Автор: Дзбойты В.  

Теги: художественная литература  

ISBN: 5-7534-0375-1

Год: 1991

Текст
                    ДЗБОЙТЫ ВИКТОР
Æ РТÆ/ХЫ
ÆМДЗÆВГÆТÆ
ДЗÆУДЖЫХЪÆУ * «ИР», 1991


840се Дз29 Дзбойты В. Дз 29 Æртæхы катай. — Дзæуджыхъæу: Ир, 1991 —94 с. Дзбоев В. В. Тревога о капели 15ВЫ 5-7534-0375-1 Автэр передает думы н чаялия совреме.:ников, воспевает их созидателынлй труд, рисует волну- ющне картпны родного края. 4702470000—33 Д М131(03)-91 45"91 840се 15ВЫ 5-7534-0375-1 © Дзбоев В. В., 1991
АЛЛЛЛ/иЧЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛАЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛАЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛЛ^ * * * Цы ирд æхсæв у! Хæхтæн пæй æмбал: Рæдæнг нæзытыл байтыди ысгæллад, Ысхъасы дон зын фæндæгтыл ныффæллад, Хæгтæг у мæй, дæ къухæй йæм æвнал. Мæ зæрдæ райы,, ме ’рвон монц мæнæй Ныр дæр кæддæрау зарасг фыссыи домы, Л1æ уарзт æнхъæвзы дард азæлдау комы,— 0, ахæм нывтæ аргъауы дæр нæй. Нæ Иры хæхтæ, айсут мын мæ зард, Уый бады уæлæ урсбазыр æврæгътыл, Уый хнзы сагау даргъ æрдузджыи рæгътыл, Уый агуры дæ фырты цард — мæ цард. Цы ирд æхсæв у! Хæхтæн нæй æмбал! Уæд та зæххыл куы нæ уаид адзал!.. ÆНАХУЫР ФЫН Фæсахсæвæрты бафынæй нæ хъæу, Йæ цырæгъты бын улæфы æнцадæй. Цыма мæ фыд æрцыди та фæлладæй, Цыма æгас у ,мард мь’н цыма нæу. Цыма нæ дæн мæ фыны, у æцæг: Йæ сурæт дæр кæмæн зыдтон æз къамæй, 3
Уый фсвзæрДи нæ ног хæдзары, ам æй Æрбаййæфтон, кæ къухы ис лæдсæг. Æривæзт нымæт уæлфæдтæм хæстæг, Йæ х>ды дзаг æрхаста мын æхсæртæ, Мæ мадæн дзуры сабыргай цыдæртæ, Цыма сын райсом нал уыдзæн рæстæг. Мæ мад æй цыма нал федта æнус. Цыма нæ уыд йæ кой дæр удхор хæстæн. Л\æ фыды сабыр, бонзонгæ ныхæстæм Мæ мад мæнырдæм аджих и, фæхъус. Мæ фыдæн каст йæ цæстытæм æргом, Цыма йын хъавыд бадарын кæ зæрдыл, Цы дзырдта — се ’ппæт. Цыма уыцы сæрды Фыццаг хатт кодтой се стыр бæллиц гом. Ныннæрыд арв, ныссыф-сыф кодта уад. Ныррызт мæ сынтæг, фехъал дæн мæ фынæй. Л’æ зæронд мад кæм хуыссыди — рæбынæй, Мæ фыд хьг1 къух.ъи 1.ъ мæ;1 ка:т æнцад. ИРОН ÆВЗАГ Æз ^æн сæры тыр, паспорты кæл фы:сын Мæ р1гфыдæ,:тау иунæг дзырд: ирои. Æууæндут мыл, кæд ранвтон мæ рон, Уæддæр мæ фыды морæ цухъхъа мысын. У иом хæссьп.æй ноджыдæр бæ;>нондæр Ирон лæгæн иæ млдæлон æвз&г. Уый ми нæ зоны — й’ адæмæн у знаг, Уый пичи схондзæн, баууæнд мыл, ирон дæр. Æз та кæсын «Ирсн фæндыр:> хъазуатæй, Хæссы мæ хъæлæс музыкæйау уатæй Ирон ныхас — ирон дзыллæйы кад. 4
Ма* чысыл Ир, дæ бонæй у, дæ бонæй\ Кæй зонынц дæу цæрæнбонты иронæй, Кæй дын кæны ирон æвзаг лæггад. Шæ катай тæдзынæгыл Æрбадымта, ныкъкъæр-къæр кодта а^Зв. Йæ гæрæхтæй Црауы ком иыррызти, Уæларвы дон цыхцырджытæй æрмызти, Нæ сæрмæ бæстæ талынгау фæтарф. Ныккалдта къæвда, иал æнцайы дон, Нæ шиферцарæй рабырста уырдыгмæ. Кæсыи æз сабыр йе ’рхæндæг, йæ хъыгмæ, Йæ мæт рахатын нæу мæнæн мæ бон. Ысдымдта ногæй, æз кæсын æдзынæг, Куыд сабыр кæны уарыны тæдзынæг, Куыд æрхауы фæстаг мæллæг æртах. Лæдæрс, лæдæрс, дæ ивылд тых æрмынæг, Уæд та ма дæ куьь рауаид сæлфынæг, Дæ катай афтæ не ’ргæвдид уæд мах. АЙДÆН Айдæн циу, цæмæн нæ хъæуы царды, Махæй зоньп алчидæр бæлвырд, Фæлæ ууыл нæу мæнæн мæ дзырд,. Ам мæ сагъæс аххæссыди дардыл. Чи бакаст фыццаг йæхимæ хъавгæ, Айдæн æм куы рардæуыди, уæд, 5
Маймули, гъе хорз лæджы цæуæт, Донæй уыд сæ айдæн æви авгæй?! Уæд куыд фæнды, уый нæ ам нæ хъæуы, Айдæны раз чидæрид æрлæууы, Равдисы æнæсайдæй йæ конд. Цинæй арвмæ уарийау ыстæхин, Айдæнау куы фестиккой æнæхин, Адæмæн сæ зæрдæтæ, сæ зонд. # * * Ды улæфыс, дæ цьюагъ дæр æрхуыссыд, Ныцъцъынд кодта мæ фыдæнæн йæ цæст. Сырхзынг мæй тауы хæдзæрттыл æрхуы ссад, Мæн барухс кæнын нæу йæ бои æрмæст. Мæ цуры — ме стъол, уырдыгæй ныккаст мæм Къоста йæ къамæй — къухмæ уагъд йæ сæр. Æвæццæгæн, куы нал тых кодта мастыл, Фыста уæд афтæ Аннæмæ кæддæр. Æиæ йæ уарзт нæ Иры хур нынкъард-иу, Нæ рох ын кодта хастæй дæр йæ ном. Дæ фыдæх не ’хсæн махæн дæр у къардиу, Дæлдæр та дзы сæрсæфæнау ис ком. Ды улæфыс, дæ адджын фынты уацар, Дæ сæракцъар дуар — хъахъхъæнæг дæуæн. Уæд та дæ дуарæн йе ’хсæвгæсæй ацæр, УЦрмæстдæр ма уæд де ’хсæвæн фæуæн. Æрмæстдæр мачи бакæнæд ныдзæсгæ Дæ уаты дуарыл — ма бакомæд гом. 6
Ды улæфыс, æз та фыссын æмдзæвгæ, Рæхджы мæ рудзынг ’рбахойдзæни бон. * * * У фæсизæр. Хуымты змæлы уалдзæг, Ног конд астым гауыз фестдзæи тагъд. Тала худы, хъазты чызгау — хъал зæнг, Хуры тынтыл арвы сой æртагъд. Уарын рацыд, æвзар зæхх стыдта, У цъæх-цъæхид, удæн цин хæссы, Уый цæрын æнæрухс хур нæ зыдта Æмæ хурмæ комкоммæ кæсы. Ам дæн иунæг. Дымгæ дæр фæтæргай, Ам æппындæр мæи хъыгда’рæг нæй. Сабухтой мæ хъуыдытæ фæлтæргай, Æмæ схойынц зæрдæйы бынæй. РАЙСОМ Æрдзы уарзтæмхнц ныхылдæй Базмæлыди адаг. Æрхмæ фæлм сыпдæг ныххылди Хи æмбæхсгæ цадæг. Зарыиц. Чи у афтæ буц та, Чи фестади уалындз? Зад дыргъдæттæм автобустæ Над фæндæгтыл уайынц. Лхал кодтой узгæ цыдæй Хъазтæ Сыгъдысæрмæ. Нуазын бонырухс фыр зыдæй, Ризы ком мæ хъæрмæ! 7
Бузныг, райсом. Ис нæ хъæуы Бирæ змæлд дæ радæн. Цин ма зæрдæйы кæм цæуы, Цин уын фестон, адæм! Бузныг, райсом, ног та уынгтæн Радтай цард — парахат. Арв у ахуырстау уырынгтæ. Арвьг конд — ма рахат... Акæс уынгтæм — хъæу æгасæй У бæрæгбонарæзт. Дæн рæвдыд йæ буц æнгасæй,— Эх, куыд тынг мын байрæзт!.. * * * Рынчынæй дæр нæ тæрсын æз мæлынæй, Цы диссаг у, куьи ахуысса мæ зынг. Фæрисдзæн мыл кæйдæрты зæрдæ тынг, О, чидæр та нæ базмæлдзæн мæ зынæй. Мæ бæхы тахтæй дымгæ хъусты ризы, Æнæбын комæй фестъæлфы мæ уд. Æгъдауæн сисын рындзы сæрмæ худ. Мæ фæндаг рагъмæ адагыл схизы. Ысуынын ам сæрсæфæн был мæ разæй. Йæ сæрты мын æнæахизгæ нæй. Куы уа мæ мæлæт ацы ран, бынæй, Уæддæр æз хъуамæ ма ризон йæ тасæй. Куы мæлон, уæд стъалыйы хуызæн: Тæхгæйæ, иннæ стъалыты æхсæн. 8
ЗÆРОНД УÆЛМÆРДЫ Быгъдаты Махарбегæн Мæрдтæ, зонын, нал уæм хъары хахуыр, Сау цыртытыл бандзыг и уæ маст. Адæймаг кæд уе ’рхæндæгыл сахуыр, У уæддæр тæригъæддаг уæ каст. Цал хатты: уын фенын æз хæстæгмæ Ам уæ уазал, уе ’нæбон æнгас,— Айрох кæнын ацы уысм рæстæгмæ Æз мæхи зын, удыл бафты тас. Скодтат уе ’ргом уе ’ппæт дæр нæ хъæумæ, Ам уæ цыма ферох и цыдæр. Кæд, мыййаг, кæй нал у цъæх уæ сæумæ* Нал у сырх уæ зæрæхсид изæр... Цæй, цы ма уын баззади уæлæуыл, Уым та ма цæуыл кæнут æнкъард?! Афтæ зыны — ингæнæн йæ нæууыл Улæфы нырма уæ номыл цард. Афтæ зыны — хъавут цыма дзурын, Агурут цæстæнгасæй кæйдæр. Цыма не стут, сау цыртытæ, — дурын, Цыма гом у ингæны къæй дæр. Уæд цьг домут, æви уын уæ марой Бамбæхста уæ зонгæтæй хъысмæт. Æви ныр кæй нал ыстут хæдзарæй, Ингæны дæр ууыл у уæ мæт! Кæд, мыййаг, цы не скодтат уæлæуыл, Уый фæдзæхсут æгæстæн, цæмæй Æртæх бада гагатæй уæ нæууыл, Арвæй уæм тæмæнтæ кала мæй. 9
ЗÆРДÆ — БАЛЦЫ Зæрдæ кæддæрау у балцмондаг, Улæфы конд хуымау риу. Ратт мын дæ хæрзтæй, Зæхх, амондваг, Ратт мын дæ зарджытæй иу. Сабидуг — донæн йæ ацы был, Фаллаг — æнæсгæрст мæнæн. Цасфæнды ма фæцу, балцы-иу, Сайдта æддæдæрмæ мæн. Цас мæ фæхуыдта æрыскъæфдзуаи,— Хъæды æрвыстон мæ бон. Тагмæ дæ дугъы æрыскъæфдзæн, Таджы гæнгæлытæ тон. Гъе стæй фæтъæбæртт кæн, гъа-мардзæ, Акæс, цы талынг ныцци. Ма тæрс, баба дæ нæ амардзæн. Бараг — дæ фæлмæн гыцци. Цард дæу йæ гуылфмæ нывзилдзæни, Цард дæ йæ былтæм хæсдзæи. Зон æй, дæ рад дæр æрзилдзæни, Хур дæм цыренæй кæсдзæн. Цард дæ йæ тæссæрттæм фехсдзæни,—- Ивылд дон фестдзæн дæ цард. Дон та дыууæ былæн се ’хсæн и, Фале дæ нысан нæу дард. ,Нæу, фæлæ ивылд дон сызнæт и, Ма баком, ма баком — цъист! Ивылд дон арсау куы ныннæты, Сисы æррайау хъыллист. 10
Хъахъхъæ — лæбурынц дæм уылæнтæ, Уыдон цы мæт и, цы мæт. Нæй, мæ хур, абон æмбулæн дæ, Бамбар, тызмæг у хъысмæт. Ивылды стæлфдзынæ уадидæг, Ивылд дон знæт у, тæссаг. Де ’нцой дуг сагъæсты бамидæг, Равдис дæ зæрдæйы уаг. Царды фæзилæнтæ — асинтау. Хиз сыл, фæкæлынæй тæрс. Хъазты цы сæрæнгуырд асимдта, Чызджытæй ахæмы фæрс. Царды фыццаг зын куы бавзарай, Цард дæ куы кæна тыхсын,— Бахиз дæ хъысмæты базарæй, Хорз уа, æвзæр уа — быхс ын. Æмæ ныццæлхъ кæн фæндаджы зард, Зарæгæн уды монц ратт. Ферох кæн: сонты дуг раджы цард, Ахицæн раджы йæ рад. Зæрдæ та дард фæндтыл ацыди. Не ’нцайы, абухы цард. Зæрдæ æппынæдзух балцы и, Балцы кæрон та у дард. РАЦАРÆЗТ Ма ’мбæхс цары Ахсæв, мæй, Дымгæ зары — Маст æм нæй. 11
Дымгæ, ма тау Ды фыдæх. Адджын батау Судзгæ тæх. Не хæс фидæм, Ивæм цард. Ис нын фидæн — Фидæн дард. Уайæм иумæ, Змæлы арв. Ног тых риумæ Бахызт арф* О, кæд хъуыди, Зæгъ, нырау Ме ’ргом хъуыды Дæу, Цырау? Зарæг систон,— Пиллон кал! Уды ристæн Се ’лхынцъ хал. Рацарæзтæн Æз — æмбал. Царды рæзтæн Схауд йæ хал. Ног та Иры У зымæг. Миттæ пиры Уад — тызмæг. Æрдз, дæ дымæг Салд у, их. 12
Нæу нæ зымæг Махæн сих. Бадæм уаты Хъарм у ам. Хъарм бынаты Нæй хæрам. Худы фидæн, 0 лымæн, Æз дæхи дæн, Ды та мæн. У йæ хъару Хох лæгæн. Хид дзы хъары,— Аргъ ын кæн. Ох, цы заман Уыд, цы дуг. Згæ хъадауан Уагъта туг. Рисс хъæдгомау, Зæрдæ, дуд. Карды комау Ихсыд уд. Лæг сæтæлæг • Цыма уыд, Зонд ысуæлæг, ХъуЫДЫ — СКЪЗ’ЬП. Цгл домбгйы Сбырста маст. Мидцоппайы Не х:ар саст. 13
Хил цæзтбастæй, Æхсæв — даргъ. Базырссзтæй Маргъ нæу, маргъ. Зарæг, азæл, Фарн æрхæ;с. Батав а зæр Ды мæ къæс. Ратт мын базыр, Æз тæхон. Баст мæ базыл Нал дæн, зон. Зарæг, туджы Фыц, æхсид. Не стыр дуджы Размæ сид. Тæх нæ рæзты Æмæ каф. Рацарæзты Низтæ ссф. ХÆСТ Рын Мæ фыды ’фсымæр Ва.юдяйи рухс ном арын ацы фыстæй Ивгъуыд у рæхысы цæгтау Абснимæ баст,— Судзы арты цыргъ æвзæгтау Риуы рагон маст. у
Уæд йæ мæгуырбон нæ бæстæн Не ’мбæрстон нырау... Гитлеронтæ сæрды фæстæ Бацахстой Цырау. Сау æврæгътæ — саудар усау, Дондзастæй — сæ каст. Хæ:т-иу фенцади, фæхъусау, Стæй-иу ссыгъд æсаст. Нал уыд фæздæгæй ыскæсæн, Сарыд зæхх бынтон. Фестади æфсæйнаг лæсæн Зилахары ком. Мысын ма мæ мадæн й’ амынд, Уыцы стыр фыдаз, Уый фæдзæхста мын, дзырдта мын; «Тухитæн фæраз. Быхс æххормагæн, бæгънæгæн, Быхс фыдцард, фыдбон. Хæсс дæ зæрдæсæр æгънæгæн Адæймаджы ном.» Уый дзырдта: «Æвзæр у заман, Йе уæнгтыл лæгæн Хъавынц бабæттын хъадаман, Къахынц ын ингæн.» Немыц бирæгътау зылдысты, Кодтой чъепп, дзæнгæл. Давæггаг фыдæй уыдысты Сойæфсæст, дæнгæл. Ма рауадз дæ хъуг æддæмæ, Баст æй дар æдзух, 15
Науæд нал баздæхт фæстæмæ, Ауигъ ыл дæ къух. Баззад ма нæм уæрмы бастæй Иулæг сæгъ æрмæст. Ме ’фсымæр Пета йæм касти* Дардта йæм йæ цæст. Фæлæ иуахæм изæрæй Нал уыди хъæллæгъ, Байгом кодта дуар йæ сæрæй -* Раирвæзти сæгъ. Уымæй цас рацыди, хъуамæ Иу сахат, æрдæг... Мад фæдзырдта уæд Петамæ: «Сæгъмæ уай цæрдæг.» Ме ’фсымæр фæраст йæ фæдыл Хъæуы уынгты тагъд. Мигъ ныббадт Цырауы хъæдыл, Дымгæ ниугæ тахт. Иу афон дын уæд кæугæйæ Ме ’фсымæр фæзынд: Аззад къæсæрыл лæугæйæ, Бæндæн — къухы, тынд. 0 нана, — Пета куы зæгъы, — Масты хай фæдæн! Немыц аргæсстой нæ сæгъы, Стæй фæнадтой мæн.» * * * Ехх, мæ зæронд мад Уынатæ, Раджы сурс дæ сæр. 16
Расырдтой нæ немыц уатæй,— Тар ныккæнды цæр. Ныккæнд уыд æлыгæй иууыл: Къултæ, цар, йæ бын. Стыр зæхъхъыртæй уады ниуын Не ’нцади æппын. Уæд фæззыгон уазал буары Судзинтæй ныхсти. Митæмхæццæ-иу ныл уарыд, Зæрдæ тынг тыхсти. Знæгты лæгæт сси нæ къæс дæр, Байстой нын нæ ис. Æз — гыццыл, Пета — мæ кæстæр, Чи зыдта нæ рис. Сарæзтой йæ кæрон хъæуæн Ауындзæнты хал. Уырдæм уыд лæгæн æрцæуæн, Ацæуæн дзы — нал. Чи ма баззад хъæуы змæлæг, Чи нæ уыд хæстхъом, Уый сфыдхъуын и, ысмæллæг, Дардта цыма ком. Сидзæр сабиты кæуынмæ Сау хъæд дардта сау. Раст ноябры фæуынмæ Баихсыд Цырау. Райсом нал уасыди уасæг, Куыйты рæйд — стæм. Нал нæм цыд æмгæрон уазæг, Хъæу — рынхаст, æдзæм. 17
Фарстой: «Не ’фсад та цы фæци, Уый нæ уыны, ау, Ныр æнаххосæй кæй мæцы Хъарм туджы Цырау?!» Бардзырд райста ие ’фсад, домы Бардзырд та — цæмæй Уартæ Зилахары комы Бафæстиат уа мæй. Адæм не ’фсæсти йæ койæ... Уалынмæ ызнаг 'Рцыд дæрæн, лыгъди сæргойæ,— Фесты йын йæ фаг: Махæй алчидæр уæндонæй Каст æнхъæлмæ уæд — Знаджы уарзон Ирыстонæй Асуриккам кæд... Æмæ, о хуыцау, æцæгдæр Тохы арт ссыгъд. Чи уыд немыцæй хæцæгдæр — Гъеуæ, радта лыгъд. Лидзы. Не стыр маст æй суры. Лидзгæ! Уæуу, дæдæй: Туманæй мысты хуынкъ куры, Фæлæ н’ ары, нæй. Адард хæст нæ Иры хæхтæй, Хур æркасти ног. Сармадзанты дард гæрæхтæй фестъæлфæм ма рогт Ферсæзт йе ’нæбары уаргъæй \1р — нæ буц гæнах. 18
Сабырдзинад туджы аргъæй Чи байста, уый мах* Цинтæ ногæн та дæу куы сты, Дæу, мæхи Цырау: Адæм базмæлыд æмгуысты Уалдзыгон чырау» Ерыс расидт алы сых дæр, Ерыс та у тых. Чи — сæрæндæр, чи — æвзыгъддæр, Домдта сыхæй сых Фæлæ хæсты сау бæллæхтæй Аирвæзæн нæй; Кодтам хуым нæ мæллæг бæхтæй. Ластам суг сыфцæй. Хæст нæ арæнтæн сæ сæрты Ахызт æмæ знаг Сыгъд йæхи бандзæрст цæхæрты, Ракалди рейхстаг. Уыд, æмбисондæн цы мыса Адæймаджы зонд: Мах уæлахизы тырыса Сфæйлыдта бæрзонд. Уыд нæ уынджы дæр бæрæгбон — Сидт фæсхæст салдат Сталин, партийы цæрæнбон, Стыр советты кад. Сбæрæг тохы! карз быцæуæй — Чи уыд раст, зылын, Цал баззад кæмдæр нæ хъæуæй, Цал ахаста рын?! 19
ЦЫртЫ дур нындзыг, Ыстыхсти, Цæссыг донау уад. Афтид ингæныл ныттыхсти Авд хъæбулы мад. Й’ астæу — номы цырт нæ хъæуæн, Ис ыл сауæй фьгст: Рухсаг, нал уын ис æрцæуæн, Зæрдæ уыл фæрыст. Уыд уæ фæстаг балц æрдуйыл, Уе стыр цард ныммур. Ам сæдæ нæуæдз лæппуйы Фестадысты дур. Ам сæдæ нæуæдз зæрдæйы Баныгæдта хæст. Баззади сæ ном цæргæйæ — Мысынæн æрмæст. Ам сæдæ нæуæдз салдатæн Ницы ис æсгъау. Абон дæр ма урссæр мадæн У йæ маст егъау. Æмæ сиды, карзæй домы: Ма та ссудзæд хæст, Махæн, мадæлтæн — нæ сомы: Сабыр дуг — фæдзæхст. Зæронд салдат Æз зæронд салдат дæн, дзонгой, Федтон, хæст куыд сыгъд. Мæн чырыстийау æвзонгæй Сауыгъди, ныттыгъд. 20
Знаг ныббырста нæм — цыфыддæр. Хаста нын адзал. Хæстмæ ацыди дæ фыд дæр, Иумæ схауд нæ хал. Иу рæстæджы иу æфсады Кодтам цардыл тох. Мах цы бавзæрстам нæ рады, Никæд уыдзæн рох. Туг ныббадти мигъ æврæгътыл, Арвыл бамбæхст зæд. Сау денджызы фале рæгътыл Дард кæм айтынг хъæд, Уым æрынцад æрхы кæрон Мах æфсæддон хай. Знаг нæ уагъта мах æмгæрон, Хауди зæхх фæркгай. Бон куы фезмæла гæзæмæ — Ног бырсдзæн та знаг. Нæй нын аздæхæн фæстæмæ,— У нын кæд тæссаг. Ам мах иу хайæ нывæзтам Фашистæн мæлæт... Мæй æркаст Хъырымы фæзтæм, Мæй — æрдынкъæлæт. Сонт ура ныннæрыд къуыппæй Уалдзыгон зæйау. Не ’фсад абырста æмгуыппæй Немыцы уæззау. Хæст ыстынг, æфсæйнаг лæсæн Рацæуы — сæх-сæх! 21
Ризы бомбæты бын хаеца*н, Арвмæ хауы зæхх. Æмæ н’ аппæрста фæстæмæ Иуахæмы знаг. Арфдæр райгуырæн бæстæмаз Бабырста. Тæссаг... Карз у не знаг. читт нæ комы, Радты нын ныхкъуырд. Ног æфсæддон тыхтæ домы, Басæтта нæ куыд. Мах та? Не стыр зæхх нæм дард у, Не ’фсад дæр у дард. Ам нæ ныббыхсдзæни мард уд, Ам сæ ферох цард. Фæлæ хæст хæст у* уæлахиз Нæу нымæцæй хатт. Де ’фсад карз рæдыдæй бахиз, Раст фæндаг ын ратт. Арв нæм касти тарæрфыгæй, Къахыр — мæйы был. Æхст фæсабыр фалæрдыгæй, Фенцад хæст чысыл. Фенцад хæст, уæддæр ды ма зæгъ — Улæфдзыстæм мах. Иу афон та ногæй а зæхх Фестдзæни гæрах. ,Иу акъоппы. —- мах æртæйæ, Рауад нæм ныхас. Нæй, салдаты рыст зæрдæйæ Читт нæ комы тас. 22
Ракетæ та стахт, йæ фæстæ Иннæ дæр ыссыгъд — Базмæлыд æгасæй бæстæ, Уды тас фæлыгъд. Ног атакæйы фæцæуæм, Ферох кæн дæ рис. Хæ.ты нæй лæгæн скæуæн, Амæлæн ын ис. Абырста дæ фыд — атакæ, Хъæр кæны -— ур-ра! Нæ, нæ фæтарст знаджьг танкæй, Цыма уыд æрра. Ауæсын æм, ауынын æй — Андæдзы йыл цæст. Уалынмæ йæм, танчы бынæй Нсмыцаг ыслæст. Рацæуы нæ ныхмæ, хатын — Иуæн сæ йæ цард Айсдзæл хæст, дæ фыд — салдат та Тасæй фестад арт. Дискы фæдыл днск æвæры, Æмæ ’хсы. Зын у. Судзгæ нæмгуыты къæр-къæры Хуры цæст зыны... Фæлæ хæст хæст у, йæ агъды Бомбæйы схъис Уæд æвипиайды ныссап>ди, Зæрдæ сцавта рис. Ногæл автомат скуыста, Размæ! — дард нæрыд. 23
Цæф кæд зæрдæсæр рæхуыста, Уый уæддæр бырыд. Хæцæн сæмтъеры, схæццæ, Хъуыст гæрæхтæ дард. Доимæ ма тыххæй æрхæццæ, Ам фæци йæ цард. Зæххыл баззади дæлгоммæ, Мæй йæм арвæй каст Митæмхæццæ уарыд бонмæ, Калдта арв йæ маст. Фыстæг Бон фæллад хæстонау рабадт, Сдардта хур йæ был. Ныр салдаты цæфтæ бабæтт, Бауадз æй чысыл, Кæд æрулæфид, кæннод æй Ног хæцын хъæудзæн. Чи ма фервæзт не ’фсæддонтæй — Тохмæ та цæудзæн. Мæрдтæй къах æвæрæн нал и, Бæстæ ’гасæй — пырх. Зæхх дзыназы туджы малы, Цæст цы’ ахсы — сырх. Уд рæхойынц алы нывтæ, Иууылдæр — æнкъард. Уæртæ мард салдат нылхъывта Фондзæхстоны кард. Иннæ судзгæ танкыл бахауд, У йæ каст мæсты: &
Чи зоны мæлын та махау Бархийыл хæсты! Зилы хæцæныл, фæлгæсы Иу фæлмæст салдат. Риуыл — хъатара къæлæсы, И’ астæуыл гранат. Иу ран марды цур æрбадти. Бирæ йæм фæкаст: Кæд уыди, мыййаг, хъæбатыр? Кæд знæгтæй тарст?.. Стæй йын уæд йæ риуы дзыппæй Систа фыст-гæххæтт. Æмæ йæ æнæхъыпп-сыппæй Каст йæхицæн уæд: «Айс салам,— фыст уыд иронау,— Айс, мæ чысыл хъæу, Быхс дæ тохвæллад хæстонау,— Хъахъхъæнын æз дæу. Æз хæрын мæ къухы фыдтæ — Фен-ма иу хатт дæу. Фæлæ сау ызнаг — цыфыддæр, Басæттынхъус нæу. Нæ, æз не ’мбæхсыи: фыдхæсты Зоны лæг мæлын. Ссæудзæн сау гæххæтт мæ бæсты, Дæу фæсайдзæн фын. Ехх, дæу фенын мæ куыд фæнды, Фæлæ нæй цæуæн. Хæст мæнæн адзал нывæнды, Цард æз та — дæуæн. 25
Знаг нæ хурытын фæлтæртæн Банызта сæ туг. Ма тæрс, ныр æз тохфæлтæрд дæн,— Афтæ домы дуг. Бахсыстæн иыббырст-ыстæрты, Аивтон мæ уаг. Ис æрмæст нæ мæрдты сæрты Не знагæн фæндаг». Ам нæ салдатьи фæндагау Адих фыст æваст. Хæст та цыд, фыдхæст, фыццагау Знаг нырма нæ саст. Фып Зон, æнæмæт лæг нæ уыны Даргъ æхсæв дæр фын. Аргæвста мæн та мæ фыны Рагон хæсты зын. Цыма денджызы былгæрон Фестадтæн æваст. Арвæй рауагъди æрдæг рон, Мæй сындзтелæй — баст. Денджыз сабухта цæф арсау,— Бомбæ дзы ныппæрст. Цирхъæй цæф уæйыджы фарсау Мигъæй туг лæдæрст. Стæй дын былырдæм хæстæгдæр Денджызæй æваст Сзыиди мард салдат — стæгдар, Уыд йæ уæраг баст. 28
Худæгау зыхъхъыр дæндæгтæ, Зачъе — даргъ, ныффист. Царм-ыстæг — йæ мæллæг цæнгтæ, Уыд йæ роцъо цъист. Фалдæр обауыл цы нæуу уыд, Уырдæм рог ысхызт. Раст йæ тæккæ сæр æрлæууыд Стæй йæ ныхас хъуыст: «Рацæут-ма мæм хæстæгдæр, Хъусут мæм дзæбæх, Æз дæн мард салдат-стæгдар,—- Хъахъхъæдтон нæ зæхх. Абон æз зæгъын мæ хъуыды Партийы тыххæй: Хæсты мах æххуыс кæм хъуыди,— Зондæй уа тыхæй, Уый лæгæрста фурды сæрты Бахъуаджы сахат. Мин-мин хотыхы æмнæрды Уый зыдта салдат...» Дзуры мард салдат йæ кадæг, У йæ хъæлæс саст. Бацыд былгæронмæ цадæг Уылæнтæм ныккаст. Сыстад денджызæй йæ хъæрмæ Мин салдаты — мард. Арв ысфæйлыдта сæ сæрмæ Пиллонуадзгæ дард. Адзырдта кæмæдæр цадæг Мард салдат цыдæр, 27
Уыд нæмыгæй хуынкъ йæ фадыг, Уыд бæстытæ сæр. Уый йæ иунæг къух æрдаудта Зачъейыл сындæг. Тохы арыд — цæсты хаутæ. Уæрагыл хауд — зæнг. Стыхст, цæуылдæр тынг смæсты, Хъуысти дард йæ хъæр: «Æз сымахмæ дзурын, хæсты Чи бабын кæддæр. Чидæриддæр доны фенуд Тохгæнгæйæ ам, Рацæут-ма, ногæй фенут — Чи у раст, хæрам. Рацæут, сымахмæ дзурын, Чи баззад æгас. Чи федта дыууиссæдз хуры,— Азы фæстæ аз. Рацæут-ма ног æрратæн Бамбарын кæнæм! Мин-мин азы дæр салдатæн Хæст кæй у ингæн». Рæгътæ уылæнгай рызтысты Стæгдары хъæрмæ. Мæрдтæ радыгай хызтысты Обауы сæрмæ. Хæеты байсæфæг фæлтæртæ, Удхайраг сæ каст: Разæй чи цыди, сæ сæртæ Тугæрхæмттæ, баст. 2В
Чи æнæкъах, чи æнæкъух. Чи ныкъкъæдз и тынг, Чи та уыд бынтои уæнгтæцух, Нал фæрæзта стын. Ис дзы денджызон хъайтартæ,— Кодтсй тох зын ран. Акæ:-ма, куыд лæууы уартæ Зноны партизан. Уыдон — се ’ппæт дæр ныфсдæттæг, Дзур сын ’мæ сæм хъус.— Де ’нæнцой, дæ мард æфсæдтæ, Не ссæдзæм æнус! Чи дæ бахызта фыдрынæй Т^гкалæн хæсты. Чи 1.æ бафсæ;ти цæрынæй Райгуырæн бæсты. СЫРДДОНЦЪИУ Нæ кæртæй арæх дæу сырдтоп-пу, Куы дгргъ ^исæй, куы та ьъуыбарæЛ, Ды дард нæ лыгъдтæ, ног-иу барæй Хæстæг ран абадтæ, сырддоицъиу. Сæрд уыди уæд. Æ^зух нæ сæрмæ Нæ мæргъта* тахтысты пæр-пæрæй, Ызмæлыд арв сæ цъæхснаг хъæрæй, Цин кодтой бон-изæрмæ. Ныр у зымæг. Сæ зард фæхастой Нæ мæргътæ хъарм бæстæм, нæ кæрты Ды иунæгæЛ тæхыс нæ сæрты. 29
Сырддонцъиу, бузныг де ’нувыдæй, Нæ зэпы: зарын — цæр æвыдæй, Мах никуы стыхсдзыстæм дæ уастæй. СÆГ Уый æцæг уыдис, æцæг. Къона-пецтæ адæм дардтой, Уазалы æнцой нæ ардтой,— Бадт йæ сау фæздæгæй сæг. Нал и ахæм пецтæ ныр, Альæм судзы газ цыренæй, Нал и сæг хæснагыл, фен æй\ Газ — сыгъдæг, йæ тых — ыстыр. Фæлæ адæм равзæрд ке ’хсæи — Кусын фестади сын низ. Пецау сæг сæ удтыл бады, Уьгдон не ’хсæнадæй фехсæм, Ме ’мбал, ахæмтæй дæ рады Ды дæ лæджы намыс хиз. ÆЗ ДЫЛ ФЫССЫН Цыдæр хæЛрæджы сайд фæдæн,— Цыдæр бардуаг мæ ’хсæвæй-бонæй домы. Цыдæриддæр ныффыстон, чызг, дæ номыл, Дæ цурмæ скъæфынц семæ мæн. Дæ кой мын — амондау зынаргъ, Дæ тызмæг дзуаппæй ме стыр ныфс нæ сæтты, Дæ фæдыл бафтын цуанонау мæ сæнтты, Дæ сонт фæкастæй фестын маргъ. 30
Дæ фæлмæн худт ма?н хОхы цъупмæ систа, Фæхаста мын æртхутæгау мæ ристæ, Мæ риуæй аскъæфта мæ зын. Мæ лæмæгъ фыстæн нæй бæрзондмæ схизæн. Мæ курдиатæн та у дæ уарзт æнхъизæн. Æз дыл фыссын, æз дæм тындзыи. ÆППÆЛ Хæрзаг дæхицæй феппæлыс дæ мойæн, \Кæй дыл фыстон æмдзæвгæтæ æдзух, Ды та кæй систай ме ’хцон уарзтыл къух, (Кæй мæ фæкодтай й’ амæттаг фыдгойæн. Æппæл. Æрмæст ды макуы срæди, оххай, Дæ былты хъарм кæй сыгъта мæн фыццаг. Зæгъ ын, кæй нæ уыд иуы уарзт дæ фаг, Æппæл ’ын, мæн кæй фæуагътай фыдохæй. Дæ лæджы цур цæхæртæ кал фыр цинæй, Кæй дæн рынчын æз абон дæр дæ хинæй,— Хæсс ын цæвиттон алы бон мæнæй. Æппæл, уæддæр дæм æз мæсты нæ кæнын, Æппæл мæ уарзтæй, ме стихтæй æппæл мын,— Дæхицæй та дын иу раппæлæг нæй. АЭРОПОРТЫ Аэропорт денджызау фæйлауы, Нал æнцайы уарыны сæх-сæх. Афтæ зыны: арв фæцæуы науы, Аззад тары доны фале зæхх. 31
Уары. Бадæм ам дыккаг бон, оххай, Хæдтæхæгæн стæхыны бар нæй. Фæлæ ма тæрс: иунæг уысм дæр рохæй Дæу мæ балц нæ атондзæн мæиæй. Ма тыхс, балц нæ рауайы æмхуызон, Уый хыгъд у билетау мын дæ ном. Дар дæ зæрдыл! Чи уарзы мæ хуызæн, АрЕЫ дуар дæр бакæндзæни гом. Уары. Ма тæрс рæстæгæн йæ митæй. Хур æнæмæнг скæсдзæн та сæумæ. Хæдтæхæг нæ зæрдæты магнитæй Мæн рæхджы бон аскъæфдзæн дæумæ. ÆВЗÆР ХОРЗÆН У ЦÆЛХДУР Кæм ис сæ арæн хорз æмæ æвзæрæн, Кæм хицæн кæнынц, уыцы хахх кæм ис?! Æз бирæ хатт фæкæнын ууыл дис, Цынæхуызон фæнд зæрдæйы æвзæры. Мæн ацы фарст æнцад нæ уадзы, куры. Цæмæй йæ абон равзарон æз раст,— Æвзæрæн хорз цæмæн у йемæ баст, Цæмæн февзæры аууоиау йæ цуры. Æвзæр у хорзæн рагæй дæр цæлхдур, Æвзæр фæхæцы хорзимæ хъæбьисæй. Фæстагмæ ’рцæуы йе ’взæрдзинад мур. Йæ сæфтæй хорзæн айсæфы йæ хъыг, Дывæр цин радты адæмæн йæ ныфсæй, Йæхæдæг фесты амонды фæрдыг. 32
ТАЛЫНГ Кавд фæцух и арвæй хур чысылдæр, Не скасти фæсизæр мæй,— Сисæм хъæр: «Æллæх, дæдæй, Мæнæ сæфы талынджы нæ фылдæр!» Дуарæхгæдæй аззадыстæм цъус дæр, Кæд нæ разынд рудзынг гом, Фелгъитæм кæйдæр æргом, Цыма хур мах нал федтам æнус дæр. Æрдз цы радта — фидауы æрмæстдæр, Талынг нæй, уæд рухс нæ хатид цæст дæр. Æмæ уаид тынг æнад нæ цард. Махæн уæнт сæ дыууæ дæр æмхуызон. Рухсæн талынг уæд æдзух йæ хъузон, С’ арæныл нын судзæд арт! ГИМН ЦЫРАУÆН Мæ зарæг та, мæ хъæу, дæ номыл, Дæ хорæй хаст — мæнæн мæ бæх,— Гъей, базмæл рог Цырауы комыл Тъæбæрттæй тохы хъæрау тæх. Фæхæсс нæ фидæны фæлтæрмæ Мæ ныстуан — зæрдæйы дæгъæл. Уый авæр ме ’нхъæлцау кæстæрмæ, Кæкнод — мæ фыдæбон дзæгъæл. Мæ хъæу, дæ кадыл баст — мæ амонд, Цæрын кæд фæндыд мæн нырау, Уæддæр дæ намысы сæраппонд Фæдис ныхъхъæр кодтай, Цырау, Уæд æз дæу не суадзин ныхас дæр: Дæ айнæг фестид мын къæсæр, 2 ^Ертæхы ката# 33
Кæм мын у байсæфынæй тасдæр, Æз уырдæм аппарии мæ сæр, Цæмæй мæ цард цæра дæ царды, Дæ сабыр бонтæй худа арв, Æз уый тыххæй мæ ризгæ зарды Дæ сыгъдæг ном æфснайын арф. Мæ зарæг — сабийау æнæхин, Мæ зарды цинтæн нæй фæуæн. Мæрдтæй Сосланау дæм здæхин, Лæггад куыд кæнон æз дæуæн. Ныр та, Цырау, мæ уды ахстон, Мæнæн ам ме ’вдисæн фæлæуу. Сыгъзæрин маргъау зард æрцахстон, Цæрын мæ бон æнæуый нæу. ÆСТÆМ МАРТЪИ Тухы цин мæ удыл Хур йæ ирд кæстытæй. Æстæм мартъи худы Чызджыты цæстытæй. Уалдзыгон фыццаг мæй Байтыгъта йæ тæрттæ, Хур цгæх арвы дзагæй Ракасти, хæлæрттæ! Æз мæ азты сæрæй Фехстон дард мæ ристæ. Дæтты сонт сæр-сæрæй Æз цыдæр тых систон. Æрдз — чысыл сывæллон, Авдæнæй æрхызти. 34
Ёхх, куыд нæ йæм бæллон,-* Уды монц ныррызти! Мæргъты хъæлдзæг зиуы Хъæдмæ фари æрцыдис. Уалдзæг н’ алкæй риуы Бавæрдта цымыдис. Дымгæ та ныййарц и — Хæхты фыдуаг хъæбул. Мигътæй йын цы барц и,— Бæлæстыл ныззæбул. Уалдзæг, демæ махау Чи у амондагур?! Хус сыфтæртыл ахау, Схъарм сæ кодта дзаг хур. Æз кæнын тæхуды, Чи ма у æрыгон, Æстæм мартъи худы,— Уарзæттæн æхсызгон. * * * Мæйтæн се ’ппæт дæр нымай, Аргъ ыскæн сæ алкæмæн, Уæд сæ уарзондæр у Май Адæмæн. Уалдзæг дæр æрхуыдта Май, Æрдзæн радта фидыцад. Æмæ, зæрдæ, цинæй рай,—- Зæххыл тауæм фидыдад. Абон — хурæргом нæ дзырд, Нæр, фæйлау, нæ тырыса! 35
Йсæм къах нæ рæнхъы цырд. Махæн ис бæлвырд нысан. Æмæ, Май, нæ фарнæн худ, Хæсс фæллой, хæлардзинад. Уалдзæг у дæуæй рæсугъд. Радтыс ын дзæвгар цинад. Æмæ сабыргай нымай Афæдзæи йæ афонтæ, Уæд у се ’ппæты сæр Май,— Май æрттивы н’ амондæн! * * * Ног та мыл æрæнцайынц мæ хæстæ. Нæй, кæ уадзынц мæн æхсæв фынæй, Дзырдтæ исын зæрдæйьг бынæй, Фæлæ мæм фæкæсынц хатт æнгæстæ. Бафтауынц мæ хъизæмæрттыл, оххай!.. Нгл ф’ арьн мæлæг удау бынат. Иу ахæм дзырд ие ссарын — мæ мад, Бахиза дæ фæлмæст уд фыдохæй. Загъд, хъæлæба зæрдæ мемæ сисы, Уый, мæ мад, дæ сусæгæй фæриссы, Ракъахы мæ йе ’нæбонæй хыл. Æмæ скувын зоныгыл лæугæйæ,— Хатгай худгæ, хатгай та кæугæйæ: Ме стихты дæр аудыс мæныл. * * * Лæджы фыдæбон чи сбарид сардзинтæй,— Кæм разынид йæ кæрон, цымæ, уæд? 36
Лæгæн нæ дæтты фаг хъысмæт йæ цинтæй, Йæ зынтæй та — æппынæдзух æлгъæд. Нызгъалы зæй йæ хъизæмæртты уардæй, Нæ сæр сисын дæр иал вæййы нæ бон. Уæддæр нæ тыхсы иунæг дæр йæ цардæй, Йæ тарæхсæв дæр цардæн у æхцон. Рынчын у æви базæронд бынтондæр, Уæддæр нæ фæнды иуы дæр мæлын. Æфстау нæ дæттæм цррды иунæг бон дæр, Æнæкæрон — нæ цардмондаг бæллын. Мæлын кæд махæй иуы дæр нæ фæнды, Уæддæр хъыгмæт иын сау адзал нывæнды. УАРЗТ Куыд хорз у — уарзт нæ зæронд кæны уды! Æнусои монц. Сæ бон мæ азтæн нæу Фæсурой дард мæ мæгуыр цардæй дæу,— Дæ адджын улæфт айнæг дæр æмбуды. Æз дæр дын кувын зоныгыл лæугæйæ, Æнæ дæу, оххай, афтид уаид зæхх. Мæ былтыл сысы райсомы æртæх, Мæ фæдтыл кæрдæг аззайы кæугæйæ. Мæ дæрзæг къухтæй дидинджытæ фасын, Хæрис бæласау мæсчъьи донмæ тасын, Мæ урс дзыкку, мæ арф æицъылдты рис Дæ ныхмæ сыстæд, сæвæрæд дæм асин, Йæ хъару нæу дæ судзгæ мондаг айсын,— Æнусмæ цæр, æнусон тых кæм ис! 37
* * * Мæ зыны уысм мæ фыр тыхстæй куы дудын, Куы нал вæййы глæ сагъггстгзн фæрæз, Мæ ныфсы таг куы атоны, тæхуды, Куы зониккат, куыд фæриссын уæд æз. Æиаххосæй куы баййафын мæстытæ, Куы мæ нылхъисы дам-думтæн сæ уæз, Куы мыл фæцæуы алырдæм хъæстытæ, Куы нал вæййын мæ сæр сисынæн æз, Мæ иунæг ныфс, мæ фæстаг ныфс куы сысы, Куы фесты цард хæрамдзинады фæз, Куы бахауын зыд уылæнты хъæбысы, Цы ма кæнон, куы пал фæзонын æз, Æрцæуын уæд æххуысагур сæумæ, Мæ зæронд мад, мæ быхсон мад, дæумæ. * * * Дæу куыд уарзын рагæй дæр, нæ хъæд, Уый зæгъын дын ногæй та фæлварын. Даргъ Къуылдыммæ сфардæг и мæ фæд, Гъей, бæрзонд рагъ, æз дæ цин æмбарын. Алырдæм цымыдисæй кæсын, Сонт лæппуйау сцыбæл дæн цæрынмæ. Айсæфти мæ тынг фæллад, мæ зын, Ком йæ къух æрбадардта мæ бынмæ. Мæн ныхъхъæбыс бæлæстæи фæнды, Уæлдæф мыл йæ сой къæвда æртагъта. Хъæд, цы кæсыс тарæрфыгæй ды, Хорз куы зоньгс — цигайнаг цы загъта, 38
Къамæй мын куы бафарста ызнон, Уæд цæмæйдæр базыдта мæ катай, Мæн уыргыдта — бирæ у йæ бон, Уый дзырдта мын — азты низæй ма тай. Уæ, цигайнаг хъулонкъаба ус, Кæд быитон дæ дзырдтыл нæй æууæндæн, Зои, уæддæр ныфс асæрдтай мын цъус, Балцы мондаг радтай та мæ фæндæн. Æмæ.зилын Даргъ Къуылдымыл æз, Лм мæ соиты хъал рæстæг æрсыстон. Адпжын мын у хъæды къох, йæ фæз, Ссмæ баст — цыдæриддæр ныффыстон. Æмæ бузныг, цигайнаг, кæд мæн Ды чысылдæр бахызтай мæ мæтæй. >Уæд дæ иыхас хинæйдзсг фæлмæн,— Уый дæр хатт нæ раптысдзæн хъысмæтæй. * * * Цы хъавып кæстæртæн зæгъын — Нымбæхст мæ дæлæвзаг, мæ сæнтты... Цыма бæгъæввадæй тæхъи Æхсæрджын къудзиты æхсæнты. Æиусон сагъæсæн йæ бын Нырма нæ басгæрста нæ иу дæр. Æрбадтæн къардиуы рæбын, Ам зары дон, ам зары цъиу дæр. Ысуыдтон дзедырджын æрдуз, Йæ фале дзаладжын фæзау дæр... Тæхуды саджы ’хсыр æрдуц,— Мае фæллад хохæй у уæззаудæр. 39
Мæ азтæн сыстын нæу сæ бон, Кæй домон ам та æз æххуысæн? Цы фæци Къоригомы дон, Æви æрсабы? и мæ хуызæн? Дæ узæлд удæнцой у, хъæд, Дæ къалиу-къухтæй мæп рæвдауыс, Фæсрагъмæ ахызти мæ фæд. Ды йыл сыфтæр-дидинæг тауыс, Ам федтон алцы дæр, æрмæст Нæ федтон ме ’взонгад, æрбатар... Хъæд, бацу хорзы мыи æххæст — Мæ ацы балц дæ зæрдыл бадар. Мыййаг, куы нал ысуа мæ бон Ыссæуын ардæм, цард цыбыр у... Уæд зон, фæци мæ тых бынтон, Æндæр дæм фазыл дæр ысбырин. ХАТЫР Мæ мадæн-иу куы скодтон маст, мæн тыххæй Куы-иу фæку$>1дта сусæгæй, мæгуыр, Фæсмон-иу мын куы кылхъывта мæ хъуыр, Уæддæр хатыр дзырд пе схаудта мæ дзыхæй. Æнаххосæй йæ фæлмæст уд куы тад, Уæд-иу æз дæр мæхимидæг стыхстæн, Зыдтон — æдзух йæ алкæцы ныббыхстæн Куыд тухæн кодта м’ азарæй мæ мад. Йæ маст фæрогæн бирæ дæр нæ хъуыди, Зæгъ ын, æрмæстдæр иунæг дзырд ыи зæгъ. Æнцондæр та мæ уаЕæры цы уыди — Зæгъ æмæ цин мæ зæрдæмæ ыздæхт. 40
Мæ бон та не сси, о мæ мад, дæ разы Дæ хъæбулæн цæй хъæбæр зæрдæ разынд* ÆНКЪАРД СОНЕТ Æнкъард сонет æнцондæр фыссæн нæу, Æнкъард сокет æнкылд хъуыдытæй гуыры, Уый уды цин кæфхъуыидарау ныхъуыры, Йæ тыхсты арфы баппардзæни дæу. Æмæ сонет куы фыссай ды, гъе уæд Фæгмопыл ма схæц, ам фæсмон нæ хъæуы, Фæсмонæй арæх ног сагъæс æрцæуы, Фæлтау æй асур, фесаф ын йæ фæд. Æнкъард сонет фæлварæн у, ныббыхс ын, Æз зонын хорз — кæд истæуыл стыхсын, Мæ чысыл цин æрбайсæфы æваст, Йæ бæсты мыл йæхи кыццæвы маст. Æнкъард сонет, дæ бонæй у, дæ бонæй — Ды райгуырыс дыууæ уды тæрхонæй. ÆГЪДАУ Хорз æгъдау уыд мах фмдæ,пæм хæхты, Уазджытæн сæрмагоид дардтой уат. Дзаг кæвдæсты бастой сын сæ бæхты, Кодтой сын сæ уды хъар::æй кад. Уазæг, дам, хуыцауы уазæг, рахиз, Абон дæр ма уымæн дзурынц кæд. Уазæг ис — фыдбылызæй йæ бахиз, Уазæг ис — бæрæгбон дыи у уæд. Æмæ уагътой хъæлдзæгæй сæ фæллад — Дард фæндагыл чидæрид цыди. 41
Къулыл — гауыз, бандоныл — ысгæллад, Уат æдзухдæр псг æфснайд уыди. Уыд сыгъдæгдæр уазæгæн йæ хуыссæн, Цу-ма зæгъын чызджытæн нæ хъуыд. Уæд сæ фынг та — никуы фенд йæ хуызæн, Йе ’ртæ къахыл дзагармæй лæууыд. Сау бæгæны бур фынчытæй хъазыд, Физонæгæн сарыди йæ рус. Фынджы хистæр расидт кæд дæ разы, Уæд лæмбынæг й’ алы дзырдмæ хъус. Дæу фæхондзæн рагзаманты тармæ — Скиф, алан, сæрмæтты бæстæм дард. Нарт та, Нарт, сæ минасджын хæдзармæ,— Худти мидбыл амондимæ цард. 0 нæ домбай, кадылмард фыдæлтæ, Абон мах æхсызгон хъæуынц тынг Уе ’хсарджын дæнг зарæгæн йæ зæлтæ, Зиуы та уæ зæрдæтæн сæ зынг. Абон мах куыд хъæуы быдыр, хохы Уе ’нæхин, уæ иулзинады тых. Се стыр фарн сь н ма кыууадзæм рохы, Кæд фыдæлтау суаиккам æмдзых. * * * Поэт дæи æз, мæхииæй дын нæ дзурын, Мæнæй, мæ хур, поэты хæстæ ма дом. Хуыцауæй æз æндæр хорзæх фæкурын — Цæмæй мæ зонои алæймагæй адæм. Поэт дæн æз, нæ феппæлын — нæ хъæуы Мæн ахæм кад — мæхи уæ разы стауон. 42
Каецæйдæр удмæ зарды монц æрцæуы, Мæ бон нæ вæййы — асурон æй, фауон. Псэт нæ дæи, уæддæр хæзнаты уаргъау Хæссын цыдæр тых, йе ’хсызгон ныдзæвдæй Мæ зæрдæ стæхы дард бæллицты маргъау, Мæ уд нырризы, басудзы йæ тæвдæй. Фæзæгъын уæд: цы бавзæрстон мæ царды,— Хуыздæр дзы ниц’ и зарæг æмæ зардæй! * * * Бæлас йæ сыфтæ цæссыгтау ызгъалы, Доны фæцæуы сæ рог тъæпп æваст. Бæлас бæгъкæгæи æрныгъуылди малы, Уылæнты бынæй зырзыргæнгæ скаст. Цымæ цы зæгъы, цæуыл у йæ катай, Хъæды йæ фаг бынат нал ары, ау?! Дзурын æм: бабыхс, фыр адæргæй ма тай, Ахауд мæ дзыкку мæнæн дæр дæуау. Азгъæлди, цард та дзмккутæй нæу диссаг, Цардæн йæ мидис æндæр у, æндæр. Ма кæн рæстæгмæйы зынтæ фæдисаг, Уыцы мæт домы ныртæккæ мæн дæр. Уалдзæг дæуыл та ныссадздзæн дзыккутæ, Дон та дæ бынмæ — дæтдзæни дын цард. Оххай, мæнæн та нæ Иры лæппутæ Семæ фæхастой мæ уалдзыгон зард. * * * О цы мит ныууарыди Цырауы, Рæгътыл счынди дохтыры фæлыст. 43
Дымгæ ныр цы тæлтæг у, цы ’рра у! — Чи зоны, у хæйрæгæй æлгъыст. Уый æндæр цы смидæг и мæ роны, Мæн цы скодта ацы уысм йæ кой. Миты пырхæн къардиуæй стоны, Ме уæхскыл æй аиæпы æккой. Хъæд — парахат. Æз лæгæрдын размæ, Чи мæм кæсы, бахуды, хæрзаг. Нал бæллын æз ме ’хсæрдæсæм азмæ, У мæ рифтаг уазал бонтæй дзаг. Дымгæ, радым, бакал мыл дæ миттæ, Нæй мæ балцы раздæхæн мæнæн. Зымæг, зонын, зонын дын дæ митæ — Æз дæ хъызты амæттаг фæдæн... * * * Фæлмæн ныхас, дам, айиæджы дæр хъары, Нывæры нын нæ рыст зæрдæты цин, Фæлмæн ныхасмæ макуы у æлгъин. Фæлмæн ныхас фæлпæн фьюым ссары. Æз дæр мæхн мæ зонгæтыл фæдзæхстон, Куыд дзурой мемæ алкæддæр фæлмæн, Куыд бамбарой мæ растдзинад мæнæн, Мæ сау катай цæ*5 иæотшэнд æмбæхстон. Мæн не ’мбæрстой — сдзырдтон сæм уæндонæй, Йæ аххос та кæмæн зæгъай æваст — Фæфæлдæхдзæн, ныккалдзæн дыл йæ маст, Дæу раппардзæн йæ хьиицъгæнаг уæрдонæй. Уæддæр дзырдтон сын, æз дзырдтон æргомæй,— Кæуьмфæнды дæр абаддзæни къæм, 44
Æнаипп лæг кæд райгуырди, йе кæм,— О, ма дæттут уæ цæхджын хойраг хомæй. Нæ басасти сæ фылдæр уьз ныхасæй, Кæд арæх семæ худтæн æз фæлмæн, 0, аргæвста сæ тызмæг æнгас мæн, Мæ уд мæрдты дæр рисдзæнп сæ тасæй. Ныр та уæ курын — бамбæхсут уæ налат, Мæ ацы фæдзæхст ма фæкæнут рох, Куы уат мæ мæрдæй искæдбон фыдох, Фæлмæи сыджыт мыл белгомæй куы калат, Уæхи куы ’вдисат биноитæн кæугæйæ, Уæд иунæг хатт-иу раст ныхас зæгъут,— Цæй аххосæй тад ме ’гасæй мæ уд, Зæгьут-иу æй нæ уæлмæрдтæй цæугæйæ. * * * Кæрон, дам, хорзæн нэсй,— дзырдтой кæддæр, Кæмдæр цыдæр дæ зæрдæмæ нæ цæудзæи, Кæмдæр цыдæр тл аипын кæй хъæудзæн, Фæнда дæ, ме ’рдхорд, ма фæнда, уæддæр. Мæнæй дæр домы редактор, цæмæй Мæ цæст ма иу хатт ме ст.чхтыл æрхæссон, Йæ бацамынд бынæттæм ын æркæсон, Æнæаипп, дам, зæдты ’хсæн дæр нæй. Нæ кæнын йемæ карз ныхас, быцæу; Æз хатт æгæр дартъ ивазын мæ хъуыды, Мæн ууыл раздæр асагъæс кæй хъуыди,— У редактор ам раст, кæмдæр та нæу. Цыбыр фыстæн йæ цæрæнбои у даргъ, Цыбыр фыстæн йæ алы дзырд дæр — маргъ. 45
-к * * Нæ хъызт зымæг та сыздыхта йæ рихи, Уæрæх та зæххыл байзæрста йæ мит, Нæ комы дымгæ самадта æхситт, Нæ дон дæр та ныддæвдæг и, ньгййих и. Нæ къуыбыр байдзаг сабиты хъæр-ахгтæй, Сæ дзокыгътыл та ерысæЛ бырынц, Хæларæй не стыр сыхы цот цæрынц, Æнæхъæн фахс цæгæвæрдау æрцахстой. Æз уарзын, саби дзоныгъæй куы быры, Мæхæдæг дæр ам хъазыдтæн кæддæр, Мæ зæрдæ семæ адзæгъæл ныр дæр, Мæ бæллиц байрæзт ацы даргъ къуыбырыл. Нæ тæрсы никæд сонты дуг зæрондæй, Æндæр нæ кæсид хистæртæм бæрзондæй. * * * Поэты хæс и, чи зоны, мæныл дæр, Ныффæллайын æхсæвыгæтты æз. Цы ныффыссын — ныххахх кæнын сæ фылдæр, Рæсугъд зæгъынæн нс ссарын фæрæз. Мæ хъæугæ дзырд мæм сыздахы йæ чъылдым, Цыма йæ уæлæ гамхуд вæййы конд. Мæкæй фæлидзы, бамбæхсы фæскъуылдым, Кæм æй агурон — нал æй ф’ ахсы зонд. Æмбисмæ амад мæсыгау фæлæууы Æрдæгфыстæй мæ зарджыты хуыздæр. Æхсызгондæр цы ныхас мæ фæхъæуы, Мæ дæлæвзаг æрбайсæфы кæмдæр. ае
Мæ дзырдты ногæй сасирау фæлуарын, Сæ бынæттьи куы сбадынц мын — æххи! Æгæрон цин мæ зæрдæйыл ныууары, Уæддæр поэт æз не схонын мæхи. * * * Æз фыр мæстæй суадонау нæ сысын, Маст мæ ис, мæ бон æй у зæгъын. Уый ньиууагътон — рагæй дæр кæй мысын, Разæй айтынг митвæндаг, тæхын. Мæн мæ саулох дзоныгъы скъæфы, Хос — мæ быны, уазал у уæддæр. Бæхы хуыррытт... нал æй уынын, сæфы Хъæугæрон мæ хъарм хæдзар кæмдæр. Мигъ ныббадти тарæрфыгæй хъæдыл, Адæймагæн йе ’мбæлццон у маст. Æз тæргай дæн, у уæддæр мæ фæдыл Ацы минут не ’фсинæн йæ каст. Æз мæ хивæнд абон мемæ хонын, Уадз кæнон мæ рæдыдтыл фæсмон, Тæх, мæ куыдз, ды дæр, æз де ’ууæнк зонын, Тæх, æндæр мын ницы у дæ бон. Уæ, тæхуды сау нымæты базыр Мæн куы сисид æврæгътæй уæлдæр. Ферох и, фæстагдæр.хатт ма базыл Демæ æз кæд æруагътои мæ сæр. 0, бын бауа, чи нæ ’фтауы мæты. Чи нæ тæры дам-думты былæй. Дымгæ, уадз мæ, уадз мæ хъарм нымæты. Æз нæхицæй рацыдтæн хылæй. 47
,Æмæ лидзын, нал мæ ’ндавы а хъызт, Нал æвзарын фæндаг дæр дзæбæх. Лндзын æз тæрган кæхицæн, бахызт Афтæмæй нæ кулдуарыл мæ бæх. АРÆН Сыгъдæг у Ногбонæхсæв хъæд, Мигъ тæрфы а’бырыд йæ фазыл. Нæ комы бафардæг мæ фæд Бæзæрхыг бæлæсты дæлбазыр. Ныссабыр. Зæрдæ у фæлмæн, Нæ зæгъын хъæдæн æз: къуытты дæ. Ысхойынц ацы сахат мæн Æхсызгон Ногбоныл хъуыдытæ. Гæзæмæ ’рбаталынг и арв, Мæй зулмæ саст цæфхадау бахуыд. Фæцæуын. Мит ныууарыд арф,— Мæ риуы ме ’хцои бæллиц сагъуыд: Куы уаид, гъæй джиди, гæнæн, Куыд кæса алы бон дæр дзаг хур. Куы уаид ахæм бар мæнæн — Хуыцауæй иунæг хорзæх ракур. Æрдомин фидарæй уæд æз, ’Æркурин арфæйы лæварæн, Цæмæй ссарæм мах фæрæз, Куыд нал уа зæрдæты ’хсæн арæн. * * * Цы ма мын бантыса — мæхи Йæ уындæй нал æфсадын хъæдæн. 48
Куы суынын Къоригом — æххй, Ыскувын, мæнæ цыма зæдæн. У аив бæлæстæн сæ каст, Æвналынц мæм ныллæг сæ дыстæй. Нæ хæссы бирæ ам мæ маст, Ам ма тæрс хæйрæджы æлгъыстæй. Бæласы зæнгыл ссырх мæ рус, Мæ цæнгтæ йыл æртыхсынц цадæг. Тæхуды мин азы йæм хъус, Тæхуды рсйхал ын йæ кадæг. Ысхызтæн рагъы сæрмæ, ком Мæ бынмæ дон цыма фæрсудзы. Æз ам сæрæндæр дæн æргом, Кæддæрау зæрдæйы монц судзы. Егъау у фатхъæдджын Къуылдым, Цæст не ’ххæссы йæ уæрæх комыл. Рæудымгæ, ме ’рдæм ма ысдым, Дæхи æрсæрф мæ хид цæсгомыл. Æз дарддæр ардыгæй цæуын, Мæ хъæд, хъысмæтау мыл ныхæст дæ, Салам дæ бæлæстæн, æз уын Æрхастон арфæйы ныхæстæ... * * * Куы та дзурон мæ ивгъуыдыл, мыййаг, Мæ фæллад уд та ме ’взонгад куы мыса, Куыд мысы хохаг уыгæрдæнтæ саг, Куыд фæнды саджы — комы дон нæ сыса. Кæддæры чызг, æрцæуыс мæм зæдау, Дæ сæрыл иунæг урс хал дæр нæ зыны. 48
Дæу чи уарзта нæ лæппутæй мæнау, Æдзух уыдтон дæ рæсуг&ц хуыз мæ фыны. Ды та бынтон æндæр кæдæмдæр, дард, Чындзы фæцыдтæ — æз фæдæн фыдæнхъæл. Цæмæн у цымæ афтæ сайаг цард, Цæмæн у цымæ сабидуг фæлмæнзæл?! Мæ зæрдæ та кæддæрау рисдзæн ног, Кæддæры цин та сабухдзæн мæ риуы. Æрдымдта уазал хæхты ’рдыгæй рог, Нæ зæронд цары хивæнд дымгæ ниуы. * * * Æнæмæт бонмæ рагæй бæллын æз, Кæдæй йæм цæуын — бафæлладтæн, оххай. Нæ йын ыссардтон ме ’взонгæй фæрæз, Ныр дæр хæтын йæ агурæг фыдохæй. Сæрдасæндзæф куы фæкодтон мæ рус, Куы акастæн мæ алыварс бæстондæр, Уæд райдыдта тыхæвзарæн æнус, Æнæмæт бон мæ ферох и бынтондæр. Мæ фæндаг уды сагъæстау ныддаргъ, Уæддæр мæ рыст æз иуæн дæр нæ хъарын. Нæ фæкъаддæр зæрондæй дæр мæ уаргъ, Фæкъаддæр уый хыгъд уæнгты тых, сæ хъару. Уый цард у, цард, нæ йæм кæнын æз хыл, Цæрынæй зындæр дунейыл нæй,— ницы. Уæлдайдæр ды куы сфæнд кæнай зæххыл Лæгæй фæцæрын, сагъæс уæд æмхиц у. 50
МАРТЪИЙЫ МИТ Мартъийы хур бонрæфты ныккаст, Къанауы дон акалди йæ былтæй, Афтæ ног ныккалдта мит æваст, Зилдухгæнгæ фемæхсти тъыфылтæй. Æмæ йæм ныхъхъæр кодтон: «Æрлæуу. Ам ис д’ адзал, банцай, зæхмæ ма хау!» Уый мæм дзуры: «Бамбæрстон æз дæу, Уадз, кæд мæры ахъарин æртахау. Зонын, уалæ ис мæ цæрæн уым, Мигъты фæстæ, фæлæ дын зæгъон æй: Тагъд зæхкусæг таудзæни йæ хуым, Ног æвзар кæд байрæзид мæ донæй. Æз куы радтон зайæгойтæн цард, Уæд цы у, зæгъ-ма мын æй, мæ мæлæт?! Уадз мæ фæстæ баззайæд мæ зард, Быдыр ног цъæх-цъæхидæй змæлæд». Æмæ хауынц миттъыфылтæ, кæс, Афтæмæй та се ’ппæт дæр æмбарынц: С’ адзалæй кæй фиддзысты сæ хæс, Уый сæраппонд мæры арфмæ хъарынц. Хорз у, цардæн чм нывæнды зард, Ног æвзар кæй фæрцы схуды хуымæй. Адæмæн кæй мæлæт хæссы цард, Нæй, æвæдза, амондджындæр уымæй. * * * Зæгъ мын, дæ маст кæд нал цæуы дæ риуы, Дæ бон йæ хæссын нал у кæд дæуæн, 51
Дæ мидсагъæстæн нал и кæд фæуæи. Дæ уаргъы бын кæд де стыр хъару чиуы. Фæдзур мæм уæд, кæд дын зын у æнæ мæн, Чысыл дæ цæстæй ацамон мæнæн. Зындоны цад куы аныхъуыра мæн, Æз дæм уæддæр фæзындзынæн æнæмæнг. Фæзындзынæн фæзындзынæн дæм, зон æй, Мæ адзал уæд мæ фæндагыл, æз æй Кæйдæртау, зон, нæ бардзынæн уæзæй, Фæцæудзынæн дæм аргъауы хæстонау. Цæмæн мæ уарзтыл баууæндай, чызгай,— Дæу йеддæмæ дз’ кæй никæмæн и хай. ЗÆРОНД ЦÆРГЖС Кæм и дæ цæстыты цæхæр, Дæ фидар базырты нырриуыгъд?! Бæрзоид цъæх арвы уæрæх риуыл, Куы зылдтæ з:юи дæр ма цæхгæр?! Дæхи ысцæгъдыс, фæлæ нæй, Дæ коммæ нал кæсы дæ хъару, Дæ мæт, зæронд цæргæс, дзæвгар у, Дæ сагъæс не ’мбæхсыс мæнæй. Ныууадз, дæ хорзæхæй, дæ катай, Дæ фæллад базырты бын ма тай, Дæ цард дæхицæн макæ V ад. Сæрыстыр у, цъæх арвы милы Бæрзонд цы лæппын цæргæс зилы,— Кæй у дæ фырт, ды та йæ мад. 52
МÆ ДЗУАПП КÆМÆНДÆРТЫ Нæ мондæгтæн царды кæд вæййы фæуæн, Кæрæдзийы ивынц, фæуынæй нæ тæрсынц. «Цы баззади, Виктор, Ваиойæ дæуæн?» Мæн чидæртæ афтæ фæдомынц, фæфæрсынц. Дзырдта нын сæрыстырæЗ ьухатт Есгар: < Мæ зонут мæ сау «Волгæ», диссаджьи уад:ур. Мæ фыдæй мын баззад æхцатæ дзæвгар»,— Йæхæдæг фыр худæгæй бакъæцæл, басур, Дзырдта мын Хъазыбег дæр дысон хъæрæй: «Мæ галуаны цъупмæ дур никуыма схаудта. Нæ федтат, куыд цæрын нырма дæр, сæрæй!» Фæмæ:ты Спмсна, йæ рихитæ ’рдаудта, Фæзылди мæнырдæм, фæныкъуылдта цæст. Ды та, дам, цы зæгъыс, мæ лымæн, дæ фыдæй?! «Уæ алчи дæр амондыл,— загътон,— фæхæст, Йæхирдыгон амондыл буцæй, æвыдæй. Мæнæн та цы баззад мæ фыдæй, фæрсут? Цæй охыл нæ кæнын уæ цардмæ тæхуды? Мæ хæзна а^дæр у, кæсут-ыа, кæсут,— Мæ къухты тæппæлтæй мæм цардамонд худы. Мæ хæзна фæллой у, æнæхин фæллой, Мæ фыд мын ныффæдзæхста ардхæрдау карзæй: Уадз бонджынæй, хъалæй хæлæгæй мæлой, Дæумæ, зæхх — нæ дарæг, дæхи удау уарз æй!: * * * Æппæт дæр раздæрау у ам: Уæ сусхъæд бæлас ~~ зайы рагæй^ 53
Уæ къулыл ауыдтон дæ къам,— Æддæмæ касти гом фæрссагæй. Кæддæрау мæм æцæг нæ худт, Нæ кодта расыгау, нæ сыгъта... Мæнæн æндæр цыдæр мæ уд Дæ уаты рудзынгау ныттыгьта. Цы уыд, цы мыл æрцыд уæддæр, Кæд тарсти ахæмтæй мæ зæрдæ?— Дæ гыццыл къæбæдайы хъæр Кæдæмдæр атахти мæ сæрты. ХÆРАМДЗИНАД Хæрамдзинад нæма фесæфт бынтон, Йæ низ тæфсæгау зæрдæты æхсыны, Нæ рæсугъд цардæй саразы зындон, Нæхимæ та йæ гамхудæй нæ зыны. Æвзæр куыдзау фæлæбуры æваст, Ысчъилы норттæм бавналы дæндагæй. Хæлсфæй тауы адæмыл йæ маст, Нæ комы иуварс йс ’намонд фæндагæй. Мæнæн фæцъæх и й’ азарæй мæ зæрдæ, Йæ ныхмæ карз тох расидтæн, уæууæй, Фæзæгъын ын: ды раджыиы æвзæр дæ, Уæд та куы ’рцæуис дæлимонтæн уæй, Кæд фервæзиккой фидæны фæлтæртæ, Ныммæлинаг, хæрамдзинад, дæуæй. * * * Мæй — мæ уазæг, сауыидзæг и уаты, Скодта иъолыл рудзгуытæй цывдæ. ц
Зæрдæ æрдзы сусæг катай хаты, Æз фæлдахын ме ’рдæгфыст сыфтæ. Адзæгъæл та гæххæттыл мæ хъуыды, Судзгæ фæндты амæттаг фæдæн. Ехх, уæддæр цы хæзна мæ фæхъуыди — Мигъы бауад ме ’взонгад мæнæн. Домын æз уæддæр мæ удæй зарын. Иухаттау дæ номыл та фыссын. Ногæй æз лæппуйы монц æвзарын. Ме знон фестад ме ’иувыд фысым. Уый дæ уарзт у, судзы мæн йæ артæй. Байдзаг кодта мысинæгтæй риу. Уый дæ уарзт мæ зæрдæ къахы сартæй, Йе стыр цин мæ сагъæстимæ сиу. У дæ уарзт цырвау мæнæн мæ зардæн, Ма мыл бахуд, дзурыи кæд æгæр. Азтæй кæд мæ сонты бонтæм дард дæн,— У мæ зарæг уарыны гæр-гæр. Фестадис мын тохы быдыр гæххæтт, Ручкæ цирхъау уромын зынæй. Дзырдтæ мыл ныззæй кæиынц, ныссæххæтт. Уд фæхъæрзы рæнхъыты бынæй. Æмæ ды, куы мын райсай мæ зарæг, Сусæгæй куы та кæсай мæ фыст, Уæд æмбар, кæй у мæ хæххон барæг, У мæнæй хатыр курæг æрвыст. ПОЭТÆН НÆЙ ФÆЗМÆН Æнæ хъузонæй дугъонæн у зын, Лæдзæг дæр, дам, у хорз æмбал фæндагыл, 55
Нæу кад поэтæн искæйты фæзмын, Фæлтау ныууэдз дæхи æрмдзæф йæ уагыл. Æз дæи пост. Поотæп иæл фæзмæн, Поэты балц у ра! г,ырьшгу хицæн. Куьд зын мын у, йæ мæт æргæвды мæн, Бынат фылдæр хатт нал ф’ арын мæхицæн. Кыдздзæгъæл вæййын дард фæндагыл æз, Мæи искæй фæсарц бадын дæр æрфæнды. Тыххæй ныббыхсын, ф’ агурын фæрæз. Мæ бæх фæлладæй кæд бæрзонд ссæнды, Кæд агæпп кæны тымыгъты æхсæнтьг, Уæд фенын ам мæ бæллицты цъæх фæз. ЗЫМÆГОН ХЪÆДЫ Арв ныллæг æртасыд. Хъæд уырдыг лæууы. Уыг кæмдæр ныууасы,— Йе стонгыл кæуы. Батыхта йæ фист сæр Урс фысдзармы бæрз. Кæцы сæ у хистæр — Тæгæ;> æви кæрз?! Дзылы цъиу сцоппай: Гæпп æмæ та — гæпп. Сæгуыт рагъы гоппæй Алвæста йæ сæпп. Сусхъæдæн рындз-цъуппæй Коммæ у йæ каст. 56
Хъæдхойы къуппкъуппссй Айсæфти мæ маст. Афтæ зыны: хъæды Нæй цæрæг æндæр, Лр; йæ арф лæгæты Бафсна&дта йæ сæр. Рувас дæр нымбæхсти, Цуан афон ын нæу. Артвæд. Цалдæр уæхсты, Фалдæр ма фæлæуу: Фен, куы ахызт коммæ Цуанæттæн сæ фæд. Ам сæ дысон-бонмæ Суазæг кодта хъæд. Уьгй æдзух рæдауæй Сырдтæн у фысым, Гъей-джиди, æгъдауæй Базон ыл фыссын. Раодис ам, кæй уыиы Миты бын дæр хъæд Рухс уалдзæг йæ фыны — Уарзæтты зынг-мæг. Раьди: ап, кæй дары Уый æмбæхст кæмдæр, Гауызау—цгæх дари, Суадæтты сæрсæр. Арп — дæлгоммæ арыкг, Байзæрсти йыл зынг, КомрæСын æрталынг,— Бон сцыбыр тынг. 57
ФЫЦЦАГ ПОЭТ Æрцу нæм, уалдзæг! — чи загъта фыццаг хатт, Æнæмæнг уый æвзыгъд лæг уыд, домбай. Кæй зæрдæ айста мæргъты зард парахат, Кæй цæстыл уади дидинæгджын май. Фыццаг дидииæг цымæ чи æртыдта, Кæмæн æй радта сусæгæй — лæвар?! Кæй тыд гагайы фæлмæн билцъ стыдта, Рæсугъд быдыр, дæ похцигонд уæлцъар?! Нæ зонын æз, фыццагдæр чи фæсидти, Цæмæй нынпæра уалдзæджы тæмæн. Кæй рывд æвзар цъæх уарыны æхситты Ныххудти арвмæ сабийау фæлмæн. Нæ зонын æз, фыццагдæр чи ныссагъта Йæ белæй къахт уымæл зæххы бæлас. Кæй уарзаг зæрдæ пиллон арт суагъта, Кæй былтæй сирвæзт! «Уалдзæг, цу æгас». Нæ зонын æз, фыццаг поэт кæд царди, Кæм уыд йæ бадæн — быдыр æви хъæд?! Æрмæстдæр зонын — æрдз куы радта уарди, Кæй райгуырди фыццаг поэт дæр уæд. ЧИ СÆ У МÆГУЫРДÆР? (Сæ;:æдæг æй æмбардзысты) Сайын ауагъта цъæхсæртæ... Базаргæнджыты æхсæн Чи фæуæй кæны æхсæртæ, Чи бæгæны, чи та сæн. 58
Чи кæрдæйнаг, чи къафетт&, Чи пырындз, къæдор, нæлхæ. Ахæм диссаг лæг нæ федта — Бацу равзар æмæ ’лхæ. Кæд нæ ралæвæрдта суари, Йе та абази, фылдæр... Кæд дæ хид нæ тæдзы — уары, Ма сдзур, ма сын зæгъ æвзæр. ^æУУ> куыд диссаг у сæ архайд Ацы дуканигæстæн: Цалдæр капеччьг æрбасайд Иунæг абарстæн Гæстæн. Уый сæм рамæсты, фæсырх и, Ыицы сфæрæзта зæгъын. Сагъæс цæсгомыл фæпырх и, Сайдæн тынг зын у быхсын. Мæнæ зæронд ус æлхæны Цалдæр килойы сæкæр. Дуканигæс та бæгæны Нуазы, сдзуры йæм цыдæр. Змæлынц нымайæн къæбæлтæ — Иуы фæстæ иннæ — къупп. Зæронд ус фæсайд хъæбæртæ, Цæст æрцъынд и, былтæ — цъупп. Уæртæ иннæ ран кæсæгтæ, Балхæн, ног ахст, дам, сты. Рады балæууыдтæн. Лæгтæ ’Лхæнынц — се’ ппæтдæр мæсты. Уæйгæнæг нымайы — диссаг: Сайд — йæ уæзæй, сайд — дзыппæй. 59
Ма, дам, зæгъ дæ уды риссаг — Кæд фæливынц дæу рыппæй! — Пей, цы ми кæнут? — мæ дзыхæн Сирвæзт ме ’ртхъирæн ныхас. Æз сдзырдтон уым хъæддыхæй,— Ау, куыд нгл сæм хъары тас! Уый ыгхауа, цы, мæ дзыхæй, Худгæ фездæхти мæм гæс: — Дзурыс кæд капеччы тыххæй, Ратдзынæн дын, иу сом æз. Загътон: бамбарут, цы дзурын,— Сайд дæлимоны хæрд у. Сомтæй байдзаг и дæ дурын, Уый дæ цæгты у æрду. Фæлæ банымай-ма, цалы Афæливыс бон мæнау. Искæй дзыпмæ чи æвналы, Ма ныббарæд ын хуыцау. Фездæхт дуканигæс, дзуры Худгæ раздæрау, фæлмæн: Ныр кæдæй лæууыс мæ цуры, Уæд куыд нæ бамбæрстай мæн: Æз дæ капеккæй нæ цæрын, Зонынц иууылдæр ам мæн, Мæн цæмæн хъæуы æфхæрын,— Уайдзæфтæ кæнын мæнæн... Кæд дæ капекмæ æрхаудтон, Уæд цы у мæ цард мæнæн?! Уæд уæйгæнджыты ’хсæн цауд дæн, Уæд æз нал бæззын лæгæн. 60
’Мастæй ахгæ/*та мæ хъуыр дæр,—' Уый цытæ кæнут, цытæ? Чи у не ’ппæты мæгуырдæр? — •Уый ды дæ, ды дæ, ды дæ! САГЪÆС Чидæр мæм фæхабар кодта мæ куыстмæ, тыхстдæр, дам, у дæ мад... Мæ зæронд мад, мæ рынчын мад, цы фæдæ, Кæм и дæ хос, кæм æй агурон æз?! Дыккаг низ у, кæй дын зайын æзæдæй, Кæй не скодтон æз бннонтæн фæрæз. Дæу та, мæ бон, куыд рагæй фæнды, оххай, Цæмæй дын айса де стыр уаргъ дæ чындз. Мæнæй та аззад де ’рвон бæллиц рохæй, Мæнæн ысси æнæахизгæ рындз. Ныр дæм тæхын, мæ фыр тыхстæй ыскувын; Цæмæй дын ме ’рцыд асура дæ рис. Цæмæй дæ уидаг ма скома рæдувын Æмæ фæуа дæ дудгæ низ æмбис. Ды та ныр дæр сывæллонау фæтухыс Дæ ихсыд къухты адджын хъармы мæн. Мæ мад, мæ мад, уæзгæйæ дыи цы къух ис,— Дæ дæрзæг къухау ницы ис фæлмæн! ИНДИРÆ ГАНДИЙЫ МЫСЫНÆН Не знæгты къухæй æрцыди та фыд: Гандийы амардтой сусæг — гадзрахатæй. Индийы арвæй цы> ирд стъалы рахаудта,, Индийы зæххыл цы бæллæх æрцьгд? 61
Индийаг, фен-ма, кæддæра уæм ,ис Амæй кæуинагдæр уе ’гæрон зианты ’хсæн? Ничи уромы йæ зæрдæйы рис, Ничи фæразы — уæ хъыгыл уын ма тыхса. Чи дын фæдавта дæ хæзна — фæрдыг, Инди, дæ сæрмæ дзыназы дыл афтид арв. Чи федта æмæ дæ адæмы хъыг Адæмы зæрдæтæм бавнала афтæ арф! Ку йыл, ирон чызг, дæ дзыккутæ тон, Махæн Индирæ нæхи чызг, нæ хо уыди. Хъахъхъæдта сабырад — бархи хæстон, Йе знæгты ныхмæ йæ фыдау æргом цыди. Ку йыл, мæ зæронд мад, ку йыл ды дæр, Уый дæр дæу хуызæн фæцарди ныййарæгæй. Уарзта йæ цоты йæхицæй фылдæр, Æмæ ныр ризы сæ фыдьизæхх хъарæгæй. Сабыр, фыдгæнджытæ, ма сисут цин, Ацы бæллæхæй уæ хъысмæт фæкарздæр и, Ма зæгъут, Гандийы рухс цард фæци, Афтæ уый арвы бын й’ адзал фæраздæр и. Сабыр, фыдгæнджытæ, уе сæфт нæу дард, Адæмы стыр маст уæ басудздзæн бирæйы. Махæн та иу у нæ нысан, нæ цард — Мысдзыстæм дзуарау зæххон ус Индирæйы. АНОНИМКÆТÆ ФЫССÆГ (фельетои) Æвæццæгæн, зæххыл тæригъæд ис, Æндæр мæ ныр цæмæн æргæвды катай. 62
Цæмæн æнхъæвзы ивгъуыд бонты рис Дзæнгæрджытау мæ фидарæхгæд уатæй. Уыдис мæнæн дыууæ номы, сæ иу — Хабос, мæн афтæ райгуырынæй хоиыиц. Æппæтыл нæу мæ иннæ ном хæлиу, Æрмæстдæр æй уæ иуæй-иутæ зонынц. Фыстон фыццаг мæ лымæнтыл мæстæй,-— Мæн чи зыдта йæ хæстæгдæр хæларæй. Æз бирæ цæссыг рауагътон рæстæй, Æнæном фыст, кæй фыст у? Мара ссар æй. Кæннод фæстæдæр институты та? Нæ курсы нæм фæзминагдæртæ чи уыд, Мæ пъеро сыл гадзрахатæй фыста, Нæ зыдтон, уым кæй æвдылди мæхи уд. Диплом куы райстон — ам дæр та мæ фыст Йæ маргæвзагæй ректоры нылвæста: Кæдæм мæ фæндыд, уырдæм æз æрвыст Æрцыдтæи бирæ дам-думтæн сæ фæстæ. Æз ме ’мкусджытæн алы бон зылдтæн Æргом-сусæгæй аууонау сæ фæдыл. Сæ хидвæллойæ сойбыл кæд уыдтæн, Уæддæр æз уый нæ нымадтон æгъгъæдыл. Мæ мин ныхасæй разынæд иу раст, Æндæр цъыкк-додой, карз ревизи домдтон. Мæ нысан — хъуамæ саразон сын маст. Мæ фыст сæдæгай экземпляртæ кодтон. Æрвитгæ, гъæйдæ, алырдæм, фæдис, Нæ совхоз бабын, афтæмæй мæхæдæг Æз хайджын — хорзæй къæбицы цы ис, Кæд мæм дзы не ’рхауд — хордта мæн æрхæндæг. 63
Мæ балцы кæрон разыид ныр мæнæн, Мæ кадавар тых нал кæсы мæ коммæ. Мæ сынты уæлхъус алыййаг фæдæн, Сывæллонау цыбæл кæнын мæ номмæ. Мæ цотæн дæр мæ рынчыны рæстæг Мæ дыккаг ном сæ дæлæвзаг ныббасти. Мæ тыхсты уысм куы ’рбалæууынц хæстæг — Цыдæр дызæрдыг бамбæхсынц сæ касты. Сæ мадзура мæ аргæвста бынтон, Лæууынц мæ цуры, хатын æй, æфсæрмæй. Цы уадзын? Анонимкæты тыхтон,— Æндæргтау зилгæ февзæрынц мæ сæрмæ. Сындæг мæм дзурынц: «Ист,ы ма зæгъыс, Æниу цы зæгъыс, атардтай дæхи фæнд...» Бæлвырд у ныр: зæххыл тæригъæд ис,— Рæстаг удты æнæхатыр тæригъæд. * * * Цы у лæджы цард? — Æз мæхи фæфæрсьы: Æиусон тох, æнæсихсигæ мæт. Тæрсаг нæ дæн — мæ мæлæтæй нæ тæрсын,— Мæлæты кой кæны кæмдæр хъысмæт. Фæтахт кæдæмдæр ме ’взонгады райсом, Уыи аныхъуырдта хæсть* карз рæстæг. Нæ зоньш æз, хуыздæр боиæн цы райсон,— Лæууынц мæ удмæ се ’ппæтдæр хæстæг. Лæгъз дзаума кæд нæ батыдтон, мæн хъазтмæ Нæ равдæлди — фæкафон æз мæ фаг. Зын у, лæппуйæн йе ’рдхæрæны азты Иæ къухтæ — баст, йæ зæрдæ та — тæлфаг. 64
Зын у, лæппуйы уæхсчытыл куы ’нцайа Йæ рынчын мад, йæ сидзæр уды рис. Куы сæтта йе стонг битъынайы цайæ, Куы уа йæ рабадт йе ’ххормаг фæдис. Мæ цард фæцæуы, бонты тар йæ кæрон Кæмдæр нымбæхста, зонæн та йын нæй. Æз та зæгъын: дыккаг æнус куы цæрон, Уæддæр мæ удæн цардæй бафсис нæй. УАЛДЗЫГОН ХЪУЫДЫТÆ Гъей чызджытæ, тагъддæр уынгмæ уайут, Мауал бадæд иунæг дæр йæ уаты. Уынджы змæлы уалдзæджы домбай уд, Адæймагау цин дæр, маст дæр хаты. Байтындзут уæ дзæнгæрæг хъæлæстæй Не стыр уынг, хъæуккаг чындзы фæрссæгтау. Уе ’рдаг риутæ къабаты æлвæстæй Улæфой уадз донæй сист кæсæгтау. Хъæдрæбынтæм азгъорут тъæбæрттæй — Æрдз йæхи нывгæнæгæй æвдисы. Арв — бæрзонд, йæ сыгъзæрин уæдæрттæй Хуры тынтæ йе ’лхуыйыл æлвисы. Арвитут фæйнæрдæм къахвæндæгтыл Уыгæрдæнмæ уе ’хсæрдæсгай азтæ. Байтаут уæ тарст бæллицтæ тæгтыл, Саразут цъæх-тау кæрдæгæй базтæ. Тайæд уадз уæ хуылыдз былтыл зарæг. Уый уæм уарзты судзгæ.монц æрхуыдта. Цæй, кæм и фыццаг амонд ыссарæг, Тагъд ын арфæ ракæнут уæхуыдтæг. Æртæхы катай 65
Макæй фæндæд ам ныхасæй клрз он, , Иунæг дæр нæ баззайдзæии ргмæй Фезмæлут, нырма кæмæн иæй уарэон, Чи нæма сыгъд пиллон арты, оххай. Гъей чызджыгæ, уынгмæ згъору тагъцчæр, <.Æз нæ уарзын» чи зæгъа,— æрра у. Уарзтæй, зон, кæуыл æрхауд æртах дæр, Й’ амонд уый ссардзаии Цырауы. КАТАЙ Мæ цардæй разы дæн, уæддæр... Цыдæр мæ ферох и, цыдæр та Æз иуварс баппæрстои кæмдæр, Цыма сæрдыгон хус сыфтæртæ. Æрцыд мæм ныр, мæ мад, фæсмон, Сæттын — дæ зæрдæхудт кæй истон. Мæхи кæд мин хатты фæрсон, Уæддæр мæм нал л хос рге низтæн. Сæттын ыл, аипп дæр мæм ис, Дæ разы, о мæ мад, уæлдайдæр. Нæй цардæй иуæн дæр æфсис, Куы^цæрай халоны æмбай дæр. Мæ мад, ныббар мын æй, кæй ис Дæ халас дадалиты м’ аххос. Дæ фæллад цæстыты фæдис Фæсурын у, бæгуыдæр, мах хæс. ,Мæ катай нал æмбæхсын, нал: Фæтæрсын байрæджыйæ, оххай, Дæу мын куы атона адзал, Уæд ма куыд цæрдзынæн фыдохæй?! 66
У мадæн сабыр дзырд гæнах, Кæмдæрид — цины æви тасы. Уæд мах куыд æлгъин вæййæм, мах, Нæ мадæн иу фæлмæн ныкасыл. Куыд тынг фæхъæуы, уый, куыд тынг, Нæ рæвдыд цæстæнгас, нæ бахудт. Куы нын æрдавы худгæ фынг, Уæд мах цæмæн ныккæнæм гам худ?! Цæуылнæ фæзæгъæм æргом — Нæхицæн мин хатты цы дзырдта. Цæмæн у мады зæрдæ гом, Цы ’мбæхсы мадæй уæд йæ фырт та?! О, чи у мады раз фæлмæн — Æз кувын зонгуытыл лæугæйæ. Нæ хъæуы ахæм цæссыг мæн, Кæй уд нæ фæрисса кæугæйæ. Дæ фæрцы мæн хъысмæт уыдта, Æз цардтæн — цард та у фæтæн фурд. 0, аргъæв иунæг аз уæд та, Мæ мад, дæ адзалы фæлæбурд... ДЖЕК ЛОНДОН ДЗУРЫ Любая жалоба несет в себе дол<о слабости. Д ж. Л о п д о н Цæй, хæрзбон ут: уарзон Сан-Франциско, Калифорни — адджын зæххы хай. Ехх, куы кæны зæрдæ риуы рисгæ, Раст уæ цыма лидзын æз тæргай. 67
Курын æз, зæгъут-ма мын фæндараст, Ам фæстаг хатт, чи зоны, лæууын. Змæлы) денджыз, нау — кæфхъуындар — араст, Дард Цæгатмæ цардагур цæуын, Уым, æз зонын, рагацау æмбарын, Ноджы карздæр домдзæн мæн хъысмæт. Уым дæвдæг æрдз иуæн дæр нæ бары, Уым нæ кæндзæн иунæг дæр мæ мæт. Уым — мæ фæндаг: цу, дæ хъару равдис, Уым — мæ амонд: тухæнтæн фæраз. Уым лæгæн гæдыйау удтæ авд ис, Уым — мæлæт æнæхиндæр фæрæз. Уым у æрдз æгæр тызмæг, зындзæрин, Нæй уæддæр æдзæугæ, схауд мæ хал. Зонын, уым лæвар кæй нæй сыгъзæрин, Фæлæ уым ссарæн ис æмбал. Æмæ æз нæ хъаст кæнын хъысмæтæй, У лæджы цард — денджызы бæлæгъ. Æмæ уым куы бастъæлай фыр мæтæй, Ма разын уæддæр зынтæн лæмæгъ. Ма разын — æсæрдтон ныфс мæхицæн, Афтæмæй цæй бæрц бабын рæстæй. Эхх, уæддæр куыд зын вæййы фæхицæн, Сонты авдæн — Райгуырæн бæстæй. * * * Денджыз, денджыз, у дæ уылæп хисæнд, У дæ риуыгъд хъамайы фæныхст. Ды нæ зоныс, циу лæгæн тæригъæд, Не ’мбарыс кæ хъизæмар, йæ тыхст. ,68
Фæлæ скъæфыс, нау, дæ ризгæ оарцыл Уарзон зæххæй мит хъæпæнтæм дард. Сисыс æй дæ уылæнты зыд арцыл. Ам фæтæрсид амæлынæй мард, Абух, денджыз, уарзын æз уæддæр дæ, Ниу, дзыназ, æрмæст нæ размæ хæсс, Хатт рæвдауы саст бæллиц дæр зæрдæ, Фæлæ ссæу-ы дæндæгты къæс-къæс; О, мæнæйуый, сайæн ныхас ма скæ, Фæлæ цымæ цас хтæуы лæджы. Кæнæ дын цы ратдзæни Аляскæ, Денджызæй куы рахизай рæхджы, Донбакæлæн Нортон ис нæ фæстæ, Горæт Джупо нал зыны дзæбæх. Райгуырæн зæхх, адджын у дæ хъæстæ, Чæй гæнæн — æндæр фæстæмæ тæх. Цас æддæдæр ивæзы мæ фæндаг, Уый бæрц дæм æввахсдæр кæнын æз. Уæд æлгъыстаг уыцы лæг, кæй фæнды Дзæнæтыл дæр баивын йæ къæс. Дæн цыма мæ мидфынæйы, афтæ Хойы риу цыдæр тых æмæ тагъд О Чикаго, де стыр уынгтæм афтыд Хивæнд зæрдæ. Цæстысыг æртагъд. Цыма та фæцæуын æз фæсизæр, Зонгæты æнæхин худт нæры. Цыма нал и а дунейыл сидзæр. Цыма алчи ’фсымæрау цæры. Фæлæ, оххай, уады марой, йе ’хситт- Атыдтой мæ рухс. (>æллицты таг. 69
Цасдæриддæр монцы цинты фехсид. Цардьг уæз дын аивдзæн дæ уаг. Хатын, хур дæр дардмæ лидзын систа, Бамынæг йæ тынты хъарм, ныттар. Уæртæ, Юкон, ’гас кæсаджы систау Сæрттывта йæ цъенга их — уæлцъар. Байриат, байриат, о æнусон ихтæ, Чи зоны, цы фарн уæ ис æмбæхст. Чи зоны, æнæуд салд кæрдихтæ, Ам æфхæрд лæг й’ амондыл фæхæст... НÆ УЫРНЫ МÆН (Иссæйы ном мысыпæн) Амарди, дам... Мæн нæ уырны, ма кæ, Зæххы фарн, фæмæнг æй кæн, фæмæнг. Уый хъару кæд басаста атакæ, Хæтæнты кæд фæтасыд йæ зæнг? Зæрдæ, сабыр, цавæр цæф у? Уары Абонсарæй. Æрдзæн дæр у зын. Фæлæ ма зæгъ: рахаудта нæ уари. Нал фæразы йе ’фсургъыл тæхын. Ма дзур афтæ: мæн уæддæр нæ уырны. Зонын æз, нæ уырны уый дæу дæр. Сахъ барæджы даргъ фæндаг фæуырдыг Комы сæрмæ къардиуы цæхгæр... Ма лæуу джихæй, хорз лæг, размæ рахиз, Кæстæртæн ныфсæвæрæнтæ зæгъ. Дзур, куыд-иу кодта Иссæ уæлахиз. Дзур, куыд никуы фæллади йæ бæх? 70
Дзур, Иссæ куыд фидыдта йæ саргъыл, Й’ алыварс æрдз адæймагау худт. Махæн уый нæ Иры сыгъдæг арвыл Не стъалы у, бонвæрнон — рæсугъд. Амарди, дам... Мæн нæ уырны, ма кæ, Зæххы фарн, фæмæнг æй кæн, фæмæнг. Уый хъару кæд басаста атакæ, Хæтæнтьг кæд фæтасыд йæ зæнг? * * * Мæ раттæг, ме схæссæг, мæ мад, Мæ хæс зындæр у райгуырынæй, Дæ ном дын хъусын арвнæрынæй, Кæсы мæм арвырттывд дæ кад. Уæд ам хуыздæр цы зæгъон æз: Мæ сонет у чысыл тыччыйау, Мæ фæндаг — къæдз, зæронд фæдджийау, Дæ ном — æруагъта мыл йæ уæз. Мæ цард — дæ конд хуым, оххай, зонын, Кæй хъæуы мæн йæ хæмпæл рувын. Бындзарæй йын йæ уидаг тонын,— Нæ комы йе ’ппæт мын рæдувын... Мæ щарды цас хæмпæл уа къаддæр, У уый бæрц амондджын мæ мад дæр. * * * Арвæй ма цъиуы йас зынд Сынт. Бамбæрзта хохæн йæ тигъ Мигъ. 71
Комрæбын банцади дард Зард. Базмæлы уылæнтæй хъал Мал. Бамбæхста уарзæтты фæд Хъæд. Нæу мæнæй не ’хсæрджын къох Рох. Хастон ам хъæлдзæгæй рæз Æз. Фæлæ уый знон уыди, знон, Зон. Абон та тар у, фыдох, Охх. Зæрдæ ныццæвы мæ риу, Циу?! Цæстыты бамбæхсти арф Арв. Йе ссæстæй уæртæ схъил Цил. Нæуу дæр ызмæлы уæрæх, Цъæх. Кæрдæгыл бады цæссыг, Хъыг... Донæн та сыхъуыст йæ загъд. Тагъд! «Амонд цæрæнбонты фаг Ма зонæд, Кæцы фæсайдта фыццаг, Уарзоны». * * * Йæ къух йæхимæ чи систа йæ тыхстæй, Кæй бон нæ баци акыхъуырын маст, Кæй ныфс æрцыд сæртæг къæцæлау саст, Уый царды цин нæ равзæрста æлгъыстæй. 72
Нæ федта, цард куыд абухы, куыд нæры, Куыд бандзары лæджы зæрдæйыл арт, Куыд худы уалдзæг дидинджытæй дард, Куыд уасы уæрыкк колхозон уæтæры. Уæд чи у, цард кæй бадомдта æгæр тынг, Уый чи иæ зоны, иунæг кæй у цард, Æнæуи дæр кæй ахуысдзæн йæ арт, Йæ афтид ном кæй ахиздзæн йæ сæрты. 0, иуиæг — цард и а зæххыл лæгæн. Æмæ йын аргъ дæр царды хуызæн кæн! КУЫД ХОРЗ У ИР Кæйдæр цъæх арв — мæ сæрмæ, Кæйдæр зæхх мын — фысым, Мæ зæрдæйæн йæ хъæрмæ Мæ сагъæс ам фыссын. Кæм цæуын, йе кæм бадын Удмурты зæххыл дард, Мæ чысыл Ир — мæ мадæн Нывæндын ам мæ зард. Мæ чысыл Ир — мæ цæргæс, Уæд та дæм ныр фæтæх: Дæ хохæн у къæсæргæс, Дæ быдырæн — æртæх. Дæ хъæдтæ уарзын рагæй,— Дымгæйау комы зил. Æрхæсс Хæрисджын тагæй Дæ уæхсчыдзаг цъæх цил. Æрæгвæззæджы цинтæ Æхсæрджын кæмтты тау, 73
Кæм сыгъта хур мæ синтæ, Уым уæртæ сбырсы тау. Цы хорз у, лæг йæ сæнтты Куы здæхы балцæй тагъд: Æнкъарддзинад фæсæтты, Цыдæр фæвæййы загъд. Мæ хæдтæхæг, мæ уари, Ыскъæф нæхимæ мæн. Къæвдайау цин кæм уары Мæ зæрдæйыл мæнæн. * * * Мæй хъазыд къалиуты æхсæнты, Цæрынмæ кодта мах цыбæл. Æз тахтæн уарийау мæ сæнтты, Мæн хаста Цраудоны хæл-хæл. Уыдис мын а бæлас хæларау, Уыд йе згъæлд сыфтæр та мæ баз. Йæ сатæг дæлфæдджи — хæдзарау, Хъуыст уырдæм сыфтæрты ныхас. Ныр дæр та йæм æрцыдтæн мæнæ, Æрмæст æндæр — мæ уынд, мæ конд. Нæ зары уымæн дæр йæ уæлæ Фыццагау зараг маргъ бæрзонд. Йæ хихтæ ’рхуым-æрхæндæг райстой, Йæ къалиу бавзыди — лæгуын. Æз дæр уæззау хъуыдыты бастæй 1 Йæ фарсмæ сагъдауæй лæууыи. Кæмдæр та ссæуы хърихъуппытæн Нæ сæрмæ се ’рхæндæджы уаст. 74
Кæмдæр нæ хæхты ирд цъуппытаёЯ Сæ фале уазал мæй скаст. Мæ уæхскыл бур сыфтæр æрхаудта, Змæлы, удисгæ мæлы. Сæрфын мæ уымæл цæсты хаутæ,— Мæ маст мæ цæстытæй кæлы. Цы кодтон? Бæласыл ныттыхстæн, Уый сабыр гобийау лæууы. Нæ дæтты — ничи —дзуапп мæ тыхстæн, Мæныл мæ цард-фæззæг цæуы... * * * Арв цъындау у — не скæса мæй цалынмæ, Мæй куы скæса — талынг лидздзæн махæй. Аргъауы зынг тæбæгъау дын уалынмæ Мæй æрбазынд — худгæ был — фæсрагъæй. Аизæр — нæ поэтты зыд мысинаг, Æрдзы цæссыг акалди фыр худтæй. Иры хæхтæн — зæххы фарн сæ хæссинаг, Се ’рфгуытæм конд — се стыр бухар худтæ. Арв ныр немæ нал хъазы цъындгæнджыты,— Арвыталынг, мæйы рухс фæсырдта. Ма балæгæрд Цраудонæн йæ тæнджыты, ’Рбад йæ былыл, байхъус æм... цы дзырдта?.. * * * Уый диссаг у — фæзыныс мын æваст Мæ сæнтты худгæ ды, Сергей Есенин, Дæ цъæх цæстыты арвы уæрæх фснын, Дæ бур дзыккуты — зад дæстæджы баст. 75
Мæ уаты къуыммæ аздаехЫс сЫндæР, Къоста дæм къамæй сабыргай фæкæсы, Цы хорз уазджытæ сæмбæлди мæ къæсы, Сæ удтæ сты сæ фыстытау сыгъдæг. Цы куыстон, уый мæ рох вæййы —- мæ риу Ысулæфы бæрз къох талаты сатæг, Стæй бамбарын — мæ зонд æрцахсы цадæг: Мæ зæрдæйы дыууæ царды исиу. Мгё сабыр изæр амондджын фæхонын,— Нæ разагъды поэтты мæм æрхоны. * * * Фæсте аззад сонты бонты къуыбыр, Ныууарыд та йыл урс тъыфылтæй мит. Кæддæры лæппу азты бын фæгуыбыр, Уæддæр æм сиды дзоныгъты æхситт. Бырынц уым уартæ лæппутæ æмгуыппæй, Сæ худты хъустæ — дзедзыкка зæбул. Чи здæхы къуыпмæ, чи фæтæхы къуыппæй, Сах бады ныр ам с’ алкæмæн йæ хъул. Мæ тæлтæг зæрдæ бафæллад, æрсабыр, Тæхын мæ сæнтты а ранмæ уæддæр. Фæзæпын: ехх, ныр къахдзоныгътыл абыр, Куыд-иу бырыдтæн сабийæ кæддæр. Бырынц ныр уæртæ лæппутæ. Йæ рыгæй Æнæбадт митæи нал фæзыны хъæу. Бæргæ ма ’ртæхин дзоныгъыл уырдыгмæ.— Мæ бон уæлæмæ дзоныгъ ласын нæу. 76
4 * # Мæ цард — къæлиндар, тоны мын æй рæстæг, Нæ зонын æз, кæд ын фæуыдзæн тынд. Мæ фæстаг балц ис дард æви æрхæстæг,— Хъысмæты хин нæу иунæгæн дæр зынд. Мæ цард — уыгæрдæн, дидинджытау — бонтæ, Фæфæуын сæ мæ зонгæтæн лæвæрд. Нæ зæгъын цардæй: цин æви зындон дæ, Сæ дыууæйыл дæр рагæй дæн фæлтæрд. Бæллын: мæ бонтæ ме стихтæн куыд фестой Болатдзагъд æмæ риуылдаргæ[ уарт. Мæн уадз мæ сæнтты сонты дугмæ фехсой,— Уым хъæдрæбын, кæм-иу ыскодтам арт. Йæ алыварс-иу бадтыстæм тыгуырæй, Нæ тыхст рæстæгыл кодтам уым ныхас. Хæст — батыдта нын не ’взонгад мæгуырæй, Нæ зæрдæты нын бавæрдта йæ тас. Уæддæр æз уыцы судзгæ бонтæ уарзын,— Тæхуды уырдæм де ’мбæлтты æрхон. Гъе афтæмæй сæ цас бавзæрстон карз зын, Мæ удæн кодтой марыны тæрхон... Зæронд къæлиндар... нал хæцынц йæ сыфтæ, Нымайынц мын æгъатырæй мæ цард. Мæ ивгъуыд, ды цъæх уалдзæджы сыф-сыф дæ, Мæ фидæн, ды — фæллад бæлццоны зард. УАЙДЗÆФ (Сæхæдæг æй æмбарынц) Мæ зæрдæ уын æвæрд уыди мæ армы, Уыди сымах æд хъарм æмæ æд рухс. 77
Нæ зыдтон уæд, куыд дам-дум кодтат — мары мæ\ Фæсмонгонд уат, фæсмон кæнын æдзух. Нæ зыдтон уæд, куы мæм кастыстут худгæ, Кæй æмбæхсти уæ дæлæвзаг фыдæх. Мæ хорздзинадæй кодтат низау дудгæ, Фыр адæргæй сыгъди уæ быиы зæхх. Нæ зыдтон æз, кæй сæвæрдтат мæ зæрдæ Сымах хъабахъхъæн æмæ йæ æхстат. Мæныл цыди уæд сагъæссаг изæртæ, Сымахыл та-иу базыртæ æрзад. Мæ алы къахдзæф барстат мын мæ фæстæ, Æз та æнхъæлдтон — хорзы мын цæут. 0 уыцы чъизи дывзагон ныхæстæ, Мæ уд мын калмау бахордтат, мæ уд! Ныр фехстат фат, уæ мысан конд у рагæй — Мæ раст зæрдæ — нæ уæм кæсы æгъгъæд. Æгъгъæд фæуæд уæ дам-думты æвзагæн, Æргом ныхас уæ иу исчи зæгъæд. ФЫДÆЛТЫ УÆЗÆГ Уым бирæ фæлтæртæ ысхъомыл, Уым федтон хæхты сатæг æз. Уый — Донысæр, фæлгæсы комыл, Ис уæлбыл рындзы сæрмæ фæз. Фæз ын нæй, чи зоны, схонæн — Уæрæх быдираг фæзтау нæу. Уæддæр цы уыди махæн — зонæм: Нæ фæзæй фидыдта нæ хъæу. Æрвыстам ам нæ цин, нæ хъыг дæр, Нæрыди ардыгæй нæ зард. 78
Йæ маргъ, йæ зылынкъах мæлдзыг дæр Нæ кодта ацы ран æнкъард. Нæ мæсыг ам — мæсыг нæ — аргъау, Йæ цуры сбад æмæ йæм хъус. Æнустæ атахтысты маргъау, Нæ федта хъизæмæрттæ цъус. Уæддæр зæронд кæнын нæ комы,— Йæхи йыл цас фæхоста уад! Æмæ та ’рымысы мæ мад, Куыд цыди тæссæртты уым донмæ. Куыд ыздæхт донгарзимæ хæрды,— Нæ саст йæ фæлладыл — чындз уыд! Ныр ыл куы ныххауы æрхæндæг,— Йæ сæнтты хæхтьг ’рдæм тындзы. Ам фены: рагæй мын цы дзуры, Цы федта цин æмæ зынæй. Ныр дæр та мæнæ ’рбадт мæ цуры, Йæ улæфт — зæрдæйы бынæй. Æмæ мыи дзуры — цыма аргъау, Дзырдта йæ уымæн та йæ мад... Тæхы, тæхы нæ рæстæг маргъау, Кæсæм йæ фæдыл мах æнцад. * * * Æз агурын амонд фыдæлты хæзнайау, Фæлидзы, нымбæхсы мæ удæй йæ фæд. Ыссарын æй, ’рцахсын æй аргъауы стайау, Нæй! Февзæры ’виппайды не ’хсæн сындзхъæд. Йæ фæстæ ызгъорыи. Фæзæгъын: мæ хай у! Уадз арон йæ сæрвæлтау тухитæ, маст. 79
Изæры фæлладæй мæ уаты куы 'рхауын. 0 амонд! — фæзæгъын мæхицæн æваст. Æз айда&н куы райсын мæ урсхилтæ даугæ,— Мæ цæсты раз сысты уæд сонты рæстæг. Æрцу мæм! — фæсидын лæгъзтиаг рæвдаугæ, Фæсидын, фæлæ мæм нæ цæуы хæстæг. Мæ бонтæ куы ’фтауынц мæ удыл æрхæндæг, Мæ фæззæг æд мигътæ, æд уарын куы ’рцыд, Уæд бамбæрстон: рагбонты заман йæхæдæг Мæ амæндты хуыздæр, сæ фидыц кæй уыд. ЦЫРАУЫ ЗАРÆГ 0 мæ хъæу, дæ фарны хъæр мын Цардарæн тых у. Худгæ сфардæг и дæ сæрмæ Рацарæзты хур, Б а а а р д: Зарæг, азæл, тæх парахат, Цард кæд фидыдта нырау.. Махæн у чысыл паддзахад Райгуырæн Цырау. Уайынц кæмтты арфæй дæттæ, Кувы хъæд ныллæг. Зæхмæ тасынц зад дыргъдæттæ,— Номхæссæн тыллæг! Рагъыл, лæбырды дæлвæдджи Фосы дзуг нымбырд. Кувæндонау ам нæ фæччы Иуæн дæр фырдзырд. Не ’ййафы дæ уазæг цаудæй,, Ды *- фæрныг, сæрæн^ 80
Хъулон уарзт кæны хуыцау д& — Зæдты рухс цæрæн! Б а з а р д: Зарæг, азæл, тæх парахат, Цард кæд фидыдта нырау. Махæн у гыццыл паддзахад Райгуырæн Цырау. БÆЛЛИЦ Судзы мæ зæрдæйы цардмæ бæллындзйнад* Судзы, æрмынæг ын нæй. Хъуыдыты фурды ныгъуылы мæ зындзинад, Хъуыдытæй рацыди зæй. Зонут — цы лæг дæн, цы мæм ис æппæлийаг, Зонут — æвзæрæй мæм ц’ ис. Сагъæс, мæ сагъæс — зæронд цар æркæлинаг, Амонд мæ фæрсты цыдис. 0, уæддæр хъуыстон лæппуйы цыбæл кадæй Цардæн йæ домбай нæрын. Азтæ та хивæнд, ызгъордтой цыппæрвадæй, Домдтой мæ растæй цæрын. Цардæн йæ зынтæй нæ лыгътæн, нæ фæтарстæн, Уымæн дæр ме ’ьдисæн — ам: Ардтон фæлмæн дзуапп æз алкæд фæлмæц фарстæн, Н’ ардтон хæрамæн хæрам. Ме *мбал лæппутимæ дзоныгъыл быргæйæ Уарзтон нæ гæпгæнæн къул. Хъæды та бæлæсты стырдæрмæ бæлгæйæ Кастæн йæ цъуппыл — зæбул. Арвыл цы стъалы æрттывта бæрзонддæрæй, Уый дæр мæхи-иу хуыдтон. 81
Зæрдæ цы куырдта — нæ ахста мæ зонд дæр æй, Хатгай йæ фыны уыдтон. Абон дæр чидæртæ дзурынц мæ хæдзарæй, Цавæр бæрзонд, дам, фæцыд. Уарзын фæлгæсын йæ тъæпæн уæрæх царæй, Искæй сæ хъыгдары, цы? Уый тыххæй ма каенут уайдзæф мæ раст удæн, Не стауын, мыййаг, мæхи. Зонын сæ бæрц æз мæ къахдзæф, мæ бахудтæн, Зонын; мæ быны зæхх и. Афтæ, мæ хуртæ, зæгъын уын æргомдæрæй Царды цы исын хæсæн: Никуы бæллыдтæн — кæсон æз бæрзонддæрæй Уарзон хъæубæсты æхсæн. ФАРНЫ НОГ АЗ Мидбылхудгæ уарийау æртахт Фарны ног аз æмæ дуне райы. Миты цæссыг бонрæфты æртагъд — Уды хъармæй цъити-их дæр тайы. Фарны ног аз, ивгъуыд азты цыт Райс, мæ хур, тырысайау дæ къухтæм. Амонд дæм фæллад лæгау æрцыд, Уымæ-иу бæллыдыстæм æдзух дæр. Æмæ худ, æрттив, бæрзонд фæйлау, Ахæм у нæ алкæмæн йæ хæс дæр: Арв нæ сæрмæ макæд ысуæд сау, Ма фенæд — цы федтам мах — нæ кæстæрг 82
* * * Мæ уды рыст кæй бандавдзæн мæ хуызæн?! Цыфæнды охтæ ма фæкæн мæ разы — Дæ тар æнгас мæн баппары мæ базыл. Ингæнау мын æрбавæййы мæ хуыссæн. Мæхи фæхæрын, сфæнд дыл кæнын сурын Мæ хъуыдытæй, мæ тыхстытæй, мæ цардæй, Æрæджиау тарф фын айсы мæн æнкъардæй, Фæлæ та ам дæр февзæрыи дæ цуры. Мæ карз сомытæн ахизын сæ сæрты, Æрцæуын дæм, ссарын дæу фыццагау, Ды та фæцъыввытт кæныс уæд кæсагау, Нæй бамбарæн: цы фæнд мын ис дæ зæрды. Мæн æфхæрын, мæныл былысчъил, бустæ, Æви дæхи æндæр искæмæ хъарыс. Фæливæн митæ уыйас та кæм арыс, Кæд ма фæкæныс иннæ ахæм кусгæ? Мæ уды рыст кæй бандавдзæн мæ хуызæн?.. АЛЧИ ДÆР ЙÆХИ БЫНАТ КУЫ ССАРИД Зæрдæ масты пиллон арты сарыд, О тæхуды, фервæзын æй кæн: /*лчи дæр йæхи бынат куы ссарид, Уæд цæрыи цы ’нцон уаид лæгæн! Алчи дæр цы дзырд фæдæтты не ’хсæн, Уый куы кæнид афоныл æххæст. Дард куы уаид демагогтæн фехсæн, Банцаид уæд мчдцоппайы хæст. 83
Мæн нæ хъæуы бустæтимæ ’хсæвæр, Æз фæлтау æххормагæй хуыссын. Рæстæг, алкæй хи бынаты сæвæр,— Ма хоной сæрджын саджы уызын. Баззад ма нæм мидцоппайæ, оххай, Ахæм-ухæм, иннæты æнгæс. Арф æмбæхсынц не ’ргом дзырд, нæ тохæй, Лозунгты бын банорстой сæ хæс. Нæй нырма сын фидарæй нæ загътой: Нал и абон аууæтты хъуызæн. Ничи ницы рамбулдзæни загъдæй, Хъуамæ кусæм иу лæджы хуызæн. Æз мæ къух æппæты фыццаг дарын: Чи кæм бæззы, уæд йæ бынат уым. Акæс: чидæр булæмæргъау зары, Чидæр та дзæбæх фæлдахы хуым. * * * Æнусон хъæд, кæдæм лидзыс нæ хъæуæй, Æви дæ махæй ахицæн фæнды? Æви дæ хъару басасти быцæуæй Лæгимæ тохы — бафæлладтæ ды. Иыббар, фæлæ, куы фенын дæу фыдохæй, Уæд сирвæзы мæстæлгъæдæй мæ фарст: Цæмæн дзыназынц калд бæлæстæ рохæй, Цæмæн у комы фидыц сывылдз тарст? Цæмæн зыны дæ Даргъкъуылдым æрдузтæй? Дæ дæлвæдджи куы бабирæ и пыхс. Уьп чи акалдта Хъабагъуаты ’нгузтæ? — Пæ тæригъæд, йæ хурхьг йын нынныхс! 84
Йæ цъар ныстыгъта тæгæр-зæнгæн чидæр. Кæны йæ цæссыг хъæдгомæй гæр-гæр. Йæ тæригъæдæй чи нæ комы читт дæр, Уый чи у, чи? — æгæргæнæг, æгæр!.. Зындис æмдымбыл уагъылыты къутæр, Ныр й’ алыварс — йæ къалиутæ пырхæй Æлгъыст фæуæд йæ ныццæгъдæджы къухтæ,— Тæригъæд кæд иæ рахаста æрдзæй! Æнусон хъæд, Црауы хъæд, дæ рисæй Æз алы бон дæр сагъæсты цæрын, Æз демæ дæн, æртæхын дæм фæдисæй, Дæ сæрмæ арв куы байдайы нæрын Æнусон хъæд, о ма фæлидз пæ хъæуæй, Æнæ дæу цард иæ фидауы, нæ хъæуы, * * * Не скъола и хъæуы астæу, Ис йæ разы фæз. Афтæ ’мбарын: иу бакастæй Уый хуызæн дæн æз. Ам æппæтдæр айдæиау у Сабидуг мæиæн. Ме ’взонгдзинад й’ авдæн-науы Ам рæвдыдта мæн. Фæлæ ныр мысинæг бонтæ,— Аиымай-ма — цас! — Хæсс дæ куыствæллад фæсонтыл,— Уаих фæуай уас! Æз ныхъхъæр кодтон: цы фæдæ^ Ме ’хсæрдæсæм аз?! 59
Фехс дæ кæддæры цыргъ фæттæ, Сагъæстæн фæраз. Гъей, мæ удыл баст æвзонгад, Ма мæ лидз, цæмæн?! Æви нал бакодтай зонгæ Урс пæлæзы мæн?! Уый æз дæн, зæронды маскæ Цæстытæн — фæдис. У мын зын, тыхдзырд мæм ма скæ, Сагайдзæн мæ рис. Ды фæлтау æрымыс: сабыр Сау лæппу кæддæр Хаста скъуыд хæдон, хуынкъ дзабыр, Хъæлдзæг уыд уæддæр. Сонты рæстæг æрыгæтты Фестын кæны уад. Арыдта изæрыгæтты Йе ’хситтæй нæ уат. Уæд иæ лæппуты уæрæйдæ Уынгмæ сайдта мæн. Змæлыд хъæу нæ куыйты рæйдæй, Скъуыди арвы тæн. Æмæ ныр нæ хъæуы астæу Не скъола мæнау: У нæ сонты бонтæм бастæй Рагбонты фынау. Уый дæр базæронд мæ хуызæн, < Бакастæй у тарф. Ахызт азты фæд æмхуызон Не ’ппæты дæр арф. 80
Ам æппæтдæр айдæнау у Сабидуг мæнæн. Ме ’взоигдзинад й, авдæн-науы Нал рæвдауы мæн... * * * Цыфæнды дзур, æз дæ мæхи æмбæхсын, Ныххæцыдтæн мæ мопдæгтыл æргом. 0, афтæмæй дæ дауджытыл фæдзæхсын, Æз бамбæхсын мæ дæлæвзаг дæ ном. Мæхицæн æз фæзæгъын: мæн иæ фæнды Дæу мысон ногæй рагбонты фынау. Фæлæ дæ уарзт — цъæх фурд, йæ зыд уылæнты Фæдæлдон вæййы уайтагъддæр мæ нау. Дæ чызг — æмбæлттæн кæн мæ кой æнæ мæн, Цы хуыдтай хорз, уый фестæд уадз æвзæр. Гъе уæддæр мæ æрвылсабат æнæмæнг Уæ цурмæ схоны стъалыджын изæр. СÆРДЫГОН ЗАРÆГ Уæдæ куыд хорз вæнйы асæрды: Быдыр ныххуды уæрæх. Зæрдæйыл ке стыр цин ай:æрды Й’ алæмæт бæркæдтæй зæхх. Цыллæ та калдзысты нартхæрттæ,— Бурдым къæбила — бæрзоид. Фен-ма, куыд зад сты халсæрттæ,— Аивтой быдыры конд. Быдыр — æппæтæй бæркадыстон, Быдыр уæздан у чындзау. 87
Дзуры: цы тыллæг уæм равДыстОН, Уымæ æрхæссæн нæй фау. Хъулонрагъ харбызтæ, неситæ, Настæ хъыбылтау хуыссынц. Чи зæгъид: мах бон ныр не сси та Бакусын — уазджыты хынц! Зарæг ныййазæлы хъугомæй Анхъæвзы денджызау дард. Мæнæуы бур хуымы бур комæй Уæрццытæн хъуысы сæ зард* Бирæ у ерысы ахадæн, Фидар — нæ къухты фæллой. Ноджы дын бантыса, мах адæм, Де ’фтиæгтæ бирæ куыд уой. ФЫНГ Цардæн ис æнæкæрон изæр. У рæсугъд, кæд сонт уазал схæссы. Фæлæ нæу — цыфæнды дзур — æвзæр, Уымæн æмæ ногæй хур скæсы. Ис мæ цардæн райдайæн, кæрон, Уымæн æмæ алы цард дæр балц у. Дæн сæрыстыр: æз кæй дæн ирон, Гъей, фæндаггон, фездæх-ма нæм — рацу! Æз дæ цуры авæрон мæ фынг, Саход мын мæ цæхх æмæ кæрдзынæй, Сау бæгæны калдзæни йæ фынк, Не ’фсæддзынæ чъиритæй хæрынæй. Аргъæутты фынг рардæуыд мæнæн,— Не ’ртæкъахыг разагъды ирон фынг. 88
Уый æрцардта ’нусты дæргъы мæн, Адæмтæ мæ уый тыххæй куы зоныцц, О мæ фынг, дæуыл бæттын мæ зард, Кæд нырма дæу аккаг уый нæма у,—- Гъæй-джиди, куы ацæуид мæ цард Ацы фынгау уаг æмæ æгъдауыл. АМОНД АЛЫ РАН ДÆР ИС! Амонд циу — нæ зонын æз. Дзурынц: фенæн, дам, ын нæй. Амонд — сæххæст кæн дæ хæс, Царды ма фæтæрс зынтæй. Ау, куы ныгъуылдтæн кæддæр Æз ыздухгæ малы бын, Стæй куы фелвæстон мæ сæр, Тынг куы улæфыдтæн, тынг. Ау, куы сирвæзти фыццаг Зард мæ дзыхæй — уæд æвзæр. Йе кæй хъазыдтæн мæ фаг Пыхсы уалдзыгон, изæр. Ау, чызгайы былты тæпд Мæн куы басыгъта кæддæр, Сау дзыккуты рог ныдзæвд... Уæд цæмæн зылди мæ сæр. Йе куы ’рбахастон, мæ мад, Æз мæ фыццаг мызд дæумæ, Уæд куы худтæ мæм æнцад, Цыма худти хур сæумæ. Йе сывæллоны кæуын, Мады аллолай, йæ зард. №
Пе стут рох мæнæй, æз уын Скæндзынæн мæ удæй арт. Æмæ базыдтон бæлвырд: Амоид алы ран дæр ис. Ныр кæд сахада мæ дзырд. Амопд уæд мæн дæр фæцис. ;1. * * Нырма у æрдзы каст цъындцæстæй, Нырма нæ райхъал и нæ уынг, Уæд мæм цы зæд æртахт, цы бæстæй, Мæ удыл чи бафтыдта зынг? Мæ цыбæл зæрдæйæн йæ хъæрмæ Æхсызгои сулæфыдтæн арф. Цыма та февзæрди мæ сæрмæ. Цæргæсау рагбонты цъæх арв. Ныннæрыд уды монц мæ сæнтты,— Кæм зади хъæдрæбынты цил, Цыма уым къудзиты æхсæнты Мæ хъуыды уис бæхыл сцъил. Æхцои хъарм рахатыдтон уды, Нырма у афтæмæй февраль. Нырма цьæх уалдзæг дæр нæ худы, Нæ тæхы хърихъуппыты хэл. уæд мын цы сагайдта мæ зæрдæ. Æви мын уарзт-кæлæнтæ счынд. Цы фестут, гомфæрсаг изæртæ, Мæ сæнтты райхъал и уæ уынд. 90
•4- * 4* Кæд нæ федтай, хæхты бон куыд гуыры, Уæд мæ фæдыл ратындз, мæ хур, тагъд. Ком сæумæйы талынджы ныхъуыры, Дымгæ сисы бæлæстимæ загъд. Райсом æрдзы сау кæлмæрзæн систа, Байгом иууыл зад уыгæрдæн-фахс. Айнæгбылтæ — рагон амад систæ —- Сæвнал æмæ ’врагъы цъупп æрцахс. Бахуыйын кæн урс басылыхъхъ уымæй, Ног дæхи дæ бæхы рагъмæ фехс. Æмæ уайгæ, амонд нæй æрхуымæй,— Арвæрттывдау ферттивæд дæ ехс. Заз бæлæстæ — куринаг чызджытæ, Каед, мыййаг, сæ уарзæттæм тындзынц. Цъитийы æнæрынцой фæдджытæ, Урс æхсырау къардиумæ тæдзынц. Хæхты уыид мын сагайдта мæ зæрдæ. Диссаг нывтæй бахъæлдзæг мæ уд. Хуррайсом, зæрæхсидджын изæртæ, Цард уын фестон — систон уын мæ худ! 91
ЛЛА/УААЛЛЛААЛАЛЛЛАЛАЛЛЛЛЛЛЛААЛЛЛЛАЛЛА^ СÆРГÆНДТÆ «Цы ирд æхсæв у!..» • ’ • • • * 3 Æнахуыр фын * "^" Ирон æвзаг 4 Мæ катай тæдзынæгыл 5 Айдæн — «Ды улæфыс...» 6 «У фæсизæр...» 7 Райсом — «Рынчынæй дæр нæ тæрсын æз мæлынæй...» . . 8 Зæронд уæлмæрды 9 Зæрдæ—балцы Ю Рацарæзт 11 Хæст 14 Сырддонцъиу 29 Сæг 30 Æз дыл фыссын — Æппæл 31 Аэропорты — Æвзæр хорзæп у цæлхдур 32 Талынг 33 Гимн Цырауæн — Æстæм Мартъи 34 «Мæйтæн се ’ппæт дæр нымай...» .... 35 «Ног та мыл æрæнцайынц мæ хæстæ...» 36 «Лæджы фыдæбон чи сбарид сардзинтæй...» . . — Уарзт 37 «Мæ зыны уысм мæ фыр тыхстæй куы дудын...» . 38 «Дæу куы уарзыи рагæй дæр...» .... — 92
«Цы хъавын кæстæргжн! зæгъы'н...>> * , * 39 Хатыр ....,.<..< 4Ц /Е къард сокет ........ 41 .Егъдау — «Поэт дæн æз...» , 42 «Бæлас йæ сыфтæ цæссыгтау згъалы...» ... 45 «0, цы мит ныууарыди Цырауы!» —* «Фæлмæн ныхас, дам...» 44 «Кæрон, дам, хорзæн нæй...» 45 «Нæ хъызт зымæг та сыздыхта йæ рихи...» . . 46 «Поэты хæс и, чи зоиы, мæныл дæр...» ... — «Æз фыр мæстæй...» 47 Арæн 48 «Цы ма мын бантыса...» — «Куы та дзурон...» 49 -«Æиæмæт бонмæ рагæй бæллын æз...» ... 50 Мартъийы мит -51 «Зæгъ мын...» — Зæронд цæргæс 52 Мæ дзуапп кæмæндæрты 53 «Æппæт дæр раздæрау у ам...» — -Хæрамдзикад 54 «Мæй мæ уазæг...» — Поэтæн нæй фæзмæн 55 Зымæгол хъæды 56 Фыццаг поэт 58 Чи сæ у мæгуырдæр? — ’Сагъæс 61 Индирæ Гачдийы мысынæн — Анонимкæтæ фыссæг 62 «Цы у лæджы цард?..» 64 Уалдзыгон хъуыдытæ 65 Катай . 66 Джек Лондон дзуры 67 ^а? уырны мæн 70 «Маэ раттæг, ме схæссæг» 71 «Арвæй ма...» . — 93
«Пæ къух йæхимæ...» * '2 Куыд хорз у Ир 73 «Мæй хъазыд...» * «Лрв цъындау у..» 75 «Уый диссаг у...» — «Оæстс аззад сонты бонты къуыбыр...» ... 76 «Мæ цард — къæлиндар...» 77 Уайдзæф — Фыдæлты уæзæг 78 «Æз агурын амонд...» 79 Цырауы зарæг 80 Бæллиц 81 Фарны ног аз 82 Мæ уды рыст кæй бандавдзæн мæ хуызæп?! . . 83 Алчп дæр йæхи бынат куы ссарид .... — «Æпусон хъæд, кæдæм лидзыс...» 84 «Нс скъола ис хъæуы астæу...» 85 «Цыфæпды дзур, æз дæ мæхи æмбæхсыи...» . . — Сæрдыгон зарæг 87 Фыиг 88 Амонд алы ран дæр ис 89 «Нырма у æрдзы каст...» 90 «Кæд нæ федтай...» 91
Ллтературно-художественное издание ВИКТОР ВАНОЕВИЧ ДЗБОЕВ Тревога о капели С Т II X И Редактор С. 3. Хугаев Художинк В. Ф. Кусаев Художественный рсдахтор В. А. Биджслов Тсхнический редактор Б. Т. Бесаева Корректор Б. А. Толпарова
ИБ № 2186 Сдано в набор 21.12.90. Подписано к печати 12.07.91; Формат бу- маги 70x901/32- БУМ. тип. № 1.Гарн. шрнфта литературная. Пе- чать высокая.' Усл: п. л. 3,51. Усл. кр.-отт. 3,83. Учетно-изд. листов 3,74. Тираж 2000 экз. Заказ № 997. Цена 1 руб. Издательство «Ир» Государственного комитета Северо-Осетин- ской ССР по делам издательств, полиграфии н книжной торгоплн, 362040, г. Владикавказ, проспект Мира, 25. Республиканская книжная типография им. В. А. Гассиева Го- сударственного комитета СевероОсетннскоп ССР по делам изда- тельсгв, полиграфии и книжной торговли, 362011, г. Владикавл каз, ул. Тельмана, 16.