотыхтæм февнæлдтой. Кæсдæр, Илыкъ, галдзарм раскъæф- та æмæ йæ артыл амбæрзта, цæмæй фæрсагæй чи ’хсы, уый сæ бындзагъд ма фæкæна. Хæдзар æваст фæталынг. Баймæт ма цалдæр гæрахы бакодта зæрдæаивæй, фæлæ фыдызнæгтæм йæ топпы нæ- мыг хæстæг нал бацыд. Баймæты зæрдыл æрбалæууыд, дуар сыл æддейæ сыхгæнын кæй хъæуы, уый. Ратæррæст 125
ма кодта, бæргæ, фæлæ ферæджы. Дзебысы æртæ фырты феддæ сты хæдзарæй. Баймæтæн куыницыуал фадат æр- цыд, уæд уыцы иу сæррæтт акодта хъæууынгты æмæ сæ хæдзары бамидæг, йæ хуыссæны аныгъуылд. Фæдисы адæм Баймæты йæ хуыссæны куы ссардтой, уæд Дзебысы фырт- тæн бауайдзæфтæ кодтой, зæгъгæ, уе зп#г æпдæр чидæр уыди, сымах та мæнæ рæстаг лæппуйы марынмæ æрбацы- дыстут. Куыддæртæй ныйиргъæвтой Дзебысы фыртты æмæ хæдзармæ ацыдысты. Зæронд Хъæцлæу рахъуыды-бахъуыды фæкодта, зæгъ- гæ, кæрон скæнын хъæуы ацы хæрамдзикадæн, нæ фыды фырттæй Схъæлаты фыртты ’хсæн цалынмæ мæ кæсдæртæ не сфизонæг сты, уæдмæ. Иу изæр Хъæцлæуы кæсдæртæ куыстæй куы ’рцыды- сты, уæд сæм басидт. Лæгтæ уайтагъд æрбамбырд сты Хъæцлæутæм æмæ пæ разы уырдыг слæууыдысты. Зæронд Хъæцлæу арф ныуулæфыд æмæ сын афтæ: — Зæгъут-ма, мæ кæсдæртæ, кæдмæ нæ хынджылæг кæной Дзебысы фырттæ? Кæсдæртæ сæ бынæтты базмæлыдысты, кæрæдзкмæ ба- кастысты. Доти афтæ зæгъы: — Зæгъ, Хъæцлæу, дæхæдæг, цы бакæнæм? Хъæцлæу йæ миты хуызæн урс зачъе адаудта йæ дæр- зæг армы тъæпæнæй æмæ зæхмæ йæ цæстæнгас аздæхта. Кæсдæртæ ’нхъæлмæ кастысты, цы зæгъдзæн сæ хисдæр? Хъæцлæу йæ къæлæтджыныл базмæлыд, йæ цæст ахаста йæ цуры уæвджытыл æмæ мæсты хъæлæсæй райдыдта: — Не знæгтимæ иу мыггаг стæм, мæ хуртæ. Уыдон Схъæлайы фырты фырттæ, мах Гуацъæйы зæнæг. Схъæла æмæ Гуацъæ Багайы хъæбултæ уыдысты. Цæй ныр цы чындæуа? Иу къухмæ кард ранс æмæ иниæйы ракæн. Фæ- лæ дарддæр нал ис быхсæн. Хæмыц, нæ хуыздæр, хи хъæ- булау æй уарзтон. Цæхх, къæбæрæй йæхи уарзын кодта адæмæн, æгас комбæстæн æмæ йæ уыцы лæгбирæгътæ сы- джыты хай бакодтой. Уый фæстæ Баймæты аныхъуырын- мæ хъавыдысты, æмæ сыстад æмæ абырæг алыгъд. Иннæ хабæрттыл æз нæ дзурын. Фæлæ кæрон скæнын хъæуы æнаккæгтæн, науæд æгæр фæтугдзых сты æмæ... — Зæгъ, дæ хорзæхæй, Хъæцлæу, хъусæм дæм нырмæ- йау, — райхъуыст ныхæстæ. — Гъе, æмæ уæдæ иу цонгæй иннæйы ракæнын кады хъуыддаг нæу. Фæлæ уæ цы фæнды? Цонг куынæуал бæз- за, куы рисса, кусгæ куынæ кæна, хæрам куы кæна æмæ йын хосгæнæг хос куынæуал ара, уæд, мæ хуртæ, цæйнæ- фæлтау иннæ буармæ хæрам бахæсса æмæ лæджы буар 126
æгасæй фæнизæфхæрд уа, фæлтау æй алыг кæнын хъæуы земæ иннæ буар æнæсахъагæп баззайа. — Æгадæй цæрыны фæлтау кадджын мæлæт! Зæгъ, Хъæцлæу, цы нын амоныс? — йæ бандонæй фестгæйæ, фæ- хъæр кодта Борсæ. — Уæдæ мæм хъусут, кæд мæ уынаффæ уæ зæрдæмæ фæцæуа, уæд уый хуыздæр, кæд нæ, уæд æндæр исты æр- хъуыды хъæуы. Мах Схъæлатæм туг бафидынмæ æнхъæл- мæ кæсæм ныр ауал азы, фæлæ нын иу сæныччы хъус дæр иæ ратдзысты. Æмæ нæ, мæ хуртæ, цалынмæ быпдзагъд пæ фæкодтой, уæдмæ цæй æмæ саразæм афтæ: фынг скæ- нæм, мæ хуртæ, фынг уыцы налаттæн... — Мах? — афарста мæстыйæ Доти. — О, мах. Уый уæм худинаг ма кæсæд, фæлæ мæм хъу- сут. Æрбахонæм сæ æмæ сæ хæрд, нозтæй хорз фенæм. Куы срасыг уой, уæд уæ хъару æмæ уæхæдæг. Афтæ куы- пæ бакæнæм, уæд уыдонæй иу куы амæла, махæй æртæ фæмард уыдзæн. Куыд уæм кæсы мæ уынаффæ, мæ кæс- дæртæ? — Хорз, иттæг хорз уынаффæ у! — Уæдæ сæм æз лæг баминæвар кæндзынæн, сымах æрцæттæ кæнут æппæт дæр: хæрд, нозт. Бæгæны бахси- дут, кусæрттæгтæ рахицæн кæнут. Æрмæст уæ фæдзæхсын, алчи уæ йæхицæн архайæд, йе ’взагæн уæ алчи хицау уæд. Нæ уыиаффæ цæмæн, цæй тыххæй у, уый мачи срæдиæд æндæр искæмæн. Науæд ныры дуджы ныхас дугъы бæх у, æмæ нæ бындзагъд, быныскъуыд æрбакæндзысты. Фæлхас куы сцæттæ уа, уæд ма фæсиддзынæн уе ’ппæтмæ æмæ ма аныхас кæндзыстæм. Алкæмæн хицæн хъуыддаг уыдзæн кæнинаг. Хъæцлæу куыд загъта, афтæ Гуацъæтæ сæ фосæй нард кусæрттæгтæ рахицæн кодтой. Цæджджинаджы бæгæны бахсыстой, карз арахъхъ рауагътой. Æнæхъæн комы айхъуыст уыцы хабар æмæ сыл бирæ- тæ æххы ту кодтой, сæ туджджынтæн фынг кæй кæнынц, Уый тыххæй. Чи та æнæууæнк кодта, зæгъгæ, цыдæр хи- 1!аейдзаг хъуыддаг бакæнинаг сты. Фæлæ бæстонæй сæхи- Дæй дарддæр ничи ницы æмбæрста. Хъæцлæу æвæстпатæй ^рцагуырдта дзырддзæугæ лæджы æмæ йæ барвыста Дзе- ^ысмæ ахæм фæлмæн ныхæстимæ: «Иу туг, иу стæг стæм. Багайы кадджын æмæ æхсар- ^ьщ мыггагæн æрвнæрæгау хъуыстгонд уыд йæ тых, йæ Хъару. Æцæгæлон мыггæгтæ нæ æдас кæй не сты, уый сы- Махæн, стæй уæд махæн зындгонд у. Фæлæ фыдбылыз фæ- ^Уысси не ’хсæн æмæ æнамонды хъуыддаг февзæрд нæ 127
уæзæгыл. Дæ фырттæ амардтой Хæмыцы. Туг бафидьщ æгъдаумæ гæсгæ сымахæн æмбæлы. Фæлæ сымах туг мах туг дæр у. Махæй Хæмыц кæй фæхъуыд, уый сымахæн дæр æрвадæлтæй иуы æрбайсæфт у. Цæй, æмæ бадзæбæх, бараст уæм æмæ нæхи тугæй нæхи мауал ахорæм-, кард- æлвæстæй кæрæдзимæ мауал цæуæм. Топпы кæсæнæй кæ- рæдзи мауал агурæм. Кæрæдзийыл нæ цы фыдбылызтаг бафтыдтой, уымæн скувынæн фæлхасæн цы хъæуы, уый мæнæй. Æрмæст уæ сæрмæ бахæссут, æмæ нæ фынгмæ æрбацæут. Нæ цæхх, нæ къæбæры фæрцы бафидауæм, мæ хуртæ, æмæ дарддæр амæй фæстæмæ хæларæй цæрæм. Æмæ бахъуаджы сахат не ’хсарæй кæрæдзийæн бахху&с кæнæм. Нæ лæгбæрцæй кæрæдзийæн ныфс уæм». Дзебысæн минæвары лæг ахæм зæрдæмæхъарæн ны- хæстæ куы ракодта, уæд бабуц. Йе схъæл урс рихитæ аз- дыхта æмæ афтæ зæгъы: — Сæрæй нырма ныр бафиппайдтой, мæ фырттæ хъæ- батыр кæй сты, уый. Цæй, кæд сæ афтæ фæнды, уæд, гъа, зæгъгæ, æмæ йæ цæнгтæ байтыгъта. Йæ фырттыл йæ цæ- стæнгас ахаста æмæ Хъандомæ бакаст, зæгъгæ, уæ куыд фæнды. Хъандо фембæрста йæ фыды хъуыды æмæ рабадт йæ хуыссæнуаты. Цæвиттон, нырма йæ уæраджы цæф бын- тон нæ бадзæбæх æмæ мæстæй тъæппытæхаугæ загъта: — Фидаугæ бакæнæм, фæлæ уыцы кæвдæсард абырæг кæй фæлыгъд, уый мæм цыдæр дызæрдыг æвзæрын кæны. Чизоны æмæ мын мæ къах уыцы дзæгъæл дзынга фел- хыскъ кодта сусæгæп æмæ уымæн атахт. Æнпу мын бафп- дыды фæстæ кæдæм аирвæздзæн. Ныр мæнæ мæ къахыл слæууынхъом фæдæн æмæ а-лæппу йæ тых бавзардзæн уыдонимæ. Цард та йæхæдæг домдзæни, цы хъæуы æмæ куыд араз- гæ у, уый. Баймæт абырæг куы алыгъд, уый фæстæ Саучызг кæу- гæ æмæ ниугæ æрвыста йæ бонтæ. Хæдзары муртæм æр- кæсæг нал уыди. Ацæргæ сылгоймаг йæ тыхы фæрцы ни- цыуал ссарынхъом уыди æмæ-иу бирæхатт рафæнд кодта, цæмæн ацы хъизæмармæ ма кæса æмæ йæхи къухæй йæхи амара. Куыд, цы, уый дардыл у, фæлæ минæвар лæг фæстæ- мæ æрбаздæхт Хъæцлæумæ æмæ йын рахабар кодта, зæгъ- гæ, ком радтой уыцы æнæрцæф Дзсбыс æмæ пæ фырттае бафидауыныл. Хъуыддаг скъобор. Фынгмæ сæ хъуамæ æрбахуыдтаик- ког< сабат изæр. Æмгъуыд рæсгæгмæ ма баззад дыуу^ боны. 128
Гуацъæтæ зынгæвæрдау цæттæ уыдысты. Æрмæст ма сæ кусæрттæ æнæконд уыдысты. Иу изæр та Хъæцлæу раст фæсахсæвæр фæдзырдта йæ зæнæджы зæнæгмæ: — Айразмæ уын кæй фæдзырдтон, уыцы хъуыддæгтæ сæ къахыл слæууыдысты. Фæцис ныи фадат, цæмæй уы- цы æнаккæгты быныскъуыд фæкæнæм, нæ фыййау сæрвæ- ты лæгбирæгътæй йæ риуыдзаг æдасæй сулæфа, нæ саби- тæ æмбæхсгæ мауал цæуой, нæ кæсдæрты хуыздæр æмæ хъæбатырдæр абырæг мауал хæта æмæ йæ хъомылгæнæг мад тæригъæдæй мауал мæла. Лæгдзинады сæр уæ ба- хъуыд. Æрмæст уыцы лæгбирæгътæм афтæ бавналæн нæй. Хъандо та йæ гаччы сбадт, мæ хуртæ. Æиæрабадгæ куы фæуыдаид, уæд нын иннæтимæ тынг æицон архайæн уы- даид, фæлæ уыцы налат тынг хъаруджын у. Иу лæг уы- мæн йе ’нгуылдз дæр нæ фæтасын кæпдзæп. Доти, ды сбаддзынæ йæ уæллаг фарс. Борсæ, ды — йæ дæллаг фарс. Æз, æнхъæл дæн, æмæ йыл дыууæйæ фæтых уыдзыс- тут. Тома, дæ бæрны фæуæд Мыртаз. Уый тыхæй тынг тæссаг нæу, фæлæ йæ фезмæлд рæвдз у. Кардæй — арæхст- джын. Фæлæ йыл æнæнхъæлæджы дæхи куы нысцæвай, уæд дæ къухты бафтдзæн. Майыр, ды, мæ къона, Григайы æмкар дæ. Уыимæ бавзар дæ хъару. Йæ рухс ын аталынг кæн æвиппайды. Баймæт ам куы уыдаид, уæд нæ хъуыддаг бирæ рæвдздæр уыдаид. Нæ цоты кæсдæр — Цъæхил, Дзе- бысы фырттæ нæ чындзаджы æрдавынмæ кæмæн хъавынц, худинаджы ном ныл тынгдæр кæй тыххæй æвæрынц, уы- цы Илыкъы ды хъуамæ фæкæнай æдзæммард. Сылгоймæгтæ уыцы рæстæджы къонагæрон æдзынæг лæууыдысты зæхмæ кæсгæ æмæ афтæмæй хъуыстой Хъæн- лæумæ. Иу дзæвгар ницыуал райхъуыст Хъæцлæуы дзыхæй, стæй уæд йæ цæсгом аздæхта сылгоймæгтæм æмæ та дзу- ры: — Сымах та, мæ хуртæ, архайут нуазæнтæ дæттыныл, — Саучызгмæ дзуры уæлдай æнкъарддæрæй: — Чындз, дæуæй кæд тынгдæр фефсæрмы уаиккой. Дæхи-иу схъæлдзæг кæн, æмæ арахъхъы нуазæнтæ дæтт дзæбидыры сыкъайæ. Нæхи лæппутæн аивæй дæттут фыл- дæр бæгæны, цæмæй сыл нозт ма фæтынг уа. Дзебыс æмæ йæ фырттæн та арахъхъ. — Æз æндæр ницы зæгъинаг дæн, — æмæ йæ цæст ахаста йæ кæсдæртыл, зæгъгæ, куыд уæм кæсы. — Æппæт дæр бакæндзыстæм, — загъта кæсдæр Цъæ- хил. — Блкæпдзыстæм, уый хуыцау зоны, мæ хуртæ. Цалынмæ 9. Бязырты Д. 129
сырд рамарай, уæдмæ цармæй ныфс ма бавæр. Де знаджы та цалынмæ топпы кæсæнæй суынай, уæдмæ гæрах ма фæкæн, науæд дыл йæхæдæг фæтых уыдзæн. Тынг уæ фæ- дзæхсын, арæхстджын ут, мæ хуртæ, рæгъытæ кæнут, мид- был хъæлдзæг худтимæ. Æз дæр хъуыддагæй мæхимæ хæс исын, цæмæй мыл уæ зæрдæ ма фæхуда. Дзебысы фæлитойы та мæ бæрны бакæнут. Ныр цал æмæ цал азы нал сластон мæ фæтæн сау хъама, йæ кæрддзæмы мын нызгæ. Гъе, æмæ йæ сфæлварон. Чизоны ма уыцы сырды стджытыл схæца, — загъта æмæ тыххудт бакодта. — О, рох мæ кодта. Дзырд рацæудзæн мæнæй. Хорз куы срасыг уой, уæд æз зæгъдзынæн: уæ куыст кæнут нуазæитæй. Гъе, уæд уæ хъару æмæ уæхæдæг. Æцæг-иу уæ куыст бакæнут æвæстиатæй. Æндæр ницы зæгъинаг дæн. Хуыцау уын бантысын кæнæд уæ фæндтæ уæхи фæн- диаг. Ныр та уал цæут æмæ уæ алчи дæр баулæфæд, рай- сом та кусæрттæ, æндæртæ цæттæ кæнын хъæудзæн. Æнæхъæн æхсæв нæ бафынæй сты усæй, лæгæй Гуа- цъæтæ. Саучызг сæгæйдзаг хæдзары йæхи, кæугæ æмæ ниугæйæ, фæхордта. Йæ лæджы амард, йæ лæппуйы абы- рæг фæлыгъд, йæ æппæт æфхæрдтæ йæ зæрдыл æрлæууы- дысты. Йæ дудгæбæттæ цыма ныр федта, уыйау куыдта æмæ ниудта. Дыккаг бон хур йæ был куы сдардта, скæсæ- ны ’рдыгæй хохæй-хохмæ тын куы анывæзта, уæд Гуацъæ- ты уынгтæ æмызмæлд систы. Сылгоймæгтæ дон хастой. Хъæцлæу æппæтмæ йæ цæст дардта. Лæппутæ талынг æмæ даргъ тыргъы бадæнтæн дын- джыр хъæдтæ авæрдтой. Кусæрттæгтæ æрбакодтой æмæ сæ аргæвстой. Фæздæг арвыл æмбæлын байдыдта. Нард фысы фыд стыр аджы бафтыдтой. Сау бæгæны дынджыр тæгæр гарзы сæрсæргæнгæ йе ’нхъизынæй нæма æрынцад. Уалынмæ та хур дæр дард кæдæмдæр фæлыгъд, атылд фæсхохмæ. Æризæрмилтæ. Хъæцлæуы æрвыст лæг Гуацъæты уынг- мæ æрбакодта Дзебыс æмæ йæ цыппар фырты. Саучызг хæдзармæ бауад, йæ рустæм фæлæбурдта. Афтæ йæм фæ- каст, цыма дæлæ уынгмæ æрбахастой Хæмыцы мард, цы- ма Баймæты мард фехъуыста. Ныхъхъарæг кæнынмæ йæ бирæ нал хъуыди. Фæлæ йæ зæрдыл æрбалæууыд зæ- ронд Хъæцлæуы фæдзæхст, зæгъгæ, уæхи-иу сæм хъæл- дзæгæй равдисут. Æмæ йæ кæуындзæг нынныхъуырдта. Иæ судзгæ цæссыгтæ асæрфта æмæ змæлын райдыдта. Уа- лынмæ фынгтæ æрæвæрдтой. Æгъдаумæ гæсгæ æрбадын кодтой туджджынты Хъæцлæуы дзырдмæ гæсгæ. Фæлæ иу хъуыддаг уый уыди, æмæ Дзебыс æмæ йæ фырттæ æр- 130
бадтысты хæстæввонгæй, топпытæ сæ къухæй зæхмæ дæр не ’руагътой. Иу сыбыртт ничи ма кæны. Цæвиттон, ца- лынмæ дыууæ туджджыны кæрæдзимæ нуазæнтæ авæрой, кæрæдзийæ хатыр ракурой, уæдмæ сын ныхасгæнæн нæ уыди. Æвзаргæ лæг сыстад, йæ цæст ахаста фынджы фарсмæ бадджытыл æмæ райдыдта: — Уæ, Багатæ, æз сымахæн æцæгæлон нæ дæн. Кад- джын, æхсарджын у Багайы мыггаг. Фæлæ уæ кæрæдзимæ мæлæт кæй хæссут, уый у æнамонддзинад. Цæй, æмæ æр- цæугæ æнамонддзинæдтæ æнусмæ дæлдзæх фæуæнт, сы- махæн та хуыцау уарзондзинад радтæд. Бирæ зæрдæмæхъарæг ныхæстæ фæкодтой иннæ ми- нæвар лæгтæ дæр, стæй уæд фыццаг Хъæцлæу æмæ Дзе- бысæн сæ кæрæдзимæ нуазæнтæ авæрын кодтой. Уый фæс- тæ иннæтæ дæр райстой кæрæдзи нуазæнтæ æмæ та æр- бадтысты. Гаджидаутæ фæтынг сты. 'Рæгъгæнджытæ нæр- тонæй лæвæрдтой йедзаг дзæбидырты арахъхъ æмæ сау бæгæны. Хъæцлæуы амындмæ гæсгæ Дзебысы фырттæн фылдæр арахъхъ, къаддæр — бæгæны. Сæхи лæгтæн та фылдæр бæгæны, къаддæр арахъхъ. Сылгоймæгтæ рæгъы- тæ систой, нуазæнтæ дæттынц Дзебысы фырттæн. Саучызг фынгмæ ’рбацыд, йæ цæст ахаста Дзебысы фырттыл æмæ хъæлдзæгæй дзуры: — Ферох уæд æппæт дæр. Нæ лæджы амард сымахæй дæр уыди иу -лæджы фесæфт. Æз — æркæнæггаг, сымах та мæнæ мах лæппутимæ æфсымæртæ. Абонæй фæстæмæ уын лæггад кæндзынæн чындзы лæггадæй, — æмæ’сыл хъæл- дзæгæй райдыдта уый дæр йедзаг дзæбидыртæй рæгъытæ кæнын. Хорз срасыг сты Дзебыс æмæ йæ фырттæ. Хъæцлæу, а-ныр фæхъæр кæна «уæ куыст кæнут нуазæнтæй», зæгъгæ, афтæ Цъæхил фыдызгъæлтæ лыгтæ кодта æмæ фырцыр- дæй йæ хъама тæбæгъы аирвæзт. Хъуыддаг йæ райдиан- мæ куы ’рцыди, уымæй чысыл раздæр иу æыарæхст сылгой- маг хъама йæ аууæтты æрбадавта æмæ йæ Цъæхилмæ авæрдта. Дзебысы фырттæн ма уæд цы бамбарын хъуыди, ацы бафидауыны фынгыл Хъæцлæуы кæсдæртæ цы ба- кæнинаг уыдысты, уый. Уайтагъд сæ бынæттæй фæтæр- рæстытæ кодтой, фæфæлдæхтытæ кодтой фынгтæ, сау бæ- гæны алеуахи кодта зæххыл. Хъæр, хъæлæба сси хæдзар, цырæгъты рухсмæ æндон кæрдтæ ферттывтой. Иу дзыр- дæй, кæрæдзи хъуамæ ныццагътаиккой. Фæлæ цыдæр амондæн Дзебысы фырттæ лидзынмæ фесты. Зæронд Дзе- 131
бысы раст къæсæргæроп чидæр ацахста. Хъуамæ йын йæ сæр акъуырдтаид, фæлæ Хъæцлæу фæхъæр кодта: — Уæхи худинаджы нымæты ма стухут, зæрондæй уæ маст райсыны фæнд ма скæнут. Ууыл ахицæн туджджынты фидыд. Фыдæхдзипады ар- тыл цæхæр тынгдæр бакалд æмæ ноджы раздæрæй тынг- дæр сцырын. Гуацъæтæ сæхи хъахъхъæдтой. Æнæхотыхæй уынгмæ нал цыдысты, сæ сылгоймæгты æнафоны донмæ дæр нал уагътой. Дзсбысы фырттæ сæ фæстæ зылдысты. Иу сæр- дыгон бои хъугомы сæрмæ хъæды суадысты, цæмæй Гуа- цъæты истæмæй фелхыскъ кæной, хыл ракъахой. Хъæдмæ куы ссыдысты, уæд, Лæгъз къуылдым æй хонынц ныр дæр ма, уым диссаджы суадон ис, фæлладæй дзы анызтай, уæд уæнгтæ фæрог вæййынц, зæрдæ цины улæфт скæны. Гъе, æмæ, дын, уыцы суадонæй банызтой, сæ хотыхтæ цъæх зæлдаджы хуызæн кæрдæгыл æрæвæрдтой æмæ æр- бадтысты. Уалынмæ фæтæны бынæп ныззарыд Гуацъæты фыййау. Зарæг анæрыд кæмтты æмæ дард кæмдæр бай- сыст. Дзебысы фырттæ кæрæдзимæ бакастысты. Сæ хисдæр æфсымæр Хъандо загъта: — Гуацъæтæ æгæр æдасæй райдыдтой цæуын. Кæсут, сæ фыййау куыд æнæмæтæй зары йæ зæрдæйы дзæбæхæн. Æвæццæгæн, нæ байрох кодта уыцы фыййау. Цæй æмæ йын бацамонæм, зарын куыд хъæуы, уый. Ауай, Илыкъ, æмæ фыййауы йæ дзуджимæ ардæм ратæр. Абон та нæр- тон сихор хъуамæ бахæрæм! Илыкъ уайтагъд суадоны цурмæ æрбатардта Гуацъæты фос. Фыййау чысыл фалдæр æрлæууыди æмæ зæхмæ нык- каст. Йæ зæрдæ фыртæсæй йæхи къултыл хоста. Хъандо фыййауыл фæхъæр кодта: — Уым цы дæ был æруагътай, хусгуыбын! Хæстæг ра- цу æмæ уæртæ уыцы гуымыдза хуыскъ фысы рацахс. Фыййау йæ кæуындзæг нал баурæдта, йæ уæнгтæ ба- зыр-зыр кодтой æмæ кæугæ æмхæццæ загъта: — Уæ хорзæхæй, мæ фыстæй мын ма аргæвдут, фæл- тау...—загъта æмæ ныккуыдта. Лæгбирæгътæ нæ батæригъæд кодтой фыййауæн. Хъан- до топп фæцарæзта фысмæ. Фæцыд гæрах. Фыс ма хæрд- мæ фæхауд. Иннæ фос уалдзыгон сæлæф миты зæйау ныг- гуылф кодтой æмæ хъæуы бамидæг сты. Цæф фыс ма тугкалгæ сæ фæсгæ алыгъд, фæлæ уай- тагъд æрхауд. Уæд та Хъандо фыййауæн тызмæгæй загъта: 132
— Уайгæ ныртæккæ уæхимæ. Гуацъæтæ диссаджы нозт аразынц, зæгъ сæ чындзытæн æмæ нын иу дурын арахъхъ аемæ уæливыхтæ кæд рарвитой, уæд хорз, науæд сæ лæг- тæй идæдз аззайдзысты, бамбæрстай? Фыййау ницыуал сдзырдта, хъæуы ’рдæм лидзынмæ фæци. Лæгтæй хъæуы ничи уыди, алчи куысты уыди, фæ- лæ сылгоймæгтæн тагъд-тагъд радзырдта Дзебысы фыр- ты домæн. Саучызг мæстæй рахсыст, æмæ уæд чындзытæн тарстхуызæй афтæ зæгъы: «Цард уын фестоы, ауайут æмæ ацæттæ кæнут, науæд та ныл судзгæ бонтæ акæндзæн. Дæ-дæ-дæй, сынтытæ та æнхъæлмæ кæсынц холымæ. Фæ- цырд ут, цалынмæ лæгтæ куыстæй нæма æрæздæхтысты> науæд та ныл туджы зæйтæ рацæудзæн». Чындзытæ тæрсгæ-ризгæйæ цæттæ кодтой уæливыхтæ. Саучызг стыр дурыны арахъхъ æрцæттæ кодта. Фæстаг уæливых арты цæхæрæй куыд райстой, афтæ мæнæ хæ- дзармæ æрбацыд Доти. Фынгыл уæливыхтæ æмæ дурын куы ауыдта, уæд бахъæлдзæг æмæ афарста: — Абон исты стыр бон у мыййаг? Саучызг, цæмæй чындзытæй мачи срæдийа, зæгъгæ, сæ Дзебысы фырттæм æрвитæм, уый тыххæй фæцырд æмæ йын йæхи тых хъæлдзæггæнгæ загъта. — Æмæ æнæисты стыр боны дзæбæх сихор ничи хæры? Уæдмæ фæзындысты иннæ лæппутæ дæр æмæ та Борсæ дæр мидбылхудгæ бацин кодта: — Æз нæ зонын æфсинтæ, кусæгæн йе ’рцæуынмæ ахæм сихор хъуамæ ацæттæ кæнай. Науæд мын нартхоры кæр- дзыиы хус къæбæр мæ хурх ныххафта. Дотийæн йæ зæрдæ цыдæргъуызон къæпп кодта æмæ ныллæг хъæлæсæй йæ ус Фырдæуызы афарста: — Саучызг мæ, æвæццæгæи, хынджылæг кæпы. Зæгъ-мая цæмæн ахæм сихор сарæзтай? — Ау, куыд цæмæн? Уæ тугвæллойæ абоп уæддæр ба~ хæрут дзæбæх хæринаг. Ницыуал загътой Гуацъæты лæгтæ. Æрбадтысты дзаг фынгыл. Хъæцлæу мусонджы сæр хуыссыди йæ кæрцы къæритыл. Йæ зæронд стджытæ хурмæ тавта. Уымæ дæр фæдзырдтой æмæ сæхи хорз федтой, уæдæ цы уыдаид. Изæры фыййау фос куы ’ртардта, уæд æй Саучызг бафæ- дзæхста, цæмæй фыс аргæвдыны хабар ма зæгъа лæппу- тæн. Куы дæ бафиппайой, уæддæр-иу зæгъ, бирæгъ æй ахаста, зæгъгæ. Изæры зæронд Хъæцлæу кæртмæ бацыд> фосыл йæ цæст ахаста æмæ фыййауы афарста: — Дæ фыстæн сæ нарддæр ам куынæ ис, уæд дын кæм ис? 133
Фиййау ма бæргæ афсон кодта, бирæгъ æй аскъæфта, зæгъгæ, фæлæ зондджын Хъæцлæу уайтагъд фембæрста хабар, æмæ йæхинымæр сагъæсгæнгæ загъта: — Æцæг æй аскъæфта бирæгъ, уый зонын. Фæлæ хъæды бирæгъ нæ уыди. Дзебысы лæгбирæгътæ йæ ахордтой, æвæццæгæн. Дзебысы фырттæ бонæй-бон исджындæр æмæ фæллой- джындæр кодтой искæй тугвæллойæ. Суанг фæсхохмæ дæр лæбурын байдыдтой æмæ сæ фыдмæ афтид армæй никуы цыдысты фæстæмæ. Иуахæмы та Дзебысы фырттæ æрбадæлдзæхсты. Гуа- цъæтæ сæ риуы дзаг сулæфыдысты. Мæсыджы цурмæ ны- хасмæ дæр цæуын байдыдтой. Сæ сылгоймæгтæ уынгты тæрсгæ æмæ ризгæйæ нал цыдысты. Сæ цæсгæмттыл æнæ- бары цины уылæн ахъазыд. Фæлæ уый бирæ нæ ахаста. Иу æмбисæхсæв хъæугæ- ронæй æрбайхъуыст топпы хъæртæ. Уый фæстæ та зарыи нæрыд кæмтты. Хъæуы цæрджытæ уайтагъд фембæрстой, Дзебысы фырттæ та кæй æрæздæхтысты сæ хæтæнæй. Æнæхъæн хъæубæстæ та сагъæсы бахаудтой. Лæгтæй та алчи йæ хотых райста. Сабиты æдзæстхизæй уынгмæ нал уагътой. Фæлæ адæймагæн цыфæнды тасы ран дæр йæ хъуыддаджы фæстæ æнæ фæцæугæ нæ вæййы. Гъе, æмæ иу бон хур нæма скаст, афтæмæй Майрæм йæ бæхыл саргъ авæрдта, дзаг хордзентæ саргъыл абаста æмæ зæронд Хъæцлæуæн загъта: — Уæ зæрдæ мæм ма ’хсайæд, райсом æнæмæнг зын- дзынæн. Цæвиттон, сæ хъустыл æруади, зæгъгæ, Баймæт æхсæ- выгæтты æруайы Цады хъæуы Бигъатæм, чызг, дам, æй кæмæндæр загъта, æмæ цæмæй бæстоы бæрæг базоной, гъе, уый тыххæй Майрæм араст Цады хъæумæ. Саучызгæи дæр ницы загъта йæ балцы тыххæй. Хъæцлæу бафæдзæхста Майрæмы, цæмæй йæхи хъахъ- хъæна уыцы налæттæй. Мапрæм дæр æдас кæм уыдаид Дзебысы тугмондаг фырттæй, фæлæ ныфсæвæрынæн загъта зæронд Хъæцлæ- уæи: «Кæд мыл æпæнхъæлæджы рамбæлой, уæд сæ æз дæр æвыдæй нал ауадздзынæн» æмæ ацыд йе ’намонд фæп- дагыл. Лæппу хъæдвæндагыл куы ауад, Пацъапы былтыл куы аздæхт, уæд æм æвиппайды фæндаджы уæлбылæн Дзсбы- сы дыууæ фырты Хъандо æмæ Мырзæ æргæпп кодтой. Иннæ дыууæ та сæ хотыхтæ ныддардтой Майрæммæ. Май- рæм йæ хъамамæ февнæлдта. Бæргæ ма йæ фелвæста йæ 134
кæрддзæмæй, фæлæ йын Хъандо æхсаргардæй йс уæхск æрриуыгъта. Майрæмы цонг ныддыз-дыз кодта æмæ йæ хъама йæ къухæй æрхауд. Йæ бон базыдта, цыппар лæг- бирæгъæн кæй ницыуал ракæндзæн, уый æмæ сын загъта: — Цæвут, тугхортæ, цæвут, фадат уын ис. Фæлæ зонут, мæ тугкалд æнæхъуаджы нал фæуыдзæн. — Дзæгъæлы ма дыв-дыв кæн, фæлæ зæгъ, кæдæм у дæ фæндаг? Майрæм ницы дзуры. Уæд æй бæхæй æристой æмæ йæ лыстæг къуыхтæ скодтой. Йæ цæстытæ йып скъахтой, йæ рихи йын стыдтой æмæ йæ Пацъайы доны баппæрстой. Гуацъæтæ æнхъæлмæ кастысты Майрæмы æрбаздæ- хынмæ. Рацыд иу бон, рацыд дыккаг, фæлæ нæй, никæцæй зынд Майрæм. Иу æхсæв, дын, Хъæцлæу йæхи лыстæны æруагъта, алы тæссаг хъуыдыты фæстæ афынæй æмæ уыны фын: мæнæ Майрæм уады бæх фестад æмæ цалдæр бæхимæ дугъы уайы. Йæ хидкалгæ цыма æрбахæццæ хъæумæ æмæ уынджы былæй ахауд æмæ комы лыстæг згъæлæн баци. Стæй та уыны: Майрæмы хæдзар æвиппайды сгуылф кодта сырх арт пиллонæй. Уый фæстæ арт æваст фæмынæг æмæ фæныкæй дарддæр хæдзары ницыуал аззад. Æрмæст ма фæнычы сæрыл даргъ ног марды чырын авæрдæуыд. Фехъал Хъæцлæу. Фырадæргæй йæ сурхид акалд. Ра- бадт йæ лыстæны æмæ афтæ зæгъы: — Уыцы лæппу удæгас нал у. Цæуын хъæуы æвæс- тиатæй йæ агурынмæ. Фестад, рауад уынгмæ æмæ æр- хæндæг хъæлæсæй фæдисы хъæр ныккодта. Гуацъæты лæг- тæ сæ хуыссæнуæттæй фæтæррæстытæ кодтой. Сызмæлы- дысты Хъемултайы Багатæ дæр æмæ фæфæдис кодтой Цады хъæумæ. Фæлæ уым нæ разынд. Уæд кæмтты агурæг фæцæуæг сты. Пацъайы доны астæу уырыл мадард бæгъ- нæгæй ссардтой Майрæмы мард, æгасæй дæр йæ буар уыди сыхырнайау хуынчъытæ. Фæдисы адæм Майрæмы марды сынтыл схастой йæ мæгуыр хæдзармæ. Адæм фæкудтой, фæхъыг кодтой æмæ йæ йæ сыхаг Хæмыцы фарсмæ баныгæдтой. Хисты æрбад- тысты. Рухссаг у, рухссаг, загътой. Цъæх арахъхъæй æн- къард гаджидаутæ фæкодтой. Борсæ æмæ Доти хисты фынгыл ард бахордтой, зæгъгæ, æгаддзипад сæ сæрмаз нал бахæсдзысты, Хæмыц æмæ Майрæмы туг райсдзысты. Майрæмы амарды фæстæ Дзебысы фырттæ сæ хæдзар- мæ куы ’рбаздæхтысты, уæд цы æвæлмон фос скодтой, уыдонæй æртиссæдз фысы, дæс хъуджы Цады хъæуы хæрз изæрæй Бигъаты кæрты бамидæг кодтой. 135
Сурандо йæ даргъ сæры хилмæ бавнæлдта. Кæуынæй йæхи хордта. Æгъатыр лæгбирæгътæ æргомæй загътой Бигъайæн, зæгъгæ, кæд æгъдаумæ гæсгæ нæ разы кæнут, уæд ныртæккæ тыххæй ахæсдзыстæм Сурандойы. Бигъа сагъæсты аныгъуылд: цы бакæна, дæтта йæ чызджы Дзебысы фырт Илыкъæн æмæ Сурандо æмæ Бай- мæт кæрæдзи уарзынц. Нысангарз райста. Баймæт ирæдæй ныфс бавæрдта. Арæх сæм æхсæвыгæтты дæр æруайы. Æрмæст цалынмæ уыцы æгъатырæй иуырдæм æрхауа, уæд- мæ Сурандойы ахæсса, уый фадат ын нæ уыдис æмæ абы- рæг хæтыди. Зылди Дзебысы фыртты фæстæ, фæлæ сыл никуыма амбæлди. Æгæристæмæй, Гуацъæтæн дæр йæхи не ’ргом кодта. Саучызг дæр нæ зыдта кæм ис, цы ’рба- ци йæ иунæг хъæбул. Бон-изæрмæ фæрадзур-бадзур код- той Дзебысы цыппар фырты. Изæры Бигъа йæ бон куы базыдта," уæд йæ дзыхæй хъыпп-сыпп нал хауди, фынг æрæвæрдта йæ балбирæгъ уазджыты раз. Фæдзырдта йæ чызгмæ. Чызг æрбацыд йæ размæ. Йæ сæр йæ риуыл æруагъ- та. Ставд сау дзыккутæ дыууæ быдæй сæвджын синтыл зæу-зæу кодтой. Буар фыртæсæй куыд рызти, афтæ дзыкку- тæ дæр. Стыр сау цæстытæ мæстæй сыгъдысты. Сау æрф- гуыты ’хсæн разынд уæливыхы уæллаг цъарау ссывтытæ, афтæмæй æдзынæг каст зæхмæ. — Мæ чызг, гъсныр дæхæдæг зæгъ, мæнæ дæ чи агу- ры, уыдонæн, цы у дæ фæндоы. Æз ма дарддæр дзурон, мæ хъару мын уый бар нæ дæтты. Сурандо йæ кæлмæрзæиы кæроныл йæ риумæ ’рбахæ- цыд æмæ æхгæд хъæлæсæй загъта: — Æмæ кæд уыди нæ Иры бæсты, чызг йæ фыды сæр- ты ахиза æмæ йæхи уыпаффæгæнæг скæна, — йæ \ъуыр æрбахгæдта æмæ йæ кæуындзæг уромгæ фсддæдуар. Хъандо йæ бадæны базмæлыд æмæ хинæйдзагæй загъ- та: — Гъсныр та ма цы зæгъинаг дæ, дæ чызг йæ фæндон æргом куы зæгъы? Æвæццæгæк, бамбæрста, ма >>мæ пыи æнцондæр цæрæн уыдзæн. Искуы ма ахæм хурау рæ- сугъд, арвау сыгъдæг чызг æлхæиæггаг лæппуйы фæстæ фæцыди? Бигъа дæр уæлдай нал загъта. Дзебысы фырттæй æр- домдта, сæхи къахæй йæм ирæдæн цы фос æрбатардтапк- кой, ^ымæй уæлдай ссæдз фысы æмæ саргъы бæх. Хъандо йæ бынатæй фестад. Йæ бирæгъы дзæмбытæ фæйнæрдæм байтыдта, йæ дынджыр хæмхудтæ айзæзта, æмæ хицæй æппæлæгау бакодта: 136
— Мæ ног лымæн, цы фос ма домыс, уыдон тæккæ рай- сом уыдзысты дæ кæрты. Гуацъæты дзугтæ ма мæ æндæр цы боны хорзмæ хъæуынц, — йæ рихи æртхъирæнгæнæгау аздыхта. Гаджидаутæ сарæх сты. Бигъа бахъæлдзæг. Йæ чызг ын чысыл раздæр афтæ кæй загъта: кæд ма уыд, зæгъгæ, æмæ чызг йæхи йæ фыды разæй уынаффæгæнæг кæна, уæддæр цæмæй зыдта, Сурандойы зæрдæйы цы фæнд сæв- зæрд, уый. Сурандо хæдзарæй уынгмæ куы рауад, уæд æвæстиа- тæй хохы ’рдæм лидзынмæ фæци. Йæхинымæр дзуры: «Нæ, лæгбирæгътæ, нæ мæ стондзыстут Баймæты сыгъдæг зæр- дæйæ. Фæлтау ныртæккæ уæлæ бæрзонд айнæджы сæрæй мæхи равзилдзынæн. Мæрдтæм уæ фæлидздзынæн, фæлæ сымах хуызæн бирæгъты дзæмбытæм мæхи нæ ратдзы- нæн», — афтæ катæйттæгæнгæ схæццæ Дициджыны бæр- зонд айнæджы сæрмæ, йæ алфæмблай акаст, афæлгæсыд, фæлæ æгомыг хæхты йеттæмæ пицы суыдта. Сау уæйгуы- тау æм æдзынæг кастысты. Арзыл ахаста йæ цæст. Арв уыд сыгъдæг. Йæ хъæбысы æнæнымæц стъалытæ тæмæнтæ калдтой. Æеэст йæ цæнгтæ йæ риумæ æрбалхъывта æмæ æрхæидæг хъæлæсæй загъта: «Кæм дæ, мæ дунейы рухс, кæм? Мæнæ зындокы бы- лыл куы ныллæууыдтæн. Хæрзбон, Баймæт, цæуып мæрд- тæм, дæ фендмæ мæ былтæ æхсынгæ. Уæ, уæлæ судзгæ стъалытæ, сымах фæут ме ’вдисæн. Æмæ ныртæккæ æп- пæт ам цы фенат, уыдоп-иу радзурут мæ уарзоп Баймæтæн. Уый ам хæхты арæх хæты. Ох, Баймæт, æвæццæгæн, ууыл ипгæны дуæрттæ æхгæд сты æмæ нæ зоны, цы уынгæджы дæн, уый. Æндæра мæм мæрдты дуар дæр срæмудзис. Цæй, хæрзбон. Уæлæуыл пæ баиу стæм, фæлæ кæд мæрдты», — зæгъынмæ хъавыд, фæ- лæ зæгъын нал сфæрæзта, йæ цæнгтæ дардыл антыгъта. Сæр фæстæмæ фæкъул кодта. Цæстытæ тыхæхгæд æркод- та, æмæ размæ йæхи куыд фесхуыста, афтæ йæ фæстейæ кæйдæр фидар къухтæ ацахстой æмæ йæ мæлæты лъæлæ- сæй фелвæстой. Чызг æваст фæстæмæ фæзылд. Баймæты ауыдта, сонт хъæр фæкдота: — Баймæт!.. — цыдæр зæгъынмæ ма хъавыд, фæлæ ни- цыуал дзурын бафæрæзта. Баймæты къухы бауадзыг. Бай- мæт куыддæртæй æрчъицын кодта Сурандойы æмæ йæ бафарста: — Мæ дунейы рухс, ацы æнафоны дæ ардæм цы хæй- рæджытæ схастой? 137
— Æз мæ фыр тыхстæй ам дæн, фæлæ дæу цы хуыцау фервæзын кодта мæ уæлхъус? Уæ, иунæг хуыцау, æвæц. цæгæн, мын бæтæригъæд кодтай æмæ мын мæ ирвæзын> гæнæджы февзæрын кодтай мæ цуры. Нæ, æз ныр æнамонд нал дæн! — æмæ йын радзырдта, сæ хæдзары Дзебысы фырттæ кæй минас кæнынц, Сурандойы тыхæй ахæссын- мæ кæй хъавынц æмæ кæй рафардæг ардæм, цæмæй йæхи айнæджы сæрæй аппара. Баймæты уæпгтæ фырмæстæй сыгъдæг нуæрттæ феста- дысты, Зæрдæ риуы къултæ рацæйрæмыгъта. Цæстытæ къæлæтыйæстæ аисты. Æмæ йæхинымæр загъта: — Фæхудæд мыл Сурандойы зæрдæ, фæхудæд мыл мæ фыд Хæмыцы зæрдæ, æз ма уыцы æлгъæгты æвыдæй куы ауадзон. Айразмæйы æнарæхстдзинадæй ныр мæхи ба- хъахъхъæндзынæн, — æмæ æргом загъта Сурапдойæн: — Цæуын хъæуы æвæстиатæй, науæд исты фыд сараз- дзысты уыцы налæттæ. Сурандо фæсонтау. Йæ разы цæхгæр æрлæууыд æмæ æрхæндæг хъæлæсæй Баймæтæн загъта: — Ма скæн, Баймæт, ахæм фæнд. Ма ацу дæ масты фæдыл æмæ тохыл ма слæу уыцы лæгбирæгътимæ, науæд дын исты фыдбылыз сараздзысты. Бæргæ ма йæ урæдта Сурандо, фæлæ Баймæты йæ маст рахаста, æмæ Бигъайы кæртмæ кæуылты æртахт, уый нæ бафиппайдта. Æрмæст Бигъайы кæртмæ куы ’рхæццæ, уæд Сурандойæн загъта: — Ауай хæдзармæ, зæгъ дæ фыдæн æмæ йæхи хъахъ- хъæна, цæмæй йыл дзæгъæл ыæмыг ма сæмбæла. Сурандо хæдзармæ бауад. Алы хуызты тырныдта, цæ- мæй исты ’гъдауæй йæ фыдæн бамбарын кæпа Баймæты фæдзæхст. Фæлæ Бигъа уыди расыг. Йс ’взаг йæ дзыхы нал хатыд.Дзебысы фырттæ дæр сæ сæр, сæ фат не ’мба- рынц. Баймæт пал бабыхста, хæдзарæй йæ хъустыл лæг- бирæгъты хæццæ ныхас куы ауад, уæд. Уыцы иу сæррæтт бакодта кардæлвæстæй æмæ сыл сæнт хъæр фæкодта: — Цæттæ лæуут, Дзебысы хъал фырттæ, кæвдæсард Баймæтимæ уæ лæджыхъæд равдисын бахъуыд! Хъандо æмæ иннæ æфсымæртæ уыцы иу сæррæтт фæ- кодтой фынгæй. Сæ кæрдтæ фелвæстой сæ кæрддзæмтæй. Фæлæ1 Баймæт, кæй зæгъын æй хъæуы, рæвдздæр архайд- та. Уайтагъд Григайы уæхск иу цæфæй æрдавта, лæг ахауд æмæ йæ туг зæххыл алæсæн кодта. Фæцыд гæрах æмæ Мырзæ æрхауд зæххыл. Цæвиттон, иннæ хатæнæй Суран- 138
до йæ фыды дамбаца радавта æмæ йæ Мырзæйы риуыл фæкодта. Бигъа йæхи баппæрста Баймæтыл æмæ кæуынхъæлæ- сæй загъта: — Дæ хорзæхæй, ам сæ мæ хæдзары бындзагъд ма фæ- кæн! — Фæлæ ма цы урæдта Баймæты, Илыкъы фæсонтæ кардæй æрриуыгъта. Фæсонтæй туг фемæхст. Лæппу йæ бон базыдта, къæсæры сæрты йæхи раппæрста æмæ дын- джыр къæйыл йæ тъæпп фæцыд. Баймæт афтæ банхъæлдта, зæгъгæ, Илыкъ фæмард æмæ йæ фæдыл нал рахызт. Аракæс-бакæс кодта хæдза- ры къуымты æмæ сырдтæн сæ тæккæ карздæрыл йæ цæст нал схæцыд, æмæ та фæхъæр кодта: — Æй, мæнæуи, се ’ппæты разæй мын маринаг чи уы- дис, уый куы фæлыгъд. — Цæвиттон, Хъандо Сурандойы дæр дамбацаимæ куы федта, уæд бамбæрста дыууæйæ сæ бындзагъд кæндзысты, æмæ уайтагъд уыцы иу сæррæтт акодта, бæхыл абадт æмæ йæ Хъемултайы ’рдæм фæцарæз- та. Баймæт йæ фæстæ кардæлвæстæй ратахт хæдзарæй, фæлæ Сурандо йæ размæ фæци. — Мæ зынаргъ Баймæт, съфдтæй æртæ фæмард... — Фæлæ сæ хъыхъхъагдæр аирвæзт!—загъта Баймæт. — Уадз æмæ аирвæзæд. Ныр бамбардзæн Хъандо, йæ- хицæй тыхджындæр лæппуйыл кæй фембæлд, уый. Курын, дæ, æмæ цæуыны фæнд мауал скæн! Баймæт Сурандойы тæригъæддæг цæсгоммæ куы ба- каст, уæд арф пыуулæфыд æмæ йæ кард æруагъта. — Фæуæд дæ ныхас, Сурандо, фæлæ абоп уа, сом, уы- цы бирæгъ мын никæдæм аирвæздзæн. Илыкъ Баймæты кардæй ахъаззаг цæф куы фæци æмæ къæсæрæй йæхи æфсоны æппæрст куы ракодта, уæд ма тыхтæ, амæлттæй йæхиуыл схæцыд æмæ хъæдмæ бахыл- ди. Æхсæв уым арвыста, стæй йæхи куы ’рæмбæрста, уæд куыддæртæй сæхимæ æрцыд. Æиæхъæн комы æрвнæрæгау айхъуыст, зæгъгæ, Дзебы- сы фыртты чидæр фæцагъта. Фæлæ чи уыди, уый нал раргом. Хъандо æмæ Илыкъ бæргæ зыдтой, чи сæ фæцагъта, уый, фæлæ йæ сæ сæрмæ нæ хастой, Баймæт уыди, уый зæгъын. Рæстæг цыд. Илы- къæн нæма байгас йæ карды цæф. Уымæ гæсгæ Хъандо иу- нæгæй зылд Баймæты фæстæ. Иу афæдзæй фылдæр ра- цыд, фæлæ йыл Хъаидо нæма сæмбæлд. Баймæт цыма зæххы скъуыды аирвæзт, уыйау нал разынд. Æгæристæ- мæй, кæм уыд, уый Сурандо дæр нал зыдта. Иу дзырдæй, дыууæ туджджыны кæрæдзи агуырдтой, 139
кæрæдзи фæстæ зилынтæ систой. Сæ иу иннæйы аныхъ- хъуырынмæ хъавыд. Нал цыди хъæумæ Хъандо дæр. Фæ^ лыгъд абырæг. Гуацъæтæй æдас нал уыди. Уæдмæ та Илыкъ дæр рабадт. Иу изæр та Гуацъæты лæгтæ мусонгмæ æрбамбырд сты. Хъæцлæу дæр уым бадти æмæ æнкъардæй зæхмæ кас- ти. Æппынæрæджиау афтæ бакодта: — Уæ йæ цæрæнбон бирæ фæуа уыцы гуырдæн, Дзе- бысы лæгбирæгъты Бигъайы хæдзары чи æрбафæлдæхта. Фæлæ ма дзы абырæг чи фæлыгъд, мæ хуртæ, уый нæ æвы- дæй кæй нæ ныууадздзæн, уый гуырысхойаг нæу. Доти къæмдзæстыгæй бакаст Хъæцлæумæ æмæ пын загъта: — Исты иып бауынаффæ кæн, дæ хорзæхæй. — Цы ма у мæ зонд, уæ рынтæ бахæрон. Мæ сæры- магъз сæры кæхцы батад. Зæрдæ риуы бар^/ад, бампылд. Фырмæстæй мæ цæсты рухс батар. Цы ма зæгъон. Цы ’рцыд, уымæи раздахæн нал ис. Фæлæ цы ’рцæудзæн, уы- мæй хи бахизын хъæуы. — Бахай кæн дæ фидар зондæй, нæ зондджын Хъæц- лæу. Айразмæйы рæдыд нал фæкæндзыстæм. Не ’нарæхс- ты аххосæй аирвæзтысты нæ фынгæй! — лæгъстæгæнæджы хуызы загъта Борсæ дæр. — Майрæм мæрдты дзæнæты бадæд. Уый туг уæ бæс- ты чидæр райста, мæ хуртæ, — райдыдта Хъæцлæу, — фæ- лæ Хæмыц, æвæццæгæн, уæлæуыл куыд иунæг уыди, мæрд- ты дæр афтæ иунæг у. Йæ туг абон дæр ма æнæистæй баззад. Иу æнæбары хъуыды æрцыд мæ сæрмæ æмæ... — Зæгъ, зæгъ, Хъæцлæу, мах цæттæ стæм, — схор- хор кодтой. — Уæлæ Комы хъæуы бынмæ æрдузы кæрон хъæдрæ- бын цы налат Косерхан цæры, уымæн лымæн у Хъандо. Гъе, æмæ уыцы сылгоймагæн исты зынаргъ дзуама балæ- вар хъæуы, цæмæй уæ къухы бафта Хъандо. Уæ фос, уæ зæхх дæр фæлтау рауæлдай кæнут æмæ ацы тæссаджы цардæй фервæзæм. Косерхан царди зыбыты иунæгæй. Йæ лæджы амæлæ- ты фæстæ фесæфта ирон сылгоймаджы æгъдæуттæ æмæ схæтаг. Дзебысы фырттæ арæх сæ рæстæг æрвыстой на- лат Косерхаиы хæдзары. Æцæг æм афтид армæй пæ цы- дысты. Цух æй ницæмæй уагътой сæ давæггæгтæй æмæ сын Косерхап дæр фæрныг фысым уыди цъæх арахъхъ æмæ йæ къахбайдзинадæй. Дыккаг райсом Борсæ бæх аифтыгъта. Р1æ дзаумæттæ 140
раивта, хотыхтæ райста æмæ дзуры йæ усмæ мидбылхуд- гæйæ: — Дæ хорзæхæй, айразмæ дын цы къабайаг балхæдтон, уый æмæ мын дæ къухдарæн радт. Куыд, цы, фæлæ Борсæ йæ бæхыл абадт æмæ фæцæ- уæг Комы хъæумæ. Косерханы кæрты æрхызт. Уайтагъд æм Косерхан рауад мидбылхудгæ, хæдзармæ йæ бахуыдта. Косерхан рагæй бæллыди, цæмæй Борсæимæ слымæн уа. Фынг æрæвæрдта Борсæйы размæ æмæ æрбадт йæ фал- лаг фарс. — Цæй, мæ хур, исты уал ахæрæм. Фæйнæ сыкъайы аназæм. Адæм лæгæн иу ад нæ кæнынц, — райдыдта Ко- серхан. Борсæ фембæрста Косеры налат хъуыды æмæ йæхи- нымæр загъта: «Уæ, налат сыл, цытæ хъуыды кæпы!» — æргомæй та йын загъта: — Ма тыхс, Косерхан, ницы хъæуы... Æрмæст дæм иу хъуыддаджы тыххæй суадтæн, æмæ мын кæд мæ фæндон сæххæст кæнай, уæд уый хуыздæр... — Дæ хуызæн цæргæсæн æз «нæ» ницæмæй зæгъдзы- нæн. Æрмæст уал мæ армæйдзаг фен. — Борсæмæ ба- дардта йсдзаг сыкъа. Анызтытæ кодтой сæ дыууæ дæр, уæдæ цы уыдаид. Косерханы цæсгом артау пиллон уадзы. Хæстæгдæр бабадт Борсæмæ: — Æз рагæй бæллыдтæн демæ аныхас кæнынмæ, ды та мæнæй дæрдты зилыс, — загъта ус æмæ йын йæ армы тъæпæнмæ бавнæлдта. — Мæ’к дæр 0æргæ фæндыд, абоны онг дæр мын демæ аныхæстæн фадат куы уыдаид, фæлæ, дæхæдæг зоныс, Хъандо нæ туджджын у. Гъе, æмæ уый та демæ лымæн у, — афтæ дзургæ йæ дзыппæй сласта йæ лæвар. Иннæ дзыппæй та сласта æвзист къухдарæн æмæ йæ Косерханы астæуккаг æнгуылдзыл акодта. Косерхан тынгдæр бабуцис. Цæсгом цæхæр фестад, æркæстытæ кодта къухдарæнмæ æмæ дзуры мидбылхудгæ: — Бауырнæд дæ, Борсæ, ахæм лæвар мын иикуыма ни- чи радта. Мæ УД дæ фæхъхъау фод, — йæ уадулæн ын ныпъпъа кодта. — Косерхан, уый ницы уадиссаг лæвар у, мæ ис, мæ бон æрдæгыл уæд дæуимæ, æрмæст мын зæгъ, кæд æмæ дæм цафон æрцæуы Хъандо? Косерхан фембæрста, ЧЗорсæ йын ахæм лæвæрттæ цæ- мæн кодта, Гуацъæты исбоиæн йе ’мбис цæмæн дæтты, уый. Исдуг хъуыдыты аныгъуылд, стæй мидбылхудгæ дзуры: 141
— Бамбæрстон дæ, Борсæ. Ды Хъандойы амарынмае хъавыс. Кæд афтæ сфæнд кодтай, уæд зæххæй ард бахæр, хуыцауæй сомы бакæн, куыд абонæй фæстæмæ лымæнтае уыдзыстæм æмæ мæм арæх цæудзынæ. Борсæйы бæргæ нæ фæндыд ахæм æгъдауæй ард ба~ хæрын, фæлæ йын æндæр амал нæ уыди, æмæ хуыцауæй карз сомы бакодта. Косерхан дурын фынгыл æрæвæрдта æмæ райдыдта дзурын: — Хъандо æртæ боны размæ уыд ам. Кæмдæр дисса- джы уайаг бæх зоны æмæ уый давынмæ фæцыд. Ахсæв нæма ’рцæудзæн. Фæлæ сом куы баизæр уа, уæд æнæмæнг æрхиздзæн фæсхохæй. Мæн æнæмæнг абæрæг кæндзæн. Æз афтæ бакæндзынæн, æмæ йæ æмбисæхсæвтæм нæ ауадз- дзынæн ацæуын. Стæй йын уæд зæгъдзынæн, зæгъгæ, де ’фсымæр тынг рынчын у æмæ йæм ныууай. Уый ныллæу- дзæн сæхимæ цæуыныл. Æз йæфæстæ рухс адардзынæн. Сымах уæд зондзыстут, æнæмæнг кæй фæцæуы. Гъе, æмæ уæд уæ хъару æмæ уæхæдæг. Ууыл фæци йæ ныхас. Борсæйы æрбахъæбыс кодта. Уымæн дæр нæ зæгъын йæ бон нал баци... Дыккаг бон Борсæ фæдзырдта Доти æмæ Томамæ æмæ сын рахабар кодта, знон ын Косерхан цытæ фæдзырдта, уыдон. Загъта сын, Хъандо абон æмбисæхсæвты кæй æр- цæудзæн Косерханмæ. — Ацы æхсæв ма нын куы аирвæза, уæд нæхи къухæй райсæм хотыхтæ æмæ нæхи фæцæгъдæм. Доти æмæ Томайæн тынг æхсызгон уыди Борсæ бæс- топ кæй сбæрæг кодта уыцы налаты æрцыд æмæ Хъæцлæ- уæн дæр ницыуал загътой. Хур куы ныттылди уæлæ фæс- хохмæ, æмæ бон та йæ фæстæ агурæг куы фæцыд, афтæ Гуацъæтæ æртæйæ схæрд кодтой хъæуы бын Косеры хæ- дзармæ. Доти æрдузы бын йæ мидбынат æрлæууыд æмæ йе ’мбæлттæн загъта: — Иумæ кæй цæуæм, уый нæу раст. Цæй афтæ бакæ- нæм, æмæ нæ иу аздæхæд, ахизæд донæй нæхирдæм, уæр- тæ Хъемултайы бын фæхæрдгæнæны, сисгæрон кæрдойы бын æрбадæд æмæ цырд хъахъхъæнæд, науæд ам æрдузты уырдыгмæ цалдæр раны ис æрцæуæн æмæ нын æндæр рæт- ты куы аирвæза. Ардыгæй кæд аирвæза, уæддæр Хъан- дойæн уыцы кæрдойы бынты æнæцæугæ нæй. Ууылты æн- дæр фæндаг нæй. Тома фæстæмæ раздæхт æмæ Хъемул- тамæ фæхæрдгæнæны цы сисамад уыди фæндаггæрон, уый уæллаг фарс кæрдойы бын æрбынат кодта. Доти æмæ Борсæ ма чысыл суадысты æмæ Косерхан- 142
тæм æрцæуæны, нæзыты ’хсæн бамбæхстысты афтæ, цæ- мæй сæм зындаид Косерханты ракæсæн къуылдым. Бадынц Гуацъæтæ æртæйæ. Бадынц æмæ æнхъæлмæ кæсынц Хъандомæ. Фæлæ Косерхан куыд загъта, афтæ нæ рауад. Æрдæгæхсæвæй аивгъуыдта, фæлæ Хъандо ни- кæцæй зыны. Уæд Доти рамæсты æмæ Борсæйæн мæсты- гъуызæй загъта: — Цæй, цæуæм нæхимæ. Æвæццæгæн, уыцы налат Ко- серхан дæуæн мæнг ныхæстæ фæкодта. Налат сылæн цы- нæ ’нтысы, ам нын нæхи дæр фæцæгъдын кæндзæн. Борсæ дæр бакатай, басагъæс кодта, фæлæ æргом ни- цы загъта. Сæ дыууæ дæр уæнтæхъилæй араст сты фæс- гæмæ сæ фæд-фæд. Пацъайы бынмæ нæма ныххæццæ сты, афтæ уæлæ æр- дузы зæнгæй цырагъы рухс ферттывта. Борсæитæн ма цы бамбарын хъуыди, Косерхан сæм базоныны тыххæй кæй срухс кодта, зæгъгæ, фæцæуы уæ амæттаг. Фæстæмæ ма фездæхтысты, арф ададжы æрбахизæны, зæгъгæ, кæд йæ рæзты фæуаиккам, фæлæ Хъандо йæ да- вæггаг бæхыл уæдмæ Пацъайы æрмидæг æмæ фæхæрд кодта Хъемултайы ’рдæм. Томайы хъустыл ауад бæхы къæхты хъæр æмæ топпы гæрах. Цæвиттон, Борсæитæн куы раирвæзт, уæд иу æхст фæкодтой, цæмæй Тома цырд фæлæууа æмæ йын ма аир- вæза. Хъандо ма йæ бæх фæурæдта, ахъуыдытæ кодта, зæгъ- гæ, ацы æнафоны уый цæй топпы хъæр у, фæлæ та йæхи- цæн аныфсæвæрдта: «Ацы хотыхтæ ма мæ цæмæн хъæуынц», — февнæлдта йæ хæцæнгæрзтæм. Æмæ та бæхы фесхуыста, фæлæ йае бирæ суайын нал бахъуыд. Сисмæ куыд схæццæ, афтæ йын йæ риуыл Тома топп авæрдта æмæ æргом фæхъæр кодта: — Фæлæу, тугдзых сырд, ныр нал аирвæздзынæ! — Хъандо ма бæхæй рагæпп кæнын афæнд кодта, фæлæ уæд- мæ йæ риуы топпы нæмыг иннæрдæм ахызт æмæ æмбыд кæлдымау зæхмæ æрхауд. Йæ сау туг къæйтыл алæсæн кодта, йæ гæндзæхтæ бацагъта. Топпы хъæртæ æхсæвы сабырдзинад æрбайхæлдтой æмæ кæмтты анæрыдысты. Баймæт цалдæр азы йæ уæзæгмæ æмгæрон нал æрцыд. Æрмæст-иу Цады хъæумæ æрцыд, уый дæр хæрз стæм хатт, цæмæй Сурандойы абæрæг кæна. Гъе, фæлæ йæ ацы ’хсæв цыдæр фыдбылызтæ æрхастой хъæумæ. Раст хъæуы сæрмæ куы ’рхæццæ, уæд йæ хъустыл анæрыдысты топпы гæрæхтæ. Баймæт фæсонтау, йæ кард кæрддзæмæй слас- 143
та, иннæ къухмæ дамбаца райста æмæ топпы хъæртæ чер- дыгæй фæцыди, уыцырдæм æруад. Адæм сæмхæццæ сты æхсæвы тары. Уынгты тарстхуы- зæй рауай-бауай кæнынц. Фæлæ дæлæмæ хъæуæй ничи уæнды. Баймæт раст Пацъайы акæсæнмæ куыд ныхæццæ, аф- тæ фæкасг, æмæ уæлæ йæ фæстæ кардæлвæстæй æруайы Илыкъ. Баймæт æм фездæхт æмæ тыххудт бакæнгæйæ загъта: — А, мæ хæлар, мæнæ та цæй æхсарджынæй фембæлд- тæн мс знагыл. Цæп, фæстаг хатт бавзарæм!— хæстæг æм бацыди. Кæрдтæй хæст сытынг. Æндон кæрдтæ-иу æх^ сæвы тары цæхæр акалдтой. Илыкъ фæллайын байдыдта, Уæдмæ йын Баймæт кæрдæй йæ сæрыфарс хъусæй, русæй иумæ уæхскыл авæрдта. Илыкъ æрхауд æмæ тæригъæдда^ хъæлæсæй загъта Баймæтæн: — Дæ маст мæ райстай, Баймæт. Мах цæгъдинаг уы- дыстæм æмæ нæ бындзагъд дæр фæкодтат. Фæлæ дæ ку-; рын, æмæ мæ ам ма амар. Æз уæддæр нал баззайдзынæы удæгас... Баймæт батæригъæд кодта йе знагæн æмæ йæ кар„- æруагъта. Февнæлдта Илыкъмæ, зæгъгæ, йæ кæрдæгы.. æрæвæрон. Хинæйдзаг Илыкъ дамбаца раст Баймæты ри уыл фæкодта æмæ ма Баймæт фæхъæр кодта: — Ух, джауыр, уæд уый уыди дæ лæгъстæйы сæр! К. риумæ ма февнæлдта, фæлæ туг æнгуылдзты ’хсæпты цы. цыр ныллæууыд. Йæ тых, йæ бонæй ма кард бæрзонд сис- та, фæлæ Илыкъы æрцæвын йæ бон нал баци. Размæ ахау æмæ сæ дыууæ дæр фæмард сты.
■ ^’ацмыс баззад æрдæгфыстæй. Баххæст æй кодта æмæ йыл лите ратур- < а?гъдауæй бакуыста Хъазиты Мелитон 10. ь^ и>грты Д.
ФЫЦЦАГ СÆР в "æрзонд хæхты ’хсæн комрæбын æн~ къард, æрхæндæгæй æрæнцад Комыхъæу. Ацы мæгуыр,. гæвзыкк хъæуæн йæ ном дæр йæхимæ гæсгæ у. Æвæццæ- гæн, комрæбын кæй æрæнцад, афтæ дæр æй уымæн схуыд- той. Комыхъæу йæхимидæг кодта æртæ дихы: Уæллаг хъæу, Фаллаг хъæу æмæ Дæллаг хъæу, фæлæ йæ адæм æмхуызон гæвзыкк сты. Сæ кæрæдзийæ мæнæ-мæнæ ницæ- мæй хицæн кæнынц. Хъæуæн йæ цæгатварс бæрзонд къуыбырæй æнусон цъæх нæзы бæлæстæ мæгуырхуызæй кæсынц Дæллаг хъæу- мæ æмæ сæ цæстæнгас дарынц арф комрæбынмæ. Хъæуæй чысыл дæлдæр æнусон дуртыл, йæ сæр хойгæ, уайы Па- цъайы дон. Хъæуы астæу зæронд, бæрзонд мæсыг йæхи систа арвы уæрæхмæ æмæ уырдыгæй кæсы цыбыркъух хъæумæ. Зынвадаты уыдысты Комы хъæуы цæрджытæ. Нæ ра- зындаид ахæм рæстаг адæймаг, уыдонмæ ба<кæсгæйæ кæГг зæрдæ нæ фæрыстаид, чи нæ сын батæригъæд кодтаид. Æнæхъæн хъæуы цæрджытæй уæлдай зындæр уавæрты уыдысты Тотырбег, Ягор æмæ Саулæджы бинонтæ. Тотырбегæн, йе ’мхуызон гæвзыкк адæмы хъауджыдæр, йæ хæдзар фæллад лæгау йæхи фæстæуæз ауагъта. Йæ цæджындзтæ ма йæ куынæ урæдтаиккой, уæд бынтон æрæн- цадаид зæххыл. Стыр ныфс æвæрдтой Тотырбеджы зæр.дæ- йæн йæ хæдзары æртæ ставд тулдз быцæуы, цыма йын йе ’фхæрд зæрдæмæ ныббыцæу сты, афтæ йæм каст. Хатт- иу фемдзаст, хæдзармæ бахизæны цы цæджындзтæ уыд, уы- донмæ æмæ-иу йæ зæрдæ бындзарæй нынкъуыст, цæсты- тæ-иу аирвæзтысты, алыхуызон тæригъæддаг хъуыдыты- иу ацыд. Архайдта ма-иу сæ йæхи атоныныл, фæлæ-иу уый йæ бон нæ баци. Бирæ хъуыды кодта Тотырбег ахæм уæз- зау цардæй фервæзыныл. Фæлæ цард уæддæр уыцы иу- 146
хуызонæй уæззау æмæ æрхæндæгдæр кодта. Тотырбегæн æрмæст йæ хæдзары æддаг бакаст нæ уыд тæригъæддаг, уымæй уæззаудæр та мидæгæй уыд. Хæдзары хуылфмæ нæзы цырагъы тæфæй бацæуæн нæ уыд, кæд хæдзары ца- ры, арв фегомгæнæгау, уыд фыдæлтыккон ердо, уæддæр фæздæг къуымты ныббадт æмæ хæдзары къултæ тар кодта. Хæдзары къулыл устытырдыгæй ауыгъд уыд лыстæг уи- сæй быд къалати. Къалатийы хуылфы уыд хъæдын къустæ æмæ уидгуытæ, даргъхъæд хъæдын куысситæ. Лæгтырды- гæй дæргъæй-дæргъмæ арæзт уыд тæрхæг тъæпæн къæй- дуртæй. Тæрхæджы уæлæ дæлиаугомау хуыссæнты бæсты тымбыл тыхтæй лæууыд лыстæн, æндæр хæдзары къуымты ниц’ы уыд мигæнæны хъуыддагæн, æмæ уыцы æрхæндæгæй кастысты хæдзары астæу æнæбары артмæ. Ахæм уавæры æрмæст Тотырбег куы уыдаид, уæд бæр- гæ хъæцыдаид йæ мæгуырдзинадыл, фæлæ ахæм зынва- дæтты уыдысты æнæхъæн Комы хъæуы адæм. Тотырбеджы уарзон сыхæгтæ Саулæг æмæ Ягор ницæ- май бахудтаиккой Тотырбегыл. Æгъатыр уæззау царды рæхыстæй æмхуызон фидар баст уыдысты се уæнгтæ. Стыр ныфс сын уыд Реком. Сылгоймаг йæ бынты æдæр- сгæ нæ цыд, карз дзуар, дам, у. Йæ бон ын нымадтой афæдз иу хатт. «Кæрдæгхæссæн» та йæ хонгæ кодтой. Уыцы бон-иу æрæмбырд сты адæм йæ бынмæ æмæ-иу æртæ тулдз бæласы бын рæнхъæй рабад- тысты се ’ртыгай кæрдзынтæ æмæ сæ авджы дзаг арахъы- тимæ. Кæд ма-иу искæмæн дæсныйы амынд уыд, кæнæ йын кусарты фæрæз уыд, уæд-иу уæрыкк дæр аргæвста. Хъæуы хисдæр лæг-иу слæууыд æмæ-иу радгай иста дзуармæ ссæуæг адæмты кæрдзынтæ мыдадзын цырæгъ- тимæ æмæ-иу, лæгъзтæгæнæгау, зæрдиаг куывтытæ рай- дыдта, цыма сæ мæгуыр цардæй уый фæрцы уыд фервæ- зæн. Уыцы хъуыддаджы тынг рæвдз уыд зæронд урсза- чъе Тугъан. Уый куывдмæ-иу цыма зæрдæ бафæлмæн, стæй-иу цыма исты хорздзинадмæ банхъæлмæ кæсæн уыд„ афтæ-иу сси адæймаджы зæрдæ. Фæлæ ацы дзуар дæр адæмæн хорздзинæдтæ дæттыны бæсты алыхатт лæвæрдта фыдбылызтæ. Йæ бынмæ æнæ- хæцæнгарз ничи цыд æвзонг фæсивæдæй æмæ-иу алыхатт Дæр исты бæллæхы бахаудтой, куы-иу анызтой, уæд-иу фæ- кæс, æмæ та-иу сын хылмæ асайдта. Тотырбегыл цыппарыссæдз азы цыд, æмæ-иу æй истæ- мæй куы фарстой, уæд дзуапп раттыныл нæ тагъд кодта. Нырма-иу арф ныуулæфыд, стæй-иу сабыргай дзурын рай- Дыдта’: 147
— Æз нырма ницы ацардтæн, иу бон дæр нæма арвыс- тон æнæмæт цард. Æмæ-иу раст дзырдта Тотырбег, уымæн æмæ йæ цар’д уыд фыдæбойнаг, æмæ йæ фыдæбойнаг бонтæ нæ нымад^ та. Тотырбег мæгуыр цард кодта, фæлæ уæддæр хъæлдзæг æмæ хæларзæрдæ уыд, сыхæгтæн уарзон. Ныллæг æмаг бæзæрхыг уæнгтыл хорз фидыдта урс зачъе. Иæ къахæй чысыл чиудта, фæлæ йæ куыстæн ницы хъыгдардта. Адæм нæ зыдтой, цы кодта йæ къах, уый, æмæ-иу дис кодтой, фæлæ йæ ничи фарста. Иухатт æм Ягор æфсæрмгæнгæ ба- хатыд: — Дæ хорзæхæй, Тотырбег, дæ къах æрдзæй афтæмæй рахастай, æви дыл исты бæллæх сæмбæлд? Тотырбегæн æхсызгон нæ уыд ахæм æнæпълан фарст,' фæлæ исдуг ницы сдзырдта, стæй загъта: — Ягор, хæлар сыхаг мын дæ, æндæра дæ масты хай æрбакæнин ахæм фарстмæ. Ягор æм хатыркурæгау сдзырдта: — Бахатыр мын кæн, Тотырбег, фæлæ æвзæрæй куы ницы загътон. — Уæдæ ма æвзæр цы вæййы? — худæнбылæй йæм дзу- ры Тотырбег. — Ды мын мæ мады æфхæрыс, ома къуылых лæппу ныййардта. Афтæмæй мæ уый та дыууæ къахимæ ныййардта æмæ дын мæ мады æфхæрд куыд хъуамæ ныб- барон? Ягор уæд бамбæрста, Тотырбег æм кæй нæ фæхæрам, уый, æмæ бахудæнбыл ис. — Дæ рынтæ бахæрон, Ягор,—дзурын райдыдта То- тырбег, — лæгыл цынæ сæмбæлдзæн. Цард тулгæ дурæй хъауджыдæр нæу, — æмæ та йæ хуыз фæтардæрис. Æрба- лæууыд йæ уæззау царды ныв йæ цæсты раз. — Цард, тул- гæ дурау, цæуы размæ, нæ зоны тæригъæд, пæ зоны мæ- гуыр, нæ зоны хъæздыг. Йæ разы цы фæвæййы, уый, фæ- ринк кардау, лыг кæны. Дзургæ-дзурын æнкъардæй акаст мусы уæллаг фарс дыу- уæ æддæгуæлæ хæдзармæ, Ягор дæр æвæндонæй азылдта йæ цæстытæ уыцырдæм æмæ суыдта Собæйы хæдзар. Тотыр- бегæн цыма хæдзары уынд йæ цæстытæн ратых кодта, уы- йау сæ фæстæмæ фæзылдта æмæ йын дзурын райдыдта йæ къахы хабар: --Аст азы мыл цыд, афтæ мæ мæ фыд æххуырсты рад- та Собæйы фыдмæ, æмæ дæхæдæг зоныс, сывæллонæн цас хъуамæ йæ бон уа? Уый та мæ ас лæджы куыстытæ домд- та. 148
Иу изæр фос хизынæй æртардтон, стæй лыстæны ба- тылдтæн, æмæ ахæм фынæй адæн, ахæм æмæ райсом хур- ыскастмæ нал райхъал дæн. Уæдмæ Годзе мæ уæлхъус февзæрд иу стыр цым лæдзæгимæ. Куыддæр мыл йæ дзы- хыдзаг фæхъæр кодта, афтæ мæ мидбынаты фесхъиудтон, мæ цæстытæ аууæрстон, æмæ ма мын æй цы ’мбарын хъуыд, цы ’рцыд, уый, мæ дзаумæтты хæррæгътæм ма фæ- лæбурдтон æмæ, куыфæй рагæпп кæнон куыд загътон, аф- тæ рахаудтæн скъæты астæрдыл дæлгоммæ. Уый ма мæ уæддæр иу цæф фæкодта. Æз ма бамбæрстон, мæ къах кæй асаст, стæй ницыуал базыдтон. Мæхи куы ’рымбæрстон, уæд базыдтон, мæ мад мæ кæй æрбахаста нæхимæ. Уым фæсадтæн æнæхъæн æхсæз мæйы, стæй йыл æнæбары слæу- уыдтæн. Тотырбегæн йæ масты дзæкъул йæ хъуыры стымбылис æмæ ма йæ мæстæй йæ дзыхы тамако бакодта, цыма йын афтæ æнцондæр уыд, æмæ та райдыдта дзурын: — Цæмæн нæ сфæлдыста хуыцау афтæ ’намондæй? Цæ- мæн нæ хъизæмарæй мары хуыцау? Иутæ царды дзæбæ- хæй цæрынц, иннæтæ та фыдæбонæй сæ хъиутæ хæрынц. Ягор зæгъгæ ницы кодта, афтæмæй зæхмæ æдзынæг ныккаст æмæ йе ’нкъард царды уылæнты афардæг, стæй уый дæр, цыма йæ цардсфæлдисæг йæ разы уыд, уынау райдыдта дзурын: — О, цардрадтæг, цæмæн дæ афтæ куырм? Цæмæн кæ- ныс адæмы дыууæ дихы? Ягор бирæ хæттыты хъуыста Тотырбеджы мæгуыр са- гъæстæм, фæлæ йæм уæды хуызæн никуы бахъардтой. Æмæ- дыууæ сыхаджы зæрдæты маст дойнаг дурæй ныммæстæг- дæр, афтæмæй ахицæн сты. Хохаг лæгæн фидар ныфс уыд кусæг гал æмæ бæх, фæ- лæ, хъыгагæн, Тотырбеджы хæдзары цыппаркъахыгæй иу къобор гал йеттæмæ ницы уыд, ууыл лæууыд йæ зæрдæ йæ мæгуыр тыхст царды, æмæ-иу уый дæр къуыригæйтты тæр- гай фæлыгъд гæвзыкк хæдзарæй. Тотырбеджы мæгуыр сыхæгты куыстытæ дæр ацы гал- мæ хаудтой. Мæгуыр лæг æй никæмæн хæлæг кодта. Гал- иу изæр фæлладæй куы ’рцыд, уæд-иу Тотырбег смæсты æмæ-иу æй дæттинаг никæмæнуал уыд, фæлæ та-иу йæ зæр- дæ нал фæлæууыд йæ сыхæгты тыхст уынгæйæ. Тынг æй фæндыд йæ галæн æмбал самал кæнын, фæлæ ницы йæ къухы æфтыд. Тотырбеджы каст ма уыд йæ фырты иунæг фырты æх- хуырсты раттын æмæ уый мыздæй исты самал кæнынмæ. 14$
Æндæр ын нæ уыд ницæмæ æнхъæлмæ кæсæн. Бонтæ йыл уыцыиугъуызонæй цыдысты. Саумылазон мигъ ныббадти адæмы сæрмæ. Уыдис уалдзыгон ирд райсом. Хурыскæсæны ’рдыгæй æнусон цъитиджын бæрзонд урс- сæр хæхтæй дымдта уазал дымгæ. Комы хъæуы дæллаг фарсæй хъазуатæй хъуысти Пацъайы хъæр. Фæстаг къæв- да бонты тынг раивылд æмæ йæ хъæр цæуы æнæхъæн хъæ- уыл, фæдисы хъæргæнæгау. Тотырбег йæ лыстæнæй рабадт хъæрзгæ. Хæдзары чы- сыл рудзынгæй акаст æмæ базыдта, тыхкъæвдайы фæстæ хорз бон кæй уыдзæн. Рахызт уатæй æмæ йæ дзаумæтты хæррæгътæ кæны, стæй талынг хæдзары тæрхæджы бын йæ цъындатæ агурын райдыдта. Æрæджиау сæ ссардта æмæ сæ йæ къæхтыл кæны, фæлæ сæ къæхтыл кæнинаг ни- цыуал баззад. Иæ царды уæззау нывтæ та йæ зæрдыл æр- лæууыдысты, фæлæ цы саразæн уыд? Йæ дыууæ цъында цæмæй раивтаид, уый дæр æм нæ уыд. Цъындатæ къæх- тыл кæнынæн нал бæззыдысты. Нырма арф ныуулæфыд, стæй хъæрзгæйæ ныдздзынæзта: — Ех, иунæг хуыцау, кæд нын амæй уæлдай тæригъæд- гæнæг нæй, уæд тагъд мæлæт! Иæхæдæг чындзы дзургæ агуры: — Цымæ кæм ис? Мæ цæсгом æм нал хъæцы. Æгæр æй фæлмæцын кæнын. Уыцы рæстæджы Чендзе уынджы лæууыд, æмæ Тотыр- беджы хъæлæс куы фехъуыста, уæд йæ кæлмæрзæн бараст кодта, йæ былтæ дзы æрбабаста æмæ мидæмæ бахызт æнæ- дзургæйæ. Уайсадгæ йæм кодта. Тотырбег йæ чындзы куы ауыдта, уæд æм æфсæрмыгæн- гæ сабыргомау бадзырдта: — Дæ хорзæхæй, чындз, ацы хатт ма мын мæнæ мæ цъындатæ адзæбæхтæ кæн. Нал мын бæззынц кæнынæн. Чендзе æнæдзургæйæ райста цъындатæ, къуыммæ ба- цыд, тæбыны халæн ставд судзины атъыста æмæ тагъд- тагъд райдыдта цъындаты æмпъузын. Тотырбег æрбадт тæрхæгыл, уæззау цардыл хъуыдыты аньи;ъуылд, стæй Чендземæ бакаст æмæ йæм фæлмæн, рæвдаугæ хъæлæсæй дзуры: — Чындз, ма мæм фæхæрам у, æгæр дæ тыхсын кæнын æмæ... Ех, цы уæззау уавæрты быхсут, ныры сылгоймæг- 150
тæ. Дæ ныййарджыты ныууадз, цардæнхъæл фæцу искуы- дæм æмæ уым дæр царды бæсты сау хызы утæхсæн кæн. Тотырбегæн йе ’рчъи дæр ныскъуыдтæ. Фæнды йæ йæ арæхсын, фæлæ йæм туас нæ уыд. Чендзейæ æркуырдта туас æмæ йæ райдыдта рæхсын. Уалдзæг уыд Комы хъæуы цæрджытæн. Алчи йæ уал- дзыгон куыстытæ кодта, фæлæ Тотырбег йæ мæгуыр би- нонтимæ цы бакуыстаид, æмæ тагъд дæр уымæн нæ кодта æддæмæ. Иуцасдæр Тотырбеджы хæдзары сабырдзинад æмдзæ- рин кодта, стæй чидæр æрбадзырдта Бибойы номæй. Дыууæ дæр айхъуыстой хъæрмæ, кæд зонгæ хъæлæс уыд, уæддæр æй бæстон нæ базыдтой æмæ банхъæлмæ кас- тысты ногæй æрбадзурынмæ. Дыккаг хатт фæцыд хъæр Тотырбеджы номæй. Уæд Тотырбег сыстад æмæ ахызт дуармæ. Цыма йын йæ цæстытæ сæууон хуры тынтæ рæхойгæ фæкодтой, уы- йау сæ стъæбæртт-тъæбæртт кодта, стæй сæ аууæрста æмæ акæстытæ кодта кæрты, фæлæ никæйы суыдта. Баджери лæууыди хæдзары фисынгæрон. Иæ уæхскыл ног здыхт тулдз талайæ уæрдæхтæ. Каст Тотырбеджы гом къæхтæм. Тынг фефсæрм, бæгъæввадæй йæ уынгмæ кæй ракодта, уый тыххæй, æмæ йæм дзурын ницыуал бафæ- рæзта. Зæронд лæг аракæс-бакæс кодта æмæ сабыргомау аф- тæ бакодта: — Ай мæ нæ хохы дæлдзæхфæуинаг хæйрæджытæ са- йынц æви мæ зонд фæцыд? — Æз дæн, æз, Тотырбег. Дæ райсом хорз. Баджери фисынгæронæй рахызт æмæ Тотырбеджы цур æрлæууыд. Тотырбег арфæ ракодт’а Баджерийæн æмæ йын буцтæ кæнæгау загъта: — Дард цы слæууыдтæ? Мидæмæ нæм рахиз. Баджери мидæмæ нæ комы: — Бадынмæ мæ не ’вдæлы. Фæлæ... Не ’нæбары гæп- пæлтæ рæстæгыл куы бакæниккам. Æхсызгон уыд уый Тотырбегæн: — О, бакæнын сæ хъæуы. Цæмæ сæм кæсæм? Исты нын сæ уæртæ Собæ æмæ Хæмыц куынæ бахуым кæндзысты. — Сæ бон ныккалæнт уыдон, цы сын у, махау се ’нæба- ры зæххы гæбæзтæм куынæ кæсынц. — Ех, Баджери,—дзуры æнкъардхуызæй Тотырбег,— иууыл мæм дзурын цæуы нæ тыхст цардыл. Кæдмæ афтæ фыдæбон кæндзыстæм? 151
Баджери та Тотырбеджы гом къæхтæм æркасти, æм*е дзырд фæтынгдæр кодта: — Хуыцау сын ма ныббарæд ацы митæ нæ хъæздыджы- тæн, искуы сæ куы фервæзиккам æмæ нæ тухийæ куынае- уал мариккой уыцы ’нæфсис тугхортæ. Нæ ныл ауæрдынц æфхæрын æмæ ссæндынæй. Дысон та уæртæ уыцы мæгуыр лæппуйы раз бабадтыс- ты Хæмыц æмæ Собæйы фырттæ æмæ йæ хъуамæ хъама- тæй ныкъкъуыхтæ кодтаиккой, фæлæ уый уыдонæй цæрдæг- дæр у æмæ сæ ныппырх кодта, афтæмæй сæ ныууагъта. — Уый æгæр хорз гуырд у, мæ уд йæ фæхъхъау, нæ сын бары бынтон, æмæ дзы аргъуц дæр кæнынц. — Æмæ ныр кæм ис, куыд æй ныууагътой афтæмæй? — Нæ йæ ныууагътой, нæ. Собæ йæ бæхыл абадт æмæ йæ асырдта фæстейæ, фæлæ уый Хъауырмæ кæм уæнды^ æрмæст мæгуыр Саулæджы йæ хæдзары надæй амардта æмæ уæртæ æрдæгмардæй лæууы. Ноджы хъæуыхицаумæ радта хъуыддаг, цæмæй йæ æрцахсын кодтаид, фæлæ Хъа- уыр Тæгæрджыны йе ’мхæрæфырттæм бамбæхст. — Дæ хорзæхæй, уæд цæмæн афтæ бакодтой уьгцы сырд- ты лæппынтæ? Хъауырбег мæгуырау гуырд нæу, уд æмæ цæст — алкæмæн, уæд ма, уæдæ, уыдонæн цæмæннæ бары, уый базонын сæ-цæмæннæ фæнды? Ныхас нæма фæци, афтæмæй Ягор сæ цуры удисгæ ба- мидæг æмæ сæм буцтæгæнæгау дзуры: — Уæ хорзæхæй, цы ми кæнут? Уæртæ уыцы мæгуыр* лæджы знон надæй амардтой. Дурзилоны дуарахæсты ба- кодтой нæ хъæуыхицау æмæ Собæ, йæ кæлмæрзæн ын йæ сæрæй аппæрстой æмæ йæ сæ къæхты бын æууæрдыпц, дæ фырт, дам, ам, уæхшцæ æмбæхст у, æмæ, дам, æй схъæр кæн. Баджсри æмæ Тотырбег æдзынæг фехъуыстой Ягормæ, стæй Тотырбег йæ цъындатæ æмæ къоходзитæ скодта æмæ Саулæгтырдæм фæцæуæг сты. # * # Чендзе Тотырбеджы цъындатæ куы ампъызта, уæд цы- ма уæззау уаргъæй фервæзт, афтæ йæм фæкаст. Сыстад йæ бадæнæй, йæ астæу сраст кодта, æмæ йæ раздарæны рыг- тæ ацагъта. йæхи бинонты маст дæр æй куыннæ ис, фæлæ уыцы’ кæйдæр лæгæй æфсæрмы кæны: Баджери æмæ Ьи- бо сæ хуымы гæппæл кæнынц, æмæ уый тыххæй тынгдæр тыхсти. Къуыммæ бацыд æмæ дзы ногхуыд сасир рапста, 152
цыма йæхи быд нæу, уыйау æм бæстæтты кæстытæ кæны. Йæхæдæг арф хъуыдыты ацыд, ныр та йæ куыд лæгъстæ кæнын хъæудзæн йæ бонджын сыхæгтæн сихоры къæбæр самал кæныны тыххæй, хуыздæр æм касти уый бæсты мæ- лæты къахыл ныллæууын. Æндæр гæнæн та нæ уыд мæ- гуыр сылгоймагæн, æмæ бирæ катæйтты фæстæ йæхнпы- мæры загъта, зæгъгæ, цы кæнон, Цуцимæ та бацæуон, æмæ та мын кæд æнæбары исты уæддæр авæрид, æниу мæ мæ къæхтæ хæццæ дæр нæ бакæндзысты уыцы фыдбойнаджы кæртмæ. Чендзе ахæм сагъæстимæ рахызт кæртмæ. Ныфсмар- дæй арвмæ скæстытæ кодта. Арвыл уалдзыгон зæрин хур уæлæуæз йæхи систа, йæ тæвд тынтæ нывæзта уалдзыгон уымæл зæххыл æмæ архайдта зæххы уымæлад йæхимæ сæлвасыныл. Æцæг ын æнтысгæ дæр хорз кодта. Æхсæвы къæвдайæ зæххыл цы дон уыд, уый ныр æгасæй дæр фæз- дæг фестад æмæ фæстæмæ лидзæгау кодта арвы уæрæх- мæ. Чендзе кæд йæ сыхæгтæм æфстаугур зивæг кодта, уæд- дæр, арвы астæу хуры цалх фенгæйæ, цырдгомау йæхи айста Собæтырдæм, йæ сасир йæ дæларм, афтæмæй. Уый размæ йын Цуци дзырдта, зæгъгæ, пу лыстæг сасир мын сби. лæппу мыы æгæр буцхаст у, луæрст ссадимæ фæрачы мур куыннæ згъæла арынгмæ, æмæ та уый æрбаймысгæйæ Чен- дзе йæ сасирмæ бæстондæр æркæстытæ кодта. Уыдис æй ныфс, иукондваг ссад ын кæй райстаид. Чендзе сæм куы баввахс, уæд Цуци та æд къæрта донмæ рацæйцыд, æмæ йæм æрлæууыд фæндаджы былыл. Чен- дзейæн æхсызгон уыд, кæртмæ йæ кæй нæ бахъуыд цæуын, уый. Йæ удхæссæг уыны уырдæм бацæуынæй, афтæ йæм фæкæсы, цыма йæ хицæуттау уый дæр æнæфсисæй бав- налдзæн адæймаджы хурхы сæртæм. Иухатт сæм адагур бацыд, æмæ йыл Собæ æддæгуæлæ- йæ куы рахъæр кодта, зæгъгæ, æххормаг куыптау мæ кæртмæ уæхи цы ’ппарут, йæ гуыбын уæ кæй сагайы, уый та ам цы æрбамидæг вæййы, уæдæйфæстæмæ сомы ракод- та ардæм ’рбацæуыныл, фæлæ тыхст лæг сындзы къутæр- мæ дæр февналы. Æрбахæццæ Чендзейы цурмæ Цуци æмæ йæм æнæввæр- сон каст бакодта. Чи зоны лæугæ дæр не ’ркодтапд, фæ- лæ, сасир куы ауыдта, уæд æй фембæрста, йæ сыхаг тыхст кæй у æмæ йын йæ сасир ницæйаг аргъыл йæхи кæй ба- кæндзæн. Хинæйдзаг фарст кодта Цуци Чендзейы, зæгъгæ, æвæц- цæгæн, искуыдæм цæуыс, æд сасир куы дæ? 153
— Кæдæмфыддæр — мæ райгуырæн бон, — зæгъы тыхст- тъуызæй Чендзе, — нæ зоныс дæхæдæг мæ тыхст уавæр? Цуцийæн æргом куы ницы загъта, уæд ус хинæйдзаг къахдзæфтæгæнгæ араст дарддæр. Чендзе тынгдæр фæтыхст æмæ йæ фæдыл фæцæуæг дзургæ: — Дæ нывонд фæон, Цуци, мæ къух мын ацараз, æз дæумæ фæцæйуадтæн æмæ донмæ куы рацæйцыдтæ, уæд дæм ам банхъæлмæ кастæн. — Цы дын мæ бон у, — хинæйдзаг æнкъардгъуызæй дзуры Цуци, — цы дын баххуыс кæнон? — Иæ ныхас даргъ уагъта Цуци, æмæ уæдмæ суадонмæ ных’хæццæ сты дыууæ ■сылгоймаджы. Бавæрдта Цуци йæ къæрта цыхцырмæ æмæ йæхинымæр хъуыдытæ кæны Чендзейы тыхст уавæрыл, стæй йæм сасир куыд асламдæрæй бафтдзæн, ууыл, æддæмæ та афтæ дары йæхи, цыма Чендзейы уынгæ дæр нæ кæны. Чендзейæн рæстæг цыбыр уыд, æмæ бакæстытæ кодта Цуцимæ, стæй йын лæгъстæмæ фæци, зæгъгæ, ацыхатт ма мæ фервæзын кæн мæ тыхстæй, стæй уæд мæ сæр фæуæд дæ сывæллæтты нывонд, никуы дын ферох кæндзынæн ацы хорздзинад, æрмæст мын абон кæйдæр лæджы æххорма- гæй ма фæкусын кæн мæ хуымы. Бирæ цыдæр лæгъстæ ныхæстæм та хъавыд, фæлæ йæ фыртыхстæй ницыуал сфæрæзта, æрмæст æнхъæлмæ кæ- сы, Цуци цы зæгъдзæн, уымæ. Цуци та ахæм дурзæрдæ адæймаг уыд, æмæ кæд Чен- дзены тæригъæдæй бæстæ рызти, уæддæр ууыл тæригъæды зеууæлтæ никуыцæй фæзындысты, æрмæст æнæввæрсон худт бакодта æмæ афтæ зæгъы: — Ды та тыхст кæд нæ уыдтæ, æмæ дæ курыны сæр кæд нæ бахъæудзæн? — Цы кæнон, хуыздæр бон мыл нæй æмæ? — æргомæй ма загъта Чендзе, мидæгæй та йæ зæрдæ тонгæ кодта, фæ- лæ йæ бон цы уыд æмæ та дарддæр дзуры Цуцийæн: — Лæвар мæ ницы хъæуы, айразмæ мын лыстæг сасиры кой куы кодтай, æмæ дын уый сбыдтон. Цуци райста Чендзейы къухæй сасир æмæ йæм æркæс- тытæ кодта. Кæд йæ зæрдæмæ тынг фæцыд, уæддæр аргъ сæттыны тыххæй загъта, зæгъгæ, æгæр ставд быд у, æмæ мæн та лыстæгдæр хъуыд, фæлæ йæ райсдзынæн, уæдæ, цы кæнон, бæргæ уæ фæлмæцын, ацы мæгуыртæ, мæнæн дæр хуыцауæй нæ кæлынц мæ бпрæ фæллæйттæ, фыдæбон сыл , хъæуы æмæ сæ нæ бирæ фыдæбоны хыгъдмæ февæрæнтæ кæнын. 154
Къæрта раджы байдзаг донæй, фæлæ устытæй никæйуал аендæвта: Чендзейы йæ фыртыхстæй, Цуцийы та — йæ фыр- цинæй. Æрæджиау æй æрхъуыды кодта’ йæ хицау æмæ йæ систа, ракодта Чендзейы дæр йемæ, зæгъгæ дын дæ къух ацаразон. Чендзе йын айста йæ къæрта, аккой йæ кодта, æмæ йæ Собæты кæрты асиныл æрæвæрдта’, зæгъгæ, мæ къæхтæ цъыфæйдзæгтæ сты æмæ дын дæ сыгъдæг хæдзар- мæ куыд схизон, фæлæ йæ уæлæмæ дæхæдæг схæсс. Цуци- йы кæд фæндыд, Чендзе йын йæ къæрта уыцы бæрзонд асинтыл куы схастаид, уæддæр æмæ ницы сдзырдта, йæхи афтæ ныллæг ран кæй æвæрдта, уый тыххæй. Чендзейы кæд асины бын бирæ нæ бахъуыд æнхъæлмæ кæсын, уæддæр йæ сæры алыгъуызон тæригъæддаг хъуы- дытæ дзæвгар фæзынд, аленк кодта уæззау царды уылæн- ты, æмæ дзы арф кæмдæр хуыдуг кæнынмæ куыд хъавыд, афтæ йæм Цуцийы хъæлæс фехъуыст. Сылгоймаг тарф фынæйæ фехъал уæвæгау фесхъиудта æмæ Цуцпйы къухæй райста хъæбæр хоры ссады къус халбарæй. Бæргæ йæ дудгæбон базыдта, фæлæ йыл хуыздæр бон нæ уыд æмæ ницы загъта. Æнæбары арфæ йын ракодта* æмæ ма йæм мæгуыргуры каст фæкодта фæстæмæ. Цы зæгъын æй фæн- дыд, уый æнцон фембарæн уыд Цуцийæн, æмæ ма йæ фæс- тæ адзырдта: — Фæлæу-ма, Чендзе, дысон нæ лæг хъæуыхицауимæ æрдæгæхсæвмæ бадт æмæ ма кæд дурыны бын исты фæ- уагътой, уæд дын дзы авæрон. Чендзе, мæгуыр, бацин код- та æмæ зæрдиаг арфæтыл схæцыд, куы йын рахаста æр- дæг авг арахъ, уæд. Æрмæст ма йын Цуци афæдзæхста, Чендзейы сæр æй куы бахъæуа исты куысты, уæд æм кæй фæкæсдзæнис. Чендзейæн æрдæг авг йæ къухы куы бафтыд, уæд ссады цъусыл дæр фæхъæцыд æмæ цырд-цырд атындзыдта хæ- дзарырдæм. Раст сæ уынгмæ куы ’рбахæццæ, уæд ыл Дурзиллон хæрхæмбæлд фæци æмæ йын йæ раздарæныл хæрдмæ фæ- хæцыд. Куы федта авг, ссады къус, уæд æй фæрсы, чи йып сæ радта, уымæй. — Чи фыддæр сæ сæртæ мах тæригъæдæй, — тынг мæс- тыйæ дзуры Чендзе йæ балцы хабар Дурзиллонæн. — Æз дæр уымæ бауаинаг дæн, — уый дæр дзуры йæ мæгуыры хъуыддæгтæ Чендзейæн, — райсом нæ лæппу Ка- лакмæ цæуинаг у, кæд, дам, æфсæнвæндаджы исты баку- син. Ам дæр цы ми бакæнæм, кæдмæ кусдзыстæм адæмæн æнæбары мыздыл. 155
Тотырбег æмæ Ягор Саулæджы уæлхъус бирæ фæбад- тысты, бирæ йын фехъуыстой йæ уæззау улæфтмæ тæрхæ- гыл уæлгоммæ хуысгæйæ. Иуæй-иухатт-иу тынг зынæй рай- хъуыст йæ уæззау хъæрзт. Стæм хатт та-иу дзæгъæл дзурæ- гау акодта, куы та-иу йæ лæппуйы дæр æрцагуырдта æмæ-иу ын уæд йæ цуры бадджытæ ныфсытæ æвæрдтой. Мæстаг куыннæ уыд, Хъауыры маст зæронд лæгæй рай- стой æнæфсис сырдтæ, Собæ æмæ хъæуыхицау. Стонг би- рæгъæн нард кусæрттаг куынæ бафты йæ къухы, уæд мæл- лæджы дæр не здахы. Æмæ æнæхъæн мæй æхсæвбадæн фæкодтой мæгуыр сыхæгтæ Саулæджы цур. Æдас нæ уы- дысты, исты йыл куы ’рцæуа, ахæм уæззау нады фæстæ дзæгъæл хæдзары. Фæлæ куыддæртæй уæззау рынчыны фæстæ радзæбæх- дæр ис мæгуыр лæг æмæ растад йе ’нæбары хуыссæнæй. Хъауырбсг йæ фыды иады хабар куы фехъуыста, уæд рафæнд кодта фæстæмæ рацæуын æмæ йæ фыды маст рай- сын Собæ æмæ Ростъомæй, фæлæ йæ йæ фысымтæ, йæ ма- дьт хо æмæ йе ’мхæрæфырттæ нæ рауагътой. Йæ мады хо цæхгæр йæ разы ныллæууыд æмæ йæ уый дзырд басаста, тугисынмæ нæ, фæлæ уыцы æввахс рæстæджы Комы хъæу- мæ цæугæ дæр куыд нал ракодтаид, цæмæй та уыцы туг- дзых бирæгътæ ногæй ма скарз уыдаиккой, æмæ та ног фыдбылызтæ ма расайдтаиккой уыцы хабæрттæ сæ фæдыл. ДЫККАГ СÆР Æризæр. Бæрзонд хæхты цыргъытыл ма гæзæмæ ны- дза^здысты уалдзыгон хуры тынтæ. Изæры сатæг уддзæф улæфыд ныгуылæнæй. Бонæй йæ тынтæ мæгуыр сыхæгты гом буæрттыл нæртонæй чи нывæзта, уыцы зæрин хуры цалх, йæ хъарм тынтæ йæ фæдыл тухгæйæ, ахаста дард фæсхохмæ. Комы хъæуккæгтæй кæмæн йæ къæпи йæ уæхс- кыл, чи та йæ фæллад гал сабырæй йæ разæй ракодта, аф- тæмæй алчи здæхти йæ куыстæй. Иннæ бонтæй уæлдай уы- дис хъармдæр æмæ сыфтæрыл бæрæг фæхæцыд цæст, уæлдайдæр та Пацъайы дыууæ фарс хæрис æмæ фæрв бæ- лæстыл. Тотырбег дæр æнхъæлмæ каст йæ Къобормæ. Йæ къухы , аууонæй-иу Уæлхъæуырдæм акаст йæхинымæры хъуыдытæ- гæнгæ, уæдæ, махонтæ куыд æрæгмæ цæуынц, зæгъгæ. «Лæджы æмсæр у нæ Къобор, нæ хæдзардарæг. Цом 156
æмæ йын йе ’рцыдмæ хосы муртæ уæддæр æрбатымбыл кæ- нон», — йæхинымæр дзургæ рацыд зæронд лæг. Боны Хæмыц цалдæр хатты афарста Дзантемыры æх- хуырсты райсыны тыххæй æмæ ныр уæлдай тынгдæр уы- мæн æнхъæлмæ каст Тотырбег Бибойы ’рцыдмæ. Бынтон ницы пайда уыд Дзантемыры æххуырсты цыд, уымæн æмæ Хæмыц уыд зыд, налат æмæ æдзæсгом лæг, æмæ-иу фæз- зæг мызд фидыны афон куыддæртæй мызд нал бафыста йе ’ххуырстæн. Уыцы хъуыддаг-иу бæргæ хорз æмбæрстой, фæлæ æндæр хуыздæр фадат нæ уыд мæгуыр æнæзæхх хæххон адæмæн. Собæ дæр сын Дзантемыры тыххæп ской кодта, фæлæ сæ уымæ нал сфæндыд, алы аз æм кæй вæййынц фыдæй, фыртæй, уый тыххæй. Тотырбег, йæ мæгуыр гæвзыкк цардыл хъуыдытæгæнгæ, райста тæскъ æмæ рацыд æддæмæ, фæчиу-фæчиугæнгæ æр- хызт дурын асинтыл холлагдоны размæ. Холлагдоны дуар ын ну бахæстæн нæ бакоммæ каст æмæ зæронд лæг, фæл- лад галау, æрдæгвæндагыл ныллæууыд. Ацархайдта йыл сынæгæй дæр, фæлæ йыл цалынмæ дыууæ къухæй хæрдмæ сæнцад, уæдмæ йын змæлд дæр нæ фæкодта. Уый фæстæ хъыллистытæгæнгæ байгом. Мидæгæй ма къуымы уыд чы- сыл холладжы муртæ. Лæг сæ дыууæ дихы акодта æмæ дзы иу хай тæсчъы нывæрдта, иннæпы та йæхи бынаты ба- тымбыл кодта. Уæззаугай, хъæрзгæ рахаста тæскъ æддæмæ, фæлæ та йын холлагдоны дуар æрдæгвæндагыл ныццæхгæр, нал та каст йæ коммæ, цыма йын афтæ дзырдта, æвæргæ нæ куы ницы ныккодтай, уæд ма нæ удхарæй цæуыл марыс. — 'Нæфтиаг фæу, ды мын мæ цæнгтæ куыд ныйивæз- тай, — стæй йæ ныууагъта. Дурын асинтыл схызт уæззау- гай æмæ кæрты Къоборы лæугæ куы ауыдта, уæд бахудт, æмæ нæ æрсæрфтытæ кодта йæ дæрзæг зæронд æрмттæй, йæхæдæг хæдзары фисынмæ базылд æд тæскъ, цæмæй йын холлаг уым æрæвæрдтаид. Гал дæр йæ фæстæ фæраст, йæ къæдзил тилгæ, цыма дзы йæ бындзытæ сырдта, уыйау. Æххормаг, фæллад гал хосæй скодта зыд комдзаг. — Хæр, хæр, Къобор, мæ хæдзардарæг, мæ зæронд сæр ма дæуыл банцой вæййы, — рæвдаугæ йын даудта йе рагъ, æмæ галæн цыма йæ фæллад сæфт. Галы рагъ уыд хид æмæ зæронд кодта йæхиимæ дзурæ- гау: «Сæрæй дыл, мæ Къобор, Баджерийы Цъабла тых кæны? Нæ зонын, айразмæ уæртæ зылынфындз Хæмыцæн йæ хуыммæ фаджыс куы ластам, уæддæр иу æфсондзы нф- тыгъд уыдыстут, æмæ-иу æй уæлæ хæрды бын йæ зонгуы- 157
тыл куы алæууын кодтай, изæрырдæм дын иуæрдыг куынæ сарæзтаин, уæд нал бафæрæзтаид галуадзын афонмæ демае кусын», — æдзынæг касти йæ галмæ. Йæ зæрдыл та æр- балæууыдысты йæ бирæ тухитæ, йе стыр фыдæбæттæ, сæ хъæуы хъæздыджытæн æд гал куыд куыста. Уалынмæ йæ уæлхъус æрбалæууыдысты Баджери æмæ йæ фырт Бибо. Баджери салам радта Тотырбегæн æмæ йæ саламæн дзуапп райсыны фæстæ хъазæн æмхасæн баппæрста То- тырбегмæ, зæгъгæ, дæ галимæ ныхас кæныс, æвæццæгæн. — О, дæ рын бахæрон, Баджери. Уæдæ цы бакæнон, æндæр кæимæ ныхас кæнон, ам уынджы ничи ис адæмæй, алчн йæ мæгуыры куысты уæлхъус ис, æз та ам бадын абондæргъы. Æниу, мæ мард фен, кæд ма мæ бон исты змæлын у. Ацы аз та бынтон ахаудтæн, бынтондæр мæхи сисын нал фæразын. Æниу, диссаг дæр нæу, азтæ мыл цъус, мыййаг, нæ ацыд. Уæртæ Тугъанæй иу афæдз кæсдæр дæн, æмæ уый йæ лыстæнæй æддæмæ нал хизы, æз та нырма мæхи раппар-баппар уæддæр кæнын. — Баба, æмæ ма дæ чи кусын кæны, ныр дæуæн дæ хæс кусын нал у, — бадзырдта йæм Бибо. — О, дæ рынтæ баба ахæра, бæргæ мын нал у кусыны хæс, фæлæ хæдзары сæфтмæ чи кæсы, стæй бадгæйæ бын- тон нал фæфæразын мæ зæронд уæнгтæ, æмæ мæ мæгуыр- дзииад дæр æнцой нæ уадзы, срахау-бахауаг мæ кæны, уæз- зау масты мæ баппары. Бахатыр кæн, Баджери, мæ мæгуыр сагъæстæ мысгæйæ дын сбад дæр нæ загътон. Йæхæдæг бараст дынджыр къæй дурмæ æмæ дзуры Ба- джеримæ, цæмæй уый дæр йæ фарсмæ æрбадтаид æмæ йын исты ног хабæрттæ акодтаид, кæд фæллад уыд, уæддæр. Баджери дæр фæраст æмæ йæхи æруагъта зæронды фарсмæ. Уыдон фенгæйæ Бибо дæр бацыд сæ цурмæ, æмæ æртæйæ райдыдтой сæ мæгуырдзинæдтыл сагъæстæ кæнын. Тотырбег архайдта Баджерийыл, цæмæй истытæ дзырд- таид, фæлæ йын тæригъæд дæр кодта, фæллад кæй уыд, уый тыххæй. Баджери хъуыддаг фæхатгæйæ бауырнын код- та Тотырбегæн, фæллад кæй нæу, ахæм куыстытæ фыццаг хатт кæй нæ кæны, йæхæдæг йæ фæдджитыл йæхимæ æр- бахæцыд, цæмæй йæ гом уæрджытæ ма зыной, фæлæ цухъ- хъайы фæдджийæ скъуыдтæ дæр раст уæрджыты гом чъи- ритæм фесты æмæ та сатæг æхсæрау рагудзицц кодтой. Уæд сыл Баджери йæ армы тъæпæнтæ æмбæрзæгау акод- та. 158
Бибо куы ’рбадт, уæд йæ цæст ахаста кæрты, фæкаст дыууæрдæм æмæ йæ фыды афарста: — Баба, нæ хæдзары бинонтæ искуыдæм фæлыгъдысты? — Лæппу нæма ’рцыд, фæлæ уын чындз абон сихор куы сдавта. Æниу, сихор та кæм ис, фæлæ йæ уæддæр афтæ- схонæм. — О, хуыцау уын бирæ раттæт, уæхи фæндиаг! Уæдæ ма дæ цы фæндыд? Бынтон мæ фæрасыг кодта мæнæ Бибо, æрмæст дзы иу сыкъа банызта, иннæ мæнæн бадардта. Хуыцауыстæн, ныр дæр ма мæ сæрæй нæ цух кæны, — йæ ныхас ын фæурæдта Баджери. — Кусæгæн бæргæ истытæ фæхъæуы, фæлæ нæ царды уавæртæ дæхæдæг дæр æнæзонгæ нæ дæ, — бакодта Бибо, цыма дзы хатыр куырдта, уыйау. — Уыцы ус та цы фæ- цис? — Цы фæцисæй та йæ цы фæрсыс, тыхст адæймаг кæм не смидæг уыдзæн, цæмæ нæ банхъæлмæ кæсдзæн мæгуыр лæг? Абон хуымæй куы ’рыздæхт, уæд æм Хæмыцы ус фæ- дзырдта, æмæ мыл йæ дзурын цыд, абон, дам, мæм тауинаг æхсæдынмæ фæкæс, æмæ, дам, дын хæринаг авæрдзынæн. Чындз дæр, уæдæ, цы бакæна æмæ ацыд, йæхæдæг чызгмæ дзырдта, зæгъгæ, фыдуаг-иу ма кæн, æз дæр тагъд æрОа- цæудзынæн. Сывæллон дæр ам фæхъазыд æмæ ныр уæртæ тæрхæгыл ныффынæй. Тотырбег йæ ныхас куы фæци, уæд гарзы комæй хуы- фæгау скодта æмæ йæ зачъе адаудта. Бибо зæхмæ æдзы- нæг ныккаст æмæ уæззау хъуыдыты аныгъуылд. Фæлæ уæззау æмæ арф хъуыдытæ мæгуыр цард фæсурыны хос не сты, æрмæст адæймагыл ахæм рæстæджы ноджы æнкъард- дзинад бафты. Нырдæр та дард аленк кодта царды уы- лæнты, фæлæ дзы цард цæмæй фæрогдæр уа, ахæмæй дзы ницы федта. Ницы æрхъуыды кодта йæ бинонты уæззау уа- вæртæй сирвæзын кæныныл. Æмæ цы хъуамæ æрхъуыды кæна Бибо, ныр æрдæг лæ- гæй хызт у, æмæ йæ цард бонæй-бон уæззаудæр куы кæны, кæд бонхуыздæрмæ æнхъæлмæ кæсы, уæддæр. Йæ фыдау ын ис иу фæндаг, æмæ уый дæр цахæм? Сæ хъæуы хъæздгуытæн æххуырсты цæуын æмæ сын сæ уæззау- дæр куыстытæ кæнын æнæбары мыздыл. Ныр та йæ иунæг фырт дæр ныллæууыд уыдон фæндагыл, уый дæр ранста фыййауы æнамонды лæдзæг æмæ ныр дыууæ азы цæуы уæ- лыгæс сæ хъæуы хъæздыг Хæмыцæн. Афтæ æрвитынц хохаг мæгуыр адæм сæ цард фыдæй- фыртмæ, сæ фыййауы лæдзæг, нуазæнау, дæтгæйæ: Æнæхъæн хъæубæстæ стырæй, чысылæй хырхтой æртæ 159
хæдзарæн. Кæд хъæуы, лæппу кæмæн нæ уыд, ахæм исчи уыд, уæд уый та йæ чызджы æрвыста æххуырсты йæ саби- тæн æнæбары къæбæр ссарыны тыххæй. Ахæм хъуыдыты афардæг Бибо дурыл бадгæйæ, æмæ йæ дард балцæй куы раздæхт, уæд бакаст Баджеримæ æмæ дзуры: — Кæсыс, цард сын кæцæй цæуы — адæмы куыстæй, сæ- хæдæг та сæхи нæ фæллайын кæнынц, мызды номыл та нын фидынц æппарæггаг къæбæр. Куыннæ та æрзайдзæн хор йæ хуымы зылынфындз Хæмыцæн. Æнæвзæрст тауи- наг дæр дзы нæ тауы. Æмæ дзы цæмæн байтауа, исты йæ йæхæдæр æхсæды. Мæгуыр куыннæ уæм, мæгуыр, æппын- æдзух кусæм хъæздгуытæн: сæ хуым сын бакæн, байтау æй, æркæрд æй æмæ йæ банай кæн. Цыбыр зæгъгæйæ, нæ хъæздгуыты фæллой иууылдæр у мах. Ацы ныхæстæм хъусгæйæ Баджери бамбæрста, Бибо кæй смæсты æмæ йæм ныллæг хъæлæсæй бадзырдта. — Дæ ныхæстæ раст сты, Бибо, раст, фæлæ дын кæд хуыздæргæнæн ис, уæд сын ма бакус. Рæстæг уыдон рæс- тæг у, мах та мæгуыр адæм, кæй цæмæн хъæуæм? — æмæ фæзылд Тотырбеджы ’рдæм. — Раст нæ зæгъын, дæ хорзæ- хæй? — Раст зæгъыс, раст, фæлæ уæ зæрдыл дарут — тыхы дон хæрдмæ ласы, æмæ цы кæпын уæ зæрды ис? — Уæдæ сæ кæд ницæмæн хъæуæм, уæд нын сæ куысты- тæ цæмæн кæнын кæнынц? — Бибо рамæсты тынгдæр. Бибо тынг мæстыгæр æмæ тыхст адæймаг кæй уыди> уый йæ бакастæй дæр зындис, цыма дурзæрдæ уыд, фæлæ- щ’ ^хæгтимæ райхæлд. Йæхихуызæн мæгуыртимæ йе ’нæ- вары къæбæр дих кодта æрдæгыл. Нæ барста хъæздгуытæн, мæгуырты æфхæрджытæн æмæ æппынæдзух дзырдта сæ ныхмæ. Уый тыххæй йæ хъæуыхицау Ростъом цалдæр хат- ты ахсын дæр æркодта. Ныр дæр йæ фыд æмæ йæ хæлар бамбæрстой, æгæр кæй карз кæны æмæ йæ аивæй сабыр кодтой. — Ницы кæны, — дзуры Баджери, — хæрд кæм ис, уым æнæмæнг уырдыг уыдзæн, æмæ кæд искуы кæрон æрцæуид ацы тухитæн, æмæ ахаупд нæ уæззау æфсондз нæ бæрзæ- йæ. — Уæдмæ, Баджери, æз амæлдзынæн, æмæ мæлгæ дæр хорз, фæлæ мæлын нæ бафæраздзынæн адон мæстæй, ца- лынмæ сын исты фыдбылыз фенон, уæдмæ, — йæ маст фæ- тынгдæр Бибойæн. Базæронд дæн æпæрæстæджы. Мæ иу- нæг лæппуйы маст мæ бынтон мары: уый дæр та, мæнау, фыдæбоны царды бындур æрæвæрдта, æмæ сын æнахъо- 160
мæй, ас лæгау, фыййау цæуы. Сæхæдæг та сæ фыртты ахуырмæ æрвитынц. Сæ бон ныккалой нæ хъæздгуытæ, ирон дарæсыл дæр нал æввæрсынц, фæлæ, цæйдæр гимназы чи ахуыр кæны, уыдон цы дарынц, ахæмтæ балхæдтой сæ фырттæн, мæ фырты та мын се скъæты фæсдуар лыстæныл хуыссын кæиынц. Æниу, дæхи загъдау, цы гæнæн ис, быхсæм уал рæстæг- мæ, æндæр хуыздæр фадат нын нæй. — Сæ бон ныккалæнт, мæ хур, уыдон, ис сын, æмæ, да<м, кæмæи ис, уый йæ фыды фыдæн дæр дугъ уадзы, афтæ зæ- гъы нæ фыдæлты æмбисонд, фæлæ уал æз цæуон ме ’нæба- ры бинонтæм. Æниу мын цæй бинонтæ ис, фæлæ уæддæр. Баджерийæн зæнæгæй ницы уыдис. йæ усимæ цард æст- дæс азы, æмæ сын се ’нæбары мæгуыр муртæ дæснытæ ба- хордтой, фæлæ, цæмæ бæллыдысты æмæ куывтой сæ доны къусæй, уый сын никæцы дæсны кæнæ хуыцау лæвæрдта, афтæмæй бынтон мæгуыры лæдзæг райстой. Куы сыстад Баджери, уæд ын Бибо йæ цонгмæ фæлæ- бурдта. — Фæлæу, дæ хорзæхæй, уæдмæ кæд æфсин дæр цæ- уид, — лæгъстæгæнæгау ын бакодта. Тотырбег дæр æм тыхджын ныххатыд, фæлæ Баджери зыдта, хæдзары сæм хæринагæй кæй ницы ис. афтæмæй кæй тыхсынц, æмæ кæд сæфсæрм, уæддæр нал ныллæууыд, ацыд нæ мæгуыр хæдзармæ, нæ мæ æвдæлы, зæгъгæ. Дыккаг бон та Къобор хъуамæ бакуыстаид Баджерийæн æмæ бадзырдтой райсоммæ, раджы йæм кæй бадзурдзæн, ууыл. Тотырбегæн тынг æхсызгон уыд, боны сæхи хуымы фæс- тæ та мæгуыр сидзæргæс Солойы хуым кæй бакодтой, уый. Уæддæр ма йæ фырты афарста: — Уæдæ, уыцы мæгуыр усы хуым иууылдæр фæци? Тынг хорз бакодтат, мæ уд уæ нывонд, æгайтма мæгуыр адæйма- гæн баххуыс кодтат, уый удыбæстæ у. Нæхицæй хъуамæ зонæм мæгуыры рис. Йæ лæг æгас куы уаид, уæд ын бæр- гæ æгас хъæуы аргъ уыд, арт уыдис йæхи ’мхуызон мæгуы- рæн феххуысмæ. Иæхи-иу цух фæуагъта искæйы хъуаг зон- гæйæ, фæлæ йæ дæлæ Ростъомы фыд æлдарæн амарын кодта бынтон æнæаххосæй. Нал лæууы дæ зæрдыл? — Лæууы, лæууы. Уæлæ Цæгаты хызтон уæрыччытæ, æмæ йæ куы сцæйхастой, уæд сæ размæ ныллыгътæн. Раст нæхи Дзантемыры карæн уыдаип, — æмæ йæ фыдмæ ба- каст, — фæлæ йæ цæмæн амардтой, уый нæ хъуыды кæнын, Баба. 11. Бязырты Д. 161
— Уый тæригъæдæй сæ хуыцау бындзагъд скæнæд. Акæс галмæ, хæрд нæма фæцис? Бибо тæскъмæ куы ныккаст, уæд бахудт, æниу, ома, дыууæ уыйбæрц нæ бахæрид Къобор, æмæ йын йæ дæллаг- хъуыр аныхта. — Райсоммæ йын нал фæуагътай холлаг, Баба? — Иу бындзыг ма дзы фæуагътон. Куыд у дæ Къобор, кæд нæ лæууы фæстæ йе ’мбалæй? — Цытæ дзурыс, Баба, куы-иу сыл бахъæр кодтон уæд-иу æй Къобор гутоны сæрты фæцæйæппæрста. Тотырбег дæр сыстад æмæ йæ лæдзæджы æнцæйтты, фæчиу-фæчиугæнгæ, бацыд галмæ. — Уд у, уд, мæ хур, нæ гал. Йæхæдæг цалдæры бæрц у, — æмæ йæ сæрфтытæ райдыдта. — Амæн иу пæхи хуы- зæн æмбал куы уаид, уæд афтæ тухи цард нæ кæпиккам, фæлæ цы бакæнæм, хæдзары уæййаг ницы ис, æмæ йын цæ- мæй цы самал чындæуа? Мæгуыр бинонтæ-иу сæ галæн истæмæй æмбал самал кæ- ныныл арæх фæдзырдтой, æмæ-иу сын алыхатт дæр мптæй мæсыг амайæгау рауад: хæдзар — афтид, æххуырсты мызд та рæстæгыл дæр никуы райстой. Сæхæдæг та гом-гæрццæй цыдысты. Пысулыл сæрд нæ тыхсынц, уæд сын хур фæтавы йæ хъарм тынтæп сæ гом буæрттæ. Æрмæст уыдонæн нæ, фæлæ æнæхъæн хъæуæп иумæнаг хæдон у. Гал балхæнын Тотырбегæн у мард райгасгæнæгау, уæд- дæр та йæ кой æрæфтыдтой йæ фыртимæ. Бибо зыдта, хъуыддагæй кæй ницы рауайдзæн, æмæ йæ фыды ныхасмæ хъуыста æнæдзургæйæ. Тотырбег дæр йæ кæрцы фæдджп- тыл фæйнæрдæм ахæцыд, йæ хæлафы дзыппæй систа чъпзп хæцъилы тыхт тамако, æмæ дзы райдыдта йæ дзыхмæ хæс- сын, бæх сыидзмæ куыд æвнала, сыпдз йæ фындз куы фæ- ныхса, уымæй тæрсгæйæ, афтæ, æмæ йæ æууылдта йæ мы- лытæй. — Хур кæндзæн, лæппу, — йæ тамако йæ дзыхы куы араууил-баууил кодта Тотырбег, уæд арвмæ кæсгæйæ загъ- та Бибойæн. Бибо бамбæрста; йæ фыд цæмæй зоны хуры хъуыддаг, уый, æмæ мидбылхудгæ бадзырдта йæ фыдмæ, зæгъгæ, æз æй æнæ дæ тамако дæр зонын, хур кæй уыдзæн — арвыл иунæг асæсты мур нæй. Тбтырбег йæ тамако иу чысыл куы аууылдта, уаед æн зæххыл фæкодта æмæ ма йын йе сфæлдисæджы дæр сæл- гъыста’. Ахæм рæстæджы-иу ын фырт йæхи уынаффæгæнæг акод- 162
та, зæгъгæ, дæ кæд нæ хъæуы, уæд æй цæмæн æууилыс> фæлæ йыл зæронд лæг дыууиссæдз азы афтæ фæцахуыр, æмæ æмæтамако нал уыд йæ бон, ноджы йæ мæгуырдзина- дыл арæх хъуыды кодта, æмæ-иу ын ахæм рæстæджы дæр цыма æххуыс уыд, афтæ йæм каст. Алæууыдысты бннонтæ чысыл рæстæджы æнæдзургæ- йæ, фæлæ се ’фсин æрæгмæ куы цыд, уæд та Тотырбег уæд- дæр йæ чындзы кой ракодта, ома, уæдта ахсæв нал цæуы, уæд арт уæддæр скæнæм. Сæ сывæллон дæр афтид тæрхæ- гыл Оафошæй æмæ суазал. Дзантемыр дæр нæма фæ^ынд, æпдгера ахæмтæм уый рæвдз уыд. Бнбо йын æппынæдзух тарстис фыййауæй баззайынæй, æнæуып та йæ уавæртæ æндæр нæ уыдысты æмæ хъæцыд йæ боныл. Æгæрмæгуыр сын хæдзар дæр нæ уыд; йæ сæр уыд æвзæр æмбæрзт, ноджы иуæрдæм акъул. Зæронд лæджы зæрдыл та æрбалæууыд æмæ бакат’ай. кодта: — Бибо, ацы аз нæ хæдзары æмбæрзтæн æнæраив^æ нæй, æндæра ныл азмæджы ныккæлдзæн, стæй ныл иудонæн æр- кæлы, æмæ нæм дуарæй уæлдай нал вæййы, æнпу, ма дуар- мæ сыгъдæг дон уæддæр фæуары. — О, æмæ йæ цæмæй раивæм кæнæ бамбæрзæм? Нæ хæ- дзары ницы ис, мæнæ ;нæм ацы гал нс æмæ йæ исты куы фæкæнæм, уæд ма цæмæй цæрдзыстæм, уæд ихы сæрыл за- йæгау фæуыдзыстæм, — пæхæдæг, хæдзармæ Цæгаты ’рды- гæй цы æртæ цæджындз уыд быцæу, уыдонмæ æдзынæг кæсгæйæ аззад. Уымæ афтæ фæкаст, цыма хæдзар æмæ æртæ цæджындз тох кæнынц, чи сæ фæуæлахиз уа, ууыл. Æмæ, æцæгу тох дæр куыннæ кæнынц. Зæронд кæлæддзаг хæдзар æппæт йæ уæз ауагъта æртæ цæджындзмæ, фæлæ йæм уыдон дæр ныббыцæу сты, æмæ йæ фенкъуысын нал уадзынц. Ацы тох мæгуыр бинонтæ сæхæдæг дæр æмбæрстой, фæ- лæ сын хуыздæр фадат нæ уыд. Бибо, бирæ фæхъуыдыйы фæстæ, йæ фыдæн ныфс авæрдта, ацы аз æй хъæмпæй кæй бамбæрздзысты, уымæй, хъуарийы ныфс æй нæ уыд. Иæхæдæг арт кæнынмæ куыд сцæйстад, афтæ кæрты дуарæй æрбахызт Чендзе, йæ раздарæны цыдæр тыхт, аф- тæмæй. Бибо йыл сбуцтæтæ кодта, æрæгмæ кæй цыд, уыи тыххæй. Чендзе дæр ын бабуцтæ кодта, уæдта æз амардтæн, уæд уæхицæн арт уæддæр скодтаиккат, зæгъгæ. Стæй йæ афар- ста сывæллæттæй, ома, уыдон та кæм сты. 163
— Дзантемыр нæма ’рцыд, чызг та тæрхæгыл фынæй кæны, — загьта йын Бибо. Чендзе хъæзын цырагъ ссыгъта, уый фæстæ æнæбары рухсмæ æртдзых бакодта æмæ йæ мæгуыр бинонтæн æхсæ- вæры кой райдыдта. Тотырбег æмæ Бибо сæ гал дуармæ бабастой. Уазалæй тас ын нал уыдис. Чысьтл фæстæдæр сæм уьгнгæй уынæр æрбайхъуыст. Бибо ракаст кæртмæ, æмæ дзы федта сæ сы- хæгты лæппуты хъæлдзæг ныхæстæгæнгæ. Сæ иу, Пауле, уыд бæлццонарæзт, йæ фарсмæ лæууыд Дурзиллон, йæ къу- хы хордзентæ, афтæмæй. — Бибо, мæнæ нын Пауле Калакмæ цæуы, æмæ ма дæу- мæ хæрзбон кæнынмæ фездæхт, — талынджы ацахста кæй- дæр хъæлæс. Бибойæн уый тынг æхсызгон нæ уыд, нæ йæ фæндыд, йæ дзæбæх сыхаг искуыдæм ацыдаид æмæ цыма йæ мæ- гуыр цард ноджы фæфыддæр, афтæ йæм фæкаст. Пауле æмæхсæвæджы йæ мæгуыр цардæй лыгъд, фæлæ йын чи цы зыдта, цы фæндагыл лæуд фæуыдзæнис. Бибо дæр æм æнкъардæй уымæн бадзырдта: — Фæндараст фæу, кæд ныл дæ къух систай, уæд. Фæ- лæ бонрухсмæ уæддæр фæлæууыдаис. — Нæ, Бибо, дæ зæрдæ мыл дар, дзæбæхæй кæн ныц- цæудзынæн, уымæй. Æхсæвы уазалы мын æнцондæр цæуæн у, Гурмæ мæ къахæй цæуын хъæуы. — Бибо, ам Собæ æмæ Хæмыцæн мах кæй хырхæм, уый сын фаг у, — балпæрста йæ дæрзæг ныхас Гуыбе дæр. — Æмæ фæндараст фæуæд, фæлæ æхсæвыгон цыд мæн- мæ раст нæ кæсы. Бирæ ахæм ныхæстæ ма райхъуыст сыхæгтæй Паулейы тыххæй, фæлæ мæй скаст æмæ Пауле хæрзбон загъта йæ уарзон сыхæгтæн, æмæ афæндараст комы уырдыгмæ, хиды ’рдæм. ÆРТЫККАГ СÆР Бонтæ сæ цыды хай кодтой. Къуыритæ æмæ мæйтæ кæ- рæдзи ивтой. Аивгъуыдтой-иу азтæ мæгуыр адæмыл дæр, фæлæ сæ уæззау цард ницæмæй хуыздæр кодта. Рæстæг сæм раздæрау каст йæ тар цæстæй. Цард сæм йæ мидбыл- ты нæма худт. Комы хъæуы цард мæгуыртæн кодта бонвыддæр, стæй, кæд фæхуыздæр уыдзæн, уымæн дзуапп дæттæг нæма уыд. Бирæ хъуыды кодтой мæгуыр сыхæгтæ сæ мæгуыр цардыл, 164
кæд дзы фервæздзысты, кæд атондзысты цагъайраджы рæ- хыс, фæлæ сæ ахæм фарстытæн дзуапп раттын никæй бон уыд, æрмæст хъуыды кодтой æмæ тырныдтой, цæмæй сæ ’ххормагæй мачи амардаид. Сæхи хъахъхъæдтой, хъыхъ- хъаг куыдзы каст сæм чи кодта, уыцы хъæуыхицауæй æмæ хъалон исджытæй, уыдон ехсы цæфтæй-иу сæ гом рæгътыл куы ’ртыхстысты, уæд-иу сæ айрох сты сæ царды бонтæ дæр. Мæгуыр адæм æхсæвыцъæхæй фестынц сæ лыстæпæй æмæ фæцæй уайынц сæ куыстагмæ. Ахæм куыстафон ма-иу хъæуы баззадысты æрмæст урсзачъе Тугъан æмæ æнахъом сывæллæттæ. Куыстхъом адæм сæ куыстагæй æрæздæхынц хæрзизæ- рæй. Тынг бирæ тухитæ æвзарынц мæгуыр адæм, фæлæ уы- дон дæр фæнымайынц цардыл, æмæ фæтох кæнынц йæ ных- мæ. Ягорæн йæ фырт куы ацыд, уæдæйфæстæмæ тынг æрæн- къард, Дурзиллон та бынтон йæ был никуыуал фæзыхъыр кодта, иу хъæлдзæг ныхас никуыуал схаудта йæ дзыхæй йæ фырт Паулейы ацыды фæстæ. Уыцы бон та бынтон æдзæрæджы хуыз æвдыста Комы хъæу. Адæмæй чи искæй куыстмæ ацыд маамæлайы къæбæ- рыл, чи та йæхи æнæбары хъуыддæгтыл уыд. Æрмæст уыцы райсом Тотырбег æгæр афынæй, Бибо дæр уæззауæй сыстад, зноны уæззау куысты æгæр кæй ныф- фæллад, уый тыххæй. Тотырбег афтæмæй раджы сыстинаг уыд, хъуамæ абон Хæмыцæн акуыстаид, фæлæ, æхсæв æмæ бон кæрæдзийæ куы хицæн кодтой, уæд афынæй æмæ ныр- ма хуыссы уæлгоммæ тарффынæйæ, куы раулæфы, уæд йæ рихи базмæлы. Бæргæ мæгуыр куы зонид абон æм цы æна- монды хабар æнхъæлмæ кæсы, уый, уæд æнæхъæн бон дæр нæ сыстид. Бибо рабадт йæ лыстæны, йе ’нæбары бызгъуыртæ кæн- гæ, æмæ æнæхудæй уынгмæ рауад. Уынджы рог уæлдæфæй зыд улæфтытæ скодта, стæй алырдæм афæлгæсыд æмæ йæ цæст ницæуыл схæцыд, иу нымæг стъалыйæ дарддæр. — Диссаджы бонтæ кæны. Æниу сыл æз та цы цин кæ- нын, исты хосгæрдæны мæ фæтæнтæ кæрддзынæн кæнæ мæ дзуг фос æртæх кæрдæгмæ скъæрдзынæн, фæлæ уæддæр мæгуыр лæгæн айхуызæн хорз бонтæ ныфс сты, — йæхæдæг фæстæмæ фездæхт йæ лæппуйы хъал кæнынмæ, цæмæй га- лы Цæгаты ’рдæм сыздæхтаид. Хæдзармæ здæхгæйæ йæ зæрдæ фехсайдта, йæ фыд цæ- мæн æрæгмæ сты, иннæ бонты-иу кæркуасæнæй фæстæмæ нал фынæй кодта. 165
Куы бацыд мидæмæ, уæд йæ фырты хуыссæны цур æр- лæууыд æмæ йæм кæсы. Уый цыма бæндæнтæ ласы, афтæ улæфы къæхты бынæй, æмæ йын Бибо фæтæригъæд кодта-, йæ зæрды йæ нал уыд райхъал кæнын, фæлæ йæм æрæджи- ау ныллæг хъæлæсæй сдзырдта, æмæ Дзантемыр дæр фе- хъал. Дзантемыр цалынмæ Хæмыцы фос уагътаид, уæдмæ хъуамæ йæ гал искуы рахызтаид. Чендзе допы къæрта æрбахаста æмæ йæ фырты куы ауыдта стадæй, уæд йæ моймæ бакодта уа-йдзæфгæнæджы каст, ома чысыл ма йæ бауагътаис аулæфын, фæлæ уæдмæ Дзантемыр гал аскъæрдта хизынмæ. Галæп æнæ рахизгæ нæ уыди. Абон Собæ дур ласыны зиу кæны. Ныр та хъуа- мæ дурын хæдзæрттæ суадза, хъæдын хæдзæрттыл нал æр- вæсы. Æниу, аразгæ дæр цæмæннæ хъуамæ кæна, йæхæдæг сын сæ аразыныл куынæ фæллайдзæн, хъæуы мæгуыртæ та йын сæ, сæ хпд мизгæ, сцæттæ кæндзысты. «Айразмæ дзы цыдæр къуымыхцы æрбахастам стырбон- мæ æмæ дзы зылын стæм, æндæра мæ къах дæр нал авæ- рин»... — йæхимидæг мæсты кодта Бибо. Æмæ цалынмæ ахæм сагъæсты уыд, уæдмæ Тотырбег дæр, уæззау низæй сæйæгау, арф ныххуыфыд, æмæ йæхи айвæзтытæ кодта, стæй, боны рухс куы федта, уæд, йæхи- мæ буцтæгæнгæ, растад йæ лыстæнæй. Йæ бызгъуыртæ кæнгæ бакаст Дзантемыры уаггмæ, æмæ йæ куынæ федта, уæд афарста йæ фырты, кæм ис, уымæй. Бнбо йын загъта, гал кæй хизьт уæлæ Фæсдзуар, цæмæй Собæйы зпумæ цæт- тæ уа. Тотырбег куы бамбæрста Собæйы зиуы хабар, уæд æй нылгъыста æмæ загъта, зæгъгæ, æвæццæгæн, йæ хъæ- бæрхоры кæрдзынтæ ныххус сты æмæ сæ йæ бæхтæ дæр нал хæрынц æмæ уыдон фæрцы хъуамæ мæгуыр адæмы туг нуаза æнæхъæнУбон. Æниу, ын уый фыццаг хатт куы- нæ у, мыййаг. Тотырбег ма йæхиуыл дз-уæрттæ афтыдта, æмæ Комы дзуармæ схъардта йæхи æмæ йе ’мхуызон адæмы тæри- гъæдтæ, стæй Бибойæн затъта, Хæмыцы мусы сис амайын- мæ кæй цæуы, уый. Иæхæдæг йæ лæдзæг ра-йста æмæ араст. Бибойы нæ фæндыд, йæ фыд иунæгæй сисамайынмæ ацы- даид, уый, фæлæ йæ къæхтыл кæй ницыуал уыдис, æмæ йын Хæмыц дыууæ къогъодзихор кæй баныфсæвæрдта, уый тыххæй йæ нал бафæстиат кодта, йæ фæстæ мæ адзырдта, зæгъгæ-иу лæппумæ фæдзур, уый дæр æвва’хс хиздзæн. Стæй иæхæдæг дæр нал фæлæууыд хæдзары, йæхи айста Собæты ’рдæм. Уæдмæ Собæ йæхæдæг уæлбæхæй æрбатардга. Бибо йæ 166
куы ауыдта, уæд æм кæсгæйæ аззад, тыхæй ма йын салам радтын бафæрæзта. Бæх уыд хорз арæзт саргъæй, идонæй, стъалытау, тæмæнтæ калдтой, йæхæдæг дæр — бæрцæй, хъамайæ, бухайраг худæй, æппæтæй дæр — æххæст. — Дæ хорзæхæй, Собæ, дæхи кæдæм рацарæзтай? Ис- куыдæм цæуыс, мыййаг? — Нæ, Бибо, цæугæ никуыдæм, цалыимæ дард балцы цæуон, уæдмæ мæхи куынæ ныхсон, уæд бынтон куы фе- сæфдзынæн. — Уый та куыннæ, Собæ, лæгæн йæ цард йæ хъустæй куы фæкæлы, уæд цы нæ кæны, — æлхыскъ ныхас æм бап- пæрста Бибо. — Фаг цард кæм ис, Бибо, фæлæ хуыцауы фæрцы тыхс- гæ дæр ницæуыл кæнын. — Хуыцауы фæрцы нæ, фæлæ мах фæрцы, — æрбай- хъуыст фæстейы Гуыбейы хъæлæс. Бибойæн тынг æхсызгон уыдис, Собæйы уый цæр кæй фелхыскъ кодта, уый, æмæ бахудт. — Ды дзы куынæ ныздухай лæгыл, уæд чи? — тыххудт- гæнгæ загъта Собæ. — Науæд никуы фехъуыстай адæм кæ- рæдзийы фæрцы цæрынц? Цæй, æз ма сымахмæ цыдтæн. Æгайтма уæхæдæг фæзындыстут. Уæ хорзæхæй, феххуыс мын кæнут, стæй, уæ хорздзинад уын мæ уæлæ нæ ныу- уадздзыпæн. Хæдзарыл ацæут, æмæ фæйпæ аназут, лæгæн адæм иу ад нæ кæнынц, стæй адæммæ иу цæстæй кæсæн дæр нæй. — О, афтæ у. Мах дæр абон нæхи сæфт хæдзæрттæ ныу- уагътам æмæ дæуæн цæуæм æфсæрмæй. Æниу, нæхиуæт- тæ ахæм митыл ахуыр сты? — Ацæут, уæдæ, æз ма уæртæ фаллаг сыхмæ бауайон, фæлæ, уæ хорзæхæй, Хъауырбег кæм ис, ныр ыл цалдæр боны мæ цæст куынæ схæцыд? — Уæртæ йе ’мхæрæфыртмæ бацыд Тæгæрджыны хъæу- мæ. — Бибо, дæ гал дæр нæ хъæудзæн, фæлæ йæ раскъæр. — Гал раскъæрдзынæн, фæлæ уæ цæйдæр цыхт дарæм, æмæ уал нын фæгæдзæ кæнут, цалынмæ исты амгл кæнæм, уæдмæ. Дæхæдæг зоныс, æнæхъуг хæдзары цæй урсаг хъуа- мæ уа? — Уый тыххæй ма тыхс, цалынмæ йæ уарай, уæдмæ дæ нæ батыхсын кæндзыстæм. Хæмыц мæ æнхъæл дæ? — йæ- хæдæг дзургæ-дзургæ йæ бæх фесхуыста къæхтæй æмæ фал- лаг сыхы ’рдæм афардæг. Бибо æмæ Гуыбе йæ фæстæ кастысты æнæдзургæйæ, стæй æрæджиау Гуыбе фæхудт æмæ Бибомæ бадзырдта — 167
хъуыстай йын, зæгъгæ, йæ сайæн ныхæстæм, адæммæ, дам, иу цæстæй кæсæн нæй. — Фæлæ мæм диссар кæсы, уый цал цæстæй кæсы йæ сыхæгтæм: цымæ йæ лæбырд цæст дæр нымайы цæстыл? — О, дæ хæдзармæ дæ фескъæрдæуа, Гуыбе, кæд сæ мысгæ та кæуылты кæныс, — йæ мидбылты бахудт Бибо. — Цæй, цæуæм, кæд дзы ’нæкусгæ нæй абон, уæд, — Би- бо Гуыбейы ауагъта иунæгæй, йæхæдæг хæдзармæ фездæхт гал ифтындзыны тыххæй. Уый размæ бон йæ дзоныгъ дæр Фæсдзуар ныууагъта æмæ йæ уымæ дæр цæуын хъуыд. Гуыбе йæ ных сарæзта Къæйджыны рагъырдæм... Хур йæхи тых скъуынæгау акодта Раройы къахырæй. Бæндæны бæрц нæма суадаид арвы фæтæн æмæ уæрæх ри- уыл, афтæ Къæйджыны рагъæй æрцæйластой дур Собæйы кусджыытæ. Тотырбег дæр æнæбары аходæн куы бахордта, уæд йæ куыстмæ араст. Цæмæй зыдта мæгуыр зæронд лæг, йæхи къахæй удхæссæгмæ цæуы; цæмæй зыдта абон фæстаг хатт араст хъæздыг лæг Хæмыцæн кусынмæ; цæмæй зыдта æмæ йæ дуртæ сæ быны фæкæндзысты æмæ йе ’нусон бæстæм бафтдзæн, фæлæ уæддæр цы кæна, мæгуырæг, йæ дыууæ ’рчъихор кæцæй самал кæна? Фæтæры йæ удхæссæджы дзыхмæ тухиаджы цард, фæлæ ма фæстæмæ дзуры чындз- мæ, цæмэсй йын дон схастаид суадонæй, йæхæдæг æнæизæр кæй не ’рцæудзæн, уымæй ныфсæвæргæйæ фæцæуы размæ Хæмыцы мусы ’рдæм. Цæуы, мæгуыр, зæронд лæг, фæлæ куыстмæ тынг йæ ныфс дæр нæ хæссы æмæ мæт дæр кæ- ны, куы нпцы бакæна, уæд йæ къæхтæ куыд уыдзысты, ууыл, афтæ хъуыдытæгæнгæ фæцæуы мусы ’рдæм. Куы схæццæ мусмæ, уæд æрбадт чысыл аулæфынмæ, æмæ систа йæ та- макойы хызын æмæ аууылдта йæ тамакойы муртæ. йæ цæст ахаста хъæуыл, фæлæ уынгты иу змæлæг куынæ фед- та, уæд фестад æмæ уый дæр æрæвнæлдта йæ куыстмгс. Мус цæмæй фæз уыдаид, уый тыххæй йæ дæллаг фарс уыд амад, фæлæ ранæй-рæтты ракалд, стæссонд, æмæ йæ хъуыд цалцæг кæнын. Æмæ зæронд лæг райста дынджыр мæцъис æмæ райдыдта дуртæ æппарын. Иу-цалдæр дуры куы раппæрста, уæд ныххызт сисы бынмæ æмæ, цы дуртæ раппæрста, уыдоныл слæууыд æмæ уæлæмæ æвналын рай- дыдта дуртæм. Бакодта дыууæ дынджыр дуры ’хсæн мæ- цънс, æмæ йыл уырдыгмæ рахæцыд йæ дыууæ къухæй, æмæ уæд сæ быны цы дуртæ уыд, уыдон дæр фезмæлыдыс- ты. Лæг фæхатыдта йæ рæдыд, фæлæ æндæр хуыздæр ни- цыуал æрхъуыды кодта. Дуртæ кæрæдзийы фæстæ фезмæ- лыдысты, æргæр-гæр кодтой, мæгуыр зæронд фæцудыдта 168
æмæ ма йæ иу хъæры бон фæцис, стæй йæ дуртæ афсæрс- той сæ быны. Уыцы дуджы Дзантемыр уыд сæрвæты фосимæ, æмæ дурты гыбар-гыбур куы фехъуыста, уæд йе ’мбалæн фос афæдзæхста, йæхæдæг йе стыр фыдмæ зæрдæхсайгæйæ ра- цыд мусы ’рдæм. Уайтагъд дурты ’хсæн ауыдта» Тотырбе- джы сæр, йæ дзыхæй йæ туг кæлгæ. Дзантемыр кæуынхъæ- лæсæй йæ дзыхы дзаг ныккуыдта, ныккодта фæдисы хъæр. Уыцы хъæр ма Тотырбег дæр фехъуыста, фæлæ дзурын йæ бон ницыуал баци. Бауад Дзантемыр дурты цæндмæ, æмæ дзы иу цалдæр аппæрста, фæлæ та стырты куынæуал ра- фæрæзта, уæд ногæй ныхъхъæр кодта. Дзантемыры хъæр айхъуыст хъæумæ, фæлæ хъæуы дæр ничи уыд зæронд Тугъаны йеттæмæ. Тугъан базыдта1 Дзан- темыры æмæ рацыд уыдоны хæдзары ’рдæм. Чендзе ар- хайдта йæ сасирыл, цалынмæ йын фæуыдаид, уæдмæ йæм сыстыны фæнд нæ уыд, фæлæ хъæр куы фехъуыста, уæд арауай-бауай кодта уынджы, фæлæ йæ цæст никæуыл схæ- ныд сабиты йеттæмæ. Зæронд Тугъаны куы ауыдта Уæл- лагхъæуы ’рдæм цæугæ, уæд уайтагъд базыдта не ’намонды хабар. Уæдмæ хъæуæй адæм афæдпс кодтой мусы ’рдæм æмæ азгъордта уый дæр сæ фæстæ. Фæдисы уыдысты æрмæст хъæуы сылгоймæгтæ æмæ йын акалдтой йæ дуртæ æмæ йæ уæлгоммæ æрæвæрдтой нæу- уыл. Чендзе зæрдæхалæн цъæхахст байдыдта, йæ рустæм лæ- бургæйæ. Æмæ кæугæ дæр куыннæ кодтаид, йæ фыды бæрц æй уарзта. Тугъан дæр-иу сылгоймæгты хъарæгмæ йæ цæстыты сыг- тæ йæ дæрзæг къухтæй асæрфта. Цас фæнды куы фæкуыд- таиккой, уæддæр зианы хæдзармæ хæссын хъуыд æмæ Дзантемыры рарвыстой йæ фыдмæ. Лæппу згъорста, цæмæй йæ фыд æмæ иннæ сыхæгтæм тагъддæр бахастаид Тотырбеджы æнамонд хабар, фæлæ сæм пæ хæццæ кодта. Бибо йæ къоборы баифтыгъта иунæгæй, фæлæ йыл ку- сы дыууæйы бæрц. Ныр уæлбылмæ дæсæм цыд куы скодта, уæд æрулæфы- дысты Баджериимæ. Уыдон куы ауыдтой бадгæ, уæд Гуы- бе, стæй иннæтæ дæр æрбацыдысты, æмæ уыдон цур æр- калдысты. Фæллад дæр куыннæ уыдысты, фæлæ нырма кæрдзын дæр нæ бахордтой. Мæгуыр фæллад сыхæгтæ се ’нæхъуаджы фыдæбон æмæ æххормаг куыстыл куы сагъæс кодтой, уæд ауыдтой Дзантемыры уыдонырдæм фæдисæй лидзгæ. Алчидæр цыма йæ улæфт баурæдта æмæ æнхъæл- 169
мæ кæсынц, чи сæ раздæр базона хабар. Бибо куы базыд- та йæ лæппуйы, уæд йæ бынатæй фестад æмæ йæм сæнт хъæр фæкодта, цы хабар у, зæгъгæ. Лæппу сæм схæццæ, йæ хид калгæ. Бибо ма йæ цæмæйдæрты фæрсы, фæлæ уый, йае кæуып тых уромгæйæ, фыдæн æмбарын кæны, цæмæй сæ- химæ рацæуа. Æппынæрæджиау ныккуыдта, æмæ сфæрæз- та, Тотырбег дурты бын кæй фæци æмæ тынг кæй фæцæф- тæ ис, уый. • Хабар фехъусгæйæ се ’ппæт дæр цæуыиыл фесты, фæлæ сæ разæй фæцис Бибо. Марды уæдмæ бахастой хæдзармæ. Æрхæццæ сты адæм дæр Бибойы фæстæ æмæ æнкъарг дæй æрлæууыдысты Биботы кæрты, хæдзарæй Чендзейы хъарæг куы райхъуыст, уæд. Бибойæн дæр ма цы зонын хъуыд уыцы æнамонд хабар æмæ нал ауæрста йæ сæр хо- йыныл. Бирæ фæхоста йæ сæр, фæлæ йæм Тотырбсг ницыуал сдзырдта. Фервæзт мæгуыр зæронд йæ удхапраг цардæй. Бибо æгæр куы хоста йæхи, уæд æм Дурзиллон бацыд æмæ пын йæ къух райста, стæй йын уæд мæссæллæйттæ рапдыдта, фæлæ Бибо йæ кæуын нæ уагъта, пæ фыд йæ цæрæпбонты фыдцардæй кæй рафтыд æмæ фыд мардæй кæй ам?рд, уый тыххæй. Лæппу дуармæ куы рахызт, уæд æм йæ къух бадардта зæронд Тугъан, æмæ йæ фæстæ иннæ сыхæгтæ дæр рад- гай цыдысты тæфæрфæс кæнынмæ. Чысыл Дзантемыр дæр цæджындзыл банцой кодта æмæ йæ сау цæстытæ ныррæсы- дысты фыр куыдæй. Сыхæгты сывæллæттæ дæр гом æмæ бæгънæгæй æрæмбырд сты кæрты æмæ тарст хуызæй кас- тысты æддæмæ. Мæгуыры мард дыууæ марды у, зæгъгæ-иу фæкодтой уæды рæстæджы. Æнæмард æрцæугæ ннчи у, фæлæ хæдза- ры куы ницы уа, уæд цы дæ бон у? Бибойы хæдзары иу рухс цæмæй загътаиккой, уый ни- цы уыд. Мæгуыр зианджын фæсидт Тугъанмæ, уæдмæ сæм фæзынд. Саулæг дæр — знон хор хæссынмæ уыд æмæ ныр- мæ не ’рбацыд. Сæ хæдзармæ дæр нæ фездæхт, афтæмæй фæкуыдта йæ хæлар сыхагыл. — Цæй, мæ хъæубæстæ, цы ’рцыд, уый мыл æрцыд, фæ- лæ цы бакæнон, мæ марды æххормагæй мæрдтæм куыд барвитон? — дзырдта кæуыы хъæлæсæй йæ сыхæгтæн Би- бо. — Тугъан, ды уынаффæгæнæг дæ хъæуæп, æмæ мæнæн дæр исты бацамон. Кусæрттаг мæм бæргæ ис, фæлæ ноз- тæй, хойрагæй ницы зонын хæдзары. — Æмæ дæ галы дæ зæрды æргæвдын ис, Бибо, стæй ма дæ бинонтæ та куыд уыдзысты? 170
— Нæ, Тугъан, галæн æнæргæвдгæ нæй, мæ фыд бпрæ фæтухи кодта æмæ уый фæстæ æз мæхицæн адджын ницы- уал скæндзынæн. Бирæ фæлæгъстæ кодтой Бибойæн йæ сыхæгтæ галы тыххæй, фæлæ куыкæ скоммæ каст, уæд æй йæхн бар ныу- уагътой. Уæдмæ сæм фæзындысты Хæмыц æмæ Собæ дæр. Мæсæллæйттæ загътой Бибойæн, цыма йын йæ зиапыл тынг хъыг кодтой, уыйау. Цуци æмæ Пусине æрбацыдысты æмæ ацархайдтой тых хъарджытыл, фæлæ, зæрдæ куынæ судза, уæд æвзаг дæр ’нæмæт у, цæстысыг та бынтон нæ цæуы, æмæ-иу сын хъарæджы ’фсон чысыл ма бахъæуа зарынмæ ахиза, Гуыбе та йæхи нал баурæдта уыцы дыууæйы фæлитой мшæм æмæ сæм бадзырдта, зæгъгæ, уæхи хæдзæртты куынæ уа мæрд- тæ, уæд искæйы мардыл сымах нæ бахъынцъым кæндзыс- тут. Уыцы ныхæстæм адæм бакастысты Гуыбемæ, фæлæ дзур- гæ нпцы бакодтой, æмæ худгæ дæр ничи скодта, ахæм мæгуыры марды цур худын зын хъуыддаг уыд. Собæ æмæ Хæмыц тынг рамæсты сты Гуыбемæ, фæлæ уыдон дæр ни- цы сдзырдтой. Хæмыцы ныртæккæ марды мæт æппындæр нæ уыд, фæ- лæ рагæй хъавыд Бибойы Къобормæ. Ца’лдæр хатты-иу ын дзырдта, куы йæ хъугæй ивта, куы та уæныг æмæ уæлæвæ- рæн, фæлæ йын Тотырбег æмæ Бибо никуы сразы сты. То- тырбег йæ Къо’боры ауæлдайы бæсты разы уыд сыдæй амæлыныл дæр. Фæлæ ныр куы бамбæрста, Бибо йæ гал хистæн уæлдай кæны, уæд æм пæхи баласта хæстæг, æмæ цыма стыр мæт кæны Бибойы мастыл, уыйау йæхи гæды радав-бадав кæны. Йæхинымæр ныхъхъуыды кодта, цы ратдзæн Къоборы ныхмæ — иу уæныг æмæ дыууæ тунджи арахъ. Йе ’рфгуы- тæ ныттар кодта, йæ сæр зæхмæ æруагъта æмæ Бибойæн дзуры: — Цæй, маст кæнынæй ннцы ис, мæ хур, фæлæ дæ рай- сомы хъуыддагыл бацархаи, æз дæр дын, мæ боп цы уа, уый нæ бахæлæг кæндзынæн. Мæ куысты йыл сæмбæлд уы- цы æнамонд хабар. Бибо, æцæг, афтæ фенхъæлдта, йæ куысты кæй фæмард, уый тыххæй йын æххуыс кæнын ис йæ зæрды. Уый дæр ноджы фæныфсджын: — О, æмæ кæд гал æргæвдыс, уæд уый уадз, йæ сæрмæ дын уæртæ уæныг ратдзынæн æмæ йæ аргæвд, нозт дæр дын исты авæрдзынæн. Тотырбег уæздан лæгæй базæронд не ’хсæн. 171
Бибо фембæрста, Къоборы йæхи бакæнынмæ кæй хъа- вы, æмæ йæ бынатæй фестад, йæ масты къуыбар йæ хъуьь ры атымбыл æмæ фæхъæр кодта: — Мæ фыд дæ куысты фесæфт, æмæ ноджы, мæ гал дæр дæхи цæмæй бауа, ууыл архайыс? Хорз фадат дын фæцис, нæ?! Тагъд цæугæ мæ уынгæй! — йæ къух фæхъил кодта. — Тыхæй дæ ницы курын, ахъуыды кæн, æмæ дын куыд хуыздæр у, афтæ ба’кæн, — фæстæмæ, фæстæмæ алæууыд. — Ды мæыæн цы хорздзинад сарæзтай, уый мæнæ нæ сыхы адæм уынынц, фæлæ дæ мæ цæст куыннæ уына;, афтæ бакæн! «Хæмыцæн йæ хин митæ фергом сты æмæ йын æнæра- цæугæ нал уыд, æмæ хъуыр-хъуыргæнгæ, фæраст сæхимæ: — Уæдæ, амæн ахæм ми куы бакæнон, цæмæй мæ фыды баййафа, уæд мæ аххос уыдзæн, Тугъан? Кæд, дам, цæфæй нæ мæлыс, уæд дын — рæхуыст. — Уæ, дæ рынтæ Тугъан бахæра, Бибо, уыдон тæри- гъæдæй нал тæрсынц æмæ сын цы ми дæ зæрды ис? Уыдон сæ хъал бон калынц æмæ сын мах хуызæн мæгуырты бон ницыуал у. Уыцы боны ныхас ууыл алыг, фæлæ дыккаг бон, мæгуыр сыхæгтæй кæмæн цы йæ бон уыд, уый баххуыс кодта мæ- гуыр марды хицауæн æмæ марды бавæрдтой, йæ сомыгæ- нæн гал та йын хистæн раргæвстой, афтæмæй. Ирон æмбисонд афтæ у, мард, дам, фæрæзджын у, æмæ абон Тотырбег дæр уыд бæлццонхуыз æппæтæй дæр, чи йын йæ худ радта, йæ хæлаф, чи — дзабыртæ, æмæ æппæ- тæй дæр ифтонг хуызæй араст, мæгуыр цардæй чи рафтыд, уыцы Тотырбег йе ’нусон бæстæм. Хисты адæм абадтысты Бибойы кæрты. Радтой дын- джыр дзæбидыр Тугъанмæ, æмæ Тугъан дæр Тотырбегæн йе ’нусон фæндагæн зæрдиаг куывтытæ фæкодта, стæй изæ- рæй алчи йæ мæгуыр хæдзармæ афардæг. Баззад мæгуыр Бибо йæ бинонтимæ йæ фыды фæстæ æнкъард æмæ æрхæндæгæй. ЦЫППÆРÆМ СÆР Бибойæн йæ фыды амарды фæстæ йе ’ргъом фæдывæр. Афæдзæй-афæдзмæ хистытæн бахъуыдысты йе ’нæбары муртæ. Æниу дзы цæй мураг уыди, фæлæ æнæхъæн афæдз æххуырсты фаецвд Дзантемыр Хæмыцæн иу уæрыккыл æмæ уый дæр зæрдæвæрæны аргæвстой. Цалдæр хатты Хæмыцмæ барвыста, зæгъгæ, мæ фыд дæ куысты фæмард 172
æмæ йын истæмæй йæ ном ссар, фæлæ йæ уый хъуыды дæр нижуы æркодта. Цыди рæстæг Бибойы бинонтыл бонæй-бон тардæргæн- гæйæ. Дуг сæ йæ сау ныхтæ сагъта арфæй-арфдæр. Уæл- дай зын уавæрты дзы уыди чысыл Дзантемыр. Уый ныр бæстонæй райста йæ фыды-фыды лæдзæг, афтæмæй, мæ- гуыр, йе ’ххормаг гуыбын æфсæстгъуыз дæр никуы баци, йæ гом буар та æмбæрзгæ никуы бакодта. Фæлæ йын иу хъуыд- даджы фæпайда ис фыййауы куыст: сæрвæты цъæх кæр- дæр ын йæ къæхты бынтыл сæвæрдта уæфсытæ, æмæ æн- цонæй уад цыргъ дуртыл дæр. Арæх фæмысы æмæ фæбæл- лы, искуы иу æфсæст куы бауид нартхоры кæрдзын æмæ æхсыры къусæй, фæлæ нырма цы цæры, уымæй йæ къухы никуы бафтыд уыцы бæллиц. Иу райсом раджы фестад æмæ йæ сынтæгыл абадт, йæ къухтæ йæ рустæм быцæу авæргæйæ, йæхæдæг зæхмæ æдзынæг ныккаст. Уьшы дуджы Чендзе та, кæд цæст дзæбæх нæ уыдта, уæддæр архайдта йæ сасирыл, æмæ лæппуйы афтæмæй куы ауыдта, уæд фенкъард йæхæдæг дæр. Иæ сасир бийын ныууатъта æмæ йæм хæстæг бацыд. Иæ фист сæр ын йæ армы тъæпæнæй адаудта, стæй йæм ныл- лæг æмæ рæвдаугæ хъæлæсæй дзуры: — Цæмæн афтæ дæ сæр зæхмæ ауагътай, дæ нывонд фæ- он, дæ цахъæн лæппу ма афтæ æнкъард вæййы? Лæппу йæ мады ныхæстæм йæ сæрыл схæцыд æмæ йын афтæ, зæгъгæ, уæдæ цæуыл цин кæнон. — Гыцци, уæртæ Быцен æмæ Хъæмыхъ сæхи цæттæ кæ- нынц скъоламæ, чингуытæ дæр балхæдтой. Сæхицæн. Знон изæрæй фос куы æрцæйскъæрдтон, уæд мыл уæртæ хъæу- гæрон фембæлдысты æмæ мын фидистæ кодтой: сыдæй- мард, сæмпæрчъи, ды, дам, дæ цæрæнбонтæ фыййауæй бæргæ арвитдзынæ. Æз сæм бæргæ рамæсты дæн, фæлæ лæбырдцæст Собæ йæ сираг бæхыл дæлæмæ фæцæйтардта æмæ сæ нæмын нал бауæндыдтæн. Быцен та Собæйы куы ауыдта, уæд дур фелвæста æмæ мын æй мæ фарсыл фæ- кодта, — йæ цæстытæ доны азылдта лæппу. Мад тынг батæригъæд кодта йæ фыртæн, фæлæ йын кæ- цæй баххуыс кæна, уымæн ницы зыдта æмæ йын ныфсытæ авæрдта, стæй ма йын ныффæдзæхста, зæгъгæ, ма-иу сæм дзур, уыдон хъал сты, ды та — мæгуыр. — Æз сæм ницы фæдзурын, сæхæдæг мæ нæ уадзынц. — Æмæ сæ куы феныс, уæд-иу дæхи дард алас. Ныр та дæхп арæвдз кæп æмæ кæйдæр фос ауадз, афон у ныр, — æмæ йын йæ гом къæхтæм æркаст мæстæйдзагæй.. 173
Лæппуйы та скъолайы мæт уыд, æмæ афарста йæ мады, зæгъгæ, йæм мæгуыр сывæллæтты нæ уадзынц. Мад æм æрхæндæг зæрдæйæ бадзырдта, кæм уадзынц, зæгъгæ, дæ хуызæн мæгуырты. — Чи ис ахæм хуыцауы сконд æмæ мæгуырты мæт æр- кæна, уæд ма бонджынтæн сæ фос чи хиздзæнис? Фæлæ бабыхс, мæ зæрдæдарæн, кæд искуы дæхуызæн мæгуырты рад дæр æрцæуид æмæ ныл хур ракæсид, йæ хъарм тынтæй нæ бæстон батавид æмæ дæ фервæзын кæнид искæйы фосы фæдыл сæрвæтты æнæмыздæй хъеллау кæнынæй. Ныр уал цу, дæ нывонд фæуон, æндæра дын куы байрæджы уа, уæд дæ æфхæрдзæн. Дæ хызын æри, æмæ дын дзы къæбæр авæ- рон. Кæрдзыны коймæ Дзантемыр бакаст йæ мадмæ æмæ йæ цингæнгæ афарста: — Кæрдзын дæр нæм ис, гыцци? — Ис, дæ нывонд æрбауон, ис. Уæртæ Дурзпллоны мой быдырæй хойраг æрбахаста знон æмæ йæ дысон рассад- той, æмæ мæм дзы мæнæ рудзынгæй æрбалæвæрдта. Бибо, дам, цæмæй ма сыхъал уа, уый тыххæй дуарыл не ’рбаиыд. — Æмæ, уæдæ, баба кæм ис ныр? — Баба хъæдмæ ацыд суг кæпынмæ. Дзантемыр нартхоры кæрдзынæн йе ’рдæг йæ мадмæ дæтты фæстæмæ. Мад кæрдзын райста æмæ ма йын йæ къух фæлмæн æр- сæрфтытæ кодта, ас лæгау, иууыл хæдзары мæт кæй кæны, уый тыххæй. Дзантемыр хызын йе ’ккой куыд баппæрста, афтæ гæды къонайæ рагæпп кодта æмæ йæ фæстæ нынннудта. Уый дæр ын кæрдзынæй иу комдзаг стыдта, æмæ йын æй радта. Гæ- ды къæбæрмæ фæлæбурдта æмæ, хъуыр-хъуыргæнгæ, тæр- хæджы бын смидæг. Мад акаст йæ фæстæ æмæ бакатай кодта, хурыскастмæ йын куынæ ауадза йæ фæллой, уæд та йын бафхæрдзæнис уыцы налат йæ фырты. Дзантемыр кæртмæ бахæццæ, афтæ Хæмыц дæр фысты кæртæй рауагъта æмæ хыл кæны Дзантемыримæ, нæма йæ федта, афтæмæй, зæгъгæ, кæм ис уыцы куыдзы хъыбыл, хурмæ дæр нæ кæсы? Уæдмæ Дзантемыры ауыдта æмæ йыл ахъаззаг нын- ниудта: — Кæм уыдтæ, кæйдæр сыстхæрд? Нырмæ хъуамæ фос мидæг.уой? Лæппу фос аздæхта æртæх кæрдæгыл. Уыдон дæр зы- дæй хизгæ размæ бырсынц, цыма кæрæдзиимæ ерыс кæ- нынц. 174
Дзантемыр сæ уæлейæ хуымы кæрон слæууыд æмæ сæ дæлæмæ здахы. Уыцы уысм тигъæй æрбазынд йæ куыдз Мила. Чысыл йæ фæстæгтыл абадт, стæй иу уагъд йæхи ракодта Дзанте- мырмæ. Фыстæ фæтарстысты æмæ тыгуырæй хуымты алыгъдысты. Дзантемыр сæ уайтагъд бæргæ раздæхта, фæлæ уæддæр йæхион йæхи фæци, ассæстой ног æфсирæф- тыд хуымы фысты дзуг. Куыдз дæр ныр фембæлд йæ хицауыл, йæ къæдзил тилы æмæ йæ алывæрсты рауай-бауай кæны, цыма йын лæгъс- тæ кæны, зæгъгæ, ма мæ бафхæр. Фæлæ Дзантемыр йæ лæ- дзæгæй хорз федта Милайы, уый дæр, хъыс-хъысгæнгæ, фæстæмæ рафардæг. Дзантемыр та хуымтыл дыккаг хатт йæ цæст ахаста æмæ йæ мæгуыры боп базыдта. Хуым уы- ди Собæйы æмæ йæ афтæ кæй нæ кыууадздзæн, уый хорз зыдта, æмæ рагацау йæ буар, тæфсæгæй рынчынау, ризып байдыдта. Раст æм нал фæкаст, Милайы кæй ныццавта, уый. йæ ц’ард æм Милайы цардæй ницæмæй хуыздæр фæ- каст, йæ куыдзы цард бирæ цæмæйдæрты нымадга хуы> дæрыл. Цалынмæ ахæм хъуыдыты уыд, изæры надæй асламдæ- рæй куыд фервæза, уый агуырдта, уæдмæ хуры зæрин тын- тæ дæр схæццæ сты арвы астæумæ æмæ сæ хъарм тынтæй тавтой бæстæ. Фыстæ дæр хуры тæвдæй фервæзыны тых- хæй сæхи радав-бадав кодтой æмæ-иу куы иуæрдæм атым- был сты, куы та-иу сæ сæртæ кæрæдзийы дæллагхъуыр ацавтой æмæ-иу сæ къæхтæ зæххыл æрхостой, иæмæй сæ бындзытæ атахтаиккой. Дзантемыры дæр тынг бачдæвта хуры тæвд, цыма йæ кæрцы къæрид æрбауынгæг, зфтæ йæм фæкаст æмæ райхæлдта, йæ астæуыл цы хъулон бос уыд, уый, æмæ йæ кæрцы къæрид раласта, йæхæдæг йæ фыс- тыл ахъæр кодта* æмæ ривæддонмæ сæхи айстой. Бацин кодта Дзантемыр дæр, ныр чысыл кæй æрулæф- дзæн, уый тыххæй, фæлæ та уайтатъд Собæйы хуымы ссæст йæ цæстытыл ауад. — Тæхуды, уæдма мын ног æрчъитæ куы уаид, уæд мæ над ницæмæ æрдарин, фæлæ кæм ис? — Хъуыды кодта йæ- хицæн, æмæ базарыд йæ фыр тыхстæй: «Æлгъыстæй уæд надæй Цы нæ бавзæрстон, Уæддæр-иу дæ-дадæй Куы ныццæлхъ ластон». — «Мæрдты рухсы бадæт, уый, дам, Къостайы фыст 175
уыд, стæй ма ноджы хорз ахуыр лæг уыд, афтæмæй, дам, фыййау бирæ фæцыд, — хъуыдытæ кодта лæппу. Фæлæ мæ нæ уырны, ахуыр лæг фыййау кæй цыд, уый. Уый, æвæццæ- гæн, чысылæй цыд фыййау, æмæ стæй сахуыр кодта. Чизоны, æмæ уый дæр мæнау мæгуыр лæг уыд. Ех, бæр- гæ афтæ куы уыдаид, уæд, чизоны, æз дæр исты амалæй фервæзин адæмы фосы фæстæ ницæйаг мыздыл цæуынæй. Чиныгæй æппæлынц, æмæ чиныг кæсын уæддæр куы зонин, уæд Къостайы чиныг искуы ссарин æмæ йæ кæсин». Афтæ хъуыдытæгæнгæ ацыд фысты ’рдæм. Фыстæ дон банызтой, стæй уæд ныккалдысты нæзыты бын æмæ уый та æнæбары сихоры къæбæр хæрынвæнд æркодта. Сихорафон лæдзæгæй-бæрæг кодта, æмæ иуырдæм фылдæр аууон куы дардта, уæд уал фæхæцыд йæхиуыл. Стонджы та йын æгæрдæр ма уыд, æмæ та йæ лæдзæг æмраст дыккаг сагъд æркодта нæууыл, стæй уæддæр алыг кодта, йæ кæрдзыны къæбæрæн æнæхæргæ кæй нæй, æмæ бакаст фысты ’рдæм — бæргæ сæ нскæй куы радуцид, уæд хъарм æхсырæй баа- хуыйæн кæнид, фæлæ æнæуый дæр арæх фæдзуры Пусине. мæ фысты æхсыр чысыл вæййы, зæгъгæ, æнæмæнг сæ сæр- вæты дуцы, æмæ масты фæлтау нæ комы къулты дон нын- ныхъуырдта. Тынг фæлмæцыд иунæгæй, фæлæ сæ хъæуы фыййæутти- мæ иумæ хизын дæр нæ уагътой, уæд, дам, ницы хæрынц фос. Æмæ æнкъардæй æрхуыссыд кæрцы уæлæ, йæ мæгуыр фæрстæ хурмæ тавæгау, афтæмæй йыл фæцыд уынæр, æмæ фæрсырдæм фæкаст, — нæзыты æхсæнты æрбазынд Бцен æмæ æрбартхъирæнтæ кодта Дзантемырмæ, зæгъгæ, æз дын фенын кæндзынæн, æвзæр сыдæймард. Дзантемыр ницы сдзырдта, фæлæ кæсгæйæ баззад Бцены ’рдæм. Уæдмæ та Хъымыхъ дæр æрбазынд нæзыты æхсæнæй. Бцен Хъымыхъмæ дзуры, йæ уæлæты фæу, кæннод алидздзæнис, зæгъгæ. Дзантемыр фестад йæ бынатæй: — Рауайут, рауайут, никуыдæм лидзып. Лæппутæ йæм куы баввахс сты, уæд та ныл Бцен ныхъ- хъæр кодта, зæгъгæ, хуым цæмæн бахæруп кодтай æмæ йæм лæдзæг фæхъил кодта. Дзантемыр сæм сабырæй дзуры, нпцы уын кæнын æмæ, дам, мæ ныууадзут. Бцеи æй цыма нæ фехъуыста, дур ын йæ риуыл фæкод- та. Дзантемыр куы базыдта йе ’намопд — æнæхыл дзы нал ис, уæд лæдзæг дард фæхаста æмæ Бцены сæрæн — хафт. Уып фæхъил, фæлæ йыл Хъымыхъ йæхн андæгъта. 176
Дзантемыр уыйæрдæм фæци æмæ йæ скодта йæ быны, йæ цæстытæ ирдæй куыд аззадысты, ахæм хæст ын ныккод- та йæ хурхыл, стæй йын уæд йæ былтыл æрзылд тымбыл къухæй æмæ сæ туг акалд. Уыцы дуджы Бцен тыхæйты сыстад æмæ йыл, зæгъгæ, аныр мæхи ныццæвон, афтæ йæм Дзантемыр фæзылд æмæ йæ Хъымыхъыл æрфæлдæхта. Байдыдта сæ лæдзæгæй нæ- мын, æмæ уæлæмæ стынæн куынæуал уыдысты, уæд алыгъд дард. Лæппутæ, кæддæр куы уыд, уæд, туг калгæ, сыстадыс- ты æмæ йæм бартхъирæн кодтой, зæгъгæ, изæры хъæумæ нæ цæудзынæ. — Æмæ ныр мæнæ куы стут, изæрмæ ма цæмæн лæу- ут? — мæстæймарæгау сæм дзуры Дзантемыр. — Фæлæу- ут, æмæ уын æз иу зарæг акæнон, — йæхæдæг дуры сæрмæ сгæпп кодта æмæ базарыд: Куыд уын ныккодтон лæджы сæрфт, Махæн у Собæ лæбырд цæст. Уæртæ мын дурыл дыдын бындз. Махæн Хæмыц у зылын фындз! Æмæ тынг ныххудт. Стæй фæхъæрдæр кодта йæ зард: Нæзыджыны мын рнвæддон, Стут сымах тæрнгъæдхор. — Ничи кæсы ацы сыдæймардмæ! Хъуыды та сæ кæуыл- ты кæны? — Бцен мæстыйæ бакаст Хъымыхъмæ: — Изæ- ры фос куы ’рыскъæра, уæд ын сæ æз йе рагъæй дывæрæй сисдзынæн. — Цæут, цæут, уæ фаг уæ фæци, — æрбайхъуыст ма сæм Дзантемыры дзурын, фæлæ йæм фæстæмæ дæр нал фæкас- тысты. Фыййау та сабыргай æрбацыд ривæддонмæ æмæ ахъуыды кодта йæ митыл. Райгонд уыд йæхицæй, кæд дзы йæхиуыл дæр æрхауд, уæддæр сæ хорз кæй фæнадта, уы- мæн, фæлæ, изæры цы уыдзæн, уый сагъæс йæ зæрдæйы бафтыд, æмæ тыхст йæхимидæг. Хур фæкъул ныгуылæнæрдæм. Бæрзонд нæзы бæлæстæ сæ аууæттæ дард аппæрстоп скæсæнæрдæм. Фыстæ рапырх сты нæзыты бынтæй. Дзантемыр дæр та зилын райдыдта сæ алыварс, здахы сæ дарддæр кæрдæгмæ. Хуры цалх стыр хохы сæрмæ куыд аввахс, афтæ Дзантемыры зæрдæ тарæй- тардæр кæны. Хур сихорафонмæ цыма уæлæмæ зынæй тылд, фæлæ ныр бынмæ кæны хауæгау. Уый та куыннæ 12 Бязырты Д. 177
фæндыд хуры аныгуылд, йе знæгты хъæлæсмæ цæуын! Фае- лæ нæ тæригъæд кæны хуры цæст мæгуыр Дзантемырæн. Æмæ дис кæны лæппу — куыд ничи æмæ куыд ницы тæри- гъæд кæны мæгуырæн? Афтæмæй лæппуйæн тæригъæд та куыннæ хъуыд, æгъатыр Собæ æмæ> лæджы фыд хæрыимæ цæттæ чи у, уыцы Хæмыцы къухтæм чи хъуамæ бахаудта- ид? Хуры цæст ма хохыл ауыгъдæй йæ цæст ныззынг код- та Дзантемырмæ, цыма йын афтæ дзырдта, зæгъгæ, цы уын кæнон, ды иу дæ, фæлæ дæ хуызæн мæгуыртæ бирæ ис æнæхъæн дзыллæйы. Чи ме скастмæ бæллы, чи та, фыргуыс- ты куы ныффæллайы, уæд мæ нынныгуылынмæ бæллыг æмæ уайтагъд йæ тынтæ атымбыл кодта æмæ фæдæлбыл- ис. Хуры аныгуылдимæ Дзантемыры ныфс дæр фесæфти. Нал ын уыдис фыднадæй фервæзæн. Цы бакæна мæгуыр фыййау, ныр ын скъæрын афон дæр у, фæлæ куыд скъæра фысты хъæумæ? Алыбон дæр æм хауди над, фæлæ йын цы- ма ацы изæр тыхджын дæр над уыдзæн, афтæ йæм каст. Æндæр гæнæн та йын нæ уыд æмæ йæ фыстыл æнкъард хъæлæсæй ахъæр кодта хъæуырдæм. Гæдыджынмæ куы ’рбахæццæ, уæд ын Собæйы æлгъыст айгæрста йæ сæры- магъз. Къухаууонæй акаст хъæумæ—Собæ сæм лæбуры хъамалвæстæй. Лæпппу фыстыл тарстхуызæй фæхъæр код- та, æмæ уыдон дæр йæ разæй лидзынмæ фесты. Уæд Дзан- темыр фæлæууыд, йæ мидбынаты йæхи æруагъта æмæ сулæфыд. Кæсы Собæйы хъæлæбамæ, æрæмбырд сты хъæу, фæлæ йын иргъæвынæн ницы фæрæзтой. Гуыбе йæм бацыд хæстæг, фæлæ Собæ нæ лæууыд. Уæд ыл Саулæг сбуцтæ кодта, зæгъгæ, хæдзары сæ куы ничи ис, уæд кæмæ тоныс дæ гæрзтæ? Фæлæ æгъатыр лæг кæм æмбæрста уыйбæрц æмæ Саулæджы рариуыгъта. Уый тынг хъыг фæкаст сы- хæгтæм, æмæ йыл сбуцтæ кодтой фæйнæрдыгæй, зæгъгæ, рæстаг лæджы та цы схойыс. Собæ ма ноджы фидисгæнæг скодта йæхи, йæ рæдыд бараст кæныны бæсты, зæгъгæ, уыйбæрц хорз лæгæй дæ фырты ныр дыууæ азы кæйдæр хъæуы хус гуыбынæй æх- хуырсты куыд уадзыс? — Гъей, уый дын ам куы уаид, уæд афтæ нæ хъæртæ кæнис. — Дæ къæбыла дæ цæсты кадджын у, уый йеттæмæ йæ æз куыдзы хъуыды дæр нæ кæнын, — фæтъæлланг кодта Собæ, лæбуры та. Уæдмæ Бибо дæр æрцыд куыстæй, фæлæ хъуыддагæн кæй ницы æмбары, уый тыххæй æнæдзургæйæ æдзынæг хъу- 178
сы хъæлæбамæ. Саулæг та йæм фæцырд æмæ йын лæгъс- тæмæ фæци, цæмæй мацы сдзырдтаид. Собæ Бибойы куы ауыдта, уæд æм хъамалвæстæй йæхи баппæрста, зæгъгæ, дæ тæригъæддаг сæр дын акъуырон, дæ къæбылайæн макæн цæмæннæ зæгъыс, мæ хуым мын фесæфта æмæ ма мын мæ сывæллоны та цæуыл мардта? Гуыбе нæ бауагъта Бибойы цæвын Собæйæн, фæлæ уæд Бибо дæр фæрæт фелвæста æмæ Гуыбемæ дзуры, рауадз æй, зæгъгæ, æмæ йæм йæхæдæг йæхи рауагъта. Адæм Собæны фæуагътой, фæлæ Бибойыл сæхи баппæр- стой усæй-лæгæй æмæ йæ ныссабыр кодтой. Собæ дæр хъуыр-хъуыргæнгæ афардæг сæхимæ. Дзантемыр æхсæвы хæдзармæ нал æрцыд. Æнæхъæн хъæуы фæсивæд, фæдисы цæуæгау, агуырдтой мæгуыр фыййауы, фæлæ йæ не ссардтоп. Æнæхъæн æхсæв хъæуæй фынæй ничи бакодта, æгæрыстæмæй, зæронд Тугъан дæр йæ лæдзæджы æнцой сбон кодта, æмæ-иу, уæззау ныуунæргъ- гæйæ, арæх райхъуыст йæ ныхас: «О хуыцау сын ма ныб- бара мæгуыр лæппуйы тæригъæд». Дзантемыр хылы хъуыддаг фидарæй куы бамбæрста, уæд фæстæмæ Нæзыджынмæ баздæхт æмæ агуры йæхицæн фысымиуат кæнынæн аккаг бынат. Æрæджиау фембæлд æртæ ныллæггомау нæзы талайыл, цыма сæ къалиутæй ха- лагъуд сарæзтой Дзантемырæн, уыйау сæ кæрæдзийæн хъæбысгæнæгау бакодтой. Дзантемыр бабырыд сæ бынмæ, хæрдмæ скæстытæ код- та æмæ йæхицæн ныфсытæ æвæрдта, зæгъгæ, мын ам иу æхсæв ницы уыдзæн. Хорз зыдта, бинонты зæрдæ йæм кæй æхсайдзæн, уый, фæлæ йæ сæрæн хуыздæр хос нæ ардта. Ацыд мæгуыр фый- йау хъуыдыты, æрлæууыдысты йæ зæрдыл, цыппар азы дæргъы æххуырсты цæугæйæ цахæм тухитæ бавзæрста, уы- дон. Скаст мæй дæр йæ фæлурс цæстытæй æмæ Дзантемыр- мæ дæр нæзыты æхсæнты нымдзаст. Уый дæр нæзыйы къалиутыл ахæцыд фæйнæрдæм æмæ йæм бæстон кæсы. Иæ зæрдыл æрбалæууыд, пухатт æй Тотырбег куыд сайдта, уый, ома мæйыл ис лæг баст, уый уыди, дуне ныхъуырынмæ чи хъавыд, ахæм, æмæ йæ Уас- тырджи мæймæ ныббаста. Кæсы Дзантемыр дæр æмæ йæм дзы цыдæр лæггонд зыны. Тынг бахæлæг кодта Уастырджимæ, зæгъгæ, æз дæр аф- тæ тыхджын куы уаин, уæд Собæ æмæ Хæмыцы ныммарин æмæ сæ нæ хъæуы мæгуыртæ фервæзнккой, фæлæ кæм ис ахæм тых? •179
Ахæм хъуыдытæгæнгæ æнæхъæн æхсæв хуыссæг нæ фед- та. Уалынмæ бон дæр цъæх кæнын байдыдта æмæ уый дæр йæхиуыл схæцыд, рацыд нæзыты бынæй æмæ æнкъардæй араст хъæуырдæм, цæмæй, фос куы рауадзой, уæд сæ рас- къæра хизынмæ. ФÆНДЗÆМ СÆР Уыдис сæрдыгон райсом. Хъæуыхицау Ростъом йæ хъал бæхыл сцæйтардта хъæуы уынгты. Бибо кæрты рæхсадта йе ’рчъитæ, йæхи рæвдз кодта хос кæрдынмæ. Æниу, кæрд- гæ та цы кæны, исты йæ уыгæрдæнты не ’рлæудзæн уæхск- уæзæй. Æмæ йын, зæгъæм, бирæ хос’ис, уæд сæ цæмæн хæрын кæны, хæдзары цыппæркъахыгæй ис æрмæст иу гæды æмæ куыдз æмæ уыдон хос нæ хæрынц. Афтæ хъуыдытæгæнгæ йе ’рчъи кæй рæхсадта, уый тых- хæй Ростъомы нæ бафиппайдта, цалынмæ кæртмæ ’рбахæц- цæ, уæдмæ. Ростъом ын æнæбары салам авæрдта, иугæр Бибойы сыстгæ æмæ йæ сæрæй кувгæ куы ауыдта, уæд. — Дæ хæрзæхæй, Бибо, паддзахы ныхмæ цæуыс? — æм бадзырдта. — Гъе, дæ рын бахæрон, Ростъом, кæд мæнæн ахæм тых нæй, — дзуры уæззаугомауæй Бибо. — Уæдæ, дæ хъалон цæмæннæ фидыс? — Æмæ йæ цæмæй бафидон? Дæхæдæг мын куы зоныс мæ царды уавæртæ. — Мæн бирæ дзурынмæ не ’вдæлы, фæлæ бафид дæ хъа- лон, науæд дын æвзæрдæр уыдзæн. — Цы дæ фæнды, уый кæн, мæ хæдзары гæды йеттæмæ ницы ис æмæ мын цæмæй фидын кæныс мæ хъалон. Ростъом уыцы ныхæстæм æргæпп кодта бæхæй æмæ хæ- дзары смидæг, зæгъгæ, æз фенон, кæддæра дзы ницы сса- рин, хъалон цæмæй бафидай, ахæм. Азылд хæдзары къуымты, фæлæ дзы, æцæг, ницы ссард- та. Фæсидтис Бибомæ æмæ дзы æркуырдта, йæ фыды хис- тæн цы гал аргæвста, уый царм. Бибо базыдта йæ мæгуыры бон æмæ ма йын лæгъстæ- мæ фæци, фæлæ йæ хъуыды дæр не ’ркодта Ростъом — би- рæгъмæ сæгъы мехъ нæ хъуысы. 180
— Рахæсс дæлæ кæртмæ галдзарм, ам де ’мбыд хæдза- ры уымæл смагæй тыхсын, — æмæ рахызти æддæмæ. Бибо сагъдауæй аззад, куы бамбæрста, йæ лæгъстæтæ уæгъды фесты, уæд. Æрбалæууыд йæ зæрдыл, йæ фырт гомкъахæй кæй цæуы æмæ йын дзы куыннæ радта, уый. Сындæггай рахызт Бибо Ростъомы фæстæ хъуыдытæгæн- гæ. Ростъом та йæм фæстæмæ фæкаст æмæ йыл фæхъæр кодта, зæгъгæ, кæдмæ дæм кæсон, æви мæ ныхасмæ нæ хъусыс? — Дæ ныхасмæ та куыннæ хъусын, фæлæ уæд та фæ- гæдзæ кæн, не ’фсин æрбацæуа, — загъта Бибо. Бибойы ныхасыл сразы Ростъом, æмæ йын ныффæ- дзæхста, царм, цæмæй къанцлармæ ныххæсса, æрмæст ма йын загъта, йæ хъалон ын æнæхъæнæй кæй нæ бамбæрз- дзæн æмæ йæ иннæтыл дæр батагъд кæнын кæй хъæуы. Уæдмæ Чендзе дæр уынгмæ æрбацыд æмæ Ростъомæн йæ сæрæй акуывта. Уый дæр бацин кодта Чендзейы æрбз- цыдыл æмæ йæм дзуры фæстæмæ, зæгъгæ, ауай галдзарм радав, цæмæй дæ хъалон фæрогдæр уа. Чендзе не ’мбæрста хъуыддаг æмæ Бибомæ бакодта фæрсæджы каст, цы, дам, мын хæссын кæны. Бибо йын афтæ, гаадзарм кæй хъæуы рахæссын. Уымæй дæр ма, дам, цы кæнæм, уæддæр — мæгуыр„æмæ мæгуыр. — Мæ цæст дзы мæ сывæллоныл дыууæ æрчън скæнын нæ бауарзта, æмæ мын æй ныр ацы налат фæхæссы. Чендзе дæр сабыргомауæй схызт цармæ æмæ æрхаста царм. Бибойæн цыма йæ фыды мард йæ разы уыд, уый хуызæн фæци, афтæмæй йæ Ростъомы ’рдæм фæхæссы. Рос- тъом куы федта царм, уæд сæм дзуры, зæгъгæ, йæ уæртæ Собæтæм бадæтт æмæ йæ уый бахæсдзæн къанцлармæ. Бибойæн тынг хъыг уыдис Собæйы кой, уымæн æмæ уыйразмæ галдзармæй куырдта бæндæнхор, ныр мыл æй, зæгъгæ, кæд уый сардыдта — тарст, фæлæ æргом ницы сдзырдта. Чендзе æмæ Бибойыл хорз хабар не сæмбæлд райсом- раджы. Се ’нхъæлцау уæгъды фæци; сæхицæн дзы иу род æлхæнинаг уыдысты. Ныр æнæдзургæйæ бандзыг сты кæр- ты, стæй æрæджиау Бибо бакодта; йе ’мкъайæн, ахæсс æй, зæгъгæ. Кæмæ, уый зæгъын æм зын фæкаст фырмæстæй, йæхæдæг йæ сагой райста, æмæ фæраст Хæмыцты ’рдæм. — Уæлæ уыцы æнæрайы ссивинагæй фервæзæм, сом та нæхи гæппæл бакусæм, — мæстæйдзагæй ма радзырдта фæстæмæ. Райста царм Чендзе æмæ йæ фæхæссы, фæлæ катай кæ- 181
ны: ныр ма йæ лæппуйæн уæдта зымæгмæ кæм ссардзæнис дыууæ æрчъихоры? — Исчитæ ма кусдзæн Хæмыцæн? — бафарста Чендзе йæ мойы. — Цæй æдылы фæрстытæ кæныс. Æмæ, уæдæ, а-хъæу кæмæн хъуамæ кусой Собæ æмæ Хæмыц йеттæмæ? — буц- тæгæнæгау ын дзуапп радта Бибо. — Уæд сын нæ тæригъæд баззайæд, кусгæ сын бæргæ кæнæм, фæлæ.нын дæтгæ цы кæнынц? — афтæ ныхасгæн- гæ бахæццæ сты Хæмыцты дуармæ. Хæмыц дæр æнхъæлмæ каст се ’рбацыдмæ æмæ лæууыд кæрты. Куы сæ ауыдта-, уæд хинæйдзаг худт бакодта, æмæ сын афтæ зæгъы, æз ма, дам, уæм уырдæм бауаинаг уыд- тæн, æгæр æрæгмæ куы цыдыстут, уæд.х — Цы саразæм, Хæмыц, лæг куыд зæгъы, афтæ нæ ра- уайы. Уæртæ та нæм хъæуыхицау хъалон исынмæ ссыд. — Нæма сæ бафыстай? — Нæй, нæма. — Æмæ, уæдæ, куыд кæныс? — Ницы, мæ галдзарм мын афардæг кодта. Уæртæ нын æй Собæтæм бахæссын кодта, уым, дам, уал æй æрæвæрут. Хæмыцæн тынр æхсызгон уыд уыцы хабар, фæлæ йæхи равдыста тæфæрфæсгæнæгæй: — Омæ, цы хуызæн сты, нал лæууыдысты, мæнæ истьт- тæ бамбырд кодтаис æмæ сæ бафыстаис. Хæмыцæй нæ^ма ферох, иухатт æй сæ дуарæй куыд ра- сырдта, уый, уæдæй фæстæмæ йæм знаджы цæстæй кæсы, фæлæ йæм æргом та йæхи хорз дары. Бибо тынг æмбæрста хъуыддаг, фæлæ йын æндæргæ- нæн нæ уыд, æмæ йæм тызмæг никуыуал сдзырдта, куы ба- фидыдтой, уæдæйфæстæмæ, афтæмæй йын кусы, хæрæгау, æнæбары аргъыл. — Цæй, уæдæ, цæут, мæ хуртæ, æрмæст фæннæ цыппар мæхъийы уемæ ахæссут. Цымæ иннæтæ куыд æрæгмæ цæ- уынц? — хъæуырдæм йæ цæст даргæйæ дзуры Хæмыц. — Æмæ мæхъитæ ардыгæй хæссæм? — афарста1 йæ Би- бо. — Уæдæ нын кæм уыдзæн? Цалынмæ мæхъитæ кæнæм, уæдмæ цасдæр бакусдзыстæм. — Уæдта сæ галтыл аласæм? — лæгъстæгæнæгау ын ба- кодта Бибо. — Нæ, ацы хæрды галтæ тæригъæд сты. — Рауайут, æмæ уын ацамонон мæхъиты, — йæхæдæг фæраст сæ разæй, уыдон дæр, сæркъулæй араст сты йæ фæстæ. 182
Зыгуымдоны фæстæ уыд мæхъиты рæдзагъд, æмæ сæм сæ дæтты иугай-дыгай. — Афтæ, афтæ, æмæ уын куыд хуыздæр уа, афтæ уын бафиддзынæн, — былдауæн ныхас сын кæны Хæмыц. — Æниу хъæуы мæгуыртæй фылдæр цы ис, фæлæ мæ цæст сымахæн уарзы. — О, мæхъитæ хæссынæн нæ уарзыс уæлæ фæтæнмæ, зæгъгæ, — йæхииымæр дзурæгау кæны Чендзе дæр. Систой фæйнæ цыппар мæхъийы æмæ фæраст сты. — Цæут, иннæтæ дæр уæ æййафдзысты, зæгъгæ, сæм дзуры Хæмыц, уæртæ Хъауырбег æмæ йæ мад дæр цæуынц. — Æмæ Хъауырбег ам ис? — афарста йæ Бибо. — О, ам ис. Дысон сæм бауадтæн, æмæ йæ фыды бæс- ты цæуы. — Цæй, цæуæм, уыдон нæ уæддæр æййафдзысты, кæн- нод дæр сæм уæлæ Симоны ахойы бын æрлæудзыстæм, — дзырдта Бибо Чендзейæн. Цæуынц æмæ æнтъухынц дыууæ дæр мæхъитæ хæрдмæ, сæ хид мизгæ, фæлæ сæ бирæ нæ бахъуыд иунæгæй цæуын, кæйдæр хъæр сæм сæхъуыст: — Ой, Бибо, азмæджы дæ тохъылтæ сыдæй мæлдзысты? Хъæр хъуыстой, фæлæ не ’рлæууыдысты, æххæст уал, зæгъ, хæрдæй схизæм. Ноджы та фæстейæ сæхъуыст Гуыбейы хъæр, фæлæ йæм сæ ничи акаст. Бафæлладысты тынг. Чендзейæн йе уæхсчы царм ас- тыхст æмæ æлгъиты Хæмыцы, фæлæ дзы уымæ цы хæццæ кодта? Хæрдæн куы схызтысты, уæд сылгоймаджы зæрдæ чы- сыл фæрогдæр æмæ æрулæфыдысты. Дон банызтой, æмæ сæ уæдмæ иннæтæ дæр сæййæфтой. Куы схызтысты уæлбылмæ, уæд уыдон дæр сæ мæхъи- тæ ’рæппæрстой æмæ Чендзе Хъауырбегыл ныттыхст æмæ йын афтæ зæгъы: — Махмæ цæуылнæ æрбауадтæ дысоп æви нæ ферох кодтай уыцы чызджы фырцинæй? Би/ю дæр фестад æмæ йын йæ къух зæрдиаг ист ракод- та. — Цæй, исты афæдз æддæ нæ уыдтæн, стæн мыл цинтæ кæнут. — Нæ, мæ хур, Хъауыр, дуг æвзæр дуг у æмæ къахдзæ- фæй-къахдзæфмæ дæр цы уыдзæн, чи зоны? — Уæдæ, æппын дæ цæст ницæуыл ма фæхæцыд? — фæр- еы йæ мидбылхудгæ Чендзе. 183
Хъауырбег дæр йæ мидбылты фæхудт, йæ цæсгом асырх æмæ зæхмæ æркаст: — Цæуылнæ, Чендзе, цæуылдæрты хæцы мæ цæст. — Нæ, нæ, æз чызгæй зæгъын! — О, æмæ чызг та1 лæппу агуры — мæ хуызæн мæгуырыл ничи æввæрсы. Хъауырбегæн æвиппайды Сæлимæт йæ цæстытыл ауад æмæ доны ’фсон фалæмæ базылд. Знон дæр, фос куы æрыскъæрдтой, уæд сæ кæрæдзийыл сæ цæст зыдæй андæгътой. Ссивджытæ сыстадысты. Сылгоймæгтæ уыдысты фæс- тейæ æмæ Чендзейы уыдонмæ кæсгæйæ ныууагътой, сæхæ- дæг ацыдысты. Хур бæндæны бæрц нæма суад, афтæ Хæмыцы кусджы- тæ фæтæны æрдæджы онг рассывтой. Хосы уылæнтæ ты- гуыртæй лæууыдысты уыгæрдæны астæу. Схæццæ йæ кусджытæм Хæмыц дæр, æрхызт бæхæй æмæ кæсы йæ уыгæрдæнтæм. Тынг барухс йæ кусджыты куыстæй йæ зæрдæ, фæлæ уæддæр æргом ницы загъта, æрмæст сыл буцтæгомауæй баппæрста, зæгъгæ, æз афтæ æнхъæлдтон, афонмæ пу-цал- дæр мæхъийы самадтат. Хъауырбег йæ сагойы æнцой æрлæууыд чысыл фалдæр æмæ йæм æрбаппæрста рæхойæгау, дæуæн, дам, уый дæр æгæр у. Хæмыц æм рамæсты æмæ йæм зулмæ бакаст, бауайдзæф ын кодта, ома иууыл дзæгъæл дзурыс: уыцы æввопгхортæн кæй никуы барста, уый тыххæй йæ дзæгъæлдзых хуыдтой. Лæппу йæ фыды бæсты кусы æмæ йын уый дæр загъта, зæгъгæ, дæу чи кодта кусынмæ? — Ныр бон тæвд у, кæрдæджы сыф куы азгъæла, уæд ма сæ цы баззайдзæн? — О, æмæ уæд та немæ рацыдаис æмæ сæ самадтапс, — пæ та йын фæбарста Хъауырбег. Баджери систа хосы мур æмæ йæ йæ къухы батымбыл кодта: — Æркæс-ма, гормон, кæддæра куыд уымæл сты. Æп- пын уын хуыцау нæй, лæджы фыдæбонæн аргъ куы ыикуы кæнут, уæд цахæм адæмæй стут? Бибо дæр æм хæстæг бацыд æмæ йын сабыргомауæй дзуры, æркæс-ма, зæгъгæ, дæ уыгæрдæнмæ, сæрæй йæ бын- мæ куы рассывтам, уæд ма нæм ноджы азым хæссыс. — Ссивгæ хорз æркодтат, фæлæ йæ амайыныл дæр ба- тагъд хъæуы. Кæсут, хур арвы астæумæ схæццæ. — Уæ, Хæмыц, дæ зылын фындз аууондарæнæн хорз у 184
æмæ йæ хуры аууон сæвæр, — сабырæй йæм бадзырдта Гуыбе. Сылгоймæгтæ ныххудтысты æмæ йæ Хæмыц дæр бам- бæрста, цыдæр дзы æвзæр кæй загъта, уый, фæлæ дзургæ ницы скодта. Йæ карздæр знаг уыд Хъауырбег, æмæ йыл уый дæр нæ ауæрста. Ныр та Гуыбейы маст дæр уымæй райсынмæ хъа- выд æмæ йæм дзуры: — Лæппу, дæ сæрæнгуырд дæ цардыл зыны. Хъауырбегæн ахæм фидис хъыг куыннæ уыд, æмæ йын афтæ зæгъы: — Нæ, Хæмыц, мах сæрæндзинад сымах цардыл бæрæг у. Мах æнæсæрæн куы уаиккам, уæд сымах афтæ хъал, аф- тæ тугхортæ нæ уаиккат, уæд аходæнафонма^ æнæхъæн фæтæн не ’рæссывтаиккам. — Æмæ цæмæн кусыс мæнæн, дæхицæн бакус. — Кæм бакусон, кæм? Зæххытæ, фæтæнтæ сымах сты. — Банцай, Хæмыц, дæ дзырды сæр бынтон ницæуыл у, мæкъуылтæ ныртæккæ ацамайдзыстæм, — басабыры тых- хæй йын загъта Бибо. — Уæдæ, дæумæ цæуылнæ дзурын, фæлæ уый пæ мæ- гуырдзинад мæнæй бузныг у, æмæ йын æз цы саразон? 'Адон мæ фæллой сты æмæ куы сæфой, уæд ма зæгъои, сæ~ фынц, зæгъгæ, æмæ мæм уый тыххæй хъуамæ хъыг кæнат? — Цæй, уый дæр афтæ уæд, фæлæ дзы цал мæкъуылы уыдзæн, Бибо? — Бпрæ. Ку-дыууиссæдз, — загъта йæхимидæг æл1ъит- гæ Бибо. Хæмыц хинæйдзаг худт бакодта йæ мидбылты æмæ анымадта фыццаг боны уæттæ дæр. Æдæппæт уал ын уы~ дзысты дæс æмæ æртиссæдзы. — Цæй, æз уал цæуон, фæлæ-иу лæг йæ куыстагыл куы дзуры, уæд-иу æм ма хъыг кæнут. Цы уын загътон кусæг- гаг, уый уын ратдзынæн: Цъоисæй уæхæдæг æрхæссут фæйнæ арынджы, фæлæ фæтагъд кæнут, — йæхæдæг араст хъæуырдæм. — Хуыцау дын ма уæд, Хъауырбег, кæд æй цæуыл рæ- йын кæныс, — мидбылхудгæйæ йæм бадзырдта Баджерп. — Хуыцау нæ, фæлæ ацу æмæ уый хуызæнмæ дзур, æн- дæра йын æз фенын кодтаин, сымах мæт дæр мæ уыди,— йæхи растгæнæгау загъта Хъауырбег. Хæмыц хъуыдытæгæнгæ цыди сæхимæ: æдас нæ уыд Хъауырæй, фæлæ-иу зæрдæ фидар кæнынæн йæхицæн ныф- сытæ авæрдта. Хъавыд Ростъомæн исты авæрынмæ — Хъа- 185
уыры фелхъивын хъуыдис, кæннод сæм æгæр кæй суæндыд, уый сæ тынг тасы æипæрста. Сæхимæ куы ’рцыд, уæд Собæйы æрæййæфта кæрты æмæ йын уыд тынг æхсызгон, уый бахъуыды бон дзырд- арæхстдæр уыд æмæ ныр дæр Ростъомæн уый зæгъдзæн Хъауыры тыххæй. Кæрæдзийæн салам радтой æмæ йæ Собæ фæрстытæ кодта хосгæрсттæй, фæлæ йын Хæмыц ахæм дзуапп радта) æмæ йын æнæзонгæ лæг фæтæригъæд кодтаид, ома амæн хос кæныны амал на!л ис, йæ фос зымæгмæ æнæхоллагæй кæй зайынц, уый тыххæй. Афтæмæй йæ мæкъуылты ньь мæц куы загъта, уæд Собæйы зæрдæ фæцæйскъуыд, фæлæ æргомæй та стыр цингæнæгау бакодта. Собæ афтæ æхсызгонхуызæй йæхи кæй равдыста, уый тыххæй йæм Хæмыцы зæрдæ фæрогдæрис æмæ йæ акодта мидæмæ. Ацы дыууæ æввонгхор сыхаджы сусæгæй сæ кæрæдзимæ быцæу уыдысты, æмæ-иу сæ кæрæдзийы хæдзæрттæм куы бауадысты, уæддæр-иу кæрæдзийæн быцæуы лæггад код- той. Ныр дæр Пусине ницæуыл бацауæрзта æмæ Собæйы раз авæрдтой тасгæ фынг иу дурын арахъимæ. Собæ сæм фыдызгъæл æнхъæл нæ уыд ацы тæвд рæстæ- джы, фæлæ Хæмыц фысы фыды кой куы скодта, уæд ма йын цы бамбарын хъуыд, цыдæр хабар сæм кæй ис. Пуси- не къæбицмæ бауад æмæ дзы рахаста иу фысы къабаз æмæ йæ аджы бафтыдта, нæлгоймæгтæ та сæ кæрæдзийæн рай- дыдтой кувын. Тынг хæлæгау фæкаст Собæмæ, фыдызгъæл кæй разынд фысымтæм, уый, фæлæ йæ æргом нæ равдыста. Чысыл куы анызтой, уæд райдыдтой Хъауыры кой. Дзырд кæрæдзийы дзыхæй исынц, стæй уæд Собæйæ сæппæлыд Хæмыц, кæм æй дзырдарæхстдæр схуыдта, кæм та йæ Ростъомы иууыл хуыздæр æрдхорд рахуыдта, æмæ уый дæр йæхимæ куын- нæ фæкаст цыдæр, æмæ йæ бон цы нæ уыд, уымæй дæр нæ нал дзырдта. Раст, Хъауырыл куы тæрхон кодтой, уæд дуарæй хъæр æрбайхъуыст, акастысты æмæ — Ростъом. Рауадысты йæ размæ, тынг ыл ныццинтæ кодтой. Бакодтой йæ мидæмæ, цыма сæм хуыцау æрхаудта, уыйау ын пæ цæрæнбонæн райдыдтой гаджидаутæ уадзын. Ростъом дæр куыннæ фæхуды мидбылты æмæ æргом, стыр æфсæрмгæнæгау, куыннæ райдайы тыхсын. Уæдмæ фыдызгъæл дæр сфыхт æмæ йæ Пусине æрхас- та фыпгмæ. Фырцытæн ма æфсины фæндыд уæливыхтæ ра- кæнын, фæлæ Ростъом æгæр куы раппæлыд фынгæй, ома» 186
фысы срыды цур æз уæливых нæ хæрын, уæд уый дæр ба~ буц йæхицæй æмæ ницыуал сдзырдта. Нуæзтыл ныхас дæр куыннæ вæййы, æмæ райдыдтой дзурын мæгуыр, æфхæрд адæмыл, хъалон ма сæ чи дары уыдæттыл. Æмæ уæд Ростъом йæхи фесхъæл кодта: — Уыдон та фæнды бафидæнт, фæнды ма: æз куыд загътон, афтæ уыдзæнис — дыккаг хатт дæр ис хъалон нсæн мæ ехсы фæрцы. Дыууæ сидзæр къæбылайау, уыдон дæр Ростъомы сусæ- гæй кæрæдзимæ бакастысты æмæ цæстæнгасæй цыдæртæ аныхас кодтой, ома, ныр Хъауырбеджы кой скæнын хъæ- уы. Цæмæй йын тынгдæр йæ зæрдæ балхæдтаиккой, уый тыххæй йын авæрдтой нуазæн, куыд буц, семæ бадын йæ сæрмæ чи хæссы, ахæм хисдæр. Сыстадысты йæ фæйнæ фарс, афтæмæй йæм сыкъа бадзрдтой. Уый сын цыма се сыстад уьтнгæ дæр нæ фæкодта, сыкъа райста, акуывта æмæ йæ анызта. Тынг фæнуæзтджын сты, фæлæ сæ уæддæр Хъауыры кой скæнын нæ рох кодта*. — Нæ буц хисдæр, ам чидæр змæнтджытæ фæзынд, æмæ ма иннæты дæр зыгъуыммæ кæнынц. Уый тыххæй дæ ку- рæр стæм, цæмæй сæ не ’хсæнæй аиуварс кæнай рæстæ- гыл, — дзырд истой сæ кæрæдзийы дзыхæй. — Уый кæмæй зæгъут? — хæрдмæ схъиуæгау фæкодта Ростъом. — Уæртæ Саулæджы фырт Хъауырæй. — Æмæ уый Тæгæрджыны куы вæййы, æндæра тæккæ изæр дæр мæ бар уæд. — Бпрæ кæд нæ, уæддæр æй иу къуыри куы абадын кæ- нис скъæты, уæд йæ дзыхы дуар æрæнгомдæр кæннд. — Тæккæ изæры йæ æрцахсдзынæн!.. — йе ’взаг йæ дзы- хы нал арæхсы Ростъомæн, стæй размæ фæдзой кодта, æмæ Собæ кæд нæхæдæг хуыздæйраг нал уыд, уæддæр æй фæу- рæдта, фæлæ йын уæгъды фæци. Дзырды бæрц нæма ра- цыд, афтæмæй та хъæуыхицау фынджы сæрты фæцудыдта, асхъиудта æмæ хæдзары астæу ныддæлгоммæ ис, фынг дæр йæ фæстæ ахаста, афтæмæй. Собæйы зæрдæйæ фæн- дыд Ростъомæн феххуыс кæнын, фæлæ уый дæр арахъхъы дурыны сæстытыл фæкалд æмæ йыл ныддæлгом. Ноджы йæ зæрдæ схæццæ æмæ Ростъомы фæсонтæм нылхъывта йæ дзых. Хæмыц дæр йæхи куы фесхъæл кодта, ома, ай цы у, уæд æд бандон фæстæмæ ахауд æмæ йæ хæмхудтæ ныппырх кодта. Афтæмæй уым ныффынæй сты æмæ, изæры сæ расыг 187
куы æрцыд, уæд, сæхи сæрфтытæгæнгæ, фæйнæрдæм сæхи айстой. ÆХСÆЗÆМ СÆР Кæрчытæ сæ бадæнæй нæма ратахтысты, афтæ мæгуыр сыхæгтæ сæ фæндагыл ныллæууыдысты, семæ фæцæуæг Гуыбейы хисдæр фырт Мырзæбег дæр. Цæуынц ныхасгæн- гæ, сæ мæгуыр цардыл тæрхонгæнгæ, фæлæ цас фæнды ма дзурой, кæнæ ма тыхсой, уæддæр нæ хуыздæр кæны сæ цард. Æнцон хæссæн нæ уыдысты цыппар арынджы Цъои- сæй, иу-дæхицæн, æртæ — Хæмыцæн, фæлæ æвадат адæмæн хуыздæр гæнæн нæ уыд. Дыууæ сылгоймагæн Мырзæбег цæуы сæ разæй æмæ сын хъусы сæ ныхæстæм. Бирæ куы фæныхас кодтой, уæд сæ уый дæр афарста, зæгъгæ, нæ зонут, Хъауыры цæмæн æрцахстой. Устытæ фергъиау сты, уыдон, сæ тугцъиртæ лæппуйы æрцахсыныл кæй архайынц, уымæй дарддæр ницы зыдтой. — Дысон, дам, æй йæ хуыссæн уатæй ракодтой. Хъа- уырбег Ростъоммæ хъамалвæстæй ралæбурдта, хъуамæ йæ амардтаид, фæлæ йæ мад йæ разы æрхаудта йæ зонгуы- тыл æмæ лæппуйы басаста уый. — О, сæхи амарой уый тæригъæдæй, кæд цы ракодта. Пуй мын ма зæгъ, кæд æй Хæмыц не ’рцахсын кодта. Уæ- дæ, æндæр цы ракодта, цæмæн æй æрцахстой, — дзырдтой Марине æмæ Чендзе, афтæмæп дарддæр кодтой сæ фæндаг. — Æмæ ныр йæ фос та куыд уыдзысты уæртæ Тæгæр- джыны? — Дысон, Хъауырбеджы куы ’рцахстой, уæд сæм Сау- лæг йæхæдæг ацыд. — О, хуыцау сын ма ныббара ацы митæ, лæджы фыд хæрыныл нæ бацуарддзысты ацы цъаммæрттæ, — æнкъард æмæ мæстыйæ дзырдта Марипе. Æмæ нын нæ туг цъулбертау куы цъирынц, нæ туг- вæллойæ бæрзæйтæ куы сæвæрдтой, уæд ма дæ æндæр цы фæнды? — йæ ныхас æм баппæрста Чендзе дæр. — Уæдæ Пусине цæмæннæ рацыд уемæ, уый сымахæй хуыздæр у? Уæдæ ма æххормагæй фæтæрсид, фæлæ йын фаг фæллой ис, — лæгау дзуры Мырзæбег. Æниу, цалдæр азы æххуырсты цæуы уæртæ Фаллаг хъæуы Зурайæн. 188
— Ды та кæмæн фæуагътай, Мырзæбег, дæ фос? — афарста йæ Чендзе. — Æз дæр сæ бабайæн ныууагътон. Гыццийы æндæр фæрæз нал уыд, нæ хæдзары иу мигæнæн ницы ис æмæ æз дæр ницыуал загътон. Билуртайы рагъмæ куы схæццæ сты, уæд иу дынджыр тæрс бæласы бын æрбадтысты. Чендземæ иу нартхоры кæр- дзыны æрдæр уыд æмæ йæ систа. Акъæбæр æй кодтой æмæ чысыл аулæфыны фæстæ мæгуыр сыхæгтæ дарддæр цыды- сты сæ фæндагыл. Тынг мæгуырау уыд фæпдаг æмæ хъуыды кодтон се ’ртæ дæр, ацы фыдвæндагыл куыд цæудзысты æд арынгтæ. Фæ- лæ та-иу сæхицæн ныфсытæ авæрдтой, уырдæм уал ных- хæццæ уæм æмæ стæй истытæ кæндзыстæм, зæгъгæ. Хæ- дзармæ уæз нæй, æмæ дзы фæйнæ сæхи кæй уыд, уый сын цыдæр тых æфтыдта сæ ныфсыл. Афтæ хъуыдытæ, ныхæстæгæнгæ схæццæ сты Билурта- йы рагъмæ, Цъоисы ауырдыггæнæнмæ. Уым уал хох бы- дыргонды лæджы зæрдæ рад алыгъуызон дидинджыты тæф- мæ, фæлæ уыцы циндзинад нæ хъарыд Мырзæбегмæ — йæ зæрдæ кодта ноджы тарæй-тардæр. Уæддæр фæллад сыл- гоймæгтæн ныфсытæ æвæрдта, ма тæрсут, ацы хæрды фæс- тæ уын уырдыг æнæмæнг уыдзæе, зæгъгæ. Стыр хохы бынмæ схæццæ сты æмæ ракæс-бакæс кæ- нынц фæллад сыхæгтæ, æрдзы уындæй сæ уæнгты рис асу- рыны тыххæй. Мырзæбег ма сын Собæйы сæрдыгон фосдарæн дæр ба- цамыдта Рубисы. Лæппу амы æрдзы хъуыддаг тынг зыдта æмæ сыл тагъд кодта, арвыл мигътæ куы фæзындысты, уæд. — Мæ хуртæ, цæуæм, æндæра ам къæвдайы мигъ бадаг у, æмæ арынг нæ, фæлæ нæ нæхи сæртæ дæр нал фæуы- дзысты. Атагъд кодтой мæгуыр сыхæгтæ. Æцæг сын ныр уырды- джы æнцондæр цæуæн уыд, фæлæ уæддæр изæрмилты ных- хæццæ сты. Фыдвæндагыл тынг ныффæлладысты, æмæ кæд сæ бæл- лиц уыд нырма Цъоисмæ ныххæццæ, уæддæр ыл нал бацин кодтой, ногарæзт арынгты рæдзагъд куы федтой, уæддæр. Мырзæбег арынгты фарсмæ пыддæргъ æмæ раст цыма тынг фæлмæн сынтæджы хуыссы, уыйау адджын фынæй бацп. Дыууæ сылгоймагыл та сæ фæстæмæ фæнда/гыл са- гъæсæй хуыссæг дæр нæ хæцы. Æрдæгæхсæв уыд, афтæ сæм фаллар хатæнæй йæ цæс- 189
тытæ æууæрдгæ, йæ хъуынджын сæры тилгæ, æрбацыд Хæ- мыцы фырт Хъымыхъ. — Бадгæ ма кæнут? — Æмæ, уæдæ, цы ми кæнæм. Ды та цæмæннæ фынæй кæныс? — Сæгътæ мæ сыхъал кодтой, гыбар-гыбур-кодтой. Чендзе йæ афарста, зæгъгæ, уын цал сæгъы ис ам? — Иу-дыууæ фондзыссæдзы. Сылгоймæгтæ дзургæ ницы скодтой, фæлæ кæрæдзи- мæ бакастысты, ома, ам дæр цас мулк ис уыцы мæрдтыби- рæгъæн. Чендзе та йæ афарста, ома, чи уын сæ хизы. Дызæрдыггаг нæ уыд, ам дæр сын æххуырстытæ кæй пс. Хъымыхъ дæр ын афтæ загъта: карзмайнаг лæппу сæм ныр дыууæ азы кусы æххуырстæй, æхсæв фæхуыссы сæгъ- ты фарсмæ. Сылгойматæн йæ лæппу йæ цæстытыл ауад, уый дæр ныр цал азы у æххуырст Хæмыцы фыстæн. Уыцы дуджы Марине та æндæр цæуылдæр хъуыды код- та. Уымæн зæнæг нæ уыд æмæ йын, зæгъæм, уыд, уæд ын кæйфæнды æххуырст дæр уыдаид. Тæхуды кодта, сывæллон кæмæн уыд, уыдонмæ. Кæмдæр ма йын иу дæсны баззад æнæбафæрсгæ æмæ ныр та йæ хъавд уымæ у. Ахæм æнамонд фыдцардыл хъуыдыгæнгæйæ дыууæ сыл- гоймагыл æрбабон ис. Бон йæ тыхы уыд, фæлæ хуры цæст нæма зынди, арв цахæмдæр сау мигътæй сæхгæдта. Уæд- дæр хуыздæр бон æнхъæл рацыдысты мæгуыр сыхæгтæ сæ арынгтимæ, фæлæ фæндаг фыддæрæй-фыддæр кæны, бон ныттар, мигъ ныббадти, ахæм дымгæ сыстад, æмæ дын- джыр тæрсбæлæсты бындзарæй нынкъусы. Мырзæбег цæуы сæ разæй, афæлвары хатт худæг ны- хæстæ скæныныл, фæлæ йæ дзурæнтæ йæ бар нал сты: мæл- лæг чъылдым уæззау арынгтæй фæрысти, æмæ ма цæуы тыхулæфтгæнгæ. Дыууæ усы дæр, сæ хид сæрфгæ, хæрзхæстæг цæуынц Мырзæбегмæ. Хаттæй-хатт сæ фыртыхстæй афæрсынц сæ кæрæдзи, зæгъгæ, бирæ ма нæ хъæуы рагъмæ? Афтæ цыбыр кодтой сæ фæндаг бар-æнæбары, фæлæ уæдмæ арв сæхгæдта мигътæй; хæрзæввахсмæ йеттæмæ адæймаг нал æвзæрста фæндаг. Саувадыг ныббадти кæмт- ты, дардæй хъуысы арвы къæр-къæр, арвы рæхыс йæхи ных^ойы бæрзонд айнæг къæдзæхтыл. Уарын райдыдта лыстæг æртæхтæй; мигътæ тынгæй-тынгдæр æмбырд код- той кæмттæм. Бæлццæттæ, уыцы ныв уынгæйæ, тыхсын байдыдтон, фæлæ та-иу сын Мырзæбег ныфсæвæрæгау 190
акодта, зæгъгæ, ма тæрсут, мах та нæ цыппæртыл бырдзыс- тæм. Мигъ афтæ нытталынг кодта бæстæ æмæ сæм бæлæсты сыфтæртæ дæр нал зындысты. Уарын тынгæй-тынгдæр код- та; æввахс кæмдæр хохы сæрмæ фæзындысты сырх судзгæ бæндæнтæ, сæхи ныццавтой хохыл, стæй цæхæртæкалгæ аныгъуылдысты кæмдæр хохы риуы. Ныкъæр-къæр та код- та арв, цыма зæхмæ лæбурдта. — Сæфт, æндæр ницыуал, — кæуынхъæлæсæй сдзырдта Марине. Размæ ма тындзынц, фæлæ сæ развæд нал æвзарынц, афтæмæй та къæвда кæны тынгæй-тынгдæр. Нал зонынц мæгуыр сыхæгтæ, цы бакæной. Мырзæбег, дардмæ дзурæгау, йæ хъæлæсы дзаг ныхъ- хъæр кодта сылгоймæгтæм, кæй сæ нал уыдта, уый тыххæй, æз уал, дам, рагъмæ ссæуон, æмæ кæд дзæбæхæй сирвæзон, уæд фæстæмæ раздæхдзынæн, зæгъгæ, æнæргъомæй. Уæдмæ Марине йæ мпдбынаты æрхаудта, æмæ йæ зон- гæ дæр нæ бакодтаиккой, йæ арынгтæ куынæ суынæр код- таиккой, уæд. Чендзе йæм фездæхт, æмæ йæ цъыфы хаудæй куы федта, уæд ныцъцъæхахст кодта Мырзæбегмæ, цæмæй фæстæмæ раздæхтаид æмæ сæ иунæгæй ма ныууагътапд. Чендзейы тыхст хъæрмæ уый дæр хорзау нал фæци æмæ сæм фездæхт. Кæддæр куы уыд, уæд Марине йæ зæрдæ, йе ’муд æрцыди æмæ дыууæ сылгоймаджы сæ сæртæ сæ кæ- рæдзийыл бакъул кодтой бæласы бын. Марине куы ’рсабыр, уæд Мырзæбег йæ фæнд дарддæр кодта, æрмæст сын ныффæдзæхста, цæмæй макуыдæм акъахдзæф кæной. Араст Мырзæбег иунæгæй, фæлæ фæндаг рæстмæ нал æвзары, афтæмæй куыддæрты схызт хъæдæй. Ам дæр ыл хуыздæр бон нæ уыд, ныццавта уазал дымгæ, хуылыдз пы- султæ буарыл æндæдзын райдыдтой. Цæуы дарддæр. Мигъ æнгомæй-æнгомдæр кæны æмæ ницы уыны, æрмæст йæ къæхтæй æнкъары, цахæмдæр фæлмæнгонд хъуынайыл кæй цæуы, уый. Фæхатыдта, кæй фæрæдыд фæндаг, уый дæр. Нал зоны, кæцырдæм ма цæуа, фæстæмæ фæндаг дæр рæстмæ нал æнкъары. Не ’рхаста тасдзинад уæддæр йæ сæрмæ, цæуы, зæгъгæ, кæд мæлон, уæддæр мæ хорз цард куынæ мысдзынæн. Уалынмæ их райдыдта уарын, æмæ æцæг зындон фестад Мырзæбеджы фæндаг. Ставд ихтæ сæрыл куы сæмбæлынц, уæд йæ цæстытæ цæхæр акалынц, фæлæ уæддæр тындзы размæ; кæдæм, уый хæйрæг зоны. Ахæм тыхст уавæры куы бахаудта, уæд ма йæм фæсмон æркаст, йе ’мбæлтты фæс- 191
тейæ кæй ныууагъта, уый. Æндæр гæнæн ын куынал уыд, уæд аздæхт фæстæмæ, фæлæ йæ мæллæг уæнгтæ ихнадæй рызтысты, къæхтæ баргъæвстысты, фæлæ уæддæр тындзы хъæды ’рдæм, цæмæй устыты ссара. Уыцы дуджы дыууæ сылгоймагыл дæр хорзы бон нæ уыди, их сыл куы уарыд, уæд бæласы бынæй фестадысты, цыма сæ исчи сургæ ракодта. Цæуынц, хæрдмæ тындзынц. Рахсайдта сæ зæрдæ лæппумæ ахæм фыд уарды, фæлæ сæ- хæдæг дæр нал зыдтой, кæдæм цæуынц, уый. Цалынмæ хъæдæй схызтысты, уæдмæ цыдысты фæндагыл, фæлæ уый фæстæ фæрæдыдысты фæндаг æмæ бахаудтой цахæмдæр айнæджы былмæ. Уæдмæ арв дæр раирдгонд ис, мигътæ сæхиуыл схæцыдысты æмæ федтой, кæй сты цахæмдæр æнахуыр айнæджы былыл. Æртæрдыгæй сæм кæсынц тæс- саг къæдзæхтæ. Цы бакæной фæллад сыхæгтæ, уый нæ зо- нынц. Знон, ацырдæм цæугæйæ, ахæм тæссаг бынæттæ дгр- дæй дæр никуы суыдтой. Хорз бæргæ уыд, мигъ йæхи кæй иуварс кодта, фæлæ ныр та тар æхсæв йæ уæззау пæлæз æвæрдта айнæг кæдзæхтыл æмæ сын нал ис дарддæр къах атилæн. Сæ зæр- дæ та æхсайдта æвæлтæрд Мырзæбегмæ. Уыдон æнхъæлд- той, зæгъгæ, кæмдæр айнæгæй асхъиудта æмæ ныппырх. Ахæм зæрдæхсайæнты æрвыстой куыддæртæй мæгуыр сыхæгтæ се ’хсæв. Æмæ кæд цас фæнды нæ мæт кодтой, кæнæ цас фæнды нæ хъæр кодтой сæ кæрæдзимæ, уæддæр сын дзуапп дæттæг нæ уыд къæдзæхтæй дарддæр. Райсомæй та рагацау сæ фæндаг цыбыр кодтой фæллад æмæ ихнадæй хъæуы ’рдæм, гæ мæгуыр бинонтæм, цæмæй фембæлдаиккой сæ кæрæдзийыл. ÆВДÆМ СÆР Сæууон уддзæф скæсæыы ’рдыгæй улæфыд. Комыхъæуы алыварс æнусон бæрзонд, æгомыг хæхтæ абон цыма æн- къарддæрæй кæсынц хъæуы иæрджытæм, афтæ ныггуып- пæг æмæ ныттар сты. Хъæу афтæ ныссабыр æмæ уынгтæй æнахъом сывæллæтты хъæлæба дæр нал хъуыст. Æрмæст, цæмæй хъæу бынтон æдзæрæг хуыз ма равдиса, уый тых хæй-иу Мила рауад хъæугæроимæ, йæ бæзджып хъæлæсæ" иу ныррæйдта æмæ та-иу смудгæ æрбауад Бнботы кæр- мæ. Хатт-иу æрбайхъуыст хъæуы астæуæй Саулæгты ку дзы цъæхснаг рæйд. Хъæумæ бакæсгæпæ æнцон бамбар:* 192
уыди, мæгуыр сыхæгтæ цавæрдæр тæссаг хъуыддагмæ кæй «æнхъæлмæ кæсынц. Иу сыбыртт дæр сæ никæй дзыхæй хауд. Фæлæ та абон Бибо уæлдай æнкъарддæрæй равдыс- та йæхи. Дысон хæрзталынгæй йе ’мкъай Чендзейы ахæм хуызæнæй къæсæрыл æрбалæугæ куы федта, уæд та йе ’фхæрд зæрдæ фæйнæрдæм фæцæйтыдта. Æгæрыстæмæй, Чендзейы фæрсгæ дæр нал акодта йæ балцы хабарæй. Æниу ын алцыдæр æмбæрстгонд уыд. Æмæ йæ кæд фæн- дыд Чендзейы истæмæйты афарстаид, уæддæр йæ маст йæ хъуыры афтæ ныффидар æмæ йæ бон Чендземæ сдзурын, уый истæмæй афæрсын нал бацис, афтæмæй æд дзаумæт- тæ ныххауд йæ лыстæны, фæлæ мæгуырæй хуыссæг дæр дардмæ лидзы. Сæумæрайсомæй куы рабадт йæ хуыссæнуатæй, уæд йæ зæрдыл æрбалæууыд дысон хæрз изæрæй хъæуыхицау Рос- тъом уынгты, æртхъирæнтæгæнгæ, уæлбæхæй куыд ратæр- батæр кодта æмæ куыд дзырдта, зæгъгæ, райсом йæ хæдза- рæй нскуыдæм цæуыны фæнд куыд ничи скæна, æлдар æр- бацæудзæн æмæ, йæ хъалондартæй хъалон чи нæма ба- фыста, уыдонимæ йæхæдæг ныхас кæндзæн. Арф ныуулæфыд æмæ уынгмæ рахызт, хæхтыл ма ур- сæй зындысты бæрзонд къæдзæхтыл рауаргæ ихты цæндтæ. Сæууон хуры тынтæ сыл сныдзæвдысты, фæлæ сыл нæма тых кодтой. Бибо йæ цæст ахаста ихæй æмбæрзт хæхтыл æмæ йæхинымæр сдзырдта: — Гæныстон фæуай, кæд зноны бонмæ нæ кастæ æви ды дæр мæгуыры батыхсын кæнынмæ дæхи цæттæ дардтай? Уæдмæ йæ размæ хъæугæронæй, йæ къæдзил тилгæ, ’рбауад Мила. Иæхи нымæры бахъыс-хъыс кодта æмæ йæ былтæ астæрдта йæ тæнæг сырх æвзагæй. Бибо дæр ын йæ сæр йæ армы тъæпæнæй алæгъз кодта æмæ та ахъуыды кодта: «Дæуæн та цы у, Мила? Ды, мыййаг, мæнау абон хъалонисджытæм куынæ æнхъæлмæ кæсыс, дæ цармæн ра- ласынæй тас куынæ у мæнау. Мæныл та, Мила, абон куыд баизæр уыдзæн, уымæн æрмæст хуыцау у йæ зонæг». Чизоны, цас фæсагъæстæ æмæ арф, уæззау хъуыдытæ фæкодтаид йæхинымæр Миламæ кæсгæйæ, фæлæ йын дынджыр фæхс дуары зæрдæхалæн хъыррыст йæ хъуыды- тæ æвиппайды дард фæсырдта. Фæкаст хæдзары дуармæ æмæ ауыдта Чендзены æд къæрта къæсæрæй рахизгæ. Би- <бо йæ мидбынаты базмæлыд æмæ цыма Чендзейæ æфсæр- ^мы кæны, уыйау æм бакаст. Цыдæр сдзурынмæ хъавыд, фæ- лæ йæм Чендзе фæраздæр, нымæг хъæлæсæй йæ афарста: ••IV —Æппын абон цыма нпцы кусын дæ зæрды ис, уый лæуд куы кæныс? Науæд уæлæ хъæдмæ уæддæр суадаис 13. Бязырты Д. 193
æмæ суджы къæцæл уæддæр бацæттæ кæн зымæгмæ. Аг иннæ хорздзинæдтæ фæрныджы хай сты, фæлæ. Бибо Чендзейы æнкъард ныхасмæ арф ныуулæфыд æмæ ныллæг хъæлæсæй дзуры: — Бæргæ мæхи зæрды дæр уыди ахæм хъуыды, фæлæ та уыцы бонкалинаг дысон хæрзталынгæй ам уынгты уæл- бæхæй хæдзари-хæдзар, æрра куыдзау, зылд, æмæ æртхъи- рæнгæнгæ дзырдта райсом йæ хæдзарæй куыд ’ничи никæ- дæм ацæуа — æлдар йæ хъалонисджытимæ æрбацæудзæн æмæ йæхæдæг дзурдзæни йæ хъалондартимæ... — Уый кæмæй зæгъыс, кæ? — йæ ныхас ын фæурæдта Чендзе. — Дæлæ нæ тæнджын Ростъомæй, æндæр кæмæй? — Æмæ та нын цымæ цы хæрзиуджытæ æрбахæсдзæн Ростъомы æлдар? Ростъом нын нæ царм йæхæдæг дæр хорз куы стигъы, уæд ма нæм уыцы бирæгътæ цæмæ хауынц? — Ех-х, цæмæн хауынц, уый та мæ къона зоны, фæлæ ца кæнон. Чендзе дæр Бибойы уæззау хъуыды куы бамбæрста, уæд уæлдай ницыуал загъта æмæ сабыр цыдæй араст суа- донырдæм. Бибо та ногæй хъуыдыты аныгъуылд, йæ цæстыраз фев- зæрд Мачабел йæ хъалонисджытимæ æмæ æваст фæзылд хæдзарырдæм. Чи у, кæцæй сын сæлдар? Кæй тыхы фæр- цы? Йæ къух хæрдмæ систа æмæ йæ ауыгъта, зæгъгæ, цы кæнинаг уой, уый уæддæр кæндзысты, фæлтау мæхи айсон хъæдырдæм, цæмæй сæ мæ цæст ма фена, бауад тыргъмæ, райста йæ фæрæт æмæ фæраст уынгмæ. Сæфты дуг у, æндæр ницы — райсом, дам, уæ йæ къах куыстмæ мачи авæрæд. Уæд нæ хытъын хъæуыхицау ай- размæ уæртæ Хæмыцтæм дзаджджын минас куы кодта, уæд нæ цæуылнæ хуыдта уырдæм? Æгæрыстæмæй ма йæ омдзæджы дæр куы ныццамæхст. Уæртæ ма кæйдæр лæп- пуйы дæр ахæстоны фæдардта æнæхъæн бон æмæ æхсæв. Æмæ йæ уæддæр рауадзыны фæнд нæ кодта, адæм куынæ уыдаиккой, уæд. Сагъæстæгæнгæ хъæуæй куыд рахызт, афтæ фæкаст Па- иъайы фаллаг фарс Хъемултайы ’рдæм, æмæ ауыдта, цал- дæр барæджы æртæрынц, Комыхъæуырдæм цы фæндаг цæ- уы Хъемултайæ, раст ууылты. Æвæццæгæн, уыдон сты, уæрагдихæй нæм схæццæ уой, — мæстæй ноджы адæнгæл æмæ хæдзары фæстæты ба- зылд хъæдырдæм, арф хæмпæлы дурыл æрбадт æмæ кæсы дарддæр барджыты цыдмæ. Хъал бæхтæ сæ сæртæ бæр- 194
зонд систой, хатт-иу саргъы гоппытæ, хурмæ цæхæртæ ’ппа- рæгау, ферттывтой. Уæдмæ хæдзары иннæ фæрсты æрбахызт Саулæг, йæ фæрæт йæ синты, афтæмæй йæ фæндаг скодта Уæлхъæуы ’рдæм. Бибомæ хæрзхæстæг æрбацыд, фæлæ йæ нæ бафип- пайдта æмæ йæ иувæрсты ахызт. — Гъе, Саулæг, чердæм дæхи афæндараст кодтай? — сдзырдта йæм фæстейæ. Уый дæр æнæнхъæлæджы уынæрмæ йæ мидбынаты дзыхълæуд фæкодта, фæзылд фæстæмæ æмæ Бибойы хæм- пæлтæй сыстгæ куы федта, уæд тыххудт бакодта æмæ сдзырдта: — Хуыцау дын ма уæд—мæ удæй мæ мидæг ницыуал аззад: зæгъын, кæд мыййаг, æндæр исчи у. Дæ хорзæхæй, уым хæмпæлы цы архайыс? — Цы фыддæр сæ хæдзæрттæ. Кæсыс, уæртæ та нæм цалæй стæрынц уæлбæхæй, — дзургæ-дзурын рахызт хæм- пæлæй. — Цы кæнæм, Бибо, æндæр хуыздæр бон ныл нæй æмæ?.. Цæй, чердæм, зæгъгæ, йæ афарста Саулæг. — Уæлæ хъæдмæ. Суджы къæцæлтæ ацæттæ кæнон, стæй фыдбылызæй дæр лæг йæхи куынæ аиуварс кæна. уæд... — Исты ма дарыс, цы, Бибо? — Æмæ дæ уымæй чи фæрсы, мæ хур? Айфыццаг мæм нæ хъæуыхицау æрбацыд æмæ, мæ мæгуыр фыдæн цы гал аргæвстон, уый царм афардæг кодта. Уæртæ йæ нæ бон- джынтæн радта. — Цæй, уæдæ, цæуæм, мæ хур, уæлæ хъæдмæ схизæм, науæд ныртæккæ ам сты, махау, сæ къæхтæн хуыртæ æмæ кæрдгæ дуртæй, мыййаг, куынæ тæрсынц, — загъта Саулæг æмæ къахвæпдагыл кæрæдзпйы фæстæ ахæрд кодтой. — Тæгæрджынæй куыд тагъд фездæхтæ, Саулæг? — Йæ цæрæнбон бирæ, уым мын иу заманайы сывæл- лæтты æмхæрæфырт ис, æмæ куы базыдта, Хъауырбеджы ’рцахстой, уæд исдуг рамæсты, стæй уæд афтæ, уæхимæ, дам, аздæх æмæ, дам, дæ хæдзармæ ’ркæс, уый дæр, æнæ- хъуаджы ’рцахстой, æмæ йæ, зæгъгæ, рауадздзысты. Гъе- мæ, æз дæр рафардæг дæн. Уас йæ цæрæнбонтæ бирæ Сол- танæн. Бибо фембæрста, уыцы æвзонг лæппу Солтан кæй хуый- ны, æмæ йæ уæлдай фарст нал бакодта. Æрмæст, Саулæ- джы ныхасмæ бафтыдта: 195
— Ахæмæн йæ амонд — бирæ, йæ хионы йæхицæй чи хоны. — Бæргæ дзæбæх гуырд у, Бибо, фæлæ иуæй — сидзæ- рæй хъомыл, аннæмæй — мæгуыр, цардæй — æфхæрд, æмæ ахæмæн йæ хорздзинад ничи хъуыды кæны. Æндæр, хуыз- дæр лæппуйæн гæнæн нæй. Афтæ, ныхæстæгæнгæ, схæццæ сты хъæдгæронмæ. Æцæг кæд ныхæстæ кодтой, уæддæр сæ зæрдæтæ баззадысты хъæуы. Сæ мæгуыр хæдзæрттæм сæ зæрдæ ’хсайдта. Сырд- ты бал кæй æрбабырсдзæн æмæ æгъатыр митæ кæй кæн- дзæн, уый тыххæй сæ алчидæр уæззау тасы бахауд. — Цæй, Саулæг, ам чысыл фæгæдзæ кæнæм, аррæби, уæдта нын нæ хæдзæрттыл арт æндзарынц, уæд мах та нæ- хи куы бафснайæм, уæд уый цас хорз у? — бахатыд æм Бибо. Саулæгмæ дæр йæ рацыды хабар раст нæ фæкаст, æмæ ныллæг хъæлæсæй сдзырдта: — Гъе, æцæг, уæдта куынæ рацыдаиккам нæ мæгуыр хæ- дзæрттæй? Стæй лæппу нæхимæ ис æмæ та йæ йе ’взонг зæрдæ куы схæсса, исты ныхасæппарæнтæ сæм куы бакæ- на, уæд æй сау Сыбыры хай бакæндзысты æмæ мæ дзæ- гъæл сæр æнæныгæд баззайдзæн. — Æмæ нæ ацыд Хъауырбег Тæгæрджынмæ? — Нæй, нæ, мæ хур, Бибо, абон, дам, исты акусон, Сол- тан, дам, фосыл ницы зиан æруадздзæн, æмæ йæм æз дæр уæлдай ницыуал сдзырдтон. Иу-цалдæр минуты сæ дыууæ дæр æнæдзургæйæ бад- тысты цъæх зæлдаджы хуызæн кæрдæгыл. Æппынæрæджи- ау та Бибо афтæ зæгъы: — Лæппупæ дæр æмæ зæрондæй дæр уынгæджы не ’на- монд сæртæ куыннæ сты, Саулæг, куыннæ. Мæнæ дæ дæ галæн куыд фæнда: фæнды дæ — сифтындз æй æфсондзы, кæннæуæд æй суадз æфсондзæй — раст махыл дæр, Сау- лæг, ахæм бон ис. Æмæ Хъауырбеджы хуызæн сæрæн- гуырдтæ нæ быхсынц, дарддæр се ’фсондзы бын ифтыгъд уой, уый. — О, æмæ сæм, Бибо, нæй дзурæн, нæй. Сæ ныхмæ ис- ты куы зæгъай, уæд лæджы къубал атæхын кæндзысты. Æмæ кæдæм хъаст кæныс, тæрхондæтты дæр туджьГ ла- лымтæ хицауиуæг кæнынц. Афтæ мæгуыр сыхæгтæ, цыма абон фыццаг хатт фем- бæлдысты, уыйау сæ кæрæдзийæн дзырдтой сæ царды рыст- дзинæдтæ. Æцæг, сæ кæрæдзийæн феххуыс кæнын сæ бон ницы уыди, фæлæ, уæддæр, цæмæй сæ масты дзæкъул ис- ты хуызы фæрогдæр уа, ууыл архайдтой. 196
Æваст сæ хъустыл ауад хъæуы куыйты æмхуызон тæс- саг рæйд, æмæ сæ дыууæ дæр акастысты хъæуырдæм. Бар- джытæ схæццæ сты уынгмæ. Æлдар сæрбæрзондæй йæ саулохаджы тæры барджыты разæй. Иæ быны бæх — хæрз- ифтонг, рæсугъдцæппæрджын мæргъгæ бæхы риуыл тæ- мæнтæ калы. Адæм тарстхуызæй кастысты æрбацæуджытæм. Кæсгæ та, æвæдза, нырма уынгмæ ничи рацыд, æрмæст, чи — хæ- дзары къулы зыхъхъырæй, чи фисыны аууонæй кастысты æлдар æмæ йæ хъалонисджытæм. Сæ фыццаг фенд сæвзæ- рын кодта уæззау тас æмæ æфхæрддзинад мæгуыр хъа- лондарты зæрдæты. Саулæг æмæ Бибо дæр афæнд кодтой хъæумæ фæстæмæ ’рыздæхын, фæлæ сын нал раздæхын æнтыст, нал хъæдмæ сугтæ кæнынмæ ацæуын, кæд хъæды тæккæ рæбын бадтыс- ты, уæддæр. Æлдар æрæмбырд кодта æнæхъæн сыхы адæмы, æр- мæст Собæ æмæ Хæмыц нæ зындысты адæмы ’хсæн. Ничи дæр сæ бинонтæй æрбацыд. Æниу, Собæйы ныртæккæ не ’вдæлы адæммæ рацæуын. Цæттæ кодта æлдар æмæ йæ хъалонисджытæн дзаджджын фынг. Аиы бон Собæ æмæ Хæмыцы хæдзæрттæй уæлдай дардмæдæр ахсынц æмбудæнтæ физонæджы æхцон тæф. Æлдар Мачабел йæ цæст ахаста, æмæ афарста Ростъо- мы, нæ хъалондартæй ма исчитæ нæй ам, зæгъгæ. Ростъом æлдары раз йæхи фесхъæл кодта æмæ йын дзуры, Саулæг æмæ сæ Бибо хонæм, уыдон не сты ам, зæгъ- гæ. Цал хатты сын загътон, зæгъын, райсом уæ йæ хæ- дзарæй мачи ацæуæд — нæ буц æлдар нæм фæзындзæн. — Сæ бинонтæй дæр ничи ис ам, зæгъгæ, та афарста æл- дар, æмæ йæ хъуынджын рихитæ аздыхта. — Бибойы æфсин ам ис, дæ бæрзонддзинад. Уæртæ Сау- лæджы фырт Хъауырбег дæр, — ацамыдта йæ къухæй Хъа- уырбегмæ Ростъом. Æлдар нæ сины сæртыл йæ рæсыдхуыз къухтæ авæрд- та æмæ бацыд Чендзейы размæ. Йæ цæстытæй йæ цыма фæрæхойынмæ хъавыди, уыйау дзы йæ цæстæнгас ныссагъ- та. Чендзе дæр йæ сæр уырдыг æруагъта, цæмæй ма уына йæ разы ацы цъаммары, йæ уæнгтæ зыр-зыр кодтой. Æлдар æваст фæхъæр кодта Чендзейыл: — Ныртæккæ æркæн дæ лæджы, æндæра дын хорз нæ рауайдзæн, мæнæ дæ ныртæккæ мæ хъалонисджытæн ным- мур кæнын кæндзынæн! Адæм сæ цæстæнгас скодтой Чендземæ, алчидæр тæри- 197
гъæд кодта йæ мæгуыр сыхагæн, фæлæ кæмæн уыд йæ бон Чендзейæн феххуыс кæнын? Кæмæ байхъусдзæн ацы на- лат, æнæфсис æлдар? — Дæумæ нæ дзурын, сау хæрæг, кæм ис дæ куыдз!? — æмæ йæм ехс фæхъил кодта. Чендзе йæ уæрджытыл æрхауд æлдары раз, йæ кæл- мæрзæн айтыгъта æлдары къæхты бын æмæ тыхст хъæлæ- сæй дзуры: — Уæлæ хъæдмæ суад, нæ буц æлдар, æндæр... — Æмæ уын хъæуыхицау цы загъта, уый цæуылнæ сæх- хæст кодтат, æви та уæ уæ сау чъылдымтæ хæрын райдыд- той? — Лидзгæ, мыййаг, нæ фæкодта... — Æмæ хъалон бафыстат!? — Цæмæй йæ бафида, æппын уын хуыцау нæй, акæс ма уæртæ нæ хæдзармæ, куы фæкæлы, уæд нæ уый бадзæбæх кæнын дæр нæ фæнды. — Банцай! Банцай, мæ разы дзæнгæда мауал цæгъд! Сыст ныртæккæ мæ разæй, мæ къæхтыл дæ сæт ма кал! Чендзе æнæбары сыстад, йæ кæлмæрзæн æлдары къæх- ты бын кæй айтыгъта, уый йæ фыртыхстæй айрох æмæ сæр- гуыбырæй, бæгъæмсарæй араст адæмы ’рдæм. Æлдар та фæхъæр кодта: — Сис мæ разæй дæ сыстæйдзаг кæлмæрзæн, — æмæ йæ йæ къахы бырынкъæй размæ ацавта. — Ныртæккæ уæ хъа- лон куынæ бафидат, уæд дæ дæ цардæй ахицæн кæндзы- нæн. Чендзе йæ кæлмæрзæнмæ сæнт зылд фæкодта, йæ ар- мытъæпæн ма йæ сæрыл авæрдта, фæлæ ма цафон — йæ цæсгом туджы разылд, фæкаст Тугъаны ’рдæм æмæ ныл- лæг хъæлæсæй сдзырдта: — Æй, адæмы фарнæй куыд басыгътæн, ай æнхъæл та кæцæй уыдтæн æмæ нæ уæздан хисдæры раз бæгъæмсарæй æрлæудзынæн? Æлдар йæ дзыхыдзаг, «ха-ха-ха», зæгъгæ, ныххудт æмæ æнæввæрсонæй афтæ зæгъы: — Цу, цу, палат сырд, сырд та цæй æфсæрмы зоны? Зæронд Тугъан йæхи нал фæурæдта, æмæ ризгæ хъæ- лæсæй дзуры æлдармæ: — Æфсæрмæн та ма цы зонæм, нæ буц æлдар, нæхи куынæуал зонæм, уæд, — æмæ йæ урс зачъе адаудта. Æлдар фæкаст зæронд Тугъанмæ, йæ хъамайы сæрмæ февнæлдта æмæ фæдзырдта хъæуыхицаумæ: — Уыцы зæронд кæцæй уасы? — цыма нæ уыны Тугъа- ны. 198
Хъалонисджытæй сæ иу рауад æлдары размæ æмæ амо- ны Тугъанмæ: — Уæртæ уыцы зæронд лæг у. Æлдар йæ сырх цæстытæ мæсты тъæбæртт æркодта æмæ фæхъæр кодта: — Ардæм æй раласут! Тугъан рацыд æлдары размæ æмæ йæ къæдз лæдзæджы ’нцой æрлæууыд æлдары раз. — Мæнæдæн, нæ буц æлдар, ныр^а ласгæ нæ фæ- дæн, — тыхулæфтгæнгæ загъта æлдарæн. Æлдар мæстæй, туджы лалымау, адæнгæл, йе ставд былтæ базмæлын кодта æмæ пе ’нæфсис дзæмбытæй бав- нæлдта уæздан Тугъаны рæсупьд урс зачъетæм æмæ йын сæ райвæзта. — Æз дын ацы куыдзы хъуынтæ бындзарæй ныттондзы- нæн, зæронд бирæгъ, дæ зæронд сау дзыхыл куынæ ныххæ- цай, уæд! — æмæ йæ сæт ставд пуртитæй бакалд Тугъаны рæсугъд зачъетыл. Хъауырбегæн йæ масты дзæкъул рагæй стымбыл æлда- ры æгъатыр митæм, чысыл раздæр Чендзейы кæлмæрзæ- нæй куы хынджылæг кодта, уæддæр рацæйхызт адæмы ’хсæнæй, хæрз чысыл ма-иу æй бахъуыд йæ сау фæринк йæ кæрддзæмæй сласа æмæ йæ хъама раст æлдары сырх нарст бæрзæйыл æрсæрфа, фæлæ йæ йæ мад Бабиан тых урæд кодта. Ныр æлдар Тугъаны уæздан зачъетæ куы рай- вæзта, уæд йæ цæстытæ судзгæ цæхæртæ цыма аппæрстой Хъауырбегæн, афтæ ницыуал ауыдта, йæ маст нал баурæд- та, нал æм фехъуыст йæ мад æмæ иннæ сылгоймæгты фæ- дзæхст æмæ рахызт адæмы размæ. Йæ цъæх нымæт худыл хæрдмæ схæцыд, йæ сины сæртыл ныххæцыд æмæ дзуры æлдармæ: — Куыд æвналыс зæронды зачъетæм? Мах нæ буц хис- дæр æмæ нæ уæзæджы æмбаргæдæры зачъетæй хынджы- лæг кæныны фадат никæмæн ратдзыстæм. Науæд куыд æф- хæрут мæгуыр сылгоймаг Чендзейы? Йæ мæгуыр æмæ тæ- ригъæддаг ын æгъгъæд нæу? Æлдар тарстгъуызæй бакаст Ростъоммæ æмæ йæ афар- ста, уый кæй дзæргъы хъыбыл у, зæгъгæ. Ростъом йæ сæрæй ныллæг акуывта æлдарæн æмæ йын, Саулæджы фырт у, зæгъгæ, загъта. Æлдар та йæ цæстытæ скодта Хъауырбеджы сау фæ- ринкмæ æмæ йæ зæрдæ йæхи къултыл бацавта, фæлæ цы- ма ницы хъуыды кæны, уыйау тыххудт бакодта æмæ та афарста хъæуыхицауы: — Хъалон чи нæ фиды, уыцы Саулæджы хъæвдын у? 199
— О, дæ бæрзонддзинад. — Ничи кæсы æнафоны хъыбылмæ. Йæ фыд, хъалон цæмæй ма бафида, уый тыххæй абырæг фæлыгъд, æмæ ацы куыдзы лæппын та дзæгъæлы рæйын райдыдта, æмæ хæрз хæстæг æрбацыд Хъауырбегмæ. Ехс хæрдмæ систа æмæ йæ зæрдæ бахъыдзы кодта, зæгъгæ, тæхуды ныр æй дæ зæр- дæйы фаг снæм ам хъалондарты раз, йæ тугдæппæлттæ раст афæдзмæ куыд зыной бæрæгæй, фæлæ æваст йæ къух æруагъта. Йæ цæстытæ та андæгъдысты Хъауырбеджы сау хъамайыл. — Цæв, цæв! Фæстиат ма кæн. Дæ тых сылгоймæгтæ æмæ зæрæдтыл ма ’взар. Æлдар Хъауырбеджы ныхæстæм ноджы фырмæстæй арæсыд æмæ сдзырдта: — Гъым, кæцæй фæдæ ахæм хъæбатырæй, нырмæ, уæ- дæ, хъалон цæуылнæ фиды дæ сæмпæрчъи фыд? Æз уæ æр- цахуыр кæидзынæн, æз уын уæ хурмæсыгъд рæгътæй гæр- зытæ райдзæгъдын кæндзынæн, — æмæ дзургæ-дзурын ра- уад Хъауырбеджы цурæй æддæдæр. Фæдзырдта фæсдзæ- уинтæм, ныртæккæ йæ сбæттут, зæгъгæ. Фæсдзæуинтæ дæр, холыхор сынтытау, сæхи ныццавтой’ Хъауырбегыл, фæлæ сыл фæхъæр кодта: — Уæ къухтæ! Кæд исты ракодтон, уæд æнæбастæй дæр цæуын, фæлæ зæрæдты зачъетæй хынджылæг кæнай, не ’лдар, уый бабыхсинаг нал у. Чендзе адæмæй иуварс слæууыд, йæ мæллæг къухтæ йæ* риувæйнæгыл сæвæрдта æмæ тарстхуызæй кæсы Хъауыр- бегмæ, йæ зæнгтæ йæ быны зыр-зыр кæнынц. Тугъан, хъæуы хисдæр æмæ зондджындæр, уайтагъд фембæрста, дарддæр Хъауырбег кæй нал бабыхсдзæн, æмæ йæм рæвдаугæ хъæлæсæй дзуры: — Дæ рынтæ ахæрон, Хъауырбег, басабыр кæн, цæмæй мын фæтарстæ, куыйтæ æмæ нæ хæрджытæ фыццаг хатт, мыййаг, куынæ хонынц? — æмæ йын йæ хъусы сабыргай: — Бæстæ туджы стулын кæндзæн, фæлæ йæм мауал дзур. Ягор гуырдзиаг æвзаг хорз зыдта, Калачы æфсæнвæн- даджы цалдæр азы фæкуыста, æцæг дзы йæ хæдзармæ мур пайда никуы ницы æрбахаста, æрмæст йæ цалдæр азы куи- стмæ базыдта гуырдзиагау дзурын. Æмæ ныр уæззаугай рахызт æлдары размæ æмæ йын ныллæг йæ сæрæй акуывта, стæй йæм уæд йæхи æвзагыл сдзырдта. — Ныххатыр кæн, дæ хорзæхæй, Хъауырæн. Лæппу у, æмæ æндæр не ’мбары. Фæлæ йыл æлдар фæхъæр кодта: 200
— Цæугæ мæ разæй тагъддæр, æндæра дæ зæронд сæр сурæй атæхдзæн! Ягор ма бæргæ цыдæртæ зæгъинаг уыди Мачабелæн, фæлæ цыма йæ хъуыры хоры кæрдзыны хъæбæр фæбадт, уыйау ницыуал сдзурын бафæрæзта æмæ фæзылд адæмы- рдæм. Æлдар йæ цæст ахаста адæмыл æмæ райдыдта дзурын: — Æз ардæм хуымæтæджы не ’рбацыдтæн, фæлæ, уæ хъалонтæ рæстæгыл кæй нæ бафыстат, æрбацыд!тæн уы- мæн. Абон уын æмбарын кæнын, тæккæ изæрмæ йæ хъа- ланæй чи ссæрибар уа, уыдон ницы æфхæрд райсдзысты мæнæй, иннæтæн тæккæ райсом мæнæ мæ хъалонисджытæ сæ фос атæрдзысты суанг сæныччы онг. Фос йæ хæдзары кæмæн нæй, уый та фæкусæд мæ уæрæх быдырты, цалынмæ йæ хъалоны хыгъд бакуса, уæдмæ. Æндæр æз ницыуал зæ- гъын . Æмæ адæм сæ хæдзæрттæм фæцыдысты. Æлдар дæр йæ хъалонисджытнмæ бафардæг сты Собæ- ты хæдзармæ. Саулæг æмæ Бибо дæр раст фæсахсæвæрты æрцыдысты сæ мæгуыр хæдзæрттæм. Æхсæв йæ тар пæлæзæй нымбæрзта Комыхъæуы. Ар- выл иунæг стъалы дæр нæ зынди. Цыма стъалытæ дæр æф- хæрд æмæ тарстзæрдæ адæмæн тæригъæд кодтой æмæ сæ нæ фæндыд Комыхъæуы цæрджытæм кæсын, уыйау сау мигъты фæстæ бамбæхстысты. Хъæуы кæронæй ма хъуысти æрмæст расыг адæмы за- рын. Чи уыдысты ацы зараг адæм, уыдон алы мæгуыр сы- хагæн дæр зындгонд уыдысты, æмæ сыл сусæгæй тардзæгъ- дæн кодтой. Кæд мæгуыр адæмæй алчи дæр ныххяуд йæ хуыссæны, уæддæр сæм хуыссæг æввахс нæ цыди, алчи дæр арф хъуыдытæ кодта йæ райсомы хабарыл. Тугъан изæрæй уайтагъд æрхуыссыд йæ хуыссæны, фæ- лæ йæ цæстытыл уади, абон Саулæджы фырт Хъауырбег æлдармæ йæхи лæбурыны æввонг куыд ракодта: «Мæнæ йæ нæ бафæдзæхстон, уæд исты æбуалгъы хабар æрцыда- ид нæ уæзæгыл. Цæй, сыстон, æндæра райсом фосæн æнæ- атæргæ нæй, æмæ нæ кæсдæртæ уый нæ бабыхсдзысты, уæлдайдæр, Хъауырбег. Бæргæ хорзгуырд у, фæлæ æгæр кæрзмаст у», — уæззаугай рабадт йæ хуыссæны. Зæронд ус Гуымиан ын бабуцтæ кодта: — Кæдæм фыдæбоны стад кæныс? — Кæдæм фыддæр дæ сæр, уый дын. Ды ма мæ æддæ- мæ акæсын куы бауадзай, кæд дын дзидзи нæ дарын. Ай мæнæ нæ уæзæгмæ фыдбылыз кæсы. 20)
— Æмæ боны рухсæй куынæ ’взарыс дæ развæндаг, уæд æрдæгæхсæв кæдæм хауыс, райсом дыл бон нæ кæн- дзæн? — загъта æфсин Гуымиан æмæ æрзылд иннæ фар- сыл. — Хуысс, хуысс. Цæстцух лæгæн бонæй æхсæвæй хъау- джыдæр нæу, — æмæ йæ лæдзæджы æнцæйтты рахызт уынг- мæ æмæ Гигайы дуканийы фæрссагæй йæ цæстыл ауад рухс, стæй уæд дуар фегом æмæ райхъуыст гуырдзиаг за- рыны хъæр. — «Гъе, уыцы налаттæ изæрæй Собæтæм куы лæтъæрд- той, уæд сæ Гигайы дуканимæ цы ’рбамæрддаг кодта. Æниу, æз дæр цæй æдылы ныхас кæнын — куыдз та холы- йы фæстæ кæд нæ цыди? Цæй, ныр куыд амалæй бахæццæ уыдзынæн Саулæгты кæртмæ»? — йæ лæдзæгæй æрысгæрста йæ развæндаг æмæ сабыр арæхстджын къахдзæфтæгæнгæ цыди размæ. Куыддæр Саулæгты кæртмæ бахæстæг, афтæ Саулæгты куыдз ныррæйдта æмæ Тугъан фæхъæлдзæгдæр: — «Ныр нал фæиппæрд уыдзынæн мæ фæндагæй, уый Саулæгты цуаноны рæйын цæуы сæ кæртæй». Куыдз йæ рæйд фæтынгдæр кодта, Тугъан кæртмæ куы бахæццæ, уæд. Уый дæр рæвдаугæ хъæлæсæй сдзырдта куыдзмæ: — Цы кæныс, цы, гормон, хицон дæр нал зоныс?.. Куыдз куы фехъуыста Тугъаны хъæлæс, уæд сыбыртт нал скодта. Тугъан бахоста Саулæгты хæдзары дуар лæдзæгæн æмæ бадзырдта: — Æй, фысымтæ, æнафоны уазæг_ нæ уадзут? — æмæ байхъуыста, ничн ма базмæлыд дуар кæк-ынмæ. Уæдмæ æваст дуар фегом æмæ райхъуыст Хъауырбе- джы хъæлæс. — Мидæмæ, кæцы дæ? — Мидæмæ дæр ацæудзынæн, дæ рынтæ ахæрон, фæлæ Саулæг бынаты ис? Хъауырбег Тугъаны дзурьгнмæ рауад, де ’хсæв хорз ын загъта. — Кæй æхсæв у, уый хорзæх дæ уæд, мæ хур, — баузæ- лыд ыл зæронд лæг. — Дæ хорзæхæй, Тугъан, ацы æиафокы нæм кæнæй фæ- дæ? — Æмæ ма цы зонын, мæ къона, тыхст рæстæджы лæг кæдæм нæ фæцæудзæн? — Мидæмæ нæм рацу, баба дæр хæдзары ис. Уый дæр 202
фынæй нæ кæны, — бахатыд æм Хъауырбег æмæ фæраст Тугъаны разæй. Тугъан дæр дзургæ бацыд йæ фæдыл, зæгъгæ, цæй мæй- дар æхсæв у, цæст мыл бынтон нал ис æмæ ницыуал уы- нын. — Гыцци, дæ хорзæхæй, рухс нын бакæн, мæнæ нæм цы диссаджы уазæг ис! — цингæнæгау сдзырдта йæ мадмæ Хъауыр, йæхæдæг бавнæлдта Тугъаны цонгмæ, цæмæй та- лынджы ма фæтыхстаид æмæ йæ æрбадын кодта æртыкъа- хыг бандоныл. Уалынмæ Бабиан дæр цырагъдарæныл æрæвæрдта цал- дæр цырагъы. Назы цырæгътæ уайтагъд ссыгъдысты æмæ уыцы рухсмæ хæдзары къуымтæй разындысты алыгъуызон бызгъуыртæ. Саулæг Тугъаны куы ауыдта бандоныл бадгæ, уæд хъæлдзæгæй сдзырдта: — Уый Тугъан куы дæ, Тугъан, æгас нæм цу! Иæхæдæг сынтæгыл рабадт. Тугъан, арфæгонд у, зæгъгæ, загъта Саулæгæн æмæ ма, чизоны, исты загътаид, фæлæ Гигайы дуканийæ зарын куы æрбайхъуыст, уæд æваст сæ дыууæ дæр фæлæууыдысты. Тугъан арф ныуулæфыд, стæй ныллæг хъæлæсæй сдзырд- та: — Уæ бон ныккалат, кæд цафон зарут, æхсæв дæр нæ нал ныууыдздзыстут? Омæ, Саулæг, уæдæ мах цы боны райгуырдыстæм? — Эх, Тугъан, мах райгуырдыстæм æнæбары боны, фы- дæбоны боны, — къæхты бынæй ныуулæфгæйæ, загъта Сау- лæг. — Дæ хорзæхæй, исты ног хабæрттæ мын дзур, уыдон сæ бон калынц, фæлæ ды æнафоны уæгъды не ’рбацыда- ис. — Хорз хабарæй мæнмæ цы хъуамæ уа, фæлæ ды абон кæм уыдтæ, мæ цæст дыл куынæ схæцыд, уæд? — Кæмфыддæр сæ сæртæ фæуæнт не ’фхæрджытæн. Абон райсомæй Бибоимæ мæхи айстон хъæдмæ, цæмæй мæхи бааууон кодтаин уыцы сырдтæй. Хъæумæ куы ’рба- тымбыл сты, уæд ма раздæхинаг уыдыстæм, фæлæ хъуыд- даг æнæнхъæлæджы фескъуыд. — Хорз уыди æмæ уæхи бааууон кодтат, тынг агуырд- той уæ дыууæйы дæр. — Уæдæ сæ ныр цæмæннæуал агурынц уыцы стигъ- джытæ, уæртæ, æрра куыйтау, куы ниуынц Гигайы дукани- йы, уæд? — йæ ныхас баппæрста Хъауырбег. Тугъан уæззаугай азылд Хъауырбеджы ’рдæм æмæ йæм дзуры: 203
— Хъауыр, дæ рынтæ бахæрон, æлдар йæ хъалондар- тимæ иу фынгыл никуы ’рбаддзæн, фæлæ уæ масты фæдыл ма цæут, нæ кæсдæртæ. Царды рохтыл уыдон хæцынц, уый зонут? Абон дæр æгæр рафыхтæ æмæ уæ ран зонут. — Омæ, уæдæ, цы бакодтаин? Нал фæлæууыдтæн. — Æмæ дзы нæй гæнæн, уæддæр уымæ ’зонд нал ба- хъардзæнис. — Уæдæ сын ма зæгъæм: цæуыл нæ фыдæбонæй марут? — Ныр мæм хъус, æмæ дын зæгъон, ацы талынджы ме ’рбацыды нысан дæр дæу афæдзæхсыны тыххæй кæй уыду уый. Мæ сæрыл куырой нæ разылд, уый йеттæмæ фыдæбо- нæй цы нæ бавзæрстон, ахæм мын ницыуал баззад. Ды хъуамæ мæгуыр хъæубæсты мæт дæр æркæнай, æндæра йæ æз дæр кæй амарин, уый ныфс дæ уæд. — Нæй, мæнæн афтæмæй мæ бон цæрын нæу. Æз æй зонын, комкоммæ нæ куырм кæнынц; æхсæвæй-бонæй уы- донæн кусæм æмæ нæ ноджы æнæмбаргæйæ сæ фæдыл скъæрынц. — Хъауырбег, ды афтæ æнхъæлыс, æрмæст ныр рай- дыдтой æфхæрын æлдæрттæ адæмы? Нæ, уый рагæй афтæ у, æмæ йæ адæм дæр зонынц, фæлæ дзурынæй ницы ис. Цы сæ фæнда, уый уæддæр бакæндзысты — тæрсгæ никæмæй кæнынц, цард сæхи къухы ис. Уыцы ныхæстæм Саулæг дæр нырма лæмбынæг хъуыс- та, стæй йæ фыртæн, буцтæгæнæгау, райдыдта дзурын, зæгъгæ, ды куыд æнхъæлыс, мах дæр ма сарæхсиккам, ис- ты мæлынæй куынæ тæрсæм, кæнæ нæ цард куынæ мыс- дзыстæм, фæлæ, уый фæстæ цы уыдзæн, ууыл хъуыды кæ- нын хъæуы. Уыцы ныхæстæм Хъауырбег ахъуыды кодта арфдæр, цыма сæ ныры онг не ’мбæрста æмæ та уæззаугомауæй ба- дзырдта: • — Омæ, уæдæ, мæгуыр Бибойы хæдзары гæды дæр нæй, æмæ цы ми бакæна, цæмæй дара æлдары бухъзæрдæйæ? Ныр æй æргæвдгæ хъуамæ акæной? Нæ йæ зонынц, æхсæ- вæй-бонæй кусгæ кæны, йæ фырт та ныр цалдæр азы æх- хуырсты цæуы æнæбары мыздыл? — Уый раст у, Хъауыр, фæлæ æз куыд дæ хисдæр æмæ хъæуы хисдæр, афтæ дын фæдзæхсын, райсом ма сæм куы сдзурай, уæд дын исты фыдбылыз скæндзысты, стæй æнæ- хъæн хъæуы дæр фыдбылызы хай бакæндзысты. Æз дæуæн зæгъон, сырдæй уæлдай тæригъæд зонынц. Уадз, атæрой уал фосы муртæ, уыдон ссаргæ сты, цæйнæфæлтау нæ бы- нысæфт фæкæной. — Нæй, Тугъан, æз мæ хъуг ницæй тыххæй ауадздзы- 204
нæн, уæртæ йæ хъæдмæ атæрдзынæн, æмæ стæй фенæм- - Хъауырбегæн йæ дзырд конд уыд, — куыддæр райсом исты дзурой æмæ мæгуыр адæмы фос скъæрой, афтæ йæ удыл нал бацуарддзæн, æгады хъуыддаг сæрмæ хæссæн нал ис. Ныр хъæуы хисдæр Тугъаны ныхасмæ йæ сæры дыууæ хъуыды слæууыдысты ныхæй-ныхмæ, æмæ дзы кæцы фæ- тыхджын уыдзæнис, уымæн йæхæдæг дæр ницы зыдта. Фæ- лæ ахæм уавæры бирæ рæстæг нæ фæци, ныллæг хъæлæ- сæй та бадзырдта Тугъанмæ: — Тугъан, ды йæ куы зоныс, æз кæддæриддæр дæ ны- хасыл дыууæ кæй нæ зæгъдзынæн, фæлæ ныр нæ зонын, куыд уыдзæн хъуыддаг. — Нæй, Хъауырбег, дæ рынтæ бахæрон, хъуамæ дæхи ныууромай, кæд нæ ’нæхъæн хъæуæй истæуыл нымайыс, уæд, цыфæнды куы кæной, уæддæр. Мах дæр дæ мæнæ Сау- лæгимæ доны не ’ппарæм, æмæ нæм байхъус, хуыздæр гæ- нæн дзы нæй. — Уыцы хъару ныр цæмæн хардз кæныс æнæрæстæджы, бынтон æнæпайдайæ. Фæстæдæр дæ бахъæудзæн адæмы сæрыл тохы, нæ кæрæдзимæ æнгомдæр куы балæууæм, уæд, — ахæм ныхæстæ кæнгæ Тугъан йæ бынатæй сыстад æмæ цæуынмæ фæци, бинонтæн хæрзæхсæо чæгъыны фæс- тæ. Дуармæ дæр ма афæдзæхста æнæрцæф лæппуйæн, цæ- мæй райсом йæ фосмæ ацæуа Тæгæрджынмæ. Тугъан куы рацыд, уæд бинонтæ сæ кæрæдзпйæн рав- дыстой сæ зæрæдты хъынцъым, зæронд лæг сæм афтæ æх- хормагæй кæй фæбадт, уый тыххæй, æмæ та сын сæ мæ- гуыр цард сæ зæрдæтæ аркъауæй æрбалвæста тынгдæр. Хъауыр ахизын кодта Тугъаны. — Ех, Хъауырбег, ныр мæнæн мæ мæлæт бæргæ хуыз- дæр у, фæлæ кæм ис? Цæстæй нал уынын дзæбæх, мæ уæр- джыты магъз дæр тынг фæцух æмæ ницыуал пайда дæн, фыдæбон йеттæмæ. Мæ хæдзары иу дæ хуызæн гуырд уæд- дæр куы бахъомыл уыдаид, фæлæ уый дæр нæй, — дзургæ цыд Тугъан. — Хуыцау дæ бахизæт мæлæтæй, нырма ды махæн зон- ды цæнд дæ, нæ ирон фынджы фидыц. Бахæццæ сты ныхæстæгæнгæ Тугъанты кæртмæ æмæ уырдыгæй Хъауыр фæстæмæ фездæхт. Куыддæр сæ кæрты цурмæ æрбахæццæ, афтæ цыдæр сау æндæрг йæ цæстытыл ауад æмæ сæнт лæуд фæкодта. Æндæрг та æмбонды аууон базмæлыд. Хъауырбег фæстæ- мæ фæлæууыд æмбонды иннæ фарсмæ æмæ йæм кæсы, аф- тæмæй дзуры, зæгъгæ, кæцы дæ, кæд адæймаг дæ, уæд ми- 205
дæмæ рацу, кæд хæйрæг дæ, уæд та дæ ам цы хъæуы æмæ йæ хъамайы сæрыл фæхæцыд. Уыцы рæстæджы йæм æмбонды аууонæй Дзантемыр дзуры, зæгъгæ, ма фæтæрс, æз дæн. — Чп фæтарстаид, уый фæбæрæг уыдаид, куынæ сдзырд- таис, уæд. Цы ми кæныс ацы æнафоны ам? — Æз аразгæ бæргæ ницы кæнын, фæлæ ды дæхи айс ардыгæй, æндæра дæ хъуыддаг хорз нæу. — Цы ракодтон уæд, цæуылнæ у хорз мæ хъуыддаг? — Ахсгæ дæ кæнынц, ахсгæ. — Тæрсгæ У:а кæн, мæ чысыл æфсымæр, æз дæр уыдо- нæй æнæхъарудæр нæ разындзынæн, фæлæ ды уый тых- хæй æрбацыдтæ? — О. Æз фос куы æрыскъæрдтон, уæдæй нырмæ дука- нийы дуары зыхъхъырæй хъусын, æмæ сфæпд кодтой дæу ахсæв æрцахсын. Собæ æмæ дыл Хæмыц алцы фæмысыды- сты. Цыбыр дзырдæй, ахсæв дын хуыцау æнæахсгæ хос нал загъта. — Уæд æмбондгæрон æмбæхсгæ та цæмæн акодтай? Кæмæй фæтарстæ? — Уыцы фыдгултæ мæ куы фæфиппайой, уæд бынсæфт фæуыдзынæн, æз афтæ фенхъæлдтон исчи сæ æрбацæуы бæрæггæнæг. — Уæдæ цæугæ ныр уæхимæ æмæ æнæмæтæй сфынæй кæн. Хъуыддаг мын кæй бамбарын кодтай, уый тыххæй стыр бузныг. Лæппу æмбонды сæрты агæпп ласта æмæ фæраст сæхи- мæ. Хъауырбег кауыл банцой кодта æмæ арф хъуыдыты ацыд. Йæ зæрдыл та æрбалæууыд Тугъаны фæдзæхст дæр. Йæ сæры та дыууæ ныхмæвæрд хъуыдыйæн бацайдагъ тох. Иæхæдæг дæр нал зыдта, кæй фарс сæ фæуа. Йæ размæ цыма Сæлимæты фæлгонц тарæй рацыд, æнæхъæн афæдзы бæрц сусæг уарзты арты кæй тыххæй судзы, уыцы Сæли- мæты фæлгонц. Æмæ йын цыма афтæ дзуы уый дæр, зæгъ- гæ, дæхи ма фесаф, фæлтау цом нæхимæ, æмæ уым дæхи бааууон кæндзынæ. Иæхимидæг дис дæр кæны, ацы тыхст рæстæджы Сæ- лимæт йæ разы кæй февзæрд, ууыл: нырма йын куы никуы загъта, кæй йæ уарзы, уый дæр. Йæхи фенхъæлдта фыны æмæ цыма йæ зæрдæйы цы уыд, уый йæ цæстæй уыны, аф- тæ йæм фæкаст. «Ех, искуы Сæлимæтимæ куы аныхас кæнин хицæнæй, æмæ куы сразы уаид мæ фæндоныл, уæд ма мæм цыма 206
дыууæ ахæм хъару бафтид, афтæ мæм кæсы!» — бæллыд йæхимидæг каурæбын лæугæйæ. Йæ къухы не ’фтыд ныхасмæ Сæлимæт. Бирæ хæттыты- иу æрхъавыд, фæлæ-иу æм куы йæ ныфс нал бахаста, куы- иу ыл æмбæлгæ не скодта. Дзырдмæ-иу æрцыдысты, зæгъ- гæ, уæд-иу Сæлимæт ауылты-ууылты лæппуйы æндæр ны- хæстыл фæкодта. Хъауырбег арвмæ кæсы, фæлæ дзы иу æрттнваг стъалы дæр не суыдта. Æмæ та ногæй йæ зæрдыл æрбалæууыд Сæ- лимæт. Чизоны йын нæ ба-кома, æххуырсты кæй кусы, уый тыххæй, стæй мæгуыр кæй цæрынц, уый тыххæй дæр, уы- дон сæхæдæг хъæздыг адæм сты. Ахæм арф хъуыдыты ацыд йæ сагъæссаг цардыл, фæлæ ницы амал ардта йæ фæхуыздæр кæнынæн. Уæддæр йæ сæры ныхмæвæрд хъуыдыты тох фæсабыр. Тугъаны фæ- дзæхст æй- бынтон басасга æмæ йæхицæн сразы Тæгæр- джынмæ ацæуыныл. Ныффæнд кодта йæ хъуг дæр йемæ акæныныл, æндæра, зæгъгæ, уыцы куйдзыхты къухы цы бафта, уый дæхи мауал хок. ÆСТÆМ СÆР Фæззыгон райсом. Хур йæ тынтæ айтыгъта, йæ хуыз чи аивта, уыцы фæтæнтыл. Комыхъæуæн хуссары ’рдыгæй чысыл хъугом дардмæ афтæ зынд, цыма зæронд хъисын алыгъуызон æмпъузæн- тæй æмпъызт уыд. Хъæбæр хор æмæ мæнæуы хуымтæ аив- той сæ сæрдыгон хуыз, фæбурбын сты, фæлæ картофы хуымтæ нырма дардтой цъæх. Тæгæр бæлæстæ дæр фæззы- гон уазалмæ райстой сыгъзæрин хуыз, фæлæ тулдз бæлæс- тæ нæма фæтарстысты фæззыгон уазæлттæй æмæ лæу- уынц цъæх-цъæхидæй. Адæм сæ мæгуыры муртыл тындзыдтой, цæмæй се ’нæ- бары муртæ миты бын ма фæуой, æндæра æгæр уазæлттæ кæнын райдыдтой. Фæлæ сын не ’нтыст сæ мæгуыр муртæ æфснайын. Се ’нæбары хуымы гæппæлтæ лæууыдысты æн- къардгъуызæй, æмæ иугай æф^иртæ та сæ сæртæ мæгуыры къул æркодтой зæхмæ, цыма цæуылдæр сагъæс кодтой. Уæлдай мæгуырхуызæйдæр сæхи æвдыстой Бибо æмæ Саулæджы хуымы гæппæлтæ, уыдонæй нырма иу куырис дæр карст нæ уыди. Уæлдай райдзастдæрæй та зындысты хъæуы кæрон дыууæ даргъауæдз хуымы. Уым бæрзонд истой сæхи хоры мæкъуылтæ. Уыдысты Хæмыц æмæ Со- бæйы, æмæ та сæ уыдон ракæрдын кодтой. Саулæг æмæ 207
Бибо дæр афтæ тыхст кæй уыдысты, уый тыххæй иууыл куыстой сæ хъæуы бонджынтæн. Фæлæ абон нал ацыдыс- ты æмæ æд æхсырфтæ æрлæууыдысты сæ мæгуыр хуымты. Сæ хуымы гæппæлтæ дæр уыдысты фæрсæй-фæрстæм, сæ- хиау — иппæрд иннæ хуымтæй. Бибо хæлын цæнгдыстæ æрбакодта йæ цæнгтыл æмæ, хуыцаумæ скувыны фæстæ, райдыдта кæрдын. Уыцы дуджы Саулæг дæр æрæвнæлдта йæ куыстмæ. Саулæджы æхсырфы хъæр Бибомæ куы сыхъуыст, уæд арв- мæ скаст æмæ Саулæгмæ дзуры, хорз фæззæг кæй уыд æмæ та абоны бонæй дæр йæ зæрдæ кæй барухс, арвыл иу ми- гъы къуымбил кæй нæ зынд. — Уас зæддонæй абадæд. Æниу, махæн та цы уæлдай у, ахæм бирæ кусинаг нын куынæ ис, — йæ куыст ’нæ ныу- уадзгæйæ дзуапп лæвæрдта Саулæг. — Махæн та цы ис, фæлæ, кæсыс, дæлæ уыцы Цъынайы- йас мæкъуылтæм, уыдон та дын нæ ныккæндзысты мæнæу, нæ! — дæлæмæ йæ цæст Хæмыцы мæкъуылтæм даргæйæ, дзуры Бибо. — Уас сæ бон ныккалæд ацы бирæгътæ, ныр мæ уыдо- нимæ ахæцын кæн. — Мæнæн уыйас мæкъуыл, ме ’ртæ азы фæллой иумæ куы самайон, уæддæр нæ уыдзæн. — Махæн дæр бирæ не сты, фæлæ нын цы сты, уыдон дæр рæстæгыл æфснайд куы æрцæуой, уæд уый зæрдæйæн æхсызгон вæййы. Афтæмæй дыууæ мæгуыр сыхаджы сæ мæгуыр куыст кодтой, сæ кæрæдзийæн ныхæстæгæнгæ, фæлæ Саулæгæн йе ’хсырф йæ коммæ нал касти æмæ æрбадт. Сцыргъ æи кодта æмæ та райдыдта ногæй кæрдын. Йæ зæрдæмæ аф- тæ фæцыд, æмæ Бибомæ дзуры: — Ех, Бибо, айхуызæн цыргъ æхсырфæй пу къуыри цы фæкæрдай, уый дын ма уæнт! Уæдмæ хур дæр уæлиау ссыди æмæ хуымты æртæх сис- та. Мæгуыр сыхæгты хуымты дæр фæзынди цалдæргай угæстæ. Бибо дæр куыннæ бахæлæг кодта Саулæджы дзырдмæ, фæлæ цыма уый бирæ хуымтæм нæ бæллы, зæр- дæ фæфндар кæныны тыххæй йын уымæн загъта, зæгъгæ, æнæниз уæм, æндæра та фыдæбæттæ кæндзыстæм. — Æнæнизæн дæр истытæ хъæуы, Бибо, махæн та, æр- мæст ногбонтæм цы бахæрæм, уый дæр не ’рцæудзæн нæ хуымты. — Нæй гæнæн, Хъауырбеджы хуызæн удæгас гуырд кæп хæдзары уа, уый мæгуырæй нæ тæрсы, — Бибо йæ сы хаджы цурмæ бацыд æмæ, аулæфыны ’фсон, сæхи фæрсæй- 208
фæрстæм æруагътой, стæй фемдзаст Саулæджы ссонмæ. Базыдта йæ, уый Мыддоны къулæй хаст кæй у, уый. Уыцы хъуыддаг Саулæгмæ диссаг фæкаст, æмæ йын аф- тæ: — Дæ хорзæхæй, дур дæм йæхæдæг дзуры, æви йæ цæ- мæй базыдтай? — Нæ, ахæм дуртæ уырдыгæй фæхæссынц. — О, уырдыгæй хæсгæ у. Айразмæ нын нæ фос куы атардтой уыцы мæрдты бирæгътæ, уæд ма сæ фæстæ фæ- цыдтæн, фæлæ ницы, мæ сæгъ æмæ йæ сæныкк доны къусы сæфт фесты, мæхи фыдæбон та ма — уæлдай, æз дæр ма фæстæмæ цæугæйæ ацы дур рахастон. Уый ма мыл баф- тыд. — Хорз дур у. — Хорз уыд, æмæ мын уыцы б^н мæ хъуг лæппу ас- къæрдта йемæ, æндæра сæ къухы куы бафтыдаид, уæд дæ фыд-зæрдæ афтæ, уый дæр мæ сæгъы фæндагыл ацыда- ид, — загъта Саулæг Бибойæн æмæ арф ныуулæфыд. — Бынтон мæ бон ницыуал у, Бибо, фæлæ мæ мæгуырдзинад нæ уадзы иуран бадын. — Мæгуыр лæгæн та цæй иуран бадæн ис, афтæмæй дæр ницы фæразæм, æмæ ма кусгæ куынæ кæниккам, уæд бынтон фесæфиккам, мæ хур, Саулæг. — Тых раппар-баппар кæнын мæхи, æндæр мæм сы- вæллоны тых дæр нал ис. — Саулæг, æз дæр афтæ дæн, чизоны ма афтæ нæма уаин, фæлæ фыргуыст æмæ фыдцардæй рафтыдтæн. Бибо та цыргъгæнæн систа æмæ йæм кæстытæ кæны, Саулæг дæр æм нымдзаст ис, цыма йæ базонын фæнды, куыд йæ зæрдæмæ фæцыд, уый. Бибо фембæрста, Саулæг цæуыл тыхсы йæхимидæг, уый, æхсырфы коммæ æркаст æдзынæг æмæ сдзырдта: — Диссаджы хорз дур у, æцæг, диссаджы. Раст зæгъгæ- йæ, сæгъы аргъ у, Саулæг. — Уæ, уаих æрбауа знаг, æз ыл сæгъ æмæ сæныкк рад- тон æмæ ды та цæй сæгъы кой кæныс, тых худт бакæнгæйæ баппæрста йæ ныхас Саулæг. Бибо дæр æнæбары бахудт æмæ дур бадардта Саулæг- мæ: — Айс, мæ хур, де ссон, æз фосæй дæр фæлахс дæн æмæ дыи цы зæгъон. Саулæг йе ссон райста æмæ йæ йæ нымæтын хызыны нывæрдта, йæхæдæг Бибойы афарста йе ’мкъайæ, ома, абон демæ куыннæ кусы. — Мах та кæм ис-æй цæмæн фæрсыс, иууыл адæмæн 14. Бязырты Д. 209
куы кусæм. Уæртæ Фаллаг сыхы Зурайæн Тæрсджыны хуым кæрдынмæ ацыд. — Æмæ уын цы баныфс æвæрдта? — Нæ сæ зоныс: кусæг сæ куы фæхъæуы, уæд бæргæ истытæ фæдзурынц, фæлæ куыстаг куы фæвæййы, уæд дзы ницыуал разыны. — Райсом æм дыууæ кæрдзын æмæ иу цыхты къæртт æрбахаста æмæ, дам, най куы бакæнон, уæд ма, дам, иу къæртайы дзаг дæхæдæг сис кæрийæ. Æз дæр уæлдай ни- цыуал загътон æмæ йæ арвыстон. — Хорз у, Бибо, иу къæртайы дзаг, кæд уæ нæ фæсайа, уæд. — Хорз бæргæ у, Саулæг, фæлæ сæ нæ зоыыс, цахæм сайæн æвзаг сын ис. Дæлæ лæбырдцæст Собæмæ кæсыс, адæмы куыстæй цы æддæгуæлæтæ суагъта. Алкæмæн йæ куыстмызд куы фыстаид, уæд æм цы баззадаид? — Сæ бон бакалæд уыцы хъалтæ. Ды уыдонмæ цы кæ- сыс? — Уыдонмæ ницы кæсын, фæлæ, дам, ын йæ балкъон авгæй кæны, æз та æхсæв мæ худы зæронд акæнын рудзын- джы, иу авджы цъæл ссарон, уый мæ бон нæу. — Сæ бон ныккалæд Хæмыц æмæ Собæ, уыдон тагъд сæ фæллæйттæй хуыцаумæ мæсгуытæ амайдзысты. Сыстад Бибо Саулæджы цурæй æмæ фæцæуы йæ куыс- тагмæ дзургæ, зæгъгæ, бадын дæр хорз у, фæлæ а-тындзæм нæ куыстагыл. — Саулæг, ды куы зонис, мах куыд тыхст стæм, нæ сы- вæллон къæбæры тыххæй уæртæ кæмæдæр вæййы, æцæг, æнæ йæ мад нæ лæууыд æмæ уый та иууыл адæмæн кусы. — Нæй гæнæн, Бибо, махыл дæр бирæ афтæтæ ’рцыд, Хъауыры иууыл йæ мад æд авдæн хаста хуыммæ. — Æмæ цы? Уый тыххæй æвзæр лæг рацыд Хъауыр? Нæ сыхы хуыздæр гуырд кæмæн ис? Уæртæ Собæйæн та — буц хъомыл фырттæ, фæлæ, фых хуычъыйау, райвæз-бай- вæз кæнынц. Хуыцауы фæндæй мæ иунæг фырт Хъауырьг хуьтзæн сæрæнгуырд куы рацæуид. — Мæгуыр лæджы фырт у, Бибо, æмæ йын йæ хорз чи зоны, чи, мæ хур. Тынг бабуц Саулæг Бибойы ныхæстæм, æгайтма йын йæ фырты афтæ тынг сæрæн æнхъæлы Бибо, æмæ æргом мидбылхудт бакодта, стæй ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъ- гæ, æрмæст æгæр кæрзмаст у, æгæр. — Мыстыл куы ныллæууай, уæд цъыззытт куы скæны, уый дæр нæ ма фæраза æвзæргæнæгæн «нæ» зæгъын? — Æмæ йæм чи хъусы, чи, Бибо? Мæнæ, асæрды стигъ- 210
джытæ куы ’рбацыдысты нæ хъæумæ, уæд тынг скарз, æвæццæгæн, Тугъан куынæ уыдаид, уæд кæнæ йæхæдæг ис- кæй амардтаид, кæнæ йын йæхи исчи амардтаид, фæлæ нæм Тугъан хæдзармæ дæр бацыд æрдæгæхсæв. Уыцы кæрзмаст у, фæлæ уæддæр хисдæры ныхасыл дыууæ нал фæзæгъы: — Цæрæнт дын, Саулæг, дæхи фæндиаг, ахæм сæрæн- гуырд æгас сыхы мæгуыртæн дæр ныфс у, ныфс. — Бузныг, Бибо, дæхи фырт дæр æвзæр гуырд нæу, цы- ма тынг сæрæн уыдзæн, афтæ зыны. Афтæ дыууæ мæгуыр сыхаджы сæ фæллад сайыны тых- хæй кæрæдзи ифхæрстой алы адджын ныхæстыл, афтæмæй тындзыдтой сæ куыстагыл. Сæхинымæры хъуыды кодтой, чысыл рæстæджы та сын се стонг фæсурыны фадат кæй æрцæудзæн, æмæ та сæ æримайы къус раскъæф-баскъæ- фæй кæй фервæздзысты, ууыл. Саулæг йæ хуьшæн йе ’рдæг карст куы фæци, уæд Би- бомæ дзуры, цæмæй йын зæгъа, цал угæсы ма дзы уыдзæн,, уый. Бибо дæр йæ астæу сраст кодта, æмæ æдзынæг куы ’ркаст хуымы гæппæлмæ, уæд ын загъта, æртæ ма дзы кæй уыдзæн. Уый тынг æхсызгон уыд Саулæгæн, æртæ æнхъæл дзы нал уыд æмæ йын афтæ: — Дæ фарн æй куы зæгъид, Бибо, фæлæ дзы уал нал уыдзæн. — Æфснайæм уал сæ, Саулæг, стæй цы уой, уый уы- дзæн. Хуыцау, цы ратта, ууыл тæргай кæнын нæ хъæуы. — Тæргай та кæмæн, Бибо. Най йæ кæм кæндзынæ? — Адон куы ралыг кæнон, уæд райсом мус балæгъзытæ кæндзынæн æмæ мын ацы къуыри æнæ най нæй гæнæн. Куы дын загътон — тыхст стæм. — Уæдæ дын хуыцау бантысын кæнæд дæ фæндтæ, стæй ног хорæй дæр акувын хъæудзæн, нæ, Бибо? — Кувгæ дæр цæуылнæ, Саулæг, фæлæ кувынæй нæ цард нæ хуыздæр кæны. — Нæ, Бибо, афтæ ма дзур, уæлæ уымæн йæ бон бирæ у, — йæ къух сдардта æгæрон цъæх арвмæ. — Уый бæргæ тыхджын у, фæлæ махæн ницы дæтты æнæ дынджыр бафыдæбонæй, рагон хæрæджы æмбисондау. — Уый цæй хæрæджы кой кæныс, æз æй куынæ зонын. — Куыннæ йæ зоныс. Иу лæгæн, æвæццæгæн, мæнæ мæ хуызæн æвадат, ихсыд лæгæн, йæ хæрæг амард æмæ йын ныфсытæ æвæрдтой, куы йыл маст кодта, уæд, ома та дын хуыцау ратдзæн. Уый сын дзуры: ««Æз цы хуыцауы зонын, уый мын æнæ фынддæс сомы хæрæг нæ ратдзæн». 211
— Уый раст у, Бибо, — тых худт кæны Саулæг, — фæлæ æндæр цы загъдæуа, лæгæн йæ хуыцауыл къух сисæн дæр кæм ис? Афтæ ныхасгæнгæ дыууæ сыхаджы сæ фæллад дæр ни- цæмæ дардтой, æгæрыстæмæй, нæ бафиппайдтой хуры аны- гуылд, се ’ххормаг дæр сæ æрбайрох. Тынг ныфсджын сис- ты сæ угæстæм кæсгæйæ. Аныгуылд хур дæр, фос æртард- той хъæумæ. Уыцы рæстæджы хъæугæронæй æрбайхъуыст Дзантемыры цъæхснаг хъæлæсæй зард. Бибойæн цыма йæ зæрдæйы дуар фегом æмæ йæ цæрæн- бонты хъæдгæмттæ байгас сты, уый хуызæн фæци йæ фыр- ты хъæлæс фехъусгæйæ. Ацы изæр фыццаг хатт хъусы йæ иунæг фырты зарынмæ. — Саулæг, хъусыс, куыд зары, цыма чындзхæссæг у. — Чындзхæссæг дæр тагъд уыдзæн. Лæппуйæн йæ рай- гуырд зын у, æндæр йе ’схъомыл тагъд вæййы, Бибо. — Цæуыл зары? Цыма уыцы фосы дзуг йæ хæдзармæ тæры. — Æгайтма йæ зæрдæ зарын агуры дæ фыртæн, уадз æй æмæ зара. Зон æй, Бибо, уымæн дæ хорз чындзæхсæвы сæр кæй бахъæудзæн, уый. Бибо алæууыд æнæдзургæйæ, агуырдта Саулæджы ны- хасæн дзуапп, æмæ йын æрæджиау афтæ: — Мæ фыртыл уыцы кар æнæнизæй æрцæуæд, æндæра та исты хос кæниккам, фæлæ, дæ хорзæхæй, ды куы ницы дæ хъустыл хæцыс, уæд цы ми кæныс? Хъауырбегæн дын ныр афон у æмæ йын исты хос скæн. — 0, дæ рын бахæрон, Бибо, уымæн амондджын бинон- тæ хъæуы, ног чындз чи ’ркæна фæззæг. — Æмæ ды цы кодтай, Саулæг? — Цы куы зæгъай, уæд, мæгуырыл чи баввæрсдзæн, ал- чи дзы дардмæ куы лидзы? — Нæ, Саулæг, Хъауырбег ахæм лæппу нæу. Уый æгас комы аргъ лæппу у. — Æгас комы аргъ мæнæн чи дæтты, Бибо; уæд адæмы куыстыты нæ рахау-бахау кæнид. Бибойы ныхæстæ йæм иуæй хорз кастысты, ома, чындз æркæн, иннæмæй та сагъæсты бахауд; ахæм мæгуыр хæ- дзар ирæд цæмæй хъуамæ бафида, уый у мардудæгасгæнæ- гау. — Дæ хорзæхæй, Бибо, лæппу дын исты загъта? — Нæ, ницы, фæлæ дæ мæхæдæг фæрсын. — Нæ, Бибо, æгæр æргом æркой кодтай? — Нæ, мæ фыдыстæн, Саулæг, ницы дзы фехъуыстон, 212
фæлæ Тæгæрджыны нæ вæййы, æмæ уым Джиоты Томамæ заманайы чызг хонынц. Саулæджы хъуыдытæ фæарфдæр сты, зæххыл æрбадт, йе ’хсырф сæрфгæйæ, йæхæдæг арф ныуулæфыд, зæгъгæ, Тома у зындзырд, æмæ бирæ ирæд æрдомдзæн. — Мæхуызæн мæгуыр лæгæн йæ фæндтæ æмæ хъуыды- тæ — дардыл, йæ авналæнтæ та — цыбыр, — æмæ та арф ныуулæфыд. — Мæ ныхæстæ дæм хъыг ма фæкæсæд, Саулæг,— куы ницыуал дзырдта, уæд нал фæлæууыд Бибо. — Дæ ныхæстæ цины ныхæстæ сты, фæлæ чындзæхсæ- вæн исты хъæуы, мæнæн та мæ арм афтид. Дæхæдæг зо- ныс, хъуыддаджы суадзæн кæцæй цæуы, уый. Бибо бамбæрста, Саулæг кæй тыхсы. Тыхсгæ дæр куын- нæ кæна, йæ хæдзары цыппаркъахыгæй ницы ис æмæ ирæд цæмæй хъуамæ бафида, æнæирæд та йæ чызджы ничи ’рви- ты. Хъауырбегæн та ныр рæстæг у йæ амонд ссарынæн. — Саулæг, ды арф хъуыдыты куы ацæуай, — зæрдæ фæ- фидары тыххæй йын ныфсæвæрæгау кæны Бибо, — уæд уый раст нæу; хæдзар у æвæгæсæг, де ’фсин дæр раздæры Ба- биан нал у, стæй махтæ никуы схъæздыг уыдзыстæм, æмæ йæ дæ зæрды кæдмæ дарын ис æнæбинонтæй? — Уый æмбарын, Бибо, дæ рынтæ ахæрон, фæлæ цæ- мæй, цы ми бакæнæм? — Тынг ма тыхс. Хъауыры тыххæй нæ хъæубæстæй йæ- хи ничи бамбæхсдзæн. Æз дæр, кæд Дзантемыры фыййа- уы мыздæй исты райсон Хæмыцæй, уæд æй мæхицæн ад- джын не скæндзынæн. Науæд мæм уæртæ хæдзары цы род ис мæ фырты дыууæ азы мыздмæ, уый дæр нæ бахæлæг кæндзынæн. — Бузныг, Бибо. Уыдæттæ æмбарын, фæлæ лæгæн йæхи къуымы дæр хъуамæ исты уа. Тома æгæр дурзæрдæ у æмæ чи бафидаудзæн йемæ? — цыдæр зæгъын ма йæ фæндыд, фæлæ сын сæ ныхас Хъауырбеджы салам фæлыг кодта. Бибо Хъауырбеджы куы ауыдта, уæд тынг æхсызгонæй равдыста йæхи, фæцин ыл кодта. Æрбацыд сæм хæстæг Хъауыр æд цæвæг æмæ æрлæууыд сæ цуры. Бакæстытæ сын кодта сæ куыстмæ æмæ сæ барухс йæ зæрдæ. Хъауырбег уындæй рæсугъд уыд, стæй уæд хъару æмæ зондæй та — хуыздæр. Уæлдай фидыцджындæр сæм фæ- кастис ныр, йæ мидбылхудгæйæ. Нæ уыдаид ахæм чызг, Хъауыр кæй зæрдæмæ нæ фæцыдаид. Уæлдай лæггъуыздæр æй æвдыстой йæ къуыбыр рихитæ, сау дынджыр цæстытæ æмæ бæзджын æрфгуытæ. Цы бонтæ рацард, уым кæд фыд- цард, фыдтухи йеттæмæ ницы федта, уæддæр алкæд йæ 213
цæсгомыл зынд худæн, хъæлдзæг æнгас. Мæгуыртæй ал- кæимæ дæр уыд хæлар, хъæздыджыты нæ уарзта бынтон. Бибо дæр æй йæхи хъæбулæй уымæн нæ уæлдай кодта. Ныр дæр та Бибомæ хæстæг бацыд æмæ йын йе ’хсырф райста уыныны æфсон. Бибо ма бирæ анæтæ кодта, фæлæ уый уæддæр йæхион бакодта æмæ кæрдыныл алæууыд. Æхсырф уыд тынг цыргъ, æмæ уый дæр йæ зæрдæмæ цыд, цинау дæр æм касти ахæм хорз кусæнгарзæй кусын. Ахæм цырд куыста æмæ йæм Бибо æдзынæг кæсгæйæ баззад, Саулæг дæр-иу рæстæгæй-рæстæгмæ скаст йæ фыр- ты уæнгты айстмæ æмæ-иу йæ мидбылты сæрыстыр худт бакодта, стæй йæм æрæджиау æргом сдзырдта: — Диссаджы кусæг дæ фæци, Бибо. Кæм æй баххуырс- тай, дæ хорзæхæй? — О, уасдæн ын иунæг хуыцау æнæниздзинад ратта æмæ уыцы цæнгтæй фæрнæй фæкуса! — Фæлæу, баба, дæумæ дæр фæзындзæн, тæрсгæ ма кæ- нут, зынаргъ кусæг нæу, — хъазгæмхасæн баппæрста йæ фыдмæ кусгæ-кусын. — Бибо, ныртæккæ дæ фервæзын кæндзынæн ацы хуы- мæй, æрмæст дзы арахъхъ куы саразат, уæд-иу мын йæ фыццагæй бадарут. — Уый, æцæг, аслам кусæг куы дæ, Хъауыр, — загъта йын Бибо. — Цы ма дæ фæнды уымæй асламдæр хуымон, — уæлæ- мæ сæм сдзырдта Саулæг дæр. — Аслам кæй кусæм, нæ цард зынвадат дæр уымæн у, æндæр фыдæбон бирæ кæнæм, мызд та, цы нын бафидой, ууыл разы кæнæм, — æнкъардæй дзырдта Саулæгмæ Бнбо, йæхæдæг йæхи уæззау æруагъта уымæл кæрдæгыл æмæ та дзуры: — Уæдæ мын, Хъауырбег, кæд сыкъайы дзагыл кусыс, уæд мын дæ сæр дæр ма сриссæд ууыл, фæлæ мах арахъ- хъы хъуыддагыл æндæр куыддæр атæрхон-кодтам чысыл раздæр Саулæгимæ. — Куыд, дæ хорзæхæй, Бибо? — Дæу тыххæй хъуамæ баназæм, ацы муртæй цы арахъ- хъытæ рауадзæм, уыдон. — Ома куыд мæн тыххæй? Хист мын кæнут цæрдудæй? — Нæ, цытæ дзурыс, фæлтау арахъхъ бынтон макуыуал уæд, æндæр хъуыды дæм нæй? — Омæ, уæдæ, куыд? — Куыд, куы зæгъай, уæд дын чындзæхсæв хъуамæ скæ- нæм, æмæ ды та дæ хынджылæг кæнынмæ бахæстæг дæ. 214
— Хынджылæг нæ, фæлæ дæ нæ бамбæрстон, æмæ цы загътаин. Бибо ма цыдæр зæгъынмæ хъавыд, фæлæ йæхиуыл фæ- хæцыд, æмæ Саулæгмæ ракаст. Уый æнæдзургæйæ йæ куыст кодта. Бибо, цыма йæ хъуыды кæй фергом кодта, ууыл æм фæсмон æрцыд, уыйау фæивта йæ ныхас: — О, хуыцау дæ байряйын кæна, Хъауыр, кæд мын цас баххуыс кодтай. Райсом дæр ын фæуыны æыхъæл нæ уыд- тæн. — Уыйбæрц дæр дын куы уаид кæрдинаг хуымтæ. Со- бæ æмæ Хæмыцæн лæвар куы кæрдын се стыр тъæпæнтæ. — О, дæ рын бахæрон, мæхи Хъауыр, уыдон куы фæз- мæм, уæд былæй ахаудзыстæм. Хъауыр йæ фæстаг куырис бабаста, æмæ радта æхсырф Бибомæ, йæхæдæг ын ноджы райдыдта арфæтæ кæнын, стæй араст Саулæджы цурмæ. Бæргæ ма йæ фæндыдис арахъхъы хабар бæстондæр ба- зонып, фæлæ бафæрсын йæ цæсгом нæ хъæцыд. Уый бæсты йæ фыды фарста хъазæнæмхасæнты, ома, кусæг цæмæй æх- хуырсыс. — Нæ, æз æхсæв нæ кусын кæнын, фæлæ райгонд у дæ куыстæй, æмæ ацæуæм нæхимæ. — Нæ, Баба, акусæм æмæ йæ фæуон. — Ныр кусæн нал ис. Кæй бакусæм, уый хæдзарыл хæц- гæ дæр нал бакæндзæн. Саулæг æдзынæг нымдзаст Хъауыры хъаруджын уæнг- тæм æмæ Бибойы ныхæстæ æрбалæууыдысгы йæ зæрдыл. Тынг буц уыд йæ фыртæй мæгуыр Саулæг, фæлæ йæ мæ~ гуырдзпнад сулæфын нæ уагъта, æндæра ахæм рæсугъд кондджын уæнгтыл — хорз дарæс, уæд ма рæсугъддæр кæм уыдаид? Бибо йын кæй кой кодта чындзы тыххæй, уый æн- хъæлдта Хъауырæй, зæгъгæ йын уый бафæдзæхста йæ кой æркæнын. Дызæрдыг кодта Саулæг йæ фыртыл, фæстаг рæстæджы æгæр хъæлдзæг уыд. Чизоны, афтæ цахæм фæндтæ кодтаид, фæлæ йын Хъа- уырбег фескъуыдта йæ хъуыдытæ, зæгъгæ, цы мæм ным- дзаст дæ, никуы мæ федтай, мидбылхудгæ хæстæг бацыд йæ фыдмæ. — Бæргæ дæ федтон, баба дæ рынтæ ахæра, æз дæ куы схъомыл кодтон, фæлæ дæ ацы изæр уæлдай тынгдæр мæ зæрдæ рухс кæны. Цыдæртæ хъусын æмæ... — Цытæ, дæ хорзæхæй? — Ды цы æмбæхсыс дæ фыдæй, уыдæттæ. 215
— Баба, ды, æцæг, цыдæр фехъуыстай æмæ йæ æмбæх- сыс мæнæй, — йæ фыдæй райста æхсырф æмæ, «хуыцауу байрайын мæ кæн», зæгъыны фæстæ райдыдта кæрдын хуым. — Цы фехъуыстон, мæ хъæбул, уый иунæг хуыцау ба- ифтонг кæнæд. Мæнæн хъыг нæу. Нæ цæрæнбоны цæмæ бæллæм, уый у. — Хъауырбегæн фырæфсæрмæй йæ цæсгом туджы азылд, афтæмæй ныккаст зæхмæ. — Баба, уæлæ Бибоимæ ныхæстæгæнгæ ацыт, æз та ацы хуымæй фервæзон. — Дæ фыд дын амæлæт, ды ма кæрдынвæнд куы скæ- най. Абондæргъы нæма бафæлладтæ? — Гъе, Баба, æз фæллайын куы зонон, уæд ма мын чызг чи ратдзæн? — фæкъæйных кодта йæхи. — Æмæ искæй сылы къахы тыххæй дæхи марыс? Хъауырбег тынг фефсæрмы чызджы койæ йæ фыды раз, фæлæ ма уæддæр хи раст кæнынæн загъта, зæгъгæ, уый мæнæ ’нæуый загътон. Саулæг куы бамбæрста, Хъауырбег цалынмæ хуым фæ- уа, уæдмæ кæй нæ рацæудзæн хæдзармæ, уæд æй ныууагъ- та, рацыд сæхимæ. Бибоимæ та сын ныхас бацайдагъ, цы- ма рагæй нал сæмбæлдысты. Уæдмæ арвыл стылд мæй йæ цалхы дзаг, æмæ йæ фæ- лурс тынтæ айтыдта æнусон хæхтыл. Хъауырбег æй куы ауыдта, уæд æм баззад дзагъырдзастæй, æмæ йын лæгъс- тæ кодта йæхинымæры, цæмæй йын йæ хъуыдытæ радзура йæ ныййарджытæн дæр зæгъа, æнæ уый кæй нал у цæрын йæ бон. Æмæ, цыма, æцæг йæ уæрджыты магъз Сæлимæты кой- мæ адон. Йе ’хсырф æрæвæрдта æмæ йæхæдæг дæр йæхи æруагъта зæхмæ. «Æвæццæгæн, Баба дæр бамбæрста хъуыддаг, — хъуы- ды кодта йæхинымæры, — æмæ уымæн афтæ дзырдта æрдæ- бон. Фæлæ цæмæннæ зоны, махæн не ’хсæн цæлхдур кæй ис, æмæ уый аиуварс кæнын кæй никæй бон у, уæззау цар- ды фидар рæхыстæй не ’уæнгтæ баст кæй сты» — æмæ та Сæлимæты фæлгонц æрбафтыд йæ цæстытыл, æмæ йæм цыма дзуры, зæгъгæ, ам, чызгау, цы сагъæстæ кæныс, дæ хуымыл атагъд кæн æмæ ирæд ссар рæвдздæр. Фестад æмæ та февнæлдта йæ куыстмæ, зæгъгæ, рай- соммæ мын, мыййаг, ма баззайæд. Æхсæв ныссабыр, æрмæст ма Пацъайы доны уынæр хъуысти, цыма искуыдæм тындзыдта Хъауырау. Хъæдæй йæ хъус ахста цавæрдæр маргъы уасын, цыма лæппуйыл 216
уый дæр тагъд кодта. йæ кусинаг кæд ахсæв фæуа, уæд райсомæй бауайдзынæн Тæгæрджынмæ. Иæ фыййауы мыз- дæй ма ис райсинаг, стæй Сæлимæты дæр кæд фенид. Ныр æм тынг бæллы хибарæй, хъуамæ йын æппæт дæр зæгъа, кæннод зындоны арты судзынæй рафтыд. Сæлимæт ын куы сразы уа, уæддæр йæ фыд у лæппуйы катай. Тома у бын- тон æгъатыр, дурзæрдæ æмæ йæ чызг йæ цæсгом куы суа- дза, уæддæр æй æнæирæд нæ ратдзæн. Ахæм хъуыдытæгæнгæ фæцис йæ хуым æмæ нал хъуыст йе ’хсырфы уынæр æхсæвы суссы. Бибо æмæ Саулæг куыстæй куы рацыдысты сæ мæгуыр хæдзæрттæм, уæд Бибо хæдзары никæй æрæййæфта Дзан- темыры йеттæмæ. Уый бадти æнкъардæй дурын асиныл. Фыд дæр уый фарсмæ æруагъта йæхи æмæ йæ афарста, цæмæн æнкъард у, уымæй: — Кæд дæ ницы риссы? — Нæ, Баба, ницы мæ риссы, — загъта йын Дзантемыр. — Уæдæ, рухс уæддæр скодтаис. Дæ мад нæма æрба- цыд? — афарета йæ Бибо. — На, æз æй ам не ’рыййæфтон,—дзуапп радта Дзан- темыр. — Дæлæ тыргъы цырагъ, æмæ рухс уæддæр скæнæм нæ- хицæн. Дзантемыр рауад æмæ уайтагъд цырæгътимæ баздæхт. Срухс кодтой мæгуыр бинонтæ сæхицæн. Разындысты рухсмæ сæгæйдзаг къуымтæ. Бибо кæсы йæ фыртмæ æмæ хъуыдытæ кæны, кæд сыстыр уыдзæн æмæ йын биноытæ æр- кæныныл кæд тыхсдзæн Саулæгау. Йæ зæрдыл æрбалæу- уыд, фарон Бцен æмæ Хъымыхъы куыд фæнадта, уый, æмæ йæ афарста: — Ды мын куыд никуы радзырдтай фарон Бцен æмæ Хъымыхъы фæнад. Дзантемыр фефсæрм æмæ зæхмæ æдзынæг ныккаст. — Омæ сæм дæ ныфс куыд бахастай, дыууæйæ куы уы- дысты? — афарста йæ ногæй. — Сæхæдæг мæ нæмынмæ хъавыдысты, — æфсæрмы хуызæй дзуапп радта Дзантемыр. — Мæ фырт, уыдон дыууæ уыдысты, стæй — хъæзды- джытæй, æмæ сæм куыд бауæндыдтæ? — Куынæ сæм" бауæндыдаин, уæд мæ хъуамæ сæхæдæг фæнадтаиккой, марынæй дæр мыл нæ бацауæрстаиккой. Бибойæн тынг æхсызгон уыдысты йæ фырты ныфсджын ныхæстæ, йæ уæззау цард цыма фенцондæр, афтæ фæрог сты йæ уæнгтæ, фæлæ уæддæр æргом нæ равдыста йæхи, 217
фæдзæхсы йын хыл кæнын хорз кæй нæу, хатт фæбарын дæр кæй фæхъæуы. — Баба, æз æппындæр уыдонæн никуы ныббардзынæн. Собæ æмæ мæ Хæмыц кæй нæмынц æнæаххосæй, уый мын фаг нæу, уыдон та ма> цы кæнынц? — Бибо æмæ Дзантемыр иудзæвгар æнæдзургæйæ алæу- уыдысты, стæй Дзантемыр йæ фыдмæ дзуры лæгъстæгæнæ- гау: — Баба, мæн дæр ма скъоламæ барвит, кæд кæсын æмæ фыссын уæддæр сахуыр уаин. Уæртæ Бцен ныр хорз ба- зыдта кæсын æмæ фыссын. Фæлтау-иу ныр сæрд фосы фæстæ бæгънæгæй цæудзынæн. Бибойыл йæ лæппуйы ныхас тынг бандæвта, хъуыдыты ацыд æмæ йын æрæджиау бакодта тæригъæдгæнæгау: — Хорз, мæ хъæбул, ацы азæн мæ фæрæз нæй, фæлæ дæ фидæнмæ нал ныууадздзынæн æнæ скъола, стæй ноджы мæгуырæй куы мæлон, уæддæр дæ искæй фосы фæстæ нал арвитдзынæн. Скъоламæ дæ кæд айсой, уæд ахуыр кæн- дзынæ. — Баба, æмæ мæ цæуылнæ хъуамæ айсой? — дисгæнгæ- йæ афарста Дзантемыр йæ фыды. — Мах хуызæн мæгуыртæн, дам, скъола нæй, фæдзу- рынц, — бынозæй ныуулæфыд. — Исты бахордтай? — Нартхоры кæрдзын ахордтон абон райсомæй, — загъ- та Дзантемыр. — Баба, æцæг мæ барвитдзынæ скъоламæ? — Барвитдзынæн, барвитдзынæн, мæ хъæбул, — рæв- даугæ ныхасæй загъта фыд йæ фыртæн, кæд æй зыдта скъоламæ айсынæн ын ницы уадиссаг амал уыдзæнис, уæд- дæр. Чизоны ма кæдмæ фæныхас кодтаиккой, фæлæ дуары хъинцъ фæцыд æмæ æрбахызт Чендзе, йе уæхскыл — фæ- салы куырис, йæ цонгыл та — æхсырф, афтæмæй. Чекдзе фæсалы куырис фæсдуар баппæрста, æхсырф та — тæрхæгмæ, йæхæдæг йæхи æруагъта бацдоныл, йæ ныхы хид асæрфгæйæ. Бæрæг уыд, тынг кæй бафæллад, уый. Дзаптемыр куы йæ мадмæ бакæсы, куы — йæ фыдмæ. Æрæджиау Бибо ныллæг хъæлæсæй афарста Чендзейы, ома, дæхи цæуыл марыс, алæбон æрдæгæхсæвмæ хъуамæ кусай. Чендзе Бибойы фарстæн тыхст æмæ æлгъитгæйæ радта дзуапп, ома, цæуыл фыддæр фæуæд ме ’намонд сæр æмæ сын дзæгъæл баззайæнт сæ хуымтæ мæ тæригъæдæй, алы аз мæ уд рауæлдай кæнын сæ фыдæбоны хуымты æмæ дзы мæ хæдзармæ хæсгæ дæр исты куы кæнин. 218
— Æмæ, куы баталынг, уæд рацыдаис,— загъта йын Бибо. — Бæргæ рацыдаин, фæлæ хуым фæуынхъус уыд æмæ, ме ’взаг æрластон, афтæмæй мæ уд æрбаскъуыдтон, фæлæ уæддæр нæ фæци, — йæ къухæй цæнгдыстæ æлвасгæйæ дзырдта Чендзе. — Чи ма сын куыста? — афарста йæ Бибо. — Æмæ мæ хуызæн æнамонд чи у? Абон мæхицæн иу сасир абыдтаин æмæ йæ цыхтыл баивтзин. Уый мæ хæдза- рæн пайдадæр уыдаид. — Уæдæ, абондæргъы иунæгæй фæкуыстай уыцы дзæ- гъæл комы? — Уас дзæгъæлæй йæ мæлæт æрцæуæнт Зурайæн, — дзуры дарддæр Чендзе. — Райсом уæлæ Дзырдтæгтæм куыд схæццæ дæн, афтæ мæ бирæгътæ фæцæйхордтой. Дзантемыр сæм ныры онг æнцад хъуыста, цыма истæ- уыл арф хъуыдыты ацыд, афтæ, фæлæ ныр, бирæгъы кой куы фехъуыста*, уæд йæ мады афарста: — Æцæг зæгъыс, Гыцци? Чендзе фæхатыдта, сывæллон кæй фæтарст, æмæ йын йæ сæр йæ хъæбысы атухгæйæ, рæвдаугæ хъæлæсæй дзуры, зæгъгæ, ма тæрс, мæ хъæбул, сæрæгас дын куы дæн. — О, бирæгътæ бахæрой нæ бонджынты. Æппу, сæхæ- дæг бирæгътæ не сты, уыдонмæ ма цæй бирæгъ бауæнд- дзæн? — тыхст æмæ мæсты хуызæй дзуры Бибо. Чендзе зыдта, Бибомæ дйссаг кæй кæсы, куыд æмæ цы уыд, уый, æмæ дзурын райдыдта, — Уæлæ Дзырдтæгтæм куы схæццæ дæн, уæд мыл уæл- вæндагæй цыдæр уынæр ссыд. Æз мæ мидбынаты алæу- уыдтæн, стæй мæхицæн загътон, зæгъын, æвæццæгæн, мæ- хи тæрсын кæнын, æндæра- цы хъуамæ уа, æмæ размæ акъахдзæф кодтон. Уæд дын бирæгъы пиуын ссыд. Æз уæдмæ фыртæсæй дæлвæпдаг Дуры суадоны ’рдæм мæхи аппæрстон, æмæ залмысыфты ’хсæн нымбæхстæн. Мæ къу- хы æхсырф цæвынæввонг æркодтоп. Уæдмæ уыдон дæр, фысты дзугау, фæндагмæ æрхызтысты. Иу цалдæрæй сæ фæстæгтыл æрбадтысты æмæ, хъарæггæнæгау, нынниуд- той, сæ цæстытæ та раст зынгау æрттывтой. Кæсын сæм аивæй тæрсгæ-ризгæйæ, зæгъын, дарддæр цы уыдзæп. Уа- лынмæ Лохты рагъæй цыдæр мæ амондæн хъæр фæцыд, æмæ уыдон дæр, æвæццæгæн, фæтарстысты, æмæ Тæрс- джын комы ’рдæм æмуырдыг цæуыныл фесты. — Æмæ, Гыцци, >араджы чи хъæр кодта? — сцымыдис Дзантемыр. — Фæндаггон уыдаид, дæ нывонд фæуон, æндæр чи 219
хъуамæ уыдаид. Æз дæр мæ риуы дзаг сулæфыдтæн æмæ хъуамæ сыстадаин, фæлæ мæ зæнгтæ мæ быны бандзыг сты, æмæ сыстын мæ бон нал уыд, æрæджиау куыддæртæй сыстадтæн, фæлæ мæ уæнгтæ рызтысты, гæдыхъæдау. Фæн- дагмæ бæргæ схызтæн, фæлæ размæ цæуын мæ ныфс нал хастон... Ныццыдтæн хуымы кæронмæ, фæлæ змæлæг ни- куыцæй ничи ис, æз та афтæ æнхъæлдтон разæй сты. Æз дæр ма цы ми бакодтаин, æмæ райдыд^он кæрдын. Уалын- мæ Зура дæр нæтгæ-нæтгæ схæццæ. — Æмæ дын ницы загъта?—афарста йæ Бибо. — Цы мын хъуамæ зæгъа, хорз, дам, дын антыст кæр- дын. — Æгæр æмæ дæ нæ фарста, куыд ссыдтæ иунæгæй? Кæ- нæ йæ ды нæ бафарстай, иунæгæй мæ цæмæн рауагътай, зæгъгæ? — Ницы бафарстон. Уый хуызæн æдзæсгоммæ фæнды дзур, фæнды нæ. Уæртæ мæ Хъауырбег æрцардта, уый дæр уым Собæйæн хуым карста æмæ мæ донмæ цæуын дæр ни- куы ауагъта. Иу цалдæр угæсы мæ бæсты дæр ракарста,— йæхæдæг Дзантемырмæ бакаст. — Тæхуды, мæнæ мæ лæп- пу дæр искуы Хъауыры карæн куы уаид, æмæ йæм хуыммæ æд цæвæг куы кæсин. Æхсæвæры номыл кæрдзыны къæ- бæртæ ахордтат? — афарста йæ мæгуыр бинонты. — Мах дæр... Фæлæ дæуæн уыцы мæрдкъах исты сихор схаста, — афарста йæ Бибо. — Æндæр цы маст уыд уыцы рувасы, уæртæ мæм хоры хус сæкка схаста, æмæ йæ фæсалы атъыстон. Цу, мæ хъæ- бул, рахæсс æп, — загъта йæ фыртæн. Дзантемыр цырдгомау агæпп кодта, азмæста фæсал æмæ дзы рахауд хъæбæр хоры кæрдзын. — Гыцци, ацы кæрдзын йæ бæхы кæвдæсæй ист у, æн- дæр, йæхæдæг ахæмтæ хæры! — загъта худгæйæ Дзанте. — Не ’фсин, мах ахæмтæй ницы бакæндзыстæм, фæлæ батагъд кæнæм нæ хоры куыристыл, æмæ чысыл рæстæ- джы нæ къæбæргурæй фервæзæм, — загъта Бпбо Чендзе- йæн. Бахсæвæр кодтой мæгуыр бинонтæ, Зурайы бæхы уæл- дай кæй хуыдтой, уымæй адджынæн, æмæ се ’нæбары хуыссæны яæрæдты ныффынæйтæ сты. ФАРАСТÆМ СÆР Уыдис фæззыгон уазал, фæлæ ирд райсом. Фæззыгон халас къæхты бын хъыс-хъыс кодта. 220
Чендзе бæрз уисойæ сæрфта мусы халас, тындзыдта, цæмæй йыл хур ма ’рбакæса, æндæра халас атайдзæн, æмæ мус схуылыдз уыдзæн, фæлæ ууыл нæ хъуыды кодта,* мус æгæр хус куы уа, уæд та хоры нæмгуытæй дуртæ фылдæр кæй уыдзысты. Марзт æй куы фæци, уæд Бибо дæр мæкъуылтæ халын райдыдта, æмæ хуры скастмæ бафтыдтой сæ най. Уæдмæ сыл аныдзæвд хуры цæст. Бибо йæ худы зæронд фелвæста æмæ хурзæринмæ скуывта, цæмæй сыл боны хорз скодта- ид. Тындзынц мæгуыр бинонтæ, цæмæй сæ афæдзы куыстæй иу чысыл рæстæг се ’ххормаг фæсурой, æмæ сæ хоры къу- туйы чысыл хойраг ныккæной. Уæдмæ сæм дунейы ныфс, сæ иунæг лæппу Дзантемыр дæр бацыд, æмæ æнæдзургæйæ мусы куы æрлæууыд, уæд æм Бибо фæхъыг, дзаг мус ут, зæгъгæ, кæй нæ загъта, уый тыххæй. Дзантемыр йæ фыды ныхасыл фæхудт æмæ афтæ зæгъы: — Баба, мусы цы бафтауай, уый дзы уыдзæн, мæ дзыр- дæй кæд фылдæр кæны кæри, уæд ардыгæй изæрмæ дзур- дзынæн дзаг мус ут, дзаг мус ут, — йæхæдæг йæ фос уа- дзынмæ фæраст, фæлæ йæ Чендзе фæурæдта, æмæ йын йæ хызынмæ ныккаст. Куы ницы йын дзы уыд, уæд æй фæс- тæмæ арвыста, æхсæвы ма йын къусчы къусты æхсæн цы къæбæр бавæрдта, уымæ. Чендзе тынг тагъд кодта йæ на- йыл, бæрц къæбæрæй кæй цард йæ иунæг фырт, уый тых- хæй. Чендзе куыристæ куы æфтыдта, уæд фæхатыдта, иутæ дзы уæззаудæр æмæ æлхъывддæр баст кæй сты: — Дæ хорзæхæй, ацы лæг, дæ куыристæй иутæ — уæз- заудæр æмæ фидар баст, иннæтæ та — рогдæр? — афарста Бибойы. — Нæма зоныс, базæронд дæн, уый? — худгæйæ дзуапп радта Бибо. — Пуй, мæ фыдбылызтæ дæ хай, кæд адон бæтгæйæ дæ тых иухатт фылдæр нæ кодта, иннæ хатт къаддæр. — Æдылыкъоппа, мæ тых фылдæр нал кæны, фæлæ уы- дон Хъауыры баст сты, хуыцау ын йæ тых фылдæр кæна. — Æмæ дæм кæцæй фæзынд уый та? — Уыцы бон мæм бацыд æмæ уыцы куыристы кæрдгæ дæр нæхæдæг æркодта. — Ды зоныс, куыд хорз лæг дзы рауайдзæн? — Хорз лæг рауайдзæн та ма цы у? — Хорз бæргæ у, фæлæ сæ цыдæр тыхсын кæны: ус ку- рынвæнд кæнынц æмæ ирæдæн ницы амал кæнын сæ бон у. 221
— Уас нын ацы тыхст рæстæг нæ тæригъæд бахæрæд, кæд мæгуырæн йæ фæндæгтæ кæддæриддæр æхгæд вæй- йынц, æмæ хъæздыгæн та йæ кой æвзæрæйг дæр хъуыст вæййы, æндæра Хъауыр кæмæн у бафауннаг лæппу? — Мæгуыры ма чи нымайы ныр, кæд, дам, хорз у, уæд, дам, йæ хæдзары цæмæннæ исты ис, фæзæгъынц. Афтæ ныхæстæгæнгæ кодтой сæ куыст, фæлæ най æф- тыд куы фæци, уæд сæм хъæр цæуы кæцæйдæр, зæгъгæ, чи уын загъта, най бафтаут. Бибо æмæ Чендзе фæдисау сты: чи дзуры, зæгъгæ, æмæ кæмæ. Бибо йæ къухы аууонæй кæсы, æмæ федта æртæ ба- рæджы. Уыдон чысыл алæууыдысты, цыдæртæ адзырдтой сæ кæрæдзиимæ, стæй найонты æрдæм фæцæуыныл сты. Чендзе ризгæ хъæлæсæй дзуры йе ’мкъаймæ: — Цымæ та цы кодтам, нæ лæг? Дзырд æрæгмæ у, фæлæ уæдмæ æртæ бæхджыны мусы астæу æрбалæууыдысты, сæ раздзог — хъæуыхицау Рос- тъом, афтæмæй. Базыдта Бибо йæ мæгуыры бон, æмæ сын тарст хъæлæсæй æгас цæут, нæ буц уазджытæ, зæгъгæ, загъта, йæ пака худ фелвасгæйæ. Барджытæ сæ бæхтæ мусы астæу куыристыл фæуагъ- той, сæхæдæг Бибойы ’рдæм сæхи райстой. Сæ иу, мæгуырты тугæй æфсæст чи уыд, ахæм, Бибойы саламæи дзуаппæн загъта: — Ды нын куьтнæ зæгъай «æгас цу», уæд кæм цæудзыс- тæм æгасæй? Р1æ бакаст уыд сырх цæхæрайæ сырхдæр, йæ бæрзæйы нæрдтæ, къухы æнгуылдзтау, уыдысты зæбултæ. Бибомæ йе ’нæфсис цæстытæй бакаст, æмæ йæ къухтæ йæ хъамайы сæрыл авæргæйæ дзуры: — Дæуæн, æнаккаг цыдæр, чи загъта най бафтау? Бибо уыдта æрмæст бæхты, æмæ йын цыма йæ зæрдæ- йы уидæгтæ скъуынынц, афтæ йæм касти, хоры æфсиртæ кæй хордтой, уый, æмæ, хъусгæ дæр ницыуал кодта. Æрæ- джиау фынæйæ дзурæгау зæгъы: — Кæд исты фæрæдыдыстæм, уæд æй бараст кæндзыс- тæм, фæлæ, уæ хуыцаумæ скæсут, уæртæ уæ бæхты аиу- варс кæнут, кæннод мæ най æртæ бæхы фаг йеттæмæ нæу. Бибо йæ афæдзы куыстæй буц уыд, фæлæ йын æцæгæй та дыууæ къуыриваг дæр нæу стонг сурынæн. Бибойы тыхст ныхæстæм сырхцъар хъалонисæг Ростъоммæ бакаст æмæ бахудтысты. Уыцы рæстæджы хъалонисæг дæр уыдон ху- дынмæ бахудт æмæ, размæ бакъахдзæфгæнгæйæ, дзуры, йæ разы чи лæууы, уыцы тугцъиртæм: — Уæ хорзæхæй, амæн йæ сæр куысыфтæгæй у? 222
Æмæ та æртæ дæр ныккæл-кæл кодтой. Бибойæн йæ масты дзæкъул нæрсы бæргæ, фæлæ цы кæна, æмæ сæм ногæй сабыргай дзуры: — О, фæлæ мын ме ’нæбары муртæ анай кæнынæн дæр нæй бар? — Хæрæгæйгуырд, æмæ йæ мах цæмæй зонæм, цас баф- тыдтай, уый? — фæхъæр кодта хытъынджын хъалонисæг, æмæ йын ехсæй йæ гуыбыр фæсонтæн иу æрæвæрдта. Бибо, мæгуыр, фæгуыбыр ноджы, йæ кардмæ æркæсты- тæ кодта, фæлæ зыдта, уый фæстæ йæ Сыбыры хай кæй фæ- кæндзысты, йæ бинонтыл ын арт кæй бафтаудзысты. Лæгъстæгæнгæ та дзуры: — Омæ, цы ракодтон? Нæмгæ мæ цæуыл кæнут? — Хæрæгæйгуырд, най бафтыдтай æмæ хъалон фидын нæ хъæуы? — Банай кæндзынæн æмæ йæ иууылдæр ахæссут фæл- тау. Æниу ма дзы цы сисдзынæн, дæлæ сæ уæ бæхтæ ба- хордтой, — загъта Бибо æмæ усмæ дзуры, цæмæй бæхты раскъæра мусы кæронмæ. Хытъынджын лæг йæ цæстытæ ныззынг кодта сырдау Бибомæ æмæ, йæ хъамайыл хæцгæ, дзуры, цæмæй най су- гæстæ кæна фæстæмæ æмæ йæ базоной, цал угæсы сты. Бибо та сын райдыдта лæгъстæ кæнын, цæмæй йын сæ ногæй ма скуыристæ кæныи кодтаиккой, фæлæ йæм чи хъуыста? Чендзе дæр хъæуыхицауæн лæгъстæ кæны, цæмæй най бауадза цъæл кæнын, фæлæ йын йæ лæгъстæ ницæмæ æр- дардта, ноджы йыл фæхъæр кодта, зæгъгæ, никæй фæрсут, æмæ мæнæ дзурут æлдары кадджын минæвæрттимæ. Бибо дæр Ростъомæн лæгъстæйыл уыд, зæгъгæ мын мæ най ацъæл кæнын бауадзут, стæй уын æй æнæхъæнæй рат- дзынæн, науæд æй ногæй скуыристæ кæнон, Иры бæсты ахæм хъуыддаг не ’рцыд нырмæ. Уыцы ныхæстæм хъалонисæг тынг амæсты æмæ, йæ хъа- ма фелвасгæйæ, ныббогъ кодта Бибойыл: — Райдай куыристæ кæнын дæ най! — йæхи цæвыны æв- вонг æркодта. Бибо уый фехъусгæйæ йæ кардмæ февнæлдта, зæгъгæ, цæвут, æз иу мæлæт дарын хуыцауæй, æмæ йыл алыхатт дæр разы дæн. Æгъатыр хъалонпсджытæ базыдтой, ам хъуыддаг аф- тæмæй кæй не ’рсабыр уыдзæн, æмæ сын Ростъом цæстæй ацамыдта, Бибойы сбæттын кæй хъæуы. Уыцы амындмæ иннæтæ æртæрдыгæй сæхи баппæрстой 22а
Бибойыл, Ростъом ын йæ цæнгтыл фæхæцыд, цæмæй кард ма сиса, уыдон та йæ бæтгæ скодтой. Чендзе мусы алыварс рауай-бауай кæны æххуысæн- хъæл, фæлæ никуыцæй ничи зыны. Бибо, уыцы æнамонд хабары бахаугæйæ, ныхъхъæр кодта фæдис æххуысмæ йæ мæгуыр сыхбæстæм. Хъæр ныннæрыд кæмтты, æмæ Рос- тъомы цæстытыл ауад Хъауырбег æмæ йе уæнгтæ адон сты: — Рубен, цæуæм дарддæр, адонæн ныр сæ уд нæ къухы ис. Рубены коймæ Бибойæн йæ зæрдыл æрлæууыд, уый кæй у æгъатыр, æдзæсгом лæг. Уый бирæ сабиты баззайын код- та сидзæрæй, бирæты цард фæцыбыр^кодта æнæаххосæй æмæ уый тыххæй Мачабелтæй бирæ лæвæрттæ фæиста. Бибойы хъæр æнæхъæн хъæуыл айхъуыст, фæлæ дзы бынаты ничи уыд—алчи йæ мæгуыр куыстаджы сæр лæу- уыд. Æрмæст ма хъæуы уыд Саулæг. Уый цыд быдырмæ хор хæссынмæ. Йæ бинонты гуыбынæй рафтыдта цыхты муртæ æмæ сæ иу-дыууæбонваг хъуамæ хæринаг самал кæна, цальгнмæ най кæна, уæдмæ. Бабиан дæр нырма ам ис, цалынмæ йæ мойы афæндараст кæна, уæдмæ никæдæм ацыд. Къуымыхцытæ æвæрдта хордзены. Уыцы рæстæджы Бабианы хъустыл Бибойы фæдисы хъæр ауад. Ус фæджи- хау æмæ Саулæгæн загъта, зæгъгæ, акæс-ма, цыдæр æна- монд хабар та æрцыд, æвæццæгæн, Бибо уæгъды нæ хъæр кæны. — Æмæ цы кæны, — загъта Саулæг дисгæнгæйæ, — абон най кæнын куы уыд йæ зæрды? Рацыд æддæмæ дзургæ. Ракаст мусы ’рдæм, фæлæ дзы уынæр нæ хъуысти. Уæд æм ауад, æмæ йæ хъус Чендзейы хъарæг ацахста: «Ай ныл цы дудгæ бон æркодта, цы митæ нын кæнынц æнæхъуаджы?» Саулæг йæ цыд фæтагъддæр кодта. Схæццæ мусмæ, æмæ уыны мусы Бибойы бастæй, цонгæй лæдæрсы туг. Чендзе архайы, хъарæггæнгæ, йемæ. Бауадис сæм уый дæр, суæгъд æй кодта, æмæ йæ фæр- сы тарстæй, цы дæм рауад, зæгъгæ. — Цы фыддæр сæ тых æмæ сæ къона, махæн ацы ми- тæ чи кæны! —хъæрзгæйæ дзуры Бибо. — Æниу мын фыд- дæртæ хъуыд, цæмæ ма кастæн, кард райс æмæ сæ ныкъ- къуыхтæ кæн, цыма мæ куы амардтаиккой, уæд мæ цард мысыдаин. — Уæддæр цы уыдис, æз куы ппцы æмбарын ацы æбу- алгъ хабарæн? — цымыдисæй фæрсы Саулæг. — Райсом мæ мæкъуылты, зæгъын, цалынмæ хур не 224
’ркаст, уæдмæ сæ апырх кæнон не ’фсинимæ. Най дæр æф- тыд фæци, не ’фсин наййæгтæм арасти, уалынмæ, тугцъир бирæгътау, нæ уæлхъус æрбалæууыдысты æртæйæ. Бæхты наймæ бауагътой, сæхæдæг мыл райдыдтой хъæртæ кæнын, цæмæн, дам, бафтыдтай най æнæбафæрсгæйæ, нырма, дам, дын хъалон куыд бафидын кæнæм. Æз сын, зæгъын, банай кæнон, æмæ йæ иууылдæр ахæссут, уæддæр — мæгуыр æмæ мæгуыр. Нæ разы кæнынц ууыл, хойрагмæ сæ бæхты ба- уагътой, скуыристæ дам æй кæн ныртæккæ. Æз та сын аф- тæ, омæ ма дзы цы скуыристæ кæнон, уæ бæхтæ йæ куы ба- хордтой, уæд. — Нæхи хæцаг куыдз дæр семæ уыд? — афарста йæ Саулæг. — О, сæ раздзог уый уыд. — Æмæ æдылы фесты, кæд ма ’рцыд Иры зæххыл æф- тыд най скуыристæ кæнын? — Уас сæ хæдзæрттæ фехæлæнт, кæд сын æй æз дæр загътон. Удæгасæп мын кæй аирвæзт, уый мæм мæхи мас- тæй мастдæр кæсы. Цыдæртæ ма зæгъынмæ хъавылысты, фæлæ сæ хъустыл къæхты хъæр ауад æмæ фæкастысты фæндаджы ’рдæм. Федтой æрцæйцæугæ хъæуы фæсивæды хæрдысæры ’рды- гæй, се ’гасы разæй — Хъауыр, афтæмæй. Æппæты фæстæ та лæф-лæфгæнгæ уад Дзантемыр. Лæппутæ куыддæр мус- мæ бахæццæ сты, афтæ сыл Саулæг йæ уайдзæфы хай бап- пæрста, зæгъгæ, уæ æрæджиауы хорзæх уæд. Хъауыр йæхи бакъултæ кодта: — Баба, ницы базыдтам, цалынмæ нæм Баджери фæ- тæны сæрмæ ныхъхъæр кодта, уæдмæ. Баджерн дæр йæхи растгæнæгау райдыдта, зæгъгæ, фæ- дисы хъæр мыл фæцыд, фæлæ цы ’рцыд, уый нæ зонын. — Баджери, æмæ ды кæцæй фехъуыстай Бибойы хъæр? — фæрсы йæ Саулæг. — Æз уæлæ Дуры суадоны цур хызтон æмæ мæм Бибо- йы хъæр фехъуыст, зæгъгæ, цы фестут, баххуыс мын кæ- нут. Æз дæр адонмæ ныхъхъæр ластон æмæ лидзынмæ фæ- дæн, стæй мæ Гуыбе дæр раййæфта æмæ уалынмæ иннæтæ дæр, — радзырдта Саулæгæн Баджери. Саулæг ын йе уæхск æрхоста, зæгъгæ, хорз фæднсон дæ байрæз дæ мадæн æмæ иннæтыл йæ цæст ахаста: — Цы ’рцыд, уый æрцыд, фæлæ дарддæр абæстон хъæ- уы, найæн афтæ баззайæн нæй. Йæхæдæг лæппуты кусы- ныл аифтонг кодта. Хъауырбег æнцад хъусы йæ фыдмæ уæдæй нырмæ, йæ- хæдæг хъуыды кæны, уæдæ, цы уыдаид, зæгъгæ, фæлæ куы 15. Бязырты Д. 225
ницы йæ бон баци хъуыддаг бамбарынæн, уæд æй афарс- та: — Баба, цы ’рцыд, уый ма нын зæгъут, æви махæн хъæр- кæнинаг нæу? — Цы дын æй æппæлон, æлдары тугцъир сырдтæ та ам уыдысты æмæ мæнæ Бибойы бафхæрдтой, — дзуапп рад- та Саулæг Хъауырæн. — Æмæ, уæдæ, цы хæйрæджы хасты фесты, чердæм ацы- дысты? — зæгъгæ, йæ маст сæхсидгæйæ, фæрсы Хъауырбег. — Дæлдзæх фæуæд мах тæригъæдæй, нæ удтæй нын куыд хынджылæг кæнынц æнæхъуаджы, афтæ, — зæгъгæ загъта Саулæг æмæ хурмæ скаст, стæй йæ фæндаджы кой бакодта. Хъауыр та масты ныххаудта, æлдары тугцъирты кæй нал æрæййæфта, уый тыххæй. Чендзе фæхатыдта, Хъауыры маст цæуыл у, æмæ йын ныфсæвæрæгау бакодта: — Цы дæ зæрды уыд, мæ хур, ам куы уыдаиккой, уæд? Æгайтма сæхи къахæй фæтары сты, хæйрæджыты хай фæ- уæнт. — Пауле куыд зондджын лæг у, — дзуры Хъауырбег,— мах нæ царды дæгъæлтæ нæхæдæг куынæ райсæм, уæд нын афтæмæй ничи ницы сараздзæн, афтæ нæ хынджылæг кæндзысты, заууат нæ фæкæндзысты уыцы налаттæ. Уалынмæ Дзантемыр æнæхъæн хъæуы фос, наййæгтæ, æртардта. Хъауыр бæндæн æрцæттæ кодта. Мусы астæуыл цы къæбæл уыд, ууыл арæгъ-рæгъы кодтой наййæгты æмæ райдыдтой сæ куыст. Хæмыцы уæныг дæр уым уыд, фæлæ йыл дызæрдыг кодтой, кæд сын æй зæгъгæ кодта, уæддæр уыцы фæлито- йæн йæ дзырд фæзилын зын нæ уыд, æмæ дзы тарстысты. — Цæй, абон уал нæ куыст бакæнæм, æмæ та райсом фендзыстæм. Кæннод арсæй дæр тæрсæм æмæ йæ фæдæй дæр, уый раст нæу, — загъта Хъауырбег æмæ наййæгтыл ахъæр кодта. — Нæ, Хъауыр, дæ хорзæхæй, арсы фæд кæм фенай, уым фæйнæрдæм куынæ акæсай, уæд дын æвиппа-нды фем- бæлгæйæ аслам нæ рауайдзæн, — дзуапп ын радта Бибо, йæхæдæг, райсомæй йæм бирæгътæ кæцæй æрбазындысты, уыцырдæм акаст æмæ арф ныуулæфыд. Лæппутæ нырма лæууынц æмæ кæсынц наййæгтæм, фæ- лæ сæ бпрæ нал бауагътой кæсын, арвыстой сæ сæ фосмæ. Дзантемыры нæма фæндыд, æдзынæг каст наймæ, хъуы- ды кодта цæуылдæр, фæлæ ничи æмбæрста, цæмæн æн- 226
къард у, уый. Чендзе йæм бахатыд, цæмæй ацыдаид йæ фосмæ, æмæ уæд æвæндоны цыд фæцæйкодта. Цалынмæ уыдон ацы ныхæстæ кодтой, уæдмæ най дæр къæхты бын алæгъзис. Хъауыр, цæмæй сæ маст айрох уа, уый тыххæй Бибойæн дзуры: — Бибо, ныр дæр ма нсты зæгъдзынæ? — Цæй тыххæй, дæ хорзæхæй, Хъауырбег? — Æвæццæгæн та дæ æрбайрохис, Бйбо? — Нæ, мæ фыдыстæн, нал æй хъуыды кæнын,— Бибо хъуыдыйыл фæци. — О, арахъхъы тыххæй зæгъыс? Уый дын мæ бар фæуæд мæнæ адон æвдисæнæй. — Æмæ дын уæд махæн та цы ис, Бибо,— афарста йæ Баджери. — Æмæ сымах раджы счындзæхсæв кодтат, — дзуапн ын радта Бибо. — Хъауырбег чындзæхсæв кæнынмæ хъавы? — афгрста йæ Гуыбе. — Уый нæхæдæг зонæм æз æмæ Хъауырбег, — бахудт Бибо æмæ йæ цæст фæцъынд кодта Хъауырмæ. — Гъе, уæдæ, сусæгæй архайут, фæлæ уæ рæгъгæпæг дæр нæ хъæудзæн? — бахудт Гуыбе дæр. — Æз ницы фæнд кæнын, Гуыбе, фæлæ дæ алцы ма уырнæд, — фæсырх Хъауырбег. — Бибо гæдыныхас нæ зæгъдзæнис, — Баджери наййæг- ты æрцæфтæ кодта. Бибо тынг æфсæрмы кодта йæ кус- джытæй, фæлæ цы ми акодтаид, уый нæ зыдта æмæ ма тыхст хуызæй дзырдта, зæгъгæ, абон уæ куыстытæ ныу- уагътат мæн тыххæй, æмæ уый раст нæ уыд. — Уый цытæ дзурыс, дæ хорзæхæй, Бибо? Лæг фæдис- мæ кæцæй нæ цæуы, чи бамбæхсы, уый та æвзæрыл нымад у, — загъта Хъауыр. — Ды æмбисæндтæ ма хæсс, фæлæ чындзæхсæвмæ ба- цæттæ кæн, æмæ дын раст, нарты кадджыты куыд фæзæ- гъынц, æмбисонды чындзæхсæв куыд рауайа, — загъта йын Гуыбе. — Омæ кæй хъуамæ æркæнон, уый мын уæддæр баца- монут? — загъта Хъауырбег. — Уый уæхæдæг зонут мæнаё Бибоимæ. Бибо дæр сразы йемæ, зæгъгæ, чызг хорз, рæсугъд^ раст — хурыгуыдыны хуызæн. Ахæм ныхæстæ фæкодтой. æмæ уæдмæ най дæр фæуын- хъус æрци, Бибо йæ кусджыты арвыста, зæгъгæ, ныр нæхæ- дæг архайдзыстæм. Ацыдысты Хъауырбег, Баджери æмæ Гуыбе. Чеыдзе 227
æмæ Бибо найыл архайынц, фæлæ сæ боныгъæд асадын райдыдта. Бурсамдзелийы сæрмæ фæзындысты сау мигътæ æмæ бæрзондæй-бæрзонддæр истой сæхи. Зикъара дæр ба- фæзмыдта уый, æмæ сау мигъты стыхтой сæхи, æрмæст ма зындысты сæ цъуппытæ. Бибо йæ найы фырцинæй ферох кодта æппæт дæр, цыма йыл абон бынтон ницы ауад, афтæ. Стæм хатт-иу най- цæгъдгæйæ заргæ дæр бакодта. Ныр мигъы къуымбилты куы федта, уæд та йæ тæри- гъæддаг зæрдæ ныттар. Бауад æмæ наййæгтыл ахъæр код- та, цæмæй рæвдздæр ацæуой. Фæлæ мигътæ хъуынтъызæй- хъуынтъыздæр кодтой, æмæ арвы астæумæ истой сæхи, цы- ма бынтондæр сæ хъуыдыйы нæ уыд Бибо, кæнæ уыдон дæр райсомы тугцъир бирæгъты фæзмыдтой, æрбахгæдтой арв. Базыдтой мæгуыр, маствæллад мусонтæ арвы хъуыддаг æмæ ма йæ кæд хъуыд най кæнын, уæддæр ауагътой най- йæгты æмæ йæ сыгъдæг кæнын байдыдтой, Уалынмæ фæззыгон дымгæ райдыдта, арв дæр бынтон сæхгæдтой сау мигътæ. Бибо дæр хоры кæри зыгуымæй фæхицæн кодта. Мусонтæ сæ кæри куыддæр мигæнæнтæм бавгæдтой, — æниу кæри та цас уыд, фæлæ уæддæр æх- хормаг фæсурыны фаг уыдаид, — афтæ сæ уæлхъус æрба- лæууыд Собæ Ростъомимæ, зæгъгæ, дæ фырт мын мæ хуым кæй фесафын кодта, уый тыххæй ацы кæри мæн у. Бибо надвæллад, мæстджын уæвгæйæ, бынтон рахъа- выд йæ цардыл йæ къух сисынмæ, фæлæ та цыдæр ахъуы- ды кодта, æмæ ницыуал загъта. Ахастой кæри, æрмæст ма йын йæ сæрфæнтæ фæуагътой. Сæ фыдæбон, стæй сæ цин уæгъды фæци. ДÆСÆМ СÆР Фесты фæззыгон куыстытæ, фæлæ ма Комыхъæуы уæл- лаг фарс мусы былтыл уыди стæм мæкъуылтæ, фæззыгон къæвдатæй чи ныссау æмæ се рæгътæ кæмæн фæцъæх сты, ахæмтæ. Ноджы æхсæв-бонмæ йæ уарынæй нæ банцад, фæ- лæ бонырдæм уарыны ’ртах нал хъуыст. Саулæг къæвдайы тыххæй тыхсти, æмæ йыл уарыны ’ртæхты уынæр куынæуал цæуы, уæд ракаст чысыл, æнæбары фæрссагæй, йæ уатыл рабадгæйæ, æмæ федта, хæхтæ сæ уæлæ, ног чындзау, ца- вæрдæр урс пæлæз кæй æрбавæрдтой. Барызт Саулæгæн уый фенгæйæ йæ мæгуыр зæрдæ, фыр- мæстæй йæ нывæрзæн кæрцы зæрондæй райста йæ тама- 228
койы чыссæ æмæ дзы йæ дзыхы баппæрста. Æууилы æмæ йæхимидæг хъуыр-хъуыр дæр кæны, зæгъгæ, кæй та нæм æрхæццæ дæ. Хъауырбег нæ бамбæрста, йæ фыд цæуыл тыхсы, уый, æмæ йæ афарста: — Чи та æрхæццæ, чи, баба? — Чи куы зæгъай, уæд — мит, мит, — дзуапп радта Сау- лæг йæ фыртæн, йæхæдæг йæ фарсмæ Бабианы басхой-бас- хой кæны, цæмæй сыста, æмæ кæд мустæ бæззой, уæд сæ мæкъуылтæ анай кæной. Ус фынæй нæ уыд, фæлæ миты коймæ йæ зæрдæ адзæ- гъæлтæис æмæ хъуыдытыл фæци, зæгъгæ, куыд уыдзыс- тæм: хор нæй, суг нæй, бæгънæг, бæгъæввад, æмæ сын чи: фæнымайдзæн сæ хъуагдзинæдтæ? Ноджы чындз кæныны кой дæр кодтой æмæ сыл цыма барæй уæлдай тыхст рæс- тæг скодта се ’ннæ мæгуырдзинæдты уæлдай. Хъауырбег фестад йæ хуыссæнуатæй æмæ кæртæй афæл- гæсыд. Зымæгон уазал уддзæф ын йæ къæбæлдзыг сæрьь хил спырх кодта æмæ йыл йæхи æрбатыхта, цыма йын ныфсытæ æвæрдта, зæгъгæ, ма фæтыхс, мæнæн дæр мæ рæстæг ралæууыд æмæ, уæдæ, цы бакæнон. Хъыг уыд Хъауырæн миты æрæввахс, фæлæ кæмтты кæй не ’рхæцыд, уый йын æхсызгон уыд. Кæрты æмбондгæрон сæ хъуг йæ цыппар къахы сиу кодта, цыма уый дæр Хъауырæн буцтæтæ кодта, дуармæ йæ кæй ныууагътой, æмæ сæхи мидæгæй кæй бафснайдтой, уый тыххæй. Алырдыгæй хъуысти æвзонг фосы уасын ног ралæугæ зымæджы фыццаг боны уазалы тасæй. Хъауырбег фæтæригъæд кодта йæ хъугæн æмæ йын йæ хъуынджын буар æрсæрфтытæ кодта. Уæдмæ йæм Бабиан рацыд æд къæрта дуцынмæ. Бабиан хъуджы фæздон куы федта, уæд ыл уазалæй къух авæрæн нæ уыд æмæ хъугæн тæригъæдгæнæг йæхи скодта, афтæмæй Хъауырмæ дзуры: — Дæ нывонд фæуон, дæлæ йæ искæй скъæты бакæн, æпдæра амæлдзæн уазалы, науæд æй уæртæ хæдзары фæс- дуар абæттæм, ахæм бирæ фос нæм куынæ ис. Бабиан фæздон йе ’рмттæй батæфсын кæныныл бæргæ ацархайдта, фæлæ йын ницы æркодта уазалы æмæ йæ ныууагъта. Хъауырбег уый куы федта, уæд йæ мадæй баф- сæрм: — Гыцци, цæмæй зыдтон, мпт уардзæн, æндæра йæ ам нæ ныууагътаин. — Ныр ма цы, фæлæ йæ нал хъæуы ам уадзын, æндæ- ра нæ йæ сæр дæр нал фæуыдзæн, — йæ къæрта æхсыры 229
цъырттимæ бахаста мидæмæ. Хъауыр та фемдзаст, Дзан- темыр йæ кæрцы зæронды йæхи куыд æрбатыхта, йæ ны- мæт худы зæронд йæ сæрыл арф куыд æркодта, афтæмæй Хæмыцты ’рдæм куыд фæтындзы. — Кæдæм, дæ хорзæхæй, фæдисгъуызæй уараджы, Дзантемыр? — афарста йæ Хъауырбег. — Уазал дæр мæ скъæры размæ, фæлæ, хъусыс, уæртæ фосы ниуынмæ? Уæдæ, сæ хицауæй æдас кæй нæ дæн, уый дæр зоныс, — дзуапп радта лæппу, йæхæдæг йæ къахайст ноджы фæрæвдз кодта. Хæмыцты кæртмæ куы бахæццæ, уæд Пусине дæр фыс- тæ дыгъд фæци æмæ къæртайы дзаг æхсыр йæ дзыхыл сдардта. Дзантемыр æй куы ауыдта, уæд æм дзуры. — Цæхх ыл акодтаис, кæннод дæ зæрдæйыл сбаддзæн æмæ дæ артæнбылтæ фæкалдзынæ. Пусине хорзау нал фæци. Уый ацы хъуыддаг рагæй кодта, фæлæ йæ ничи зыдта. Æвæццæгæн ын исчи хом æх- сыры кой куы скодтаид, уæд йæхи сраст кæныны тыххæй цыфæнды карз сомыйыл дæр нæ бануæрстаид. Ныр къæрта фырадæргæй йæ къухтæй æрхауд, æмæ æхсыр фысты бын куы алæсæн, уæд йе тæрттæ суагъта æмæ Дзантемыры судзгæ æлгъыстæй фæцæйхордта, стæй йæм фаджысæйдзаг фыййаг фелвæста, ныццæвон æй куыд загъта, афтæ лæппу фыййаг ацахста æмæ йæ дард фехста. — Мæ аххос та фæци уый дæр. Хæдзармæ уал æй схас- таис, стæй йæ уæд иууылдæр баназ, — лæппу буцтæгæнгæ фос уадзынмæ фæци. Фыстæ дæр цыма æхсырæй фæтарстысты, лидзынмæ фесты æддæмæ, æмæ Дзантемыр араст сæ фæстæ. Цæуы æмæ хъуыдытæ кæны, афтæмæй фосы арф ада- джы хъæуы бынты баздæхта. Æниу, йæ мæгуыр цардыл хъуыды та кæд нæ кодта, кæд æй нæ раскъæр-баскъæр кодтой, денджызы уылæнтау, мæгуыр æмæ æфхæрд цар- дыл хъуыдытæ? Фос хиз, æмæ сын се ’хсыры ад ма зон, аф- тæмæй сæ бонкалд та зымæджы къæсæрыл дæр къæртайы дуцæд. Æмæ куыннæ хъуамæ бæлла лæппу йæ хæдзары бирæ нæ, фæлæ чысыл фос фенынмæ, сæ мæгуыр цардæй фервæзынмæ? Иæ мад мæгуырдзинады тыххæй фæдзуры, зæгъгæ, æнамонды боны гуырд фестæм æмæ нæ цæрæнбон- ты мæгуыр æмæ гæвзыккæй цæрдзыстæм. Афтæ хъуыдытæгæнгæ фæцæйцыд фосы фæдыл. Хъауырбегæй та, йæ фыд ын мусы тыххæй цы загъта, уый нæ рох кодта, æмæ йæм суад, фæлæ мус уыдис æгæр цъыф. Уæд мæкъуылтæ райхæлдта æмæ сæ хурмæ тауы. 230
Æниу ма хур дæр кæм уыд, фæлæ уæддæр йæхи сайдта æнæбары митæй. Уыцы рæстæджы Собæ æрбацыд æмæ Хъауырмæ йе ’нæфсис цæстæй ныккаст, стæй йын бакодта æнæбары «Бай- рай». Лæппу та йын ноджы æнæбарыдæр дзуапп радта. Сæ кæрæдзийæ райгонд никуы уыдысты, Собæ бынтон ныллæг хъæлæсæй уымæн райдыдта дзурын: — Дæ фыд кæм ис, абон æддæмæ куыннæ разынд? — Хæдзары нс. Цæмæн дæ хъæуы? — бафарста йæ Хъа- уыр. — Æнхъæл дæн, мæ фыстæй мын иу æрцахстат? — Æрцахстам, фæлæ ма уый дæу кæцæй у? Уыцы бон- ты мæ куыст дæ зæрдæмæ кæд нæ фæцыд, уæд уый æндæр хъуыддаг у. — Дæ куыст фæцыд мæ зæрдæмæ, фæлæ дын уыцы фыс нæ загътон, — ныллæг хъæлæсæй лæгъстæгæнæгау бакод- та Собæ. — Дæ къуымтæ мæнæуæй куы байдзаг сты, уæд дæ ферох, чи дын сæ куыста? — Афтæ нæ зæгъын, фæлæ дын æз уымæй нæ загъюн. — Ды мын цы загътай, уый æз тынг хорз хъуыды кæнын, фæлæ ды нал зоныс, дæ хуымтæ дын кæй æркарстон, уый. — Æмæ мын сæ ды æркарстай иууыл? — Иууыл та уанцон нæу, де стыр тъæпæнтæ мæнæн кæд фæуыдзысты карст, фæлæ м’ын кæй загътай, уыдон æркар- стон. — Æмæ уыдон цас уыдысты? — Куыд цас уыдысты? — пæхи фæтызмæг кодта Хъа- уырбег. — Цал боны дын æркарстон иæвæгæй? — Æртындæс боны. — Æхсырфæй та? Собæ дзы æмбæхсынмæ хъавыд, фæлæ лæппуйæ æдас нæ уыд: йæхæдæг дæр сæ хорз кæй хъуыды кæндзæн, ууыл дызæрдыг нæ кодта, æмæ йын, мæ зæрдыл нал лæууынц, зæгъгæ, загъта. — Уæдæ уал сæ æрхъуыды кæн, — дзуры йæм Хъауыр- бег, — æз уал ног бынхостæ æрбадавон мæ мæкъуылæн, — фæцæуæг мусы уæлбылмæ. Собæ мæстæй бæргæ мард, фæлæ йын æргом сдзурын дæр æнцон нæ уыд, æмæ йæхи урæдта. Æрмæст сфæнд кодта лæгъз æвзагæй йæ фæсайын. Хæмыц дæр дзы тарст. Æгæръгстæмæй дзы Ростъом дæр æдас нæ уыд. Хъауыр æрбаздæхт, æмæ йæ фæрсы, зæгъгæ, нæма "’рхъуыды кодтай мæ фыдæбон. 231
— Æнхъæл дæп, дыууадæс боны, — салам дзуашт рад- та Собæ. — Уæдæ ма цæуыл дзурыс, 25 боны куыстмæ дæ райс- тон иу фыс. 20 бонмæ дыууæ фысы не ’мбæлы? 5 боны кой нал кæнын. Авд азы дын æнæмыздæй фыййау кæй фæцыд- тæн, уыдон дæр дын — хæлар. — Æмæ дæ кæд нæ фæндыд, уæд цæмæн цыдтæ мæ фо- сы фæстæ? Хъауыр тынг амæсты, фæлæ йæ масты дзæкъулты кæмт- тæ не суагъта, уæддæр ын кодта, ома айс дæхи æиæмастæй ардыгæй. — Æмæ мæ фыс та? — Уый ныр дæу нал у, фæлæ ацу ардыгæй! — Кæд-иу нæ уа мæн, уæд фендзынæ. Уæд, æцæг, ам дæуæй тыхджындæр ничиуал ис. — Æз тыхджын куы уаии, уæд дæу æмæ Хæмыцæн лæ- вар п’æ кусин. Стæй дæ мæ тыхæн аргъгæнæг нæ кæныи. Собæ ма цыдæр зæгъынмæ хъавыд, фæлæ фæхатыд, Хъауыр кæй смæсты, æнцон ын кæй у йæ масты фæдыл а’цæуын, уый, æмæ араст сæхирдæм æнæдзургæйæ. Куы баввахс йæ хæдзармæ, уæд нал фæлæууыд æмæ йæм ра- хъæр кодта: — Цæрæнбонты дæ хæдзарæй сымæр смаг йеттæмæ никуы ницы ракалд æмæ ныр мæ фысæй бур физонæг кæн- дзынæ, фæлæ цырд лæу! Тынг мæстджын уыд Собæ, нал зыдта цы акæна, фаелæ- кæртæй усмæ дзуры, цæмæй йын йæ пысултæ æрдава: йæ размæ. Ус ыл бабуцтæ кодта, фæлæ, ’нæвдæлон дæн, куы загъ- та, уæд ын сæ рахаста. Собæ æрбакодта йæ уæлæ йæ дарæс: цухъа, рон, хъама, бухайраг худ, цырыхъытæ... Бынтон лæгхуыз уыдн, фæлæ йæ цæст æвидыц уыд. Йæхи куы ’рбалвæста, уæд йæ усмæ бакаст, цыма йæ фæрсгæ кодта, цы цух ма у, уымæй. Араст тагъд-тагъд, фæстæмæ дзуры, ома, тагъд куынæ ’рбацæуон, уæд мæм уæ зæрдæ ма ’хсайæд, афардæг хъæ- уыхицауы ’рдæм. ИУÆНДÆСÆМ СÆР Ныллæууыдысты зымæджы тар бонтæ. Мит ныууарыд бирæ’. Комыхъæуы цæрджытæй æддæмæ ничиуал кæсы, ал- чи бады йæ къонайы фарсмæ, æмæ хæдзарæй-хæдзармæ дæр фæд нал ис. Фæлмæцынц мæгуыр царды, фæлæ уæд- 232
дæр мæлын никæйы фæнды æмæ, зæйæ тæрсгæйæ, æддæмæ ничиуал кæсы. Æнæхъæн мæйы бæрц æвзæр бонтæ кодта æмæ адæм арвы рухс нал федтой. Цыдис тынг дымгæ, æмæ цыма мæгуыр хъæубæсты искуыдæм хæссынмæ хъавыд, уы- йау-иу хæдзæртты бындзарæй нынкъуыста, куы та-иу зæр- дæхалæн ниуд бакодта. Уыд фæсахсæвæртæ, фæлæ ма Биботæ бадтысты. Бн- бо-иу къонайы артыл хуылыдз сугтæ æрæвæрдта. Дзанте- мыр та дурын тæрхæгыл йе ’рчъитæ дзæбæхтæ кодта. Абон ^ райсомæй Хæмыцæн цъеритæ ласгæйæ тынг ныххуылыдз сты. Бибо артыл бæргæ архайы, цæмæй йæ хуылыдз пысул- тæ асур уыдаиккой, фæлæ ногкоид хуылыдз къæцæлтæ нæ коммæ кастысты. Мæгуыр бинонты тых дымгæ хъыг дард- та ердойæ дæр æмæ дуары зыхъхъыртæй дæр. Уазалы æд- де ма фæздæджы дæр тыхстысты. Бибо дуаргæрон мнты хъæпæнтæ куы федта, уæд Чен- дзейæн цыдæр бызгъуыртæ рахæссын кодта æмæ сæ дуары зыхъхъырты атъыссын кодта. Хъæды астæу цардысты, фæ- лæ нæ уæндыдысты хъæд ракæнын, уый дæр иугай лæгты къухы уыд. Æнæбары æхсæвæрмæ æнхъæлмæ кастысты мæгуыр бинонтæ, фæлæ сæ фæздæг иæ уагъта. Райста Чендзе æрæджиау йæ аг. Дзантемырæн къустæ æрхæссын кодта. Мад бахудти, æмæ йæ афарста, цыппæ- рæм къус кæмæн æрхаста, уымæй. Дзантемыр йæхæдæг дæр фæхудт, æмæ афтæ зæгъы, æз Ханиффæйы дæр ам æнхъæлын, зæгъгæ, фынæй кæны æмæ йæ хæрынмæ райхъал кæнон. Чендзейæн йæ чызг йæ цæстытыл ауади, йæ мæгуырæй кæйдæр хæдзары кæй бады, уый тыххæй мады цæссыгтæ æркалдысты. Чендзе æхсæвæрыл фидарæй аскъуыддзаг кодта, рай- сом саспртæ кæп ахæсдзæнис уæймæ, æмæ йæ чызджы дæр кæй ракæндзæнис йемæ. Сæрды сæ куыстытæп не ’вдæлд, хæдзары йемæ хицау нæ уыд, ныр та мæгуырæй дæр сæ цуры хъуамæ уа. Бибо пын хъазгæйæ, омаг тагъд чындз æркæндзыстæм, æмæ йæм уый кæсдзæнис. Стæй æрлæууыд пæ зæрдыл, Хъауырбегæн бинонтæ æркæнын афон кæй у, æмæ ирæды тыххæй йæ хъуыддаг кæй къуылымпы кæны. — Дæ хорзæхæй, нæ лæг, Тома ницыма зоиы лæппу æмæ чызджы хъуыддагæн? — Куыннæ сæ хъуамæ зона, фæлæ уый дæр уæртæ Со- бæйы хуызæн зыд, æнæфсис лæг у, æмæ бирæ мулкмæ хъавдзæн, — хæргæ-хæрын дзуапп радта Бибо. 233
Чендзе та йæ фыртмæ бакаст æмæ йыл ахъуыды код- та, зæгъгæ, чйын æй искуы, мыййаг, мæгуырæй куы фауой æмæ ’рымысыд Бибойы хъуыддæгтæ дæр — йæ фыд æй цалдæр хатты куыд расырдта сæ хæдзарæй. Бибо уæд æнæхъæн æртæ азы хæдзармæ нал æрцыд, æх- хуырсты мыздæй чысыл цыдæртæ рамбырд кодта, стæй уæд йæ мыггаджы хуыздæрты арвыста минæвар Къæбыс- ты Пидомæ. Пидо бамбæрста, дæндаг цæуыл фæхæца, уый кæй фæ- зынд Тотырбеджы хæдзары, æмæ сын сразы йæ чызджы радтыныл. Ахæм хъуыдытæй æфсин тынг æрæнкъард æмæ дзы хæ- рын дæр ферох. — Цымæ никæй ма барвыста хатæг Пидомæ? — афарс- та йæ Чендзе. — Нæй, нæй. Мæгуыр æмæ гæвзыкк адæймагæн ахæм уавæрты ницыгæнæн вæййы. Мæгуыр бинонтæ бахсæвæр кодтой, дымгæ дæр сæ фæ- уагъта; фæлæ дуар чидæр лæдзæгæй æрбахоста, уалынмæ йæ дзурын дæр æрбайхъуыст, бадгæ ма кæнут, зæгъгæ. Бинонтæ куыннæ базыдтаиккой Саулæджы хъæлæс. Саулæг бахызт мидæмæ, салам сын радта æмæ æрбадт. къонайы фарсмæ. Бинонтæ бацин кодтой сæхи хуызæн мæгуыр, хæлар- зæрдæ сыхагыл, афарстой йæ ног хабæрттæй. — Бибо, афтæ уары æмæ райсоммæ нæ мæгуыр хæ- дзæрттæ фæбынæй уыдзысты, — дзуры Саулæг, йæхæдæг йæ сæрæй систа уæлдзарм худ æглæ йын йæ мит ацагъта. — 0, мах тæригъæд бахæра, уымæн æрсабыр, æвæцнæ- гæн, — бакодта Бибо дæр. Биноптæ тыхстысты, Саулæг сæм кæй ницыуал хæри- наг æрбаййæфта, уый тыххæп, æмæ фергом кодтой, фæс- хæрд сæм кæй æрбахаудта, уый. — Хуыцау уын бирæ фæллой раттæд, æз дæр æфлæджы сæрты нæ рахызтæн, мыййаг. Зымæг нæ æдзæттæйæ æрæй- йæфта, — дзуры Саулæг, — æппæтæй — тыхст æмæ, афтæ- мæп чи бафæраздзæн уалдзæгмæ. — Хуыцауы хъуыддæгтæн чи цы зоны, стæй сæ куы зо- нæм, уæддæр ын цы нæ бон у, Саулæг, мæ хур, — загъта Бибо. — Уæдæ, уæртæ нæ бонджын бирæгъы дæр сафдзæн, уæд ^æлæмæ æрхауæд, — рамæсты Саулæг. Бибо артыл суджы къæцæлтæ баппæрста. Саулæг кæсы артмæ, æмæ сугтæ судзыны бæсты сæ комы дон уадзын 234
куы райдыдтой, уæд Бибойы афарста, йæ лæппуйы куыст- мæ йын цы радтой, уымæй. — Ниц’ы, ницы, мæ хур. — Æмæ дын цы хъуамæ радта? — Дзырд куыд уыдыстæм, уымæ гæсгæ — иу далыс æмæ дыууæ къæртайы хъæбæр хор, фæлæ дзы æз ницыма уынын. — Сæ иу дæ куы фæуа, уæд иннæтыл мауал дзур. Адон фæлитойтæ сты, кæсыс уæртæ Собæйы митæм, хуыцау æй ма сраст кæна. ^ — Цы, дæ хорзæхæй, Саулæг? — Цы фыддæр йæ хæдзар, фарн та дæумæ дзурæд. Уæр- тæ кæйдæр сидзæрæн ницыуал дæтты. — Уæд цæмæннæ? — Мæнæ йын нæ лæппу æнæхъæн фæззæджы дæргъы фæкуыста, æмæ йын загъта. зæгъгæ-иу фыстæй дæхæдæг æрцахс, фæлæ ныр нал разы кæны, фыс куы ’рцахста æнæ- фæрсгæйæ, уæд. — Æмæ уыцы фысæй кæйдæр сидзæрмæ цы хауы? — Цы, уый зоныс? Ханджери сæ хызта æмæ, дам, дзы пу кæй фесæфтат, уый тыххæй йын нал дæтты хизæггаг. — Ай, мæнæ цæрæнбонты цахæм диссаг не ’риыд, ахæм куы у. Уæдæ, ныр хæрзаг йæ мад йæхи мары мастæй. — Маст та куынпæ, фæлæ кæд афтæ сыдзæсгом уа, уæд мах уый тæригъæд цæмæн хъæуы, æмæ йын уæд йæхпимæ фидаудзæн нæ лæппу. — Кæсыс, куыд хинæйдзаг ми бакодта уыцы лæбырд- цæст, ома. фыс дæхæдæг æрцахс, æмæ йæ стæй фыййауы ’фсон фаёкæна, — дисгæнгæйæ дзуры Бибо. — Ныууадз, Бибо, дæ хорзæхæй, уый фыццагхатт куы- нæ ’взарæм, мыййаг, фæлæ, цæмæ ’рбауадтæн, уымæй мæ цæмæннæ ф’æрсыс? — Æмæ дæ цы фæрсон, æгайтма æрбауадтæ, ныр æхсæв даргъ у, æмæ кæрæдзи иыхасæй аирхæфсдзыстæм. — Ирхæфсгæ нæ, фæлæ дæм æндæр хъуыддаджы тых- хæй æрбауадтæн. — О, дæ рын бахæрон, æмæ дын æз цы хъуыддаджы лæг дæн, дæлæ нæ бонджынты хъуыддæгтæ æз куынæ лыг кæ- нын, мыййаг. — Уый цæмæн зæгъыс? Алчидæр йæ хъуыддаджы лæг у, стæй мын ныр ды цы саразай, уый—ничи, уæлдайдæр та, кæй кой кæныс, уыдон. Бибо уайтагъд фембæрста хъуыддаг, æмæ йæм дзуры: — Табуафси, кæд искуы бæззын, уæд æз цæттæ дæн. Саулæг йæ къæдз лæдзæг йæ дæларм фæкодта, йæ уæз 235
ыл æруагъта, æмæ Бибойæн йæ хъусы дзурæгау кæны: — Уæртæ дæ кæдæмдæр æрвитын, æмæ ма базивæг кæн, дæ хорзæхæй. — Куы дын зæгъын, Саулæг, кæм дын бæззын, уым ни- цæуыл бацуарддзынæн. — Уæдæ мын уæртæ Джиоты Томамæ бауай минæвар, æцæг, хæдзары ницы ис, фæлæ мах никуы схъæздыг уы- дзыстæм, æмæ мæ фырт кæдмæ æнæус уыдзæн? Йæ цахъ- хъæнтæй алчи æд зæнæг у ныр. — Уый æцæг хъуыддаджы тыххæй куы ’рбацыдтæ, — бахудт Бибо. — Дунейы скæнæг хуыцау æй баифтонг кæ- нæд. — Гъе, мæ хур, уæдæ, бауай, æмæ уæд пфтонг уыдзæн. Демæ Тома хорз у, æмæ дæуæй дарддæр никæмæн басæт- дзæн, æрмæст-иу ын ирæдæй ныфс бавæр. Бибо Саулæджы ныхæстыл ахъуыды кодта, зыдта, зыд лæг кæп у, æмæ стыр ирæд кæй æрдомдзæн. Уæддæр æр- гом ницы загъта ахæмтæй, фæлæ уал æм, зæгъгæ, æндæр искæй куы арвитид, ахæм фæндон æм кæй ис, уый йын загъта. Саулæг дæр бамбæрста Бибойы фæндоп, уымæн ын загъта, зæгъгæ, æндæр никæй ис гæнæн æрвитынæн. Саулæг ма ахъуыды кодта Тугъаныл, фæлæ уый та зæ- ронд лæг у, æмæ стæй ацы митвæндагыл тæригъæд у, куыд хъуамæ фæцæуа, зæгъгæ. Иннæтæй та æвзонджы тыххæй æрвитæн никæмæн уыдис, æмæ уæд хъуыддаг бæстон æр- æнцад Бибойыл. Саулæг ын ныфсытæ æвæрдта: — Тæрсгæ ма кæн. Цы уа, уый уыдзæн. Стæй дæу дæр тагъд бахъæудзæн ахæм хъуыддаг, ныр дæ фырт лæг у. — Уæдмæ не знæгтæ сæ сæртæ куы хоиккой, цалынмæ мæ хуызæн мæгуыртæн ахæм хъуыддаг æнцон нæ уа. Æгайтма дæхæдæг баифтонг дæ, тынг æхсызгон мын у, цы- ма мæхи иунæгæн кæнын цины хъуыддаг. — Уæдæ-иу райсом нæхимæ бауай, æмæ дæ араст кæ- нæм, — йæхæдæг, дзургæ-дзурын, йæхиуыл схæцыд, баца- гурон мæ хæдзар, зæгъгæ. Бибойæн ма кæмдæр йæ зæрдæ цыдæр æхсайдта, æмæ нæ уадзы Саулæджы, ома чысыл-ма абад, Чендзе дæр ын цæстæй ацамыдта, бауром æй, зæгъгæ. Саулæг ын фембæрста йæ хъуыды, æмæ^ ноджы баф- сæрм, стæй йын, ома, ныр æнафон у, райсом ам уыдзыс- тæм, не ’рлæууыд. Бибо дæр схуыссыд, фæлæ цæй фынæй; æнæхъæн æхсæ- вы йæ цæстытыл уад, сомизæр Томаимæ куыд дзурдзæн, 236
æмæ та-иу арф ныуулæфыд. Хатт-иу æддæмæ райхъуыста, фæлæ уырдБ1гæй уынæр нæ хъуыст. Хъæу сæ фырмæгуы- рæй кæдæмдæр фæлыгъдысты æмæ дымгæ та уыдбн мас- тæй хъуыдыты фæци. Æрмæст ма мит кодта йæ куыст цæс- гомджынæй, райсоммæ хъавыд Бибойы фæндæгтæ æрæх- гæныимæ. Хуыздæр бон нæ уыд Хъауырбегыл дæр, æнæхъæн æх- сæв никуы бафынæй. Тынг тарст Хъауырбег, чызгимæ æр- гом кæй никуы ныхас кодта, уый тыххæй. Йæ сæрмæ йæ куынæ хæсса, зæгъгæ, ды мæгуыр дæ, уæд ын уый дæр лæгъстæ кæнын йæ сæрмæ нæ бахæсдзæнис. Ирæдыл куы ’рæнцайа хъуыддаг, уæд цасфæндыйы тых- хæй дæр йæ уд рауæлдай кæндзæнис. Хуыздæр уавæры нæ уыд Сæлимæт дæр, кæд Хъауыр- бегимæ никуы ныхас кодта, уæддæр. Зындоны арты сыгъ- ди йе ’взонг зæрдæ Хъауырбеджы уарзондзинадæй. Куы-иу фембæлдысты, уæд-иу æй йæ уарзондзинад размæ акъах- дзæф нал уагъта, фæлæ ирои намыс æвзонг чызджы размæ рæхойæгау кодта æмæ та-иу куы фæцæйцыд Хъауыры рæз- ты æнæбары къахдзæфтæй, уæд уый та афтæ æнхъæлдта, æнæрвæсон мыл кæны. ДЫУУАДÆСÆМ СÆР Зымæг бонæй-бонвыддæр кодта. Æнæхъæн къуыри йæ уарынæй нæ банцад, ноджы схъызыд, Саулæг æмæ Бибо тынг тыхстысты, сæ бадзырдгонд хъуыддаг аразынæн сын фадат кæй иæ лæвæрдта, цыма зыдта, Бибо уæгъды цæуы æмæ йын фæндаг ма раттæм, зæгъгæ. Хуыздæр бонтæ не ’рвыста ацы къуыри Чендзе дæр. Уымæн та йæ чызгмæ æхсайдта йæ зæрдæ. Бибо пын кас- ти йæ тыхстмæ, æмæ-иу ын цалынмæ бабуцтæ кодта, уæд- мæ-иу уынгæджы уыд йæ «ацæуон, ацæуон»-æм æй. Стæп къуырийы фæстæ раирдис. Мигътæ сæхиуыл схæ- цыдысты, цыма хъæуæн тæригъæд фæкодтой, æпæхъæн къуыри сæ мит æмæ хъызты хъæбысы кæй фæдардтой, уый тыххæй. Ныр зымæгон хуры æнæбары цæстæн фæндаг рад- той зæхмæ. Дард балцы цæуынæн нæма бæззыд, фæлæ Бибо Сау- лæджы ’фсæрмæй марди, сом-сом ын кæй кодта, уый тых- хæй. Ныр абон сфæнд кодта, йе сæфт куы уыдаид ацы бал- цæй, уæддæр ын æнæцæугæ кæй нал уыд. Райста къулæй йæ фыды хъама æмæ йæ асæрфтытæ кодта, йæхи æррæвдз кодта цæуынæввонг. 237
Чендзе дæр йæхи цæттæ кæпы йæ чызгмæ Майрæмы хъæумæ фæцæуынмæ. Бибо æдзынæг каст йæ размæ, æмæ лæугæйæ баззад. Чендзе йæ куы ауыдта, уæд ыл сбустæ кодта: — Дæ хорзæхæй, исчи ма ахæм хъуыддаджы фæдыл зæрдæдзургæйæ цæуы? — Къæбысон, иууыл кадджындæр хъуыддаджы фæдыл мæ æрвитынц, фæлæ мæ цыд ныфсимæ нæу. — Ды афтæ æнхъæлыс, иннæ минæвæрттæн сæ сæ ра- зæй рарвитынц? — Ды нæ зоныс, æгадæй раздæхын мын мæлæтæй фыд- дæр кæй уя уый, æмæ уымæн афтæ дзурыс. Уæддæр йæ сæр бæрзонд систа, скуывта афтид армæй хуыцаумæ, æмæ ахызт къæсæры сæрты. Йæ фæндаг ракод- та Саулæгтыл. Хъауыры баййæфта тыргъы. Сæ кæрæдзи- йыл баузæлыдысты, стæй лæппу бахъæр кодта мидæмæ: — Хæдзаронтæ, уазæг уæм фæцæуы, уазæг! Саулæг раст цыты уазæджы цин бакодта Бибойыл. Бибо кæд уæлæдарæсæй цух уыд, уæддæр дзы бæлццон- арæзтæй зæрдæ рухс кодта. Ноджы йæ фысымтæ куы ба- буц кодтой, уæд фæстæуæз абадт. • — Марадз, æфсин, истæмæйты нæ хорз фен, стæй нæ акувын дæр кæй хъæуы, уый дæ ма ферох уæд, — дзуры æфсинмæ Саулæг. Бинонтæ ахæм хъæлдзæг уыдысты, æмæ цыма чысыл фæстæдæр сæ чындз сæ къæсæрыл æрбалæудзæн. Уыцы циндзинад артыл дæр зынд — йæ зынджытæ цæ- хæркалгæ ердойæ схъиудтой. Бабиан, рагæй цæмæ бæллыд, уый йæ баййæфта абон. Ферох дзы сты йе ’ппæт мæгуырдзинæдтæ. Цалынмæ лæг- тæ ныхас кодтой, уæдмæ фæныкæй райста дынджыр чъе- ци, йæ уæлæ — уæливых, йæ цыхт уæлæмæ сæнхъызт, аф- тæмæй, æмæ сын æй фынгыл сæ разы авæрдта. Бибо тынг батыхст, зæгъгæ, мæ ницы хъуыд. — Цы хъæуы, уый бæргæ зонæм, фæлæ ницы хуыздæр нæ къухы ис, — Бабиан кæмæйдæр æрбахаста чысыл сау дурыны дзаг арахъхъ. Хъауыр сын уырдыг балæууыд, æмæ дыууæ сыхаджы хорз фæкуывтой сæ амондджын хъуыддагæн. Уæддæр Би- бойæн Тома йæ цæсты разæй нæ хицæн кодта. Ноджы йын Саулæг æгæр буц митæ куы кодта, уæд уый фæстæ æгадæй раздæхын стыр худинагыл нымадта. Æмæ Уастырджыйæн ныллæгъстæ кодта æмæ араст йæ фæндагыл. Хъауыр уыи- гæй æрбаздæхт, æмæ йæ фыдæй къахкъæлæттæ æрцагуырд- та, цæмæй йæ фысæн хос æрдавтаид. 238
Саулæг фысы кой куы фехъуыста, уæд дзуры йæ фыр- тæн: — Лæппу, уыцы фысы хъуыддаг куынæ сраст кæнай, уæд хорз нæ рауайдзæн. — Баба, йæхæдæг мын загъта, æндæр ницы сарæзтон! — Махæн æхсарæй ницы саразæн ис. Кæсыс, ам та микуы зыпы, æмæ кæд хъæстмæ нæ уа, уæд фендзынæ. — Æмæ æз æхсарæй куы ницы аразын. — Куыд ницы аразыс? Æмæ, уæдæ, кæйдæр лæппуйæн йæ мызд цæмæннæ дæтты? ^ — Кæд ын нпцыуал дæтта, уæд ын æз ратдзынæн мæ фыс, стæй мæхæдæг зонын, куыд аразын хъæуы, уый, — мæстыхуызæй загъта Хъауырбег. — Куы йын дæттид исты, уæд ныр мæнæ æрдæг зымæг фæци, æмæ йын æй хæсгæ дæр уый нæ кæны, мыййаг. Ни- цы тох кæнинаг нæ ис, мæ хъæбул, дæ сæрыл хаст фæон, æмæ дæхицæн сбад, — тарстхуызæй загъта Бабиан. — Уæ хорзæхæй, цытæ дзурут! Æмæ, уæдæ, æнæхъæн сæрдыгон-сæрддæргъы цæуыл тухи кодтон Собæйæн, цы дзы дардтон? Фыс мыи куы загъта, уæд мæ удыл нал ба- цауæрстон. — Уыдон, мæ хъæбул, лæджы туг нуазын ахуыр сты æмæ тæригъæд нæ зонынц. Бирæйæн калмы фыд дæр тайы, æз та дзы дардмæ лидзын. — Гыцци, арсæй дæр тæрсон æмæ йæ къахы фæдтæй дæр, уый мæ бон нæу! Саулæгмæ хорз нæ касти Хъауыры схъæл ныхас, æмæ йæм мæсты кодта, фæлæ уæддæр йæхи æргом кæ равдыс- та. — Лæппу, арс афтæ тæссаг нæу. Уый иухатт куы фæ- лæбуры, уæд разиан кæны фосæн, æмæ та иу-цасдæр рæс- тæджы нал фæзыны, фæлæ адонæн æппынæдзух хъуамæ хизай дæхи, хæрынп мæгуырты тут, æмæ сын ннкæйы бон ницы у. — Баба, æз ныртæккæ дæр феуæгъд кæндзынæн ацы фы- сы, фæлæ ма зæгъа, фæтарсти мæ, æмæ æндæр хатт та но- джы фыддæр фæуыдзæнис. Æмæ сæ иугæр афтæ куы тæр- сон, уæд мæ удæгас цы у? — Дæхи фæуром, мæ хур, дæ масты фæстæ ма цу, мæ- нæ хъуыддагыл архайыс æмæ ууыл ахъуыды хъæуы. Ныхас ныртæккæ бæхыл" бады, — лæгъстæгæнæгау ын дзырдта Саулæг. Уæдмæ дуарæй кæйдæр нымæг къæхты хъæр æрбай- хъуысти. Бабиан æм ауад æмæ дзы Чендзейы лæугæ ауыдта. 239
Мидæмæ йыл архайдта, фæлæ нæ комы, тагъд кæнын, зæгъ- гæ. — Кæдæм тагъд кæныс, дæ хорзæхæй? — афарста йæ Бабиан. — Мæ сывæллоны хъуамæ ракæнон. — Мæллæг кæд нæу, мыййаг? — Мæллæгæй ницы фехъуыстон, фæлæ ныр дыууæ азы уым ис æмæ сæ æфсæрмы кæнын, сæхæдæг дæр къæбæрыл тыхст вæййынц. — Цы сæ ’фсæрмы кæныс, уый дæр дæ мадызæнæг у æмæ йæ дæуæй къаддæр нæ уарзы. — Ме ’нæбары хæдзармæ-иу мын дæ хъус фæдар. Лæп- пу дæр райсом Хæмыцтæн цъеритæ ласынмæ ацыд æфцæг- мæ. Йæ тæригъæдæй сын дзæгъæл баззайæд, йæ уд ын сластой, æндæр ын нырма цæй цъери ласын афон у. • - Дæ сасиртæ демæ хæссыс? — Кæд сæ къуымбил, кæнæ цыхтыл аивин. Сæ къæхтыл мын цъындайы хъæстæ нæй. Райсом дæр катайгæнгæ ацыд. — Ацу, уæдæ, мауал изæр кæн, хæдзармæ ма ’хсайæд дæ зæрдæ, — зæрдæ йын авæрдта Бабиан. Цæуы Чендзе дæр арф миты. Йæ дыууæ сасирæй галы ныфс æвæры. æмæ йæ тых дæр цыма фæфылдæр, афтæ йæм кæсы. Хъуыдытæ кæны, зæгъгæ, истæмæн мын феххуыс уы- дзысты æмæ йæ хъæбулы та йæ мæгуыр хæдзармæ рахæс- дзынæн. Тæхуды, зæгъгæ, исчи мын урсаг куы авæрид ног- бонтæм, уæд мæ хæдзары æз дæр æртæ ссывды скæпин. Ахæм мæгуыр хъуыдытæгæнгæ цыди размæ Чендзе, цæ- мæй зыдта, абон æм цы фыдбылыз кæсдзæн, æндæра рага- цау йæ ныфс асастаид. Зæйæ тæссаг уыд, фæлæ мæгуыр- дзпнад адæймаджы кæм нæ амидæг кæндзæн. Фыр тагъд цыдæй бафæллад æмæ доны был чысыл аулæфон, зæгъгæ, æмæ йæ хид асæрфта, стæй донмæ æр- гуыбыр кодта, анызта дзы, æмæ кодта дарддæр йæ фæнда- джы кой. Хидæйдзагæй куы ’рбадти, уæд ыл донгомы дымгæ æр- бадымдта æмæ ихæн райдыдта. Доны былæй цалдæр къах- дзæфы куы акодта, уæд йæ хъустыл ауади цавæрдæр гуыв- гуыв. Ус фæтарст æмæ фæкаст фæтæнты ’рдæм. Диссаг уыд уырдæм скæсын; раскъуыдысты æнæхъæн фæтæнтæй зæй- тæ æмæ арв фæздæджы бын фæци. Ницыуал базыдта Чен- дзе. Зæйы гуылфæнтæ йæ сæ сæрыл аскъæфтой. Чеселты доны фаллаг фарсмæ йæ бахастой æмæ йæ миты бын аны- гæдтой. Кæддæр куы уыд, уæд бæстæ æрсабыр, æрмæст ма зæ йы фæздæг комы нæ сыстад. 240
Чендзе ницыуал бамбæрста, дарддæр цы ’рцыд, уымæн. Иæ цæстытæ æрæхгæдта, æмæ миты бын лæууыд ’нæзмæл- гæйæ. Уыцы дуджы Чепдзейы амондæн куыройы уыднс иу сылгоймаг æмæ рацыд æддæмæ. Акæстытæ кодта, федта, бæстæ Чеселтгомы цъалайы кæй слæгъзис, чысыл уæлдæр та бæласы цонгыл цыдæр тæбæгъ æви сасир кæй ацауын- дзæг, æмæ йæм хæстæг ссыди. Хæстæг ссæугæйæ базыдта, ног быд сасир кæй у, уый. Уайтагъд ныхъхъæр кодта фæ- дис, зæгъгæ, Майрæмæй кæйдæр бабын кодта зæй. Хъæу рафæдис кодтой æд фыййæгтæ. Йæ цурмæ куы ’рхæцнæ сты, уæд сын сасиры хъуыддаг радзырдта. Адæм агурынц зæйласты, фæлæ ницы арынц. Хæххон адæм фæлтæрд уыдысты зæйыл, йæ миннуджытæ йын хорз зыдтоп, дард-иу кæй фехста адæймаджы, уый тыххæй уы- дон дæр фаллаг фарсмæ аивылдысты сæфт адæймаджы агу- рæг. Чендзейы хо Резинкæ дæр фæдисæттимæ уыд. Сасир куы федта, уæд æм йæ зæрдæ цыдæр æрхæндæггондæй рав- дыста йæхи. Хорз зыдта, сасиртæ ацы комы Чендзейы йет* тæмæ кæй нкчи бийы, æмæ сæ уын кæй фæивы æнæбары муртыл. Уалынмæ сæм иу фæдисон дзуры, зæгъгæ, ардæм ут, лæппутæ. Лæппутæ батымбыл сты, фæлæ уынгæ ницы кæпынц. Уый сын загъта, зæгъгæ, кæд исты ис, уæд ам ис, мæ лæ- дзæг бынæй цыдæр фæлмæныл аныдзæвд, зæгъгæ. Адæм хъазуатонæй райдыдтой фæйлауын мит, фæлæ сæ бирæ фыдæбрн кæнын нæ бахъуыд, систой миты астæуæй Чендзейы. Резинкæ йæ куыддæр федта, афтæ ныхъхъарæг кодта, йæ рустæ æртыдта æмæ йæм фæдпсонтæ дæр кæс- гæйæ баззадысты, стæй уæд дыууæ дихы фесты, чи Чен- дзейы æрчъицын кæныныл арханы, чи та Резинкæйы уро- мы, фæлæ ма йæ уромæг урæдта. Зæронд Æмзор Чендзейы цонгмæ æрæвнæлдта, æмæ йæ куы базыдта, удымндæг ма ис, уæд йæхи фæхъæлдзæггæн- гæйæ загъта, зæгъгæ, хъæумæ йæ хæссæм, удæгас у. Хъæуы ма зæрæдтæй æмæ сабитæй чи баззад, уыдон æрæмбырд сты Резинкæйы хæдзары. Чысыл Ханиффæ ни- цыма зыдта йæ ныййарæджы хабарæн, адæмы тарст хуыз- мæ кæсгæйæ-иу ныккуыдта. Бпрæ фæцархайдтой хъæуы сылгоймæгтæ Чендзейы æр- чъицын кæныиæн, æмæ сæ фыдæбон уæгъды нæ фæци. Чы- сып фæстæдæр йæ цæстытæ байгом кодта, æмæ хæдзары къуымты йæ цæстæнгас ахаста, кæм уыдис, уый нæма зыд- та. 16. Бязырты Д. 241
Йæ цæстытæй хъарм цæстысыгтæ æртылдысты, стæй та сæ фæстæмæ бацъынд кодта. Резинкæ йæ уæлхъус бады æмæ йæм дзуры, зæгъгæ, нæ* мæ зоныс, фæлæ йын дзуапп нæ радта. Чысыл Ханиффæ дæр бамбæрста ныр йæ ныййарæджы æвирхъау хабар, бауад æм æрдиаггæнгæ æмæ йын йæ сæр йæ риуыл æрæвæрдта, фæлæ мады йæ фæллад уæнгтæ нæ уагътой сызмæлын. ÆРТЫНДÆСÆМ СÆР Зымæгон цыбыр бон тагъд изæр кæны. Æмæ бæлццон йæ фæндагыл бирæ нæ ауайы. Ныр дæр æризæр. Хъæуæй уынæр никуыцæй хъуыст, æрмæст ма стæм хæдзары дуа- рæй цыд фæрæты хъæр, йæ бинонтæн рухсæй суг сæттыньг фадат кæмæн нæ фæци, уыдон ыл ныр тагъд кодтой. Бибо дæр бахæццæ Томаты дуармæ. Иæхи бадзæбæхтæ кодта,, йæ миттæ æрцагъта. Томайы кæртмæ бахизæны йæ худ сис- та æмæ зæрдиагæй скуывта Ирыстоны зæдтæм, фæндараст æй куыд фæкæной, æмæ быруйы дуарыл бахызт. Кæрты ас- тæумæ куы бахæццæ, уæд æм стыр сау куыдз рагæпп код- та, æмæ йæ рæйынмæ хæдзарæй ракастысты. Æддæмæ дзы рауад бæрзонд, астæунарæг рæсугъд чызг æмæ ныллæг хъæлæсæй, буцтæгæнæгау, куыдзы асырдта. Бибо чызгæн, де зæр хорз, куы азгъта, уæд æй афарста, йæ фыд кæм ис, уымæй. Сæ дзурынмæ дуары хъинцъ фæцыд, æмæ дзы рахызт Тома. Фысым æмæ уазæг кæрæдзийæн салам радтой, æмæ мидæмæ бахызтысты. Тома Бибойы стыр фæхс бандоныл æрбадып кодта, æмæ йæ райдыдта фæрсын, зæгъгæ, цы ха- бар ис, уымæй. Бпбо æмæ Тома сæ кæрæдзиимæ се ’взонджы бонтæй уыдысты хæлар, фæлæ рагæй нал фембæлдысты, æмæ йыл Тома уæлдай цин уымæн кодта, æндæр, ницы ма æмбæрс- та хъуыддагæн. Бибо дæр уал ын сæйраг хабары кой нæ кодта. — Бибо æз æй зонын фидарæй, ды ацы талынджы æнæ- хъуыддаг кæй не ’рбацыдтæ, — йæ хин ын фембæрста То- ма. — Ницы ног хабар мæм ис, дзæбæхæй уæлдай, Тома,— уыд Бйбойы дзуапп. — Уæдæ дæ хуыцау дæхи фæндиаг уадзæд. Бибо къуымты йæ цæст ахаста, æмæ дзы кæд мигæнæ- 242
нæй уадиссаг ницы уыд, уæддæр æй фидауын кодта йе ’фснайд. Уæдмæ Сæлимæт æмæ йæ мад дæр фынг ацæттæ код- той: фæнычы фых хъарм кæрдзынтæ, хъæбæр цыхт æмæ иу дурын арахъхъ. Æфсæрмы кодта Тома, йæ хæларæн æнæбары æхсæвæр кæй скодтой, уый тыххæй. — Уæдæ ма цы вæййы æндæр, тыхсгæ ма кæнут, — йæ- хæдæг стыхст Бибо. Райдыдтой лæгтæ кувын æмæ хæрын. Сæлимæт хатыд Бибойы цыды нысан, æмæ æфсæрм- хуызæй слæууыд пæ мады фаллаг фарс. Хаттæй-хатт-иу фырæфсæрмæй йæ даргъ дзыккутимæ хъазæг фæкодта йæ- хи. Тынг тыхсти йæхимидæг, хъуыддаг цæмæй райдайдзæн æмæ цæуыл фæуыдзæн, уый базонын тыххæй. Бирæ усгур- тæ йæм фæцыд, фæлæ сæ хъуыды дæр нæ кодта, йæ зæр- дæйыл дзы ничи ныдзæвд. Хъауырбег Тæгæрджынмæ куы æрцыд æххуырстæй, уæд йæ зæрдæ цахæмдæр æнкъуыст бакодга йæ риуы, цыдæр дзæбæх æм кастысты Хъауырбеджы сау цæстытæ, йæ къæ- бæлдзыг сæрыхъуынтæ æмæ йæ фæтæн риу, фæлæ йæм ахæм хъару никуы разынд, искуы лæппуйæн радта йемæ аныхас кæныны фадат. Цалдæр рæгъы фæстæ Бибо æрхъавыд йæ балцы нысан райдайынмæ. Зæхмæ æдзынæг ныккаст æмæ хъуыды кæны, цæмæй райдайа, Тома та уьшæ æнхъæлмæ кæсы кувынмæ. Æрæджиау райдыдта дзурын: — Тома, фарн дæм бадзурæд, фæлæ мын кæд дæ хæ- дзары дзурыны бар ис, уæд дын иу ныхас хъуамæ зæгъон. — Бар дын ис, цас дæ фæнды, уыйбæрц дзур: æз дын загътон æрдæбон, æнæхъуыддаг кæй нæ дæ. — Зæгъгæ та куыннæ кæндзынæн, фæлæ дарддæр цы уы- дзæн, уый у хъуыдыйаг. Собæйы тыххæй æнхъæлдта Тома Бибойы æрбацыд, ай- размæ йын Собæйы бонкалд цыдæр ской кодта, æмæ йæ уый тыххæй срæуæг кодта, дзур, зæгъгæ. — Цæрæгатæ æцæг хъæздыг мыггаг не сты, фæлæ сæ искæй аууон нæ авæрдзынæ. Фæдисы уа, хъыджы уа, гъе„ та цины бон уа, сæхи нæ фæхудинаг кæндзысты никуы. Нæ мыггаджы ныфс æмæ фидыц Хъауырбег у, зондзынæ йæ ды дæр? — Куыннæ йæ зонын, мæнæ нæ хъæуæн цалдæр азы фыййау куы фæхæтыд! — фестъæлфыд Тома. — Фæлæу, фæлæу, Тома. Фыййау хатти, уый æвзæры нысан нæу — алцыдæр рæстæггай у 243
— Æмæ, уæдæ, Собæйы фырттæ цæмæннæ цæуынц гуы- быны хæлцыл æххуырсты? — Æз дын Собæйы тыххæй нæ дзурын. Бамбæрстай? — На, ницы бамбæрстон, фæлæ йæ æргом дзур. — Саулæджы фæнды демæ хæстæгдзинад бакæнын, йæ фырт Хъауырбегæн ын бахæлар кæн дæ чызджы. Иунæг хуыцауыстæн, Тома, стыр сæрæнгуырд у Хъауырбег, дурты бын дæр фæдардзæн йæхи. — Уæд фæллойæ та куыд у, Бибо, фæллойæ? Сæрæн . лæгæн йæ фæллойыл фæзыны йæ сæрæндзинад. — Фæллой та ныры дуджы сæрæнæй кæм у? Фæллой дæр фылдæр цæуы æдзæсгомы фæдыл. Макæн, Тома, ма фесаф дæ иунæг чызджы амонд. — Уыый хъазгæ кæныс æви æцæг дзурыс? — Дæ хорзæхæй, Тома, искуы ма мæ цахъхъæн лæг Комы хъæуæй Тæгæрджыны хъæумæ хынджылæг кæнын- мæ цæуы ахæм хъуыддаджы тыххæй, æви мæ дæхæдæг хынджылæг кæныс? — Иунæг хуыцауæй дæ бауырнæд, Бибо, уый дæ нæ зыдтон, æндæра дæ къæсæрæй не ’рбауагътаин, раст дæ би- рæгъы сырд фæкодтаин. — Сурынæй дæ бар ис, кæд дæм расг кæсы, уæд, фæлæ ахъуыды кæн бæстон æмæ мын дзуапп ратт. — Дæ хион аназ, ууыл уæгъды ма дзур, — йæ сыкъа йын йæ дзыхмæ схæссыныл архайы Тома. — Дæ хорзæхæй, æз ардæм мæ гуыбыны тыххæй нæ, фæлæ хъуыддаджы тыххæй æрбацыдтæн. — Уæдæ, Бибо, уыцы хъуыддагæй ницы рауайдзæн, фæ- лæ йыл уæгъды ма дзур. — Уæд, цæмæннæ? Цæмæй фауыс Саулæг æмæ йæ фыр- ты? — Æз фаугæ никæп кæнын, фæлæ, Цæгæратæн кæй рат- тон, ахæм чызг мæм нæй. — Уæдæ, дæ цæрæнбон бирæ уæд, хуыцау дын бирæ рат- тæд ацы хæринæгтæй, — йæхи дуары ’рдæм райста. Томайы ус Саломи фестад æмæ йæ размæ рауад, лæгъ- стæ йын кæны, цæмæй æхсæвы ма ацæуа уыцы фæндагыл. Тома йæ бынатæй нæ фезмæлыд, æмæ Бибо сылгоймагæй хатыр ракуырдта, бакодта дуар мæстæйдзагæй. Саломи йæ моймæ фездæхт æмæ йæ буцтæты бын фæкодта, зæгъгæ, уæд та йыл ацы æнафоны исты фыдбылыз æрцыд, уæд ныл адæм къуыппæн зарæг скæндзысты æмæ йæ раздах. Тома йæ усмæ схыл кодта, зæгъгæ, цы ми мып кæнын кæпыс, куыд мын дæттын кæны уыцы хус гуыбынтæн мæ 244
чызджы, хæргæ та сæм цы кæндзæн, æмæ фемдзаст Сæли- мæтмæ, фæлæ уый æдзынæгæй каст зæхмæ. Тома уый куы федта, уæд æфсæрмæй ракъахдзæф код- та йæ уазæджы фæстæ: ’ — Рацу, дæ хорзæхæй, мидæмæ, Бибо, мæ ныхæстæ дæм цавæр хъыг фæкастысты? — Фыддæртæ ма мын куы фæдзурай, уымæй бынтон æдас нæ дæн. — Мæнмæ диссаг уый кæсы, æмæ кæд мæ уазæг дæ, уæд мæ \хæдзары цæмæннæ лæууыс, стæй кæрæдзийæн цæуыл буцтæтæ кæпæм? Уæдмæ сæм Саломи дæ рацыд, Бибомæ йæхи бакъул- тæ кодта: — Дæ хорзæхæй, нæ хæдзарæй тæргай ма фæлидз, лæг иу æхсæв бæласы бын дæр сбон кæны, стæй, аразæн цæ- мæн уа, уый аразгæ дæр скæндзыстæм. — Омæ, дæ цæрæнбонтæ бирæ дæуæн, фæлæ мæ Тома та хынджылæг кæны, — Бибо дзургæ фездæхт фæстæмæ. Сæ бацыдмæ сæм сæ фынг дæр æнкъардæй æнхъæлмæ каст. Æрбадтысты та ногæй, фæлæ Тома уæддæр йе ’лхыскъ ныхас баппæрста, зæгъгæ, исчи йæхицæн æнæфæ- ныкæй ус кæнынмæ хъавы, æмæ æз æмæ ды та цы тæр- гæйттæ кæнæм кæрæдзийæн. Æркодта сыкъайы арахъхъ æмæ йæм æй дæтты. " — Нæ, æз ардæм нуазынмæ не ’рбацыдтæн, фæлæ мын зæгъ комкоммæ: æз дæ чызджы æнæсæр лæппуйы къухы ныссадзыныл сразы уыдзынæн? — Нæ уый нæ зæгъын, фæлæ... — йæ хъуыдыйы уыд ирæд, ома, кæцæй йæ хъуамæ ссара, æндæр лæппуйы ни- цæмæй фаудта. — Дæ хорзæхæй, Тома, нæ Иры цы фæтк æмæ намыс ис, уымæй мах дæр нæхи нæ бамбæхсдзыстæм, æнæхъæн мыггагæй нæхи худинагмæ не ’ркæндзыстæм, — æмбарын ын кодта, ома, прæд ссардзыстæм. — Уый та куыд, Бибо? Уымæ куы ’рцæуæм, уæд дæ кæй нæ фефсæрмы уыдзынæн, уый зон фидарæй. — Уæдæ ма цы? Лæппуйы кæн ницæмæй бафаудзынæ, уый та æз зонын фидарæй. Бирæ фæракæ-бакæ кодтой Бибо æмæ Тома, фæлæ дзы ницы рахаудта уæлдай. Бибойы ма фæндыд чызгæн йæхи афæрсын, фæлæ ууыл Тома бынтон не сразы, мæ хæдзары нырма мæхи дзырд ис, зæгъгæ. Нал фæрæзта Тома Бибойы тых ныхасæй æмæ йæ схуыс- сын кодта, баулæф, зæгъгæ. Схуыссыдысты бинонтæ дæр, 245
фæлæ Сæлимæт фынæйы бæсты сыгъди зындоны арты. Хъуыдыты ацыд, йæ фыды сырдон ахастмæ куы бакаст, уæд. Кæд æцæг афтæ сæдзæсгом уа, æмæ ахицæн кæна дыууæ æвзонг уды кæрæдзийæ, уæд чызг хъуамæ йæхи ай- нæг къæдзæхæй фехса, йæ мард дæр ын куыннæуал сса- рой, афтæ, кæннод та хъуамæ фæлæууа йæ ныхмæ æмæ йын зæгъа æргом, мæн æндæр ничи хъæуы, зæгъгæ. Уæдмæ æхсæв дæр сфæлмæцыд йæ рафт-бафтæй, æмæ йæ боны æвджид бакодта. Уæддæр чызг фестад талынгæй. Ныууад скъæтмæ, асыгъдæг кодта стурты бынтæ, цъæх хос сын авæрдта æмæ фæстæмæ хæдзармæ бацыд. Цыдæртæ ма азмæлыд хæдза- ры, стæй фæсдуарæй сыгъдæг къæрта систа æмæ донмæ ацыд. Ничи зыдта Сæлимæты зæрдæйы йæ донхæссæн къæр- тайы хуызæн. Донмæ-иу куы ныццыд, уæд-иу цыхцырмæ къæрта бавæрдта, æмæ-иу дон мигæнæнмæ калд, чызджы рæсугъд цæстытæй та-иу фыр сагъæсæй йæ рæсугъд уа- дултыл тылдысты йæ хъарм цæсты сыгтæ. Уыцы æнамонддзинадмæ-иу кастысты æгомыг бæлæстæ æмæ æрдз, фæлæ сæ бынтон бæстондæрæй та зыдта æмæ уыдта донхæссæн къæрта. Ныр дæр йæ зæрдæйы тыппыртæ куы суагъта бонцъæх- тыл, уæд тæригъæддаг сагъæстæй фæлладæй, стæй сусæг уарзондзинады арты сыгъдæй йедзаг къæртаимæ сыздæхт фæстæмæ. Хур арвы астæумæ ссыди, афтæ Бибо дæр йæ фæндагыл слæууыди, Томайæн фæстаг фæдзæхст кæнгæйæ, ома ахъуы- ды кæн, аныхас кæн дæ бинонтимæ æмæ мауал къуы- лымпы кæн хъуыддаг, йæхæдæг комы фæуырдыг кодта. Хъуыдытæ кæны Бибо йæхинымæры, зæгъгæ, ныр куыд зæгъон Саулæгæн, Тома йæхи дзырд кæй кæны, уый тых- хæй. Бирæ уæззау хъуыдытæ фæкодта, афтæмæй æрцыд сæхимæ. Хъæуы æрæййæфта бынтон æнкъардæй. Уынæр никуы- цæй цыд, нæдæр уынгты змæлæг уыд, æмæ Мила куы ра- цыд йæ размæ, уæд ыл уый дæр нæ бацин кодта. Куыдз дæр æй цыма бамбæрста, мæстджын кæй у, æмæ иуварс æрбадт йæ фæстæгтыл. Цалынмæ хæдзармæ бацыд Бибо, уæдмæ Чендзейы æна- монд хабарæн ницы бамбæрста. Сыхы сылгоймæгты сæхн- нæ ’куы баййæфта, уæд хорзау нал фæци. Къæсæрыл, цæ- джындзау, сагъдæй аззади. Чысыл фæстæдæр тæрхæгмæ Чендзейыл йæ цæст андæгъд уæлгоммæ хуысгæйæ æмæ йæм 246
йæхи баппæрста, ныббогъ кæнынмæ йæ бирæ нал бахъуыд, фæлæ пæхи тыхурæд фæкодта. Бабиан ын рæвдаугæ хъæлæсæй дзуры, зæйы бын кæй фæци, фæлæ йæ удæн кæй ницы тас у. — Уæд та нæ, Бабиан, иу сæфт куы фæкæнид хуыцау, уæд фервæзиккам нæ фыдæбоны цардæй, кæннод алæбон нал у мæ бон фæдисы цæуын мæ хæдзармæ,— ризы Бибо- йы хъæлæс. Чендзейæн зæйы бын асаст йæ цонг æмæ йæ уый тынг тыхсын кодта. Куыд ын æхсыст, афтæ йын тынгæй-тынг- дæр рыст. Бибойы мæгуыр хæдзар ноджы сæфт æмæ стъæлды къа- ^ыл ныллæууыд. Бинонтæм фæкæсæг нал уыд æмæ сæ мæ- гуыр зæрдæтæм тынгдæр ныккастысты. Чендземæ йæхи хуызæй ницыуал уыд. Иу райсом Чен- дзе йæ сынтæджы рабадт æмæ Бибойы æнкъард цæсгоммæ кæсгæйæ тыххудт бакодта: — Бузныг нæ дæ, мæ цонг кæй нæ бахуыскъ, уый тых- хæй. Ех, мæ боныл, цымæ ма искуы сыстдзынæн, мæ цæнг- тæй æдæрсгæ азмæлдзынæн, — йæхæдæг йæ цæст къуымты ахаста æмæ, Ханиффæйы куынæ суыдта, уæд æй афарста, :кæм ис, уымæй,- — Цæмæй йын тæрсыс, уæртæ сыхæгтæй искæмæ уы- дзæн. — Дзантемыр та кæм ис? — Уый та Хæмыцæн цъеритæ ласы æфцæгæй. — Хæмыц дарæг дзы мауал уæд, кæд мах фыдбылызæн нæ райгуырд. Мæ лæппу уынгæджы фæци Хæмыцы ницæ- наг мыздыл. Уыцы дуджы дуарæй Ханиффæйы хъуыр-хъуыр ссыди, зæгъгæ, фæлæу, адуду уа, æмæ мын хъулон къаба æлба- ^сæсса Чъребайæ, афтæмæй дуарыл бахæцыд. Дуары зыхъхъырæй зымæгон уазал бамидæг хæдзармæ. Бпбо Ханиффæйы бæрзонд къæсæры сæрты байста ми- дæмæ æмæ йæ йæ мады цур æрæвæрдта. Сывæллон йæ донг йæ мады риуыл авæрдта æмæ йын дзуры: — Нæ мын æрбахæсдзынæ, Гыцци? — Цы, дæ нывонд фæон, цы? — Хъулон къаба? — Хорз, æрбахæсдзынæн, куы сдзæбæх уон, уæд. — Уый афтæ æнхъæлы, мæнæн нæ уыдзæн ног хъулон къаба. — Кæмæй зæгъыс, кæ? — Уæртæ Олайæ? — Кæй Ола у, кæ? 247
— Собæты, Собæты. Сæ дуарæй мæ расырдта, ды, дам, бызгъуыр дæ. — О, сæ бон бакалой уыдон, кæд куыд марг сты чы- сылæй, стырæй. Раргъæвта сывæллоны зæхмæ, æмæ йæхæдæг йæ цæс- тытæ æрæхгæдта, афтæмæй хъуыдыты ацыд. Фæхастой йæ мæгуыр царды фæйлауæнтæ дард арвы кæрæттæм, æмæ та йæ фæстæмæ æрхастой, фæлæ йын цард фæрогдæр кæны- нæн ницы баххуыс кодтой. Цыдысты афтæмæй бонтæ мæгуыр бинонтыл, æрмæст дзы бон хуыздæр нæ уыд, бонфыддæр- йеттæмæ. Собæ та иу райсом йæхи арæвдз кодта хъæуыхицаумæ, цæмæй йæм рагацау йæ фæндаг расыгъдæг кæна æмæ йæ фысы хъуыд- даг сараза, кæннод æй тæрхондонмæ æвдисы. Куы ныххæццæ дуары цурмæ, уæд йæ бæх æрбаста æмæ Ростъомы хатæны дуар бахоста. Чысыл алæууыд, стæй бадзырдта мидæмæ: — Хуыцауы хатыр бакæн, фæлæ мидæмæ бар ис бахи- зынæп? — Рахиз, — райхъуыст æм мидæгæй. Собæ бахызт мидæмæ æмæ йæм Ростъом тынг мæсты фæзынд, фæлæ, йедзаг хурдзинтæ куы ауыдта, уæд йе ’рфгуытыл бæрзонд схæцыд æмæ схудæнбыл. — Уый Собæ куы дæ, æгас цу. Собæ йæм хæстæгдæр бацыд, бузныг загъта Ростъомæн æмæ йæ хордзентæ æрæвæрдта аууон ран. Ростъом бирæгъæй уæлдай нæ уыд смагæй зонынмæ. Хинæйдзаг каст бакодта Собæйы хордзентæм æмæ йын йæ- хи фæрсы: — Ды нæ хъуыддаг не ’руадаис, дзур цы хабар у? — Хабæрттæ бпрæ ис, дæ рын бахæрон, фæлæ дын ай- размæ куы дзырдтон мæ хабар, уæлæ Саулæджы фырт а-фæззæджы мæ фыстæй иу æрцахста, сæ тæккæ дзæбæх- дæр, æмæ нырма сæхимæ ис. Фыййауы дæр фæрсын æмæу нæ зонын, зæгъгæ, йæ дзуапп, æз дæр ын йæ мыздыл æр- хæцыдтæн. Собæйы ныхæстæй Ростъом ницы бамбæрета, кæд æм комкоммæ каст, уæддæр. Уымæн йæ хъуыдытæ уыдысты Собæйы хуынимæ, зæгъгæ, кæд исты æрбахастай, кæннод дæ дзугтæй ’нæхайыр фæу. Собæ цыма хъуыддаг фембæрста, фестад æмæ хордзен- тæ систа: Æз’ сур ныхæстæ хæдзары дæр нæ уарзын æмæ æддæ дæр, ам мын не ’фсин цыдæртæ авæрдта æмæ уал уыдон фенæм. 248
Ростъом, хордзентæ куы исы, уæд сæм кæсы, æмæ йæ рæсыд дзæмбытæ йæ тыппыр хытъыныл æруагъта, цыма йын раздæр уырнын кодта, кæй йæ бафсаддзæн, уый. — Дæ хуызæн уæздан лæгæн исты хъæуы, фæлæ не ’рæхсæм хуыздæр, — афтæ дзургæ систа иу дурын арахъхъ, иу цыхт, фысы агъд фыхæй æмæ фæхсын. Ростъоммæ ма хинæйдзаг каст бакодта, æмæ йын загъ- та, зæгъгæ, бæргæ исты хъуыд, фæлæ дæ нæ ферох кæн- дзыстæм, æрмæст мын мæ хъуыддагмæ æркæс. ( Цалдæргæйттæ куы анызтой, уæд Ростъом дзоп-дзой байдыдта. Ныр æрымысыд Собæйы хъуыддаг, фæлæ йе ’взаг йæ дзыхы нал арæхст: — Дæ хъуыддагмæ дæ зæрдæ ма ’хсайæд, ратт æй тæр- хондонмæ, æмæ нæ куыд фæнда, афтæ йæ сараздзыстæм. — Гъе, гъе, афтæ бакæн æмæ йæ стæй дæхæдæг бахæр уый бæсты; уыцы хус гуыбын мын мæ нард фыс куыд хъуамæ бахæра? — Ноджы ма йыл истытæ бавдис, æмæ бынтон абæстаг дон мауал баназа. — Афтæ куы саразис, кæннод тынг сысырхти. Ноджы дзы хъомыл кæны Биботæм, бынтон æнæрцæф. Тынг ын баиыфс æвæрдта Ростъом расыгæй йæ хъуыд- дæгтæ саразынæй, æмæ Собæ сæхимæ хъæлдзæгæй рафар- .дæг. ЦЫППÆРДÆСÆМ СÆР Зымæгон уазал бонтæ цадæггай сæ цыды хай кодтой. Мит дымгæтæм ныддур, ныхъхъæбæр æмæ йыл хъæуы сы- вæллæттæ даргъ фæйнæджытыл бырыдысты. Раст уыдн тутыры рæстæг. Хур бонæй-бон хъармдæр кодта æмæ хуыздæр тавын байдыдта мæгуыр Комыхъæуы цæрджыты. Тагъд зæхх йæхн сфæлындздзæн цъæх гауызы, æмæ æртæхдзысты уалдзыгон мæргътæ, разардзæн булæ- мæргъ йæ рæсугъд зарæг æмæ сын фенцондæр уыдзæнпс цæрынæн. Фæлæ нырма уыцы амондджын уалдзæгмæ бпрæ цы- дæртæ хъæуы. Бæргæ куы ’рцæуид искуы, æмæ Хъауыр æмæ Дзантемыр сæ риуты дзаг куы сулæфиккой. Чендзе дæр фыд зымæджы æфхæрдæй нæ фервæзт, йæ уат спста, фæлæ йæ цонджы баст нæма райхæлдта, афтæмæй змæлы, йæ куыстытæ кæны æнæбары бонтæй! Фесæфтысты æнæ- хъæн бинонтæй. Иу райсом суадоны донмæ бацыд æмæ йæ зæрдыл æр- 249
балæууыд, зымæджы йыл, Майрæммæ цæугæйæ, доны был зæпы дымгæ куыд æрбаулæфыд æмæ стæй, дарддæр цы баци, уый куыд нал базыдта. Ахæм арф хъуыдыты ацыд, æмæ цалынмæ Пусине йæ фарсмæ æрбалæууыд, уæдмæ йæ зонгæ дæр нæ бакодта. — Куыд æнкъард дæ, Чендзе? Æгайтма дæ цонг сдзæ- бæх æмæ дæ митæ кæнын уадзы. — Бæргæ мæ нæ уадзы, фæлæ мыл хуыздæр бон нæй æмæ цы кæнон? — Нæ, æгайтма уæддæр афтæ аирвæзтæ. Мæ фыды цæс- гомыстæн, æхсызгон мын уыд, — хинæйдзаг ныхæстæ кæны Чендзейæн. — Æмæ мыл кæд афтæ зæрдейæ уыдтæ, уæд æнæхъæн мæй мæ уат куынæ систон æмæ мæм иннæтæ æхсæвбадæн куы кодтой, уæд мæм ды иу цыд цæмæннæ æркодтай? — дзуапп ын радта Чендзе. — Мæ мæрдтыстæн, никуы мын фæци рæстæг, æндæра- иу ахъавыдтæн. — Ницы кæны, мæгуыр никæйы ницæмæн хъæуы. Ми та мын цæй миаг ис, исты сымахау не скъæт фосæй йедзаг куынæ у. — Æмæ сæ дæ уæлдай цы уынæм? — хинæйдзаг ныха- сыл нæ ауæрды Пусине. — Пусине, уынгæ сæ кæй никуы фæкæныс, уый зонын, фæлæ дæу у сæ пайда. Пусине Чендзейы æлхыскъ ныхасмæ хорзау нал фæци, æмæ йæм зулмæ бакаст, фæлæ дзургæ ницыуал скодта. Чендзе ахъавыд сæхимæ рацæуынмæ, йæ къæртамæ æр- цæйæвнæлдта, фæлæ фæхъуыды кодта, нырма сын кæй нæ бафыстой йæ фыртæн фыййауы мызд. Йæ масты дзæкъул фæдымстдæрис æмæ дзуры: — Нырмæ сæ кæд нпкуы уыдтай, уæддæр сæ ныр уын- дзынæ, дæхи бахъæудзæн сæ фæдыл цæуын, уыдон фæстæ дын ничиуал ацæудзæн афтæмæй. — Цы кодтам, цæмæннæ? — Худинаг уæм нæ кæсы? Науæд мæ иунæджы тæрн- гъæдæй нæ тæрсут, сæрдыгон-сæрддæргъы бæгънæг æмæ бæгъæввадæй, æххормаг гуыбынæй уæ фосы фæдыл фæ- цыд, æмæ йын кæд исты дæдтут, уæд ма кæдмæ кæсут, аф- тæ ’нхъæлут, мæ хъалæй йæ æрвыстон? — Æмæ, Чендзе, мах азым цæмæй у? — Уæдæ кæй азым у? —. Кæй, кæ, уæхи. Афæззæджы нын нæ уæныг найы куы сифтыгътат, уæд дыууæ боны фæстæ амард. — Æмæ уын хуыцау нæй, хуыцау, хъæддаг сырдтæй 250
уæлдай куынæ ауæрдут адæмьт туг цъирыныл? Уæ уæныг Гигайы дуканийы раз куы аргæвстат æмæ йæ куы ауæй кодтат, уæд ма дзы мах та кæцæй фæтъыстат? Æз æй зыд- тон цыдæртæ ’рымысдзыстут. Р1æ цæсты сыгтæ æркалдысты æмæ уæд хуыцаумæ скуывта: —- Ныккæл ныл, хуыцау, уæддæр цæрдудæй сæфт стæм! — систа йæ къæрта æмæ рацыди æлгъитгæ. ФЫНДДÆСÆМ СÆР Хъауырбегæн йæ сæр схъеллауаг, куы базыдта, Тома йын йæ чызджы нæ дæтты, уæд. Базыдта, мæгуырæй йæ кæй фауы, Собæйы лæппу Ладийæн дæттынвæнд æй кæй кæны. Иннæмæй та йын йæ зæрдæ фырмæстæй цыдæр æу- уилæгау кодта: фехъуыста, Собæ йыл тæрхондонмæ хъаст кæй балæвæрдта, зæгъгæ, мын мæ фосы æхсæнæй мæ фыс адавта. Ахæм хъуыдытыл-иу куы бафтыд, уæд-иу лæугæйæ баз- зад, нсчи йæм куы кастаид, уæд æй зондцух фенхъæлдтаид. Хъуыды кодта, кæй барвита хуыздæр курæг Томамæ, æмæ-иу арæх йæ зæрдыл æрбалæууыд Къостайы æмдзæв- гæ: «Кæй барвитон курæг? Кæй та равдæла? Цæй мæгуыр дæ, иунæг, Дæ мад амæла.» Ацы æмдзæвгæ раст цыма уый тыххæй фыст уыди. Арæх-ну дзырдта, зæгъгæ, Къоста, æвæццæгæн, тынг зыдта мæгуыр иупæджы æфхæрд æмæ æпæфæкæсæг цард. Ныр фидарæй ныллæууыд ахæм хъуыдыйыл, зæгъгæ, нал барвитдзынæн Томамæ лæг, уымæн æмæ йæ зонын, кæй нал фæтасдяæн, дурзæрдæ адæймаг уæвгæйæ. Æниу ма бафæлварæд Сæлимæты искæмæн ныууæй кæныныл, уый мæ удæгасæй нæ уыдзæн, фидарæй-иу ныллæууыд ахæм хъуыдыйыл, æмæ-иу цыма йæ маст фæрогдæрис, афтæ йæм- иу фæкаст. Ахæм æнамонд хъуыдытыл бафтыд, æмæ бонæй-бон æн- къарддæр кодта, нал цыд адæмы ’хсæнмæ, нал нымадта йæхи адæмыл. Хуыздæр æм каст адæмæй пскуыдæм фæцæ- уын, иунæгæй фыргуыст бакæнын æмæ хæдзармæ талын- гæй æрыздæхыи, æмæ йæ аразгæ дæр кодта. 251
Бабиан касти йæ иунæг хъæбулы удхармæ, æмæ мæт- мард кодта. Рацыд-иу адæмы ’хсæнмæ, дзырдта-иу, зæгъ- гæ, мæ хъæбул йæ уагыл нал у, æмæ мын кæд искæйы къу- хæй у, уæд мæ тæригъæдæй мыггагдзагъд фæуæнт. — Дæ хорзæхæй, цæмæй йын тæрсыс, лæппу у, аемæ цæ- уылдæр мæт кæны, æвæццæгæн, — зæрдæфидаргæнæн ны- хæстæ йын-иу акодта Чендзе. — Мæт кæны, уый зонын, фæлæ никуы ницы ’рцыд, ахæм тынг кæй ныхъхъуыста йæ зæрдæмæ, ууыл маст кæнын æз дæр. — Ныфсытæ-иу ын авæр. Ды дæхæдæг уымæй фыддæр ма фæу. — Куынпæ маст кæнон, йæ уындæй лæджы зæрдæ тых- сы: сбады, йæ къухтæ йæ сæрмæ быцæу радтгæйæ, æмæ зæхмæ æдзынæг кæсы. Кæд æй афæрсай, цы кæныс, зæгъ- гæ, уæд дзуапп ратты, цы кæнын æпхъæл мын дæ, зæгъгæ, мæнæ фæлмæцыд дæн, æмæ ме уæнгтæ хауд сты. — Мæ мадыстæн, Чендзе, кæд ма мæ сæрæн исты хос зонын, мæхи амарынæп дарддæр. Куыд хъуамæ кæсон аф- тæмæй мæ иунæг хъæбулмæ, уый тыххæй куы фæразын æп- пæт мæгуырдзинæдтæн дæр? Бабиан æмæ Чендзе иу чысыл æнæдзургæйæ алæууыды- сты, стæй Бабиан афарста: — Дзантемыр уын кæм ис, куы никуыцæй зыны, уыимæ куы фæиу вæййы, уæд йæ дзыхæй сдзуры Хъауыр. — Лбон æй уалæ Сагъратмæ сырвыстон. — Цæмæн уæд? — Цæмæн куы зæгъай, уæд ныр æртæ боны æххормаг стæм, æмæ кæд исты æрхæссид хæринаг. Мæ чызг уатæй стгæ дæр иал кæны. Уыцы ныхæстæ куы кодта, уæдмæ дуары зыхъхъырæй йæ сæр бадардта Ханиффæ, раст цыма иу афæдз сæпгæ кæны, афтæ фæлурсæй. Бабиан æм фæдзыр’дта, фæлæ къæсæры сæрты бахизын нæ баци йæ бон, æмæ йæ Чендзе байста йæ хъæбысы. Æдзынæг ныккасти йæ чызджы фæлурс цæсгоммæ, æмæ дзуры рæвдаугæ хъæлæсæй, зæгъгæ, чысыл ма фæгæдзæ кæн, æмæ Дзантемыр исты куы ’рхæсса, уæд дын стыр ба- ба ратдзынæн, — йæхæдæг та Бабианмæ бакаст. — Омæ, кæдмæ афтæмæй лæг бафæраздзæн? Мæ сæр мын сау сы- джыт бахæра, кæд мæ сывæллон цы хуызæн сси. — Мæныл дæр хуыздæр бон нæй, Чендзе, хуыздæр,— загътз Бабиан. Ханиффæйæн кæрдзыны коймæ йæ уæнгтæ фæрогдæр сты æмæ худæнбылæй дзуры йæ хмадмæ: 152
— Гыцци, уæ гыцци, Дзанте æцæг æрхæсдзæн стыр ба- ба? — Æрхæсдзæн, æрхæсдзæн, гыццийы хур. Бабианæй йæхи дудгæбон айрохис, уыцы сывæллоны тæ- ригъæдмæ кæсынæй. Æнæдзургæйæ сыстад, æмæ рараст сæ^имæ. Чсндзе йæ сабийы ирхæфста, ома, дзы хæрд айрох уа, фæлæ иу рæстæджы чызгæн йæ уæнгтæ йæ коммæ нал ба- кастысты, æмæ йæ цæстытæ æрæхгæдта, йæ бæрзæй æр- уагъта æмæ йæ цæнгтæ зæхмæ æрзæбул сты. Мад сывæллоны куы ауыдта, уæд хорзау нал фæци æмæ, йæ рустæм февналгæйæ, йæ хъæлæсы дзаг ныхъхъæр кодта, фесæфтæн, зæгъгæ. Æнахъом сывæллон мурмæ дæр не ’рдардта мады зæр- дæхалæн куыд. Чендзейы хъарæг æнæхъæн сыхыл, æрвнæрæгау, ай- хъуыст æмæ хæдзармæ æрбалыгъдысты Бабиан, Марине æмæ Саучызг. Бабиан æй йæ къухмæ фелвæста. Сывæллон, гогызы мардау, йæ сæр æрдыдагъ кодта. — Мæ артыл туджы зæй цæудзæн, мæ хъæубæсгæ, мæ мард дæр цæрæнбонты фидиссагæн зайдзæн æмæ ма цы ми бакæнон?! — зæрдæхалæн хъарæг кодта Чендзе. — Йæ нывонд дæ сæр, кæд цæуыл дæхи марыс. Мæнæ æххормагæй йæ уæнгтæ андзыг сты æмæ йын цæмæй тæр- сыс. Баба дæ нæ хъæуы? — дзырдта сабимæ Бабиан. Ханиффæ бабайы коймæйæ цæстытæ байгэм кодта, фæ- лæ дзургæ ницы скодта. Бæрæг уыди, кæрдзыны коймæ йæ зæрдæ кæй фæфи- дардæрис, уый. Бабиан ауад æмæ сæхицæй иу къусы ссад æрбадавта æмæ йын дзы цымгæ акодтой. Сывæллонмæ бахастой цымгæйы къус, фæлæ уый æр- мæст йæ цæстытæ фæзыхъхъыр кодта æмæ йæ былтæ ас- тæрдта, æндæр цымгæйы коймæ йæ уæнгтæ не сызмæ- лыдысты. Уæд ын Бабиан цымгæ чысылгай уидыгæй райдыдта йæ хъуыры уадзын. Сывæллон æрæджиау сулæфыд пæ риуы дзаг. Бабиан та Ханиффæйæн ноджы кæрдзыны кой кодта, зæгъгæ, нæ дæ хъæуы. Ханиффæ йæ цæстытæ разылдта Бабианмæ, йæ уæнгтыл рахæцыд, æмæ йæ фæрсы, кæм ис кæрдзын, зæгъгæ. Бабиан йæ раздарæпы дзыппæй систа хъæбæр хоры кæрдзын, æмæ йæ радта Ханиффæмæ. Ханиффæ дæр уæззаугомау, цыма йæм фырбуцæй арæх- 253
стгай æвнæлдта, афтæмæй райста Бабианы къухæй кæр- дзыны къæбæр. Йæ дзыхмæ йæ схаста, фæлæ дзы хæрын йæ бон нæ ба- ци, æмæ йæ къух æд кæрдзын йæ риумæ æруагъта. — Уаих фæуай, Чендзе, уый мæнæ æххормагæй фæуа- дзыг, ды та йыл хъарджытæ систай, буцтæгæнæгау дзуры Бабиан Чендзейæн. — Цы кæнон, æппæт дудгæбонтæй дæр мæ зæрдæ рыст у, — дзуапп ын радта Чендзе. Уыцы рæстæджы æвиппайды къæсæрæй багæпп кодта Мила, цыма Ханиффæмæ хæрзæггурæггаг фæци, зæгъгæ, мауал тæрсут мæлынæй, ныр та уал иу-дыууæ бонываг Дзантемыр æрхаста, уыйау Ханиффæйы раз, йæ къæдзнл тилгæ, алæууыд. Ханиффæ дæр æм ракаст æмæ, мидбылхудгæйæ загъта, зæгъгæ, æвæццæгæн, гыцци, æрцыд Дзантемыр. Дзантемыр дæр уæдмæ æрбахызт хæдзармæ, фæлæ, Ха- ниффæйы хуысгæ куы ауыдта, уæд хорзау нал фæци, æмæ йæм æдзынæг ныккастис, стæй йæ мады афарста: — Гыцци, цы кæны, цы, Ханиффæ? — Ницы, мæнæ йæ сæр риссы, — дзуапп ын радтæ Чен- дзе. Дзантемырæн хъуыддаг зын бамбарæн нæ уыд, уымæн æмæ сæ знон бынтон æххормагæй ныууагъта, йæхæдæг дæр зынтæй схæццæ ис Сагъратмæ. — Мæрдвæлурс куы аци, уæд цæй сæр æмæ цыдæртæ дзурыс, æвæццæгæн, æххормагæй йæ уæнгтæ нал исы,— арф ныуулфгæйæ загъта Дзантемыр. — Цы кæнон? Бæргæ тагъд кодтон, фæлæ мын уымæй тагъддæр рацæуыны фа- дат нæ уыд. Знон уæлæ Джихатæй куы схызтæн, уæд мыл фембæлд Датуа. Уый мыл тынг бацин кодта, афæрстытæ мæ кодта, стæй йын куы радзырдтон мæ тыхст, уæд мын загъта, зæгъгæ, уал цу, æз дæр дæм æнамæлгæйæ хæццæ кæндзынæн райсоммæ. Мæнæ, дам, цыдæр къуымыхцытæ амбырд кодтон æмæ, дам, сæ аивдзынæн хорæй. Ацыдтæн хæдзармæ, æмæ сæ уым дæр бынтон æххор- магæй сæййæфтон, æрмæст мын Хуыбежон кæцæйдæр къæ- луа æрбадавта æмæ дзы ахордтон, æндæр мын хуыцау æнæмæлгæ хос нæ загъта. Дыккаг бон фæзындис лæг изæрæй. Æз рауадтæн дуар- мæ йæ размæ æмæ мæм æнæбары бахудт. йæ бахудт цыдæр зæрдæмæдзæуинаг нæ уыд, æмæ йæм уæд бæстон бакастæн æмæ йæ дзаумæттæ йæ уæлæ — салд, йæ былтæ ныцъцъæх сты, афтæмæй йæ æристон бæхæй. 254
æмæ цыма йæ къæхтыл салд дзæккортæ баст уыд, ахæм цыдæй бацыд хæдзармæ. Тынг диссаг мæм уый фæкаст æмæ афтæ уынгæгæй уы- цы æнæбары худт кæцæй бакодта. Бæхæй йе ’нæбары уаргъ байстон мидæмæ æмæ йæ фæсдуар æрæвæрдтон, бæхы та бæтгæ бакодтон. Мидæмæ куы бахызтæн, уæд мæм Датуа йæ цæстытæ æнæбары сзылдта: — Мæ чысыл хæрæфырт, куы дын фæцæймардтæн, уæд мæм æххуысмæ цæуылнæ фæзындтæ? Æмæ та бахудти, фæлæ уыцы бахудт йæ раны нал уыд. Чендзейæн йæ уæнгтæ базыр-зыр кодтой æмæ Дзантейы афарста: —Дæ нывонд фæуон, æмæ цы кодта? — Ма тæрс. Фæстæмæ куы ’рбаздæхт Чъребайæ, уæд Пацъайы хидæй бæх фæбырыд æмæ доны ныххауд æд уаргъ. Уыцы ныхæстæм устытæ нырдиаг кодтой, цыма хиды хъусыл лæууынц æмæ Датуайы ныххаугæ федтой. Дзантемыр дзырдта дарддæр: — Бæх фæфæлдæхт æмæ уаргъ ахауд. Уаргъ куы ахауд, уæд æй фæстæмæ Чъребамæ фæцæйласта дон. Уый Датуа куы ауыдта, уæд ницæмæйуал фæтарст, æрмæст ма нæ зæрдыл æрбалæууыд, йæ бинонты æххормагæй кæй ныууагъта. Уыцы иу æппæрст донмæ йæхи бакодта æмæ уаргъыл фидар ныххæцыд. Къæссайы цы уыд, уый цыма фæфылдæр, афтæ йæм фæкаст, кæй йæ нал фæрæзта, уый тыххæй. Дон дæлæмæ æнцайы уаргъыл, Датуа та — йæхи ’рдæм, фæлæ йын ницыуал йæ бон бацыд. Нæуæгæй та æрбалæууыдысты æртæ боны фыдæбон йæ зæрдыл æмæ та фидардæр ныххæцыд уаргъыл, фæлæ уæд- мæ йæхæдæг дæр йæ раны нал уыд, ныууазал бынтон, дæн- дæгтæ хойынц кæрæдзи, къухтæ та уаргъыл ныссалдысты, буар уазалы дыз-дыз кæны. Ницы хуыздæргæнæн уыд мæ- гуыр Датуайæн, уæддæр мæлæт æмæ мæлæт, æмæ уæд йæ уаргъ тыхæй-фыдæй, æнæбары митæй кæронмæ раппæрс- та. Ныр куыд бакæна, бæхы рагъмæ сисын нæ цæуы йæ бон уаргъæн. Удхар ыл кæны... Уæдмæ фæзындысты Датуайы хуыцауы хæйттæ. Тохты хъæуккаг дыууæ лæджы мæгуыр бæлццоны æд уаргъ сæвæрдтой бæхыл. Ныр, дам, æй тагъд скъæр уæхимæ. Мæгуыр Датуа ма салд æмæ сыдæй, цы йæ бон уыд, уымæй бæхы скъæрдта размæ, афтæмæй тыхæй схæццæ хæ- дзармæ. 255
Чендзе мардыл кæуæгау кæны, Дзантемыр ын йæ фы- ды ’фсымæры тыхст хабар куы дзуры, уæд, Бабиан та бынтон адзæгъæл мæгуыры сагъæсты, æмæ Дзантемыры фæстаг ныхæстæ хъусгæ дæр нал фæкодта. — Дзантемыр, æмæ ма дзы куыд рахастай уыцы фыдæ боны фæстæ?— афарста йæ Чендзе кæугæйæ. — Нал дзы уыдтæн хæссинаг, фæлæ мæ нæ рауагът Датуа, æмæ мын дзы мæнæ ам æр:кæнын кодта. Диссадж;.! зын хæссæн дæр уыд, мæ уд мын æрбаскъуыдта. Дзургæ- дзурын фестад йæ бынатæй, рауад дзæкъулы цурмæ, æмæ дзы йæ къух фæтъыста, уæд ын цыдæр дурыл аныдзæвд. Систа йæ æмæ мæнæ цæхх. Чендзе сын фæарфæтæ кодта æмæ стæй Бабианмæ дзу- ры: — Мæнæй та чи цы фендзæн? Афтæ нын æрвитынц ал- цы, сæхæдæг тыхст сты, афтæмæй. — Хуыцау сæ макуы стыхсын кæнæд. Ныр мæнæ дæ лæппу лæг у, æмæ йæ чи рæвдауы, уыдон уый дæр æр- хъуыды кæндзæн, — йæ тыхст фæсабырæн ын ныфсæвæ- рæгау дзуры Бабиан. — Гыцци, дæ разы иæххæй Бабианæн дæр фæхай кæн, — загъта Дзантемыр. — Хорз, дæ сæрыл хаст фæон, уый нæ хъæуы фаг дæр у. Йе ’рдæг ын ратдзынæн. Бабнанæн ницы бахæлæг кæн- дзынæн, мæ чызджы мын уый райгас кодта, æндæра, афон- мæ, нæ зонын, кæм уаид. Чендзе дзурын райдыдта, чысыл раздæр сæ мæгуыр хæ- дзар ноджы куыд сæфтис. Дзантемырæн йæ мады ныхæстæм йæ зæрдæ мастæй но- джы адымст хъæздыджытæм, йæхи фæтар кодта, фæлæ уы- дон зынцард фенцондæр кæнынæн нпцы фæрæз уыдысты. Нпцы гæнæн уыд ахæм зын цардæй фервæзын^н, пæ къæхтыл цыма уæззау хъадамантæ баст уыд, уыйау ын фезмæлæн нæ уыд. Иæ маст фергомдæр кодта, цæмæй йын æнцондæр уыда- ид, уый тыххæн: — Ех, Бабиан, диссаг иæу, нæ уæззау куыстæй афтя-* рахау-бахнуаг цæмæи стæм, цæмæн æнæудскъуыд кæнæ нæхи? Бабиан лæппуйы хуызмæ куы бакаст, уæд бамбæрста тынг кæй рамæсты, æмæ йын загъта: — Мах хуызæттæ бирæ ис, дæ нывонд фæон, Дзаптемы^ æм& цы гæнæн ис? Уæддæр сæм сабыр лæуут, æндæр » > - цы хос арæм. Уæртæ ма Хъауыр дæр афтæ рамæсты вæц- йы чысыл ницæуыл дæр. 256
— Цы чысыл ницæуыл? Бинонтæй исчи куы мæла сы- дæй, уæд уый чысыл ницæуыл у? Æххуырст фæцыдтæн Хæмыцæн æмæ абон дæр æнцад бады йæхицæн, цыма ни- куы æмæ ницы, — загъта Дзантемыр æмæ арф ныуулæфыд. — Сæ къухы ис, æмæ сæ хъуыддæгтæ аразынц алырдæм дæр. Уæртæ, дам, лæбырдцæст Собæ иу фысы мард ных- хаста Ростъомæн æмæ йын йæ хъуыддæгтæ аразы. Мах лæппу та, æррайау, цы ми бакæна, уый нал зоны. Ныр та, дам, йæ фыртæн, мах лæпппу кæй банысан кодта, уыцы чызджы куры. — Ау, уый та куыд? Уый нæ цæст уынгæйæ нæ уы- дзæн, — æвиппайды фестъæлфæгау кодта Дзантемыр. — Бынтон^Цæрæгаты цæрдудæй баныгæнынмæ куы хъавынц. Кæм ис ныр Хъауырбег? — Нæ зоньгн, кæд Тæгæрджынмæ ацыд. Дзантемыр бахудт Бабианы ныхасмæ, йæ цæсгомы мас- ты нысан æрбайсæфт æвиппайды æмæ зæгъы Бабианæн: — Сæрæй та йæ æрфæндыд йæ бæлоны уынын. Йæ иæс- гом дæуæн нæ бахъæцыд йæ зæгъын? — Цæй бæлон, цæ? Æз куы ницы зонын. — Куыд ницы зоныс? Томайы чызг, Томайы. — Уый йæ фыд кой кæнын дæр нæ уадзы мах лæппу- йæн. Уый мулкмæ кæсы, æмæ мах та ихсыд адæм стæм. — Æмæ лæгдзинадæй та кæй фауы: Ладийы æви Хъа- уыры? — Уый лæгдзинадмæ æппындæр нæ кæсы, уый хъæуы мулк. Ахæм æмбаргæ ныхæстæ фæкодта Дзантемыр, цыма ас лæг уыд. Æниу, ныр йæ фындзы бын фæсау. Ас лæгау, æппæт фыдæбон дæр бавзæрста, фæлæ хорздзинад никуы нпцы федта. Афтæ æфхæрд æмæ ссæст уæвгæйæ, уæддæр тынг размæ цыд хъару æмæ уæнгтæй. Хъауыр абон райсомæй йæ дзаумæттæ акодта, йæхи аца- рæзта, цы мæгуыр дзаумæттæ йын уыд, уыдонæй, æмæ цы- ма усгур цыд искуыдæм, афтæ зынд. Иу каст ма фæкодта йæ мадмæ æмæ йын худæнбылæй загъта: — Нæ, Гыцци, ды кæй схъомыл кодтай, уый бафауинаг ницæмæй у, — æмæ дуарæн феддæ. Мад дæр кæсгæйæ баззад пæ фæстæ, бафæрсын æй нал бафæрæзта, афтæмæй. Хъауырбег рацыд æмæ Собæты ’рдæм фемдзаст, йæхи- нымæры дзургæйæ: «Кæд сымах мæн мардыл банымадтат, кæд сымах мæн фæхудипаг кæнат а-комы, кæд сымах мæ- \7. Бязырты Д. 257
нæн мæ зæрдæ сисат мæ риуæй, уæд сымах — лæджьг фырттæ, æз та — куыдзы фырт. Фенæм ныр. Цæуын æз Тæ- гæрджынмæ. Хъуамæ Сæлимæты мæхæдæг бафæрсон, кæд- дæра куыд у?» Хъуыды кодта йæхинымæры: «Кæд мын нæ разы кæна, уæд æз та мæхи дæлæ Пацъайы доны ныппардзынæн, æмæ стæй Собæйы зылынцæстмæ кæсынæй бафсæдæд Сæли- мæт», — афтæтæ дзургæйæ рахызт кæртæй æмæ йыл Па- цъайы доны хъæлæба куы ссыд, уæд æм афтæ фæкаст, цы- ма йыл худгæ кæны, чызджы тыххæй йæ мæлæт донмæ кæй хæссы, уый тыххæй. «Цæй, цæуон, æмæ Солтантæм бауайдзынæн, æмæ мын æй кæд уырдæм æрбакæной, уæд ма мын æй цы зонын хъæудзæн, уарзы мæ æви нæ, уый», — цæуы Хъауырбег хъуыдытæгæнгæ размæ, кæд ыл исчи амбæлы, уæддæр ын æнæфæкæсгæйæ радты салам, цæмæй йæ йæ тарф хъуы- дытæй ма фæхинæн кæной, цæмæй Сæлимæты фæлгонц йæ цæсты разæй ма фæиппæрд уа. Тæгæрджыны бын хæрды куыд суад, уый фиппайгæ дæр нæ фæкодта. Сæлимæты уарзондзинад æй скъæфæгау скод- та раст хъæуы бынмæ. Куы схæццæ, уæд æрлæууыд, йæ цæст ахаста хъæуыл, хъæуы сæрмæ рæсугъд фæтæнтыл. Æцæг, митæй æмбæрзт уыдысты, фæлæ йæ зæрдыл æрба- лæууыд, уым фос куыд хызта æртæх кæрдæгыл, æмæ-иу уадындзæй куыд зарыд. Иæ зæрдыл-иу æппынæдзух Сæ- лимæт куыд лæууыд, куыд-иу æй фæндыд йемæ ныхас кæ- нын. Афтæ хъуыдыты куы ацыд, уæд йæ хъустыл ауад, æгас цу, зæгъгæ, Хъауыр, æмæ йæм сæнт зылд фæкодта. Йæ разы лæууыд иу 13-аздзыд лæппу, хæцыд тъепайыл. Хъауыр дæр æм йæ мидбылты бахудт æмæ йæм фæ- дзырдта: — Рауай æввахс, Тузар. Тузар Хъауырбеджы ныхасмæ нал фæлæууыд, æмæ йæм йæхи æрбаппæрста. — Куыд ма мæ базыдтай, Тузар? — Æз дæ кæддæриддæр базондзыиæн. Ам та уыдзынæ сæрды фыййау? Демæ мæ нæ уадздзынæ æмбалæн? Æз-иу дын сæнчытæ æртондзынæн, — цингæнгæ дзырдта Тузар. — Хорз, ам уыдзынæн æмæ-иу дæ акæндзынæн мемæ дæр. Ныр хорз фыййау дæ, хорз. Тынг цин кæны лæппу, фæлæ нæ зоны, йæ циндзинад куыд’раргом кæна Хъауыры раз, уый, æмæ та йæ фæрсы:. — Кæмæ уыдзынæ ахсæв? — Ахсæв, уæртæ Солтантæм, — дзуапп радта Хъауыр. 258
Тузарæн йæ циндзинад æвиппайды æрбайсæфт æмæ фен- къард. Чысыл рæстæджы æнæдзургæйæ зæхмæ æркаст, æмæ æнкъардæй загъта. — Æз æй зыдтон, ды мæ сайгæ кæй кæныс? — Цæмæй, Тузар? — Уæдæ, ахсæв махмæ цæмæннæ цæуыс? — Сымахмæ дæр бацæудзынæн, фæлæ хъус. Кæд дын цы зæгъон, уый никæмæн зæгъдзынæ, уæд сæрды æмфый- йæуттæ уыдзыстæм. — Хорз, Хъауыр, æз æппындæр никæмæн ницы зæгъ- дзынæн, кæд мæ сæрды демæ уадздзынæ, уæд. — Уæдæ, ацу æмæ Сæлпмæтæн зæгъ, Солтантæм, дам, дæм Хъауыр дзуры. Æрмæст дæ Тома куыннæ базона, аф- тæ. — Хорз, уый æнцон у, — æмæ фæцис йæ разæй. Хъауыр ма йæ рацахста, фæлæу-ма, зæгъгæ, Сæлимæт сæхимæ куынæ уа, уæд-иу сыбыртт ма скæн æндæр искæ- мæн. — Сæли сæхимæ ис, æз æй федтон. Чысыл раздæр суа- донæй дон схаста. Знон дæр сæм иу дынджыр лæг уыд. Æз æй федтон, фæлæ никæмæн ницы загътон. Хъауырбег фестъæлфыд йæхинымæры æмæ афарста Ту- зары: — Цахæм лæг уыд? Иæ иу цæст, — дынджыр, иннæ — чысыл, ахæм уыд? — Раст ахæм уыд, æз дзы тæрсгæ дæр фæкодтон, — дзуапп радта Тузар. Хъауырбег тыххудт бакодта Тузары ныхæстæм æмæ йæ арвыста. Хъуыды кæны Хъауыр, Собæ сæм йæхæдæг цæмæ æрба- цыдаид, ууыл. Æрфысым кодта йæ фысымтæм, фенхъæлмæ каст Сæ- лимæтмæ, фæлæ сæм не ’рбацыд. Æнæхуыссæг дæр ма фæци æнхъæлмæ кæсынæй, фæцыди дард алыгъуызон æн- къард хъуыдыты, æхсæв дæр ыл бынтон ныддаргъ, фæлæ нæй, нæй, никуыцæй зыны. Чызгæн Тузар куы дзырдта, уæд сæ Тома дæр фехъуыс- та, фæлæ дзургæ ницы скодта æргом. Тузар дæр ма Хъа- уыры фæдзæхст фæхъуыды кодта, фæлæ дзы фырцпнæй сирвæзт. Тома мæсты кодта Хъауырмæ. Дыууæ боны цæстæнга- сæй хъахъхъæдта Сæлимæты. Уый дæр æй æмбæрста, æмæ æндзургæйæ кодта хæдзары митæ, кæд-иу фæаууон бинон- тæй, уæд та-иу кæуынмæ фæци, афтæмæй йыл дыууæ боны ныддаргъ сты. Архайдта, куыд æмæ цы амæлттæй фена 259
Хъауыры, ууыл. Зоны йæ, дыууæ боны йæм кæй æнхъæлмæ кæсы, æмæ йыл куы фæдызæрдыг уа, уымæй дæр æдас нæу, æмæ йæ уæззау сагъæстæ ноджы фæтынгдæр сты. Афæнд-иу кодта Солтантæм бацæуын, Хъауырæн ком- коммæ зæгъын йæ сагъæстæ, фæлæ йæ ирон æфсæрм нæ уагъта размæ. Дыккаг бон изæрæй бинонтæ сæ зылдтыгæ бакодтой, Тома хæдзармæ куы æрбаздæхт йæ фосы зылдтытæй, уæд Сæлимæтмæ бакæстытæ кодта, æмæ йæ цыма ныр федта, уыйау ын дзуры, зæгъгæ, дæ дзыхæй куыиæуал дзурыс, уæд цы хабар у, æмæ дон нуазынмæ рацыд, фæлæ донгарз уыд афтид. — Æмæ. дон та цæмæннæ хæссут, дон, адæмæй уæ нæ хъæуы хай, фæлæ дойныйæ та цæуыл мæлут? — схыл сæм кодта. Хъауыр уым кæй нал уыдзæп, ууыл дызæрдыг нал кæ- ны Тома. Сæлимæт дзургæ ницы скодта, фæлæ йæ къæртаимæ ра- раст сабыр хъуыдытæгæнгæ донмæ. Куыд ныххæццæ, уый зонгæ дæр нæ бакодта. Бавæрдта йæ къæрта донмæ æмæ йæм æдзынæг кæсы, цыма йæ къæртамæ доны цыхцыр æх- сæв ставддæрæй цæуы, æмæ цыдæр хъалгондæй уынæр кæ- ны, афтæ йæм каст. Кæсы донмæ, куыд пуртийæ хауы, стæй куыд айсæфынц доны пуртитæ, хæрдмæ фæхаугæйæ. Хъуыдыты йæхи абар- ста доны пуртитимæ, уыдон куыд фесæфынц, афтæ, зæгъ, мыййаг, нæ зæрдæты цы уарзондзинад стымбыл Хъауыри- мæ, уый куы фехæла мæ дурзæдæ фыды аххосæй. Хъауырбег фæбадт дыууæ боны Солтантæм, стæй уæд хæрз изæрæй рацыд. Томаты цурмæ куы ’рбахæццæ, уæд æм цыма чидæр радзырдта, цæугæ, доны ис, зæгъгæ, афтæ йæм фæкаст, æмæ цырд ралыгъд донмæ. Куы æрæввахс, уæд федта доны цур кæйдæр лæугæ. Кæд цæст хорз нал уыдта, уæддæр уайтагъд базыдта Сæлимæты. Рахъавыд, ныттыхса йыл, фæлæ та фефсæрм. Сæлимæт æй куы ауыд- та, уæд йæ цæстытæ цины ’рттывд скодтой, йæ уæнгтæ адон- гонд сты æмæ йæм ризгæ хъæлæсæй сдзырдта: — Цы дæ æрбахаста ацы ’нафоны? — Ау, æмæ кæд æнафон у, уæд ды ам цы ми кæныс? — Æз донхæссынмæ рацыдтæн. — Æмæ æз та дæ феныны тыххæй æрбацыдтæн, — ныл- лæг’ хъæлæсæй нын загъта Хъауыр. — Æмæ дæ мæ фенд цæмæн бахъуыд? — Сæлимæт фыр- цинæй цы акæна, уымæн ницы зоны æмæ йæхимидæг дзу- ры, зæгъгæ, æз дæ уындæй никуы сфæлмæцин, йæхæдæг 260
æм комкоммæ бакаст, фæлæ йæ цæсгом раздæрау тымбыл æмæ рæсугъд нал уыд, смæллæг тынг æмæ цæстытæ арф къуырфытæй кастысты, фæлæ уæддæр циндзинады арты сыгъдысты. Йæ фидар уæнгтæ, йæ фæтæн уæхсчытæ æмæ йæ рæсугъд дæндæгтæ уыдысты сæ раздæры хуызы. Хъауырбег Сæлимæтмæ йæ мидбылты фæхудт æмæ йæ æрбахъæбыс кæнынмæ хъавыд, фæлæ йæ Сæлимæт йæ фæлмæн къухтæй аиуварс кодта. Хъауырбегыл Сæлимæты къухтæ куы аныдзæвдысты, уæд йæ уæнгтæ ныддыз-дыз кодтой, йæ зæрдæ сгуыпп- гуыпп кодта æмæ схъавыд, æппæт йæ зæрдæйы цы уыд?> уыдон зæгъынмæ. — Æгæр къæйных ма у, Хъауыр! — Къæйных нæ, фæлæ æрра цæмæннæ кæнын? — Æррайæн ма истьгхъæуы? — Цæмæн дæм афтæ фæкастæн? . — Уымæн æмæ æрра митæ кæныс ацы тальшг изæры, Лæппу та ныллæг хъæлæсæй сдзырдта: — Цæмæн афтæ баизæр кодтай, Сæли, дон рухсæй цæ- уылнæ сдавтай? — Ницы кæны, ныр дæр схæццæ кæндзынæн мæ къæрта донæй йедзагæй, — æмæ цыхцырмæ къæрта бавæрдта но- гæй. Суадон райдыдта алыгъуызои хъæлæсæй зарын, æмæ йæм сæ дыууæ дæр æдзынæг кастысты. Æрæджиау Хъа- уырбег йæхи фæныфсджын кодта, йæ ныхыл абадт хиды ’ртæхтæ ,æмæ дзуры Сæлимæтæн: — Сæли, мæ дунейы ныфс! Ды дæр мыи нæ тæригъæд кæныс, нæ дæм хъарынц мæ уарзондзинады сагъæстæ? Дæ зæрдæйæ мæ аиуварс кæнынмæ хъавыс? — Хъауыр, уый цытæ дзурыс? Æз нырма мæ зæрдæйы никæй нывæрдтон, никæмæн радтон бынат мæ зæрдæйы! Хъауырбег фæныфсджындæр Сæлимæты ныхæстæм; Уый афтæ æнхъæлдта, зæгъгæ, кæд æцæг уарзы Ладийы, мæн та мæгуырæй фауы. Æмæ ныфсджындæрæй райдыдта дзурын. — Уæдæ æз мæ зæрдæйы дæу раджы нывæрдтон, рагæй судзы дæ уарзондзинадæй мæ зæрдæ. Æнæдæу мæ цард мурыл дæр нал нымайын. Нал мæм цæуы æнæдæу цæрын арвы бын. Æнæдæу мын бон талынг у. Сæлимæт фæхудт, гæзæмæ фæзыхъхъыр сты йæ рæсугъд былтæ æмæ рæвдаугæ сдзырдта: — Цы дын кæнон, Хъауырбег, цы дын мæ бон у баххуыс кæнын? 261
— Дæ бон? Дæ бон бирæ у æмæ мын феххуыс кæн. Ма мæ стон дæ зæрдæйæ. — Хъауыр, уый, æцæг, дæ уагыл нал дæ. Ам дын цы зæгъын мæ бон у? Æнауæд, мæн кæй ничи фæрсы, уый дæ- хæдæг куы ’мбарыс. — Æз æй хорз æмбарын, Тома дæ ирæдыл ныууæй кæ- нынмæ кæй хъавы. Ахæрынмæ хъавы дæ фыд йæ иунæг чызджы. Сæлимæт Хъауырбеджы зæрдæхалæн ныхæстæм нык- кæрзыдта, арф ныуулæфыд æмæ хæрз ныллæг хъæлæсæй дзуры: — Нæ, Хъауырбег, æз мæхи фосау уæй кæнын нæ ба- уадздзынæн, — фæлтау — мæ мæлæт... Хъауырбег, йæ цæнгтæ фæйнæрдæм куыд айтынг кодта æмæ йæ хуры тын Сæлимæты йæ фæтæн риумæ куыд æр- балхъывта, уый йæхæдæг дæр нæ бафиппайдта. Æрмæст ын йæ фæлмæн русæн адджын пъа куы акодта, йæ ныхыл цы дзыккуйы хаутæ æрхаудысты, уыдон лæппуйы цæсго- мыл куы аныдзæвдысты, уæд æм йæ зæрдæ сдзырдта, аф- тæ æгæр дæр ма сфыдуаг кæн дæхи, зæгъгæ. Сæлимæт дæр Хъауыры уарзондзинадæй андзыггонд. Хъауырбеджы адджын пъайæ цыма йæ уæнгтыл сæрæй къæхтæм хъарм дон алеуахи кодта, афтæ фæци. Иæ ризгæ къухтæ йын йæ уæхсчытыл авæрдта æмæ ризгæ хъæлæсæй сдзырдта: — Хъауырбег, афтæ фыдуаг æнхъæл дын нæ уыдтæн. Исчи... — Нæ, Сæли, зæгъ мын æргом дæ хъуыды, дæ зæрдæйы фæнд, — йæ риумæ йæ тынг дæр ’балхъывта. — Хъауырбег! Æз... æз... Нæ, зæгъгæ, нæ зæгъын. Мæн дæуæй дарддæр ничи хъæуы, — чызг йæ цæсгом амбæхста лæппуйы риуы. — Сæли! Мæ цардамоыд! Уæдæ дæ ныфс уæд, æз дæ де ’нæуынонæн цæстæй дæр нæ фенын кæндзынæн. Тома ирæд домы, æмæ цалынмæ мæнæ ацы фидар уæнгтæм туг цæуа, уæдмæ æз кусынæй не сфæлмæцдзынæн. Фæлтау та æх- хуырсты ныллæудзынæн, цæмæй рæстæгыл сфæрæз кæнон дæ фыдæн ирæд. Лади мæн цæрдудæй баныгæнинаг у, фæ- лæ йын æз йæхицæн йæхи къухæй ингæн скъахын кæндзы- нæн. Уæддæр дæу уымæн нæ ауадздзынæн. Бирæ уарзон ныхæстæ бæргæ фæкодтаид Хъауырбег Сæлимæтæн, æнæхъæн æхсæв дæр йемæ лæууынæй не сфæлм’æцыдаид, фæлæ уый дæр хорз зыдта, чызг ныридæ- гæн дæр кæй фæстиат кæны, æмæ йæм агурæг кæй фæзын- дзæнис исчи. 262
Дынджыр балбæласы сæрты æрбазылд арвы уæрæхы иу рæсугъд æмæ тæмæнтæ калæг стъалы. Афтæ æрттывта, æмæ цыма йæ мидбыл худт дыууæ уарзонмæ, цыма сын сæ циндзинадыл цин кодта. — Цæй, Хъауыр, æз ацæуон. Баба мæм... æдзух йæ цæст дары. — Уæд дын цæмæй тæрсы, цæмæй? Аскъæфдзæн, дам, дæ, мыййаг? Уый дæр, цы не ’рцыд, ахæм хъуыддаг нæу, Сæлимæт, фæлæ мæн нырма æппæт дæр адæмы уаг æмæ ’гъдауæй саразын фæнды. Сæлимæт йæ цæстæнгас арæхæй-арæхдæр æппæрста хъæуæй æркæсæнмæ, æмæ йын уæд ХъауырОег дæр йæ къух зæрдиаг æлхъывд ныккодта. — Цæй, Сæли, ацы изæр мæнæн у мæ царды бонтæй сæ тæккæ хуыздæр, æнæхъæн æртæ азы кæмæ бæллыдтæн æмæ мæ зæрдæйæ никæд байрох уыдзæн, — цырд фелвæста йедзаг къæрта, йæ бын ын йæ цухъайы фæччийæ асæрфта æмæ йæ Сæлимæты уæхскыл, бумбулийау, авæрдта. — Цу, науæд дæ куы бафхæра дæ дурзæрдæ фыд. Сæлимæт ын хæрз изæр загъта, йæ мидбыл ма йæм фæлмæн фæхудт, æмæ сабыр къахдзæфтæй араст. Хъауырбег йæ фæстæ æдзынæгæй каст. Æхсæвы тар ын иста йæ цæстæнгас, фæлæ йæ уарзон чызджы æмдынг фæсонтыл дыууæ ставд сатæг-сау дзыккуйы, раст хуссай- раг кæлмытау, куыд ратул-батул кодтой, уый цыма йæ дыууæ цæсты раз уыдта. Хъæугæронæй ма йæм Сæлимæт йæ уæхсчы сæрты фæ- стæмæ фæкаст æмæ йæм йæ къух батылдта, ацу, зæгъгæ. Йæхинымæры та ахъуыды кодта: «Мæ къонайыл, мæ фыр уарзондзинадæй йын æппæт дæр ралæхурдтон, — æмæ ссыгъд йæ цæсгом. Уæддæр йæхи фæфидар кодта. — Цæй, кæд мыл йæ зæрдæ ницæмæй фæхудит». Афтæ хъуыдытæгæнгæ схæццæ сæ кæртмæ, къæсæргæ- ронмæ йæ хъус ацахста Томайы хъæр: — Цæуыл мæ худинаг кæнут, цæуыл? И? Хъæрмæ æваст фæлæууыд, йæ уæнгтæ базыр-зыр код- той æмæ тыхстæй йæхицæн дзуры, мæ арт бауазал, æвæц- цæгæн, мæ бафиппайдта, зæгъгæ. — Уæдæ, æз мæ худ сисон æмæ усы кæлмæрзæн æркæ- нон, нæ? Куыд дæ бон бацыд мæнмæ афтæ æрбадзурын, рат- тæм нæ чызджы Цæрæгатæн?! Æгас сых сæ тæригъæдда- джы тыххæй фидис куы кæнынц! — райхъуыст та Томайы загъд. — Ирæд ссарæд, ирæд, уыцы æгъæдзар, æмæ уæд æрвитæд хатджытæ, æндæр мæнæн сур ныхæстæй ницы æфтиаг ис. Ай та мæнæ, цы не ’рцыд, ахæм диссаг! Куыд 263
раттон мæ иунæг чызджы лæвар? Исты карчы цъиу куынæ у! Æмæ дын карчы цъиу дæр чи лæвар кæны? Сæлимæт къæхты бынæй ныуулæфыд, йæ зæрдæ тасьг гуыпп-гуыпп райдыдта æнкъарын, уæддæр æй нал фæндыд мидæмæ бацæуын. — «Уæдта ма Хъауыримæ куы алæууыдаин. Куыд ба- цæуон æмæ та куыд хъусон бабайы уайдзæф æмæ æфхæ- рæн ныхæстæм?» — Фæлæ йын æндæр гæнæн нæ уыд, æмæ сындæггай бакодта дуар, къæрта æрæвæрдта йæ бынаты. Тома йæ хъуынджын æрфгуыты бынты мæсты каст ра- кодта Сæлимæтмæ. Æрæджиау та фыд йæ ныхас райдыдта ногæй: — Мæ бинонтæ, зæгъут-ма, цæуыл мæ худинаг кæнут, и? Сæлимæтæн та йæ уæнгтæ адонгонд сты — афтæ та йæм фæкаст, æцæг мæ, ома, Хъауыримæ лæугæ федта. Бирæ йæ нал бахъуыд, зæгъа йæ фыдæн, дæлæ йæ суадоны цур ный- йæфтон, æмæ ма дзы кæдæм фæстæмæ лыгъдаин, бирæгъ, мыййаг, нæу, зæгъгæ, фæлæ ннцы сдзурын бафæрæзта. Фыртæсæй цыма йе ’взаг йæ хъуыры афардæг, уыйау æнæ- дзургæйæ лæууы йæ мады фарсмæ, тарстхуызæй кæсы йæ фыдмæ: — Цæй ма, сымах нæ фæрсын æви мæ ныхасæн а-хæ- дзары аргъ нал ис? Сæлимæтæн цыма цалдæр боны йæ хъуыры хор, дон нæ ацыд, æмæ стайгæ бакодта, уыйау æнæбары тыхст æмæ уынгæг хъæлæсæй сдзырдта: — Чи дæ худинаг кæны, баба, цы кæныс? — йæ цæссыг- тæ æртылдысты йæ рустыл. Фæлæ дурзæрдæ Томамæ нæ бахъардта Сæлимæты тыхст хъæлæс. — Цы ма кæнон, æппæт æнхъæл дæр уыдтæн, фæлæ„ искæй æгъæдзары фæстæ ацæуынмæ хъавыс, уый мæ куыд хъуамæ бауырныдтаид? — Баба, æз никæй фæдыл цæуинаг дæн, фæлæ мæ цæ- уылнæ ныууадзыс, алыбон ацы маст хæрынæй куы бафæл- ладтæн? Дарддæр ма ацы мæстытæ куы ’взарон, уæд мæхи уæртæ айнæг къæдзæхы сæрæй апппардзынæн, — йæ сусæг куыд фергом. Иæ мад ма йæ бæргæ сабыр кодта, фæлæ маст уын дæр нал фарста. — Æмæ дын æз дæр уып кæнын, уый, мæ чызг, цæмæй былæй ма ахауай. Æз дæн дæ хъомылгæнæг, æмæ дын, уæ- дæ, бафæрсыны аккаг нæ дæн? — йæхи хинæйдзаг фæлмæн æркодта Тома, æмæ фæрсæджы каст бакодта Сæлимæт- мæ. — Бериаты Собæйы нæргæ хæдзар нал бæззы, се 264
’взист саргъы гоппытæ хурмæ тæмæнтæ фæкалынц, æмæ дæуæн ныр бафауинаг сси? — Уæ, де ’фсæртæй дуртæ æмæ цъæх къæйтæ феууæр- дай, уый дын, гъе, дæуæн ма дæ тохы къуди^куы аскъуыйа. Нал дæттæм, нал, моймæ нæ иунæджы! — йæ маст нал бау- рæдта Саломе. Тома йæ бадæнæй фæтæррæст кодта, цыма йæм лæбур- гæ кæны, афтæ йыл йæхи стылдта, æмæ та фæхъæр кодта: — Банцай! Æвзæр фаджысы куыф! Науæд дын мæнæ æндзарæнæй дæ сæр ныффаддзынæн! Сæлимæт йæхи баппæрста йæ фыдмæ, йæ цæнгтæ йыл атыхта æмæ йын афтæ: — Уæ хорзæхæй, æрра, мыййаг, фестут? — Уæ цуры лæг æрра нæ, фæлæ сæлхæр дæр суыдзæн, — æмæ мæсты уагъд æркодта йæхи бандоныл. Саломе дæр мæстыйæ ахызт уынгмæ. Тома та йæхи æрлæгъз кодта йæ чызгмæ, æмæ йæм дзу- ры рæвдаугæ хъæлæсæй. — Мæ иунæг чызг, чи дæ схъомыл кодта? — Ды, баба, — ризгæ хъæлæсæй дзуапп радта Сæли- мæт. — Уæдæ, мæ дзырдæн аргъ цæуылпæ кæныс, цæмæн мæ худинаг кæныс, цы æнхъæл дæ уыцы æгъæдзарæй? — Цæй æгъæдзары тыххæй мын дзурыс, баба? — Уæртæ, уæртæ, уыцы сæфт æмæ стъæлд Саулæджы фыртæй дын зæгъын. А, æз мæ дзых ныххуыйон, фæлæ дын хæрын та цы кæндзысты, хæрын, и? Уæртæ нæ адæмы хуы- зæн адæм сæ сæрмæ хæссынц, æмæ ма дæхи къухæй дæ амонд цæмæн былæй æппарыс? Собæйы нæргæ хæдзармæ чи бахауа, уый хуыцауы хæдзармæ бахауæгау у. — Баба... Сæ сæрмæ нæ кæй хæссынц, уый тыххæй сып бузныг зæгъ. Фæлæ æз мæ цард Ладиимæ не сиу кæндзы- нæн. Цæмæн дæ фæнды æмæ æз зындоны бахауон? Томайæн та йæ маст рафыхт Сæлимæты ныхасмæ, фæ- лæ йæхи тых урæд ныккодта. — Макæ, мæ хъæбул. Царды хауыс, æмæ йæ базон. — Баба, æппын дын хуыцау нæй, цавæр тыхст мыл скод- тгй моймæ дæттыныл, ахæм бирæ сывæллæттæ дын ис? Æмæ тых ныхъуырд ныккодта фыд йæ масты тула: — Ран, мæ хур, ран. Уавæртæ дын куы уа, уæд дæ ка- дæй кадджын уыдзынæн æз дæр. — Æмæ уавæртæ чи аразы? Адæймаг сæ нæ аразы? Фæндыд æй зæгъын, зæгъгæ, Хъауырбег уыдонæй æнæ- хъарудæр, мыййаг, нæу, уый дæр сараздзæн йæхицæн хорз уавæр, фæлæ æргом дзурын не суæндыд. 265
— Макæ, фæсмон фæкæндзынæ æмæ дæм æз дæр нал æрхъус дардзынæн. Ма дæр-иу мæ хъаст ракæн, — бацыд йæ сынтæгмæ, йæхи æруагъта цъæх бинаг нымæтыл. Уæл- гоммæ æрхуыссыд, йæ цæстытæ æрæхгæдта, æмæ хъуыды кæны, цæй бирæ ирæд райсдзæн Собæйæ, куыд бирæ мулк æм уыдзæн æмæ йæ уæд а-комы хъæздыг Тома, зæгъгæ, куыд хондзысты. Сæлимæт дæр бацыд йæ къаннæг уатмæ, йæ хъæдын сынтæгыл йæхи æруагъта, æмæ арф хъуыдыты аныгъуылд, йæ цæсты раз-иу февзæрд Хъауырбег, ферттывтой-иу æм йæ дынджыр сау цæстытæ, фæхудт-иу æм йæ мидбылты æмæ- иу ын ныфсытæ авæрдта, зæгъгæ, мæ иунæг царды ныфс, æз дæу сырдты дзæмбытæм нæ ауадздзынæн, ныфс дæ уæт, зæгъгæ, уыйбæрц хъару мæм кæй разындзæн. ÆХСÆРДÆСÆМ СÆР Анвгъуыдта фыдуаг зымæг. Æрбалæууыд царддæттæг рæсугъд уалдзæг. Уалдзыгон зæрин хур йæ тынтæй батав- та Комыхъæуы мæгуыр сыхæгты гом æмæ æфхæрд буæрт- тæ. Хъæуы алфæмблай адгуытæй хъуысы дæтты сæх-сæх æмæ хæл-хæл. Пацъа кæдæмдæр кæны лæбурæгау. Хъæр- дæрæй райдыдта хъæлæба æмæ гуыр-гуыр кæнын. Дуртæ ласы æмæ сæ кæрæдзийыл хойы. Хъæуæн хуссарварс æп- пын миты мур нал аззад, хуры тынтæ сæ дон фестын код- той. Æрмæст ма уæлæ цæгаты счъилы зынынц миты хъæ- пæнтæ, раст цыма зæронд æмæ цардæфхæрд бæхы рагъ схъулæттæ саргъы æфхæрдæй. Пацъа хатт ацагуры нæхицæн ног фæндаг æмæ ратоны æнæхъыгдард æвзонг фæрвы талаты. Адæм æнæбары сулæфыдысты, зæгъгæ, ныр нæ бæгънæг буарæн басийынæй уæддæр нал тæрсдзыстæм. Фæзынд хабархæссæг дзывылдар дæр. Куы иу хæдзары хъуаритыл абады, куы та — иннæйы, хъæлдзæг цъыбар- цъыбургæнгæ. Уæддæр ацы уалдзыгон рæсугъд æмæ хъæлдзæг нывтæй бынтон ницæмæй рухс кодта Бибойы æфхæрд зæрдæ. Арф хъуыдыты æмæ-иу сагъæсты афардæг. дард-иу æй аскъæф- той уæззау царды уылæнтæ. Цæмæй бахъæлдзæг уа, кæд царддæттæг уалдзæг ралæууыд, алчи цæттæ кæны йæ гутон, йæ галтæ, æмæ уымæн та йæ хæдзары цыппæркъахыг йæ цуанонæй дарддæр ницы ис. Уæлæ ма йын Уæллагхъæуы иу хънсыны йас хуымы гæппæл ис, æмæ уымæ дæр ныр цалдæр азы фаджыс нал бахауд æмæ дзы куыдзы хъуын 266
дæр нал схауы. Уæдæ ма йæ иунæг фырты дæр æххуырсты куыд радта, ныр усгур лæг у. Науæд æй æххуырст дæр бæр- гæ раттид, фæлæ уымæй дæр йæ мæгуыр хæдзар нæ фæ- хъæздыгдæр вæййы. Ахæм хъуыдытимæ-ну Бибо къæхтыбынæй ныуулæфыд æмæ-иу йæхицæн загъта: — Гъе! Ныр зæхх куы аскъуыид, æмæ дзы куы ныхха- уин. Уалдзæджы къæсæрыл, уæд мæ тухийæ æвиппайды фервæзин, æмæ нал кæсин мæ бинонты тæригъæдмæ, нал сын хъусин се ’ххормаджы кой. Фæлæ лæг йæ цæстæй куы кæса, йæ зæрдæ йæ риуы куы куса, уæд уæддæр æнæфезмæлгæ нæй. Иу райсом та æхсæвæй куыд хицæн кодта, афтæ фестад йæ лыстæнæй, йæ дзаумайы бызгъуыртæ йæ уæлæ акодта æмæ ахызт уынгмæ. Алырдыгæй йæм æрбайхъуыстысты мæргъты рæсугъд зарджытæ, фæлæ уымæ та мардыл кæ- уæгау фæкастысты æмæ фæстæмæ хæдзары фæмидæг. Фæ- каст Чендземæ æмæ йын уый тыхст хъæлæсæй афтæ: — Архайын хъæуы, мæ хуртæ, бирæ сагъæстæ æмæ арф хъуыдытæ царды уæззаудзинад нæ фæсурдзысты. Уыцы гæппæлыл архайын хъæуы къæпийы бырынкъæй. — Лæппу та кæдæм ацыд? — Уæлæ, дам, сисæмбонд бадзæбæхтæ кæнон, стæй, дам, æй къахын дæр райдайдзынæн. Бибойæн тынг æхсызгон уыдысты Чендзейы ныхæстæ, æгайтма сын сæ фырт сæ царды уавæртæ фæрогдæр кæнын- мæ тырны. Æрбайхъуыст кæртæй Милайы рæйын, æмæ Бибо уынг- мæ рауад. Мæнæ сæ дуармæ æрбалæууыд уæлбæхæй хъæ- уыхицау Ростъом. Бибойы мæллæг зæрдæ йæхи риуы къул- тыл бахоста, хорзæн та кæй нæ фæзынд ацы сырд, уый æм- баргæйæ. Ростъом бæх фæурæдта, æмæ йын уазал зæрдæ- йæ, дæ райсом хорз, Бибо, зæгъгæ, загъта. Уый дæр йæ хæ- лын худ нæ сæрæй фелвæста æмæ йын, арфæгонд у, зæгъ- гæ, загъта. — Бибо, хъалон ма дарыс æмæ сæ бафидын хъæуы, пад- дзахы хæсæй хъуамæ дæхи сыгъдæг дарай. — Бæргæ йæ зонын, фæлæ хæдзары ницы ис, æмæ цæ- мæй мæхп ссыгъдæг кæнон? — Уымæн дын, мæ бон ницы у, фæлæ хæсæн æнæбафид- гæ нæй тæккæ абон... — Омæ, кæцæй цы ракъахон, мæнæ ацы куыдзæй дарддæр мæ хæдзары цыппæркъахæй ницы ис, уый дæхæ- дæг дæр куы зоныс? — Уый дæ хуыцауы хай бахæрæд, фæлæ уал искæмæй 267
райс, уæ хъæуы фæрæзджынтæ ис, æмæ сын балæгъстæ кæн. — О, мæ хур, æниу сын сæ зæвæттæ куы фестæрин, уæддæр мын ницæй тыххæй мæ къух нæ сараздзысты. Мæ% иуиæг фырт уæртæ Хæмыцæн æнæхъæн дыууæ азы хъазар ацыд æмæ йын йæ къухы ту дæр нæ ныккодта, афтæмæй йæ рарвыста. — Уæдæ, æлдар йæ хъалонисджыты куы рарвита, уæд дын æнцондæр уыдзæни? — Мæнæн æнцондæр никуы уыдзæн ацы тыхст дуджы. — Уæдæ, æз ссардзынæн, дæ хъалон цæмæй бамбæрзай, уый аргъ! — æмæ фæзылдта йæ бæх. Бибойæн йæ цæстытæ судзгæ цæхæртæ аппæрстой Рос- тъомы тæссаг ныхæстæй, йæ фæстæ ма рауад, фæлæ уæд- мæ уый фæаууон. Æрмæст ма йæ хъустыл ауад, бæхы къæхты хъæр. Лæг уæззау сагъæсты бахауд, ноджы тынгдæр ныттар, нытталынг, ныддур йæ зæрдæ. Ростъом йæ бæх фæурæдта Хæмыцты кæрты, рог æр- гæпп кодта, йæ хытъын ма саргъы æвзист гоппыл æрхаф- та, фæлæ уæцъæфы фиутæ фæйнæрдæм лидзæгау акодтой, цыма саргъы гоппæй тæрсгæ фæкодтой. Хæмыц ифтонг кодта йæ гутонгæрзтæ, Ростъомимæ кæ- рæдзпмæ сæ мидбылты бахудтысты, стæй хъæуыхицау сæ- рыстырæй сдзырдта: — Æй кæн, æй, Хæмыц, хуыцау та дын дæтты. — Уæд, пы, дæ хорзæхæй, Ростъом? Кæд исты ратта, уæд нып иумæ уыдзæн. — Ауай, уæдæ, фараст сомы рахæсс æмæ тæккæ райсом уæлæ Уæллагхъæуы Бибойы хоры хуым афæлдах. Хуым цалдæр фараст сомы аргъ у, фæлæ мæ фæлтау ды хæр, ис- куы ма дзы дæ хæдзары сыкъайыдзаг уæддæр анцъухдзы- нæн. Хæмыц фырцинæй йæ куыст фæуагъта, йæ рихитæ баз- дыхта, йæхинымæры сдзырдта: «Уый, æцæг, хуыцау куы ратта сæумæрайсом хъæбæрхоры хуым. Æцæг, къæхты бын у. фæлæ лæвары бæх дæндагæй ничи сгары». Æргом та сдзырдта: — Цом хæдзармæ, Ростъом, æхца дæр дын анымайдзы- нæн! — Нæ, бузныг, æндæрхатт та уæм фæзындзынæн, — æмæ йæ цæст аивæй адардта Собæты ’рдæм. Хæмыц фембæрста, Цуцийы ауынын та йæ кæй фæнды. Уым кæй ахæра, Цуцийы армæй чи рацæуа, уый йын ад- 268
джындæр вæййы. Æмæ фæраст хæдзармæ. Уайтагъд фез- дæхт æмæ йæм бадардта æхцатæ. — Айс, Ростъом, æрмæст, дæхæдæг зоныс, æнæуи дæр мыл алы даутæ æрымысынц, æмæ исты куы дзурой, уæд цыргъаг здæхт не ’рцæудзæн, фæлæ йæ дæуæн рагацау зæ- гъын. — Æри уал æхца, стæй афæлварæнт сым-сым скæнын дæр. Дыккаг бон сæумæраджы Хæмыц йæ гутон ныссагъта Бибойы хуымы. Хъæлдзæгæй цъæхснаг уисæй бавзыста йæ нард гал- тæм: — Гъей, Къобор, цæугæ размæ, дæ рынтæ мæгуыртæ ахæрой, науæд нæ хуымтæ конд нæ фæуыдзысты. Ай нын лæвар хуым у. Нард галтæ цыма сæ фæстæ гутон нæ ластой, афтæ цæ- уынц размæ. Фæлдахы хуым, иу-цалдæр хаххы дзы акодта иу кæронæй иннæмæ, афтæ йæ хъæуæй ауыдта Бибо. Иæ цæстытæ цæхæр акалдтой, йæ дæндæгтæ кæрæдзимæ сæхи æрæлвæстой, буарыл цыма дзаг къæрта дон ауагъдæуыд, афтæ фæци. Зæрдæ сгуыпп-гуыпп кодта, уæдæ мын мæ хъа- лонмæ мæ хуым ныууæй кодта æвзæр хытъын хæрæг, зæгъ- гæ, дзургæ бауад тыргъмæ, радавта фæрæт æмæ, йæ зæн- гойы зæбултæ тилгæ, фæлидзæг уæлхъæуы ’рдæм. Нæма схæццæ хуымы кæронмæ, афтæ ныхъхъæр кодта Хæмыц- мæ: — Уæ уæлæ тæригъæдхор, дæхи тъæпæктæ бакæн, дæ- хи, уымæй дæ нæ рахъаст кæндзынæн! — æмæ дарддæр кодта йæ цыд. — Æмæ ай кæй у, цымæ? Мæ урс æвзист æхца йыл нæ радтон? Æлхæнгæ йæ нæ бакодтон? — Кæмæй йæ балхæдтай?! — Дæлæ хъæуыхицауæй! — Æмæ ай кæй хуым у? — Бибо хъæргæнгæ æрлæууыд гал1ы раз. — Ауадз, æз æй тыхæй, мыййаг, нæ байстон. Дæуæн ни- цы куыст ис, фæлæ мæнæн нæй рæстæг, — бацавта Хæмыц йæ галты. Уый дæр галты сæрбосмæ февнæлдта æмæ сæ хуымæн иуырдæм аласта йæ фæстæ: — Ай мæ хуым у, мæ хуым, Хæмыц, æмæ мæ бинонты цæгъдын дæумæ кæсы, и? Цæуыл мæ сафыс, дыууæ азы дæм мæ фырт нæ фæцыд æххуырсты? Исты йын радтай? Ныр та дын мæ хуыммæ æрбаирвæзт? Цæугæ мæ хуымæй. Науæд дын хорз нæ рауайдзæн! Хæрæг! 269
Хæмыц тыххудт бакодта æмæ йын афтæ: — Æри мын мæ фараст сомы, æмæ бар дæу. — Æз дæуæй ницы дарын, дæхæдæг мæ дæ хæсджын. — Уæдæ, ацу, æмæ дæ хæсты фæстæ ралли-балли кæн, æз та мæ хуым бакæнон! Йæхи фæмæсты кодта Хæмыц, æмæ йæ галтæ фæстæмæ баздахынмæ куыд хъавыд, афтæ йыл Бибо йæхи андæгъта, æрбынæй йæ кодта, æмæ йын тымбыл къухæй йæ былтыл балæууыд: — Уæдæ мæ нал уадзыс, цæрдудæй мын мæ бннонты ба- хус кодтай, æмæ дын æгъгъæд нæу? Хъæу фæфæдис сты, баиргъæтой сæ. Дзантемыр ма йæ- хи цалдæр æппæрст бакодта Хæмыцмæ, фæлæ йæ Баджери æмæ Гуыбе нæ бауагътой. Фервæзт Бибо йæ хуымы мæтæй, нал ын æй бахъуыд къæпийы бырынкъæй къахын. Дзантемыр знон-изæрмæ ног сисæмбонд кæй сарæзта хæсгæ дурæй, йæ хид кæуыл фæ- калд, уый дæр Хæмыцы пайдайæн баззад. Къах æрæвæрæн нал ис Бибойæн зæххыл. Нал уыгæрдæн, нал хуымзæхх. Ноджы йыл Хæмыц хъаст балæвæрдта хъæуыхицаумæ, фæ- мысыдис ыл, цы уыд, цынæ уыд, ахæмтæ æмæ æрцахстоп мæгуыр лæджы. Хъуыддаг Гуры тæрхондонмæ ахауд. Акод- той Бибойы дæр ахстæй, йæ уæнгтæ бæстытæй. Цы кæна Чендзе, цы сараза, цæмæй фæдара йæ сывæллæтты, сасир бийæггагæй дæр куыд фæдардзæн йæ бинонты? Йæ лæджы фæстæ фæцæуа, æрзила хъуыддагыл æмæ æнæвзаг мæ- гуыр сылгоймагæн цы фарн ис адæймаджы удхорты раз йæ дзырды? Дзантемыр дæр цы сараздзæн, стæй афтид арм- мæ зулмæ дæр ничи кæсы, цæмæй ма йæ уд сæмбæла йæ мæгуыр хæдзарыл. Хъæуы æмбаргæ хистæр Тугъан дæр уæззау сагъæсы бахауд Бибойы тыххæй. Иу изæр адæм сæ куыстæй æрыздæхтысты хъæумæ. Чи йæ хæдзармæ бауад, чи та йæ фæллад уадзы кæрты. Ту- гъан бадти мæсыгы фарсмæ æмæ тамакоты æууилæнты цъæх дон зæхмæ æнæвгъау чъыртт кæны. Уалынмæ йæм цæуын райдыдтой иннæ сыхæгтæ, йæ алыварс æртыгуыр сты, æнахъом сывæллæттæ лæууыдыс- ты дæрддзæф, сæ гом уæрджытæ хæлафы скъуыдтæй æрт- тывтой. — Уæдæ, Бибойы хабарæй та цы бæрæг ис? — фæрсы сæ Тугъаи. — Æмæ йын чи цы зоны? Гуры тæрхондонмæ, дам, ын арвыстой йæ хъуыддаг, — загъта Ягор. — Мæлæт æмæ ху- динаг, мæ хуртæ, лæг сæфы ницæй тыххæй æмæ... — Хъусут-ма, мæ сыхæгтæ. Лæджы чи амары, уымæн 270
дæр раздахæн ис. Хицауады куы бафæнда, уæд уый тынг нæ нымайы рахыл-бахыл, фæлæ кæсы, хомхор куыдзау, æн- хъæлмæ, æмæ уымæн та йæ хæдзары ницы ис æмæ цы ба- кæнæм? — Тугъан йæ цæст ахаста йæ хъæубæстыл. Алчи дæр сæ æдзынæг каст зæхмæ, хъуыдытæ кодтой, цы хуыз- дæр дзуапп радтæн ис Тугъаны фарстæн. Уый та йæ къæдз лæдзæг йæ дæларм арфдæр сбыцæу кодта æмæ дарддæр дзуры: — Кæрæдзийæ лæгтæ, мыййаг, нæ амардтой, æмæ мæнæ не ’хсæнæй дыууæ лæгæн бахæс кæнæм, бауынаффæ кæной Хæмыцимæ. Уый хъæуыхицауæн куы зæгъа, уæд хъаст раздахдзысты. Науæд сæфт дæр сæфт æмæ уый дæр... — Хæмыц æнæисты фидтæн айсгæ йæ хъаст кæцæй райс- дзæн? — Уый зонын, Ягор, фæлæ уал бамбарæм Хæмыцы хъуыды. Бирæ уынаффæты фæстæ хъуыддаг бакодтой Тугъанæн йæхи æвджид, æмбалæн та йын равзæрстой Ягоры. Хæмыц бирæ фæракæ-бакæ кодта, нæ тасыд. Æниу бирæгъ фысы коммæ искуы фæкæсы, фæлæ йын Тугъан æмæ Ягор алы сæттæн ныхас фæкодтой. Æппынæрæджиау, цыма æвзæрст лæгтæй тынг æфсæрмы кæны, уыйау арф ныуулæфыд, æмæ афтæ: — Цæй, цы бакæнон, мæ хъуыры ныббадтыстут æмæ, а, фæлæ уæд æз дæр зæгъон. — Зæгъ, зæгъ, мæ хур, зæгъ. Дæ бон у дæ хæдзары æп- пæт зæгъын дæр, æрмæст, мæгуыр лæджы дзæгъæлы мар- дæй ма амар. — Мæн ннкæй амæлæт фæнды. Мæыæн никæй мардæй ис æфтиаг, фæлæ мæм йæхæдæг систа йæ къух, æмæ мын ме ’фхæрдæн аргъ скæнут, ирон адæмы æхсæн цы фæтк ис, уымæй, æмæ уæд... Æппынфæстаг ныллæууыдысты ахæм хъуыдыйыл, зæгъ- гæ, Бибойы фырт Дзантемыр дыууæ азы æххуырст фæцæ- уæд Хæмыцæн лæвар, æгæрыстæмæй, йын, йæ къæхтыл дыууæ ’рчъи цæмæй скæна, уый дæр нæ уыдзæн йæ фæл- лойæ. — Бибо куы рацæуа, уæд фынг скæнæт æмæ мын æм- бæлон аргъ скæнут уæхæдæг, Тугъан æмæ Ягор, — Хæмыц нæ барста сау адæмæн. Тугъан архайдта, цæмæй Дзантемыры фыййауы ацыды хабар баззадаид æрмæст иу афæдзыл, фæлæ Хæмыцæй къæрттæй, цъулайæ ницы рахаудта.Чендзе куы фехъуыста, Хæмыц та йын йæ иунæг фырты æнæхъæн дыууæ азы сæр- дæй-зымæгæй йæ фосы фæдыл кæй æрвитдзæн, уæд, мар- 27Г
дыл кæуæгау, фæниудта, фæлæ цæсты сыджы лæдæрсæн- тæй Бибойæн уазал ныккæнды дуæрттæ кæцæй байгом уы- даиккой. Æмæ ныллæг хъæлæсæй сдзырдта йæ хъæбулмæ: — Ницы хуыздæр амал ис, дæ нывонд фæуон, æмæ лæ- гыл цы бон æркæна, уымæй архайын хъæуы. — Гыцци, æмæ æз «нæ» зæгъæг куынæ дæн. Дæс азы дæр цæудзынæн, цæйнæфæлтау мæ фыд ахæстоны амæла. Кæд æргомæй йæ мадæн ныфс æвæрынæн дзырдта, аф- тæ, уæд йæ зæрдæ та йæ хуылфы рæсигæ акодта фырмæс- тæй. Хæмыц дæр хъаст райсыны тыххæй афæрстытæ кодта хъæуыхицауы æмæ йын уый уæлдай ницыуал загъта. Хъуыддаг, зæгъгæ, ды балæвæрдтай æмæ йæ райсын дæр дæ бар у, стæй ныр бадгæ дæр хорз акодта, уыйбæрц аххос дæр æм ницы ис, фæлæ хъуамæ сым-сым дæр ма уæндой адæм мах хуызæттæм. — Уадз сæ, Ростъом. Ныр уал цы фиу батыхта Бибо, уый-иу раппæлæд. Æз уал дыууæ азы ирвæзт дæн мæ дзуг- ты мæтæй. Хуыцау та мын æцæг фыййау радта бынтон лæ- вар. Æнæхъæн æртæ мæйы æнхъæлмæ касти Чендзе Бибо- йы рацæуынмæ Гуры ахæстонмæ, фæлæ никæцæй зынд Би- бо. Цалдæр хатты-иу бæрæггæнæг ныууад хъæуыхицаумæ, фæлæ йын уый дæр, йæ зæрдæ иæмæй барухс уа, ахæм ны- хас никуы загъта. Æмæ-иу цæссыгкалгæ сыздæхт йæ мæ- гуыр хæдзармæ. Хъуыддаг афтæ рауад æмæ хъæуыхицау Гуры тæрхондонмæ нæ арвыста Хæмыцы разыйы гæххæтт, цæмæй Бибойы ссæрибар кæной ахæстонæй. Чи кæны мæ- гуыры мæт. кæмæ хъарынц Чендзейы хъарджытæ? Æмæ афтæ æрвыста Бибо йæ бонтæ талынг ныккæнды. Иу изæр Хъауырбег æрбацыд Биботы кæртмæ. Раст уыцы рæстæджы Дзантемыр дæр хизæнуатæй æрыскъæрд- та Хæмыцы дзугтæ, æмæ Хъауырбеджы сæ кæрты лæугæ куы ауыдта, уæд æм йæ мидбыл фæхудт, де зæр хорз, зæгъ- гæ, йын загъта æмæ сæ кæрæдзи ног хабæрттæй афæрсты- тæ кодтой. Хъауырбег фæцыд сыхаг хъæумæ куыстагур, куыстыл бæргæ фембæлд, фæлæ та йæ мыздæй йæ зæрдæ уабæрæг ницы барухс. — Талманты Матеимæ бадзырдтон, дæлæ, дам мын Па- цъайы доны былмæ цыппарыссæдз хъæды ныппар æмæ, дам,,алы дæсæн 3 сомы айсдзынæ. Ныппар, цыма хуыртæ сты, — катай кодта Хъауырбег — Æмæ сæ цы кæны? — афарста йæ Дзантемыр. — Мæ хур акæн, дон куы райтынг уа. уæд та сæ дæлг 272
гуырдзыйы хъæумагныммидæг кæидзæни æмæ та сæ ныу- уæй кæндзæн. Мах та йын хъуамæ ницæйаг мыздыл кусæм. Цæй, уый дæр фæуæт, фæлæ Бибо цы баци? Лæппу йæ хуыз фæтар кодта æмæ иудзæвгар зæхмæ каст, стæй уæд афтæ: — Иицы мæ сæрæн зонын, цы ма бакæнон, хатт ра- фæнд кæнын, йæ дзугтæ йын фæуадзон æмæ гыцциимæ уæртæ фæсхох амидæг уон, фæлæ уымæй дæр цы? — Уый дæр, Дзантемыр, хъуыды у, фæлæ дзы де ’ргъом нæ къаддæр кæныс. — Уæдæ, цы бакæнон, мæ фыд, чизоыы, ахæстоны... — амард, зæгъгæ, йæ цæст нæ бауарзта зæгъын. — О, æмæ дын æз дæр уымæн зæгъын, ды фæфардæг уыдзынæ дард фæсхохмæ, уымæй Хæмыц æмæ Собæйæн — арсы хъуыны мæлдзыг. Адæймаг райгуыры, худинаджы гакк ныккæнын йæхиуыл куынæ бауадзы, йе ’фхæрæгæй йæ маст куы райсы æмæ йæ хъайтардзинад дзыллæтыл куы айхъуысы. Худинаджы номимæ цæрын мæлæт у. — йæ фи- дар æнгуылдзтæ æрбатымбыл сты, йæ разы февзæрдысты Хæмыц æмæ Собæ, йæ дæндæгтæ ныкъкъæс-къæс кодтой, ахъавыд æд хæцæнгарз. мæгуыр адæмы тугæй чи цъиры, уыдонимæ йæ тых сфæлварын. — Тæккæ райсом кæд Хæмыц Бибойы ахæстæй нæ фервæзын кæна, уæд мах дæр лæджы фырттæ ма фæхуыйнæм, не ’ппæт æфхæрдтытæ дæр куынæ сисæм уыцы дыууæйы бæрзæнтæй. Сæ артдзæсты сæ цар- дæп ахицæн кæнын хъæудзæн, уæддæр махæн ацы цардæй ахæсты бирæ хуыздæр у. Ахæм фæндтæ кæнгæйæ сыл æрталынг. Хъæу ныссабыр, иу сым никуыцæйуал хъуыст. Æрæджиау сæ хъус ацахста сабыр къахуынæр. Бæлццон æрбацæйцыд уыдонæрдæм. Уыиджы æрлæууыд æмæ стæй ныуулæфыд бынозæй. — Гъе, уæууай, гъе, куыд гæвзыкк æмæ та дæ тæри- гъæддагæй сæййæфтон, нæ мæгуыр уæзæг. — Пауле, ацы æнафоны кæцæй фæдæ? Пауле æваст ныхъхъæбыс кодта Хъауырбеджы. Дзан- темыр дæр йæхи ауыпдзæгау акодта Паулейы уæхскыл. — Исты ног хабæрттæ мын дзурут, æрмæст тынг хъæ- рæй нæ. Хъауырбег æмæ Дзаптемыр фæдызæрдыг сты Пауле- йыл, фæлæ йæм æргом ницы сдзырдтой, æрмæст ын Хъа- уырбег ныллæг хъæлæсæй афтæ, дæхимæ уыдзæн хабæрт- тæ, зæгъгæ, мах ам фыдæбон æмæ фыл цардæй дарддæр ницы зонæм. Ды та Калакæй æрбацыдтæ! — Мæгуыр Калачы дæр мæгуыр вæййы. Лæппутæ, тых- ’джын æдыхы ныры дуджы кæмдæриддæр æгъатырæй æф- 8. Бязырты Д. 273
хæры, нæ йæ уадзы уæлæмæ скæсын. Куыд сты мæ мад æмæ мæ фыд та? — Ницы сын у, — бакодта Хъауырбег æнæбары. Ныр- тæккæ йæхæдæг йæхи цæстытæй фендзæн йæ ныййарджы- ты цард, цыппар азы дæргъы Паулейы ацыдæй фæстæмæ бынтон раууатмæ кæй æрцыдысты. Æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — Цæй, уæдæ, æз фæуон хæрзæггур Ягор æмæ Дурзилонмæ! — Нæ, Хъауыр, нæ хъæуы, исты сæм мæ бирæ фæллæйт- тимæ куынæ ’рбахæццæ дæн, — æмæ йæ зæрдыл æрбалæу- уыд, цыппар азы размæ йæ мæгуыр мад æмæ фыды куыд ныууагъта æмæ, хуыздæр цардагур куыд фæлыгъд Калак- мæ, кæд, зæгъгæ, иу чысыл исты муртæ уæддæр самал кæ- нин, цæмæй мæ ныййарджыты уæззау цард исты амалæй фæрогдæр уаид. Фæкуыста цыппар азы æфсæнвæндаджы, цы æнæбары капеччытæ иста, уыдон ын гуыбыны фаг дæр нæ кодтой. Ягор æмæ Дурзилоны цинæн кæрон нал уыд, бирæ фæ- тыхстытæ кодтой сæ иунæг фыртыл, фæлæ æрæджиау Дур- зилон Паулейы ралыгъды хабар куы бамбæрста, уæд æр- æнкъард. Æрæнкъард сты Хъауырбег æмæ Дзантемыр дæр. Уæд сын Пауле афтæ зæгъы: — Ныр дард нал у, æлдæртты уæззау къæлæттæ нæ бæрзæйтæй куы аппарæм, уыцы рæстæг. Нæ уырыссаг æф- сымæртæ æргомæй райдыдтой дзурын сæ бартыл. Домынц, куыстмызд цæмæй фылдæр исой, æмæ уый тыххæй цал- дæргай бонты куыстмæ нал рацæуынц. Мах дæр иугай ни- цы сараздзыстæм, фæлæ нæ æмткæй æмæ æмдыхæй тох кæнын хъæуы сæрибары сæрыл. — Æмæ Уырысы дæр ис Собæйы хуызæн тугхортæ? — дисгæнгæ афарста Дзантемыр. — Уæдæ, куыд æнхъæлыс? Алы рæтты дæр мæгуырты тугвæллойæ цæрынц хъæздыджытæ. Уæрæсейы фабрикты хицæуттæ сæ иу къах иннæйыл сæвæрдтой, афтæмæй ба- дынц æмæ нæрсынц æд бинонтæ æмæ мæгуыр кусæг та æнæхъæн бон-изæрмæ йæ куысты уæлхъус фыдæбон фæ- кæны. Кæсут, цыппар азы дæлæ Калачы æфсæнвæндаджы фæкуыстон, æхсæв-иу цъынд нæ ахæцыд мæ цæстыл, бон дæр афтæ, æмæ къæбæры фаг дæр нæ кодта, цы æхца мын лæвæрдтой, уый. Ноджы дын æй хъуамæ истæй æфсон урæдтаиккой. Кæнæ куыстмæ афоныл нæ рацыдтæ, гъе, та фатæгыл раст нæ хæцыс. Æз дæр бафæлмæцыдтæн, мæ хи- цау та мыл куы хъæртæ кодта, уæд ыл тымбыл къухæйс æрцыдтæн æмæ рафардæг дæн. 274
— Мæ фыд ахæсты куы амæла, уæд мæ зæрдæ мæ хуылфы атондзæн! — йæ маст ын радзырдта Дзантемыр дæр. — Фæразын хъæуы, мæ хуртæ. Хъуыддаг та агуринаг у, кæд æй нæ сæрибар кæны, уæд ын йæ дзуг фæуадз, æмæ йæхæдæг тыхсдзæн, — загъта Пауле æмæ сæ хъустыл ауад уасджыты уасын. Уыцы изæр Чендзе йæ иунæг чызг Ханиффæйæн бирæ æнкъард ныхæстæ фæкодта. Уæддæр-иу æй чызг афарста: — Гыцци, уæдæ, баба куыд æрæгмæ цæуы? — Æрбацæудзæн, æрбацæудзæн, гыццийы хур, — æмæ- иу арф ныуулæфыд. Стæй сывæллон тæрхæгыл цавæрдæр бызгъуырты тарф- фынæй аци. Иæ рустыл цы дзыккуйы хаутæ æрхауд, уы- дон-иу базмæлыдысты йæ мæллæг уадултыл, куы-иу рау- лæфыд, уæд. Чендзе йæм æргуыбыр кодта, иудзæвгар æм æдзынæг каст, стæй йын йæ ныхæн апъа кодта, æмæ уый дæр йæ фарсмæ йæхи æруагъта. Бирæ уæззау хъуыдыты фæстæ тарф фынæй аци. Мæнæ диссаг. Иæ тæккæ къæс&ры раз лæууы чидæр. Хойы дуар. Чендзе йæ нæ кæны. Уæд уыцы дуархойæг тынгдæр ныххойы дуар æмæ дынджыр фæхс дуар æрбаха- уы. Æмæ æрбахизы æлдары хъалонисæг. Хъалон бафид, кæннод дын дæ чызджы ахæсдзынæн, æмæ йæ æлдар ныу- уæй кæндзæн йæ хъалонмæ. Чендзе йæ хъæбысы ныттыхта йæ хъæбулы, хъарæг кæны, зæгъгæ, йæ нæ ауадздзынæн, фæлтау мæ мæ артдзæсты амар. Æмæ фехъал. Йæ сур хид акалд. Йæ хъæбулы æрбал- хъывта йæ риумæ. Æцæг дуар æрбахостæуыд. Чендзе фестад, йæ хуысеæн- уаты бадæгау акодта æмæ айхъуыста. Ацахста Бибойы хъæ- лæс: — Мидæмæ мæ нал уадзут? — Мæ къонайыл, уый мæм нæ лæджы дзурыны хуызæн куы кæсы? Хани, уæ Хани!—нынкъуыста йæ чьтзджы, фæ- лæ уый йæ фынтæй нæ райхъал. Уæд æй фелвæста йæ хъæбысы æмæ ауад йе ’мкъайы размæ. — Хани, Хани, мæ хъæбул, мæнæ дын баба куы ’рбацыд, райхъал-ма у. — Ныууадз æй, цæмæн æй хъал кæныс, гормон, райсом ам нæ уыдзынæн? — Сывæллоныл ныттыхст Бибо дæр, йæ фæлмæн русæн ын адджын пъатæ акодта æмæ йæ æрны- уæрста бызгъуырты. Иæ цæст ахаста йæ мæгуыр хæдзары къуымты, фæлæ ницы сдзырдта, йæ зæрдæ сгуыпп-гуыпп кодта, зæгъгæ, мæ иунæг лæппу кæм ис. 275
Чендзе цыма фембæрста Бибойы хъуыды, уыйау фæкаст дуары ’рдæм æмæ ныллæг хъæлæсæй сдзырдта: — Уæдæ, Дзантемыр та цæмæн æрæгмæ цæуы? — Æмæ кæм ис, кæм? — Уæртæ кæд Хъауырбегтæм бады. Цæмæй зоны, йæ фыд æрбаздæхт. Райсом та йæ уыцы хъомы рæгъаумæ ра- гацау цæуын хъæудзæн. — Æмæ искæйы фос хизы? — О, мæ хур, уæдæ цы кæна? Нæ хъæуы æмбаргæтæ йæм хатæг фæцыдысты, алы фæлтæрæн, алы сæттæн ныхас ын кодтой, дæ рауадзыны тыххæй цæмæй гæххæтт бадæтта, фæлæ нæ фæчъил, цалынмæ йын Дзантемыр разыйы ны- хас нæ загъта, дæ хъомты рæгъау дын дыууæ азы дæргъы æнæаргъ хиздзынæн, зæгъгæ, уæдмæ. — Ау! Æмæ уыйбæрц цы ракодтон? Мæ хуым мын йæ- хи бакодта, æрцахсын мæ кодта, æмæ йын ноджы дыууæ азы хъуамæ хырха мæ сывæллон? — Тыхы дон хæрдмæ ласы, мæ хур,—Чендзе арф ныу- улæфыд. ÆВДДÆСÆМ СÆР Сæрдыгон тæвд хур йæ зынг цæстæп каст Комыхъæуы сæр фæтæнтæм. Æнæхъæн сæрд рæстмæ къæвда никуы ра- кодта. Ацы аз Дзантемыр уæлæфтау хæссынæй фервæзт, цыма йын хур тæригъæд кодта, уыйау æм нæртонæй æп- пæрста йæ тынтæ. Æрхуыгъуыз буар сæм кодта æрттивæ- гау. Пацъа дæр ныссур, гæзæмæ ма зынди къæдз-мæдзы- тæй дурты ’хсæнты. Дынджыр дойнаг дуртæ зындысты бæгъпæгæй доны астæу. Фæлæ дысон изæрæй зæрæхсид ныгуылæнырдыгæй куы зынд, уæд æй зæрдæ фембæрста, æнæкъæвда хуыцау хос нæ загъта. Раст фæсахсæвæр рай- дыдта уарын. Æнæхъæн сæрддæргъы йын цынæ бантыст, уый цыма баххæст кæнынмæ хъавыд, ахæм хуыз ын уыд. Пацъа йæ былтæй акалд, бамбæрста дурты змæст дон. Абон райсомæй Бибо æд лæдзæг фæраст Дзантемыримæ. Хъомтæ зыдæй хызтысты æртæхгæрдæгыл. Уаргæ нал кодта, фæлæ Пацъа уæддæр йæ сæрыл иста бæстæ. Бибо фосыл йæ цæст ахаста, анымадта сæ, æмæ уым куы разын- дысты иууылдæр, уæд сæ ныууагъта лæппуйæн æмæ рараст сæхнмæ. Иудзæвгар куы рауад, уæд æваст йæ хъустыл ауад ар- вы нæрын. Дардæй йæм хъуысы, сыфтæртыл къæвдайы æр- 276
тæхтæ сæхи куыд тъæпп-тъæпп кæнынц. Йæ мидбынаты æр- лæууыд æмæ фæкаст хохрæбыны ’рдæм. — Куыдз дын фæлдыст! Æгъгъæд дын нæудысонæй ныр- мæ. Цæй, цы бакæнон: фæстæмæ лæппумæ аздæхон æви уал хæдзармæ ныццæуон, йæ фæстæты йæ акъанаутæ хъæ- уы, æндæра нæ дон фæласдзæнис, — кæсы тарстхуызæй хæхты ’рдæм.— Цæй, ныууайон хæдзармæ, стæй фездæх- дзынæн, — æмæ та араст уырдыгмæ хъæуы ’рдæм. Куыд æввахс кæны сæхимæ, афтæ къæвда дæр тын- гæй-тынгдæр кæны. Дон фестад йæ буар. Йæ цухъайы быз- гъуыртæ цыхцырджытæ фестадысты. Йæ къахы ’нгуылдзты æхсæнты цъыф хæрдмæ лæбурæгау кæны. Р1æ къухтæ цы- ма сæлгæ ныккодтой, уыйау ын уырдыгмæ нырраст сты. Чендзе къæпийæ донвæд кодта хæдзары фæстæ. Уарын тын- гæй тынгдæр кæны, уынгтæ леуахи фестадысты, æмæ фы- дæнæпгæнæгау лæбурынц бинагхъæды бынты хæдзармæ. Чендзе архайы, хафы донмарæн, фæлæ дон уæддæр лæбу- ры мидæмæ. Сыстад тыхдымгæ, къæвда йæхи хойы хæдза- ры æмбыд къултыл. Къулы сыджытæй сæрстытæ къæвдайы дон ратоны æмæ зæххыл сæ тъæпп фæцæуы. — Дæ хорзæхæй, дæхи цæуыл марыс ацы къæвдайы? — уайдзæфгæнæгау ын загъта Бибо, æмæ йын йæ къухæй тыхиеæгау ракодта къæпи. — Мацæмæй йын скуывдæуæд, уæддæр мидæмæ бацæ- уæнтæ нал ис, бынты ратыдта доп. Дымгæ уæддæр йæ кæнон кодта, æнусон бæлæсты-иу цыма бындзарæй стонынмæ хъавыд, уыйау сæ дыууæрдæм уыгъта. Чысыл куы фæлæууыдысты къæвдайæ дæр æмæ дымгæйæ дæр, уæд Бибо бацыд хæдзармæ. Ханиффæ тæр- хæджы рæбын æргъæвст цъиуау нынныгъуылд. Тæдзынджы- тæ алырдыгæй дзырдтой алы хъæлæсæй. Бур-бурид бæгæ- ныйы хуызæн дон цъыкк-цъыкк кодта цары хъæдтæй. — Ай цард у? Райс кард æмæ дæхи ныррæмпъуз æмæ фервæзай... — Лæг йæ тæнтæ бариуыгъта тымбыл къухæй. — Хи амарынæй сæ цард нæ фæрогдæр кæндзынæ ацы сывæллæттæн, фæлæ йын йæ хъæмп аивынæн исты баамал кæнын хъæуы, — Чендзе йæ цæст хаста царыл. Уыцы рæстæджы сæм æрбайхъуыст Гуыбейы хъæлæс: — О, Бнбо, хæдзары дæ? Æддæмæ ракæс, адæм фæдис- мæ куы аивгъуыдтой! Æнæнхъæлæджы хъæрмæ сæ дыууæ дæр дурдзавдæй аззадысты. — Мæ къона байхæлд, цымæ та цы фæдис у? — бакодта тарстхуызæй Чендзе. 277
Бибо æнæдзургæйæ феддæдуар. Кæсы, æмæ сыхæгтæ Пацъайы ’рдæм лидзынц. — Пуй мын ма зæгъ, уыц^ лæгыл кæд ницы фыдбы- лыз?.. Æндæр нæ сыхæгтæй æддæ куы ничи ис. Абон райсомæп Пацъа æгæр куы лæбурдта фæйнæрдæм, уæд Саулæг уайтагъд бамбæрста, хъæуы куыройы æвыдæй нæ ныууадздзæн. Æниу, ссинаг та цы ис, фæлæ, цæй, цæ- уон, æмæ йын йæ фыдтæ уæддæр раиуырдæм кæнон, зæгъ- гæ, ацыд йе ’намонды фæндагыл. Саулæг уæллаг фыд бæр- гæ раппæрста: цас раппарын æй хъуыд, фæлæ бинаг дур- мæ куыд баздæхт, афтæ куыройы донмарæн æмткæй æрхаудта. Доны гуылфæнтæ, ныццавтой куыройы бинаг- хъæды. Куырой иуырдæм фæцудыдта, иудзæвгар доны сæрыл, тæвд боны къамбецау, аленк кодта, стæй уæд хъæд- гай апырх, аныгæдтой Саулæджы змæст Пацъайы гуыл- фæнтæ сæ уазал хъæбысы. Скъæфынц æй цингæнгæ Леуа- химæ, цæмæй раппæлой, зæгъгæ, дын мæнæ физонæггаг. Саулæг ма иу цалдæр хатты йæ дзых фæхæлиу кодта, йæ цæнгтæ ма арвмæ фæдардта, хуыцау, ма мæ фесаф, зæгъгæ, фæлæ стыр ныфс кæмæй авæрдта, доны гуылфæ- нæй мæ аскъæфдзæнис. æнхъæл кæмæй уыд, уый йæ хъуы- ды дæр не ’ркодта, нæ йын баххуыс кодта стыр хуыцау. Иæ кæрц ма-иу стæм хатт фæзынд, афтæ фæдисонтæ дæр æрхæццæ сты сæ сыхаджы æнамонд хабармæ, фæлæ цъа- лайы дур дурыл дæр нал æрæййæфтой. Ныр цалдæр къуыри хъæуы хъæздыджытæй æмбæхс- тæй чи бадт хæдзары, банымудзынæй чи тарст, уыцы Пауле дæр нæ фæлæууыд хæдзары. Æппæты разæй ных- хæццæ ивылд доны былмæ. Бирæ фæрацу-бацу кодтой фæдисонтæ ивылд доны был- ты. Зæрдæ-иу кæм æхсайдта, зæгъгæ, ам искуы уыдзæн, уырдæм-иу Хъауырбег доны гуылфæны йæхи баппæрста, фæлæ йæ ссардтой дыккаг бон раст сихормæ æввахс. Куы- ройы бынатмæ хæстæг. Æрра дон æй чысыл куы раласта, уæд æй аныгæдта змисы бын, цыма йын сыстынæй тарст. Адæм ыл мардтой сæхи. Пусине æмæ Цуци дæр, гæды хъарджытæгæнгæ, фæзындысты. Чысыл ма бахъæуа, за- рынмæ сын асайа. Гуыбе нал баурæдта йæхи дыууæ усы фæлитой митæм æмæ æнкъардæй сдзырдта: — О, мæ хуртæ, уæхи хæдзæртты куынæ уа мæрдтæ, уæд искæйы мардыл сымахæн уæ зæрдæ нæ фæрисдзæн. Собæ æмæ Хæмыц ацы ныхасыл тынг рафыхтысты, фæ- лæ ныртæккæ ницы дзурæн уыд æмæ сæ дзыхтыл ныххæ- цыдысты. Мæгуыры мард дыууæ марды у, цæмæй бавæра Хъауыр- 278
бег йæ фыды? Йæ хъуг бæргæ аргæвддзæн, фæлæ æртæ луа- си цæмæй скæна, уый тæпп ссад нæй йæ хæдзары. Уæдæ цы бакæна? Фæлæ мæнгæй нæ акæнынц: мæрдджын фæ- рæзджын у. Хъауырбег баминæвар кодта Собæмæ, зæгъ- гæ, ныр дыууæ азы рацыд æмæ мын амæй фыддæр цы фен- дзынæ, кæд мын исты дæттыс, уæд мыл енырæй уынгæ- джыдæр бон никуы ис. Ацы ныхæстæм Баджери хæрзизæрæй бацыд Собæмæ æмæ йын куы бамбарын кодта, з’æгъгæ, йæ куыстмæ йын исты авæр, уæд фæхаудта арвмæ. Раст, цæф арсау, фæ- богъ кодта: — Кæйдæр тæригъæддагæн йæ бон хист кæнын нæу æмæ йæ æххормагæй нынныгæнæт! Уæдæ ма исчи дыууæ азы йæ куыст искæмæн уадзы. Баджери комкоммæ бакаст Собæмæ æмæ йын ныллæг хъæлæсæй афтæ: — Бæргæ сæ нæ ныууадзид, фæлæ тыхы бон бирæ у. — Æмæ Хъауырбег тыхджын у æмæ мын мæ дзугтæ атæринаг у?! О, мард рахæссай дæ хæдзарæй, кæд ды дæхи зылынмæ не ’руадзай, зæгъгæ ма загъта йæхинымæр æмæ хъæрæй сдзырдта: — Собæ, цæй йæ зæрдæйæ ферох уой уый æппæт куыс- тытæ æмæ алæбон мауал дзурат, уый тыххæй йын исты авæр, уый дæр нырæй тыхстдæр никуы у! Собæ ахъуыды кодта, йæхинымæры афтæ: «Цæй, уæд- та йын исты авæрон æмæ та мын æнæхъæн афæдз фæкус- дзæн. Æндæр цы гæнæн ис кæйдæр дзæгъæл лæгæн?» Сыхæгтæ йын æхсæны хист скодтой æмæ йæ сыджыты хай бакодтой. Æнкъард æмæ фылдæр кæугæйæ æрвыста Бабнан йæ бонтæ. Саулæджы дзаумайы зæрæдтæй-иу йæ цæст истæ- уыл куы схæцыд, уæд-иу цыма Пацъа раивылд æмæ Сау- лæг йæ гуылфæны абон бахауд, афтæ-иу æрмттæдæлармæй къуымты хъарæггæнгæ рацу-бацу кодта. Иухатт ын Дур- зилон бауайдзæф кодта, сæ кæрты йæ сусæг хъарджытæ- гæнгæ куы баййæфта, уæд. — Дæ хорзæхæй, исты ма дын, мыййаг, цæрынхъуаг уыд. Æви йæ фæстæ дæхи ’рбамарын дæ зæрды ис? Уый дæр йæ кæуын баурæдта, йæ уымæл цæстытæ кæл- мæрзæнæй асæрфта æмæ æхгæд хъæлæсæй дзур: — Цы кæнон, уæдæ, цæуыл хъæлдзæг уон? Цæрынхъуаг нал уыди, фæлæ мын донласт кæй фæци, уый тыххæй йæ бынтон нæ уромын. Стæй уый фæуæт, æнæмæлгæ æнустæм 279
чи цæры, фæлæ мæ иунæг фыртæн йæ фæндтæ фæкъуылым- пы сты, — схæкъуырцц та кодта. Хæрзæдзæллагмæ ’рхауд Хъауырбеджы хæдзар. Ныр цалдæр мæйы нал бауад Тæгæрджынмæ дæр, нал аныхæс- тæ кодта йæ хуры тын, рæсугъд Сæлимæтимæ. Р1æ рæ- сугъд цæсгом бамбæхст сатæгсау зачъетæ æмæ рихиты бын. Ирæд ссарын æм мард райгасгæнæгау каст. Æгæр кæй смæллæг, цæсгом зæронд æмæ тарстхуыз кæй æвдыста, уый тыххæй Собæ æмæ йæ усæн фадат фæци æмæ айхъуысын кодтой æнæхъæн комы, зæгъгæ, сæрра. Суанг æй Томайы чызг Сæлимæ дæр бахуын кодтой. Æрцыд хъуыддаг Тома- йы хъустыл æмæ бацин кодта. Ныфс бацыд йæ зæрдæйы, зæгъгæ, ныр æнæуæлдай дзырдæй бакомдзæн мæ чызг Бæ- тæгаты Собæйы фыртæн. Цины улæфт-иу скодта йæ риуы- дзаг æмæ-иу фæкаст дард комы ’рбацæуæнмæ, цыгла Собæ йæхи къахæй ’рбатæры Томайæн ирæд æнæрадзур-бадзу- рæй. Иу изæр фос сæрвæтæй куы ’рцыдысты, раст уыцы афон Тома дæр æрцыди хъæдæй, уынджы æрлæууыд, йæ даргъ- роцъоджын фæрæт райста йæ цонгæй æмæ йæ сугсæттæн къуыдыры æрсагъта æмæ йæхæдæг дæр æрбадти къуыды- рыл. Изæры уæлдæф дымдта арф кæмттæй æмæ фæллад лæджы зæрдæ рог кодта. Раст уыцы рæстæджы Сæлимæт ракаст кæртмæ, йæ къухы хъугдуцæн къæрта, фæраст йæ уарзон хъугмæ æмæ йын йæ фæлмæн æрмттæй йæ буар асæрфтытæ кодта, цыдæр рæвдауæн дзырдтæ йын акодта æмæ йæ фарсмæ æргуыбыр кодта. Хъуг дæр басмыста Сæ- лимæтмæ, стæрæгау ык акодта йæ цонг æмæ æдзынæг слæууыд, цыма йын афтæ дзырдта: дуц, мæ хур, дуц, æр- хæццæ та дын кодтон йедзаг фæздон хуссайраг æхсыргæр- дæгыл фæхизыны фæстæ. Тома æдзынæг каст йæ чызджы архайдмæ, йæ зæрдыл та æрбалæууыд Собæйы хъомыл рæгъау, йæ фосы дзугтæ, æмæ Сæлимæтмæ æдзынæг кæсгæ, йæхинымæр сдзырдта: « — Мæ куыйты холыйаджы зæрдæ нæ лæууы, пууыл мæхи пыхас кæнын, чизоны, лæгъз æвзагæй æртасид», — æмæ рог схуыфыд, йæ рихитæ аздыхта æмæ дзуры Сæ- лимæтмæ. — Гъе, мæ чызг, уый хуызæттæ иу-æхсæз куынæ раду- цай, уæд иу хъуг нæйæ хъауджыдæр нæу, мæ хур, нæу! Сæлимæт уайтагъд фембæрста дурзæрдæ лæджы хъуы- ды. Æмæ ныллæг хъæлæсæй сдзырдта: — Мастимæ мын иу хъуг дæр æгæр у, — æмæ радгап ивазы хъуджы фæдджытæ. — Нæ, мæ хъæбул, ды мæстæлгъæдæй кæм æрвитай дæ 280
бонтæ, уырдæм дæ дæ фыд нæ ратдзæн, фæлæ, дæ цардæй буц кæм уай, адæм дæм тæхуды кæдæм кæной, ахæм хæ- дзармæ хауыс. — Ничи мæ хъæуы, — кæуын хъæлæсæй дзырдта Сæли- мæт. Тома та йæ чызджы ныхæстæм тынг рамæсты, рахъа- выди та, йæ пырх ыл акала, фæлæ йæхи фæурæдта, фестад æмæ фæраст хæдзармæ. Саломи рудзынггæрон лæууыди æмæ йæ къухтæ, чысыл рудзынгмæ ивæзæгау, быдта цъын- датæ. Томайы цыма хæдзармæ æрбацæугæ нæ федта, уы- йау дарддæр йæ куыст кодта. Уый, ныхас цæй æфсон ра- кодтаид, уый исдуг нæ ардта, стæй æппынæрæджиау тых- æппарæгау схауд йæ дзыхæй: — Ацæттæ кæнут истытæ, мæ хуртæ, ацæттæ! Саломийæн йæ ныхас, раст ын цыма исчи йæ фарс згæ кардæй æрбарæмпъызта, афтæ фæкаст, æмæ йе ’нгуылдзæй райхæлдта тæбын, цъындайы къæбæл атъыстытæ кодта цъындайы æмæ йæ, буцтæгæнæгау, æрæппæрста тæрхæг- мæ: — Дæ хорзæхæй, ацы лæг, ацы чызгæн уыцы адæмы кой мауал кæн. — Кæцы адæмæй зæгъыс? — Нæ йæ фæнды, Бæтæгаты мыггагмæ фæцæуа, æмæ йæ дæ зæрды амарын ис? — Ау!? Уæдæ, Цæгæраты æррайы фæстæ худинаджы цыдæй ацæуинаг у? Йæ сыхæгтæ сæ хæдзæрттæй рацæуын кæй тыххæй нал уæндынц, уымæн æй раттон? Сымах аф- тæ кæнут, цæмæй мын мæ къухмæ нуазæн мачиуал радта ирон фынгыл. — О, сабырдæр дзурын нæ зоныс, дæ тай-таймæ куы æрæхъусынц æнæхъæн Тæгæрджын! — Мæ чызг мæ бар у, мæ бар! Фехъуыстай, сæрхъæн?! Æз æй схъомыл кодтон, æз! — йæхи мæсты æппæрст æр- кодта даргъ бандоныл, арф улæфт ныккодта æмæ, цыма йæ риуы стæджытæ фæйнæрдæм атыдтой, афтæ йæм фæ- каст, стæй уæд чысыл ныллæгдæр хъæлæсæй дзуры: — А, æз ницыуал дзурын, мæгуырæй дæр æй нал фа- уын, фæлæ, кæй сæрра, адæм дзы дардмæ кæй лидзынц, уый тыххæй та цы зæгъут? Æнхъæл уыдис, уыцы фарстæн дзуапп нал ссардзысты, фæлæ Саломи нæ фæчъил: — Кæд сæрра уа æмæ, былæп ахауа, уæд дыл хур æр- кæсдзæн, дæ риуы дзаг сулæфдзынæ, фæлæ уал ныр дæ дзыхыл фæхæц, — уынджырдæм йæ цæст адардта, зæгъгæ, та кæд нæ иунæг хъæбул искуы йæхи кæугæ æмæ ниугæйæ хæры. 281
Уалынмæ хæдзармæ æрбацыд Сæлимæт. Æхсыры къæр- та тæрхæгыл æрæвæрдта æмæ йæ дыууæ ставд дзыккуйы фæстæмæ йæ фæсонтыл аппæрста. Тома та рахъавыд йæ масты дзæкъулы ком райхалып- мæ, алы дæрзæг æмæ карз ныхæстæй та сæ масты хай æр- бакæна, фæлæ йе ’взагыл ныххæцыд дæндагæй. Йæхицæн дзырдта, зæгъгæ, лæгъзæвзагæй сархайон, æмæ кæд Сæ- лимæты бынбауинаджы зæрдæ фæфæлмæн уаид. Кæд Хъа- уырбеджы сæррайы хабарæй цæхгæр аивид йæ хъуыды æмæ ныллæг хъæлæсæй афарста йæ чызджы: — Уæдæ, ды та цы базыдтай, мæ къона, уыцы лæппуйы æнамонд хабарæй? — Цæй лæппуйæ зæгъыс, баба? — Уæртæ нæ хъæуæн æххуырст чп уыди. Саулæджы фырт, Саулæджы, куы, дам, сæрра? Æп, мæгуыр уыцы хъæ- уы цæрджыты бон куыд фæци. Мæ зæрде сæ цæгъдæн кæ- ны, лæбуры, кæуыл фембæлы, уымæ. Сæ сылгопмæиæ дзы донмæ дæр нал уæндынц. Сæлимæт йæ фыды тæссаг ныхæстæм арф хъуыдыты аленк кодта æмæ зæхмæ ныккаст, афтæ йæм фæкаст, цыма Хъауырбег йæ разы февзæрд æмæ йæм мидбылхудгæйæ дзуры: «Нæ, мæ дунейы ныфс, ма дæ уырнæт æппæт уыцы ны- хæстæ, уыдон дæу дæр æмæ мæн дæр æнамонддзинады сау- айнæджы бььтмæ тæрынц. Цæмæй аскъуыйа нæ фидар уар- зондзинад æмæ дæ фæсздзой тугæйæфсæст бирæгъы дзæм- быты». Сæлимæт куы ницы дзуапп лæвæрдта йæ С|Ьыды фарс- тæп, уæд ма йæм дзуры фыд: — Гъе, дæ рынтæ ахæрон, мæ чызг, уæдæ æз æрра сдæн, мыййаг, мæ иунæг чызгæн мæ хорздзинад нæ фæн- ды? Сымах та мæ дæ мадимæ азымджын кæнут. Уæдæй нырмæ Сæлимæт æнæдзургæйæ лæууыд хæдза- ры астæу, раст, фидар цæджындзау, фæлæ ныр йæ хъуы- дытæй йæхи атыдта æмæ йæ фыды уайдзæфгæнæгау афар- ста: — Баба, æмæ дæм ныр дæ хъуыды тынг раст фæкаст? — Ау! Уæдæ, уыцы æррайы къухты цы хъуамæ бакод- таис? Де знаг уынгæджы нæ фæуыдаид? *—Нæ, баба, уый æрра не сси, фæлæ уæззау æмæ хъи- зæмар царды тыххæй афтæ хъуыдытæ кæны, æмæ йæм дзурыц никæимæ цæуы! Царды суадæттæ йæм нæма хæл- хæл кæнынц. — О, дæ рынтæ баба ахæра, æмæ ахæмтæй цард дард- мæ лидзы, дардмæ. Дæуæн та хуыцау æввонг цард дæтты., 282
æмæ йæ ма аппар, мæ къона, науæд дын байрæджы уы- дзæн æмæ фæсмонæй дæхи хæрдзынæ, — дзургæ сыстад йæ бандонæй æмæ кæртмæ ахызт, цæмæй та йæ зоидамонæн- тæ загъдмæ ма асайой. Сæлимæтæн йæ цæссыгтæ æргæр-гæр кодтой, цæппу- зыртау, йæ мадмæ бауад æмæ йæ æрхæндæг хъæлæсæй афарста: — Гыцци, зæгъ мын æцæгæп, чи рздзырдта, Хъауыр сæрра? — Æмæ цы зонып, дæ сæрыл хаст фæуон, афтæ йæ дзу- рынц æмæ... Сæлимæт пæ цæнгтæ йæ рнуыл авæрдта, йæ цæстытæ цавæрдæр æнахуыр тæссаг ирд аисты æмæ сæнт хъæр фæ- кодта: — Нæ! Хъау^р... Сæрра!.. Уый нæ уыдзæн, уæд—мæ- лæт! Мæлæт—мæхи къухæп!— ныккуыдта æмæ йæ ный- йарæгыл йæхи баппæрста. — Мæпæ мыл судзгæ бои кæны, мæнæ. Мæнæ мын æ1{æт æрра куы кæндзынæ. Уæ, иунæг кадджын хуыцау, ма нæ фенамонд кæн! — сæрфы йæ чызджы рустæ. Сæлимæт æрæджиау æрлæууыд йæ кæуынæп, йæ цæс- сыгтæ ныссæрфта æмæ ныллæг хъæлæсæй дзуры йæ мадæн: — Æз æрра нæ дæн. Æрратæ, ахæм æбуалгъ ныхæстæ æмæ д?мтæ чп кæны, гъе, уыдон сты. ÆСТДÆСÆМ СÆР Ацы пзæр Хъауырбег иннæ пзæртæй раздæр æрцыд куыстæй. Хæдзары йæ мады æнкъардæй бадгæ куы бай- йæфта, уæд ын тынг батæригъæд кодта. Бирæ уæззаудзинæдтæ бавзæрста Бабиан. Фондз хъæ- булы йæхп къухæй сыджыты хай бакодта — дыууæ чызджы æмæ æртæ лæппуйы. Раст-иу сæ къахыл ауайын хъом куы фесты, афтæ-иу цардхъуагæй мæрдтæм фæлыгъдысты. Сау- лæг æмæ-иу Бабиан сæхи фæхордтой, фæлæ, адæмæй сы- джыт кæй атона, йæ талынг ингæны дуар кæмæн байгом кæна, уымæн фæстæмæ раздæхæн нал вæййы. Æппынæрæджиау сын райгуырд Хъауырбег. Раст зæгъын хъæуы, цинæй йыл кæугæ фылдæр кодтой. Сæ мæгуыр рыст зæрдæтæ тарстысты, зæгъгæ, та нын æй удхæссæг нæ къухтæй ,куы стона, куы та нын æй аскъæфа, æмæ та дзы афтидæй куы абадæм. Иннæтæ цы карæнæй фæхъуыдысты, уымæй куы ахызт Хъауырбег, уæд сæ ныфс бацыд, кæй бахъомыл уыдзæн, адæмы рæгъы кæй рацæу- 233
дзæн, фæлæ ныр Бабиан тынг старст: мæллæг кæны мæ хъæбул, кæд та, мыййаг, ме сæфты бон æрæввахс, зæгъгæ. Дæ-дæ-дæй, уæд мын, ома, мæ дзæгъæл сæр сау сынтытæ æхсындзысты æнæхицауæй. Ныр мæнæ ныллæг бандонмæ æдзынæг кæсы Хъауыр- бег йæ ныййарæгмæ æмæ йæ фæрсы, тыххудт бакæнгæйæ: — Дæ хорзæхæй, гыцци, бонæй-бон æнкъарддæр куы кæ- ныс, уæд дæ лæджы амард пыр, мыййаг, бафиппайдтай? — йæ мидбыл фæхудт йæ мадмæ. — Цы кæнон, мæ зæрдæдарæн, уæдæ, цæуыл схъæлдзæг уон? Нæ лæг йæ царды хай акодта, фæлæ мын де ’нкъард- дзинад мæ зæрдæйы уидæгтæ слæмæгъ кодта. Бынтон дæхи- мæ дæр нал кæсыс. Акæс-ма, дæ зачъетæ, зæронд лæгау, куы рауагътай. — Нæй гæнæн, гыцци, уыдонæн дасæн нæй, цалынмæ мæ фыдæн афæдзы хист скæнон, уæдмæ. Фæлæ мæнæн та де ’нкъард тыхстхуызæй риссы мæ зæрдæ. Æз фæнык куы фæ- уин, æмæ мын ды дзæбæх куы уаис, мæ хъæбул... — Гыцци, уæдæ, райсом уæртæ зианмæ нæ хъавыс цæ- уынмæ? Бабиан фестъæлфыд æмæ тарстхуызæй бакаст йæ фырт- мæ. — Цæй зианæй зæгъыс, куы ницы фехъуыстон? — Уæртæ Трамты Росе фæзиан... — Æ, мæгуыр йæ сывæллæтты бон фæуа-а... Дæ фыды амæлæты бон нæм уыцы хъæуæй Росейæ раздæр ничи ’рба- хæццæ. Мæ хъæбул, дæуæн дæр æнæцæугæ нæй, балæггад дын хæс у. Трамтæн дыккаг бон зианæн балæггад кæнынмæ Хъа- уырбег раджы ацыд. Адæм æмызмæлд кодтой кæрты. Хæ- дзарæй хъуыстысты устыты зæрдæхалæн хъарджытæ. Ал- чидæр архайдта зианджыны фынгæн аккаг лæггад бакæ- ныныл. Фæзынд Собæ дæр йæ цъæх сираг бæхыл. Йæ фæс- тæ — Лади сæ дугъон нæл бæхыл. Роггомау æргæпп кодта æмæ алкæй къух дæр райста, фæлæ Хъауырбег артыл архайдта æмæ йæм фæрсмæ дæр нæ фæкаст. Зиан рахæссынмæ куыд хъавыдысты, афтæ хъæуы хис- дæр Елбьтзд рацыд адæммæ æмæ сын бамбарын ксдта, зæгъгæ, дугъ лæвæрд у æртæ мыггагæн: Трамтæн сæхицæн, Цæрæгатæн æмæ Бæтæгаты мыггагæн. —'Курæг стæм æмæ уæхицæн барджытæ æмæ бæхтæ равзарат, — адæмыл йæ цæст ахаста æмæ фæдзырдта Со- бæмæ. — Фарн дæм бадзурæт, уæздан Собæ, фæлæ дæ бæх- тæй иу бахæлар кæн дугъмæ. 284
Собæ йæ сæрыл бæрзонд схæцыд, йæ роны йæ къухтæ ’рсагъта æмæ зæгъы: — Æз æй нæ бахæлæг кæндзынæн, фæлæ, чизоны, хуыздæр бæхтæ ис?.. Ацы ныхæстæ Собæ кодта æппæлæгау. — Ау, æмæ ма дæ сау бæхæй узчагдæр ис нæ комы? — дисгæнæгау æй афарста зæронд Елбызд. Дыккаг бæх радтой Трамтæ сæхæдæг. Уыдон цæрдхъом адæм уыдыоты, фæлæ сæ фæллойы ссарыныл сæхæдæг фы- дæбон æмæ тухи кодтой, æххуырсты бæсты-иу сæ æхсæв дæр хæдзары никуы ничи сбон кодта, æмæ къæбæр хæрын фæрæзтой... Раст зæгъгæйæ, заеххæй цух нæ уыдысты æмæ сæ уый арæзта. Æртыккаг бæх Цæрæгатæн лæвæрд уыд„ æмæ сын бæх раттыны тыххæй йæ хъусыл ничи хæцыд, фæ- лæ уæддæр мыггаг сæхи худинагмæ не ’руагътой æмæ сса- рдтой бæх. Хъуыддаг æрæнцад барджытыл. Лади уайтагъд йæхи рæвдз кодта йæ цъæх бæхимæ. Дард-иу коммæ акаст æмæ- иу йæхинымæры сдзырдта: — «Тæссары рæвдзæй æрбацæудзынæн, фæлæ дæлæ Хъæууæтты адагæй куы рахизон, уæд фæхæрдгæнæн у, æмæ хæрды фæллайаг у нæ сираг бæх.» Собæ йын йæ хъуыдытæ фескъуыдта: — Лæппу, уыцы бæхимæ цæуынмæ ма схъав дугъмæ! — Цæуылнæ уæд? — Уымæн æмæ, дугъ нысангонд у Абанайы цъалайæ æмæ бæх хæрды фæлæудзæн. Сау бæх хæрды ссæудзæн æвæстиатдæрæй. Цæрæгатæ бæх куы ссардтой, уæд та барæгыл хъуыды- тæ кодтой æмæ æппынæрæджиау Елбызд лæдзæджы æнцæйтты бацыд Хъауырбегмæ, лæппу уыцы рæстæджы рæвдз кодта бадæнтæ. Елбызд рог схуыфыд æмæ дзуры Хъауырбегмæ: — Ацы куыст иннæтæ акæндзысты, фæлæ уæ мыггаджы ма фæхудинаг кæн. Уæртæ бæхæн барæг нæй æмæ йыл сбад дугъмæ. Хъауырбег ахъуыды кодта, нæ, зæгъгæ, зæгъа, æмæ йæм Трамты хисдæр Елбызд йæхæдæг дзуры, æмæ ныл- лæг хъæлæсæй афтæ: — Хорз, фæлæ æз цæй барæг дæн? — О, дæ рынтæ ахæрон, Хъауырбег, дæуæй нæ пс ныфс, стæй уæхи Бибойы дæр афтæ фæнды. Хъауырбег бацыд бæхмæ, абарста йын ^егъдæнцæйттæ йæ дæларммæ æмæ идоны къæбæлтæ бæхы дзыхы бакодта. Уалынджы йæм æрбацыд бæхы хицау Санахъо. 285
— Зоныс, Хъауырбег, ацы бæхы æгъдау куыд у? — Зонын! Цалынмæ лидзын фæраза, уæдмæ уайæд, стæй кæд фæлæууа, уæд æй мæ дæлармы хæццæ кæндзы- нæн. Санахъо бахудт Хъауырбеджы пыфсджын ныхæстæм, æмæ йын хъæлдзæгæй афтæ: — Уый Сырдоны ныхæстæ кæныс, мæ къона, фæлæ дын æз æцæг бамбарын кæнон йæ хабар: цæвгæ йæ ма ’ркæн уайгæ-уайын, уæд къух нал фæдæтты. — Хорз, ацы бæхы рагæй зонын, æцæг,, мæхи хæдзары нæй бæх, фæлæ... — 0, о, дæ рынтæ ахæрон, Собæ йæ фидардæр бæх æр- виты дугъмæ æмæ — дæ хъару æмæ дæ лæджыхъæд. — Бæхтæ, бæхтæ, мæ хуртæ, хур фæивгъуыйы! Собæ куы федта Хъауырбеджы бæхпмæ архайгæ, уæд ныттар, нытталынг. Уæззаугай бацыд Санахъомæ æмæ йын йæ хъусмæ хæстæг дзуры: — Уыцы тæригъæддаг та дæ бæхимæ цы архгйы? — Дугъмæ йыл цæуы, — радта йын цыбыр дзуапп. Ногæй та фæхъæр кодта Елбызд: — Бæхтæ, мæ хуртæ, бæхтæ! Уæдмæ скъуыхты дæр рахастой, адæм йæ фæстæ сæр- гуыбырæн цыдысты. Хионтæ æмдзыхæй кæуынц, сæ дзырд- тæ — зын бамбарæн, фæлæ зæрдæ хæлди сæ ныхæстæм. Иу- дзæвгар куы ауадысты скъуыхты фæстæ, уæд адæмы фæу- рæдтой, сæхæдæг ахастой марды... Æртæ барæджы дæр лæууынц æд бæхтæ хъæугæрон, æмбондмæ хæстæг. Лади сæрбæрзондæй хæрзцыбыр ных- хæцыд идоны рохтыл. Хъауырбег хæрзæнкъардæй кæсы йæ бæхмæ. Адæм бæхты размæ ’рбагуылф кодтой, хъæр-хъæ- лæба сытынг/ Цыма сæ æрбайрох, чысыл раздæр зианы кæй ныддæлдур кодтой, уый. Елбызд райста сыкъа æмæ йæ цæст ахаста адæмыл. Адæм уайтагъд фæсабыр сты. Хъауырбег пæ нымæтхуд авæрдта Бибомæ, æмæ Елбызд арфæ ракодта барджытæн, фæйнæ кувæггаджы сын адардта. — Цæут, мæ хуртæ, Уастырджи — уе ’ххуысгæнæг! Лади æрбалхъывта бæхы рохтæ, бæх цыма искæмæ фæ- лæбурынмæ хъавыд, уыйау йæ дзых фæхæлиу кодта æмæ размæ йæхн айста, йæ фæстæ—иннæ барæг. сæ хæд фæс- тæ сабыр цыдæй фæраст Хъауырбег. Собæ йæ мидбыл фæхудт, æмæ Хъауырбеджы æфхæ- рыны тыххæй дзуры Санахъомæ: — Ацы кæйдæр æххормаг дын дæ бæхыл быдырмæ хор- хæссынмæ фæцæуы? 286
Санахъо Собæпы рæхойæн ныхасæй мæстæй адæнгæл, былтæ ачъырццæ сты, йæ дæллаг был ма гæзæмæ базмæ- лын кодта æмæ, йæ маст уромгæ, афтæ: — Хуыцау зæгъæд, цæмæй мæм иу нартхоры уаргънмæ ’рбахæццæ уа. Æниу, йæ зæрдæ та йæхи риуфæйнæгыл хоста, зæгъгæ, мæ бæх Собæйы бæхы фæстейæ куы фæуадзид. Адæм сæ цæстæнгас нал истой дард, Абанайы цъалайæ. Æнахъом сывæллæттæ ныллæг хæдзæртты сæрмæ схылдысты æмæ уырдыгæй кæсынц дугъы уайджытæм. Чи та æмбондыл слæууыд, фæлæ дугъы уайджытæ никæцæй ма зыкынц. — А, а! Уæртæ Кæвдæсауы ’рбатæрынц дыууæ барæ- гæй! — фæхъæр кодта дæсаздзыд лæппу. Елбызд уæлдæр йæхи байста æмæ галы фых сгуыйыл уæлахизы тырысайау бæрзонд схæцыд. — Акæсут ма, разæй кæй бæх цæуы? Фæлæ сæ ничи равзæрста. Бæхтæ раст, хæххон цæр- гæстау, уапынц, цыма зæххыл нæ хæцынц. Цыма сæ базыр- тæ айтыгътой, уыйау тæхынц размæ. Æрбахæццæ сты Хъæууатмæ. Ладп разæй цæуы, зæгъ- гæ, фæхъæр кодта чидæр. Санахъойæн йæ сурхиды цæппу- зыртæ пæ ныхыл абадтысты æмæ йæхинымæр сдзырдта: «Худинаджы бын мæ кæндзæн. Уæд та йæ мыггагæн куынæ радтаин». — Дыккаг та-а... Трамты бæх! «Гъей, мæ къона куыд байхæлд, зыбыты фæстейæ баз- зад мæ бæх!» — Уæлбылты, уæлбылты, лæппу! Цъыфæй дæхп ба- хъахъхъæн! — сæрбæрзондæй фæхъæр кодта Собæ. Гъæп-дæ, мардзæ! Раст адагмæ ’рхизæны Хъауыр уы- цы ну æвзыст фæкодта бæхмæ, æгъдæнцæйттыл лæууæгау акодта, йæ сæр бæхы сæры хæдцур авæрдта, бæх дæр цы- ма иыр райдыдта дугъы цæуын, уынау размæ йæхп хаста. Хъауыр бæхы рохтæ фæлæмæгъдæр кодта, æмæ иу сыф- фытт фæкодта Трамты бæхы пувæрсты. Уып уал дын иу, зæгъгæ, йæхннымæры сдзырдта Хъа- уырбсг. Бæх тынгæй-тынгдæр уайы размæ. «Фæлæу, æрдæгмард, ам мæ нæ фæхудинаг кæндзы- нæ», — дзуры йæхинымæры. — Бавзид, бавзид бæхмæ! — мæсты хъæр кæпы Собæ. Бæхтæн сæ фæздæг кæлы, мигъау бацы сæ сæрмæ. Ла- дийы бæхы сабырæй-сабырдæр цыдимæ, Собæ дæр йæхп радав-бадар кæны. — «Нæ, нæ, æз цы Хъауырбеджы зонын, уый мæ нæ фе- гад кæндзæн!» — йæхинымæры дзуры Сапахъо дæр, йæ 287
цæсгом кæны рухсæй-рухсдæр. Нал ауæрды йæ бæхыл Ла- ди дæр-^фæкæс-фæкæс кæны фæстæмæ, афтæмæй. — ^айгæ, уайгæ, размæ, науæд ныртæккæ дæ иувæрсты мæнæ мæгуыр æрра лæппу сивгъуыйдзæн! — йæ хъустыл ауад Хъауырбеджы мæстæймарæн ныхас. .' • — Зæвæтæй, зæвæтæй йæ агай! — ныхъхъæр та йæм ко’д- та Собæ. Санахъо йæхи нал фæурæдта æмæ бадзырдта Собæмæ: — Дæ хорзæхæй, уæд дæхæдæг цæуылнæ бадтæ дæ бæ- хыл? Хъауырбег сцæйхызт Ладийы фæрсты. Лади февнæлдта : Хъауырбеджы бæхы рохтæм æмæ йæ фæстæмæ ариуыгъта. '•' — Дæ къухтæ дæхимæ дар, тæригъæдæй хъомы:л! — фæ- хъæр кодта Хъауырбег. Адæм схор-хор, стай-тай кодтой, размæ сæ кæрæдзпйы сæрты хауынц. — Фæстæдæр, фæстæдæр, мæ хуртæ, науæд уæ бæхтæ -- цъæл кæнынц! — Хъæр кæны Елбызд, хæрдмæ дары сгуы. : — Æй, дæ ныййарæгæн бирæ рацæрай ды, Хъауыр- бег! — ныхъхъæр кодта Гуыбе. Лади йæ бæхæй йæ бон куы базыдта, уæд фæстейæ Хъауырбеджы фæсонтыл ехсæй ралæууыд, фæлæ уый йæ- хи ныффидар кодта. Ехсы хъæбæры кæрон йæ хъусыл æр- уад æмæ цæсгом туджы самæхст, уæдмæ тугæйдзæгтæй сивгъуыдта сгуымæ, скъæфæгау ракодта сгуы Елбызды къухæтæй æмæ, куыд фæтк, афтæ фæстæмæ ауад уæлбæ- хæй. Лади йæ сгуыимæ куы федта, уæд ын йæ мад, пæ фы- дæн дзæбæхтæ ныссидт... Айтæ-уйтæ нал фæкодта Хъауырбег дæр, фæхаста уæл- бæхæй сгуы дард æмæ дзы Ладийы былтæн ахъаззаг цæф фæкодта. Дæндæгты туг фемæхст, лæсæнтæ кæны дæлæмæ риуыл. Адæм ныххæррæтт кодтой, чи — нргъæвгæ, чи та — мыгга- гæй мыггагмæ лæбурыныл схæцыд. Собæ пæ хъама сласта æмæ лæбуры Хъауырбегмæ. Уый та Ладийы æриста бæ- хæй æмæ йыл къахæй бацыд. Адæм фæкъордтæ сты, алчи йæ мыггаджы ’рдæм йæхи байста æмæ хъаматæ æнхъæлмæ кæсынц, цæмæй уæзæг туджы зæй феста. Зæронд Елбызд æрлæууыд Бæтæгаты мыггаджы раз æмæ ёæ хуыцауæй курæгау куырдта: } — Уæ хорзæхæй, бæстæ туджы тулæн ма фестын кæ- нут, мæнæ нын нæ фынгæй уæддæр фефсæрмы кæнут! Азы- маг Собæ æмæ йæ фырт сты. Махæн нæхи бæх нæхи мыг- 288
гагæн уыд лæвæрд, æппæты фæстейæ баззад, æмæ йæ Хъа- уырбеджы аххос бакæнæм? Собæ Елбыздмæ нал байхъуыста, хъæддаг сырды гæпп акодта. Хъауырбег дæр йæ маст нал баурæдта, нал феф- сæрмы кодта зианджын фысымтæй дæр, хъама фелвæста æмæ йæ Собæйы нард агъды бафардæг кодта. Лæбурд сытынг, дзаг фынгтæ ранæй-рæтты фæфæлдæх- тысты. Хæринæгтæ зæххы пырхытæй лæууынц. Иннæ мыг- гæгтæ куыддæртæй баиргъæвтой Цæрæгатæ æмæ Бæтæга- ты. Хъауырбег сæхимæ афардæг. Собæйы цæф бабастой æмæ йæ бæхыл сæвæрдтой. Хур йæ зæрин тынтæ зулаив æрвыста арф кæмттæм, аф- тæ хæсты адæм дæр хæлиу райдыдтой. ÆНУДÆСÆМ СÆР , Арæх нæ ирон адæм фæзæгъынц: «Бон цаеуы æмæ фарн йемæ хæссы», — фæлæ ацы æмбисоид мæгуыр адæмыл зылд æндæрæрдæм — бон цыд æмæ йемæ хаста фыдбылыз. Собæйы барæхуысты фæстæ Хъауырбег æнæхъæн мæй хæ- дзармæ нал æрцыд. Æрмæст-иу адæм куы ’рулæфыдысты, уæд-иу фæзынд йæ ныййарæгмæ, цæмæй йын ныфсытæ авæра. Æмæ иу æхсæв сæ хæдзарæй фæстæмæ куы ныз- дæхт йæ лæгæтмæ, уæд бирæ фæхъуыды кодта: «Цæмæн цæрын ам стонг бирæгъы цардæй, кæмæн цы гæнæг дæн, Собæйы фырт мæ раздæр куы ныццавта, лæбургæмæм сæ- хæдæг куы кодтоп? Нæ, æз ам хъæды æгады æмбæхстæй нал фæбаддзынæн. Тæккæ райсом хъæумæ цæуын æмæ, кæд лæбурынвæнд скæной, уæд æз дæр мæ малы хуылфы нал бабырдзыпæн». Дыккаг бон хъæуыл айхъуыст, зæгъгæ, Хъауырбег сæ- химæ æрбаздæхт. Собæйæн йæ цæстытæ атары сты. Мæсты богъ фæкод- та: — Мæ цæсты раз цыдæриддæр уысм фæуа, скæрдæнтæ йæ кæндзынæн! Фæлæ кæд тынг смæсты Хъауырбеджы коймæ, йæхи лæ- бурынæввонг ракодта, уæддæр æцæгæй йæ зæрдæ йæ хуыл- фы нал уыд, йæ бынаты цыма фестад уазал стыр дойнаг дур. — «Цæй, хъæуыхицаумæ банхъæлмæ кæсон, хъаст ба- лæвæрдтон æмæ йæ кæд сау Сыбыры хай бакæнид», — йæ ныфсытæй скодта рог улæфт. 19. Бязырты Д. 289
Бабиан рафт-бафт кодта хæдзары талынг къуымты, уынгмæ-иу рауад, аракæс-бакæс-иу кодта, фæлæ цæмæн, уый йæхæдæг дæр не ’мбæрста. Йæ тарст зæрдæ дзырдта цавæрдæр æрхæндæг хъæлæсæй, зæгъгæ, та абон æнæн- хъæлæджы уæззау хъуыддаг æрцæудзæн, фæлæ цы æмæ куыд, уый та йæ бон ахицæн кæнын кæцæй уыд? — Чысыл уал дæхи куы бааууон кæнис, мæ хъæбул. На- уæд уыцы сырды цæстытæ туасау хуынчъытæ кæнынц, æмæ дæ æвыдæй нæ ныууадздзæн, — балæгъстæ кодта Хъауыр- бегæн. — Гыцци, æмæ, уæдæ, ныр арф кæдмæ бадон? Науæд кæмæй цы дарын, кæд мын мæхицæй исты дарынц æндæр? Хур йæхи бæрзонд систа æмæ йæ тæвд судзгæ бæндæн- тæ нывæзта æнусон хæхтыл. Алчи йæ куысты уæлхъус ар- хайдта, фæлæ Хъауырбег абон дæр куыстмæ никæдæм ацыд, райсом æм Пауле сæумæцъæхæй ’рбгцыд, зæгъгæ, цом æмæ нæхицæн сугтæ уæддæр бацæттæ кæнæм зымæг- мæ, фæлæ куыддæр базивæг кодта. — Дæлæ ме скъæты сис иуырдыгæй бынтон ракалд. Абон æй бадзæбæхтæ кæнон æмæ райсом ацæудзыстæм. Уый дæр æм байхъуыста æмæ йын афтæ зæгъы: — Цæй, уæдæ, абон дæуæн аххуыс кæнон, æмæ уæд рай- сом та хъæдмæ ацæудзыстæм. — Æз дæр мæ хæдзарæн псты аххуыс кæнон, мыпйаг. мын Калачы æфсæнвæндаджы станцы хисдæр мæ куысты мызд куынæ æрбарвитдзæн. Паулейы фæстæ бирæ фæзылдысты пъырыстыфы полн- цийæгтæ. Цалдæр хатты хъæумæ æрбацыдысты, цæмæй йæ ахстæй акæной, фæлæ-иу хъуыддаг æрмæст ахицæн Ягоры карз æфхæрд бакæнынæй. Хъзруджын æмæ зондæп æххæст Пауле нæхи хъахъхъæдта полицæйæгтæй, фылдæр хæтыд хъæдты. Ныр уымæй дæр бафæлмæцыд. Хъауырбег дæр Собæйы барæхуысты фæстæ ныр абон фыццаг хатт рацыд æргом уынгмæ. Фыццаг куыстæн рав- зæрста скъæты сис бадзæбæхтæ кæнын. Æххуысмæ йæм фæзынд Пауле дæр. Æмбнсбон уыдаид æви нæма, фæлæ æваст хъæугæронæп ныррæпдта хъæуы фæдисхъæргæнæг Биботы Мила. Куы- дзы фæдисон рæйд азæлыд кæмтты. Хъаруджыи лæппутæ сæ куыст фæуагътой æмæ хъæуы ’рдæм фæпдагмæ акасты- сты. Лæппутæ та, æвæдза, æмкар, мыйпаг, куынæ уыдысты. Пауле Хъауырбеджы райгуырд тынг хорз хъуыды кæны. Æгæрыстæмæй, Хъауырбег куы райгуырд, уæд Саулæгмæ хæрзæггурæгаг уый фæци. Саулæг йæ хъама райхæлдта æмæ йын æй радта; 290
— Æнæнизæй йæ дар, иу æррпуыгъдæн дын знаг куын- нæ фæлæууа. Уæд Пауле уæлыгæс уыди сæ хъæуы мулкджынтæн, фæлæ æмбæрста, хъама стыр лæварæн кæй дæттынц. Ныр дар æй цæсты гагуыйау уымæн хъахъхъæны. О, æмæ Паулеитæ хъæуы ’рбацæуæнтæм æнæун дæр цæс тынг дардтой, æдас кæцæй сты сæ иу дæр æмæ иннæ дæр. Æмæ ауыдтой, æрбатæрынц цалдæр барæгæй хъæу- мæ. Бабиан рагæпп кодта хæдзарæй, мæрдвæлурс аци йе ’нцъылд мæллæг цæсгом æмæ, фæдисон улæфтгæнгæ, дзу- ры: - — Уæ сæртæн исты амал бакæнут, балбирæгътæ та ’рбабырсынц! — æмæ схæкъуырцц кодта. Пауле сисы сæрæй æргæпп кодта æмæ дзуры Хъауыр- бегмæ: — Мæ кæсдæр æфсымæр, адон хорз фидиуæг нæ уыдзы- сты, фæлæ хъæдмæ!.. Сæ фæнд сын бамбæрстой барджытæ дæр, æмæ сæ ра- зы февзæрдысты уайтагъд цалдæрæй. Иннæтæ, сæ разæй Ростъом, афтæмæй, нæмгæ æрбатардтой Бибойы. Хъауыр уыцы пу сæррæтт бакодта хæдзармæ, къулæй райста йæ сау фпстонджын хъама, абаста йæ йæ роныл æмæ йæ бынаты февзæрд. — Паулепæи хæцæнгæрзтæ рапсын нал бантыст, фæлæ йæ цæсгомыл ницы тасдзинад фæзынд. Ростъомæи йæ зæрдæ цины хъыдзы бакодта, фæлæ Хъа- уырбеджы сау фистонджынæй йæ иæст нæ истл, уæддæр афтæ: — Уæ куыст фæуадзут, мæ хуртæ. Уал æмæ уæм уал хатты куы ’рвиты пъырыстыф, уæд æм цæуылнæ ныццæут? Хъæубæстæнæ æвзахс чи куыста, уыдон æрбамбырд сты барджыты фæзындæй. — Æмæ ныл цы фæзæрдейæ пъырыстыф? — сдзырдта мæстыгъуызæй Пауле. — Мах пъырыстыф агуры, фæлæ мæгуыр зæронд лæ- джы та хъиладзагъдæй кæдæм тæрут? — пæхи нал баурæд- та Хъауырбег дæр. — Уый сымах хъуыддаг нæу, цæугæ ут ньтртæккæ нæ разæй! — пæхи нал баурæдта Ростъом. Полицæйæгтæй йæм сæ иу хæрзхæстæг батардта бæх æмæ дзы йæ сырды цæстытæ садзæгау пыккодта. — Мах ннцы хъуыддаг ис пъырыстыфмæ, — йæ хъама- йы сæрыл фидар ныххæцыд Хъауырбег. 291
— Уæдæ лæджы барæхойын уыд дæ хъуыддаг? — нал та фæлæууыд Ростъом. — Дæу цæуылнæ уа, Ростъом, хъуыддаг, нард тохъыл- тæ дын хуымæтæджы куынæ фæсадзы дæ сырды дзæмбы- ты — цæмæй нæ фæстæ зилай æмæ нæ сау Сыбыры хай кæ- най. — Уæлдай дзæнгæда куы цæгъдай, уæд уымæй дæхи тынгдæр бафхæрын кæндзынæ, фæлтау цæугæут! — æмæ йæ асхуыста. Хъауырбегæн йæ маст рафыхт. Йæ хъуыры цыма судзгæ ’хсидав фæцæхгæр, афтæ ссыгъд, сцæхæртæ уагъта. — Айс дæхи мæ разæй, тæригъæдхор, науæд!.. — Куыд загътай, æви æз хъæуыхицау нал дæн, хæрæ- джы лæппын, и?! — ехсæй йæ æррпуыгъта. Бабиан зæрдæхалæн куыд ныккодта. Полицæйæгтæ бæхтæй рагæппытæ кодтой, Хъауырбеджы сбæттæм, зæгъ- гæ, февнæлдтой йын цæрдæггомау йæ цæнгтæм. Æдас ын нæ уыдысты йæ сау фæринкæй. Пауле æнæхæцæнг&рз уыд æмæ дзы уыйбæрц нæ аргъуц кодтой. Хъауырбег ариуыгъта полицæйаджы æмæ фæуæлгом. Уæд Ростъом ехсæй Хъауырбеджы ных фæцæф кодта. Лæппуйы цæстытæ цæхæртæ акалдтой. Йæ хъама кæрд- дзæмæй фелвæста æмæ йæ Ростъомы рæсыд тæнты бассыд- та. Уый ма йæ сырды дзых фæхæлиу кодта, йæ сырх цæс- тытæ ирдæй аззадысты æмæ, æмбыд кæлдымау, расхъиуд- та бæхæй. Туг алæсæн кодта къæйтæ æмæ дуртыл, полицæйæгтæ, æрратау, сæ бæхтыл абадтысты æмæ ныххафтой сæхимæ. Бабиан хъарджытæгæнгæ, рауай-бауай.кодта сæ мæгуыр уынджы. Хъауырбег æм бацыд, тыххудт бакодта, æмæ йын дзуры: — Гыцци, сырд æгæр куы лæбура хъæумæ, уæд æй скуынæг хъæуы, науæд фосæй мыггаг нал ныууадздзæн... — йæ тугæйдзаг хъама йæ зæнгойыл асæрфта. — Бафснай дæ сæр, мæ бон, балбирæгътæ иæ хъæумæ кæй ’рбацæудзысты, уый гуырысхойаг нæу! — дзырдта Пауле. — Фæстиат гæнæн нал ис, цæуæм та хъæдмæ. Æмæ та æнæхъæн мæй хъæумæ нал æрцыдысты. Искуы- дæй-искуыдмæ-иу æхсæвы тары фæзындысты сæ мæгуыр хæдзæрттæм, фæлæ-иу уайтагъд фæстæмæ фæфардæг сты, афтæмæй æрвыстой бонтæ, æхсæв сын бон уыд, боп — æх- сæв. Собæ сын сæ фæдыл бафтыдта цалдæр лæппуйы, сæ раздзог Лади, афтæмæй, цæмæй сбæрæг кодтаиккой Пау- леиты бадæнтæ. Фæлæ уый кæм бафтыд сæ къухты. Хъæ- 292
ды арфмæ нæ уæндыдысты, æрмæст æргом бынæтты æфсо- ны рацу-бацу кодтой. Хъæуы куыствæллад æмæ цардæфхæрд адæм æнхъæл- мæ кастысты пъырыстыфы фæзындмæ, фæлæ дзы цыма рох фесты æмæ-иу чысыл сæ зæрдæ фæфидар. Æгъатыр бирæгъ та зыдта, хъæумæ æргом бабырстæй æвыдæй кæй нæ раздæхдзæн, Хъауырбегитæ та йæ къухы кæй нæ бафт- дзысты, æмæ лæппутæ арæхдæр цæуын байдыдтой хъæу- мæ. Æхсæвыгæтты-иу сæ куыстытæ дæр акодтой. Собæ уайтагъд фехъусын кодта пъырыстыфæн, зæгъгæ, æрмæст æхсæвы тары ис гæнæн абырджытæ бафтой къух- ты, уæд фæзынынц сæ хæдзæрттæм. Уыдис фæззыгон тар æхсæв. Мигътæ арвыл дыууæрдæм рассæнд-бассæнд кодтой. Фæззыгон дымгæ сын æнцой нæ лæвæрдта. Мæй-иу мигъты скъуыдтæй рагудзицц кодта æмæ та-иу уайтагъд амбæхст фæсмигъ. Паулеитæ та сфæнд кодтой хъæумæ ныццæуын. Цыдысты сабыр, хæрзсындæг. Хъæуы ракæсæнмæ куы ’рхæццæ сты, уæд Пауле афтæ зæ- гъы Хъауырбегæн: — Гæнæн ис, æмæ æиæнхъæлæджы фембæлдæуа уыцы фæлитойтыл. Уый дæр ахъуыды кодта æмæ загъта: — Ацы тар æхсæвы тас хъуамæ ма уа. Уымæн æмæ нæ фæстæзилæг куыйтæ æхсæв сæ ныфс тынг нæ хæссынц. Уый дæр дыууæ нал загъта, æрмæст Собæйы кæртмæ нымдзаст. Цыма цыдæр æвирхъау хъуыддаг æрцæуынмæ æнхъæлмæ каст. Цæмæй зыдта Собæты хæдзары кæй бад- тысты полицæйæгты къорд сæ хисдæримæ. Абон куыд æр- талынг, афтæ хъуызгæйæ æрбафсад кодтой Собæты хæдзар- мæ. Хъæуæй сыл никæй цæст схæцыд, æмæ ныр сæхи цæт- тæ кодтой Пауле æмæ Хъауырбеджы ахсынмæ. Хъауырбег æмæ Пауле дæр цыдæр се ’намондæн афæстиат сты. Хъа- уырбегæн йæ мад цырагъы рухсмæ æмпъызта йæ дзаумæт- тæ. Лæппу йæ уæлхъус бадт æд хъама, æд хъримаг æмæ æнхъæлмæ каст йæ дзаумæттæм. Æваст пæ хъустыл ауад, цыма чидæр фисыныл сбыры æмæ схъуыр-хъуыр кæны. Хъауыр фестад æмæ рауад уынгмæ, акаст, йæ хъус адардта, фæлæ ницы бафиппайдта. Иæхинымæры загъта: «Æвæццæгæн, уæлхæдзармæ гæды сбырыд». Хæдзармæ бацыд æмæ йæ мадæн дзуры, зæгъгæ, махæн цæуын афон у. Лади уыцы ныхас фехъуыста рудзыпгæй, уайтагъд сæнт- тынд акодта йæхи æмæ, тыхулæфтгæнгæ, бахæццæ сæ хæ- дзармæ. Рахабар кодта, Хъауыр кæй пс сæхимæ. Полицæ- йæгтыл сæ хисдæр йæ цæст ахаста æмæ сын дзуры: — Ныртæккæ хæдзарыл æрхъула кæнут. Кæд йæхи дæт- 293
та, уæд хорз, кæннод хæдзар цъæх фæнык фестын кæнут. Цæугæ ут æвæстиатæй. Полицæйæгтæ уайтагъд æртыхстысты Хъауырбеджы хæ- дзарыл. Пауле дæр хъуыддаг фембæрста, рауад ма æд- гæрзтæ, фæлæ, Хъауырбегæн цы аххуыс кæиа, уый йæ сæр нæ ахста. Хъæдмæ фæлидза бал бирæгъты къордæп æнæ Хъауырбег, уый та йæ сæрмæ не схаста. Лæууынц полицæйæгтæ хæстæввонгæй хæдзары алфæм- блай. Фæлæ цы æгъдауæй æрцахсой Хъауырбеджы, уый сæ иуæк дæр йæ сæрмæ нæ цæуы. Пауле цыбырæй аскъуыддзаг кодта, ауайон хъæугæ- ронмæ, иу-цалдæр тæрсæн æхст сæ фæкæнон æмæ кæд Хъауырбег фембарид хабар, зæгъгæ. Полицæйæгтæн сæ тæккæ сæрты цалдæр нæмыджы куы ’рбацъыгъуытт кодтой, уæд феррайау сты æмæ хæдзарыл нызгъæлстой. Бабиан фæсонтау, йæхи баппæрста Хъауырбегыл, фæ- лæ уый йæхи атыдта æмæ цары фæйнæджытæ сæппæрста, уырдыгæй йе знæгты цалдæр гæрах æркодта. Пауле дæр тæрсæн æхст нал кæны, фæлæ сæм ныхъхъавы. Æхсæвы тары нæмыг амæттагмæ æввахс нæ цæуы. Уæдмæ хæдзар сырх пиллон суагъта, цары хъæдтæ згъæлын райдыдтой. Хъауыр хæдзары дæллаг фарсмæ æргæпп кодта, раст полицæйаджы фарсмæ ’рхауд. Уый фæ- сонтау æмæ нал фæцарæхст фехса Хъауырбеджы, æмæ йæ уæдмæ лæппу хъамайæ æрхуыссын кодта, йæхæдæг уыцы иу сæррæтт акодта хæмпæлтæм æмæ ныццавта хъæдмæ. Судзы Хъауырбеджы хæдзар, арвмæ цæуы цъæх фæз- дæг. Бабианы хъарæгæн кæрон нал ис. Хъарæджы зæлтæ æмæ арты пиллон иумæ сысынц арвы уæрæхы. Пауле нал фæрæзта фæсхъæу бадын. Иуæй йын Бабианы хъарæг йæ зæрдæ уынгæг кодта, иннæмæй та æнхъæл уыд, зæгъгæ, Хъауырбег судзы арты цæхæры. Фестад, фелвæста Саулæ- джы стыр лæвар йæ кæрддзæмæй, æмæ йæ зæрдыл æрба- лæууыд, Саулæг ын æй куы ралæвар кодта, уæд ын афтæ куы загъта, айс, æмæ йæ ’нæнизæй дар, знаджы-иу дзы пу æрриуыгъдæй куыд скуынæг кæнай. Уыцы иу сæррæтт акодта æмæ судзгæ арты фарсмæ алæууыд, йæ цæст ахаста полицæйæгтыл æмæ сæнт хъæр фæкодта: — У, джауыртæ, тугæй дæнгæлтæ, цы ракодта мæгуыр æххормаг хæдзар, цы гæнæг у ацы кæуæг сылгоймаг?! — æмæ хъамайæ джауырты хисдæры куыд æрцæва, афтæ йын Бабиан, хъарæггæнгæ, йæ цæнгтæ атыхта йæ астæуыл, цы- ма полицæйæгтæн æххуыс кæнынмæ хъавы. 294
Уыдон дæр сæхи, сырдтау, ныццавтой Паулейыл æмæ йæ фидар сбастой. Бабиан куыдта тынгдæр, йæ рустæм бавнæлдта. Стæй ныхъхъæр кодта: — Хæрзбон, мæ сыхæгтæ! Цæуын судзгæ артмæ мæ хъæ- булмæ! — æмæ судзгæ арты йæхи баппæрста. Паулейы акодтой уыцы æхсæв. Дыккаг бон æлдар æрбацыд хъæумæ йæ фæсдзæуинти- мæ æмæ хъæуыхицауы рæхыс бакодта, хъыхъхъаг куы- дзау, Собæйы хъуырыл. Æппæт бартæ дæр ын радта, цæ- мæй æххæст кæна паддзахы уæздан æгъдæуттæ. Собæйæн фырцинæй йæ цæстытæ знæт æрттывд кодтой. Р1æхинымæры хъуыды кодта, тæссаг знæгтæй иу арты сфн- зонæг, иннæ ахст у. Ныр мын фадат нс, æппæт мæ масты пырх акалон, нæ хъалондарты стигъон æвæстиатæй. Æмæ-иу йæ армы тъæпæн æруагъта йæ рæхысыл. Дзантемырæн йæ дзыхæй хъыпп-сыпп нал хауд, ныд- дур, ныддæнгæл æвзонг зæрдæ. Изæры-иу Хæмыцы рæгъау хизæнуæттæй куы ’ртардта, уæд-иу Хъауырбеджы хæдзары сыгъдæтты цур æрлæууыд, йæ масты тула-иу тынгдæр анæрст, адæнгæл. Афтæ-иу æм фæкаст, цыма йæм уырды- гæй дзуры Хъауырбеджы уд: «Кæм дæ, мæ хæлар, фех- хуыс мын кæн, куы дын басыгътæн»? Æмæ-иу æп ахæм рæстæджы фæдис ныхъхъæр кæнынмæ бирæ нал бахъуыд, стæй-иу къæхтыбынæй ныуулæфыд, зæгъгæ, рæстæг пын уыд æмæ нæхи æгæр тæппудæй равдыстам, цæмæ ма сæм æнхъæлмæ кастыстæм, удæгасæп сæ куыд ауагътам? ÆССÆДЗÆМ СÆР Пъырыстыфы æрвыст полицæ Хъауырбеджы æд мад, æд хæдзар зынджы хай бакодтой, зæгъгæ, æрвпæрæгау ай- хъуыст æгас Иры кæмтты. Сæлимæты хъусты та йге ба- цагъта йæ бирæгъ фыд. Цингæнгæ-пу йæ зæбул рихп баз- дыхта, æрцыд ын фадат æнæ уæлдай радæлæ-бауæлæ стыр нрæд райсынæн. Фæлæ Сæлпмæты сусæг куыдмæ бæрзонд хæхтæ згъæлдысты, йæ тæригъæдæй-иу апнæг къæдзæхтæ сæ бындзарæй банкъуыстысты. Æррайау рацу-бацу кодта æрмттæдæлармæй, йæхицæн сау дарæс сцæттæ кодта Хъа- уырбеджы æбуалгъ хабар фехъусыны фæстæ. Адæммæ æв- вахс нал цыд, йæхи сæ хибар кодта. Йæ цæсты раз-иу цы- ма Хъауырбег судзгæ артæй каст æмæ-иу æм афтæ дзырд- та: «Кæм дæ, мæ дунейы рæсугъд, куы дын судзын, уæд мæм куыд æнæмæт цæстæй кæсыс?» Уæд-пу ахæм рæстæ- 295
джы æргом ныхъхъарæг кодта, хатт-иу йæ рустæ тонынмæ дæр бавнæлдта. Афтæмæй æрвыста мæгуыр æмæ тæригъæд- дагæй йæ бонтæ. Бадти-иу хъæдын сынтæгыл æмæ-иу йæ цæсты сыгтæ, фæрдгуытау, гæр-гæр кодтой йæ хъæбысмæ, йæ къухæй-иу хæцыд, Хъауырбегæн цы фæлмæн тинтичъи фæныкгъуыз басылыхъ скодта, ууыл. Иу сæрдыгон ирд райсом æй нал ныууагъта сæ сыхæг- ты чызг Мадинæ, ацæуæм, зæгъгæ, саунæмыг тонынмæ, Хъауырбег-иу цы бынаты уыдис, уыдоныл дæ цæст уæддæр ахæсс, де ’гæр калай, æмæ йын уымы бæсты фенцондæр уа, — асайдта йæ, ома йæхи аирхæфса. Сæлимæт-иу, Хъауырбеджы мысгæйæ, куы кæм баззад цавддурау лæугæйæ, куы — кæм. Æмæ йыл Мæдинæт сбуц- тæ кодта: — Дæ хорзæхæй, Сæли, игты сидзæргæсæй баззадтæ, никуы ницы ’рцыд? Мæдинæты ныхæстæм та Сæлимæт арф ныуулæфыд æмæ уынгæг хъæлæсæй дзуры: — Сидзæрты мадæй куы баззадаин, Мæдинæт, уæд аф- тæ катайаг нæ уаин, уæд мæ зæрдæ фидардæр уаид, уæд Хъауыры мæрдтæм нæ мысин. Ахæм ныхæстæй та адæймаг фæлмæцаг у, æмæ-иу дзы Мæдинæт, саунæмгуытæ тонгæ, бирæ хатт бынтон адард. Саунæмыджы къутæртæ бирæ рæтты хызтысты фугæджы- ны онг, æмæ-иу уæд сæ кæрæдзи нал ауыдтоп. Æмæ иу ахæм рæстæджы фæцыд Сæлимæты тарст цъæхахст. — Цы кодтай, Сæли? — йæхи йæм аппæрста Мæдинæт. — Лæу... Ма рацу... Тæрхъус агæпп кодта мæ разæй. Мæдинæт ыл æрæджиау райдыдта дис кæнын, фугæты ’хсæнæй Сæлпмæт нал æмæ иал зынди. Мæдинæт-иу æм куы фæхъæр кодта, ардæм рацу, зæгъгæ, уæд та-иу æй уый афæдзæхста, ды уым лæу, мæнæн ам хорз у, зæгъгæ. Хæ- дзармæ здæхгæйæ та йæ Мæдинæт зонгæ дæр нал кодта — зæххыл нал хæцыд, цыд кафгæ, заргæ, цыма йæ ивгæ ба- чындæуыд. «Йæ зондæй ма фæиртæса?» — хъуыды кодта Мæдинæт. Цæмæй зыдта, фугæты аууон кæй фембæлд йæ цард, йæ бон, арты дæр ып чи нæ басыгъд, уыцы Хъауырбегыл, кæй фæкодтой адджын хъæбыстæ æмæ ныхæстæ, кæй ныууы- наффæ кодтой сæ фидæны цардыл. 296
ЗПИЛОДЖЫ БÆСТЫ Пяуле ахæстонæп ралыгъд, Дзантемыр ныууагъта хъæз- дыг Хæмыцы фос, æмæ нал æмæ нал зындысты. Кæйттæ хъуыст, Цъалагомы фæсивæдимæ, дам, сиу сты æмæ, дам, хъавынц хъæздыджыты ныццæгъдынмæ. Иуæрдæгæхсæв Собæтæн сæ кæртæй æрбайсæфтысты сæ дугъон бæхтæ. Сæ хъомы рæгъау сын чидæр атардта. Сæ фæд комы донмæ ныххызт æмæ уым æрбайсæфт — дæ- лæмæ сæ аскъæрдæуыд æви уæлæмæ — хæйрæг сæ зонæг. Уазал доны къусы сæфт фæкодтой. Комбæстыл æнæнхъæлæджы айхъуыст Сæлимæты дзæм- сæфты хабар. Дурзæрдæ фыд йæ лæдзæгæй йæ сæр хоста, мæ иунæг чызджы мæхи къухæй куыд байсæфтон, зæгъгæ, фæлæ мадæн уыцы æвæлмон æнгæс уыд — уый зыдта, Хъа- уырбегимæ фæсхохмæ кæй алыгъдысты, æмæ хуыздæр дуджы æрцыдмæ æрыздæхинаг кæй нал сты. т
СÆЙРÆГТÆ Ныр ыл сæххæст уыдаид 70 азы 3 Ирон таурæгътæ Алæмæт 8 Сæгуассæ 64 Фаззæттæ 85 Кады нуазæн 99 Гуацъæтæ æмæ Схъæлатæ 109 Уацау Арты нæ судзы ► ... 145 Димитрий Димитриевич Бязров В ОГНЕ НЕ ГОРИТ Художпик Л. Д. Вансев Художествснныи редактор Ф. Ф. Багаев Техн. редактор А. И. Наниева Коррсктор Л. П. Дзагоева Сдано в набор 21. 08. 90. Подписаио к псчати 25 12. 90 Уч илд. л. 16,14 Ус-печ. л. 15,76. Формат бумаги 84х1087з2. Тираж 2000 экз. Цена 1 руб. 50 коп. Издательство «Ирыстон» 383570, г. Цхпнвал, пр Леннпа, 3 Юго-Осетннскос областное полиграфичсское пропзводствснное объсдп- нение Госкомпсчати ГССР, 383570, г. Цхинвал, ул Московская, 5