Автор: Тедтоева З.Х.  

Теги: художественная литература  

ISBN: 978-5-8336-0955-2

Год: 2018

Текст
                    ЦÆРЫ
ÆМÆ ÆНУСТЫ ЦÆРДЗÆН
СÆ НАМЫС
Дзæуджыхъæу * 2018


ББК 84(2) Чиныг сарæзта Тедтойты Зинæ Цæры æмæ æнусты цæрдзæн сæ намыс. - Дзæуджыхъæу, 2018. -686ф. Горящее вечно светило: произведения мировых классиков на осетинском языке /Составитель З.Х. Тедтоева. - Владикавказ: ИПЦСОГУ, 2018.- 686 с. 18В^ 978-5-8336-0955-2 В книгу вошли произведения зарубежных писателей, переве- денные в разные годы на осетинский язык. Составитель выражает благодарность за вклад в подготовку изда- ния этой книги Джанаевой И.Х., Гасанову В.А., Мадзаевой Е.К., Теде- евой 3. К, Техову Т. Т, Хмелевой Л. Т ББК 84(2) 18ВК 978-5-8336-0955-2 © ИПЦ СОГУ, 2018 ©ТедтоеваЗ.Х, 2018.
Нафи æмæ Шамилæн - Ирыстоны уарзон хьæбултæн НОМАРÆН
Г’У &{*>) <'ф) ЪГо) Мд Оф!) Офч ЪГ*>> Ъ) (<•>) «*/*,) <ф>) <ф>) (ф>) цфэ <<ф0 (<#>; с<») 5 РАЗНЫХАС *& §к^ Ирон тæлмацы скъола фæфидар XX æнусы, фæуæрæхдæр хистæр æмæ кæстæр фæлтæры, хатт та - райдайгæ тæлмацгæнджыты чингуыты руаджы. Уыцы скъола райста, тæлмацы ивгъуыды дæснытæ йын хуыздæрæй цы ныууагътой, уыдон. Аивадон тæлмацы принциптæ, хæстæ, нысантæ æнгом баст сты национ культурæйы рæзты иумæйаг процесстимæ. Фыссæг-тæлмацгæнæджы кадджын хæс - нациты ’хсæн ахастытæ фидар кæнын, алы адæмты эстетикон æмæ этикон тырнæнты иумæйаг миниуджытæ уынын, æмæ афтæмæй национ формæты хæдхуыздзинад хъахъхъæнын, сæ культурæты æнгомдзинадыл архайын. Фыссæг-тæлмацгæнæг ахъаз у адæмты миддунейы хъæздыгдзинадæн, эстетикон хъомыладæн, адæймаджы тырнындзинадæн фылдæр базонынæн, йе ’ппæтвæрсыг рæзтæн, дунеон культурæмæ æмхиц кæнынæн. Ирон аивадон тæлмацы дæсныты сфæлдыстад: Æмбалты Цоцкойы, Гæдиаты Цомахъы, Зæнджиаты Бæбуйы, Цомайты Хадзырæты, Токаты Алиханы, Плиты Грисы, Ардасенты Хадзыбатыры, Плиты Харитоны, Мамсыраты Дæбейы, Нигеры, Барахъты Гинойы, Брытъиаты Созырыхъойы, Джусойты Нафийы, Токаты Асæхы, Дарчиты Дауыты, Дойаты Саханджерийы, Цæгæраты Гигойы, Цæрукъаты Алыксандры, Богазты Умары, Темыраты Дауыты;
ирон интеллигенцийы ног фæлтæры курдиатджындæр минæвæрттæй дунеон культурæйы æнтыстытæм чи фемхиц, уыдон, - Джыккайты Шамил, Дзасохты Музафер, Хъодзаты Æхсар, Ходы Камал, Кокайты Тотрадз, Скъодтаты Эльбрус, - арæхсынц æрмæст ирон чиныгкæсæджы фæсарæйнаг литературæимæ зонгæ кæнынмæ нæ, фæлæ ма сæ адæмæн дæттынц æндæр адæмты хæзнадонæй пайда кæныны, сæ фидæн иумæ аразыны фадат. Илья Эренбурджы загъдау, «Адæймагады культурæ æвæджиауы иугонд у. Мах истам æмæ исдзыстæм иннæ адæмтæй, хуыздæрæй сæм цы ис, уый. Ирон тæлмацгæнджытæ арæхсынц интерпретацимæ, ис сæм уæрæх эрудици, æндæр адæмыхатты удварны хæзнатæ банкъарынмæ тырнынад; тæлмацыл кусгæйæ, оригиналы алы рæнхъ, йæ мидис, зæлынад дæр лæмбынæг иртасынц. Тæлмацгæнæгæн сæйрагдæр зындзинад вæййы стиль, уымæн æмæ уыимæ баст сты тæлмацы хæрзхъæддзинады, тæлмацгæнæджы хæдхуыздзинады фарстатæ. Æмæ уыцы хъуыддадокы дæр сарæхсынц, æппæт фæзилæнтæ дæр равдисынц бæстон æмæ бæлвырдæй. Уыдон кæддæриддæр сæ зæрдыл дарынц: 1) тæлмацгæнæг - уый у ахæм курдиат, авторы бынаты хи авæрыны фадат чи дæтты, йæ темперамент ын банкъарын, йæ царды сфæлдыстадон æнкъарæнтæй фæхайджын уæвынмæ чи арæхсы; 2) тæлмацы хъуамæ «равдыстæуа сæйрагдæр хабар - цы авторы тæлмац кæныс, уый аивадон хæдхуыздзинад йе стилы хицæндзинæдтимæ иумæ» (К.И. Чуковский); 3) стиль йæ дзырдты мидисимæ, интонациты фæливæнтимæ, эпитеттимæ - уый у рæстæджы айдæн. «...Дзырдтæн ис сæхи зæрдæ, сæхи улæфт. Дзырды зæрдæ рæстæгимæ иумæ тæпп кæны æрмæст иннæ дзырдтимæ æнгом бастæй» (Ю. В. Бондарев). Стиль - уый у авторы фæлгонцты системæ, гæнæнтæ æмæ фæзилæнтæ; 4) тæлмацгæнæджы бæрнондзинад стыр у: йæ къухты ис Дзырд, æмæ уыимæ та арæхстгай архайын хъæуы: «Нæй æрмæст дзырд. Уый кæнæ æлгъыст у, кæнæ арфæ, кæнæ рæсугъддзинад, кæнæ рыст, кæнæ чъизи, кæнæ дидинæг,
(*$ «б& «»/*>) >,<л/ с^ "с«*Х^ '(<*&> («*/«•) <?*> кæнæ сайд, кæнæ рæстдзинад, кæнæ рухс, кæнæ талынг» (Р. Гамзатов); тæлмацгæнджыты дæсныдзинад рабæрæг вæййы контексты уыцы иунæг иу хъæугæ ирон дзырд раст равзарыны арæхстдзинады; 5) сыгъдæгдзинадыл, аивадон æгъдауæй растхъуыддагыл, æвзаджы æнкъарæнтыл тох - уый у бæрзонд культурæйыл тох; 6) алы сюжет дæр домы сæрмагонд формæ, фыссæджы дæсныдзинады уæлдæр къæпхæн у хъуыды фæлгонцы мидæг равдисын; 7) куыддæриддæр у, афтæ тæлмац кæнын - уый аивадон тæлмацмæ ницы бар дары. «Иу кæнæ иннæ уацмысы къопи у æппæты æнæрастдæр, æппæты фæлывддæр тæлмац» (К. К Чуковский); ирон æвзагмæтæлмацтæ сты сфæлдыстадон: къопитæ дзы нæй, æмæ уымæ гæсгæ сты бæрзонд æмвæзадыл конд. Тæлмацгæнджытæ ссардтой сæхи фæрæзтæ адæймаджы хъысмæт, йæ царды быцæутæ æвдисынæн. Фæсарæйнаг классикты тæлмац кæнгæйæ, ирон фысджытæ сарæхстысты, цы дуг сæ æвдыстæуы, уый банкъарынмæ, ногæй æмæ алывæрсыгæй федтой дуне оригиналты авторты цæстæнгасæй, равдыстой, дунеон шедевр - литературæйы цыртдзæвæн снывæндæг авторы ном æнæмæлгæ чи скодта, уыцы миддунеон æмæ аивадон хъæздыгдзинад. Ирон аив дзырды дæснытæ чиныгкæсæгмæ сæ тæлмацты бахастой номдзыд фысджыты сфæлдыстады арф хъуыдытæ, сæ граждайнаг комулæфт, национ хæдхуыздзинад, темати- кон хъæздыгдзинад. Тæлмацгæнджыты куысты руаджы нæм æнусты сæрты хъуысынц номдзыд фысджыты хъайтарты хъæлæстæ; фæсарæйнаг фысджытæ-классиктæ иттæг хорз разынынц, тæлмацгæнджытæ сæхæдæг та, уыдоны «уæхсчы- тыл лæугæйæ», бацæуынц бæрзонд æмвæзады ирон литера- турæмæ, куыд аивадон дзырды аккаг дæснытæ. Æмæ хъуамæ нæ зæрдыл дарæм: тæлмацгæнæджы курдиат у стæм хатт æмбæлæг лæвар, æмæ йын æмбæлы кад кæнын, уымæн æмæ куырыхоны æмæ философийы дзырд æнусон у, курдиатджын
(*>) <<ф) ЬЫ (>ф) (’ф» (гф) Оф) «*Ы гг,- (<2> <Фэ С>/<1 С'*Л Й СчЛ С«А «*Х*> (•*> дзырдæн нæй нæдæр рæстæг, нæдæр арæнтæ, дзырдæй æцæг нывгæнæджы куырыхондзинад æнусон у. Сæрмагондæй зæгъын æмбæлы, æрмæст Ирыстоны нæ, фæлæ æндæр рæтгы дæр зындгонд Джусойты Нафи æмæ Джыккайты Шамилы æвæджиауы тæлмацты тыххæй. Тæлмацтыл куыст æнгом баст у се сфæлдыстадимæ дæр. Уыдон хорз æнкъарынц оригиналы стиль, арф æмбарынц йæ фæлгонцты, æвзаджы характер, иртасынц дунеон классикты дæсныдзинады сусæгтæ. Нафи æмæ Шамил тæлмацты гом кодтой ирон литературæйæн ног стильтæ, æвзаджы, стихы æнæзындгонд гæнæнтæ. Уыдæттæ уыдысты сæ дзырдаивады реалистон æмбарынады фæстиуæг. Куыд пьесæты тæлмацгæнджытæ, афтæ сын бантыст оригиналы сæйраг бынæттæ иттæг раст равдисын, æмæ уымæй та аразгæ уыд характерты æмæ уацмысы жанры хицæндзинæдты æмбарынад. Бафиппайын хъæуы, Нафи æмæ Шамил, куыд тæлмацы дæснытæ, афтæ кæй сарæхстысты оригиналты арф философон хъуыды равдисынмæ. Раргом кодтой уарзт æмæ æнæуынондзинады, хорз æмæ æвзæры, райгуырæн æмæ æцæгæлон бæстæйы, уæлахиз æмæ састы бынаты æмбарынæдтæ. Райгуырæн бæстæйы тыххæй рæнхъыты Нафи æмæ Шамил чиныгкæсæгæн дæттынц Ирыстонмæ сæхи сыгъдæг уарзондзинад, йæ рухс фидæнæй ныфс банкъарыны фадат. Гуманизм уыд сæ райгуырдæй фæстæмæ сæ характеры æвæрд миниуæг. Куырыхон уыд сæ курдиат. Сæ тæлмацтыл - адæймаджы уды æнкъарæнтыл - оригиналтау, ис дæсныдзинады гакк. Сæ кад сæ разæй цыд, фæлæ уыцы хъуыддаг уыйас ницæмæ дардтой: хъуыдысты рæстæджы, рæстæг та хъуыд уыдоны, йæ алыхуызон фæзилæнтимæ. Æрмæстдæр уыдонæн лæвæрд курдиаты уаргъ хастой сæ царды кæронмæ. Цалдæр ныхасы ма - тæлмацы историйы тыххæй. XX æнусы 17-50-æм азты тæлмацтæ мыхуыргонд цыдысты газеттæ «Рæстдзинад», «Хурзæрин», журналтæ «Зиу», «Мах дуг», «Фидиуæг»-ы, рацыдысты хицæн чингуытæй дæр: р^^ооос^ос^ор.ор^^^п^осоророс^ор^^^оо^
0» (<ф) (<ф) <тф) (Гфь (<ф <гф) (Гф ь} Г^ Г<*>; Г*/«у (ф0 (Ф>) (Фч <Ф>) (Фо (<*> 1917 «Ирон газет», 17 июнь: «...Дзæуджыхъæуы рауагъдадон æхсæнад «Ир»-ы дуканийы ис уæййаг ирон æвзагыл чингуытæ - Андерсены «Фыдуынд бабызы цъиу» æмæ «Булæмæргъ» (уырыссагæй тæлмац) ... 1924 - «Рæстдзинад» 2 июнь - Гæдиаты Ц. статья «Вильгельм Телль». Хъусынгæнинаг Æмбалты Цоцкойы тæлмацгонд Шиллеры драмæйы рацыды тыххæй. 1925 8 апрелы газет «Хурзæрин» (Хуссар Ирыстон - 1 январь, 1924) ныммыхуыр кодта Байроны æмдзæвгæ «Душа моя мрачна и печальна» Къубалты А. тæлмацæй. 2 апрелы «Рæстдзинад» мыхуыр кæны Гæдиаты Ц. тæлмац Вильгельм Либкнехты «Хæлуарджытæ æмæ бындзытæ». 15 июны «Хурзæрин»-ы мыхуыргонд æрцыд статья «А.Т. Амбалов Цоцко». Уым стыр аргъгонд цæуы Æмбалты Цоцкойæн, куыд тæлмацгæнæгæн... 9 сентябры «Рæстдзинад» хъусын кæны «Известия Северо- Осетинского научно-исследовательского института»-йы фыццаг рауагъды тыххæй (кæс Гæдиаты Ц. статья Шиллеры «Вильгельм Телль»-ы Æмбалты Цоцкойы тæлмацы тыххæй). 1930 Рацыд Джон Риды чиныг «Десять дней, которые потрясли мир» ирон æвзагмæ Цомайты X. тæлмацæй. 1933 26 апрель. Газет «Æрыгон большевик» ныммыхуыр кодта Энтон Синклеры пьесæ «Правда» ирон æвзагмæ Къодоты Б. тæлмацæй. 1935 Журнал «Мах дуг»-ы 5-6-æм номырты мыхуыргонд æрцыд Карло Гольдонийы комеди «Лжец» ирон æвзагмæ тæлмацгондæй. «Фидиуæг» 9-10-æм номырты ныммыхуыр кодта А. Барбюсы роман «Огонь»-æй скъуыддзаг Дарчиты Дауыты тæлмацæй. 0000000009090909С9000909С0090РРОС900РОР90009<?9^
10 (^ ^«о г^ уг^ у>» (',ы ь#* ЗДо ^ 1936 Газет «Пролетарий Осетии» хъусын кæны, куыст кæй цæуы «Приключения Мюнхаузена»-йыл. Ирон æвзагмæ чиныг ратæлмац кодта Тогуызты Газакк. 1938 «Фидиуæг», № 1 - Е. Потьейы «Марсельеза»-йы тæлмац. 1948 Рацыд Дж. Свифты чиныг «Путешествие Гулливера в Лилипутию» ирон æвзагыл. Газет «Социалистическая Осетия» 1954 азы 3 сентябры мыхуыр кæны Гулуты А. доклад аивадон литературæйы тæлмацты тыххæй. 1955 Ноябрь, журнал «Фидиуæг», №11 - Адам Мицкевичы амардæй рацыд 100 азы - æмдзæвгæтæ ирон æвзагмæ тæлмацгондæй. 30-æм азты рацыдысты чингуытæ: ДаниэльДефо. Робинзон Крузо. Р. Э. Распэ. Приключения барона Мюнхаузена. Дж. Свифт. Пугешествие в страну лилипутов. В. Гюго. Гаврош. 40-50-æм азты: У. Шекспир. «Король Лир», 1948. У. Шекспир. «Отелло», 1951. Дж. Свифт. «Путешествие Гулливера в страну Лилипутов», 1948. Бичер-Стоу. «Хижина дяди Тома», 1950. Юлиус Фучик. «Слово перед казнью», 1951. 30-70-æм азты тæлмацгонд æрцыдысты: Барахъты Гино - В. Гюгойы уацмыстæ. Брытъиаты Созырыхъо - Бичер-Стоуы «Хижина дяди Тома» æмæ æнд. Токаты Алихан стæлмац кодта Петефийы æмдзæвгæтæ.
г^ г<*/^ оф>) (<*Х*о тъ (Фо ъФ’) <<»<>) «*) Дойаты Саханджери (Николай Михайлович) - Рабиндранат Тагоры роман «Крушение». Токаты Асæхмæт (Ашах) - У. Шекспиры «Король Лир», «Ромео и Джульетта»; Ф. Шиллеры «Разбойники»; К. Гольдонийы «Слуга двух господ» æмæ æнд. (Кæс «Театральная энциклопедия». Т.4. М., 1967. С. 218). X. Цомайты (Хадзырет Цомаев) - Джон Риды «Десять дней, который потрясли мир». Гæдиаты Цомахъ - Виктор Гюгойы «Хъазуат баррикады»; Вильгельм Либкнехты «Хæлуарджытæ æмæ бындзытæ». Дарчиты Дауыт - Юлиус Фучикы «Слово перед казнью». Цæрукъаты Алыксандр - Джанни Родарийы æмдзæвгæтæ сывæллæттæн. Богазты Умар - китайаг фысджыты радзырдтæ. Темыраты Дауыт - Проспер Меримейы «Африканская любовь», «Женщина-дьявол»; А. Ирасекы «Фонарь»; Г. Гейермансы «Гибель», «Надежды». Къаддæр нысаниуæг нæ уыд XX æнусы 60-90 азты æмæ XXI æнусы райдайæны конд тæлмацтæн, уыимæ рацыдысты куыд хицæн чингуытæй, афтæ фысджыты уацмысты æмбырдгæндты дæр: Ф. Штлер. Вильгельм Телль. Æмбалты Цоцкойы тæлмац. Дж. Родари. Æмдзæвгæтæ сывæллæттæн. Цæрукъаты А. тæлмацтæ. - Орджоникидзе, 1963. Нигер. Уацмысты æмбырдгонд. 1т. Дзæуджыхъæу, 1966: К. Гораций. Ды мæнæй, Хлойа, лидзыс... О. Хайям. Æмæ мæ хъустыл ауад хъæр..., Изæрмилтæ... Хафиз. Кæд алцы у æнусæй дæр нысан..., Искуы ’васт... Н. В. Гете. Фыййауы рахъаст. Г Гейне. Сылгоймаг. Ныххизынц ингæнмæ фæлтæртæ. Меттæ. Динийаг балладæ. Лу Синь. Куыдз. Зондахаст. Уилъям Шекспир. Уацмыстæ. Плиты Грисы тæлмац. Орджоникидзе, 1980: Отелло. Ромео æмæ Джульеттæ. Гамлет. Кориолан. С9С909С9С9Р9е9С9е9С009СЗр9С9СООЭС009С909С9СОр909
1-2 (•>; <<*х«ь <<*Х«Ь ('*№ (гФ>> (гФ* (’Ф’* ('Ф>> °>) >-<* <г^<г~ъ<> -*-6--%- <,-+г<у-*г-/>*>- < (<■>) «*&> <<%*>) е*Х*> С^ <фЯ> с«?Х^ «;/*> С'1) Уклъям Шекспир. Уацмыстæ. II том. Плиты Грисы тæлмац. Орджоникидзе, 1983: Тимон Афинаг. Цимбелин. Æфхæрд æфхæрдмæ. Виндзойраг фæлитойтæ. Эдмон Ростан. Сирано де Бержерак. Джыккайты Шамилы тæлмац. Орджоникидзе, 1985. Андерсен. Фыдуынд бабызы цъиу. Ходы Камалы тæлмац. Орджоникидзе, 1989. Омар Хайям. Цыппаррæнхъонтæ. Дзасохты Музаферы тæлмац. Дзæуджыхъæу, 1996. Омар Хайям. Рубаи. Лолаты Батрадзы тæлмац. Дзæуджыхъæу, 1999. Омар Хайям. Цыппаррæнхъонтæ. Дзасохты Музаферы тæлмац. Мæскуы, 2001. Буонаротти Микеланджело. Сонеттæ. Кокайты Тотрадзы тæлмац. Дзæуджыхъæу, 2010. Уильям Шекспир. Сонеттæ. Ричард III. Кокайты Тотрадзы тæлмац. Дзæуджыхъæу, 2014. Классикон драматургийы библиотекæ. I том. Джусойты Нафийы тæлмац. Цхинвал, 2014: Софокл. Эдип-паддзах. Антигонæ. Уильям Шекспир. Юлий Цезарь. Макбет. Хивæнд чызг куыд фестад коммæгæс. Лопе де Вега. Хуыссыди хосы уæлæ куыдз. Классикон драматургийы библиотекæ. II том. Джусойты Нафийы тæлмац. Цхинвал, 2016: Фридрих Шиллер. Мария Стюарт. Г. Ибсен. Пер Гюнт. М. Метерлинк. Монна Ванна. Зæгъын хъæуы уый, æмæ, журнал «Мах дуг», йæ сæйраг редактор Хъодзаты Æхсары фæрцы, кæны стыр рухстауæн куыст, цæмæй ирон чиныгкæсæг дунеон литературæйы уацмыстимæ йæ мадæлон æвзагыл базонгæ уа. Журналтæ «Мах дуг» æмæ «Фидиуæджы» 1989-2015 азты мыхуыргонд æрцыдысты алыхуызон авторты тæлмацтæ:
Г^ <»/*) <*>,) (,*/*> <«/*, (<о/^ (.*/^ <«*/«•; **> Эрнест Хемингуэй. Килиманджаройы митæвæрдтæ. Гуыцмæзты Алешы тæлмац. Фидиуæг. - №6. - 1989. Эрнест Хемингуэй. Фæндагамонæг куыдз. Бицъоты Грисы тæлмац. Мах дуг. - № 8. - 1989. Хорхе Луис Борхес. Нимфæтæ. Зинтæ. Сведенборгы зæдтæ. Сведенборгы дæлимонтæ. Сæдæсæрон. Хъодзаты Æхсары тæлмацтæ. Мах дуг. - № 1. - 1996. Джеймс Джойс. Гæды æмæ хæйрæг. Хъодзаты Æхсары тæлмац. Мах дуг. - № 1. - 1996. Франц Кафка. Радзырдтæ. Хид. Цъиусур. Æхсæвыгон. Хъодзаты Æхсары тæлмацтæ. Мах дуг. - № 1. - 1996. Гарсиа Лорка. Гитарæ. Ис ахæм зæрдæтæ. Хаджеты Таймуразы тæлмацтæ. Мах дуг. - № 9. - 2001. Шандор Петефи. Венгераг дæн. Хаджеты Таймуразы тæлмац. Мах дуг. - № 9. - 2001. Шах Идрис. Уацмыстæ. Бес-Уæгъуыры (Хъодзаты Æхсары) тæлмацтæ. - Мах дуг. - № 8. - 2001. Хикмет Назым. Æмдзæвгæтæ. Хаджеты Таймуразы тæлмацтæ. Мах дуг. - № 9. - 2001. Аполлинер Гийом. Æмдзæвгæтæ. Хаджеты Таймуразы тæлмацтæ. Мах дуг. - № 9. - 2001. Джордж Ноэл Гордон Байрон. Æмдзæвгæтæ. Хаджеты Таймуразы тæлмацтæ. Мах дуг. - №9. - 2001. Жан Лафонтен. Æмбисæндтæ. Бес-Уæгъуыры (Хъодзаты Æхсары) тæлмацтæ. Мах дуг. - № 8. - 2001. Альберти Рафаэлъ. Булæмæргъ, иунæгæй зарыс. Федерико! Æдзæттæ Боцъо. Хъодзаты Æхсары тæлмацтæ. Махдуг.-№1.-2002. Альфред Теннисон. Артур-паддзахы мæлæт. Кадæг. Золойты Аркадийы æмæ Хъодзаты Æхсары тæлмац. Мах дуг. -№12.-2002. Бодлен Шарль Пъер. Прозæйæ фыст æмдзæвгæтæ. Хъодзаты Æхсары тæлмацтæ. Мах дуг. - № 10. - 2002. Проспер Мериме. Фидары байст. Меримейы зонды ныхæстæ. Хъодзаты Æхсары тæлмац. Мах дуг. - №7. - 2003. Иоганн Волъфганг фон Гете. УАМТА8! УАМТАТЦМ
14 а>) ьт <*х«о **№ «Ф» Ы«» Ы*ъ Ы& гм (*$ сф^ е*Х*> (Ф:) (</*;> &/*) <-<Фэ «Ф} <") УАМТА8! Джыккайты Шамилы тæлмац. Мах дуг. - №9. - 2003. Мари Виктор Гюго. Кæсы мæм хатгай цард æлгъаг æмæ æвиллон. Джыккайты Шамилы тæлмац. Мах дуг. - №9. - 2003. Фридрих Шиллер. Ног æнусы къæсæрыл. Джыккайты Шамилы тæлмац. - Мах дуг. - №9. - 2003. ГенрихГейне. Æмдзæвгæтæ. Немыцагæвзагæй. Санахъоты Юлияйы тæлмацтæ. Мах дуг. - №3. - 2004. Пабло Неруда. Поэты зæрдæ. Æмдзæвгæтæ. Ходы Камалы тæлмацтæ. Мах дуг. - №4-5. - 2004. Франческо Петрарка. Петраркæйы зонды ныхæстæ. Хъодзаты Æхсары тæлмац. Мах дуг. - №7. - 2004. Франческо Петрарка. Æз афтæ ’нхъæлдон... Æмхиц дæн тохмæ... Æруадзы арв дæ галуантыл... Ызгъоры рæстæг... Мæ дудгæ хъарæг... О Удисæг... Ходы Камалы тæлмацтæ. Махдуг.-№7.-2004. Эмили Дикинсон. Æрвон бæстæ. Хъодзаты Æхсары тæлмац. Мах дуг. - №3. - 2005. Сартр Жан-Полъ. Сис. Новеллæ. Хъодзаты Æхсары тæлмацтæ. Мах дуг. - № 12. - 2005. Шандор Петефи. Фыдыбæстæ. Дойны лæджы сагъæстæ. Мæ ингæн. Ме стихтæ. Ныстуан хурмæ. Цинты ’хсæв. Сагъæс хъæлдзæг фынгыл. Венгри. Мæ зæрдæйы хъыг. Мæ фыны федтон хæст. Уæды хуызæн нал дæн. Мæн бафæндид. Хъысмæт, фæндаг мын ратт. Сауцæст рæсугъдæн. Лæг дæ, уæд у. Зынг. Æрмæстæр ды... Æз уарзын дæу!.. Райы уд... Фæззæг та æрцыд. Европæ бамыр. Хъодзаты Æхсары тæлмацтæ. Мæ мад æмæ мæ фыды мæлæт. Гусар. Нафийы тæлмацтæ. Махдуг. №3.2007. Ганс Гриммелъсгаузен. Симплициссимус (скъуыддзаг романæй). Джыккайты Шамилы тæлмац. Мах дуг. - №9. - 2007. Эдгар Аллан По. Дæ бахудт, де сныхас мæ удæн... Катайы дæлвæз. Френсис Оскудмæ. Еленæмæ. Инæрыхъойы (Хъодзаты Æхсары) тæлмацтæ. Мах дуг. - № 1. - 2009. сосс^осоеэоос^оозсососэоосрсосоеосог^
Оо (Гф Сфъ *ф) (Гф.) ъуг» (<фо б,у<» <7.п 1 <л> <ф.) <ч/ь) «фо С*Х'у («»Х^ (Ф’) С<#'') (<0 Кнут Гамсун. Дыууæ радзырды: «Тас», «Сандыр æмæ Леонардо». Хъодзаты Æхсары тæлмацтæ. Мах дуг. - №6. - 2009. Станислав ЕжиЛец. Прозаикон мйниатюрæтæ. Хъодзаты Æхсары тæлмацтæ. Мах дуг. - №7. - 2009. Фридрих Шиллер. Æмдзæвгæтæ. Фатаонты Уариганы (Хъодзаты Æхсары) тæлмацтæ. Мах дуг. — №11.- 2009. Марк Твен. Ньюарчы мæ куыд афæлывтой. Фондз лæвары. Марк Твены базырджын ныхæстæ. Хъодзаты Æхсары тæлмацтæ. Мах дуг. - №4. - 2010. Омар Хайям. Рубаитæ. Нафийы тæлмацтæ. Фидиуæг. - №4. - 2011. Рубаитæ. Нафийы тæлмацтæ. Фидиуæг. - №5. -2011. Бертолъд Брехт. Æмдзæвгæтæ. Золойты А. тæлмацтæ. Махдуг.-№12.-2011. Джованни Боккаччо. Сонет Италийыл. Ходы Камалы тæлмац. Мах дуг. - № 10. - 2013. Джованни Боккаччо. «Декамерон»-æй. Цитатæ. Хъодзаты Æхсары тæлмацтæ. Мах дуг. № 10. 2013. Немыцаг поэзийæ. Æмдзæвгæтæ. Золойты Аркадийы тæлмацтæ. Мах дуг. №8. 2014. Альберто Моравиа. Æртæ новеллæйы. Хъæрæцаты Зæирæйы тæлмацтæ. Мах дуг. - № 12. - 2015. Дзырды дæсныты уацмысты тæлмацы историйы ног къæпхæн сси 2017 азы ирон æмæ дыгуронмæ ивд Антуан де Сент Экзюперийы «Гыццыл принц». Стæлмац æй кодта фæсарæйнаг литературæ уарзæг филологон наукæты доктор, францаг æвзаг иттæг хорз зонæг Хъамболты Тамерлан Астемыраты Изетимæ иумæ, «Минкъий принц» та - Хъамболты Тамерлан йæхæдæг. Тæлмац хæстæг у оригиналмæ йæ лексикæ æмæ стилистикæмæ гæсгæ, хицæн кæны авторы сфæлдыстад æнкъарынæй; тæлмацгæнджытæн бантыст ирон чиныгкæсæгмæ аргъауы мидис, йæ фæлгонцтæ рахæссын, йæ хæдхуыздзинад бахъахъхъæнын, авторы прозаикон дæсныдзинад равдисын. Ацы тæлмацæн ис ирон аивадон литературæйы хибарæй уæвыны бар.
(у 'с»*Х^ 'С'1Х%> "С*Х^ ^Х^ С«*Х^ С«*Х^ л*Ху '('?) Дунеон классикты литературон бынтæ бацыдысты ирон адæмы культурон æмæ миддунеон царды, куыд сæ национ хъæздыгдзинады æнæфæхицæнгæнгæ хай; фæсарæйнаг фысджыты сфæлдыстад Ирыстоны фысджытæн у аивадон дæсныдзинады æцæг скъола. Ацы чиныджы мах бацархайдтам, М. Налбандяны загъдау, алыхуызон дунеон дидинджытæн сæ адцжындæр хæрздæф æрæмбырд кæныныл. Чиныджы ас æгæр бирæ кæй цыд, уымæ гæсгæ æндæр гæнæн нæ уыд, æмæ йæм бахастам ахæм тексттæ æмæ скъуыдцзæгтæ, махмæ гæсгæ ирон литературон процессы тæлмацы дæсныйады ныв ирддæр кæм зыны. Нæ зæрдæ дарæм, чиныгкæсæг кæй сразæнгард уыдзæн царды, адæмы тыххæй йæ зонындзинæдтæ фæхъæздыг кæнынмæ, кæй банкъардзæн дзырдаивады хицæндзинæдтæ, литературæйы тæваг адæймагыл. ТЕДТОЙТЫЗинæ -=<©$©>=- о^сх^ооосоеосорое^^^с^осрсор^^ососо^^осор^
(?^Х?^Х?^/?^&^Х*^Х*+*Х?^>. (<у ф>> ’ <•■>/•) <■•./*> ’ <«Х'>> <•>/'■) <?>/'■> <•>/'■> <•>) 17 ÆМБАЛТЫ ЦОЦКО Фридрих Шиллер ВИЛЬГЕЛЫМ ТЕЛЛЬ Фондзархайдон драмæ Ацы фæллойæ мысын æмæ рухсаг зæгъын ахуыргæнæг Гæбуты Тæтæрийæн Цоцко Швицы адæм. Архайджытæ: Герман Геслер- имперы бæстыхицау Швиц æмæ Уры. Вернерфон Аттингаузен- зæхджын барон. Ульрихфон Руденц-йæхойылæппу. Вернер Штауффахер \ Конрад Гунн Ител ь Р еди н г Ганс Мауер Иорг Го ф У л ьрих Шм и д Иост Вайлер / АрнольдМельхталь КонрадБаумгартен Майер С арн ен СтрутВинкельрид КлаусфондерФлиус БуркгартБиугель АрнольдС ев а / Е н н и - кæсагахсæджы лæппу. С е п п и - фыййауы лæппу. Гертрудæ- Штауффахеры ус. ИоганнПаррицида- Швабы герцог. Гедвигæ- Теллы ус, Вальтер Фиурсты чызг. Бертæ фон Брунек- бирæ бынты хицау чызг. > Унтервальденæй. ^о^осооосососоршжосос^сосрсос^р^ооосос ^? ос ос р 2
18 (*> >Х^ <•*&> '**&> '«*&> '**/';> Г(1Ф$ '«Ф$ «*) ) Уры бæстæгтæ. хъæууон устытæ. РудольфГаррас- Геслеры стальмейстер. В ал ьтер Ф иу р ст \ ВильгельмТелль Рёссельман- пастор Петерман- кистер К у о н и - фыййау В е р н и - цуанон Р у о д и - кæсагахсæг Ар м гар дæ Мехтгильдæ Эльсбетæ Гильдегардæ В ал ьтер ^ 0 > Теллы лæппутæ. Вильгельм ) ^ Пфайфер- Лиуцернæй. К у н ц - Герзауæй. Фр и с гар д Лёйтхольд Штиусси- фатæхсæг. Уацхъуыдхæссæг. Куыстмæгæсæг, агъуыстаразгæйæ. Дурамайæг, йе’ххуысгæнджытæ æмæ к у с д ж ы т æ. Ф и д и у æ г. Г е с л е р æмæ Ланденберджыхъахъхъæнджытæ. У с т ы т æ æмæ л æ г т æ хъæдарæхджын кантонæй. } салдæттæ. еоооеоеооооосоешососоеосоооеосор_ороооео?9е9роео
^, вл, <да^«Ж*^»^^»>^) 19 (*■) <«/>') ’ <>Ф>) (•»>•> ’ чФ-> <Ф-> (•»)'•) <!>У'> <Ч> ФЫЦЦАГ АРХАЙД Фыццаг æвдыст Бæрзонд айнæг къæдзæх - цады был, цады ном - «Цыппар Кантоны Цад», Швицы комкоммæ. Цад иуырдæм фæгуылгонд. Йæ былгæрон - хæдзар. Е н н и ленк кæны бæлæгъы. Цадæн иннæрдыгæй фарс зынынц цъæх фæзтæ æмæ Швицы хъæутæ, рухс дарынц хурмæ. Кæсджытæн сæ галиуырдыгæй - хæхтæ, мигъæй æмбæрзт; рахизырдыгæй - митджын къæдзæхтæ, цæст сын нæ ахсы сæ кæрон. Æмбæрзæн сисыны агъоммæ хъуысы уадындзæй хъазт, дзугты уасын æмæ мырмырæгты хъæр. Е н н и (зары бæлæгьы): Цъæх цады тæмæнтæ, цъæх цады фæйлауæн... Æрфынæй ис лæппу... уый дымгæ рæвдауы. Иæ мидфын ын уадындз Цыдæртæ зæгъы... Уый зарды зæлтимæ Уæлæрвты тæхы. Æрыхъал ис. Зæрдæ рæсугъд æрдзмæ хъазы, Фынккалгæ уылæнтæ фæйлауынц йæ разы. Йæ хъустыл æруадис Мынæг, сусæг хъæр: «Ныррæцуть хи гуылфмæ, Æнусмæ уым цæр!» К у о н и (зары хохы сæрæй): Хæрзбон, сæрвæттæ, Сæуæхсиды ’хсидæн! Зын нын у фæхицæн. Фæивгъуыдта сæрд! сррэеосрррр^рр^рс^^ор^^^^^РРРРЯР-^^^ЯР^^
(*,) ’ <фэ ’ о#*э "(.*Х*) *>*)6> 'С«*Х^ ’г*/*) >/5> Ф У афон, ныххизæм, цæй, астымтæм балцы, Уым фенæм, куыд райхъал йæ салд фынæй алцы: Рæсугъд дидинджытæн сæ хъулон цæхæр; Уым фехъусæм мæргъты ’мæ суадæтты хъæр. Хæрзбон, сæрвæттæ, Сæуæхсиды ’хсидæн! Зын нын у фæхицæн! Фæивгъуыдта сæрд! Ныв æндæрхуызон фæци, æмыр хъæр хъуысы хæхтæй; аууон алырдыгæй æрæмбæрзта асæсты. Р у о д и, кæсагахсæг, рацæуы йæ хæдзарæй. В е р н и, цуанон, æрцæуы къæдзæхæй. К у о н и, фыййау, æрцæуы, хызын йе ’фцæджы, С е п п и, йæ лæппу, йæ фæдыл. Р у о д и. Хыз тагъддæр амбырд кæн, Енни! Арв æрхъуынджын, дымгæ ниуы. Не ’нусон сыхаг мигъын худæй сарæзта йæхи, æмæ, хуыцауы фæндæй арв гæрæхтæ кæнын куыд райдайдзæн, уый нал фендзынæ. К у о н и. Нæ батагъд кодтай, цы, мæ бæстаг? Уарын байдайдзæн; нæ кæсыс, фыстæ куыд зыд кæнынц кæрдæгыл; куыдз дæр къахы зæхх. В е р н и. Хуымæтæджы не згъоры кæсаг, доны ацц дæр нал æнцайы ныгъуылынæй, æнæ уаргæ дзы нæй, арв дæр нæрдзæн. К у о н и (лæппумæ). Фосæй ма хъæуы, цы, Сеппи? С е п п и. Нал, мæ хицау, - нæ Лизли дæр ам ис: базыдтон æй йæ мырмырæгтæй. К у о н и. Уæдæ аннæтæ дæр ам уыдзысты, уымæй дарддæр сæ ничи вæййы. Р у о д и. Тынг хорз сты дæ мырмырæгтæ, мæ хæлар. В е р н и. Фосæй дæр цы загъдæуа!.. Дæхи сты æппæт рæгъæуттæ дæр, мæ хæлар? К у о н и. Не сты - æз уыйбæрц фосджын нæ дæн. Уыдон ме ’лдар Аттингаузены фос сты. Р у о д и. Иу хъуджы хъуырыл та дзы лент баст и; диссаджы хорз ыл фидауы! К у о н и. Афтæ кæй у, уый æмбары йæхæдæг дæр æмæ дзы хъал дары йæхи. Куы йын æй рафтауин, уæд нал хизид.
(*>> <9р>) <Ф>) (Фо (Ф>) (Фу <*у>) (±*У*>) <«) Р у о д и. Дзæгъæл ныхас у дæ ныхас! Æгомыг фос та ма дын уыдæттæ æмбара, уый куыд уыдзæни? В е р н и. Ма зæгъ! Зонд сырдмæ дæр кæй ис, уый мах зонæм. Цуанонтæ, хæхты цуангæнгæйæ, фенынц алыхатт, - сычъитæй сæ иу вæййы хъахъхъæнæг. Æмæ сæм, æвæдза, цуанон баввахс, уæд сырд ныхситт кæны, æмæ уадидæгæн сычъитæ сæхи амбæхсынц кæмтты. Р у о д и (фыййаумæ). Уæхимæ сæ скъæрыс? К у о н и. Гъо! Хиз нал ис хæхты. В е р н и. Фæндараст! К у о н и. Ды дæр фæндараст! Уыйбæрц æдас нæ вæййы сымахæн уæ фæндаг. Р у о д и. Уый та нæм чи ’рбацæуы? Куыд тындзы... В е р н и. Уый нæхи Баумгартен, алцелнаг. Конрад Баумгартен æрбазгъоры хæстулæфтгæнгæйæ. Баумгартен. Бæлæгъ мын тагъд, кæсагахсæг, хуыцауы хатыр бакæн! Р у о д и. Æмæ уыцы тагъд кæдæм кæныс? Баумгартен. Райхал тагъд дæ бæлæгъ! Фыдбылызæй мæ бахиз. Доны иннæ фарс мæ фæкæн. К у о н и. Цы хабар у, цы дыл æрцыди, мæ хæлар? В е р н и. Сурæг дæ ис? Кæмæй лидзыс? Баумгартен (ксесагахсæгмæ). Мæ фæд-фæд згъорынц бæстыхицауы фæдисæттæ. Бацарæфтыд дæн, куыддæр мæ æрбаййафой, афтæ. Р у о д и. Æмæ дæ цæмæн сурынц? Баумгартен. Фервæзын уал мæ кæн, стæй дын æй уæд радзурдзынæн. В е р н и. Æмæ уæд тугæй ахуырст та цæмæн дæ? Баумгартен. Росберджы цесæр йæхи бæсты цы хицау æрæвæрдта... К у о н и. Чи? Вольфеншиссен? Ахсынмæ дæ уый хъавы? Баумгартен. Уымæй тас нал у, - мæ къухæй мæрдтæм бацыди. Æмхуызонæй (сæхи дзы фыртæссæй айсгæйæ). Цы бакодтай, æнамонд?
22 ш <чг<>) (<*т (м ('ф>) (’ф» (<ф> (<ф) *,) (л> оф>) (ы/^ №; С<»Х^ С«*Х*^ '<?/*> ^'?/г2> С^ Баумгартен. Мæ раны уæ алчидæр, æз цы бакодтон, уый бакодтаид: æз дзы райстон мæ маст, æз ын нæ ныббарстон... мæ хæдзары æфхæрд, ме ’фсины æфхæрд. К у о н и. Дæ усы дын бафхæрдта? Баумгартен. Хъавыди, хуыцау æмæ йын мæ цыргъ фæрæт куынæ фæдзæгъæл кодтаиккой йæ фæндтæ, уæд. В е р н и. Дæ фæрæтæй йæ?.. К у о н и. Дæ хорзæхæй, радзур нын æй, куыд уыди? Кæсагахсæг цалынмæ бæлæгъыл архайа, уалынмæ нын æй дзырд фæуыдзынæ. Баумгартен. Сугтæ кодтон хъæды; æваст ме ’фсин мæ разы æрбалæууыд, хуызæртау дзы нал уыди, афтæмæй, æмæ дзуры, бæстыхицау нæ хæдзары кæй æрæнцад, абана тæвд кæнын кæй кодта, ме ’фсиныл куыд хъавыд тыххæй хæцынмæ. Ус ма тыхтæ æмæ æхсæрттæй раирвæзт æмæ мын ракодта йæ хъаст, йæ маст. Уыцыхуызæнæй æз балæууыдтæн нæхимæ, баййæфтон дзы æнаккаджы... уæ балгъитæг афтæ!.. Фæрæтæй йын афазтон йæ сæры кæхц. В е р н и. Афтæ йын хъуыд - ничи дæ базылын кæндзæн. К у о н и. Тиран! Цы агуырдтай, уый ссардтай. Унтервальдены маст дзы райстай. Баумгартен. Хабар уайтагъд байхъуыст сахармæ æмæ тæрхоны лæг рарвыста мæ фæдыл фæдис. Рæстæг цæуы... цалынмæ дзурæм... Хъуысы арвы нæрын. К у о н и. Батагъд кæн, кæсагахсæг, уыцы фарс æй фæкæн! Р у о д и. Амал не ’рцæудзæн ацы сахат. Арв нæры, дæлæмæ калы. Банхъæлмæ уал кæсæм. Баумгартен. Хуыцау ме ’вдисæн, рæстæг нæ амоны, мæ бон нæу... чысылдæр бафæстиат дæн, уæд мын бауыдзæн хæрзæрæджы. К у о н и (кæсагахсæгмæ). Фæстиат ма кæн, мæ хæлар, хуыцау дыл цы хæс сæвæрдта, уый сæххæст кæн: мæлæтæй йæ фервæзын кæн. Чи зоны, уый цы зыны ис, мах сæртæ дæр уый баййафа. Арвы нæрын æмæ тымыгъ.
Оч <?Ф> сфь гф Ьф <<,Г*ь <>фь <М» Ъ) 23 Г^ г«>; (*/«>> («/*> <»Х^ счХ*г> («*Х«у (<*/'■!> (<*> Р у о д и. Нæ уыныс, цад куыд фæйлауы, куыд ниуы: тымыгъы ныхмæ та мæнæн бæлæгъ тæрын мæ бон нæ бауыдзæн. Баумгартен (зонгуытыл æрхауд). Фервæзын мæ кæн! Хуыцау дын æй бафиддзæн хорздзинадæй мæ бæсты. В е р н и. Дæ къухы ис йæ фервæзын! К у о н и. Бынтон дзæгъæлы зайынц йæ бинонтæ: йæ ус æмæ йæ зæнæг! Ноджы та цæуы арвы гæрæхтæ. Р у о д и. Мæн дæр мæ уд рауæлдай хъæуы, фæлæ мын ус æмæ зæнæг ис. Кæсут фæйлауæнты абухтмæ: кæрæдзийы куыд хойынц, куыд зилдух кæнынц! Нæ бацауæрдин мæхиуыл, цæмæй йæ фервæзын кæнон, фæлæ уый адæймаджы къухы нæ бафтдзæн. Баумгартен (йæ зонгуытыл ма лæууы). Уæдæ мын фервæзынæн амал нал ис! Фыдгулты къухы бафтдзынæн æмæ мыл сæвæрдзысты хъадамантæ. Афтæмæй та цады фаллаг фарс дард нæу: мæ нæтын дæр æм байхъуысдзæн. Уырдæм бахæццæ дæн, æвæдза, уæд мын тас нал уаид. Бæлæгъ дæр мæнæ - мæ разы. Уайтагъд мæ уыцы фарс сæмбæлын кæнид. Фæлæ хæрæг ихы сæрыл куыд баззайа, афтæ ацы ран баззадтæн æвæгæсæгæй. К у о н и. Акæсут-ма, уый та нæм чи ’рбацæуы? В е р н и. Уый Телль, тиуыргленаг! Телль æрбацæуы æд фат, æд æрдын. Т е л л ь. Уыцы лæгъстæ уын цæуыл кæны ацы лæг? Чи у? Кæцон у? К у о н и. Алцелнаг: йæ усы æфхæрдмæ амардта паддзахы бæсты æвæрд хицау Росберджы. Бæстыхицау æм рарвыста ахсынмæ, лæгъстæ кæны кæсагахсæгæн, цæмæй йæ цады фаллаг фарс фæкæна, фæлæ уый нæ хæссы тымыгъæй йæ ныфс. Р у о д и. Мæнæ уын ай та Телль, - уый дæр æнæ арæхсгæ нæу фыййагимæ. Зæгъæд-ма, кæдцæра цæуæн ис айхуызæны цады? Арвы гæрæхтæ. Цад дыууæрдæм кæны. Цæстуынгæйæ адзалы хъæбысмæ куыд баппарон æз мæхи? Нæ, уыйбæрц нæма фæдзæгъæл мæ зонд! Т е л л ь. Æхсарджын адæймаг йæхи сæры кой æппæты фæстæ бакæны. Хъиамæтæй йæ бахиз хуыцауы фæрцы.
24 Г«!> <<Ф>; <<*№ <<*№ (гФ» Ы** С'Ф> ('*№ °>) Гу г,,/^ (фз (■*/*> С**ХЪ> С'*/у С<*/у */<2> Ф Р у о д и. Хуыскъыл уынаффæ кæнын зын нæу! Уый дын цад5 уый дын бæлæгъ - бавзар. Т е л л ь. Цады дæр искуы æнцайынмæ хъæуы, фæлæ хатыр нæй бæстыхицаумæ. Фервæзын æй кæн, кæсагахсæг. К у о н и æмæ В е р н и. Йа-мардзæ, йа-мардзæ! Р у о д и. Нæ уыдзæн! Ме ’фсымæр куы феста5 мæхи хъæбул, уæддæр не сразы уыдзынæн. Абон у Симон Иудæйы бон: фыдæлтæй куыд баззади, уымæ гæсгæ та, нывонд фæцагуры йæхицæн æнæбын мал уыцы бон. Т е л л ь. Ныууадз-ма дæ æдылы ныхæстæ: рæстæг махмæ нæ кæсы, ныхасæй йæ буц ма кæн - æххуыс ын хъæуы. Ласыс æй æви нæ? Р у о д и. Мæ бон нæу! Т е л л ь. Уæдæ хуыцауы цы фæнда, уый уыдзæн. Тагъд мын бæлæгъ! Æз æй ласын, кæд мын бантыса, уæд. К у о н и. Гъеуый дын лæджы ныхас, гъе! В е р н и. Саглæджы. Баумгартен. Телль, абон ды дæ мæнæн мæ хуыцауыхай, мæ хъахъхъæнæг зæд! Т е л л ь. Æз дæ фервæзын кæндзынæн тæрхоны лæгæй, тымыгъæй та дæ бахъахъхъæнæд бæрзондылбадæг! Дæхи хуыцауы уазæг бакæн, адæмы бон уыйбæрц нæ бауыдзæн. (Фыййаумæ.) Мæ хæлар, зæрдæтæ-иу бавæр ме ’фсинæн, мыййаг мыл исты фыдбылыз куы ’рцæуа, уæд. Цы сфæнд кодтон, уый æнæ бакæнгæ мæ бон нæу. (Балиуырдта бæлæгьмæ.) К у о н и (кæсагахсæгмæ). Дæумæ дæр дзы лæджы номæй дзурынц! Телль цæмæ бахаста йæ ныфс, уымæй ды фæтарстæ. Р у о д и. Æмæ йæм йæ ныфс хæсгæ дæр ничи бакæндзæн уый йеддæмæ: нæ хæхбæсты дыккаг нæ разындзæн ахæм. В е р н и (ссæуы къæдзæхмæ). Уæртæ фæленк кæны. Хуыцауы уазæг у, æхсарджын лæг! Кæсгæ-ма йæм кæнут, - бæлæгъ куыд тæхы фæйлауæнтыл. К у о н и (былгæронæй). Нал зыны - фæйлауæны бын фæци. Фæзынди та. Гъеуый дын лæг, гъе! Фыййагæй ма исчи арæхсы афтæ! росоооооеоооросоеососэсэе^ос
С^ г<*>; **/«>> («*/*> оО^У С«»Х*У <'#Ь «»'>) <<0 С е п п и. Рейтортæ1 нæм тындзгæ æрбацæуынц! К у о н и. Уыдон сты бæлвырдæй, фæлæ сын байрæджы. Ланденберджы рейтортæй иу къорд. Р а з з а г. Цы фæци марæг? Тагъд нын æй æрисут! Д ы к к а г. Ам кæй ис, уый зонæм мах. Нал æй бамбæхсдзыстут. К у о н и æмæ Р у о д и. Кæй агурут, хорз адæм? Р а з з а г (бæлæгъ фенгæйæ). Гъæ, хуыцау кæй ралгъыста! Нæ йæм кæсут! В е р н и (къæдзæхæй). Бæлæгъы чи фæленк кæны, уый ма сурут, мыййаг. Фæстиат ма кæнут, мæ хæлæрттæ, ирвæзы уын. Д ы к к а г. Ирвæзт дæр ма фæци, хуыцауы æлгъыст! Р а з з а г (фыййау æмæ кæсагахсæгмæ). Иæ хъуыддаг аразæг сымах уыдыстут. Фæлæ уый зонут, æмæ уын нæ батайдзæн. Хæлæттаг уын фæкæндзыстæм уæ фос, арт уын бандзардзыстæм уæ къонатыл - се ’ртхутæг сын ныддардзыстæм дымгæмæ! Араст ис. С е п п и (лидзгæ-лидзын). Уæ, мæгуыры бон куыд бакодта мæ уæркотыл! К у о н и (йæ фæд-фæд). Царæфтыд куыд фæдæн... мæ дзугтæ! В е р н и (йæ къухыфыдтæ тонгæ). Бæрзондылбадæг! Нæ фыдæлты бæстæ нын чи фервæзын кæна, уый кæд фæзындзæн? (Уыдон фæдыл фæуайы.) Дыккаг æвдыст Швицы бæстæйы; Штауффахеры хæдзары комкоммæ. Стыр фæндагыл, хиды раз - сусхъæд бæлас. ВернерШтауффахер æмæ П ф а й - ф е р дзургæ-дзурын æрбацæуынц Лиуцернæй. П ф а й ф е р. Афтæ, Штауффахер, куыд загътон, афтæ бакæнут, ард ма бахæрут Австрийæн. Амал уын цæйбæрц уа, уыйбæрц фыццаджы хуызæн фидар хæцутуæ дзырдыл. Уæ ныфс уын хуыцау ныффидар кæнæд уæ алы хъуыддаджы дæр. (Райста йын йæ къух, раст кæнынмæ хъавы.) ^Рейтортæ- салдæттæ.
26 0>) (<ф) <<*г*ъ <да &/«».> б/«'> ^Х^ ^чХ^ г'*> (*> г^ с^ с-*Х«»> <да с«*/у вду **/*> с*; Штауффахер. Фæфæстиат у, мæ хæлар! Ме ’фсин дæр ныртæккæ зындзæн. Швицы мæ уазæг дæ, Лиуцерны та æз уыдзынæн дæ уазæг. П ф а й ф е р. Бузныг, мæ лымæн! Мæнæн абон Герзауы æнæ сæмбæлгæ нæй. Фæлæ дæ курын: быхсут уал æбуалгъ бæстыхицæутты æфхæрдтæн. Рæстæг, æвæццæгæн, рæхджы аивдзæн, мæ хæлар - имперы уынаффæ бафтдзæн æндæр адæймагмæ. Фæлæ нæм бархъомыс дарын куы байдайа, уæд уый зон, æмæ йын æнусмæ баззайдзыстæм цагъарæй. (Фсецæуы.) Штауффахер æрбадт сусхъæд бæласы бын æмæ хъуыдытыл фæци. ÆрбацæуыГертрудæ, Штауффахерыус. Йæмойыфарсмæбандоныл æрбадт æмæ йæм цъусдуг æдзынæг кæсы. Гертрудæ. Цæй тарæрфыг дæ, нæхион! Зæгъ-ма мын, цы дыл æрцыди? Иукъорд боны дæм кæсын, æмæ дæхи уагыл нæ дæ, сагъæс кæныс цæуылдæр, - раргом æй кæн дæ уарзон бинойнагæн; дæ мастæй, дæ сагъæсæй хай бакæн мæнæн дæр. Штауффахер ын, æнæдзургæйæ, ныххæцыд йæ къухыл. Зæгъгæ-ма мын кæн, цæмæн риссы дæ зæрдæ? Дæ фæллойæн дын арфæ ракодта хуыцау; хæдзар æппæтæй дæр - йедзаг; дæ фосы дзугтæ, дæ хæрзхаст бæхрæгъау сæрæгасæй æрыздæхтысты хæхтæй; бæхдонтæ - æфснайд дæ бæхтæн а зымæгмæ; æлдары мæсыгау - рæсугъд дæ хæдзар: конд у дæ æвзаргæ хъæдæрмæгæй; айдæнау æрттивынц йæ рудзгуытæ, хæрзаив æфтыд - йæ нывтæ; зондджын дзырдтæ фыст - йæ къултыл; уыдон кæсынц бæлццæттæ æмæ дисгæнæг сты, цæмæ цæуынц, ууыл. Штауффахер. Рæсугъд у мæ хæдзар, хæрзаив - йе ’вæрд, фæлæ фидар нæу йæ бындур! Гертрудæ. Цы зæгъынмæ хъавыс, нæ дæ ’мбарын? Штауффахер. Æрæ джы бадтæн æз ацы ран, су схъæ д бæл асы бын, хъæлдзæг уыди мæ зæрдæ нæ ног хæдзарæй; уалынмæ дын мæнæ бæстыхицау æрцæуы æд фæсдзæуинтæ Киунснахæй æмæ æрæнцад нæ разы. Дисгæнгæйæ уыцы каст фæкодта нæ хæдзармæ. Уайтагъд мæ бадæнæй фестадтæн, паддзах нæ бæстæн хицауæй кæй сæвæрдта, уымæ бацыдтæн хæстæг, æгъдауыл. «Кæй хæдзар у ацы хæдзар?» - къахæгау мæ бафарста, йæхи нæзонæг скодта. Æз æм фæцарæхстæн æмæ йын загътон: «Бæстыхицау, хæдзар у мæ
Г<у (’ф <<ф) МЬ Сф> 6>/>) Офо <ь/о Ь) 27 (*, **>; Г<*Д) ъф0 (фу (ф0 <<ф.} (<»>,, &) цытджын паддзах æмæ дæ хæдзар, мæнмæ та у æфстау лæвæрд». Уæд дын афтæ: «Уый та куыд, æмæ хъæубæсты цæрæг адæймаг зæрдæйы фæндоныл хæдзæрттæ араза æмæ æлдары цард кæна? Æз уый нæ ныббардзынæн. Ахæм уаг, ахæм хивæнддзинадæн æз, цы æмбæла, уый бакæндзынæн: сæ бындзарæй сæ стондзынæн». Уыцы ныхасы фæстæ бæстыхицау ацыди хъал æмæ барджын цыдæй. Мæнæн та уæдæй фæстæмæ мæ зæрдæ нал ис мæ риуы; йæ фыдбылызы дзырдтæ мæ стыр мæт бауагътой. Гертрудæ. Мæ уарзон хæлар æмæ мæ сæрыхицау! Хъыг дын ма уæд, мæхи дын зæрдиагæй амонæг куы скæнон, уæд. Æз райгуырдтæн гъеуыцы зондджын фыд Ибергæн, æмæ мын адæм ард кæмæй хордтой, - мæхи дзы хъал кæнын æдæрсгæ! Изæрыгон-иу, æвæдза, мæ хотимæ æрбадтыстæм æлвисыныл, афтæ-иу адæмы хистæртæ æмбырд кодтой мæ фыдмæ; уыдон- иу кастысты имперæй æрвыст чингуытæ, тæрхон-иу кодтой сæ дзыллæйы амонды сæрыл. Лæмбынæг-иу сæм хъуыстон æмæ сын арф бафснайдтон мæ зæрдæйы сæ зондджын ныхæстæ, сæ фæндонтæ. Хъуыды дар, цы дын зæгъон, уый. Рагæй зыдтон æз дæ сагъæс. Бæстыхицау дæ йæ удхæссæг федта, мæ хæлар: Швиц дæу руаджы нæ бафтыд ног хицæуттæм; ды равдыстай дæ рагон фыдæлтау зæрдæйы фидардзинад, ды сайдæй нæ рацыдтæ дæхи паддзахадыл, дæ имперыл. Афтæ у æви нæу, Вернер? Раст нæ зæгъын? Штауффахер. Раст зæгъыс - хæрам мæм уый тыххæй фæци. Гертрудæ. Фырхæлæгæй риссы уымæн йæ зæрдæ, ды сæрибарæй кæй цæрыс дæхи бынтыл, уый йæ фыны дæр кæй нæма федта, ахæм бынтыл. Æфстау райстай дæ хæдзар паддзахæн йæхицæй. Иу æлдар цы исбоныл хæцæг у, уыцы исбоныл хæцæг дæ ды дæр; паддзахæй фæстæмæ хицау нæй дæуæн; уый та у паддзахæн йæ æнæзынгæ вассалтæй, йæ хъæздыгдзинад уæлæмæ дæр, дæлæмæ дæр - йæ рыцары пæлæз. Гъеуый тыххæй адæмы амонд уымæн у йæ цæстысындз. Дæу байсафыныл та уый рагæй кусы. Сæрæгас дæ абоны онг, фæлæ кæдмæ бадинаг дæ æнцад- æнцойæ, дæ къухтæ дæ роны, афтæмæй, дæ фыдгул дын цалынмæ иу фыдбылыз нæ сараза, уалынмæ? Нæ! Æд-зонд адæймагæн йæхиуыл æмбæлы архайын.
28 а>) ^у>о Сс,у«.) (<>ю (ъУь>> м*ь (’о&д (ъ1& ('9л (*> <*&> <*Х_> <**Х*> с<*Х_> <ЧХ9 с*/^ «./9 <*) Штауффахер. Æмæ уæдæ цы бачындæуа? Гертрудæ (фæцæуы йæм хæстæгдæр). Ай дын мæ фæнд: æнхъæлдæн æмæ æнæзонгæ нæ дæ, бæстыхицауы цæйбæрц нæ уарзынц нæ кантоны йæ зыд æмæ йæ налат миты тыххæй; уæдæ уый зон, æмæ Унтервальдены, Уры дæр ссардзынæ бирæты, хицæуттæй разы чи нæу. Ацы ран Геслер махæн цы у, уый у Ланденберг дæр уыцы ран, цады иннæ фарс. Уырдыгæй иу бæлæгъ дæр ахæм нæма æрбацыди, æнкъард уацхъуыдтæ чи нæ æрбахаста: адæмы хурхыл уæрдæх сæвæрдтой бæстыхицæугтæ. Хорз уаид, иукъорд æмбаргæ лæджы куы æрбамбырд уаид, сусæгæй сæ фæнд иу куы скæниккой, цæмæй уыцы уæззау æмæ æгад уаргъ адæмы бæрзæйæ раппарой. Ныфс мæ ис - хуыцау баххуыс кæнид уыдонæн, уыцы раст хъуыддагыл чи сифтындзид сæхи. Зæгъ-ма, зæгъ, дæ зæрдæйы сагъæстæ кæмæн сæргом кæнай, ахæм хæлар дын нæ разындзæн Уры бæстæйы? Штауффахер. Лæджы хуызæн лæгæй уыцы ран кæй нæ зонын, ахæм дзы бирæ нæй, æхсар дæр кæмæ разындзæн, нымады дæр чи у; стæй мæ сегас дæр уарзынц, мæ зæрдæйы фæндон дæр сын раргом кæндзынæн. (Сыстад.) Усай, мæ сабыр, æнцад риуы мидæг мын ды базмæлын кодтай, кæрон кæмæн нæй, ахæм тар æмæ тызмæг сагъæстæ. Ды мын хуры рухсæй фæирд кодтай мæ хъуыдытæ. Мæ фæсонæрхæджы дæр цы нæ æфтыди, мæ тæппуд зонд цæмæй тарст, уыдон мын æхсарджын ныхасæй ды мæ зæрдæйы бауагътай. Фæлæ дæ бафæрсон: дæ фæнд дзæбæх æрхъуыды кодтай, лыстæг æй равзæрстай, нæ рæдийыс? Дæ ныхасы кæрон дæуæн уымæ арæзт у, цæмæй нæ быдырты æрцæуа кардæй хæст, айхъуыса дзы æфсæдты хотыхты нæрын. Æмæ уæд цы бакæнинаг стæм мах, сабыр цардуарзаг фыййæуттæ, æгас дунейæн æлдарад чи кæны, уыимæ? Баууæнд мыл, æнæуи дæр æфсон агурынц, цæмæй нæ мæгуыр кæмттæм æрбарвитой сæ тугдзых æфсæдтæ, цæмæй нын сæ тыхы руаджы байсой ацы ран æфсонмæ-’фсонты нæ рагон бартæ, нæ сæрибар. Гертрудæ. Æмæ хæцæнгæрзтимæ сымах дæ_р_æнæ арæхсгæ куынæ стут; хуыцау та æхсарджынтæн у фарсласæг. Штауффахер. Стыр фыдбылыз, бынтон быны сæфты нысан у хæст; уымæй бабын вæййынц дзугтæ æмæ фыййæуттæ.
(*> г«/^ («*/«>) Р*/^ №у (Ф<) ьф>) <«Х*4 с<0 Гертрудæ. Хуыцауы æфхæрд - хуыцауы сой, фæлæ дыл исчи цы æгады уаргъ сæвæра, уый хæссын аккаг нæу. Штауффахер. Усай! Нæ ног хæдзары цæрынæй куы нæма бафсæстæ: хæст куы байдайа, уæд дын æй рыг фестын кæндзысты. Гертрудæ. Цыфæнды адджын мын фæуæд, уæддæр ыл раст мæхи дыууæ къухæй арт бандзарин. Штауффахер. Хæст нæ хатыр кæны æнахъом сабитæн дæр. Гертрудæ. Сыгъдæджытæ сæхицæн ссардзысты раст тæрхон уæларвы. Размæ кæс5 мæ хæлар, размæ, фæстæмæ хæцынæй ницы рауайдзæн. Штауффахер. Хæсты быдыры амæлын мах базондзыстæм, фæлæ ма сымах цы уыдзыстут нæ фæстæ? Гертрудæ. Æдыхтæн дæр ма уыдзæн фæстаджы бар: иу къæдзæхæй - сæррæтт, æмæ уæд æнусмæ дæр - сæрибар. Штауффахер (йæ усы хъæбысмæ йæхи æппаргæйæ). Ахæм зæрдæйы хицау тох скæндзæн йæ райгуырæн къонайы сæрыл, уый нæ фæтæрсдзæн паддзахы тыхæй! Ацы сахат араст дæн Урмæ. Уым цæры мæ хæлар Вальтер Фиурст: æмзонд у мæнимæ алы хъуыддаджы дæр. Стæй дзы фендзынæн барон Аттингаузены; уый кæд æмæ уæздан мыггагæй у, уæддæр æнæуарзгæ нæу йæ дзыллæйы æмæ йын аргъ кæны йæ бартæн. Бауынаффæ кæндзынæн уыдонимæ, нæ райгуырæн бæстæ куыд бахъахъхъæнæм фыдгултæй. Хæрзбон! Мæ раздæхынмæ хæдзар - дæ бар; фæдзæхсын дын ницы хъæуы: кувынмæ цæуæг бæлццон, аргъуантæн курæг бирæ фысым ссардзысты ацы ран. Мæ хæдзары дуæрттыл у сæ фæндаг. Мæ дуæрттæ та уазæгæн гом сты æдзухдæр. Уыдон мидæгоз куыд араст сты сценæйы, афтæ æрбацæуынц Вильгельм Телль æмæ Баумгартен. Т е л л ь (Баумгартенмæ). Ныр дæ мæ сæр нал хъæуы. Мæнæ ацы хæдзармæ бацу: уым цæры Штауффахер, æфхæрд адæмы сæрыл чи хæцы, уыцы лæг. Уæртæ дын уый та йæхæдæг! Цом мæ фæдыл! Араст сты. Сценæ аивтой.
«30 (*») л»х«> ЬХ** (г>№ СгФ>> с>№ с'»№ ('*№ Сг*) (л> г«Х-_5, <^ №> ад №; ф<> «Фз (& Æртыккаг æвдыст Гом ран Альторфы цур. Бæрзондыл, арфгомау сценæйы, амайынц фидар; фидар агъуыстхуыз фæци; йæ фæстаг хай йын самадтой бынтондæр; разæй ма дзы - аразæн хъæдтæ, уыдоныл дæлæмæ-уæлæмæ кæнынц кусджытæ; агъуысты сæр бады æмбæрзæг. Змæлд - алыран, иу адæймаг дзы æвдæлон нæу, се ’ппæт дæр архайынц. Куыстмæгæсæг, дурамайæг, йе’ххуысгæнджытæ æмæ саукуыстгæнджытæ. Куыстмæгæсæг (æд лæдзæг, кусджыты ’рдæм). Цырддæр, цырддæр! Дзæгъæл лæуд ма кæнут! Дуртæ хæсгæут! Фезмæлут! Чъыр змæнтут! Цæмæй, бæстыхицау куы æрбацæуа, уæд фена, куыст размæ кæй цæуы æнтыстджынæй. Бакæсут-ма сæм, сæтæлджыты хылд куыд кæнынц! (Дыууæ кусæгмæ, дуртæ куыд хæссынц, афтсемæй.) Исчи дæр ма афтæ хæссы? Цæвæрут ма дзы. Магусатæ! Æдзух куыстæй уæхи куы ласиккат, уый уæ фæнды? Фыццагæххуысгæнæг. Раст куы зæгъæм, уæд нæ куыст уыйбæрц зæрдæрухс куыст нæу; нæхи къухтæй нæхицæн аразæм ахæстон. Куыстмæгæсæг. Ма хъуыр-хъуыр кæн. Æнæгъдау адæм! Хъуццытæ дуцын æмæ сæ гуыбынтæ хурмæ дарынæй æндæр ницæмæ арæхсынц. 3 æ р о н д (бады йæ фæллад уадзыимæ). Нал фæразын, мæ хъару басаст. Куыстмæгæсæг (схойы зæронды). Фест уæлæмæ дын куы загътон, зæронд хæррæгъ! Фыццагæххуысгæнæг. Уанцон нæу, цавæр зæрдæйы хицау дæ — уый ма тыххæй лæууы йæ къæхтыл, ды та йæ домыс тыхкуыстыл. Дурамайæг æмæ йе’ххуысгæнджытæ. Уæдæ ма æвирхъаудæр цавæр хъуыддаг уыдзæн! ТСу^ы стмæгæсæг. Банцайут! Мæнæн цы зæгъынц, уый кæнын. Дыккагæххуысгæнæг. Уæд, цы ахæстон амайæм, уымæн та цавæр ном уыдзæн? рооос^ососососососоросососос оророоорососорорэсз
о„<*/.» <ч/а ад* «хя «/.» «/««/.» «4, 31 {*>) <ф.) (<Ф>) (<ф.) аф>) (ф) гф>) (,ф) г<«; Куыстмæгæсæг. Уры къæлæт. Багъæцут, мæ хæлæрттæ, уыцы къæлæт уæ æрбалвасдзæн. Æххуысгæнджытæ. Куыд? Уры къæлæт, зæгъыс? Куыстмæгæсæг. Хъазæгау уæм ма кæсæд, ма! Дыккагæххуысгæнæг. Æмæ ацы хæдзары къуымæй Уры бæстæйы цъысымы бакæнынмæ хъавынц? Фыццагæххуысгæнæг. Ахæм ахстæттæ цасфæнды фæцаразой, уæддæр нæ хæхтæн сæ чысылы рыджы дæр нæ фæзындзысты. Куыстмæгæсæг мидæгау сценæйы фæцæуы. Дурамайæг. Ацы бæстыхайыл кæй куыста, уый тыххæй мæ дзæбуг цады баппардзынæн. Т е л л ь æмæ Штауффахер æрбацæуынц. Штауффахер. Амæ кæсыны бæсты сын иу боны цард дæр куынæуал уаид! Т е л л ь. Фалдæр цом. Ацы ран æдас нæу. Штауффахер. Цæмæ ’рцыди уæ Уры бæстæ, сæрибардзинады бæстæ?! Дурамайæг. Уагæр ма мæсгуыты бын уæрмытæ куы фениккат. Уырдæм чи бахауа, уыдон уасæджы уасын тагъд нал фехъусдзысты. Штауффахер. Мæ рафæлдисæг! Дурамайæг. Скæсут-ма йын йæ цартæм, æнусмæ дæр нал фезмæлдзысты сæ арæзтæй. Т е л л ь. Къухæй цы скæнай, уый къухтæ ныппырх кæндзысты! (Къухæй амоны хсехтæм.) Уæлæ махæн хуыцау самадта сæрибары агъуыстытæ. Хъуысы барабаны хъæр; адæм æрбацæуынц, лæдзæгыл дарынц худ; сæ фæдыл-фидиуæг; сценæбайдзагустытææмæсывæллæттæй. Фыццагæххуысгæнæг. Уыцы барабан та цавæр у? Кæсут-ма! Дыккагæххуысгæнæг. Цавæр хынджылæггаджы хъуыдцаг у, цымæ? Уæд сын уыцы худ та ма цы у? Ф и д и у æ г. Паддзахы номæй. Байхъусут! 09090909090 90 90009090909000 90 909^90909090
32 (*>) «ф>) <да (’М «,у*» «ф,) Оф) (>ф) о,\ Оу с«*Х*}> ('*Х^ С^ХЪ^ (<*Х^ С"/^ С"/^; л*Ху (’^ Æххуысгæнджытæ. Сабыр, сабыр! Байхъусут! Ф и д и у æ г. Уры адæм! Мæнæ ацы худ бæрзонд лæдзæгыл æркæндзыстут Альторфы фæзы; бæстыхицауæй дзырд рацыди: уый фæнды, йæхицæн ын цы кад дæтгынц, ацы худæн дæр ахæм кад куыд дæттой, афтæ: алчидæр бæгъæмсарæй куыд æрлæууа худы раз йæ зонгуытыл. Уымæй базондзæн паддзах, иузæрдион ыл чи сты, уыдон. Йæ дзырд ын чи нæ æххæст кæна, уыдонæн та ист æрцæудзысты сæ ис æмæ сæ бартæ. Адæм худынц. Барабаны хъæр цæуы. Адæм фæйнæрдæм сæхи ласынц. Фыццагæххуысгæнæг. Цы та æрхъуыды кодта нæ бæстыхицау! Ныр та нæ худæн кувын кæны. Искуы ма фехъуыста исчи ахæм диссаг? Дурамайæг. Мах... мах лæууын кæнынц нæ зонгуытыл худæн? Комкоммæ хынджылæг скъæрынц раст адæмæй, æндæр ницы. Фыццагæххуысгæнæг. Паддзахы худ дæр ма куы уаид, фæлæ хуымæтæджы худ - паддзахы худ ауыгъд у паддзахы бадæны сæрмæ, уыцы ран лæвæрттæ уарынц, æфстау дæттынц. Дурамайæг. Худ австрийаг худ у! Къæппæг нын аразынц хинæй, цæмæй нæ æгады уæй ныккæной Австрийæн. Æххуысгæнджытæ. Сæрмæ бахæссинаг нæу уыцы æнаккаг хъуыддаг. Дурамайæг. Цомут æмæ искæй бафæрсæм зондæй. Театры мидæгаумæ бацыди. Т е л л ь (Штауффахерæн). Ныр базыдтай. Хæрзбон, Вернер! Штауффахер. Кæдæм? Тагъд мама кæн ардыгæй. Т е л л ь. Нæй мын фæрæз! Нæ хæдзары мын æнæ сæмбæлгæ амал нæй. Хæрзбон! Штауффахер. Куы зонис, куыд æнтъыснæг у мæ зæрдæ! Фæндыди мæ баныхас кæнын дæуимæ. Т е л л ь. Ныхасæй нæ фæсабыр уыдзæн зæрдæйы рис. Ш т а у ф ф а х е р. Хъуыддагæн дæр нæй саразæн æнæ ныхасæй. Т е л л ь. Нæ дзыхтыл æнцад хæцын æмæ не ’фхæрдтæн быхсынæй дарддæр ницы бауыдзæн нæ бон.
(ь> <<*/*,) * с»/ь) (ф>)ч ьфу (ф,) <<ф>) {<*)*>) га> Штауффахер. Гъе, æмæ бауромæн кæмæн нæй, уый та куыд бауромдзынæн? Т е л л ь. Фыдхицæуггæ æмæ фыдрæстæг бирæ хъуамæ ма ахæссой. Æнæбын малы сæрмæ тымыгъ куы стынг вæййы, уæд ахуыссынц æртытæ, æмæ наутæ тындзын байдайынц наулæууæнмæ. Арв та куыд фæнæры, афтæ нæ цæвы æмæ æнæ фыдбылызæй æрызайы зæхх. Цæрæд алчидæр æнцадæй йæ хæдзары: сабырæн алыран дæр уыдзæн сабыр æмæ æнцад цард... Штауффахер. Зæрдиагæй зæгъыс? Т е л л ь. Ма хъыгдар калмы æмæ дыл ма фæхæца. Баууæнд мыл, æрсабыр уыдзысты сæхуыдтæг дæр, сæ алфамбылай бæстæ æнцад куы уа, уæд. Штауффахер. Бирæ нын бантысид, куы баиу уаиккам, уæд. Т е л л ь. Бæстæ куы сæфа, уæд иунæгæн æнцондæр у йæ уды фервæзын кæнын. Штауффахер. Дæуæн æхсæны хъуыддаг дæ фæсонæрхæджы дæр нæй. Т е л л ь. Дæхæдæг дæхицæн куынæ уай, уæд дын ничи ницы фæуыдзæн. Штауффахер. Хал халæн æххуыс у - куы сиу уой, уæд сæ бон бирæ у æдыхтæн дæр. Т е л л ь. Фæлæ хъаруджынæн та рабæрæг вæййынц йæ тых, йæ лæджыхъæд, иунæгæй архайгæйæ. Штауффахер. Уæдæ нæ фыдыбæстæ дзæгъæлы зæрдæ ма æвæра дæуæй йæхицæн, знагимæ хæстыл æрлæугæйæ? Т е л л ь (æм дæтты йæ къух). Телль уæрыччы сæфын куынæ бауадздзæн, уæд ма бахъуаджы сахат иунæгæй куыд ныууадздзæн йæ хæлар адæмы. Фæлæ мæ æмбырдтæм цæуынæй ма рахъаст кæн: донæй æххуыс кæнын нæ уарзын, æххуыс хорз у задæй. Зæрдæзæгъгæ пайда уын нæ дæн... Фæлæ уæ, æвæдза, бахъуыдысты мæ фат, ме ’рдын, уæд мæм фæсидут: Телль уыдзæн -уе ’хсæн. Фæйнæрдæм фæцæуынц. Æваст фехъуысти аразæнты хъæр. Дурамайæг (æрбазгъоргæйæ). Цы уыл сæмбæлди? з
34 (V) <<ф) <<м (>фъ (<ф>у (гф>) (’ф) (<Ф) (<,) (*•> Фэ Фэ Ф* (<>&> <?*/«> <Фэ <Ф<> С’О Фыццагæххуысгæнæг (æрбатæхы хъсергæнгæ). Хæдзары сæртæ æмбæрзæг кусгæ-кусын ныртæккæ рахауди. Æрбацæуы Бертææдфæсдзæуинтæ. Б е р т æ. Тынг ныццавта йæхи? Фервæзын æй кæнут! Фæкæсут æм, кæд амал ис, уæд! Мæнæ уын сызгъæрин дæр, æрмæст æй фыдбылызæй бахизут. Дурамайæг. Сымах уæ сызгъæринæй бузныг стут. Æнахъом сабитæ æнæ фыдæй баззадысты сымах аххосæй, мæгуыр ус æнæхай фæци йæ уарзон лæгæй, æгас дунейы байдзаг кодтат маст æмæ зындзинæдтæй... Сызгъæринæй ма хъавут уæ зылынтæ саразынмæ! Сымах агъоммæ мах уыдыстæм хъæлдзæг, алчидæр нæ разы уыди йæ цардæй; фæзындыстут сымах, æмæ сагъæссаг фесты нæ сæртæ. Б е р т æ (куыстмæгæсæгмæ, уый куы сербацыди, уæд). Æгас мау? Куыстмæгæсæг ын æмбарын кæны, кæй нал у, уый. Мæнæ къултæ, маст æмæ уæ æлгъыстимæ самадтой - хæрамдзинад цæрдзæни уæ хуылфы. (Фæцæуы.) Цыппæрæм æвдыст ВальтерФиурсты цæрæндон. Вальтер Фиурст æмæ Арнольд Мельхталь æрбацæуынц дыууæрдыгæй. Мельхталь. Уый Вальтер Фиурст куы дæ! ВальтерФиурст.Манææрбаййафæнт! Мафезмæлайдæ бынатæй! Алыран дæр нал ис кæрон дзырдхæсджытæн. Мельхталь. Ницы хъусыс Унтервальденæй? Мæ фыды зæронд, цымæ, цы фæци? Сфæлмæцыд мæ_уд-—ахæсты бадтæй бадын ацы ран. Кæнгæ та ахæм стыр хъуыддагæй ницы ракодтон, лæгмарæгау абырæджы хаттæй цæмæй хæтон! Иу æнаккагæн фæцагайдтон йе ’нгуылдз, уымæн æмæ мын цæстуынгæйæ
&^&^Ф*^ъ ^^^^^) 35 Оу ьф^ <<Ф>) с^/ сф>} ^О^ с<'Д> с*Х*> с«*> бæстыхицауы дзырдæй уыцы цъаммар тæлæт кодта, хæдзар цы дыууæ галæн уыдтæн, уыдон. ВальтерФиурст. Æмæ дын кæй фыд уыди; аххосджын - дæхæдæг! Куы смæсты уай, уæд дæ галиу къухæй хæц дæ рахиз къухыл æмæ цæрай æнæфыдбылызæй. Уый йæ хицау æмæ нæ бæстыхицау рарвыстой. Ныр азымы макæй дар; тыхст рæстæг цалынмæ вæййы, уалынмæ ма адæймаг калм дæр йæ роны бадары - цы гæнæн ис, мæ хæлар! Мельхталь. Æмæ баргæ дæр уыцы цъаммары æнаккаг ныхæстæ куыд ныббарстаин. Кæд æмæ, зæгъы, хъæуты цæрæг адæймаджы фæнды кæрдзын хæрын, уæд лæгæй хуым кæнæд. Цыма мæ зæрдæйы хъама иннæрдæм ауад, уыйау фæдæн, гутонæй мын мæ ифтыгъд галтæ куы уæгъд кодта, уæд. Галтæ дæр цыма æмбæрстой, тыхгæнæг мæ фыдгул кæй у: сæ богътæй бæстæ ныццарыдтой, ныттæссар кодтой сæ сыкъатæ. Мæхи бауромын нал бафæрæзтон æмæ йæ фырмæстæй нæмынтæ байдыдтон тæбынгæй. ВальтерФиурст. Уæвгæ, стыр зынæй куы уромæм мах дæр нæхи, уæд ма сæхиуыл хæцын куыд бафæразой нæ фæсивæд! Мельхталь. Мæ зæрдæ риссы тынг мæ фыдыл: йæ бон ницыуал у, фæкæсын æм хъæуы, йæ фырт та йæм дард у. Бæстыхицау дзы федта йæ сæфты хай, уый тыххæй æмæ мæ фыд æдзухдæр быцæугæнаг у сæрибардзинады фæдыл. Ныр зæронды цъысымы бакæндзæн, æмæ йын йæ сæрыл чи сдзура, ахæм дæр нал ис. Цыдæриддæр фæуæд, ныллæууæн мын нал ис ацы ран. ВальтерФиурст. Фæфæстиат уал у, фæхæц дæхиуыл; хъуамæ нæм уырдыгæй тагъд сæмбæлдзæн исты уацхъуыд. Æнхъæлдæн, дуар хостæуы. Бæстыхицауæй æрвыст ма разынæд? Æмбæхсгæ тагъд! Ланденберджы фыдæхардæй æдас нæ дæ Уры бæстæйы дæр: халон халоны цæст нæ къахы. Мельхталь. Махæн дæр бæззынц бафæзмынæн. ВальтерФиурст. Цæугæ уал! Стæй та дæм сиддзынæн. Мельхталь фæцæуьг— Мæгуырæг! Мæ зæрдæ цы æнамонд хъуыддæгты тыххæй сгуырысхо, уыдон ын сæргом кæнын мæ уд нæ тæры. Дуар, цымæ, чи хойа? Дуар чысылдæр фæхъинц кæнæд, афтæ æмризæджы
36 Г«>) <<*№ адо (<м сфо (-фо (<ф>> <<*х*>) Ь\ (6) «»/^ с^ (^Ь <*Х^ с*Л ^ '«/9 Ф ризын байдайын, фыдбылызæй тæрсгæйæ. Хæрам, галиудзинад, фæливын - алыран дæр; тыхдзинад бæхбырст кæны хæдзæрттæм. Тагъд нæ æфсæн æхгæнæнтæ бахъæудзæн нæ дуæрттæн! (Дуар гом кæны æмæ фæстæмæ ракъахдзæф кодта, дисгæнгæйæ, Вернер Штауффахеры куы федта, уæд.) Уæуу, мæнæ кæй уынын! Вернер, уый ды дæ? Мæ зынаргъ æмæ мæ кадджын уазæг! Рагæй нал фембæлдтæн æз дæу хуызæн хорз адæймагыл. Мæ хæдзары дæ кæй уынын, уый мын у стыр циндзинад. Цы хур, цы къæвда дæ æрбахаста ардæм? Штауффахер (йæ къух æм дæтты). Нæ фыдæлты Гельвец2 агурæг рацыдтæн æз. ВальтерФиурст. Гельвец дæуæн демæ ис! Æрмæст дæ уындæй дæр ныррухс вæййы мæ зæрдæ. Æрбад, Вернер, æмæ мын радзур, æнæниз у дæ зондджын æфсин Гертрудæ, зондджын Иберджы чызг? Мейнрады комыл Италимæ цы бæлццæттæ цæуынц, уыдон сегас дæр æппæлынæй фылдæр не сты сымахæй, - уæ кæрдзын, уæ цæххы рардæй. Фæлæ ныр цæуыс ды Флиуелнæй: зæгъ-ма мын, нæ бæстыл, фæндаг-фæндаг, ницæуыл ахастай дæ цæст? Штауффахер (бадгæ-бадын). Цæуылнæ, æз федтон стыр галуан, фæлæ йæм мæ зæрдæ кæсын нæ куымдта. ВальтерФиурст. Уæ, мæ хæлар, æмæ йæ куы фенай, уæд æй базондзынæ, циу, уый. Штауффахер. Фыдæлтырæстæджыахæмгалуантæникуы уыд Уры бæстæйы! Йæ цæстæй дæр никуы ничи федта ахæстон ацы ран, æрмæст сау ингæн уыди махæн нæ ахæстон. ВальтерФиурст. Æмæ ма цæуыл худы дæ зæрдæ: уымæй хуыздæр ахæстон ма уыдзæн нæ сæрибардзинадæн? Штауффахер. Цы дын æй æмбæхсон, Вальтер Фиурст, дзæгъæлы нæ уыди мæ цыды сæр мæнæн ардæм; нал фæразын сагъæсæй. Адæмæн æнæхъуаджы домд кæнынц махырдыгæй, тынг æфхæрынц сымах дæр ацы ран. Кæдмæ сын фæраздзыстæм быхсын? Тыхдзинæдтæн куынæуал ис æппын кæрон! Бархъомыс никуы ничи дардта швейцайраг-адæймагмæ; æвæлмас уыди уый кæддæриддæр. Нæ фосгæстæ ацы хæхтæм куы ’рбацыдысты, уæдæй ардæм ахæм тыххъуыддæгтæ никуы æрцыди нæ бæсты. 2Гельвец- Швейцары бæстæ. оооооооооэооооаооосоеэеэеоо
с,^ й^ <да ^ ^хй ^^%Ф 37 (*> («./V (.*х*д („/V сО^ («0& С'*Х*^ с«*Х^ «*> ВальтерФиурст.Растзæгъыс-махцыæнæгъдаудзинæдтæн быхсæм, уыдонæн ничи бабыхсдзæн. Уæздан Аттингаузен дары йæ зæрдыл фыдæлты дуг, фæлæ уый дæр зæгъы, уæззау у, уæззау, тынг нæ уаргъ, зæгъгæ. Штауффахер. Æвзæр хъуыддæгтæ Унтервальдены дæр. Уыцы ран Вольфеншиссен, Росберджы бадгæйæ, хъавыди хъодыгонд дыргъæй бахæрынмæ; йæ зæрды уыди уымæн Алцелны Баумгартены усæй фæхынджылæг кæнын, фæлæ йын нæ бантыст: тыхгæнæг хайуаны Баумгартен мæрдтæм барвыста йæ фæрæтæй. ВальтерФиурст. Нæ рафæлдисæг! Æмæ уæдæ ныр Баумгартен кæм хæты? Зæгъ-ма мын, дæ хорзæхæй, йæхи бафснайын ма бафæрæзта? Фæсвæд ран ис? Штауффахер. Цады сæрты йæ де сиахс сæмбæлын кодта мæ хæдзарыл. Ноджы ма мын радзырдта ахæм æвирхъау хабар, æмæ йæм дур фестдзæн алкæй зæрдæ; æнамонд хъуыддаг æрцыди Сарнены. ВальтерФиурст (хынцфарст кæнгæйæ). Æмæ уагæр цавæр хъуыддаг уыдаид? Штауффахер. Кернсмæ æввахс, Мельхталы, цæры иу лæг, Генрих Гальден. Раст адæймаг, йæ ныхасæн ын стыр аргъ кæнынц уыцы бæстæйы. ВальтерФиурст. Æмæ уый чи нæ зоны, ахæм та кæм ис? Цы йыл æрцыди? Штауффахер. Чысыл цæмæйдæр фæрæдыд уымæн йæ сагфырт. У ый тыххæй йын Ланденберг йæ галтæн сæ хуыздæр æмæ сæ рæсугъддæртæй дыууæ суадзын кодта гутокæй. Лæппулæг нæ ныббарста: тыхгæнæджы тынг снадта, стæй кæмдæр бамбæхст. ВальтерФиурст. Гъы, æмæ цы сæмбæлди фыдыл? Зæгъ- ма мын, исты йын уыди, миййаг? Штауффахер. Бæстыхицау æм басидти æмæ йын загъта, йæ фырт куыд фæзына хицæуттæм, афтæ. Зæронд ард хордта, йæ фырт кæдæм алыгъди, уымæн кæй ницы зоны. Æмæ уæд æгъатыр æрбасидын кодта лæгмартæм... ВальтерФиурст (фестад семæ йæ хонынмæ хъавы иннæрдæм). Хуыцауы хатыр бакæн, æмæ сабырдæр.
&>«Х'^*Хъ \фГФГ<ФГ'<Ф^<Ф> %) Штауффахер (иоджы хъæрдæрæй). Æмæ загъта: «Кæд фырт нæй, уæд та - фыд; Сосойы бæсты - Мосо!» Æрбырсын сын кодта зæронды æмæ йын цыргъ болатæй йæ дыууæ цæсты сæ бындзарæй скъахтой. ВальтерФиурст. Хуыцау, кæм дæ, кæм?! Мельхталь (æрбазгъоргæйæ). Скъахтоййынйæцæстытæ, зæгъыс? Штауффахер (джшауæй Вальтер Фиурстмæ). Ацы лæппулæг чи у? Мельхталь (æм фæлæбурдта). Куыд? Йæ цæстытæ, зæгъыс? ВальтерФиурст. Цæй æнамонд фæдæ, цæ! Штауффахер. Чиу? Уый фырт ма уæд? Вальтер Фиурст амоны йæ сæрæй. Уый та куыд? Уæ, нæ раст тæрхонгæнæг хуыцау! Мельхталь. Æзта арвы кæрæтты хæтын, ме ’намонд фыд! ВальтерФиурст. Дæхиуыл фæхæц! Лæг дæ - фæразын хъæуы! Мельхталь. Мæ сæрыл, мæ аххосæй!.. Æмæ бакуырм? Бынтондæр бакуырм? Штауффахер. Дæ хæраммæ бæллæг уыйау бакуырм уæд! Рухсы суадон байсысти: нал фендзæн, нал, уый хурты хурзæрины. ВальтерФиурст. Æгæр æй ма риссын кæн. Мельхталь. Нал фендзæн хурзæрины! (Бамбæхста йæ цæсгом йæ къухтæй æмæ иуцъусдуг нал дзуры; стæй баздæхт сæ дыууæйы ’рдæм æмæ дзуры сабыргæнæн хъæлæсæй.) Уæ, нæ цæстырухс, арвы лæвæрд зынаргъ хæзна! Дæу руаджы цæрынц дуне æппæт: сфæлдисонтæ, алчидæр, быдыры дидинæг дæр ма рæзы, рухсмæ цингæнгæйæ, мæ фыдæн та хуры рухс бынтон баталынг, сау мæйдар ын баци дуне алыран. Нал барухс уыдзæн уый зæрдæ цъæх-цъæхид быдыртæй, дидинæг куы рафтауой, уæд. Нал фендзæн, нал, сæуæхсид арвыл! Мæлæт!.. Мæлæт циу? - Ницы! Фæлæ арвы рухс мауал уын, афтæмæй æрвит дæ бонтæ, - уый цард нæу. Тæригъæддаг кастæй мæм цы кæсут? Æз куырм нæ дæн, фæлæ æрттивгæйæ мæ цæстмæ цы рухсы тын згъоры, уымæй де ’намонд фыдæн иу æртах раттын дæ бон ма бауæд!.. О9О9ОЭе9С9<?9<?9С€р9С0СОеэеСЮС^
^^^^ь^^^ ^^) 39 (ь, <фу <ф>) цф,у аф>} ’идГ**) <гФ*У <!&*>) <?*> Штауффахер. Къадцæр нæ, фæлæ дæ зæрдæйы маст тыхджындæр цæмæй сырæза, æз ууыл нæ бацауæрддзынæн. Уый зон, æмæ дын бæстыхицау дæ фыдмæ, æвзагыл цы адарай, уый дæр нал ныууагъта- байста йын сæ иууылдæр. Йæ бирæ исбонæй ма лæдзæг бафтыд уымæн йæ къухы, æмæ ныр бæгънæгæй, куырмæй æнамонд зæронд хæтæд нæ рухс дунейыл. Мельхталь. Лæдзæг ма фæци æнамонд куырмы. Афтидæй баззади йæ бирæ фосæй, æнæхай фæци хуры рухсæй, - мæгуыртæн сæ мæгуырдæр хъæздыг кæмæй у. Æмбæхсыны тыххæй мын уæ кой дæр мачиуал скæнæд! Æнаккаг разындтæн æз - бафснайдтон мæхи сæр, дæу та, ме ’намонд фыд, цъынды ныууагътон тиранмæ! Мæ цард цард нал у! Мæ цард, мæ бон амæйфæстæмæ - мæ хæс райсын. Цон æм, цон, - уромæг мæ нал бауромдзæн. Бæстыхицауæй æз бацагурдзынæн мæ фыды цæстытæ. Æз æй ссардзынæн йæ фæсдзæуинты æхсæн; мæнæй йын аирвæзæн нал ис; суæлдай мæ цард. Уымæн йæ марг тугæй фæрогдæр кæндзынæн мæ уды зындзинæдтæ. (Хъавы араст кæнынмæ.) ВальтерФиурст. Фæлæуу! Нæ зоныс дæ бон; кæимæ мын хæцыс? Уымæн Сарнены, йæ бæрзонд фидары, ницы тас уыдзæн де ’нæхъару мастæй. Мельхталь. Шрекгорн-айнæджы сæрыл куы цæра, кæнæ бæрзонддæр, - Иунгфрауы æнусон цъитийыл, уæддæр æм æз фæндаг ссардзынæн. Æрмæст ссæдз мæ карæнтæй - æндæра дур дурыл нал баззайдзæн йæ фидарæй. Мæ фæдыл уæ куы ничи рацæуа, æмæ сымах, уæ дзугтæн, уæ хæдзæрттæн тæрсгæйæ, цагъайраджы дугæн зоныгыл куы куват, уæ гуыбыныцъарыл уаллонау куы бырат, уæд фæсидцзынæн æз фыййæутгæм нæ хæхбæсты, æмæ сын уым, сæрибар арвы бын, уæнгтæ рог кæм кæнынц, зæрдæ сыгъдæг æмæ бæрзондæй кæм зайы, уым радзурдзынæн, адæмы сæфтмæ кæмæй тæрынц, уыцы æбуалгъ хабæрттæ. Ш т_а_у ф ф а х е р (Валътер Фиурстмæ). Хæрамдзинад срæ- гъæд; иучысыл ма банхъæлмæ кæсæм, кæд æмæ фæфылдæр уаид... Мельхталь. Фыддæр зæгъыс? Æмæ ма уæ амæй фыддæр цы
{(-,) <фз (ф.) <?>)(*> Сад <**/*> <Ф$ Сфэ V) хъæуы? Цæстыгагуыйæн скъахынæй тас куы у. Нæ бон, дам, ницы бауыдзæн... Ау, уæдæ ма нæ цæмæн ахуыр кæнынц æрдынбос фидар бæттын, уæззау фæрæтимæ архайын? Алы сырдæн дæр ма лæвæрд у, йæхи цæмæй хъахъхъæна, ахæм уæнг. Кæй сурынц, уыцы саг фырмæстæй æртхъирæн кæны куыйтæм йæ æбуалгъ сыкъатæй, сæгъ дæр-иу цуаноны раппары къæдзæхæй; гал дæр ма - уыцы æвæлмоны фос - йæ бæрзæй æфсондзы бынæй цух нæ кæны, уый дæр ма бамæсты вæййы, æмæ уæд йæ тыхджын сыкъатæй хæрдмæ сисы йе знаджы. ВальтерФиурст. Не ’ртæ кантоны махимæ æмзонд, æмзæрдæ куы суаиккой, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ бон исты бакæнын бауаид. Штауффахер. Ур байдайæд, Унтервальден иу лæджы хуызæн сыстдзæн, йæхи нæ аласдзæн Швиц дæр. Мельхталь. Бирæ хæлæрттæ ис мæнæн Унтервальдены; сæ туг акалдзысты уыдон æнæвгъау, æххуысгæнæг сын разынæд æрмæст. Нæ дзыллæйы зондджын æмæ кадджын хистæртæ, лæппу дæн уæ астæу, уæ разы дзурын мæнæн аив дæр нæу. Бирæ дæр нæ рацардтæн, бирæ дæр нæ федтон, уый бæлвырд у, фæлæ уæ курын, уæхи ма атигъ кæнут мæ ныхасыл. Æвзонг туджы æхсидын уæм ма фæзынæд, - тæры мæ ме стыр маст; мæ тæригъæдæй дур дæр аскъуындзæн. Сымахæн дæр уæ хæдзæртты нæй ничи уæхицæй хистæр. Сымах дæр æнæбæлгæ не стут ахæм бындартæм, уæ зæронд сæртæ уын æгадмæ чи нæ æруадза. Æмæ уын уæдæ цалынмæ уæ къонатæ дымгæмæ нæма ныддардтой, уæ цæстытæ ма цалынмæ æнæхъæн сты, уалынмæ уæхи ма ласут, ма, мах зиантæй. Уый зонут, тираны уæрдæх дард нал у, дард, сымах къубалтæй дæр, стæй мæ фыдау æдзух куы архайдтат Австрийы æлдарад байсыныл; тас бацæуæд уæ зæрдæты, тас! Штауффахер (Вальтер Фиурстмæ). Дæ хæцæнгæрзтæ райс, дæ фæдыл чи ацæудзæн, уый та дын - æз. ВальтерФиурст. Фенæм уал, цы зæгъдзысты рыцæртæ, Силенен æмæ Аттингаузены хицæуттæ: уыдон ном нын ссардзæн бирæ æмбæлттæ. Мельхталь. Æмæ сымах нæмттæй кадджындæр та ма уæд кæй ном уыдзæн нæ хæхбæсты. Адæм уæ фæдыл цæуын оос^о^о^е^о^е^ооеооое^оосоеор^рое^о^роооо^рзрзез
(^ (">>>) г*>>> г«*Х^ о»/«у с«*У<> С'*Х*^ С'*Х^ <ч> сахуыр сты. Сымах дзырдæн цы аргъ ис, уый никæй дзырдæн ис. Уæ фыдæлты намысæй сымах стут хайджын, уæхи намыс та - ноджы стырдæр. Уæд ма нæ цæмæн хъæуынц рыцæртæ? Бирæ стæм нæхуыдтæг дæр; мæнырдыгонау, мах искæй æххуыс хъуаг нал стæм: нæхи бахъахъхъæнын бафæраздзыстæм нæхуыдтæг. Штауффахер. Кæд æмæ мах зынæвзарæнтæй рыцæртæ уыйбæрц нæ риссынц, фæзты цы дон сагъуыди, уый бæрзæндтæм нæма хæццæ кæны, уæддæр се ’ххуысы хай кæндзысты, æмзæрдæйæ хæцæнгæрзтæ куы райсæм, уæд. ВальтерФиурст. Австрийæ мах астæу минæвар куы уаид, уæд та нын æгъдау æмæ бартæ ссарын цы хъæуид! Фæлæ нæ хурхылхæцæг - нæ паддзахад, нæ тæрхонгæнæг. Уæдæ бæрзондылбадæг йæхæдæг фæуæд махæн нæ фарсласæг. Ды æрæмбырд кæн дæхицæн æмбæлттæ Швицы. Уры сæ уадз мæхи æвджид! Фæлæ кæй арвитæм Унтервальденмæ? Мельхталь. Кæй та цы хоныс? Æмæ уæд æз цы кæнын? Мæнæй тынгдæр кæмæй риссы? ВальтерФиурст. Уый нæ уыдзæн: ды мæ уазæджыхай дæ, дæ сæрыл мæлын хъæуы дæ фысымы. Мельхталь. Мамæуром! Уыцыранæзцыком, цылæзгъæр нæ зонын, ахæм дзы нæй. Фысымтæ дæр дзы ссардзынæн, цæйбæрц мæ бахъæуа, уыйбæрц: ницы тас мын уыдзæн - знагæй мæ бафæсвæд кæндзысты мæ зонгæтæ. Штауффахер. Ма йын къуылымпы кæн йæ фæндаг. Уым нæй нымудзджытæ; уыцы бæсты уыйбæрц хæрам сты тиранмæ, æмæ йын дзы иу дзырдхæссæг дæр нæ разындзæн. Стæй ма арвитдзыстæм уырдæм алцелнаджы, цæмæй æрæмбырд кæна æмбæлттæ æмæ сызмæлын кæна дзыллæйы. Мельхталь. Æмæ уæд хабар та куыд æрвитдзыстæм кæрæдзимæ, тираны зæрдæ ныл гуырысхо куыд нæ фæуа, афтæ? III т а у ф ф а х е р. Фенынмæ нын фадат уыдзæн Брунены кæнæ Трейбы, раст сæудæджер наулæууæны. ВальтерФиурст. Афтæ.æргом архайын не ’мбæлы. Мæнмæ ис иу фæнд: цадæй галиуырдæм, фæндаг Брунненмæ кæуыл цæуы, уым тархъæды ис иу æрдуз, фыййæуттæ йæ хонынц Риутли. (Мельхталъмæ.) Уыцы ран иу кæнынц нæ
42 (») <<м «м (<м (<>№ (’Ф» (<»№ (<ф) (<,) (^ ^Х^ г^ №; вд с*/^ г**Х^ бфз сг) кантонты арæнтæ. (Штауффахермæ.) Швицæй рог бæлæгъы уым æрбалæудзынæ. Мах дæр аууон лæзгъæрыл æхсæвыгон æмбæлдзыстæм фæнд кæнынмæ. Алчидæр нæ уырдæм дæс æмбалы, æнæсайд æмбæлттæ, æрбахондзæн, æмæ хуыцауы фæндæй нæ дзырд нæ кæрæдзийыл куы сбада, уæд уайтагъд байдайдзыстæм кусын. Штауффахер. Афтæ фæуæд. Ныр, ме ’фсымæртæ, кæрæдзимæ раттæм нæ къухтæ æмæ ам, кæрæдзийы къухтыл хæцгæ, куыд сæмбал кодтам иумæ, афтæ сиу кæнæм нæ æртæ зæххы дæр - цæрынмæ дæр, мæлынмæ дæр, кæд æмæ не ’ппæт дæр фервæзиккам. ВальтерФиурст æмæ Мельхталь. Цæрынмæ дæр, мæлынмæ дæр! Сæ къухтæ сиу кæнгæйæ, иуцъусдуг лæууынц æгуыппæгæй. Мельхталь. Уæ, мæ фыд, ме ’нæцæст фыд! Ды нал фендзынæ ирвæзындзинады бон, фæлæ йæ фехъусдзынæ: нæ хæхты бæрзæндтыл куыд бандзардзысты бæрæггæнæн æртытæ æмæ куыд æркæлдзысты хъалты фидæрттæ, сæрибары дуг куыд ралæудзæн махæн æнусмæ. Уыцы уацхъуыд фатау батæхдзæн дæумæ, æмæ хурбонау сæрттивдзæн дæуæн дæ мæйдар æхсæв. Фæцæуынц фæйнæрдæм. с^осорососскгоаор^осорэсррррор^^ос^Р^^^^З
(^ л*Х<Ь) г<»/^ «*/*>> (Ф>) Ш6о (Ф>; (Ф>) «*) ДЫККАГ АРХАЙД Фыццаг æвдыст Барон Аттингаузены фидар. Готаг арæзт зал, хотыхтæ æмæ дзы згъæртæ (йæ къулыл). Барон- 85-аздзыд зæронд, бæрзонд æмæ хæрзконд адæймац йæ уæлæ - хъарм дарæстæ, æнцайы лæдзæгыл; лæдзæгæн сычъийы сыкъа - йæ сæрыл. Куони æмæ æхсæз æххуырсты - йæ алыварс; халамæрзæнтæ æмæ сæм цæвджытæ. УльрихфонРуденц æрбацæуы рыцæры дарæсы. Р у д е н ц. Мæ хистæр, цы мæ кодтай? Æз мæнæ дæн. Аттингаузен. Чысыл уал фæфæстиат у, фыдæлты æгъдау бакæнæм: кусджытимæ баназæм. (Нуазæнæй аназы, стæй йсе дæтты иннæтæм). Мæ дуджы æз мæхæдæг цыдтæн быдырмæ - куыстмæ дардтон мæ цæст, хæсты дæр фæрсæй-фæрстæм цыдыстæм æд тырыса; ныр мæ зæронд хæдзаргæсмæ æрхаудта, æмæ мæм хур куынæ æрцæуа йæхæдæг, уæд сæ фæдыл хохмæ мæ бон нал бауыдзæн. Бонæй-бонмæ мæ царды зиллакк уынгæгæй- уынгæгдæр кæны, мæ къахы айст мæ бар нал у, баззади ма æрмæст мæ аууон, æмæ рæхджы уый дæр нал дардзынæн: баззайдзæн ма мæ ном. К у о н и (Руденцмæ нуазæн дæтгæйæ). Рыцæр, нуазæн айс (Руденц фæстиат кæны). Саход дзы! Хуыцауы афтæ бафæндæд - нæ нуазæн дæр иу куыд уа, нæ зæрдæ дæр. Аттингаузен. Цæугæут, мæ хъæбултæ, изæры куы æрбаздæхат, уæд аныхас кæндзыстæм нæ райгуырæн бæстæйы тыххæй. Вассалтæ фæцæуынц. Аттингаузен.Куыддæмкæсын, афтæмæй дæхисарæзтай бынтондæр; Альторфы фидармæ цæуын дæ зæрды ис, мыййаг? Р у д е н ц. Хъавын, мæ хистæр, æмæ мын бафæстиатæн амал нал ис. Аттингаузен (сбадгæйæ). Афтæ кæдæм тындзыс! Уыйбæрц æнæвдæлон сдæ, æмæ дын иучысыл дæ хистæры раз абадынмæ дæр рæстæг нал ис? Р у д е н ц. Мæнырдыгонау дæ мæ сæр ницæмæн хъæуы, æцæгæлонæй уæлдай нæ дæн æз ацы хæдзары. Аттингаузен (æдзынæгæмкæсыиуцьусдуг). Растзæгъыс! ооооеоооеооосоешороро^орооор
(*> ’ <«Х*э ’&Х’э е*ХЬ '&Х*> '&Х*> ’&Х’э <«Х*<> <••*) Дæ фыдæлты бæстæм æцæгæлоны цæстæй рагæй байдыдтай кæсын! Ульрих! Ульрих! Нал дæ æмбарын æппындæр. Дæ сæрæй дæ къæхтæм даритæй сфæлыстай дæхи, мæлхъхъы систæ фæйлауынц дæ худыл. Де уæхсчытыл - сырх-сырхид пæлæз; сзынæрвæссон дæ кусджытыл, æфсæрмы сын кæныс сæ цинтæй. Р у д е н ц. Цы аккаг сты, уыцы кад сын ратдзынæн кæддæриддæр, фæлæ цы бартæ сæхи бакæнынмæ хъавынц, уыдон раттыныл сын æз никуы сразы уыдзынæн. Аттингаузен. Нæ дзыллæ ацы рæстæджы сæмбæлди паддзахы фыдæхардыл, адæмы зæрдæтæ катайыл сысты, тираны фыддæрагæндзинæдтæ æвзаргæйæ: æрмæст дæумæ нæ хъары дзыллæйы зындзинад, æрмæст дæхи ды атигъ кæныс дæхионтыл; знæгты æхсæн уæвгæйæ, ды худæгæй дæхи схæссыс нæ адæмы уынгæгдзинæдтыл. Дæ куыст скодтай ды, цæмæй хайджын уай рог æхсызгондзинæдтæй, цæмæй сæмбæлай паддзахы хорзæхыл. Дæ дзыллæ та ацы ран нал сты сæ сæрæн хæрæджы уаргъ хæссынæй. Р у д е н ц. Нæ фыдæлты бæстæ уаргъы бын ис, зæгъыс? Уæд кæй аххосæй? Чи йæ бафтыдта уыцы бæллæхы? Æрмæст дзы хъуыди иу дзырд зæгъын, æмæ зындзинæдтæн сæ кой циу, уый дæр нал уыдаид, паддзах нæм ракастаид дзæбæх цæстæй. Фæлæ додой уыдон къона, адæмы галиумæ чи сардыдта æмæ сæ æнæхай чи фæкодта амондæй! Аннæ адæмтæ сæ алфамбылай ард куы хордтой, уæд нæ бауагътой уыдон хъæдарæхджын кантонтæн Австрийæн ард бахæрын. Зиан не скодтой уыдон сæхицæн - уæздæтты æмнымад сты ацы ран... Императоры йеддæмæ никæй зонынц; æмæ уый дæр - æфсонæн, цæмæй сын ма уа иу хицау дæр. Аттингаузен. Уыдон дæуæй фехъусыны бæсты бынтондæр куы бакъуырма уыдаин. Р у д е н ц. Дæхæдæг ракъахтай, йæ фæуын та мæ бар у. Уæд- ма æркæс дæхимæ, - цы уагыл æвæрд у дæ цард? Мæнырдыгонау, дæ сæр сæрмæ нæ хæссыс. Дæ сæр сæрмæ куы хæссис, уæд, æлдар уæвгæйæ, аккаг не скæнис дæхицæн ацы ран бадын æмæ сау адæмæн уынаффæтæ кæнын. Бирæ хуыздæр, зынгæ кадджындæр у цытджын паддзахæн кусын, уымæн йæ рæсугъд галуанты цæрын, цæйнæфæлтау уынаффæдæтты, тæрхондæтты сау адæмы æмрæнхъ æмæ æмгадæй бадын.
(гу «ф.) о»/*0 (ф0 с»ХвУ С«>Х*У *'У«у («*У«4 Г<*> Аттингаузен. Ульрих, Ульрих! Дзæгъæл быдырты дæ фæхæссы дæ зонд: фæлитойы хъæлæс дын зары дæ хъусы, йæ марджы тæдзæн дæ зæрдæйы бацыд. Р у д е н ц. Нæ дын æй бамбæхсдзынæн: маст мын уыди райдайæны, кæй ныл худтысты, стырсæр ныл кæй кодтой æцæгæлонбæстаг хъалтæ, сауæй уæздан нæ кæй хуыдтой, рæстдзинадæй ныл куыд æмбæлд, афтæ. Маст уыди мæ удæн, - алы бæстæй фæсивæд кад агурæг æмбырд куыд кодтой Габсбургты тырысатæм. Æз та дзæгъæл бадт кæнын нæ къонайы фæнычы, мæ уалдзæджы бонтæ æнæхъуаджы æрвитын ницæйаг куыстыл. Æндæр бæстæты аразынц стыр хъуыддæгтæ; намысджын дуне - фæсхох; уыцы ран, æрттивгæйæ, тындзынц размæ: мæнæн та згæ схæцыд мæ уарт æмæ ме згъæрыл. Карды цъыччытæ, æфсæддон уасæнты хъæр, хæрзаив турнирмæ герольд куыд сиды, уыдон æппæт не ’рбайхъуысдзысты нæ фæзтæм: æмæ дзы хъæугæ дæр нæ кæны: æз дæр ацы ран хъусын фыййауы зарæг æмæ мыр- мырæгты уыцы иухуызон хъæр. Аттингаузен. Худын ыл хъæуы нæ фыдыбæстыл... Мæнырдыгонау, саугуырм бадæ: дидиты æрттывдæй дæ сæр разылд, дæ сæрмæ нал хæссыс, æфсæрмы кæнын байдыдтай нæ фыдæлты сыгъдæг æгъдæуттæй! Фæлæ уый зон, - æрцæудзæн афон æмæ, судзаг цæссыг калгæйæ, дæхи хъардзынæ нæ райгуырæн хæхбæстæм; æмæ ныр дæ зæрдæмæ чи нал цæуы, уыцы фыййауы зарджытæй дæуæн дæ зынæрвæссон уд ныхъхъæрздзæн, искæй бæстæйы дæ хъустыл куы æрцæуой, уæд. Мах зæрдæты фидар уидæгтæ ауагъта уарзондзинад нæ райгуырæн бæстæм! Бамбар, дæ хардз нæу, дæ хардз, уыцы мæнгард дуне! Уым, паддзахы æрттиваг галуанты, æцæгæлоны цæстæй кæсдзынæ дæхимæ: ацы ран нæ хæхбæсты цы лæгдзинæдтæй сгуыхтæ, уыдон уым æрдумæ дæр нæ дарынц. Фæлæ сæм цæугæ, ныууæй сын кæн дæхи, исбон сæ æфстау райс æмæ сын дæхицæй скæн цагъар, кæд æмæ дæ нæ фæнды дæхи бынтыл цæрын, кæд æмæ дæ нæ фæнды, цæмæй дæхицæн уай æлдар! Ма кæ, Ульрих, махимæ баззай,^- ныууадз Альторфы! Зоныс, - бындар мын нæй, мæ рагон мыггаг сыскъуындзæн мемæ. Мæнæ ацы згъæр, ацы уарт мемæ бахæсдзынæн мæрдтæм... Ау, æмæ уый та куыд бакомдзæн дæуæн дæ зæрдæ, æмæ æз мæ адзалы сахат сагъæсыл суон: Ульрих
æнхъæлмæ кæсы мæ цæстыты фæцъындмæ, зæгъгæ, цæмæй мын, мæ фыдæлтæй цы бынтæ баззад, хуыцауы руаджы, уыдон райса Австрийæ лæварæн. Р у д е н ц. Дзæгъæл хуымæтæджы лæууæм паддзахы ныхмæ! Хъалондар ын сты æгас дуне. Нæ алыварс уæрдæхау æрзылдысты, уый йæхи кæй бакодта, уыцы зæххытæ. Кæй ма бауырндзæн, æмæ мах бон бауа фæндаг айгæрдын паддзахы зæххытыл. Иæ къухы сты тæрхондæттæ, базартæ, фæндæгтæ; хъалон исы уый Готарды бæхрæгъæутгæй. Æхгæд, баст стæм мах уый бæстæй. Бахъахъхъæндзæн мах нæ импери, куыннæ!.. Æмæ йæхи бахъахъхъæнын куынæ фæразы уый Австрийæ! Махæн хуыцау куынæ баххуыс кæна, уæд нын, уырнæд дæ, император дæр ницы ахъаз фæци. Куыд баууæндæм мах императоры дзырдыл: уыдонæй алчидæр æхцахъуагæй, æфсæддон хъуыддагæн цæмæй æхца ссара, уый тыххæй нæ ауæрды ницæуыл: уæй кæны, цъынды æвæры сахартæ, уыцы сахартæ, æмæ хуыздæрæн сæхи уый къухмæ чи радта, хъахъхъæндзæн нæ, зæгъгæ. Уæ, мæ хистæр, ахæм змæст æмæ тас рæстæджы ссарын хъæуы тыхджын падцзах æмæ дæхи уый уазæг бакæн. Имперы бартæ цæуынц къухæй- къухмæ, иу мыггагæй аннæмæ, - раст куыст дзы зæрдыл нæ дарынц, аргъ ын нæй, дзæгъæлы сæфы. Фæлæ фыдæй-фыртмæ паддзахы бартыл та хæцы уыцы иу мыггаг. Баздæхæм, æмæ нæ куыст уым скæнæм - уæд фидæнмæ байтаудзыстæм мыггаг. Аттингаузен. Æвзæр не ’рхъуыды кодтай! Фыдæлтæй зондджындæр схуыдтай ды дæхи: фæстиат нæ кодтой уыдон сæ туг акалыныл, сæрибардзинады тыххæй. Басгар-ма Лиуцерны, - уым дын радзурдзысты, куыд зынхæссæн у, куыд, Австрийы æлдарад. Хъæуы сæ ардæм дæр; стуртæ æрнымайдзысты фæзты, сбардзысты Альпы хæхтæ, цæуын нал уадздзысты æнæхæрд саухъæды; нæ кулдуæрттæм, нæ донуайæнтæм нын хъалонисæнтæ сараздзысты, цæмæй сæхи хъæздыг кæной мах мæгуырдзинадæй; уыимæ ма сын нæ туг дæр калдзыстæм сæ сæрыл. Ма кæн, и, ма кæн! Кæд æмæ дзы нал ис тугæн æнæкалгæ, уæд æй æмбæлы "акалын махæн нæхи сæрыл: бирæ асламдæр нын сыстдзæн уæд нæ сæрибардзинад цагъайраджы дугæй. Р у д е н ц. Æмæ уæд цы бакæнинаг сты мах хуызæн фосгæс адæм Альбрехты тыхимæ?
о„ сф) оф) <тф> *фд (<ф) мъ ьр» щ 47 (^ («./«») С*/*) Р*/*у С«>Х^ С«*Х^ О’Х^ <!*}*>) «»> Аттингаузен. Мæ саби! Уыцы фосгæстæ цы хъаруты хицау сты, уый уал базон, стæй сæ исты дæр уæд зæгъ! Æз сæ хорз зонын: семæ хæсты къорд хатты уыдтæн, Фаэнцы бын куы схæцыдысты, уæд, стæй фендзынæ, куыд хæсдзыстæм мах уыцы æфсондз! Дæ цæсты уыйбæрц æгад ма уæнт дæуæн дæ мыггаг, дæхи дзыллæ - аргъ сын кæн. Дæ сæры бæрзонд кад, æцæг кад ма ив, ма, дидиты ницæйаг æрттивæнтыл, - рох дæ ма кæнæд, сæ сæр кæй дæ сæрибар адæмæн; уыдон дыл куы æууæндой, куы дæ уарзой, уæд уый зон, æмæ дæ фæдыл бацæудзысты мæлæтмæ дæр. Уымæй та хъуамæ дæ сæр бæрзæндты хæссай. Искуы кæд æмæ æцæг кад ис, уæд дын гъеуый æцæг кад! Дæ хæстæг, де ’ввахсæй æнæхай ма кæн дæхи, саг йæ родæй куыд лидза, уый лыгъд ма фæкæн дæ уарзон фыдыбæстæй; баныхас ыл дæхи дæ зæрдæйæ, дæ удæй! Уый зон, æмæ дæ хъаруйы фидар уидæгтæн сæ равзæрæн у дæ райгуырæн бæстæ. Уыцы ран та, æцæгæлон бæсты, уыдзынæ бынтон иунæг, æмæ дæ лыстæг тихалæгау тымыгъ ассæнддзæн. Уæ, ма кæ, и - раздæх дæхионтæм! Арвит ма дæ бонтæй иу бон дæ уарзæттимæ, æппынфæстаг, абон уæддæр ма араст у Альторфмæ! Хъусыс? Æрмæст абон, æрмæст ацы бон ма уæддæр баззай махимæ! (Исы йын йæ къух.) Р у д е н ц. Дзырд радтон... ма мæ уром... мæ дзырдæн мын нæй фæсайæн. Аттингаузен (суагьта йын йæ къух). Дзырд радтай? Куыд æнамонд фæдæ! Æфсон ссардтай, хорз æфсон! Фæлæ дæ цы сбаста, уый дæр мæ сусæг нæу: дæу сбаста æфсæн рæхыстæй уарзондзинад. Руденц йæхи фездæхта иннæрдæм. Бамбæхс дæ цæсгом. Мæнæн зонын æнхъæл нæ дæ, фæлæ дæу сбаста фон Брунекы чызг Бертæ. Уый дæ ласы, уый, паддзахы куыстмæ дæр. Дæ райгуырæн бæстæ уæй кæныс ды уыцы чызгыл. Сæрра дæ кодта. Сæхирдыгæй цæмæй фæуай, ууыл дыл сфæнд кодтой сæ чызджы руаджы; фæлæ ды зон: чызг кæй уыдзæн, уый бæрæгнæу. Р у д е н ц. Дзæвгар дæм фæхъуыстон. Хæрзбон! (Фæцсеуы.) Аттингаузен. Фæлæуу-ма, æнæзонд, фæлæуу! Афардæг! Йæ бауромынæн, йæ фервæзынæн ницы баци мæнæн мæ бон.
48 ^^^%%%%^%%*ге^) (*> <«№ С’да (Г*Х^ <*»Х^ <"/*.•> г«*/^ г«/*> <:•*) Æрмæст Вольфеншиссены куыст бакодта: уый дæр нæ афтæ ныууагъта. Аннæтæн дæр сæрæвæрæн фæуыдзæн: уыдон дæр барджынæй ласдзæн хъалдзинад йæхимæ, фæсхох æцæгæлон бæстæм. Уæ, дæлæмæ ныххауауыцы сахат, ацы арфæйаг фæзтæм нæ цард, нæ раст мæгуыр цард халынмæ æппагты разæй куы æрбацыдысты æцæгæлæттæ! Ног хъуыддагæй, ног æгъдауæй нæм цыдæриддæр фæзынд, уыдон нæм тыхджынæй-тыхджындæр байдыдтой, фыдæлтæй нын кадджинагæн цы баззад, уыдон та ивгъуыйынц æнæвгъау: рæстæг дæр, хъуыдытæ дæр æмæ алцыдæр! Мæ цард та ма циу? Мæ карæнтæй иу дæр уæлæуыл нал баззад. Мæ дуджы мын æрæмбæрзта зæхх. Цæй амондджын у уыцы адæймаг, ног фæлтæримæ йæ цард кæмæн не ’рцыди! (Фæцæуьи) Дыккаг æвдыст Фæз, йæ алыварс - бæрзонд хæхтæ æмæ хъæд. Къæдзæхтыл - къахвæндæгтæ конд, уыдоныл æрцæуынц хъæууон адæм. Мидæгоз сценæйы зыны цад, йæ сæрмæ - мæйы рухсæй арвæрдын. Дардæй зынынц бæрзонд сау хæхтæ митæй æмбæрзтæй. Талынг æхсæв; æрттивынц æрмæст цад æмæ цъититæ мæйы рухсмæ. Мельхталь, Баумгартен, Винкельрид, МайерСарнен, Буркгарт Биугель, Арнольд Сева, Клаус фон дер Флиуе, стæймацыппар хъæууон лæджы. Сегасдæрæдхæцæнгæрзтæ. Мельхталь (сценæйыфæстæ). Мæнæуынхæххонлæзгъæр! Цæут мæ фæдыл! Базыдтон дзуарæфтыд æмæ къæдзæхты. Нæ бынаты стæм - Риутли ам ис. Æрбацæуынц æд факелтæ. Винкельрид. Байхъусут-ма!.. С е в а. Сыбыртт дæр никуыцæй цæуы. М а й е р. Цъиуызмæлæг дæр дзы нæма ис. Нæхи Унтервальден разæй фæци. М е л ь х т а л ь. Цымæ, æхсæвæй бирæ рацыди? Баумгартен. Шелисберджы æхсæвгæс æрæджы дыууæ хъæры ныккодта. Дардæй хъуысы дзæнгæрæг.
(*> (<*/*>> г*/*>) («*/*> С’/у («*Х^ («»/«у С»/'^ <?*> М а й е р. Хъусут? Б и у г е л ь. Швицы цады фæстæ хъæды аргъауæны райсомы аргъуыдмæ цæуынц. ФондерФлиуе. Сыгъдæг уæлдæфы хъуысы дардмæ йæ зыланг. Мельхталь. Исчи уæ ауайæд æмæ пыхсыл арт бандзарæд, цæмæй судза не ’мбæлтты æрбацæуынмæ. Дыууæ хъæууон адæймаджы араст сты. С е в а. Рæсугъд æхсæвæй йæм дау нæй; æппындæр не змæлы цад; раст - айдæн. Б и у г е л ь. Æнцондæр сын уыдзæн ленк кæнынæн. Винкельрид (цадмæ амонгæйæ). Акæсут-ма, акæсут уæртæ уыцырдæм! М а й е р. Циу, цавæр у? Æцæг, æцæг, арвы æрдын!.. Æхсæвыгон!.. Мельхталь. Мæйы рухс æй сарæзта. ФондерФлиуе. Стæммæ вæййы ахæм диссаг! Иуæй- иутæ мæрдтæм бацæуынц, сæ цæргæ-цæрæнбонты ахæм диссаг нæ фенгæйæ. С е в а. Ноджы ма йæ сæрмæ иу ахæм, уымæй фæлурсдæр. Баумгартен. Уæртæ нæм бæлæгъ дæр дардæй зынын байдыдта. Мельхталь. Уый Штауффахер у. Ахæм зæрæдтæ бирæ нæй. Бирæ йын нæ байрæджы. (Баумгартенимæ цады былмæ фæцæуынц.) М а й е р. Уры бæстæй зынæг нæма ис. Б и у г е л ь. Бæстыхицауы хъахъхъæнджытимæ куы баиу уой, уый тæссæй хъуамæ дæрдтыл зилой. Дыууæ хъæууон адæймаджы кæм архайдтой, уым арт ссыгъди. Мельхталь (цады былæй). Зæгъут! Чи стут? Штауффахер (донæй уæлæмæ). Бæсты дзæбæхдзинадмæ бæлджытæ не ’ппæт дæр. Араст сты сегас дæр æрбацæуæджы размæ. Бæлæгъæй рахизынц: Штауффахер, Итель Рединг, Ганс Мауер, Иорг Гоф, Конрад Гунн, Ульрих Шмид, Йост Вайлер, стæй ма ноджы æртæ хъæууон адæймаджы, се ’ппæтмæ дæр - хæцæнгæрзтæ. 4
Се’ппæтдæр (хъæрæй). Салам-алейкум! Се ’ппæт дæр æрæнцадысты арфгомау сценæйы, салам дæттынц кæрæдзийæн, Мельхталь æмæ Штауффахер размæ рацæуынц. Мельхталь. Мæ кадджын хистæр! Æз федтон уыцы адæймаджы, мæнмæ æрбакæсын йæ бон кæмæн нал у! Йæ цæстытыл æз уымæн æрхастон мæ къухтæ, æмæ, йæ рухс дуне кæуыл баталынг, уымæ кæсгæйæ, æз цъæх арт уадзын мæ фыды хæс райсыны тыххæй. Штауффахер. Хæс исыны кой мын ма кæн, мæ кæстæр! Махыл æмбæлы фыдрæстæг æрцæуынмæ нæхи барæвдз кæнын, раздæр уал мын радзур, цы дын бантысти Унтервальдены? Æмбæлттæ дзы ссардтай? Цы фæндтæ сæм ис дзыллæмæ? Дæхæдæг куыд раирвæзтæ хъусдарджытæ æмæ нымудзджытæй? Мельхталь. Суренны бæрзæндтыл, цæст кæуыл не ’ххæссы, ахæм цъитиджын фæзтыл, цæргæсы фæсус хъæрæй æндæр кæм никуы ницы фехъусдзæн адæймаг, æз ахæм рæттыл бацыдтæн Альпы сæрвæттæм; Ур æмæ Ангельбергæй фыййæуттæ уырдæм фескъæрынц сæ фос. Цъититæ æмæ дагъы цыхцыртæй æз састон мæ дойны; æнæсгæрст мын иу хæдзар дæр нал баззад; хæдзæртты- иу æз мæхæдæг уыдтæн уазæг дæр æмæ фысым дæр; фæстагмæ бахæццæ дæн ахæм хæдзæрттæм, сæ цæхх, сæ кæрдзынæй сæ уазæджы хайы буцæй чи æрвиты. Æвирхъауы ног уацхъуыд уырдæм дæр байхъуыст. Мæ зиан, ме ’намонддзинадмæ гæсгæ мын лæвæрдтой æгъдау, тæригъæд мын кодтой алыран дæр. Ног хицæуттæй разы ничи у уым дæр! Райдианæй Альпы хæхтыл алы аз дæр уыцы иу кæрдæджы мыггæгтæ куыд зайынц, сæ дæттæ уыцы иу цыд куыд кæнынц, сæ æврæгътæ, сæ дымгæтæ уыцы иу фæндæгтыл куыд цæуынц, афтæ фыдæй-фыртмæ се ’гъдæуттæ нæ ивынц. Сæ зæронд æгъдæуттыл фидар хæцгæйæ, уыдон нæ уарзынц ног æгъдæуттæ. Зæрдиагæй мын кодтой «æгасцуай», сæ къултæй истой се згæхæрд кæрдтæ; цæхæр-иу акалдтой сæ цæстытæ, хæхбæсты стыр аргъ кæй нæмтгæн ис, уыдон кой сын- иу куы райдыдтой, уæд - дæ ном æмæ Вальтер Фиурсты ном. Ард хæрынц, цы сын зæгъат, уый кæй сæххæст кæндзысты, уæ фæдыл цæугæйæ мæрдты дуарæй дæр кæй нæ раздæхдзысты. Афтæмæй зылдтæн хæдзар-хæдзар, цытджын уазæджы кад мын лæвæрдтой рооооэеоеосооосооороеоеэеосорос
(^ **/*>) г^>; <«/*) <«Ху («»Ху ("/«г/ С«»Х«У <?*> нæ фыдæлты æгъдæутты руаджы. Уыйадыл фæстагмæ æрцыдтæн нæ фыдæлты коммæ, мæ хæстæджытæ, ме ’ввæхстæ бирæ кæм цæрынц, уырдæм. Куырмæй мæ фыды ссардтон кæйдæр лыстæныл: фæтæригъæд ын кодта чидæр... Штауффахер. Не сфæлдисæг хуыцау, табу дæуæн! Мельхталь. Фæлæ не скуыдтон; ницæйаг цæссыгæй мæ зæрдæйы маст не суагътон; æз æй арф бафснайдтон мæ риуы, фыдæлты хæзнайау, æмæ хъуыддагыл архайынæй нал бацауæрстон. Æз цы ком, цы фæсвæд адаг æмæ фæз нæ басгæрстон, ахæм мын нал баззади. Æз басгæрстон, æнусон цъититæм æввахс æнцад цæрæндæттæ. Мæ къахæй кæм æрлæууыдтæн, уым алыран дæр се сæфт федтой тиранæй. Цæрæг цы зæххыл нал ис, уæлæмæ кæрдæджы хал кæм нал цæуы, уыдонæй дæр хъалон стигъынц бæстыхицæугтæ. Адæмы сыл сардыдтон; мах сты адæм ныр сæ удæй дæр, сæ зæрдæйæ дæр. Штауффахер. Фæстиат бирæ нæ бадæ, фæлæ дын дзæвгар бантыст. Мельхталь. Мæнæн ма ноджы фылдæр бантыст. Росберг æмæ Сарнен сты ахæм фидæрттæ, сæ койæ дæр адæм кæмæн ризынц æмризæджы; уыцы галуанты мидæг цæрынц махæн не знæгтæ, нæ дзыллæйæн нын алы фыдбылызтæ чи аразы... Федтон сæ мæхи дыууæ цæстæй; Сарнены фидар басгарын дæр мын бантысти: мæ цæст ыл рахастон кæрæй-кæронмæ. Штауффахер. Ау, æмæ калмы хуынчъы дæ къух бакæнынмæ та дæ ныфс куыд бахастай? Мельхталь. Монахы дарæстæ мæ уæлæ, афтæмæй дзы фæзылдтæн. Федтон дзы бæстыхицауы куывды бадгæ. Мæхи уромын кæй фæразын, уый сбæрæг уымæй, æмæ ме знаджы федтон, фæлæ йæ нæ амардтон. Штауффахер. Амонд дын баххуыс кодта де ’хсарæн. Аннæ адæм дæр æрбаласынц сæхи. Ныр-ма мын зæгъ, чи сты, чи, дæ хæлæрттæ, ардæм нæм кæй æрбахуыдтай, уыдон? Куыд сæ базонæм, ууыл бацархай, цæмæй раргом кæнæм нæ зæрдæтæ кæрæдзийæн. М а й е р. Æмæ дæ не ’ртæ кантонæй та уæд чи нæ зоны? Мæ ном мæнæн - Майер, сарненаг, мæнæ дын уый та мæ хæрæфырт - Струт, Винкельрид.
52 (р^^^^^^^^ (V <*& Ф* <&*> *#Ъ Ф:> Ф* <»& *>) Штауффахер. Фехъуыстон ма æз уыцы ном: иу Винкельрид амардта залиаг калм Вайлеры цъымарайы æмæ мард фæци йæхæдæг дæр тохы мидæг. Винкельрид. Уый уыди мæ фыдæлтæй. Мельхталь (дыууæхъæууонадæймагмæамонгæйæ). Мæнæ ацы унтервальдейнæгтæ цæрынц хъæды фæстæ беридоны. Æмæ кæд сæрмæ адæмæй не сты, кæд æмæ уыдон кусæг адæмыхаттæй сты, уæддæр сыл стырсæр ма скæн дæхи: уыдон дæр уарзынц сæ фыдыбæстæ. Штауффахер (сæ дыууæйæн дæр). Æрисут-ма мын уæ къухтæ! Амондджын у уыцы адæймаг, бардарæг кæмæ нæй, сæрибарæй чи цæры йæхи зæххыл, фæлæ рæстдзинадæн стыр аргъ хъуамæ уа алыран дæр. КонрадГунн. Мæнæ дын уый та Рединг, нæ рагон иубæстон. М а й е р. Æз æй зонын. Зылындзых стæм мах Редингимæ: тæрхоны бацыдыстæм зæххы тыххæй. Фæлæ уый зон, Рединг, дыууæ знаджы уыдзыстæм тæрхондоны, ацы ран та стæм дыууæ æфсымæры. (Иæ къух ын исы.) Штауффахер. Лæджы ныхас ракодтай. Винкельрид. Æрбацæуынц. Нæ хъусут Уры уасæнмæ? Рахиз æмæ галиу фарсæй хæхтыл æрцæуынц адæм æд хæцæнгæрзтæ, сæ къухты - рухсгæнæнтæ. М а й е р. Сæ динамонæг дæр семæ: айхуызæн мæйдар æхсæв зынфæндаг уый ницæмæ ’рдардта. Æнæзæрдæхудт фыййау йæ фос куыд хъахъхъæдта, афтæ йæ адæмы нæ ныууагъта уый дæр тæссаг рæстæджы. Баумгартен. Петерман æмæ Вальтер Фиурст - сæ астæу, фæлæ дзы Теллы нæ уынын. ВальтерФиурст, Рёссельман, сауджын; Петерман, кистер; К у о н и, фыййау; В е р н и, цуанон; Р у о д и, кæсагахсæг; стæй ма фондзхъæууон адæймаджы. Уыдон се ’ппæт дæр - дæс æмæ ссæдзæй-арты алыварс алæууыдысты. ВальтерФиурст. Уæдæ афтæ! Адæм цыхуызæн зынæвзарæнты нæ бафтдзысты! Ам нæхи бынтыл, сдзырдхъом нын кæмæ ничи у, нæ фыдæлтæй нын цы зæхх баззад, уыцы ран
сусæгæй мах æмбырдтæ кæнæм, раст цыма æвзæргæнджытæ стæм, уыйау. Æхсæвыгон, мæйдарæн йæ сау æмбæрзæны бын, къæрных кæмæ бæллы, ахæм талынджы, хъуамæ архайæм мах, цæмæй тыхгæнджытæй хъахъхъæд æрцæуой нæ бартæ. Афтæмæй та уыдонмæ дæуццагæй ницы ис, бæлвырд æмæ бæрæг сты, кæрдæгхуыз цъæх арвыл хурты хурзæрин куыд бæрæг æмæ куыд рухс у, афтæ. Мельхталь.Хистæр,сагъæсмакæнуыйтыххæй! Мæйдары кæй байтауай, уый боныгон равзæрдзæн сæрибардзинад æмæ циндзинадæн. Рёссельман. Байхъусут мæм, хорз адæм, хуыцау мын мæ зæрды цы бафтыдта, æз уын уый радзурон. Мах стæм хъæутæй æрвыст адæм, æмæ уый фæдыл нæ бон у дзурын æгас дзыллæйы номæй. Байдайæм тæрхоны бадын, нæ фыдæлты æгъдæуттæм гæсгæ. Исты нæ дзы куы байрох уа, уæд нæм уый тыххæй дæр азым ничи æрхæсдзæн, фадат æндæр нæ амыдта. Сæрибардзинады тыххæй кæмдæриддæр дзурой, уым тæрхонгæнджыты астæу фæбады хуыцау йæхæдæг! Зæгъут-ма мын: хуыцау цы арв сфæлдыста, уый бын нæ лæууæм, нæ? Штауффахер. Æгъдау куыд амона, афтæ бакæндзыстæм: æхсæв цыфæнды мæйдар уæд, нæ бартæ рухс сты. Мельхталь. Нымадæй кæд æмæ уыйбæрц бирæ не стæм, уæддæр адæмæн ацы ран ис сæ зæрдæ, ацы ран: хуыздæртæ ам сты махимæ. КонрадГунн. Кæд æмæ нæ зæронд чингуытæ не сты ацы ран, уæддæр сæ фыст арф æфснайд у нæ зæрдæты. Рёссельман. Цæй, уæдæ, ме ’фсымæртæ, зиллаккæй æрлæууæм, хъама зæххы ныссадзæм - уый у хицæутты нысан! М ау е р. Нæ астæу нæ иубæстон æрлæууæд, æххуысгæнджытæ та - йæ алыварс. Петерман. Æртæ дзыллæйæ стæм ацы ран: кæй равзардзыстæм мах нæхицæн хицауæн? М а й е р. Швиц«мæ-йыл Ур бафидауæнт, Унтервальден сын æй хатыр кæны. Мельхталь. Хатыр сын фæуæд: æрмæст нын баххуыс кæнæнт се стыр бонæй.
54 (<>) <<*№> «ф; <<***) ('ф>> Ь*Ы (’ф) ('*№ г'>) ф г^ (^ с-*Х^ с«*Х^ <**/*> **/<у <*!/у Ф Штауффахер. Уæдæ цыргъаг сласæд Ур. Хæсты рæстæджы æфсæдты разæй тырыса - йе ’вджид. ВальтерФиурст. Нæ, уый нæ уыдзæн. Уыцы кад Швицæй раздæр никæуыл æмбæлы. Уымæй стæм сæрыстыр не ’ппæт дæр. Рёссельман. Уæ цытджын, уæ уæздан быцæу уын æз ахицæн кæндзынæн, цæмæй бафидауат, ууыл бацархайдзынæн: хъуыддаджы мидæг фæнд йæхимæ айсæд Швиц, хистæрдзинад та хæсты лæвæрд уæд Урмæ. ВальтерФиурст (дæтты æхсаргард Штауффахермæ). Айс æй! Штауффахер. Амал нæй, - мæнæй дзы хистæртæ ис ацы ран. Г о ф. Ульрих Шмидæй хистæр нæм нæй. М а у е р. Лæгæй йæм дау нæй, фæлæ йæ мыггаг не ’ххæссы, цæй фæдыл æм нæ хауы тæрхоны лæджы бынат Швицы бæсты? Штауффахер. Уæд та уын Рединг - нæ рагон иубæстон, уымæй хуыздæр та ма кæй равзардзыстут! Р е д и н г (астæумæ рацæуы). Мæ фадат нæу чингуытыл мæ къух æрæвæрын. Фæлæ уын ард хæрын æнусон рухсдæтджытæй, æрмæст рæстдзинадæй уæлдай кæй никуы ницы бакæндзынæн! Иæ размæ йын æрсагътой дыууæ карды. Зиллакк æркодтой сæхицæй. Швиц - астæуæй, Ур - рахизфарс. Унтервальден та - галиуфарс. Рединг лæууы, кардыл хæцгæйæ. Хæхты мах ныууагътам нæ хæдзæрттæ, æртæ адæмыхаттæй æхсæв æнафоны æрцыдыстæм ардæм - цады æдзæрæг былмæ, фæлæ-ма нын бамбарын кæнут, не ’мбырды сæр цæуыл у? Стъалыджын арвы бын кæрæдзийыл сбастам ногæй нæхи, фæлæ цæй руаджы æрцыди махæн нæ баст? Штауффахер. Ног нæу нæ иудзинад, фыдæлтæй нын чи баззад, мах хъавæм æрмæст уый сфидар кæнынмæ. Уый зонут, ме ’фсымæртæ, æмæ нæ кæд дих кæнынц кæмттæ æмæ дæттæ, кæд алыхуызон уыди нæ зонд дæр, уæддæр - иу у нæ туг, не стæг, схъомыл нæ кодта иу фыдыбæстæ. Винкельрид. Нæ зарæджы ныхæстæ уæдæ раст сты - мах ардæм кæй æрцыдыстæм дардæй? Радзурут-ма йæ, куыд уыди, цæмæй, зæронд хъуыддæгтæ мысгæйæ, фидардæр кæна нæ иудзинад. роеоооооеооороошососоеоооеооосоеооорор
(»ь/»>^#*+*№+?*>+ ь/* ь/1 уь ъ> 55 6» «»/>)" с</*>) (,*Х*уч о*Х*, ^Х^ ьФо (*У*>) с«»> Штауффахер. Æз уын сæ радзурдзынæн, хистæртæй хъусгæ сæ куыд æрцыдыстæм, афтæ. Раджы кæддæр цæгатырдыгæй цардысты стыр адæм; скодта сыл фыдаз, схъазар алцыдæр, æмæ дзыллæ сфæнд кодтой, цæмæй адæмæн сæ дæсæм хай ныууадзой сæ бæстæ, хæлттæ сæппаргæйæ. Æмæ афтæ бакодтой. Лæгæй, усæй - дзæвгар адæм - æнкъардæй араст сты, хур сихорафон кæм вæййы, уыцырдæм, хуссармæ. Кард æмæ уартæй сæхицæн фæндаггæрдгæ, уыдон цыдысты Германы бæстыл æмæ фæстагмæ æрбафтыдысты ацы тархъæдæй æмбæрзт хæхтæм. Сæ цыды кой кодтой æдзæрæг фæзмæ, ныр Муота-дон кæм згъоры йæ цъæх былты астæу, уырдæм. Адæймагæн дзы нæма уыди йæ дымгæ дæр ацы ран, доны был дзы уыди æрмæст иу мусонг, бадти дзы бæлæгътæрæг æмæ ласта бæлццæтты. Дон афтæ фæйлыдта уыцы рæстæджы, æмæ дзы ленк кæнынмæ ничи хаста йæ ныфс. Сæ цæст рахастой бæстыл: бæстæ разынди хъæздыг-донæй, хъæдæй; æмæ байстой сæ зæрдæмæ - ног фыдыбæстæ кæй ссардтой сæхицæн; стæй сфæнд кодтой - æнусмæ бынат куыд æркæной ацы ран. Æрæвæрдтой дзы Швицы хъæу; бирæ фыдбонтæ дзы федтой, фæсыгъдæг кодтой хъæд, - бæлæстæ сæ бындзарæй фæкъахтой. Уалынмæ куы бабирæ сты, куынæуал сын арæхсти цæрынæн фыркъуындæгæй, уæд айстой сæхи дарддæр, сау хæхтæм, стæй Вайсландмæ, ихын цæндты хæдæмбуар кæм цæрынц хицæн адæм, æндæр æвзагыл дзурæг. Æрæвæрдтой Станцы хъæу, Кернвальды. Альторфы хъæу - Ройсы дæлвæзмæ æввахс; фæлæ сæ сæ мыггаджы кой рох нæ кæны æнусмæ дæр. Сæ фæстæ ма цы адæмтæ æрцардысты, уыдоны æхсæн швицæгты базондзынæ кæддæридцæр: уæздан сты уыдон. (Къухтæ исы: куырахиз, куы галиуфарс.) М а у е р. Раст загътай: махæн нæ туг дæр иу у, нæ зæрдæ дæр. Се’ппæтдæр (кæрæдзимæ сæ кьухтсе дæтгæйæ). Иу адæмы хуызæн фидаудзыстæм мах. Штауффахер. Бирæтæ хæссынц искæй къæлæт; уыдон æгасæйдæр барвæндонæй радтой сæхи тыхджыны къухмæ. Ахæм цагъайрæгтæ чысыл нæ разындзæн мах æхсæн дæр: уыдонæн сæ бар нæ цæуы сæхиуыл, сæ цагъайраг зæрдæйыуаг ныууадзынц сæ байзæддагæн: фыды фарн мæрдтæм нæ цæуы. Фæлæ мах
ОО (») (сф) <ьх& ом (гф.) (гф) оф) оф) о,л С<2) <Ф*> ф$ <;•»/*> №; с«*/^ е*/9 «2Л9 Ф стæм, адæм ард кæмæй хордтой, уыдон цот, æнусмæ мах æвæрын бафæрæзтам сæрибардзинад, никæмæн бакуывтам нæ зоныгыл, фæлæ барвæндонæй нæхи бафæдзæхстам имперыл, цæмæй ныл дара уый йæ арм. Рёссельман. Раст дзурыс3 - уый уазæг нæхæдæг бакодтам мах нæхи. Император нын цы чиныг радта, уым дæр афтæ фыст ис. Штауффахер. Фæлæ сæрибартæн дæр æнæ иу æгъдауæй нæй цæрæн. Хъæуы хистæр, хицау, тæрхон кæй номæй кæной, адæм сæ маст, сæ хъаст кæмæ хæссой, уыдонæн фидауцы хос кæй къухы уа. Уыйадыл нæ фыдæлтæ куырдтой цезарæй сæхуыдтæг, сæ бæсты номæй Итали æмæ Германы зæххытæн хицауад чи кæна, уый йæ бар куыд дара уыдонмæ дæр; дзырд ын радтой, - хæсты бон кæй уыдзысты йæ фарсласæг. Сæрибар адæмыл ис æрмæст иу хæс: нæ хъахъхъæнæг имперы хъахъхъæнын. Мельхталь. Аннæ хъуыддæгтæ та сты сегас дæр цагъайраг дуджы нысæнттæ. Штауффахер. Æфсадмæ сæм сидынц, æвæдза, уæд- иу хæцыдысты имперы тырысаты бын; бафсад кодтой Италимæ, цæмæй императорæн райсой Римы корона3, сæхи бæсты та сæ цард арæзтой, сæ фыдæлты æгъдæуттæ куыд амыдтой, афтæ. Император тæрхонгæнæг уыди марджытæн æрмæст; тæрхон кæнынæн æрæвæрдта граф, фæлæ уый дæр нæ бæстæйы нæ царди: искæй-иу куы амардæуыд, уæд нæм-иу фæзынд æмæ-иу æдæрсгæ, æргом адæмы астæу кодта туджджынтæн раст тæрхон. Цагъайраджы дугæй дзы чи цы ссардзæн ацы ран? Кæд уæ, мыййаг, искæмæ афтæ нæ зыны, уæд æй сусæг ма бакæнæд! Г о ф. Нæ, кæй дзурыс, уый раст у: бæгуыдæр, мах æфхæрды бынаты никуы уыдыстæм. Штауффахер. Мах иу хатт коммæ дæр бакастыстæм, сауджынты фарс хæцын куы байдыдта, уæд. Айнзидельны моладзандон дын бавдæлд æмæ, фыдæй-фыртмæ нæ фос кæм хызтам, уыцы сæрвæттæ нын айсынмæ хъавыд. Аббат нæм, паддзахы лæвæрд у, зæгъгæ, цавæрдæр чиныг равдыста, æмæ хъуамæ сайдæй моладзандоны бауыдаиккой, цыма дзы нæхæдæг 3 К о р о н а - паддзахы худ.
о» ьс*» сфъ ьго) ьг*> <'>/*> <'Ф> <Ф» Ь) 57 Г*, «»/*>) (ф.) ('*Х*0 (Фо («>Х6<) «*}<>> <Ф') «0 æппындæр ницыуал уыдыстæм, уыйау. Фæлæ мах хъæбæрæй загътам: «Ацы чиныг мæнгард хъуыддаг у. Райдайæнæй- байдайæнмæ мах нæхи кæй хонæм, уыдон балæвар кæнын кесæры бон кæцæй у? Æмæ нын уæдæ кæд импер нæ зæххытæ фидар кæнынмæ нæ хъавы æнусмæ дæр нæхиуыл, уæд æнæ уый дæр фæцæрдзыстæм нæ хæхты». Ахæм дзуапп радтой нæ фыдæлтæ. Нæ сæрмæ куыд бахæсдзыстæм мах худинаджы ног æфсондзмæ нæ бæрзæй бадарын? Император нæ цæуылты нæ домдта, æрцæуæггаг вассалтæн та ма уый куыд ныббарæм? Мах нæхуыдтæг скодтам зæхх нæхицæн, нæхи къухтæй бакуыстам зæронд тулдзбынтæ, æдзæрæг сырдбадæнтæ æмæ дзы сарæзтам адæмæн цæрæндæттæ. Мах сихсийын кодтам тугдзых сырдты мыггаг, маргтауæг цъаммарты. Мах фæсырдтам æнусон сау мигътæ, уыцы æдзæрæг бæсты сæрмæ æдзух ауындзæгæй чи лæууыди; махныппырхкодтам къæдзæхтæ, сарæзтам бæлццæттæн кæмтты æнцонвадат фæндæгтæ. Ацы бæстæ рагæй-æрæгмæ дæр нæхи бæстæ у. Æмæ дæм ныр кæцондæр вассал æрбацæуæд æмæ дæ тæрсын кæнæд, хынджылæг дæ скъæрæд дæ фыды зæххыл! Ау, æмæ бынтон сæфт фестæм! Нæхи бахъахъхъæнынæн дæр та нал стæм?.. Адæм тынг базмæлыдысты. Нæ, кæрон хъуамæ уа тиранæн дæр! Æфхæрд адæймаг, æвæдза, рæстдзинад куы нал ары, хæссын куы нал фæразы, æвæдза, йæ уаргъ, уæд арвмæ сцæгъды йæ риуыкъæй. Йæ бартæ се ’ппæт дæр ссардзæн уым; æнæивгæ æмæ æнæхæлгæ уыдон лæууынц уыцы ран, æнусон рухсгæнджытау! Ралæудзæн фыдæлтыккон дуг, адæм сæ кæрæдзимæ фæуыдзысты, æххуыс æнхъæлмæ макæцæйуал кæсут... Уæ хъару æмæ уæхæдæг!.. Райсут уæ кæрдтæ уæ къухмæ! Нæ исбон бахъахъхъæнæм; стох кæнæм нæ уарзон фыдыбæсты сæраппонд; хæцæм, уæдæ, хæцæм мах нæ сылгоймæгтæ æмæ нæ сабиты сæрыл! Се’ппæтдæр (сæ кæрдтæ цæвгæйæ). Мах хæцæм нæ сылгоймæгтæ æмæ нæ сабиты сæрыл! Рёссельман (фæцæуы зиллакмæ). Цалынмæ уæ кæрд- тæм бавналат, уæдмæ уал ахъуыды кæнут, - чи зоны æмæ императоримæ нæ хъуыддаг лæгъзæй ахицæн кæндзыстæм.
00 р^^^и^^^и0^^ (у <Фэ <&*) с«*Х^ «*&> (’У’у Фэ «№ С'*) Хъыгдаргæ нæ цæмæй нæ кæной, æрмæст нын уымæй раттæнт æууæнк, æндæра нын тирантæ дæр æлхæндзысгы нæ зæрдæ; цы уæ агурынц, уый сын сæххæст кæнут, æмæ уæд ахицæн уыдзыстут имперæй, Австрийы уазæг та уæхи бакæнут. М а у е р. Цытæ дзуры, цы? Ард Австрийæн бахæрæм? Б и у г е л ь. Уымæ дæр хъусут! Винкельрид. Уый у, йæ райгуырæн бæстыл сайдæй чи цæуы, топпы кæсæнæй йæм чи кæсы, ахæм адæймаджы ныхас! Р е д и н г. Мама стæвд ут, мæ хæлæрттæ! С е в а. Утæппæт æфхæрдты фæстæ ма йын ард дæр бахæрæм Австрийæн?.. Ф л и у е. Ау, æмæ дзæбæх дзырдæй нæ бон цы нæ баци, уый ныр тыхы фæдыл ауæлдай кæнæм? М а й е р. Уæд цагъайраджы аккаг стæм, æндæр ницы, æмæ афтæмæй баззайæм æнусмæ дæр! М а у е р. «Австрийы уазæг уæхи бакæнут» нын чи зæгъа, уымæй ист хъуамæ æрцæуой, швейцайраг адæймагæн цы бартæ ис, уыдон. Мæнырдыгонау, нæ иубæстон, не ’гъдæуттæн хъуамæ сæ тæккæ сæрмæ фыст æрцæуа уыцы æгъдау! Р е д и н г (иуцъусдуг алæууыд æнæдзургæйæ, стæй). Афтæ, афтæ! Рёссельман. Ме ’фсымæртæ, ног æгъдаумæ гæсгæ, ныр стут сæрибар. Австрийæн уæдæ тыхы руаджы мауал бантысæд, мах ын сабырæй цы нæ радтам, уый. ЙостВайлер. Ныр байдайæм хъуыддаг кæнын! Р е д и н г. Кæд ма уæ, равзарын цы хъуыди, уыдонæй исты байрох, мыййаг? Чи зоны, æмæ падцзах йæхæдæг нæ зоны, йæ номæй нæ куыд æфхæрынц, уый! Тагъд ма бакæнут! Хъуыддаг алырдыгæй дæр сбæлвырд хъæуы, фæлваринæгтæй фæсвæд иу дæр мауал ныууадзæм, бавзарæм ма! Раздæр æм бахæссæм нæ хъаст: куынæ йæ айса, уæд нын нæ кæрдтæ та кæдæм лидздзысты? Нæ хъуыдцаг кæд æмæ раст хъуыдцаг у, уæддæр тыхы фæндагыл ныллæууын зæрдæ нæ комы; хуыцау та ныл йæ арм æрмæст уæд дардзæн, æмæ зæххон адæймаджы æххуысмæ куы нал æнхъæлмæ кæсæм. Штауффахер (Конрад Гуннмæ). Радзур-ма нын, хъуыддагæн цы зоныс, уый.
Г*, лй/ь; **/*> (.*/*{, оОС’у (*Х<у <<Фо (.Ф^ «*) КонрадГунн. Æз фæцыдтæн Райнфельдмæ, паддзахы фидармæ, цæмæй хъаст бахæссон бæстыхицауыл æмæ цæмæй фæстæмæ нæ къухы бафтой нæ рагон бартæ. Бирæ минæвæрттæ дзы федтон æз уыцы ран Швабæй æмæ Рейндоны был цæрджытæй. Уыдон райстой сæ бартæ æмæ хъæлдзæгæй аздæхтысты сæхимæ. Бахуыдтой тæрхондонмæ мæн дæр - уæ минæвары - æмæ мын радзырдтой уыцы ран: «Нæ паддзахы ацы сахат не ’вдæлы йæ хъуыддæгтæй, фæлæ æндæр хатт уымæн æрлæудзыстут йæ зæрдыл». Æнкъардæй сæ раздæхтæн æмæ, паддзахы агъуысты мидæг цæугæйæ, æваст фæкомкоммæ дæн герцог Иоганнмæ; уый лæууыди уыцы ран æмæ йæ цæссыг калдта. Йæ разы уыдысты Варт æмæ Тегерфельд. Уыдон мæм басидтысты æмæ мын загътой: «Хохы мæсыгджын фесæфт, быдыры - хъанджын, - макæуыл дарут уæ зæрдæ, уый тыххæй æмæ уæхуыдтæг куынæ уат уæ сæрæн, уæд уын ничи ницы фæуыдзæн. Паддзах, ома рæстдзинад бакæна, уый уæ фæсонæрхæджы дæр ма уæд: баздæхт, æмæ йе ’фсымæры фыртæн байста йæ бынтæ. Герцогæн та ныр йæ азтæ сæххæст сты - саби нал у; æгъдау куыд амоны, афтæмæй уынаффæ кæнид йæ зæххытæн. Паддзахæй куырдта уый йæ фыды бынтæ æмæ йын хуыздæрæн цы дзуапп радта æнхъæлут? Паддзах ын æркодта дидинджытæй худ йæ сæрыл æмæ йын загъта: «Мæнæ дын аив дарæс дæ лæппуйы рæстæджы». М а у е р. Фехъуыстат? Паддзахæй нæ бадомдтат сымах уæ бартæ. Ныфсджын ут æрмæст уæхицæй! Р е д и н г. Паддзахæй дæр ныр нæ кард нæ кæрддзæмы нытътъыстам, - нæ бон дзы базыдтам. Архайын куыд байдайæм, уымæн фæнд хъæуы. ВальтерФиурст (рацæуы зшлакмæ). Фæнды нæ мах нæ уаргъ аппарын æмæ нæ рагон бартыл ныххæцын, нæ фыдæлтæ нын кæй бафæдзæхстой, уыдоныл. Ног бартæ фæлгъауæг мах нæхи не скæндзыстæм. Кесæр уæ цы агура, уый - кесæрæн; алкæуыл дæр нæ цы хæс ис, уый æххæст кæнæд. М а й е р. Австрийæ райстон æз, æфстау сын цы радтон, уый. Вальтер Фиурст. Æмæ йын фид, цы дыл æмбæлы, уый. Иост Вайлер. Æз Рапперсвейльтæн фидын хъалон. Вальтер Фиурст. Фид, куыд фыстай, афтæ. Рёссельман. Циурихы беридонæн æз ард бахордтон... росоооооеоеоооооооооо^^оеосооооосооосоо^оо
60 ^^^^^^^^^ (*> («Хъ фэ с*Х*, №; С'*Л <<*ХЬ «еХ*) <?*) ВальтерФиурст. Аргъуаны чи у, уый бадæтт аргъуанмæ. Штауффахер. Æз æфстау исын имперæй. ВальтерФиурст. Кæнут алцыдæр, цæйбæрц уыл æмбæлы, уыйбæрц, уæлдай иу мисхал дæр ма кæнут. Мах саразинаг стæм æрмæст иу хъуыддаг: бæстыхицæутты фæсурын æмæ сын сæ фидæрттæ фехалын; стæй кæд амал уа, уæд ууыл дæр кусдзыстæм, цæмæй дзы нæ акæла туг. Уымæй император бамбардзæн, æндæр амал нын кæй нал уыди; ноджы ма æнæгъдау мийæ куы ницы бакæнæм, уæд уый дæр бауромдзæн йæ маст, уымæн æмæ æд хæцæнгæрзтæ адæм сæхиуыл хæцын куы фæразой, уæд семæ дзурын æдас нæ вæййы. Р е д и н г. Алцыдæр хорз, фæлæ кæй байдыдтам, уымæн кæрон кæд скæндзыстæм? Не знæгтæ æдзæттæ не сты, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ басабыр уыдзысты æнæ схæцгæ. Штауффахер. Æд хæцæнгæрзтæ сæ ныхмæ куы æрлæууæм, уæд æрсабыр уыдзысты: нæхи сын бавдисдзыстæм, æнхъæл куыд нæ уой, афтæмæй. М а й е р. Дзыхæй дзурын æнцон у, фæлæ хъуыддаг скæнын зын у. Нæ зæххыл ис дыууæ фидары: ницы тас сын у не знæгтæн уыцы ран: хуымæтæджы нæ бафтдзысты уыдон къухы, паддзах æфсæдтимæ ам куы æрлæууа, уæд. Росберг æмæ Сарнены фидар райдайæны нæхи бакæнæм, цалынмæ хæст нæма стынг, уалынмæ. Штауффахер. Фæстиат нал хъæуы, цæмæй не знаг нæма байдайа йæхи хъахъхъæнын; бирæ адæм ис нæ сусæг фæнды. М а й е р. Сайдæй чи рацæуа йæ бæстыл, ахæм адæм нæ хъæдарæхджын кантоны нæ разындзæн. Рёссельман. Æгæр æнувыд дæр-иу зиан æрхæссы хъуыддагæн. ВальтерФиурст. Фæстиат куы кæнæм, уæд Альторфы фидар амад фæуыдзæн, æмæ бæстыхицауæн уыцы ран тас нал у бынтондæр. М а й е р. Æрмæст уæхи сæрты кой кæнут сымах. Петерман. Растнæзæгъыс. М а й е р (мæстыйæ). Мах нæ зæгъæм раст? Уый та нæм куыд бауæндыд Ур?! Р е д и н г. Банцайут! Ард кæй бахордтат, уый уæ рох ма уæд!
Г«у Л*/^ Г.«/«у (Фо <«*Д«у («*Х«^ С»»/^ (<*/«,; Г<0> М а й е р. Баицайынæй фæстæмæ нын æндæр фæрæз дæр нæй, Ур æмæ Швиц фарс куы фæуой, уæд! Р е д и н г. Уайдзæф дын кæнын адæмы раз, уый тыххæй æмæ нын халыс нæ иудзинад дæ суццайæ. Уыцы иу хъуыддаджы сæраппонд нæ бамбал стæм ацы адæм не ’ппæт дæр? Винкельрид. Цыппурсмæ йæ куы ныууадзæм, уæд хуыздæр уыдзæн. Уыцы рæстæджы, æгъдаумæ гæсгæ, бæстыхицауæн, цы стæм, уымæй мах фæхæссæм лæвæртгæ. Иу-дæс, йе дыууадæс лæгæн нæ амал æрцæуид фидармæ, ничи сыл фенæууæнк уаид, афтæмæй. Хæцæнгæрзтæ бахæссынæн дæр амал æрцæуид: уырдæм гæрзифтонгæй кæд нæ уадзынц, уæддæр цыргъæгтæ бахæссиккой аивæй, стæй сæ уыцы ран афидар кæниккой лæдзджытыл. Иннæ къорд сæхи бафæсвæд кæнæнт хъæды; æмæ раззæгтæ, æвæдза, кулдуар æрцахстой, уæд уадындзæй ныууасæнт; аннæтæ балæудзысты сæ уæлхъус æмæ фидар æнцонæй бафтдзæн сæ къухы. Мельхталь. Уæдæ уын Росберг та мæ бар фæуæд: уым цæры иу чызг, хæлар у мемæ; уый мæм æруадздзæн асин; асиныл æз фидары фæмидæг уыдзынæн, æмæ уæд аннæтæн дæр фæндаджы амал æрцæудзæн мæ фæдыл! Р е д и н г. Цы зæгъут цыппурсæй? Разы йыл стут уе ’ппæт дæр? Адæмæн сæ фылдæр систой сæ къухтæ. Штауффахер {нымайы къухтæ). Дыууадæсы дзы нæ фæнды, ссæдз та разы сты æмгъуыдыл. ВальтерФиурст. Стæй æмгъуыды бон фидæрттæ ист куы ’рцæуой се ’ппæт дæр, уæд æртытæ бандзардзыстæм къуылдымтыл, хæхбæстæ уæд хъуыддаг бамбардзысты æмæ дзыллæ иууылдæр сæхи барæвдз кæндзысты хæцæнгæрзтæй. Æмæ бæстыхицæугтæ куы æркæсой, мах дзæгъæлы кæй нæ райстам нæ хотыхтæ, уымæ, уæд, бауырнæд уæ, нал сæ бафæнддзæн махимæ схæцын, фæлæ батагъд кæндзысты ардыгæй сæхи айсыныл. Ш тауффахер. Тас мæ ис æрмæст ацы хивæнд Геслерæй, тыхджын æфсад ис йæ алыварс, уый æнæ тут ныккалгæ сæттын нæ бакомдзæн, тарды куы фæуа, уæддæр дзы æдас не стæм. Ауæрдын ыл нæ хъæуы - фыдбылыз нын æрхæсдзæн. Баумгартен. Тасдæр цы ран уа, уым хъуыддаг мæхи бар
62 и>) <ъг& ьт ьг& (<ф>> (’М (’ф) оф) сг,\ (),) «$**> сда ода с«*х^ <*/*> (Фз с<Ф$ о*) кæнын мæ райгуырæн бæстæйы тыххæй. Ме ’фхæрд æз райстон æмæ æрæнцад мæ зæрдæ. Р е д и н г. Цы уа, уый уæд. Æнхъæлмæ кæсут, мæ хæлæрттæ! Æрцæуинагæн æнæрцæугæ нæй. Фæлæ мæнæ цалынмæ ацы ран мах не ’хсæв æрвитæм, уалынмæ бæрзæндтæ рухс кæнын байдыдтой. Æмæ уал нæхи айсæм, намæ ныл хур ам скæсдзæн. ВальтерФиурст. Тæрсгæ ма кæн, талынг сабыргай кæмттæй фæхъуызы. Сегас дæр сæ худтæ систой æмæ æнцадæй, зæрдырайæ сæуæхсидмæ кæсынц. Рёссельман. Цалынмæ ма сахайрæгтæ талынджы сæ хæдзæртты хуыссынц, уалынмæ, махæн «æгас цæуат» чи зæгъы, уыцы боны рухсмæ нæ иудзинады тыххæй ноджыдæр ард бахъарæм, цæмæй амæй фæстæмæ æфсымæртау нæ цард дæр, нæ зиан дæр иу уа; фыдбоны дæр, тыхст рæстæджы дæр нæхи куыд нæ аласæм кæрæдзийæ. Се ’ппæт дæр ын æмхуызонæй йæ фæдыл дзурынц йæ ныхæстæ. «Нæ фыдæлтау уыдзыстæм сæрибар! Мæлæт хуыздæр у цагъайраджы дугæй. Хуыцауыл бафæдзæхсæм нæхи æмæ нын тас нæ уыдзæн». Хъæууон адæм хъæбыстæ кæнынц сæ кæрæдзийæн. Штауффахер. Ныр уæ алчидæр агурæд йæ фæрныг хæдзар. Фыййау хизæнмæ аскъæрæд йæ фос æмæ нын нæ иудзинадæн æнцад-æнцойæ æмбæлттæ æмбырд кæнæд. Не ’мгъуыдмæ мах бафæраздзыстæм. Уадз æмæ тиранмæ тынгдæр æхсида нæ маст, фæлæ æрцæудзæн афон, æмæ дзы нæ хæс уыциу ист ракæндзыстæм. Уæхиуыл уал фæхæцут стырдæр тохы бонмæ: æрмæст йæхи гуылы бын арт чи æндзара, уый нæ бацауæрддзæн давынæй дзыллæйы иумæйаг хорздзинадыл. Адæм цадæггай фæйнæрдæм куыд цæуынц, афтæ оркестр цæгъды зæрдиагæн; иуцъусдуг гомæй аззайы афтид сценæ; зынынц хурьгфыццаг тынтæ, митджын бæрзæндтæ адардтой сырххьулон. роросососоеорш^орор^эрорррор^^^оррр^оррр^
Г’у <'ф) *фъ ЬГо) ЬГ*д Ч^ {7Ф* <Ф» Ь> 63 г<^ (<ф>) «ф>) (»/*>) (ф>) с«*Х^ ("У^ («»У*У <Ф ÆРТЫККАГ АРХАЙД Фыццаг æвдыст Теллы кæрт æмæ хæдзар. Т е л л ь хъæды куыст кæны, Г е д в и г æ архайы хæдзары; В а л ь т е р æмæ Вильгельм- сценæйы, мидæгоз, иу чысыл фатæй хъазынц. В ал ьтер (зары): Хохаг гуырд - рæстдзæвин, 'Ргъæвы цъиуы цæст. Æмæ та фæцæуы Къахвæндæгтыл, кæс. Цъæх, хæххон уæлвæзтæм Ие ’рдынимæ схызт. Уым - æрмæст цæргæстæ, Урс мигъты хъæбыс. Сырд фæзынæд, маргъ дæр Ие ’ввæхсты тæхæд - Басуры сæ фат дæр, Ссары сæ мæлæт. (Фезгъоры йсе фыдмæ.) Ме ’рдынбос аскъуыди, баба, сараз-ма мын æй! Т е л л ь. Ницæй тыххæй! Дæсны фатæхсæг хъуамæ йæхæдæг арæхса. Сывæллæттæ фезгъорынц. Г е д в и г æ. Æхсын æгæр раджы райдыдтой нæ сывæллæттæ. Т е л л ь. Уадз æмæ фæлварой: хъазгæ-хъазын базондзысты, базонын сыл цы дæсныйад æмбæлы, уый! Г е д в и г æ. Хуыцауы бафæндæд, ахæм дæсныйад мыггагмæ дæр куыд нæ базоной! Т е л л ь. Алцыдæр зонын хъæуы, алцы! Змæст рæстæджы куы цæрай, уæд гæрзифтонг у: ахæм сахат сæр бахъæуы хи бахъахъхъæнынæн, стæй знагимæ тох кæнынæн. Г е д в и г æ. Уауу-æна! Æмæ ма уæд æнцад-æнцойæ чи бацæрдзæн йæ бинонты астæу? оосоооооооросоаоеосоеорорососо^
ОЧ- (*>) Ь№ (<,Г«Ь Ш^ <-ф* ?*/*>> Ы<* Ы«д Ь) ф (^ «*)ф №у ^ счА; с*Ху г«/*> <?*) Т е л л ь. Ме ’фсин, уый æз дæр нæ зонын! Фæлæ дын зæгъдзынæн, миниуджытæ чи уары адæмæн, алы фæндагыл сæ чи аразы, уый мæ не снысан кодта сабыр фосгæнæг; æппынæдзух æз хъуамæ тындзон цæмæдæр. Цæмæ, уый хорз мæхæдæг дæр не ’мбарын! Мæ цард мын ад нæ кæны, æвæдза, алы бон дæр искæй æфсон тох куынæ скæнон, уæд. Г е д в и г æ. Де ’нкъард æфсин та дæм тæрсгæ-ризгæйæ æнхъæлмæ фæкæсы дæ хæдзары. Æз-иу гæдыхъæдау срызтæн фыртæссæй, хохы куыд фесгуыхтыстут, уыдон-иу дзурын куы байдайынц, уæд. Дæ кæртæй цал хатты араст вæййыс, уал хатты мæм афтæ фæкæсы, цыма дæ нал фендзынæн бынтондæр. Зæрдæ цæмæ нæ ахсайдзæн: кæд мын фæндаг нал арыс ихцæнды сæрыл, кæд мын искуы айнæгæй фæбырыдтæ æмæ фæхауыс... Æз дæ фенын, цыма дæ сычъи йæ фæдыл фæласы æнæбын коммæ, куы та дыл зæй рацæйцæуы бæрзæндтæй; намæ их дæ быны ныххауы æмæ дæ йæ быны фæкæны цæрдудæй... Æмæ цы алыхуызон мардæй нæ амæлдзæн фатæхсæг - зæгъæн дæр сын нæй! Тæссаг, ницæйаг куыст у цуаноны куыст - хайыр никæмæн ма фæци. Т е л л ь. Йæ риуæмбæрц чи цæуа, цырд æмæ тыхджын чи уа, йæ хуыцауыхай рох кæмæй нæ уа, уымæн тас ницæмæй у: хæхты чи схъомыл, ууыл фыдбылыз не ’рцæудзæн къæдзæхтыл. (Куыст куы фæци, уæд йæ фæрæт æрæвæрдта.) Нæ дуар бирæ фæлæудзæн. Фæрæт дæм уæд, æндæра дæ хъæдæй дæсныйы сæр ницæмæн хъæуы. (Райста йæ худ.) Г е д в и г æ. Кæдæм та цæуыс? Т е л л ь. Мæ фыдмæ цæуын, Альторфмæ. Г е д в и г æ. Басæтт, цыдæр фыдбылыз æрæфтыд дæ зæрды. Т е л л ь. Уый та дын чердыгон фарст у, не ’фсин? Г е д в и г æ. Бæстыхицæуттыл фæнд кæнынц: Риутлийы æмбырд уыдысты уынаффæ кæнынмæ, ды дæр дзы уыдтæ. Т е л л ь. Æз дзы нæ уыдтæн, фæлæ мæм куы фæсидой, уæд мæхи нæ фæласдзынæн мæ фыдыбæстæй. Гедви.гæ. Тæссагдæр цы ран уа, уырдæм дæ арвитдзысты, зындæр цы хъуыддаг уа, уый дын де ’вджид бакæндзысты. Т е л л ь. Хæс у, алкæмæн дæр йæ бон цæйбæрц уа, уыйбæрц саразын.
Г’у Ь6>) <7Ф* *ф Сф* ЬГ*Ь (’фо Ър» Ь) (*>) <ф>) <*/*>) <;ф) (.<>)<-•» (<Ф1 <;фу &)*>) г«0 65 Гедвигæ.АйагъоммæцадыиннæфарсфестутБаумгартенимæ, арв æмæ зæхх та кæрæдзийы хостой. Ирвæзгæ куыд бакодтат, уый у диссагæн дзуринаг. Фæлæ ноджыдæр диссагдæр та ма уый у, æмæ дæуæй бынтондæр байрох, дæ хæдзары дын æнахъом сабитæ æмæ сæ мад дзæгъæлæй кæй задысты. Т е л л ь. Уый ма зæгъ: æз асагъæс кодтон, æмæ æрмæст гъеуый тыххæй бафтыд мæ къухы кæйдæр сывæллæттæн сæ фыды фыдбылызæй бахизын. Г е д в и г æ. Уый хуызæн тымыгъы цады цæуынæй цыма нæ рафæлдисæг хуыцауы къахыс, афтæ зыны. Т е л л ь. Хъуыддагыл фæстиат-фæстиат чи кæна, уымæн дзы бирæ пайда æрхæссын нæ бантысдзæн. Г е д в и г æ. Æххуыс кæнынмæ алкæмæн дæр цæттæ дæ, фæлæ дын бахъуаджы сахат дæхицæн иу æххуысгæнæг дæр нæ разындзæн. Т е л л ь. Хуыцау мæ бахизæд ахæм тыхст рæстæгæй. (Райста фат æмæ æрдын.) Г е д в и г æ. Уæд ма æрдын æмæ фатæй та цы кæныс?.. Т е л л ь. Æнæ уыдон цыма бынтон æнæ къухтæ дæн, уыйау вæййын. Æрбазгъордтой сывæллæттæ. В а л ь т е р. Баба, кæдæм, кæ? Т е л л ь. Альторфмæ, нæ цæуыс мемæ дадамæ? В а л ь т е р. Цæуылнæ цæуын! Г е д в и г æ. Бæстыхицау Альторфы ис, - дæ къонайыл куы бадис фæлтау. Т е л л ь. Раст кæнынмæ хъавы абон. Г е д в и г æ. Гъемæ уал уæдæ фæфæстиат у, намæ йыл куы сæмбæлай, мыййаг. Цы зæрдæ нæм дары, уый зоныс дæхæдæг дæр. Т е л л ь. Æрдумæ дæр ын нæ дарын йæ маст; цæрын рæстæй, тас мын нæу ме знæгтæй. Г е д в и г æ. Раст адæмы уындæй уымæн йæ цæстытæ риссынц. Т е л л ь. Уый тыххæй æмæ уыдонмæ нæй къух бакæнæн; цыдæриддæр уа, уæддæр, æнхъæл дæн, мæн нæ бахъыгдардзæн. 5
66 Г*>) <<фй ЬХ& ЬГ*Ь (<ф>) ('ф>) Оф) (<ф) Гг,\ (<2> *?Х^ С*Х^ сда С^> Г'*Л Г«*Х^ й*ХЬ) (•*) Г е д в и г æ. Æнхъæл дæ, фæлæ уæд цæмæ гæсгæ фервæссыдтæ дæхиуыл? Т е л л ь. Æрæджы цуаны уыдтæн Шехены комы - æдзæрæг хъæддаг ран. Уым фæцæйцыдтæн иу фæсвæд лæзгъæры, - æндæр къахавæрæн дзы никæуылты уыди. Мæ сæрмæ - айнæг къæдзæхы цæндтæ, мæ быны та пæллахъхъæй фыцы: хæстмаст Шехены дон... Сывæллæттæ йæм хæрзæввахс бацыдысты æмæ йæм хъусынц тынг æнувыдæй. Æваст баиу стæм бæстыхицауимæ, уый дæр фæцæуы лæзгъæры. Цъиутæхæг дæр дзы нæ уыди, нæ дыууæйæ æндæр, ныхæй-ныхмæ фестæм, нæ разæй - æнæбын ком. Базыдта мæ бæстыхицау æмæ хорзау нал фæци: бирæ бонтæ йыл нæма рацыд, афтæ мæ кæй бафхæрдта, æвæццæгæн æмæ дзы уый рох нæ уыди. Фадат ран ыл фæхæст дæн, мæ хæцæнгæрзтæ дæр - мемæ. Дзæбæх нал уыд йæ хъуыддаг: уайтагъд афæлурс, ризын байдыдтой йæ уæрджытæ; бирæ йæ нал хъуыди - фыртæссæй фæцæйхауди коммæ. Фæлæ йын фæтæригъæд кодтон, хæстæг æм мæхи байстон æмæ йæм дзурын: «Уый æз дæн, æз, мæ хицау». Ницы сдзырдта, ауыгъта йæ къух - ома мæ цыды кой кæнон. Уыцы ран æй ныууагътон æмæ йæм æрбарвыстон кæстæриуæггæнджыты. Г е д в и г æ. Дæ разы, зæгъыс, йæ зæрдæ хорзау нал уыди! Хъахъхъæн дзы дæхи! Адзалмæ дæр дзы нал байрох уыдзæн. Т е л л ь. Фæсвæд дзы мæхи куы ласон, уæд уый дæр мæн агурæг нæ зилдзæн. Г е д в и г æ. Уырдæм цæуыны бæсты уал баздæх æмæ цуан акæн. Т е л л ь. Уæддæр цæмæй тæрсыс? Г е д в и г æ. Куыддæр зæрдæрхæндæг дæн абон. Лæуу, ма ацу! Т е л л ь. Æмæ уæддæр цæй тыххæй? Цæмæ гæсгæ? Г е д в и г æ. Ницæмæ, фæлæ дын æдзæугæ нæй? Т е л л ь. Дзырд радтон, нæй мын гæнæн. Г е д в и г æ. Цæугæ уæдæ, фæлæ мын мæ хъæбулы уадз йæ къонайыл. В а л ь т е р. Нæ, нана, ауадз мæ - æз дæр цæуын!
(<у <<фц (ф>) <(ф.) «фу (фу <ф0 (<»У«у («) Г е д в и г æ. Вальтер дæр йæ мады иунæгæй ныууадзынмæ хъавы. В а л ь т е р. Афтæ-ма фæкæс, нана, - æз дын хуын куынæ æрбахæссон дадайæ. (Фæцæуы йæ фыдимæ.) Вильгельм. Нана, æз баззайдзынæн демæ. Г е д в и г æ (йæ хъæбысы йæ кæны). О, о, нанайы цæстырухс, иунæг ды ма мыл нæ ивыс дæ зæрдæ. (Араст кулдуармæ æмæ бæлццæтты фæстæ бирæ фæкаст.) Дыккаг æвдыст Хъæддаг, æдзæрæг ран хъæды мидæг; æхсæрдзæнтæ хауынц хæхтæй. Æрбацæуы Б е р т æ цуанон дарæсты, йæ фæдыл - Р у д е н ц. Б е р т æ. Ардæм æрбацæуы. Аныхас кæндзыстæм. Р у д е н ц (тагъдгомау æм фæцæуы). Фадат ран дæ ссардтон, ам иунæгæй æхгæд стæм арф кæмттæй: уыдон æхсæн æвдисæнæй нæ тæрсын æмæ дын, мæ зæрдæйы æз æвæрæнæн кæй хастон уæззау уаргъау, уыдон сисын мæ бон бауыдзæн ацы сахат. Б е р т æ. Чи зоны æмæ, кæд уыйбæрц хибар не стæм не ’мбæлттæй. Р у д е н ц. Нæ, уыдон нæм дард сты. Фæлæ, цы уа, уый уæд ныр кæнæ та бынтондæр - никæд! Æмгъуыдтæ кæнынæй - ницыуал! Æмгъуыдтæгæнгæйæ саг æнæ дымæгæй баззад. Фæнды мæ базонын мæ амонд, кæд нæ хуыцау кæрæдзийæн не сныв кодта, уæдцæр. Дæ цæстæнгасæй мæ зæрдæ ихы къæртт куы феста, уымæй тæрсын! Цæмæн мæм кæсыс ахæм кастæй! Уæвгæ зын бамбарæн дæр нæу, æз кæй нæ ахадын, кæй ницы дæн бынтондæр дæ цæсты. Ницы уæвгæйæ, æз бауæндыдтæн сæнттæ цæгъдын дæу сæраппонд: мæгуыры зæрдæ - фынтæй дзæбæх. Æз мæхи ницæмæй ма равдыстон, афтæмæй мæхи барын байдыдтон сгуыхт адæмтыл, сæ сæры кад стыр хъуыддæгтæй чи сбæрзонд кодта. Бертæ цæра, ды дæ искæй аккаг уыдонæй, æз та дæн ницыйæ ницыдæр. Фæлæ кæд æмæ хайджын нæма дæн уыдон сæры кадæй, уæддæр дын мæхицæй раппæлын мæнæн мæ бон бауыдзæн ахæм уарзондзинадæй.
68 (<>) <<ф) «ф) ом ы^ (гФ» (-ф> ы^ г'0 («> '<«Хъ «*Х*> >Хэ *&> <«Х) «Ф:> <«&> С’О Б е р т æ (фырнымд æмæ карзæй). Ау, уый зæгъын та мæм дæ ныфс куыд бахастай? Ды фæсайынмæ куы хъавыс дæ ард5 цагъайраг куы дæ Австрийæн, ды дæхи куы ныууæй кодтай дæ адæмы знæгтæн, дæ дзыллæйы домджытæн. Р у д е н ц (йæхи дзы айсгæйæ). Диссаг мæм кæсы3 Бертæ, дæ уайдзæф. Уый зон5 æмæ сæм кæд мæхи ласын, уæд æрмæст дæу тыххæй. Б е р т æ. Æмæ уæд куыд æнхъæлдтай? Йæ фыдыбæстыл сайдæй, мæнгардæй чи рахæта, æз уыдонырдыгæй ома разынон? Уымæй зæрдæ ма сæвæр дæхицæн! Швейцарийæн фыртæн чи нæ бæззы, райгуырæн бæсты фыдызнæгтæн цыргъ æхсырфæй чи кусы, цæйнæфæлтау уымæ фæцæуон, уый бæсты сразы уыдзынæн Геслермæ фæцæуыныл, намæ мæ фыды уæларт бадгæйæ баззайдзынæн. Р у д е н ц. Ме сфæлдисæг хуыцау, æмæ дзы уый æнхъæл та чи уыди? Б е р т æ. Зæгъ-ма, мын, зæгъ: дæ хæстæг, дæ хæлар кæй хоныс, уыдон амондæй зынаргъдæр та ма уæд цы уыдзæни адæймаджы зæрдæйæн? Намæ дæм, æвæдза, дзурынц, æфхæрд дзыллæйы сæрыл тох чи кæны, уыцы лæджы бæрзонд номæй, стæй йæ иубæстæгты, æнаххосæй æфхæрдты бартыл æмæ æгъдæуттыл фидар хæцын чи фæразы, ахæм цытджын номæй? Æз уымæй фæрнджындæр ницыма фехъуыстон, чиныджы дæр æй не ссардтон, æмæ уæвгæ дæр нæй! Уый зон, æмæ адæмы амондыл мæнæн риссы мæ зæрдæ; æз сæ бауарзтон, уый тыххæй æмæ сабыр æмæ лæджыхъæдджын сты; бонæй-бонмæ цытджындæр кæнынц мæ цæсты; бонæй-бонмæ сæм мæ хæлардзинад тыхджындæр кæны. Адæм тынгдæр кæуыл дардтаиккой сæ зæрдæ, се ’нхъæлцау кæй хуыдтой, уыдон сæ фæлыгъдысты, дзæгъæл сæ ныууагътой; сæ дзыллæйы знæгтимæ бамбал сты æмæ се ’фсымæртæн аразынц болат рæхыстæ! Афтæмæй ма дыл кæд æлгъаг нæ кæнын, уæд дæ бауырнæд, æмæ мын æнцон нæу уыцы хъуыддаг. Р у д е н ц. Багъæц, и, æмæ сын æз дæр æрмæст сæ дзæбæхдзинадыл куы зилын, цæмæй ссарой æнцой æмæ сабыр цард Австрийы къухы. Б е р т а. Æнæнхъæлгæйæ сын цагъайраджы дуг аразут сымах! Фæлæууæндон ма æгас дунейыл æрмæст уыцы ран ис
/ ^’ У *Г /" *?~ -/" *^ \Г ^ \/~ ^- */~ *~~ ч/" *?" \ (*1> <фь) сф*>) (ф0 (фу (ф^ (фэ (ф*,) С«) сæрибардзинадæн æмæ йæ уырдыгæй дæр фæсурынмæ хъавут. Сæхуыдтæг хуыздæр æмбарынц адæм сæ амонды уавæртæ æмæ сайын нæ бакомдзысты æрттиваг дидитæй. Уæрм уын скъахтой, уæрм, æмæ дзы фæныгъуылут бынтондæр. Р у д е н ц. Куыд амардтæн, куы!.. Бертæ, дæ зæрдæ мыл куыд худы, уый хъазын байдыдта мæ цæстытыл. Б е р т æ. Хуыздæр, хъæлæкк, уаид, зæрдæ кæй зæгъы, уый къухы куы æфтид, уæд, фæлæ былысчъилтæ, стырсæртæ кæн уыцы адæймагыл, тынг бауарзынмæ кæй хъавыс... Р у д е н ц. Бертæ! Бертæ! Зæрдæтæ мын бавæрыс, амæй бæрзонддæр æмæ бæллиццагдæр хъуыддаг нал уыдзæн, зæгъгæ, стæй та мæ цæстыфæныкъуылдмæ бæрзондæй раппарыс. Б е р т æ. Нæ, дæ риуы ма цæры дæуæн уарзондзинады тæфаг, фынæй кæнынмæ дзы хъавы, фæлæ дын æй æз райхъал кæндзынæн. Дæ зæрдæ хорздзинадмæ цы арт уагъта, уый цæмæй бахуыссыдаид, ууыл ды нæ бацауæрстай барвæндонæй, фæлæ дын ахуыссын нæ бакуымдта. Дæ амондмæ гæсгæ арт тыхджындæр разынди дæуæй, æмæ уыйадыл баззадтæ зæрдæхæлар æмæ уæзданæй. Р у д е н ц. Мæнæй ма дæ ныфс и?.. Бертæ! Уæвгæ, дæ уарзондзинады руаджы мæнæн цынæ бауыдзæн мæ бон? Б е р т æ. Дунейы арæзтмæ гæсгæ, зæрдæйы мидæг арф уидæгтæ цы фæндон ауадзы, уый фæдыл цу; дæ равзæрыны сахат дæ ныхыл фыст цы хæс æрцыди, уый сæххæст кæн: сыстут, хуыцауæй уын курдиат цы бартæ уыди, уыдоны тыххæй, уæ дзыллæйы охыл, уæ райгуырæн бæсты сæраппонд. Р у д е н ц. Гъей-гъи! Бынтондæр ахицæн дæн æз дæуæй, куыдцæр имперы ныхмæ æрлæууон, афтæ. Дæуæн ис ныййарджытæ. Уыдон æвастæй исты хъуыддаг чи бакæна, ды ахæм адæймаг нæ дæ. Б е р т æ. Фæлæ дæ рох ма кæнæд - мæ ис, мæ бон, мæ цæрæн фадæттæ - иууылдæр ацы ран сты! Æмæ, æвæдза, Швейцары бæстæ сæрибар_сси, афтæ мæнмæ дæр бархъомыс ничиуал дардзæн. Р у д е н ц. Бертæ, мæ сæры мын базмæлын кодтай стыр хъуыдытæ.
/ и (*» ифъ ом (’М <<ф» СгФ> <гоы <<ф* (г>) (<о> ^Х^ с^ с*Х^ с<*Х^ (’УУ <Ф;) «Жэ <ч) Б е р т æ. Австрийæ æз дæумæ нæ рантысдзынæн: уым кæрæдзийы хъуын-хъис хæрынц мæ ис, мæ боныл, алчидæр сæм йæ уды быцъынæг скъуыны. Сæ зыд сымахæн дæр уæ бынæй рухс суадздзæн; мæхæдæг дæр дзы æдас нæ уыдзынæн. Мæ хæлар! нæ дын æй басусæг кæндзынæн: мæн паддзахы хæлæрттæй искæмæн балæвар кæндзысты. Паддзахмæ æввахс адæм мæн ласынвæнд скодтой паддзахы хæдзармæ, уыцы ранмæ, æмæ адæмы æхсæн, сайд, мæнгард, козбау, алы ныллæг хъуыддæгтæ фидар ахстон кæм сбыдтой. Æмæ уым æз хъуамæ æрвитон мæ бонтæ; æгады цыдæй фæцæудзынæн æз мæ лæгмæ, æгады рæхыстæ дзы мæ уæлæ, афтæмæй дзы цæрдзынæн... Мæн уыцы зындзинæдтæй фервæзын кæнын бафæраздзæн æрмæст дæ уарзондзинад. Р у д е н ц. Бертæ, æмæ сразы уаис ам баззайыныл, дæхицæн мæ аккаг скæнис мæ фыдæлты бæстæйы? Хуыцау ме ’вдисæн: мæ уд, мæ зæрдæ, мæ фæндон зæгъай - æдзухдæр тындзыдтой дæумæ. Кæд æмæ архайдтон, мæ намыс æмæ мæ хорз ном цæмæй айхъуыса, уæд уый кæнын æз иудадзыгдæр дæу бузныгад. Уарзондзинад, сыгъдæг уарзондзинадæй фæстæмæ уæлдай хъуыды нæ уыди мæ зæрдæйы дæу сæраппонд. Æмæ кæд, мæ хуры рухс, кæм цæрыс, уыцы æрттиваг дзыллæйыл стырзæрдæ суыдзынæ, ацы ран фæцæрынмæ дæ ныфс бахæсдзынæ, уæд, цæмæ бæллыдтæн, «тæхуды» цæмæ кодтон, уый мын хуыцау саккаг кодта, æмæ уыцы дзыллæйæ мæнæн агуринагæй ницы ис. Хъæр кæнут, нæ хæхбæсты дæттæ, дзæбæх цæвут нæ фидар къæдзæхтæн сæ риутæ! Амæйфæстæмæ мæн дзæгъæлы нал хæсдзæн, нал, мæ зонд, паддзахы хæдзармæ нал дзурдзæн, нал, мæнæн мæ зæрдæ. Бафснайæнт нæ мах нæ хæхтæ ацы æнæмæт лæнкауы, æрмæст нын арвы рухсæй нæ цæстæн хай куыд бакæной, афтæмæй! Б е р т æ. Цы æнхъæл дын уыдтæн, уый разындтæ. Нæ мæ фæсайдта мæ зæрдæ! Р у д е н ц. Тагъд мæнæй фæлидзут, ницæйаг сæнттæ! Амонд ссардзынæ мæ райгуырæн хæхты; мæ сабийы бонтæ уым_ хъæлдзæгæй æрвыстон; а бæсты рухс кодта мæ зæрдæ алцæмæй дæр - йæ дæттæм, йæ халсармæ цæст не ’фсæст кæсынæй; ныр та мæ чызджыты хуыздæр кæд равзæрста йæхицæн ацы ран!.. сороеоооеорогэопоососэеооосоо^
Уарзтон мæ райгуырæн бæстæ æдзухдæр, æмæ йын æнæ уарзгæ дæр нæй: æнæ уый æххæст нæу мæ амонд. Б е р т æ. Тæхудиаджы бæстæ у ацы бæстæ, сыгъдæг æмæ æнæтæригъæд бæстæ; а хæхты никуыма æрцыд ахæм хъуыддаг, æмæ дзы исчи йæ бæстæ ауæй кæна, йæ райгуырæн бæстыл галиуæй рацæуа; фыдæлты рæстдзинад ма ацы ран баззади, ацы ран. Нæ бонтæ арвитдзыстæм амондимæ, æнæмæтæй а бæсты, сабыр æмæ æнцад царды мидæг. Дæумæ ис лæгдзинад, де ’мхуызон адæмæн уыдзынæ ды сæ разæй, стыр цыт дын дæтдзысты адæм, паддзахæн йæ зæххыл цы цыт ис, раст ахæм цыт... Р у д е н ц. Куыд æмбарын, уымæ гæсгæ, мæ бон æдæрсгæ бауыдзæн зæгъын: ды дæ сылгоймæгтæн се ’ппæты сæр; дæ руаджы, дæ уарзондзинады фæрцы - ды мæ сагъæсгæнæг, ме ’нувыд койгæнæг - афтæмæй æз зæххыл уæларвон цардæй бацæрдзынæн. Цыдæриддæр цæры, уый цæры дæ руаджы, дидинæг чи рафтауы, уый дæр æй рафтауы дæ руаджы; дæуæн арфæгæнæг сты, дæ алфамбылай чи цæры, уыдон се ’ппæт дæр! Б е р т æ. Мæ иунæг сæры бон, — сагъæс мæн æнцад куыд ныууагътаид, дæ зæххон амонд дæ къахы фындзæй ды аппарынмæ куы хъавыдтæ, уæд? Цы боны хæрзтæ ма æрвыстаин æз, хицауадуарзæг тиран мæ арф куы бафснайдтаид йæ тар фидары, уæд? Ацы ран нæй фидæрттæ, ахæстæттæ, нæй дзы быру мæн æмæ мæ уарзон адæмы æхсæн, нæй дзы, кæуыл нæ ахызтæуа, ахæм æфцæг. Р у д е н ц. Æппæтдæр хорз, фæлæ куыд фервæзон?.. Мæхæдæг мæхи цы бæттæнты стыхтон, уыдон ма цы амалæй райхалон? Б е р т æ. Атон сæ дæ фидар цæнгтæй. Цыдæриддæр не ’рцæуа, уæддæр хæст самай дæ дзыллæйы сæраппонд: уыцы хæс дæуæн æрдзæй рацыди демæ! Хъуысы дардæй сыкъа уадындзты уасын. Цуанæттæ уасын байдыдтой, фæйнæрдæм уал нæхи айсæм. Фæлæ дæ иуцъусдуг дæр рох ма уæд; дæ райгуырæн бæсты сæрыл хæцгæйæ, тох самайдзынæ, дæ цæрайæ чи цæры, уый сæрыл, дæ уарзондзинады сæрыл; уыцы иу сæрибардзинад суæгъд кæндзæн нæ дыууæты дæр. Ацæуынц. е^эсорзрорзрэаорзросорзеор ос^орзророр9Р<зророр.о
72 г«») <<*№ <<*№ *•№ ({Ф» <'*№ <гФ> {'Ф> (">) Г^ '<*& 'с*Х^ («»/5» Фг> **/*> <«/*> <»& (Ч> Æртыккаг æвдыст Альторфы уыгæрдæн. Сценæйы разæй - бæлæстæ; мидæгоз рæбынæй хъилыл - худ ауыгъд. Дард ран æрæхгæдтой хъодыгонд хъæд æмæ хæхтæ, сæ фæстæ арвмæ фæцыдысты митæй æмбæрзт æфцджытæ. Фрисгард æмæ Лёйтхольд хъахъхъæнынц. Фрисгард. Мæ хæлар, дзæгъæлы хъахъхъæнæм ацы ран. Ардæм ничиуал цæуы худæн кад æмæ цыт бакæныны тыххæй. Афтæмæй та, хуыцау базона, мæлдзыджыты губаккау- иу адæм æмызмæлд кодтой ацы ран; фæлæ тæрсынгæнæн куы æрцауыгътой хъилыл, уæдæй фæстæмæ дзы бындз атæхæг дæр нал фендзынæ. Лёйтхольд. Адæмæн сæ тæккæ æнæсæрæнтæ, сæ тæккæ ницæйæгтæ цæуынц ауылты æмæ фелвасынц уайтагъд сæ дæрдджын худы гæбæзтæ; фæлæ дардыл азилынц сæрæн адæм, æндæр фæндагыл, цæмæй сæ ма бахъæуа худæн кувын. Фрисгард. Айагъоммæ бонæмбис ацы фæзыл дзыллæйæн сæ фæндаг уыди нæ рæзты. Мæхинымæр дзырдтон, додой мын куыд фæци сæ къона, искæй дзы ахсдзынæн. Æнхъæл уыдтæн: иу дæр дзы нæ бахæсдзæн йæ сæрмæ худæн бакувын. Уæд æваст сæ астæу фæзынди сæ сауджын Рёссельман. Сыгъдæг лæвæрттимæ фæцæйцыди рынчыны хæдзарæй, æмæ йын цыма хъуыдыгонд уыди раздæр, афтæ хъилы раз æрлæууыди, йе ’ххуысгæнæг та ныххоста дзæнгæрæг; адæм æркодтой зоныгыл, цы бамбарын æй хъæуы, худы раз нæ, фæлæ сыгъдæг лæвæртты раз. Лёйтхольд. Байхъус-ма мæм, æвæдза, иучысыл ахъуыды кодтай, уæд сбæрæг уыдзæн, ацы ран æдылы лæудæй кæй лæууæм, уый. Æгад у æфсæддон лæгæн афтид худ хъахъхъæнын. Чи нæм æрбакæса, мæ хæлар, уыдон ныл худæгæй мæлдзысты, адæмы кувын кæнынц худæн, зæгъгæ. Мæнырдыгонау, æдылы хъуыддаг у ацы хъуыддаг. Фрисгард. Омæцы! Фæуæдцыфæндыафтиддæр! Ды дæр кувыс афтид сæрæн. Гильдегардæ, Мехтгильдæ æмæ Эльсбетæ æрбацæуынц сывæллæттимæ æмæ хъилы алыварс æрлæууыдысты.
(^ (<*>>) г«/*> <*/*> (^>у с*Х^ С’’У^ ('*/*■* **> Лёйтхольд. Цы загъдæуа дæуæй дæр! Ницæй тыххæй дæр адæймаджы бафхæрыныл фæстиат нæ кæныс. Цæуæд, кæй фæнды, уый, æз мæхи æнæуынæг скæндзынæн, куыд никæй æрцахсон, афтæ. Мехтгильдæ. Сабитæ, мæнæ уын уый та нæ бæстыхицау, акувут ын! Эльсбетæ. Хуыцауы дзыхæй уый рацæуæд, æмæ йæхи ардыгæй куыд айса, йæ худ нын куыд ныууадза йæхи бæсты - хуыздæр йеддæмæ нын фыддæр нæ уыдзæн. Фрисгард (фæсуры сæ). Усайтæ, æмæ цы ми кæнут? Цы слæууыдыстут уын куы зæгъын? Уæхи айсут иуырдæм! Сымах дзы ницæмæн хъæут. Рарвитут нæм уæ сæрыхицæутты; мах сæм æркæсæм, кæддæра куыд хъæбатыр разыниккой. Устытæ ацыдысты. Т е л л ь æд фат, æд æрдын æрбацæуы, йæ л æ п п у й ы къухыл хæцгæ; худмæ нæ кæсынц, афтæмæй араст сты йæ рæзты. В а л ь т е р (амоны хъодыгонд хъæдæй æмбæрзт хæхтæм). Æз фехъуыстон, уым, дам, ис ахæм бæлæстæ, æмæ сæ искæцыйы фæрæтдзæф фæкодтай, уæд дзы туг ракæлы. Цымæ, уый æцæг уа! Т е л л ь. Æмæ дын уый чи дзырдта? В а л ь т е р. Нæ фыййау. Уыдон, дам, сыгъдæг æмæ дзуарджын бæлæстæ сты, æмæ, дам, сæ чи фæцагайа, уымæн йæ ингæныл æрзайдзæн къух. Т е л л ь. Сыгъдæг æмæ дзуарджын кæй сты, уый бæлвырд у. Уæлæ-ма скæс уыцы митджын къæдзæхтæм, арвыл чи æмбæлы, уыдонмæ. В а л ь т е р. Уый цъитийы бынат куы у; æмбисонд вæййы уыдон хъæр, æхсæвыгон сыл зæйтæ æд саха куы рауайынц, уæд. Т е л л ь. Мæ хæлар, мах уыцы хъæд куынæ хъахъхъæнид, уæд нын зæйтæ æмæ цъититæ афонмæ нæ цæрæн бæстæ - Альторф сæ быны баныгæдтаиккой. Уыцы хъæды руаджы ирвæзæм - уый у махæн нæ хъахъхъæнæг. В а л ь т е р (иучысыл ахъуыдыгæнгæйæ). Æмæ хæхтæ цы ран нæй, ахæм бæстæтæ дæр ис? Т е л л ь. А бæрзæндтæ куы фæуадзай дæ фæстæ æмæ дардцæр куы ацæуай дон-дон, уæд афтдзынæ тыгъд быдырмæ, цæст
/ Ч- г«> СсФ) <<*№ °»Х«> (сФ» (гФ> С'Ф> °Ф> г'0 (го) г«Х^ о#*>) №> С«*Х^ ("/*> С«*/^ «^ С'1) кæуыл не ’ххæссы; дæттæ уыцы ран хъæр дæр нæ кæнынц, фынк дæр, фæлæ цадæггай цæуынц размæ; фæзæн уым йæ кæрон цæст нæ ахсы, хуымтæ нæ зынынц алы хоры мыггагæй, æмæ бæстæ кæрæй-кæронмæ у цæхæрадоны хуызæн. В а л ь т е р. Баба, уæдæ афонмæ дæр цæуылнæ алыгъдыстæм уыцы диссаджы бæстæм, цæй тыххæй ма цæрæм айхуызæн тас æмæ фыдбылызджын ран? Т е л л ь. Раст зæгъын хъæуы, бæстæйæ æвзæр бæстæ нæу; йæ хъæздыгдзинадæн æмбал нæй, хор дзы тынг хорз зайы, фæлæ хуымгæнæгæн уым йæ фæллой йæхи нæу. В а л ь т е р. Уый та уæд цæмæн афтæ у? Æмæ цы хуымтæ афæлдахынц, уыдон сæхи не сты, дæуæн дæ хуымтæ дæхи куыд сты, афтæ? Т е л л ь. Нæ, мæ саби, фыдæлтæй баззад æмбисонд: хох - дзуарджын, быдыр - æлдарджын. Уым зæхх кæнæ падцзахы у, кæнæ аргъуаны. В а л ь т е р. Цуан кæнын дæр сæ нæ уадзынц хъæды? Т е л л ь. Нæ, сырд дæр циу, уымæй иууылдæр паддзахы у. В а л ь т е р. Æмæ кæсæгтæ ахсæнт цæугæдæтты, цады, денджызы!.. Т е л л ь. Денджыз уа, цад уа, дон уа- иууылдæр сты паддзахы. В а л ь т е р. Ау, æмæ уагæр цавæр паддзах у, дзыллæйы уыцы тасы бынаты чи дары? Т е л л ь. Уый, мæ къона, уыдонæн у сæ иунæг дарæг æмæ сæ иунæг хъахъхъæнæг. В а л ь т е р. Æмæ сæхуыдтæг сæхи бахъахъхъæнынæн не сты? Т е л л ь. Уыцы бæсты иу адæймаг иннæйыл нæ баууæнддзæн. В а л ь т е р. Нæ, мæ фыд, æз дзы батыхсин ахæм бæсты, фæлтау ацы ран, нæ хæхты, цæрдзынæн. Т е л л ь. Раст загътай, мæ хъæбул, - дæ чъылдыммæ саузæрдæ адæмы бæсты цъититæ куы лæууой, уæд дын фыддæр нæ уыдзæн. Сæ цыды кой кæнынц дардцæр. В а л ь т е р. Скæс-ма, баба, уæлæ хъилыл - худ! Т е л л ь. Нæ фæндаг дарæм - ницы нæ кæсы уымæ. Цæуынмæ куыд хъавы, афтæ йын Фрисгард арцæй йæ развæндаг æрцахста.
0» М>) (’ф) кф) Сфь ЬЫ <Гф>> ьг<» ьу 75 (^ ад/в!) "*/*>; <■«/*) рОс^ с<»/<у *»/** ('*/«-; <«> Фрисгард.Императорыномæй дæм дзурын: къахдзæф дæр мауал акæн, æнцад æрлæуу! Те л л ь (арцмсе фæлæбургæйæ). Мæ фæндагыл мæ цæуын нæ уадзыс? Фрисгард. Бардзырд нæ сæххæст кодтай. Цом мемæ. Лёйтхольд. Уымæн æмæ нæ бакуывтай худæн. Т е л л ь. Ауадз мæ5 и5 мæ хæлар! Фрисгард. Амал нæй! Цæугæ ахæстонмæ! В а л ь т е р. Уый та куыд! Мæ фыды мын ахæстонмæ? Фæдис5 сæр нæ бахъуыд! (Хъæр кæны сценæйы фæстæмæ.) Гъей5 цы фестут5 уайгæут ардæм, фезмæлут. Фæкæнынц æй ахæстонмæ! Сауджын Рёссельман, кистер Петерман æрбазгъорынц æ р т æ л æ г и м æ. Петерман. Циу5 цавæру? Рёссельман. Цæмæн æй æрцахстай? Фрисгард. Императорæнзнагу5 йæ ард фæсайдта. Т е л л ь (дзæбæх æм бавнæлдтытæ кодта, афтæмæй). Мæнæй зæгъыс? Ард æз фæсайдтон? Рёссельман. Рæдийыс, мæ хæлар. Уый Телль куы у5 Телль. Растдæр адæймагæн скæнæн нæй. В а л ь т е р (Вальтер Фиурсты фенгæйæ, фезгъоры йæразмæ). Дада5 уæ5 дада! Æнамонд хъуыддаг сæмбæлди мæ фыдыл! Фрисгард. Ахæсгонмæ, ахæстонмæ! ВальтерФиурст (æрбазгъоргæйæ). Фæлæуу-ма! Æз ын фидар лæууын! Телль5 хуыцауы хатырæй5 цы бакодтай, цавæр у? Мельхталь æмæ Штауффахер æрбацæуынц. Фрисгард. Бæстыхицауы дзырдницæмæ дары; æххæстæй нæ кæны. Штауффахер. Телль æй ницæмæ дары? Уый нæ уыдзæн. Мельхталь. Мæнг дзурыс5 æнаккаг! Лёйтхольд. Худæн нæ бакуывта, фæцæйцæугæйæ. ВальтерФиурст. Æрмæст гъеуый тыххæй ахæстонмæ? Мæ хæлар, ныууадз æй5 æз ын фидар лæууын. Фрисгард. Фидар лæуу дæхицæн, кæд æмæ дæ бон у5 уæд5 - махæн цы зæгъынц5 уый æххæст кæнæм. Цом!
Мельхталь(хъæууонадсеммсе). Амæйтамауæдæтыхмидæр куыд вæййы! Куыд æрхæсдзыстæм мах нæ сæрмæ, æмæ нын нæ астæуæй, нæ цæст уынгæйæ, Теллы аласой! Петерман. Тых махмæ фылдæр ис. Нæй йын ауадзæн. Ме ’фсымæртæ, нæхионтæй хуыздæр ма кæй сæрыл сдзурдзыстæм, кæ? Фрисгард. Æмæ уæд кæй бон у ацы ран, бæстыхицау цы дзырд радта, уый ныхмæ æрлæууын? Æртæ хъæууон лæджы (базгъоргæйæ). Цæвут сæ! Ма сыл ауæрдут! Мах дæр ам стæм! Гильдегардæ,Мехтгильдæ æмæ Эльсбетæ æрбаздæхынц. Т е л л ь. Мæ хæлар адæм, нæхи бар нæ ныууадзут. Куы мæ бафæндыдаид, уæд сын мæхæдæг дæр æгъгъæд уыдтæн: сæ арцытæй мæ нæ фæтæрсын кодтаиккой. Мельхталь (Фрисгардæн). Куыд æй ахонай, уый бæрæг уыдзæн. ВальтерФиурст æмæ Штауффахер. Хорз адæм, сабырдæр! Фрисгард (хъæр кæны). Сæ ард басастой! Дзыллæ сызмæлыдысты! Хъуысы цуанонты уадындзы уаст. У с т ы т æ. Бæстыхицау нæм æрбацæуы. Фрисгард. Бакъуырма стут? Сæ хуыцау сыл рахатт! Мæнгардæй разылдысты! III т а у ф ф а х е р. Хъæрдæрæй йæ зæгъ, хайуан, дæ хъæлæс куыд афæда! Рёссельман æмæ Мельхталь. Нал банцайай? Фрисгард (ноджы тынгдæр). Фæдис! Æгъдауыл чи хæцы, уыдонæн баххуыс кæнут! Фæдис! ВальтерФиурст. Бæстыхицау, уæртæ! Раны фестæм, гъе! Бæрæг нæм уыдзæн! Г е с л е р - бæхыл, хъæрццыгъа йæ къухы. Рудольф Гаррас, Б е р т æ æмæ Р у д е н ц; сæ фæдыл -бирæ адæм æд хæцæн- г æ р з т æ, сценæ бацахстой æгасæй дæр.
Г ^" ’у^ ^" Г~ ^~~ /" *" \Л ^~~ \/~ **~~ \/~ ^~~ \/~ ~^~~~ \ (гу (<ф,) оф,) «ф0 (мХ*у с«*Х«у г.»Х«у о*/^ **> РудольфГаррас. Фæндаг! Бæстыхицау! Бæстыхицауæн фæндаг! Г е с л е р. Фæсур сæ фæйнæрдæм! Цæуыл æмбырд кæнынц адæм? Фæдис чи хъæр кодта? Куыд мын æй бамбарын кæнат, афтæ... Сыбыртт дæр нал цæуы. (Фрисгардмæ.) Ацырдæм! Чи дæ? Цы дæ? Цæмæн ыл хæцыс? Цы ракодта? (Хъæрццыгьа скьæрæгмæ дæтты.) Фрисгард. Мæ хицау! Æз дæн уыцы адæймаг, дæуæн зæрдиагæй чи кусы. Мах сæвæрдтой худ хъахъхъæнæг. Ацы лæг дын дæ худæн кад нæ радта, æмæ йыл уыцыхуызæнæй æз фæхæст дæн; фæлæ мын æй адæм мæ бар нæ уадзынц. Г е с л е р (иуцьусдуг ницы сдзырдта, стæй). Телль, уый æнхъæл дын нæ уыдтæн, æмæ ды дæ паддзах æмæ уымæн йæ бæстыхицауы афтæ ницæмæ дардзынæ: æгæр-мæгуыр, худæн цы кад раттын æмбæлди, мæ дзырдмæ гæсгæ, уый дæр нæ бакодтай. Уымæй та æргом кæны, иуырдыгæй - хицæуттыл иузæрдион чи у, сæ фарс чи хæцы, сæ фæнд, сæ дзырдмæ сын чи хъусы, аннæмæй та сæ ныхмæ чи лæууы, хæрамдзинад сæм чи дары... Æрдумæ дæр не ’рдардтай ды мæ дзырд. Т е л л ь. Хицау, бахатыр мын кæн! Бауырнæд дæ, дæ дзырд æгадмæ æрцæуа, зæгъгæ, мыл рæдыд уый тыххæй нæ сæмбæлд! Сомы дын фæразын, мæ зæрды кæрон дæр нæ уыди дæ дзырды сæрты ахизын... Ныббар мын æй!.. Г е с л е р (хьусæй алæууыд иуцъусдуг, стæй). Телль, тынг, дам, арæхсыс æрдын æмæ фатæй - хуыздæр фатæхсæгыл нымайынц дæу. В а л ь т е р. Уый æцæг у, хицау; мæ фыд, цы фæткъуы йæ бафæнда, уый сæдæ къахдзæфмæ бæласæй раппары йæ фатæй. Г е с л е р. Уый дæ лæппу ма уæд, Телль? Т е л л ь. Мæ лæппу у, хицау. Г е с л е р. Ис ма дын æндæр лæппу? Т е л л ь. Дыууæ мын сты, хицау. Г е с л е р. Фылдæр дзы кæцыйы уарзыс? Т е л л ь. Уæлдай уарзт сæ никæй кæнын. Г е с л е р. Уæдæ афтæ, Телль: кæд æмæ уыйбæрц арæхсыс
78 ^и(<^(^\^+/^ (*у «*&> ’'<$**> («*Х^ ^С'*Х^> с«»Х^ с*Х^ **/*> ’с’*) фат æмæ æрдынæй, уæд дын фадат æрцыди дæхи равдисынæн: райс дæ фат, де ’рдын æмæ мын дæ хъæбулы сæрæй фæткъуы раппар дæ фатæй. Ноджы ма дын мæ уынаффæ: хорз бахъав. Куыддæр, æвæдза, фæткъуы нæ атылди иу æхстæн, афтæ уый зон, æмæ дæхи сæр нал баззайдзæн дзæбæхæй. Фыртæссæй се ’ппæт дæр сагъдæй баззадысты. Т е л л ь. Æвирхъау фæнд æрымысыдтæ, хицау! Мæ сабийы сæрæй æз атулын кæнон хъуамæ... Уый та куыд уыдзæн! Нæ, æвæццæгæн дæ дзæбæх нæ бамбæрстон! Мæ рафæлдисæг! Дæ зæрдæ та уый куыд бакомдзæн, æмæ фыд ахæм нывонд æрхæсса йæхи къухæй? Г е с л е р. Ныууадз, Телль, уæлдай ныхас! Æз дын зæгъын, дæ фырты сæрæй фæткъуы куыд æрæппарай, афтæ. Т е л л ь. Ай дын хуыцауы диссаг! Æмæ мын мæ хъæбулы сæр хъабахъхъæн цæй фæдыл æвæрыс? Мæ цардæй ма цы кæнын æз уый фæстæ? Г е с л е р. Æхсгæ дын куы зæгъын! Намæ сæфут уæ дыууæ дæр. Т е л л ь. Йæ фыды къухæй мæрдтæм куыд бацæуа мæ хъæбул? Зæнæг цы ад кæны, хицау, уый нæ зоныс - нæй дын, æвæццæгæн, æмæ уымæн. Г е с л е р. Цæй зондджын æрбадæ, Телль, æвиппайды. Афтæмæй та, мæ хъустыл куыд æрцыд, уымæ гæсгæ, ды фылдæр цæуыс дæ зæрдæйы фæндæй - зондмæ уыйбæрц хъусаг нæ дæ. Адæмы æгъдæуттæ дæ зæрдæмæ нæ хæссыс; уарзыс æнахуыр, чи нæма æрцыди, ахæм хъуыддæгтæ æмæ диссæгтæ; æмæ дын, гъеуыдæттæ зонгæйæ, æз дæр сарæзтон дæхимæ гæсгæ хъуыддаг. Чи зоны æмæ æндæр исчи фæстæмæ фæхæцыдаид йæхиуыл, фæлæ Телль хъуамæ йæ цæст дæр ма фæныкъула, афтæмæй сразы уа алцыппæтыл дæр. Б е р т æ. Æгъгъæд у, бæстыхицау, хъазынæн! Нæ сæм кæсыс, ризæг сыл куыд бахæцыд, сæ хуыз куыд афæлывтой; уыйбæрц дын нæма фæцахуыр сты дæ хъазæн ныхæстыл. Г е с л е р. Æмæ дын чи загъта, хъазгæ кæнын, уый? (Бæласæй фæткъуы æртыдта.) Ай уын фæткъуы. Фæйнæрдæм айсутуæхи! Куыд æмбæлы, санчъехтæ афтæ банымайут... Цыппарыссæдзæм
(^ л»/*> (.*/«,; (.*/*,, (м/«у (<*/<у г.ф*, (<*>; **.> санчъех арæн фæуæд: нæдæр - къаддæр, нæдæр - фылдæр, кæй уын загътон, уымæй. Йæхицæй мын æппæлыди, сæдæ къахдзæфмæ, дам? мысан нæ ивгъуыйын. Ныр дæ лæджы сæр бахъуыди, фатæхсæг: хъахъхъæн, ивгъуыйгæ ма фæкæн. Р у д о л ь ф. Ме скæнæг хуыцау! Ай æцæг куы сфæнд кодта, хъазынхъус куынæ у... Саби, тагъддæр бæстыхицауы раз дæ зонгуытыл æрлæуу æмæ дзы ракур, цæмæй дын ныббара. ВальтерФиурст (сабырсей Мелъхталæн, фырмæстæй ма йæхиуыл хæцын чысыл чи фæразы). Фæсабыр у, мæ хæлар, дæхи фæуром! Б е р т æ (Геслерæн). Æгъгъæд у, хицау, кæрон ын скæнын хъæуы! Стыр фыдми у ныййарæджы зæрдæйæ афтæ хъазын. Кæд æмæ æцæгæй дæр уыцы чысыл зылыны тыххæй æмбæлди ууыл амæлын, уæд æй æрдæбонсарæй йæ фаг фæци зындзинадæй - йæ уд тæбыны халæй нарæгдæр фестад. Ауадз æй йæ хæдзармæ: ныр ын базонын кодтай дæхи - ацы хъуыддаг дын уый нæ, фæлæ ма дын æй йæ тъымы-тъыма дæр нал байрох кæндзысты. Г е с л е р. Фæйнæрдæм! Тагъдцæр уын куы зæгъын! Дæ фæстиат ма цæмæн у? Дæ зылын дæхицæн нæ зоныс? Мæнæй æндæр дæу æгасæй нал ауагътаид, фæлæ дын æз, мæ зæрдæйы хæлардзинадæй, дæ адзал дæттын, мæнг дын чи нæ кæны, гъеуыцы къухмæ. Йæ адзал та йæхи къухмæ кæмæн радтон, уый бон хъуамæ мауал уа мæн азымы дарын, хæрам кæнын. Дæ рæстдзæфæй кæм æппæлыдтæ, уым мын æй ныр хъуамæ равдисай. Раст зæгъын хъæуы, нысайнаг дæр бæрзонд у, йæ лæвар дæр - стыр. Мысаны зиллакк ныццæвын уыйбæрц стыр хъуыддаг нæу, бирæтæн дæр бантысдзæн. Фæлæ æцæг фатæхсæг уый разындзæн, иу хатт дæр йæ зæрдæ кæмæн нæ фехсайдта йæхимæ, цæст æмæ къух кæй коммæ кæсынц æдзухдæр. ВальтерФиурст (æрхауди хщауыразмæ йæ зонгуытыл). Хицау! Стыр кад кæнæм мах дæ бæрзонд номæн, фæлæ нын дæ зæрдæйы хорзæх равдис. Мæ исæн дын зæрдиагæй балæвар кæндзынæн йе ’мбис, намæ æгасæй дæр фæуæд дæ фæхъхъау, æрмæст нын фервæзын кæн лæппуйы фыды! ВальтерТелль. Дада, сыст уæлæмæ: ахæм фыд-адæймаджы раз зоныгыл ма лæуу - уый аккаг нæу. Кæм æрлæууон, зæгъут
(<2) (</>у 0*Х<4 («4X5) **&> &/*> «*/*!> Сф$ 0*) мын? Æз нæ тæрсын; мæ фыд тæхгæ-тæхын маргъ нæ ивгъуыйы, фат нæ ныссадздзæн уый йæ фырты зæрдæйы. Штауффахер. Дæ зæрдæ ныккæрзæд уæд та сабийы æнахъом дзинадæй! Рёссельман. Рох дæ ма уæд, хуыцау кæй ис уæлæрвты мидæг, уый дæ дзуапп агурдзæн дæ хъуыддæгты тыххæй. Г е с л е р (амоны лæппумæ). Сбæттут æй уæртæ уыцы сусхъæд бæласмæ! ВальтерТелль. Цы? Бæттын мæ кæны? Уый нæ уыдзæн! Уæрыккæй бирæ сабырдæр лæудзынæн: змæлгæ нæ, фæлæ улæфгæ дæр не скæндзынæн. Фæлæ мæ куыддæр бабæттат, афтæ мæ хъæр араудзæн нæ хæхтæ, дæндагæй хæрдзынæн мæ бæттæнтæ. РудольфГаррас. Лæппу, цæй æмæ дын уæд та дæ цæстытæ бабæттæм. ВальтерТелль. Уæд цæмæн? Дæуæй афтæ, мæ фыд цы фат суадза, æз уымæй фæтæрсон! Æнхъæлмæ йæм кæсын! Мæ цæст дæр нæ фæныкъулдзынæн. Фæстиат мауал кæн, мæ фыд! Уый дын дæ рæстдзæфыл не ’ууæнды, фæлæ йын æй равдис. Нæ дыууæйы сæфтмæ дæр бæллы æнæхуыцауыхай, фæлæ йын фыддæрадæн ми бакæн: раст фехс æмæ фæткъуы акъуыр. (Сусхьæд бæласмæ фæцæуы. Фæткъуы йын æвæрынц йæ сæрыл.) Мельхталь (хъæууонадæммæ). Ау,æмæуыйтакуыд! Куыд баззайдзыстæм кæсгæйæ айхуызæн æнæгъдау хъуыдцагмæ? Уæд ма ард та цы хордтам! Штауффахер. Уæдæ цы бакæнинаг стæм, нæ бон циу? Хæцæнгарзæй нæ æгæр-мæгуыр лæдзæг дæр никæмæ ис. Фæлæ- ма уæртæ уырдæм бакæс: саухъæды хуызæн - сæ арцытæ. Мельхталь. Гъæй- джи ди, æмæ уайтагъд куы рай дыдтаиккам хъуыддаг кæнын! «Æмгъуыдмæ йæ ныууадзæм» чи загъта, уымæн йæ хуыцау хуыздæр фæуæд! Г е _с_л е р (Телльмæ). Байдай! Хæцæнгарз хъазæн дзаума нæу! Æдзух фатимæ хæтын фыдбылызмæ дæр асайы: хаттæй- хатт фатæхсæгæн йæ адзал фатæй æрцæуы. Хъæубæсты адæм сæхи афтæ сæрибар кæй дарынц, уый бæстыхицæутты хистæрæн сосэсосэрэсосзрррс^ррэс^ососорэс^орорзс^осэрз
Оу <<»/*>) оф>) (»Х*0 С?*Х^ (<*Х*4 ЬФ’) С'*>^ <<*> у уайдзæфаг: гæрзтæ дарыны бар хъуамæ уымæн уа æрмæст, йæхæдæг хицауад чи кæна. Æрдын хæссын дын уыйбæрц адджын кæм фæци, уым дын æз та мысан сарæзтон. Т е л л ь (æрдынбос æлвасы хъæддыхдæр æмæ дзы æвæры фат). Фæйнæрдæм алæуут! Бынат раттут! Штауффахер. Телль!.. Фæлæуу!.. Мама байдай!.. Æнцад нæмау дæ зæрдæ, ризы дæ къух, дæ уæрджытæ ризынц дæ быны... Т е л л ь (æрдын æруадзгæйæ). Мæ цæстытæй нал уынын! У с т ы т æ. Стыр хуыцау, табу дын, табу дын! Т е л л ь (бæстыхщаумæ). Ма мæ фехсын кæн. Мæнæ дын уый мæ риу; цæвæнт æй дæ хотыхджынтæ, аннæрдæм дзы куыд азыной æрцытæ. Г е с л е р. Дæ мардмæ дын нæ бæллын, - фæнды мæ, фатæй куыд арæхсыс, уый мæхи цæстæй фенын. Дæхи куы æруагътай, афтæмæй та хуыскъыссад кардæй уæлдай куынæ дæ алцæмæ дæр. Æрдынæй куыд арæхсыс, афтæ рæвдз дæ бæлæгъаразæнæй дæр; искæй фервæзын кæнын дæ куы бафæнды, уæд куынæ фæтæрсыс цыфæнды фыдбонæй дæр. Сæр дæ бахъуыди, æппæты ирвæзынгæнæг, - фервæзын кæн ныр дæхи! Телль лæууы, мæстæй æхсиды; ризынц йæ къухтæ; зæрдæсастæй кæсы куы бæстыхицаумæ, куы та арвмæ. Æваст фатдонæй фат фелвæста æмæ йæ аивæй авæрдта йæ роны. Геслер ын кæсы йæ алы фæзылдмæ дæр. ВальтерТелль (сусхъæд бæласы бынæй). Баба, æхсгæ! Мæнæн матæрс! Т е л л ь. Æхсын. (Æрсабыр йæ зæрдæ, æмæ æрдынбос æлвасы.) Р у д е н ц (йæ маст тыхтæй-амæлттæй уромгæйæ, бацыди Геслермæ). Æгъгъæд фæуæд, æгъгъæд, бæстыхицау! Æппæтдæр фæткыл! Фæлваринаг цы уыдтæ, уый дын фæлвæрст фæци, - дæ къухы бафтыди. Фæлæ æгæргæнæг æгæр кæны: хъæддыхæлвæст æрдынбос æрдыны сæтты. Г е с л е р. Курын дæ, æмæ куыд банцайай, афтæ! Æз демæ нæ дзурын. Р у д е н ц. Ды нæ дзурыс, фæлæ хъуамæ æз дзурон... Тынг зынаргъ у мæнæн паддзахы намыс. Ахæм митæй фыдбылыз ракъахдзынæ, маст бауадздзынæ. Æз та зонын, падцзахы уый кæй 6
82 (р^^^^^^^^ % (*&> Ф* 0*ХЗ> **&> *•/*!> «Ф* «Ф* <& нæ фæнды, стæй мæ адæм æвзæр хъуыддагæй куы ницы сарæзтой, афтæ сын цæй тыххæй кæнай? Ахæм бартæ нæй дæумæ. Г е с л е р. Куыд мæм уæндыс?.. •’ Р у д е н ц. Нырмæ иу дзырд дæр никуы сирвæзти мæнæй; барæй нæуынæг скодтон мæхи, цæмæй ма кæсон дæу тыхдзинæдтæм, мæ нæтгæ зæрдæйы рис куыд бамынæг уа, ууыл архайдтон, фæлæ ныр æгъгъæд фæуæд: æз хъæрæй дзурын куынæ байдайон, уæд мæ ард фæсайдтон мæ паддзах æмæ мæ фыдыбæсты раз. Б е р т æ (йæхи сæ астæумæ байсгæйæ). Хуыцау дын ма уæд! Тынгдæр æй смæсты кодтай! Р у д е н ц. Æз мæ адæмы байрох кодтон, ныууагътон мæ хæстæджыты; мæ хæлар, ме ’мгæрттæй ахицæн дæн, цæмæй сымахимæ тыхджындæр сиу уон. Æнхъæл уыдтæн, паддзахы хицауад ам куы сфидар уа, уæд нын хуыздæр уыдзæн, зæгъгæ. Фæлæ ныр æрхауди мæ цæстыты бæттæн æмæ федтон æз, арф къахæны был кæй лæууын. Æууæнкæй мæ баластат уæхимæ æмæ мыл сайдæй рацыдыстут... Æнæхай фæцæйкодтон мæ адæмæй. Г е с л е р. Æнæуаг, куыд уæндыс дæ хицаумæ дзурын ахæм æвзаджыхаттæй? Р у д е н ц. Ды нæ дæ мæ хицау, мæ хицау мæнæн - император! Æмæ дæ кæд фæнды, уæд схæцæм рыцæрты хæстæй: æз цæттæ дæн. Стæй уый зон, æмæ паддзахы номæй æрвыст куынæ уыдаис а бæстæм, стыр аргъ кæмæн кæнын, уыцы паддзахы номæй, уæд дæм ме ’рмкъух хъæлæкк фехстаин; æмæ мын уæд рыцæрау дзуапп раттаис. Ныр дæр дæ цы фæнды, уый бакæн, æрбасид тагъддæр дæ салдæттæм... Фæлæ æз æнæгæрзтæ нæ дæн мæнæ ацы адæмы хуызæн! (Дзыллæмæ амонгæйæ.) Нæ, мæнæн мæ кард - мæ фарсыл. Уæдæ ма мæм исчи æрбауæндæд хæстæг æрбацæуын дæр... Штауффахер (схъæр кодта). Фæткъуы атылди! Адæм Руденц æмæ бæстыхицауы ныхасыл куыд фесты, афтæ Телль йæ фат суагъта. Рёссельман. Ницы уыди лæппуйæн! Бирæты дзурын. Акъуырдта фæткъуыйы. Вальтер Фиурсты æрхауынмæ бирæ нал хъæуы æмæ йыл Бертæ хæцы.
Г<у <*<*>> Ь/*>) ЬХ* <ЭД> Ь/«> Гф> Ър» Ь) > -V У> ^ Л V Л~ -*~ -6- -V С- **■ V ^ V" ^ \ (*> («*>; г<»>; ("/*> ("»/>; («*/*у (•'/«>> («УЛ; С<*> 83 Г е с л е р (джихæй аззади). Цы? Фехста? Æнæбасæттон. Хъуамæ æцæг?.. Б е р т æ. Саби æгасæй баззади! Телль, дæ зæрдæ де ’муд æрцæуæд. ВальтерТелль (æрбазгъордта æд фæткъуы). Ай дын фæткъуы, баба. Æз дын куы загътон, ды дæ фырты нæ фæцæф кæндзынæ, зæгъгæ. Телль уыцы тарстæй лæугæйæ баззад, цыма фаты тахтмæ касти, уыйау, фæлæ йæм лæппу куы æрбахæстæг, уæд æрдын аппæрста, фæйнæрдæм йæ цæнгтæ фæхаста, афтæмæй азгъордта йæ хъæбулы размæ, ныхъхъæбыс æй кодта æмæ æруагъта йæхи йæ уæрджытыл. Адæм фегуыппæг сты, сæ зæрдæтæ ныккæрзыдтой. Б е р т æ. Уæ, тæригъæдгæнаг стыр хуыцау!.. ВальтерФиурст (фыд æмæ фыртæн). Мæ сабитæ, мæ сабитæ, мæ сабитæ! Штауффахер. Табу хуыцауæн! Лёйтхольд. Афтæ ма фехсгæ уыдзæн! Æнусмæ дæр йæ кой кæндзысты. РудольфГаррас. Цалынмæ нæ айнæг къæдзæхтæ фидар лæууой нæ хæхты мидæг, уалынмæ Теллы таурæгъ нæ байрох уыдзæн. {Фæткъуы дæтты бæстыхщаумæ.) Г е с л е р. Цæрдхуынкъ фæци фæткъуы! Нал ис хуыздæр фехсæн! Рёссельман. Хорз æхст та ма уæдæ куыд вæййы! Фæлæ сар уый къона, æхст кæй руаджы æрцыди, арвыл фæлварæгау чи архайдта. Штауффахер.Æрцæуæддæзæрдæйе ’муд,Телль! Дæбар дæхи у ныр æмæ цадæггай цæугæ, дæ хæдзар бацагур. Рёссельман. Цæугæ, цæугæ, сабийы йæ мадмæ бахæццæ кæн. Г е с л е р. Телль, æрбайхъус-ма мæм! Т е л л ь (баздæхгæйæ йæм). Цы мын зæгъдзынæ? Г е с л е р. Бамбæхстайжæтиу фат. Æз æй федтон. Зæгъ мын, цæмæн æй бамбæхстай? Т е л л ь (рохстауæй). Хицау, ахæм æгъдау нæ бæсты рагæй ис.
Г е с л е р. Уый мæнæн дзуапп нæу, Телль: дæ зæрды æндæр фæнд уыди, æвæдза. Ма мын æй басусæг кæн, фæлæ раст циу, уый зæгъ æргомæй. Мацæмæй тæрс: цыдæриддæр уа - ды æназымæй баззайдзынæ. Цæмæн ма дæ хъуыд дыккаг фат? Т е л л ь. Кæд æмæ мын тас нæ уыдзæн мæ удæн, уæд дын æцæгдзинад æргомæй чи зæгъдзæн, уый - æз. (Райста фат йæ ронæй æмæ бакаст бæстыхщаумæ йæ цæстызулæй.) Ацы фатæй дын æз байхæлдтаин дæ зæрдæ, мæ фыртыл æнæнхъæлгæ исты зиан куы æрцыдаид, уæд; æмæ, раст зæгъын хъæуы, йæ раны сæмбæлдаид мæ фат. Г е с л е р. Уæдæ афтæ, Телль! Тас нæ уыдзæн дæ удæн: дзырд кæм радтон, уым æй рыцæрау æххæст бакæнын дæр мæ бон бауыдзæн. Фæлæ мæм цы фыд зæрдæйыуаг дарыс, уый базонгæйæ, æз нал ауадздзынæн ныр дæу, æмæ дæ бафснайдзынæн ахæм ран, хуры рухс кæм никуы фенай дæ адзалы бонмæ, мæй дæм кæдæм никуыуал бакæса. Мæн мæ сæры кой бакæнын хъæуы, цæмæй æдас уон дæ фатæй. Салдæттæ, кæм стут, ардæм! Сбæттут æй! Бæттынц Теллы. Штауффахер. Уый та куыд, хицау? Стыр хуыцауы руаджы ирвæзгæ фæкодта, ды та йæ рæхыстæй бæттыс! Г е с л е р. Фендзыстæм, кæддæра ма йæ дыккаг хатт исчи фервæзын кæнид. Акæнут æй тагъд мæ бæлæгъмæ: æз æй Киуснахтмæ арвитдзынæн мæхæдæг. Рёссельман. Уый бакæнын кесæры бон дæр нæу: нæ чингуыты нын цы бартæ фыст ис, уыдон сæрты хизы дæ хъуыддаг. Г е с л е р. Æмæ кæм сты уæдæ? Сфидар сæ кодта кесæр? Уый сыл йæ къух куынæ æрæвæрдта. Ахæм хорздзинад ссардæуыдзæн æрмæст уисæнæй, коммæгæсынæй, сымах та, ныхмæ чи лæууы, уыдон стут, змæнтæг: загъд æмæ хъæлæба нæ цух кæнынц уæ зæрдæтæй. Ме ’нæзонгæ не стут: уæ зæрдæты æмбæхстæй цы дарут, уый дæр ма уын æнæзонгæ нæ дæн! Ныр æй фæласын æз сымахæй; фæлæ уый зонут - аххосагæй Телльмæ цæйбæрц ис, уыйбæрц хайджын дзы стут сымах уе ’ппæт дæр.Æмбаргæдæр уæ чи у, уый ахуыр кæнæд йе ’взагыл хæцын, йæ сæр ныллæг дарын! С9СЭО009О9р9О9рШ0С300С^С^0С0СОГ9ООССЮ
С^ («*/*> **>; («Х*> 0»Х*Л С’ОД С'*Х«у («»/«У «4>> Фæцæуы, йæ фæдыл араст сты Бертæ, Руденц, Гаррас æмæ æфсæдцон адæм; Фрисгард æмæ Лёйтхольд баззадысты. ВальтерФиурст(зæрдæсастæй). Байсæфтæнбынтондæр, йæ маст исгæйæ, уый сфæнд кодта æд бинонтæ мæн фесафын. Штауффахер. Цы бакодтай? Тираны дæ къахын нæ хъуыди. Т е л л ь. Æз цы фыдæвзарæны фæдæн, уым уæ исчи куы фæцадаид, уæд æмбарид: хиуыл ныххæцын афтæ æнцон кæй нæ уыди мæ раны. Штауффахер. Бæстæ байсæфт! Дæ фæстæ, Телль, сызмæлæн нал уыдзæн махæн дæр: æфсæн рæхыстæй нæ сбастой иууылдæр. Хъæууонадæм (æрæмбырд сты Теллыл). Дæ фæстæ фыдæнхъæл фестæм бынтондæр! Лёйтхольд (Телльмæ йæхи баласгæйæ). Риссы дыл мæ зæрдæ! Фæлæ мын ницы гæнæн ис: хæс мын циу, уый кæнын. Т е л л ь. Хæрзбонтæ! ВальтерТелль (зæрдæуынгæгæй). Мæ фыд, уæ, мæ уарзон фыд! Т е л л ь (арвмæ амонгæйæ). Уæлæ уыцы ран - дæ фыд! Уымæ- иу кув, мæ хæлар! Штауффахер. Цы фæдзæхсыс де ’фсинмæ, Вильгельм? Т е л л ь (зæрдиаг хъæбыстæ кæны йæ фыртæн). Саби баззад æгасæй, æз та æнхъæлмæ кæсын хуыцаумæ. (Æваст сæ йæхи айста æмæ фæцæуы, йæ алыварс - салдæттæй хьахьхъæнджытæ.) ^^^^^^^^.0!^^^^рО^^^Ор!^Г^^^^^ЩЦ
86 оо <<ф) г^») <да «*р» СгФ'} ^х^ (гФ> г'0 С^ г<^ (я/^ е*Х^ с«*Хь> (чл^ <.фз «*Х*> <••$ ЦЫППÆРÆМ АРХАЙД Фыццаг æвдыст Цыппар кантоны цадæн йæ хурыскæсæн был. Хъæдцаг, æмуырдыг къæдзæхтæ сценæйы мидæгоз. Цады фæйлауæнтæ дыууæрдæм кæнынц. Хъуысы уылæнты æвирхъау хъæр. Хаттæй-хатт арв ферттивы, стæй ныннæры. К у н ц Герзауæй, кæсагахсæг æмæ йæ л æ п п у. К у н ц. Бауырнæд уæ, хъуыддаг уын сæрæй-бынмæ куыд радзырдтон, афтæ уыди - мæхи дыууæ цæстæй сæ федтон. Кæсагахсæг. Телль ахст у, æмæ йæ Киуснахтмæ арвыстой. Стыр ныфс нын уыдаид, искуы нæ сæрибардзинады тыххæй куы схæцыдаиккам, уæд. К у н ц. Цадыл бæстыхицау йæхæдæг дæр фæцæйцыди семæ. Уыдон куыд балц кодтой, афтæ рацыдтæн æз дæр Флиуельнæй, фæлæ мæ тымыгъ æрбаздæхта ардæм. Чи зоны æмæ уыдоны дæр бафæстиат кодта. Кæсагахсæг. Рæхыстæй баст у Телль бæстыхицауы къухы. Æцæгæй дын зæгъын, уый йæ бæкæндзæн ахæм ран, боны рухс æм кæдæм нал хæццæ кæна! Телль æнæрцæф адæймаг у, бæстыхицау та йæ æгæр-æгæр бафхæрдта; ныр тæрсы, йæ маст дзы куы райса, уымæй. К у н ц. Дзурынц ма, нæ зæрдæхæлар зæххы хицау Аттингаузен фæрынчын æмæ нал у ахъаззаг, зæгъгæ. Кæсагахсæг. Нæ зæрдæ ма ууыл дардтам æмæ та нын уый дæр нал ис. Иунæг уый ма уыди нæ сæрылдзурæг, йæ адæм æмæ йæ бæстæйы хъахъхъæнæг. К у н ц. Тымыгъ тынгдæр кæны. Хæрзбон ут! Æхсæвиуат хъæуы бакæндзынæн: абон фаллаг фарсмæ бацæуын къухы бафта, уый кой кæнын дæр нæ хъæуы. (Фæцæуы.) Кæсагахсæг. Телль нын-ахæстоны! Барон-мæлæтдзаг рынчын! Тыхдзинад бæрзонд цæуылнæ сисаныр йæ сæр! Æфсарм, худинаг нал ис! Рæстдзинад цы дзых дзырдта, уый бамыр, уынаг цæстытæ фæцъынд кæнынц, домбай арм та - рæхыстæй баст.
&> <?Х< (<Х*>) («/V ъХ6*) («О^ ^О^) е*У^ <**> Л æ п п у. Баба, их ныл ныккалдта! Цом нæхимæ - фыдбон скæндзæн. Кæсагахсæг. Гъа-мардзæ, тымыгъ, мауал ауæрд! Тыгъдызæйрауадз! Мауал æнцай, арвыхъæр! Уæ, арвнæрынгæнæг мигътæ, уæ тызмæгдæттæй фæласут æппæт бæстæ! Байсæфут, байсæфут, фидæнмæ чи равзæра, уыцы адæмы ног фæлтæр. Æлдарад байдайут сымах дæр, дунейы гуымиры куырм тыхтæ! Ардæм тагъддæр, хъæды цæрджытæ! Сымах та баисты ацы æдзæрæг зæххытæ, уымæн æмæ мах æнæ сæрибарæй цæрын нæ бафæраздзыстæм а бæсты. Л æ п п у. Нæ хъусыс, куыд пæллахъхъ кæны доны гуылфæн; афтæ змур зилдух никуы кодта уый æппындæр. Кæсагахсæг. Даг хъæбулы сæрыл та фат суадзай! Искуы ма æрцыди ахæм аллайаг хъуыддаг, æмæ фыдæн йæ фырты сæр фехсын кæн? Æмæ ма ныл дунейы гуырымыхъ тыхтæ дæр цæмæн бацауæрдой? Диссаг мæм ницыуал фæкæсдзæн: хæхтæ цадмæ куы нызгъæлой, цъити мæсгуытæ дæр æваст куы стайой æмæ уырдыгмæ куы уайой, рыг куы фестой нæ къæдзæхтæ, донæй хъаймæт та дунейы дыккаг хатт куы фесафа, уæддæр дис ницæуылуал бакæндзынæн. Хъуысы дзæнгæрæджы хъæр. Л æ п п у. Хъусыс, - дзæнгæрæг цæгъдынц хохы бæрзæндтыл. Æвæццæгæн, дон фæласы бæлæгъы йæ бынмæ: дзæнгæрæджы хъæр фæсиды алкæмæ дæр, цæмæй бакувой æнамондты тыххæй. (Уæзæгмæ фæхизынц.) Кæсагахсæг. Фыдраныбахаудтауыцыбæлæгъ, айхуызæн сахат ахæм авдæны фæйлаугæ кæй узынц! Никæйуал сæр æй бахъæудзæн-нæдæр бæлæгъаразæны, нæдæр бæлæгъаразджыты: портийау дзы хъазынц тымыгъ æмæ фæйлауæнтæ; зæрдæдарæн лæууæн дæр дзы, æвæдза, никуы ис: алыран - æмуырдыг, æмæ, бацæуæн кæмæ нæй, æрмæст ахæм цыргъ къæдзæхтæ; уыдон хъал арæзтæй ныддардтой бæлæгъмæ сæ айнæг риутæ. Л æ п п у (галкуырдæм амоны). Баба, бæлæгъ Флиуельны ’рдыгæй. Кæсагахсæг. Хуыцау, ды - сæ фæдзæхсæг! Тымыгъ сæ
88 г» <<ф) <<ф) <да (<ф>> (<ф>> (->№ <-ф) с<1) (<:>> ^лгу (чХ^ с-гх^ с<*Х^ сч>у **/<у «ад с«0 хухулæгмæ куы байса, уæд сын нал ис фервæзæн. Тугдзых сырд къæппæджы уистыл фыртæссæй йæхи куыд хойа æмæ йæ ниугæ- ниуын сæттынмæ куыд хъава, афтæ уыцы ран дæр хъуымы4 фæйлауæнтæ мæсты хъæр кæнынц; уынгæг сын у уыцы ран: сæ алфамбылай сæ къæдзæхтæ æлвасынц æмæ сын æхгæнынц сæ фæндаг. (Схызти бæрзондмæ.) Л æ п п у. Баба, бæлæгъ Уры бæстыхицауы бæлæгъ у, æз æй базыдтон йæ сырх-сырхид тырысайæ. Кæсагахсæг. Расттæрхонгæнæг хуыцау! Уый бæлæгъ у бæлвырдæй дæр, Геслер дæр уым ис, нывондæн кæй снысан кодтой, уый дæр бады семæ. Бирæ дæ нæ ауагъта, бæргæ, цы агуырдтай, уый ссардтай. Уый зон, тиран, æмæ хъилдзæуагыл хъæлдзæуаг сæмбæлы! Мæгуыры бон дыл кæй бакодта, уый, æнхъæлдæн æмæ, федтай дæхи цæстæй. Сæрæй, фæйлауæн нал хъуысы де ’ртхъирæнтæм; айнæг къæдзæхтæ дæр, сæрæй, кад нал дæттынц дæ худæн. Дæ кувын уал фæуадз, мæ хъæбул! Хуыцау ын цы стæрхон кодта, уадз æмæ уый бавзара ныр йæ сæр. Л æ п п у. Бæстыхицауы тыххæй нæ кувын, - æз Теллæн кувын, - бæлæгъы ис уый дæр. Кæсагахсæг.Æнæмбал иунæгхуыцау! Нæйбамбарæндæ фæндтæн: иу фыдгæнæг æфхæрды цæмæй æрцæуа, уый тыххæй бæлæгъы бадджытæ хæрзсæфт кæнынц æмхуызонæй. Л æ п п у. Кæс-ма, кæс, амондджын ирвæзт ракодтой Бугисгартæй, фæлæ сæ фæйлауæн Тойфельсмиунстерæй стыр Аксенберджы балæууын кодта. Мæ цæст сæ нал ахсы. Кæсагахсæг. Уый Гакмессер у; бирæ бæлæгъ ныппырх ис уыцы ран. Куынæ йыл æрзилой, уæд бæлæгъ айнæгыл йæхи скъуырдзæн æмæ дæ балгъитæг - уыдонау: фесæфдзысты. Баххуыс ма сын кæнид, бæлæгъимæ хорз чи арæхсы, æрмæст ахæм - Теллы хуызæн, - фервæзиккой ма уый руаджы. Фæлæ уымæн йæ азмæлæнтæ нал сты, нал, йæ бар. Вильгельм Телль æд æрдын. Тындзгæ цæуы, кæсы æмæ дистæ кæны; сценæйы астæу æрхауд йæ зонгуытыл, йæ къухтæ зæххыл æрæвæрдта, стæй сæ систа арвы ’рдæм. 4 X ъ у ы м - æнæбын мал.
Л æ п п у (куы йæ ауыдта, уæд). Кæс-ма, баба! Уæртæ уым иу чидæр йæ зонгуытыл лæууы. Кæсагахсæг.Уæртæзæххыл æрæвæрдтайæкъухтæ, цыма йæхи уагыл нæу, уый хуызæн. Л æ п п у (фæцæуы йæм хæстæгдæр). Баба, уæ баба! Мæнæ кæй уынын! Ракæс-ма йæм, ракæс! Кæсагахсæг (фæцæуы хæстæгдæр). Чи у, чи? Мæ рафæлдисæг!.. Телль куы дæ уый, сæрæй! Æмæ ма куыд æрбафтыдтæ ардæм? Л æ п п у. Бæлæгъы рæхыстæй баст нæ уыдтæ уæртæ уым? Кæсагахсæг. Киуснахтмæ дæ нæ арвыстой, цы? Т е л л ь (сыстади). Мæ сæр мæ бар у ныр мæнæн! Кæсагахсæгæмæл æппу. Суæгъддæ?Куыд æгъдауæй? Л æ п п у. Уæдæ ныр чердыгæй? Т е л л ь. Бæлæгъæй. Кæсагахсæг. Бæлæгъæйтакуыд? Л æ п п у. Æмæ уæд бæстыхицау та цы фæци? Т е л л ь. Цады сæрты дыууæрдæм кæны. Кæсагахсæг. Хуыцауы æмбисонд! Æмæ уый та куыд уыдзæн? Стæй ам куыд февзæрдтæ? Дæ бæттæнтæ æмæ тымыгъæй та уæд куыд раирвæзтæ? Т е л л ь. Хуыцау мын баххуыс кодта. Хъуыддаг та уыди афтæ... Л æ п п у æмæ кæсагахсæг. Радзур æй, дæ хорзæхæй! Т е л л ь. Альторфы цы æрцыди, уый фехъуыстат? Кæсагахсæг. Уыйзонæм, фæлæ дзургæ! Т е л л ь. Бæстыхицау сбæттын кодта мæн, стæй мæ æрвитынмæ хъавыди йæ Киуснахты фидармæ. Кæсагахсæг. Уыйфæстæ Флиуельнæй ацыди демæ - уыдæттæ зонæм иууылдæр; фæлæ нын раныхас кæн, куыд фервæзтæ? Т е л л ь. Нæ фæндаг мах дардтам афтæ: бæстыхицау, стальмейстер5 Гаррас_æмæ бæлæгътæрджытæ. Мæ фатдон, ме ’рдын уыдысты бæлæгъаразæнмæ хæстæг; æмæ Аксеныл чысыл 5Стальмейстер-паддзахмæхæстæгадæймаг, йæхæдзарыйын хицауад чи кæны, ахæм.
90 (*>> (.*Хъ ад <&*> ф>> 1&ъ «*/*> <Ф>> <?*; куыд æрбазылдыстæм, афтæ ныл хуыцау ахæм тымыгъ рауагъта Готардæй, æмæ бæлæгътæрджытæн фыртæссæй сæ уд сцæйхаудта. «Нæ адзалы бон у ацы бон», - загъта нæ алчидæр йæхинымæр. Уæд дзы иу чидæр дзуры бæстыхицауæн: «Æнæсæфгæ нын нал ис - нæ адзал уынæм нæ цæстæй; тæссæй ницæмæуал арæхсынц нæдæр бæлæгъаразæг, нæдæр бæлæгътæрджытæ. Стæй нæ фæндаг дæр ничи зоны. Æрмæст иу адæймаг ис ацы ран, мах фервæзын кæнын йæ бон кæмæн бауид. Уый у Телль. Лæгæй дæр æм дау нæй, стæй, бæлæгъимæ уый хуызæн чи сарæхса, ахæм та кæм ис? Хорз уаид, уый бар куы бакæнис нæ бæлæгъ». Уый фæдыл мæм дзуры бæстыхицау: «Æрбайхъус-ма мæм, Телль, - ацы фыдбылызæй нæ цæмæй фервæзын кæнай, уыйбæрц ныфс дæм кæд разындзæн, уæд дæ суæгъд кæндзынæн дæ рæхыстæй». «Разындзæн мæм, ай- гъай, хицау! Стæй ма бæлæгъы дæр фервæзын кæнин хуыцауы руаджы», - дзуапп ын радтон æз. Уæд мæ суæгъд кодтой мæ бæттæнтæй. Рул райстон æз мæ къухмæ: аивæй цæстызул дарын ме ’рдынмæ; уыимæ мæхинымæр æнувыдæй агурын, кæдæм алиуырон, ахæм ран. Уалынмæ дын æваст ауыдтон æмуырдыг къæдзæх, йæ сæр - фæз, фæйлауæнтæм æруагъта йæхи. Кæсагахсæг. Зонын æй: раст стыр Аксены хæдраз, æмуырдыг у стыр æнæгъдау, - уырдæм сгæпп кæнын зæххон адæймагæй никæмæн бауыдзæн йæ бон. Т е л л ь. Хъæр кæнын бæлæгътæрджытæм: «Иу мады фырттау февналут, нæ тæккæ зындæр - уæртæ уыцы къæдзæхтæ, стæй уыйбæрц тас нал у!» Æмæ уайтагъд балæууыдыстæм йæ разы. Уæд, хуыцауы ном ссаргæйæ, мæ тых-мæ бонæй бæлæгъ къæдзæхмæ баздæхтон, ме ’рдыныл мæхи уыциу цæф ныккодтон æмæ нал бацауæрстон мæхиуыл - бæрзонд фехстон къæдзæхы сæрмæ мæхи, стæй бæлæгъ донæн йæ тæккæ тынгмæ асхуыстон мæ къахæй. Цы уа, уый уæд, зæгъгæ йæ хуыцауы бар бакодтон. Ныр лæууын уæ разы - тымыгъы ахæстæй фервæзтæн, адæмы тыхдзинæдтæй дæр мын тас нал у. К æ с а г а_х_с æ г. Хуыцау дæ диссаджы ирвæзт фæкæнын кодта. Нæма мæ уырны, Телль дæ, уый. Æмæ уæдæ ныр та кæдæм дарыс дæ фæндаг? Дæхи дæ бафæсвæд хъæуы: бæстыхицау фæйлауæнтæй куы фервæза, мыййаг.
(*> <«х*> <*Х*>) <<»Х->)^ с»Х*у *»Х<<> <-Х<'>) (.'*/<-) <?*) Т е л л ь. Бæлæгъы ма уыдтæн, афтæ дзы фехъуыстон: цæуинаг уыди Брунненмæ, уырдыгæй та йæ фидармæ Швицы бæстæйы. Кæсагахсæг. Хуыскъыл? Т е л л ь. Йæ фæнд уыди афтæ. Кæсагахсæг. Уæдæ фæстиат мауал кæн, æфснайгæ дæхи! Дыккаг хатт дзы сæрæгасæй сонт-монты нал раирвæздзынæ. Т е л л ь. Зæгъ-ма мын: Арты бæстæ æмæ Киуснахтмæ кæуылты у фæндаг хæстæгдæр? Кæсагахсæг. Уырдæм фæндагцæуыæрмæстШтайненыл, фæлæ дын Ловерцыл уыдзæн хæстæгдæр æмæ фæсвæддæр. Æниу ыл бирæ цæмæн дзурæм - мæнæ дæ мæ фырт бахæццæ кæндзæн. Т е л л ь (райста йын йæ къух). Хуыцауы хорзæх дыл сæмбæлæд, хæрзбон! (Иудзæвгар ауад, стæй та фездæхт фæстæмæ.) Æнхъæлдæн, ард бахордтай ды дæр Риутлийы, куыд фехъуыстон, афтæмæй. Кæсагахсæг. Æз дæр дзы уыдтæн æмæ ард бахордтон нæ иудзинады тыххæй. Т е л л ь. Дæ хорзæхæй, уæдæ, Биурглены сæмбæл! Уыцы ран мыл сагъæс кæндзæн ме ’фсин! Зæгъ ын, кæй раирвæзтæн æмæ æдас ран кæй дæн, уый. Кæсагахсæг. Чердæм цæуыс, уымæй та йын уæд цы зæгъон? Т е л л ь. Уыцы ран фендзынæ ме ’фсины фыды, ноджы, Риутлийы кæуыл æмбæлдтæ, уыдон се ’ппæты дæр; зæгъ сын-иу, сæ зæрдæ мæм ма ’хсайæд: тас нал у Теллæн, йæ авналæнтæ йæ бар сысты æмæ дзы а дыууæ боны хабар уыдзæн. Кæсагахсæг. Телль, зæгъ мын æдæрсгæ: цы сфæнд кодтай? Т е л л ь. Хъуыддаг куы скæнон, уæд æй хъусдзыстут уе ’ппæт дæр. (Фæцæуы.) Кæсагахсæг. Лæппу, уайгæ, фæхон æй, - хуыцау, дæ уазæг фæуæд! Уæвгæ, Телль цы сфæнд кæна, уый æххæст дæр бафæраздзæн. — (Фæцæуы.) оосооооооосооэроеор^ососоа^оо
92 ш <<ф) ь,г& (<ф» СгФ> (гФ>> {гФ> °*х*>> Гс>) (*> ед? <*х*> е*Х*> с«»Х^ <чУ^ с«»/*у г«х*> (<•.; Дыккаг æвдыст Барон Атгингаузены фидары. Мæлæтдзаг рынчынæй б а р о н бады къæлæтджын бандоныл. Вальтер Фиурст, Штауффахер, Мельхталь æмæ Баумгартен лæууынцйæалыварс. Рынчыныразйæзоныгыллæууы ВальтерТелль. ВальтерФиурст. Бацарæфтыд стæм. Нæ зæрдæ ма кæуыл дардтам, уый дæр та нал ис. Штауффахер. Нæма амарди. Кæс-ма, бумбули ма змæлы йæ улæфтмæ. Æнцад фынæй - йæ фынæй, худæндзаст - йæ цæсгом. Баумгартен дуармæ фæцæуы æмæ дзуры кæимæдæр. ВальтерФиурст (Баумгартенмæ). Уый чи у? Баумгартен (æрбаздæхы). Дæ чызг Гедвигæ, æрбацыди дæумæ æмæ йæ сабимæ. ВальтерФиурст. Зæрдæ ма йын цæмæй бавæрдзынæн? Мæ сæр мæ кой фæци мæхицæн дæр. Г е д в и г æ (æрбацæуы тыхтæ-амæлттæй). Цы фæци? Кæм ис мæ лæппу? Цæуылнæ мæ уадзут мæ хъæбулмæ? Штауффахер. Гедвигæ, мæлæг адæймаджы раз дæхиуыл фæхæц. Г е д в и г æ (йæ лæппумæ баппæрста йæхи). Мæ Вельти, æгас ма мын дæ! ВальтерТелль (йæ мады хъуыры иыттыхсти). Æз мæнæ дæн, мæнæ, нана! Г е д в и г æ. Бæлвырдæй дæр ды дæ? Цæф ма разын, мыййаг? (Рауын-бауын æй кæны, тæрсгæ-ризгæйæ.) Атан æмæ аманæй нырмæ ма искуы ахæм хъуыддаг æрцыди? Æмæ дæ æхсгæ дæр фæкодта? Зæрдæ дæр ын хъæуы!.. Куыд батардта йæ зæрдæ фатæй фехсын йæхи хъæбулы? ВальтерФиурст. Стыр катайтыл уыди, уыцы хъуыддаг кæнгæйæ. Амал ын нал уыд: нал баззадаид сæрæгасæй. Г е д в и г æ. Хъæбулуарзæг фыд нæ уыди, æндæра сæдæ марды куы акодтаид, уæддæр ыл не ’мбæлди фехсын йæ фырты. Штауффахер. Дæуæй æндæр арфæ кæнид хуыцауæн, кæй руаджы дын фервæзти.
Г е д в и г æ. Æмæ йын рохгæнæн та куыд ис, - хуыцау зоны, цæмæ æрцыдаид хъуыддаджы кæрон? Сæдæ азы куы цæрон, уæддæр уындзынæн æдзухдæр, фыд куыд хъавы йæ фыртмæ, æмæ кæддæриддæр уыцы тахтæй тæхдзæн фат мæ зæрдæмæ. Мельхталь. Цы æфхæрд ыл сæмбæлди, уый куы зонис!.. Г е д в и г æ. Дурзæрдæ адæм стут сымах: искæуыл уæ, æвæдза, иучысыл уайдзæф сæмбæлд, афтæ уæхимæ нал вæййы уæ зонд, искуы ма уын исты ис, уый байрох кæнут: фырмæстæй ницæмæуал фæдарут нæдæр уæ сабиты, нæдæр сæ мадæлты зæрдæтæ. Баумгартен. Фыдбылызы бафтыд дæ лæг, ды та ма йæ зылын кæныс! Дæуæй æндæр та ма йын тæригъæд бакæнид. Г е д в и г æ (мæсты каст æм кæны). Багъæц, и - рагæй дæр йæ хæлары тыххæй йæ зæрдæ уыйбæрц риссаг кæмæн у, уый нæ дæ, цы? Æмæ йыл кæд афтæ тыхсут, уæд æй цæмæн бауагътат æфсæн рæхыстæй сбæттын? Цæуылнæ йын баххуыс кодтат? Цæуылнæ йæ фервæзын кодтат? Дард уæм куынæ уыди! Фæлæ йæм сымах æцæгæлон цæстæй акастыстут, - уæ разы уын æй куы бастой, сыфцæй йæ куы ластой уæ разæй, уæд. Стæй-ма мын зæгъ, дæ хорзæхæй, уый дæр дæм афтæ касти, сырдау дæ бæстыхицауы адæм фæсте куы сырдтой, дæ размæ та фæйлаугæ цад сабыр куы нал кодта, уæд? Нæ, уый хъарджытæ кæнын йæ сæрмæ не ’рхаста; уый балиуырдта бæлæгъмæ, байрох сты уымæй уыцы сахат йе ’фсин, йæ зæнæг, æмæ дæ сласта мæлæтæн йæ тæккæ хъæлæсæй! ВальтерФиурст. Æмæ дын æй куыд фервæзын кодтаиккам: мах уыдыстæм уыцы ран бынтондæр æнæ хæцæнгæрзтæ. Г е д в и г æ (йæ хъуыры ныттыхсгæйæ). Уæ, мæ фыды зæронд! Нал ис дæуæн дæр, нал! Махæй зæгъай, нæ бæстæйæ зæгъай - иууылдæр дзы афтидæй баззадыстæм! Фæлæ уый дæр махыл систа йæ къух. Хуыцау, æвзæр зæрдæ йæм ма æруадз! Иæ талынг æмæ ныккæнд ахæстоны уый нал фехъусдзæн хæлары ныхас. Йæ тых мын рафтдзæн уыцы ран! Уымæл ахæстоны йæ низ бадомдзæн!.. Альпы хæхты дидинæг цъымараты уæлдæфмæ йæ хуыз куыд аивы, куыд бампылы, афтæ нын уый дæр уым баруайдзæн, батайдзæн: æнæхай фæци нæ хæхты хурæй, æнæхай фæци нæ фæзты диссаджы уддзæфæй! Æфсæн рæхыстæй баст
9 4 (^<<*х^#^х^ (^ 'офу оФ$ с«*У^ "<**Х^ с*Ху ъф$ ’ ьф>) с<?) мын - йæ домбай уæнгтæ!.. Афтæмæй та, йæ уд цы у, уымæй иудадзыгдæр кæд у сæрибардзинад: бирæ цæрæнбон ын нал ис æнуд ныккæнды! Штауффахер. Фæсабыр у - мауал æргæвд дæхи! Мах нал бацауæрддзыстæм нæ сæртыл, цæмæй байгом уой ахæстоны дуæрттæ. Г е д в и г æ. Æмæ цы бакæниккат æнæ уый? Уæ ныфс хастат уымæй; уый уæ астæу куы царди, уæд сæрылдзурæг ардта раст адæймаг, æфхæрд лæгæн та уыдис йе ’нцой. Иунæг йæхæдæг фервæзын кодтаид уе ’ппæты дæр, фæлæ сымах ницы фæразут уымæн йæ бæттæнтæ сыхалынæн! Барон æрыхъал кæны. Баумгартен. Фезмæлыди! Æнцад! Æнцад! Аттингаузен (рабады). Никæцæйма зыны? Штауффахер. Чи? Аттингаузен. Нæй ам: ныууагъта мæ иунæгæй мæ удисæны сахат. Штауффахер. Руденцы кой кæны. Арвыстат æм, цы? ВальтерФиурст. Арвыстам. Мауал æм æхсайæд дæ зæрдæ: нæхи та баци, цы у, уымæй. Аттингаузен. Йæ фыдыбæсты сæрылхæцæг та сси, зæгъыс? Штауффахер. Хуыздæр нал æмбæлы, афтæ! Аттингаузен. Æмæ уæдæ кæм ис? Арфæ йын ракæнин; мæ мæлæты сахат æрхæццæ кæны. Штауффахер. Ме ’лдар, мæлæтæн нырма йæ кой дæр ма кæн! Цы чысыл ахуыссыдтæ, уый дын фидары хос фæци, дæ цæстæнгас дæр сыгъдæг у! Аттингаузен. Æнæ тухæнæй цард нæй; фæлæ мæ ницыуал риссы, - афтæ уын мæ зынæвзарæнтæ дæр æмæ мæ ныфс дæр атæхдзысты. (Лæппуйы фенгæйæ.) Чи у? ВальтерФиурст. Мæ чызджы лæппу. Арфæ йын ракæн - сидзæр у. Гедвигæ æмæ йæ фырт сæ зонгуытыл æрлæууыдысты рынчыны раз. Аттингаузен. Сидзæрæй уæ уадзын сымах дæр, сымах,
мæ хæлæрттæ! Еуу æмæ сар куыд фæци сæ сæр, гъе! Мæ мæрдон цæстæнгасæй æз уынын - мæ фыдæлты бæстæ æгадмæ куыд æрцæуы; мæгуыр мæ бон, - уыйбæрц фæцæргæйæ, йæ фыдæлты кад, йæ фыдæлты фарн æмæ ныфс мæрдтæм йемæ чи бахæсдзæн? ’ Штауффахер (Вальтер Фиурстмæ). Ау, æмæ нæ уыцы зæрдæнизимæ мæрдтæм афтæ бацæуа? Уый нæ уыдзæн! Фæстаг хатт ын рухсы тын фенын кæнæм! Уæздангуырд рыцæр, мауал хæр дæхи. Ныууадз дæ сагъæс, дæ маст! Бынтон дзæгъæл нæ зайæм, стæй уыйбæрц æнæсæрæн дæр не стæм! Аттингаузен. Уæдæ ма уæ сæрылхæцæг, уæ ирвæзынгæнæг чи уыдзæн? Вальтер Фиурст. Мах нæхуыдтæг. Байхъус-ма нæм: æрæджы æртæ кантоны кæрæдзийæн дзырд радтой, цæмæй фæсурой тыхгæнджыты. Сæ цæдис ардæй сфидар кодтой. Нæ фæнд куы суа, уæд ногбоны размæ, дæ ингæн цы зæххыл уа, уымæ бархъомыс ничиуал дардзæн, нæ бæстæ уыдзæн сæрибар. Аттингаузен. Ноджыдæр ма мын æй радзур! Сæ дзырд иу скодтой, зæгъыс? М е л ь х т а л ь. О, ме ’лдар! Уыцы иу бон сыстдзысты æртæ кантоны. Цæттæ у хъуыддаг; фæлæ нырма нæ сусæг æргом нæ кæнæм, кæд æмæ йæ бирæ адæм райдыдтой, уæддæр. Дзыллæйы домджытæ, тирантæ къæдзæхы был æрлæууыдысты. Сæхи хъал цы бартæй дардтой, уыдонæн æрхæццæ кæны тагъд сæ кæрон, æмæ дыууæ боны, сæ фæд циу, уый дæр нал зындзæн, сæ кой дæр фесæфдзæн. Аттингаузен. Сæ фидар мæсгуытæ та - сахарты мидæг? Мельхталь. Дур сæ дурыл нал баззайдзæн уыцы иу æхсæв. Аттингаузен. Фæнды мидæг рыцæртæ дæр сты? Мельхталь. Æххуыс æнхъæлмæ сæм кæсæм, фæлæ нырма æрмæст фæллойгæнæг адæм бахордтой ард иудзинадыл. Аттингаузен (стыр дисгæнгæйæ рабады йæ хуысссены). Æмæ уæдæ фæллойгæнæг адæм дæр уыцы сгуыхт хъуыддагыл архайæг сысты, сæхи хъæппæрисæй, æнæ уæздæтты æххуысæй? Куыд?.. Æмæ уыйбæрц сæ зæрдæ дарын байдыдтой сæхиуыл, уыйбæрц ныфс сæвзæрди уыдонæн сæхи астæу? Уæд сæ мах сæр нал хъæуы æмæ æз мæрдтæм æнæсагъæсæй разы дæн... Ам
96> {*'-> <<*уГ*>) (<*Ш (<М (<ф>) &ф) (’ф) Ш*>) <<,) ф сда <*Х*> с<*Х^ №> <«*Х*> <<*Ху <да <ф баззайдзысты адæм мæ фæстæ, ног фæрæзтæй се стыр кад чи бафæраздзæн хъахъхъæнын. (Зонгуытыл йæразы чилæууы, уыцы лæппуйы сæрыл йæ кьух æрæвæрдта.) Ацы сæрæй, фæткъуы кæуыл лæууыди, сæвзæрдзæн сымахæн хуыздæр сæрибардзинад! Зæронд царды арæзтытæ æрызгъæлдзысты бынтондæр æмæ сæ хæлддзæгты бынæй ног æмæ æрттиваг дур æрæгас уыдзæн. Штауффахер (Вальтер Фиурстмæ). Куыд æрттивынц йæ цæстытæ! Удхæссæг нæма зилы, нæ, йæ сæрмæ, уый ног царды рæсугъд тын æрттивы. Аттингаузен. Мæнæ рацæуынц æлдæрттæ сæ фидæрттæй ард хæрынмæ сахартæн; Иухтланд æмæ сæ Тургау сæхиуыл банымадтой; мæнæ Берн систа йæ хъомысджын сæр, æмæ сæрибары дуг хъахъхъæнын Фрейбург йæхимæ райста; хъæздыг Циурих йæ адæмы хæстмæ срæвдз кодта æмæ йæ фидар галуанты раз паддзæхты тыхтæ фæцудыдтой. (Йæ ныхас пехуымпары ныхасы хуызæн куыдфæстæмæ курдиатджындæр кæны.) Æмæ уынын æз зынæрвæссон паддзæхты, рыцæрты, сæ уæлæ - сызгъæрин гæрзтæ; уыдон фæцæуынц, цæмæй схæцой фыййæуттимæ. Стыр хæст уыдзæн уыцы хæст, æмæ дзы сгуыхт хъуыддæгтæй нæ кæмттæ скадджын кæндзысты нæ райгуырæн хæхты. Уым фæллойгæнæг адæймаг гомриуæй нывондау йæхи ныццæвдзæн фыдгулы æрцытыл, кæрæй-кæронмæ сæ байсдзæн, йæ буарæй иу æнæхъæн гæппæл дæр нал баззайдзæн, фæлæ знаджы къона дæр байхæлдзæн æмæ сæрибары тырысатæ фæйлауын байдайдзысты алыран. (Штауффахер æмæ Валътер Фиурсты къухтыл ныххæцыди.) Мауал фæхицæн ут мыггагæй- мыггагмæ дæр æфсымæртау, æрдхорд æмгæрттау, уæрдæхау стыхсут уæ кæрæдзийыл уарзондзинадæй! Тас заманы, уаритау, тæхуг фæдисы уæ кæрæдзи сæрыл. Цæруг æнгомæй... æнгомæй... æнгомæй. (Æрхауди базыл æмæ систа йæуд, фæлæ мæлгæ-мæлын дæр уæгъд нæ уадзы уыдонæн сæ къухтæ.) Фиурст æмæ йæм Штауффахер кæсынц æгуыппæгæй, стæй айстой сæхи æмæ^агъæстыл фесты. Бароны мардыл æмбырд кæнынц йæ к у с д ж ы- т æ, тынг æнкъардæй æвдисынц се ’ппæт дæр сæхи; иуæй-иутæ дзы сæ зонгуытыл æрлæууынц йæ разы æмæ сæ цæссыг уадзынц йæ къухтыл. Уыцы æгуыппæг æвдысты сахат хъуысы дзæнгæрæджы хъæр фидары мидæг.
Р у д е н ц (æрбазгьоргæйæ). Æгас ма у, базондзæн ма мæ? ВальтерФиурст (æнкьардæй). Амæйфæстæмæ ды - нæ хицау æмæ нæ хъахъхъæнæг: ног номæй дзурдзысты нырæй фæстæмæ нæ фидармæ. Р у д е н ц (тынг æрхæндæгæй кæсы бароны мардмæ). Уæ, хуыцау! Уæдæ мæ фæсмонæн æгæр байрæджы уа? Иуцъусдуг ма уæддæр куы ахастаид, кæд æмæ мæ фæсмон федтаид. Мæ хъусы алгъы дæр нæ уадысты мæнæн йæ зондджын уынаффæтæ! Æрдумæ дæр сæ нæ дардтон! Ныр уый - æнусон бæсты, æз та ацы ран баззадтæн цæргæйæ, мæхи сраст кæнын дзы нæ бафæрæзтон, афтæмæй! Сусæг мын æй ма бакæнут - йæ мæлæты сахат мæ азымы дардта, æвæццæгæн? Штауффахер. Уымæн дæр йæ фæстаг сахат сæргом сты хъуыддæгтæ иууылдæр æмæ дæ бузныгæй бацыди мæрдтæм. Р у д е н ц (æрзоныгыл кодта марды раз). Цытджын æмæ намысджын мард, уæ, мæ уарзон зынаргъ буар! Дзырд дын дæттын ацы ран, дæ уазал къух дын исын: мæ адæмы сæрвæлтау знагыл бахъоды кодтон. Швейцайраг дæн æз æмæ швейцайрагæй хъуамæ амæлон. (Сыстади.) Кæугæуг уæ хæларыл, уæ цæссыг калут уарзæгой фыдыл, фæлæ уæ бахъуыди лæджы сæр; уый мын ныууагъта йæ уд æмæ йæ зæрдæ: хорз йæ фарн мæрдтæм нæ хæссы. Дзырд уын дæттын: фæрнджын зæронд уын цы фæдзæхста, уымæй уын кæстæр зæрдæ æвæры, æххæст кæнын дæр æй бафæраздзæн! Дæ къух мæм ратт, мæ кадджын фыд, ды дæр мæм æри дæ къух. Мельхталь. Уæхи мыл ма атигъ кæнут, мæ хæлæрттæ! Дзырд уын дæттын, ард уын хæрын! ВальтерФиурст.Нæкъухтæйæмраттæм: нæфæсайдзæн йæ дзырд. Мельхталь. Стырсæр-иу кодтай махыл; уæд дæм æнхъæлмæ цæмæ бакæсæм, дæ хорзæхæй? Р у д е н ц. Лæппуйæ цы фæрæдыдтæн, уыдон мын хурмæ мауал хæссут, и! Штауффахер (Мельхтальмæ). «Цæрутæнгомæй»,-афтæ нын нæ фæдзæхста, нæ, йæ мæлæты сахат? Рох уæ ма кæнæд! Ме л ьхтал ь. Айуын мæ къух! Хуымæтæджы къуху ацы къух, 7
98 : <?^^^^^^^^ Су «Фэ «Фэ №> вд»> (Ф’) Ф$ '<•>/*<> с*; фæлæ уый зонут: мæнæн дæр ис дзырд, рыцæрæн цы дзырд ис, ахæм дзырд. Æниу цы стут, цы, æнæ мах, цы уаиккат? Рыцæртæн сæ кой циу, уый дæр нæма уыди, уæддæр хуымгæнджытæ зæхх фæлдæхтой сæ гутоны бырынкъæй. Р у д е н ц. Æз сæ нымайын æмæ сын уыдзынæн сæ сæрылхæцæг мæ карды фындзæй. Мельхталь. Æрдзы рохтыл чи æрхæцыди, уæззау гутонæй йын йæ зæххы цъар чи фæуæлгоммæ кодта, уыцы къух ын йæ риу бахъахъхъæнын дæр бафæраздзæн. Р у д е н ц. Æз - сымах, сымах та - мæн, афтæмæй стырдæр уыдзæн нæ тых, хуыздæр хъахъхъæд æрцæудзыстæм иумæ. Фæлæ дардыл цæмæн дзурæм: нырма нæ куы домы æцæгæлон тираны æлдарад! Раздæр уал знаджы нæ бæстæй фæсурæм; уыйфæстæ нæ кæмæн цы бартæ æмбæла, уый дæр равзардзыстæм. (Чысыл фæстæдæр.) Куы ницы дзурут. Мæнæн кæй зæгъат, ахæмæй уæм ницы ис, æвæццæгæн? Æви уын аккаг нæ дæн, цæмæй мын раргом кæнат уæ сусæгдзинæдтæ. Уæдæ тыхы руаджы хъуамæ бацæуон æз уæ сусæг фæнды. Æргом мын сты уæ хъуыдцæгтæ иууылдæр! Риутлийы ард кæй бахордтат, уый зонын. Кæд мын æй сымах нæ зæгъат, уæддæр æй арф бавæрдтон мæ зæрдæйы, æмæ йæ уым норстæй дардтон, фыдæлты хæзна куыд дарай, афтæ. Ныр уæ бауырнæд: хæрам зæрдæ никуы дардтон нæ фыдæлты бæстæм, мæнгардæй дæр ыл никуы рацыдтæн. Фæстиат нал хъæуы: рæстæг сымахмæ нæ кæсдзæн... Æрæджы кæй кæнут, уый тыххæй нын нал ис Телль дæр! Штауффахер. Нæ ардмæ гæсгæ, цыппурсæй раздæр нæ рай д ай дзыстæм. Р у д е н ц. Æз дзы нæ уыдтæн, дзырд нæ радтон. Сымах нæ райдыдтат - æз байдайдзынæн. Мельхталь. Куыд? Ды дæр... Р у д е н ц. Æз дæр, мæ мад, мæ фыдыстæн, æз дæр! Бæсты æфсарм кæмæ ис, æз дæр амæй фæстæмæ уыдонæй иу дæн, æмæ мын хæс у уæ кой бакæнын. ВальтерФиур сТГУе стырдæр хæс уал - раздæр ацы зынаргъ мард йæ сыджытыл бавæрын. Р у д е н ц. Бæстæ куы ссæрибар кæнæм, уæд ын кады худ сæвæрдзыстæм йæ ингæныл, знаджы кæй басастам, уый нысанæн.
Мæ хæлар адæм, стæй уын æргом зæгъын бафæразон, и: мæ хæст иудадзыг сымах сæрыл хæст нæ уыдзæн, - сагъæс дæр кæнын! Цы уын æй æмбæхсон - Бертæ никуыуал зыны: ардыгæй йæ мах сусæгæй аскъæфтæуыд! Штауффахер. Тыхгæнæджы бон цы нæ у, æдых цы нæ бары? Фыдызнаджы тыхми бакодта, - уæздан мыггагæй чи равзæрди, уыцы чызгмæ батасыди йæ къух! Р у д е н ц. Мæ хæлар адæм, зæрдæ уын бавæрдтон æххуысæй, фæлæ уын уæхицæй дæр æххуыс курæг дæн. Кæй ракуырдтон, уыцы чызджы мын ахастой! Хуыцау зоны, кæм æй бамбæхста тыхгæнæг! Хъуамæ йæ алы мадзæлттæй дæр йæхи бакæна. Курын уæ, фыдбылызæй йæ бахизæм. Бауырнæд уæ, уæ фыдæбон дзæгъæлы нæ фæуыдзæн. Бертæ бæлвырдæй дæр у ахæм адæймаг, кæй сæрыл схæцат. ВальтерФиурст. Æмæ цы кæнынмæ хъавыс? Р у д е н ц. Мæхæдæг дæр æй нæма зонын! Æнцой нал зоны мæ зæрдæ. Фырсагъæсæй æрдуйæ нарæгдæр кæны мæ уд. Уыцы мæт мын мæ риуы бафтыдта æрмæст иу хъуыды, рухс хъуыды: цыфæнды уа, уæддæр хъуамæ бацархайæм, нæ хъаруйæ мацыуал ныууадзæм фæсте, цæмæй знагæн йæ фидæртты хæлддзæгты бынæй махæн бантыса Бертæйы фервæзын кæнын... Ныппырх кæнæм фидæртгæ, ссарæм ахæстон! Мельхталь. Цæугæ нæ разæй, мах - дæ фæдыл! Абон цы бафта къухы, уымæн æмгъуыд нæ хъæуы сомбонмæ. Телль сæрибар уыди, Риутлийы ард куы хордтам, уæд; уыцы рæстæджы афтæ бирæ нæма уыдысты ацы æбуалгъ хъуыддæгтæ. Ног чындзæн - ног æгъдау, афтæ алы ног дуг дæр æрцæуы ног æгъдæуттимæ; æмæ усы кæрдæн æркæнæд йæ сæрыл, ныр дæр чи зила фæстиатыл. Р у д е н ц (Штауффахер æмæ Валътер Фиурстмæ). Хæцæнгæрзтæй срæвдз кæнут уæхи æмæ архайын байдайут! Хæхтыл тагъд æртытæ ссудздзысты: уæлахизы уацхъуыд уæм батæхдзæн фатау æмæ,_уыцы бæллиццаг рухс фенгæйæ, уаритау уе знæгтыл уæхи ныццæвут, цæмæй ныппырх кæнат тыхдзинады фидар! Фæцæуынц.
100 (*>) <<ф>) с«^х«о ('»х*ъ (гФ» &/*>> ('Ф> ('Ф> ('>) ф г^ с^ (•*/*> е*/^ с«*/у с»/*г) *»Х9 (•?) Æртыккаг æвдыст Къæдзæхджын фæндаг Киуснахтмæ. Æфтынц æм хæхты астæуæй лæзгъæртæ, æмæ бæлццон цалынмæ авансценæмæ æрхиза, уалынмæ фæзыны бæрзæндтæй. Сценæйы алыварс - къæдзæхтæ: уыдонæй размæ рацыди иу къутæрджын хох. Т е л л ь (æрбацыди æд фат æмæ æрдын). Мæнæ ауылты у йæ фæндаг: Киуснахтмæ нæй æндæр фæндаг. Ацы ран сæххæст кæндзынæн, æнæнхъæлгæ мæ размæ цы хъуыддаг æрзылд, уый. Ацы ран, къудзиты аууонæй мæ фатæй нал фæцæудзæн; мæхицæн дзы ницы тас у: къæдзæхты æхсæнты фæдисæй аирвæздзынæн. Тагъдцæр, бæстыхицау, дæхи æназым скæн зæхх æмæ арвæй! Дæ фæстаг сахат æрхæццæ - дæ адзал æрцыди! Нырмæ æз цардтæн мæхицæн æнцад, æнæсагъæсæй: мæ фат-иу æз баздæхтон æрмæст сырдтæм; искæй марынмæ разы баддзынæн, уый мæ хъуыдыйы дæр никуы уыди, фæлæ мæ ды мæ къонайæ хæтæгхуаг фæкодтай, мæ зæрдæйы мын марг бауагътай, калмы марг; сахуыр мæ кодтай æвзæр кæныныл: йæхи хъæбулы сæрыл фат чи суагъта, уый ма знаджы риу куыд февгъуыйдзæн, куыд ма йыл бацауæрддзæн! Мæ сывæллæттæ, ме ’нхъæлцау сабитæ, сæ ныййарæг мад, - уыдон æз дæ фыдæхардæй хъуамæ баиргъæвон. Ме ’рдынбос хъæддыхдæр куы æлвæстон мæ ризгæ къухæй, мæ зæрдæнизыл мын дæхи худæгæй куы хастай, мæхи фатæй мын мæ фырты сæр куы æхсын кодтай, мæ табуафситæ мын куы ницæмæ æрдардтай, æнæгъдау фыдгæнæг, раст гъеуыцы сахат ард бахордтон æз, æбуалгъ ард, - хъусгæ мæм кодта æрмæст арв, мæ дыккаг æхстæн дæ риу кæй скæндзынæн æз мæ фыццаг мысан. Уыцы уынгæг сахат, катайтæгæнгæйæ, цы ард хæрын бафæрæзтон, уый мын у стыр хæс: ахæм хæсæн нæй æнæххæст! Бардарæг ды дæ, паддзахы бæсты æвæрд лæг, фæлæ дæуæн цы батардта дæ зæрдæ, уый паддзах дæр нæ бакодтаид. Æрбарвыста дæ ардæм дзыллæйæн фидауцы хосæн, цæмæй сын аразай карз, фæлæ раст тæрхон, ды та мын сбадтæ сæ туг нуазгæ. Фæлæ дæ рох ма уæд - мæгуырты сæрылхæцæг, сæ мастисæг хуыцау кæй у. Дæ сæр мæ бахъуыди гъеныр, гъе, мæ фыдбылызаразæг; дæумæ у ныр ме скаст: дæуæй хуыздæр хæзна мын нал ис, нал, ацы сахат. Мысан дын арæзтæй лæууы: уый нæ æндæвтой мæ лæгъстæтæ, нæ йæм бахъардтой мæ
Со ьг** с^ *>№ ьу** б/«> <гф> <?ф) % (*>> г«>; («/«>> («/*9 С’ОГ^ (Фо «ф>; (<*>; С<*> 101 табуафситæ, фæлæ дæу бауромын йæ бон нал бауыдзæн уымæн, æвæццæгæн. Уæ, ме стыр ныфс, уæ, ме ’нхъæлцау æрдын! Ды мын æмбалы ад лæвæрдтай хъæлдзæг рæстæджы, базыртæ-иу базад дæу руаджы мæ фатыл; айхуызæн тæссаг рæстæджы мæ фыдæнхъæл ма фæкæн! Сайдæй мыл ма рацу, и, ме ’рдын, ацы сахат дæр ма! Ма фæмæнг у: мæ фæстаг фат у ацы фат. Бæлццæттæ фæцæуынц сценæйы. Дурыл æрбадон ацы ран, - фæллад бæлццæттæн æй сарæзтой. Уыдонæй алчидæр, ам цæугæйæ, йæхи хъуыдытыл у, дард сты сæ кæрæдзимæ; иу дзы аннæйы сагъæс нæ кæны. А фæндагыл фендзынæ: хæдзардзин сæудæджеры, дингæнæг адæймаджы æд хызын, хуыцауæн кусæг моладзаны, фендзынæ дзы тæппуд хуыснæджы, хъæлдзæг зарæггæнæджы, чъырласæджы æд бæх, æд уæргътæ дæрдбæстаг базайрæгтимæ. Сæ хъуыддæггы фæдыл цæуынц уыдон ауылты, мæн та лæг марынмæ æрбахаста ардæм мæ маст! (Æрбадти.) Мæ уарзон сабитæ! Куыд цингæнгæ-иу згъордтат уæ фыды размæ, æз уæм-иу фæстæмæ куы æрыздæхтæн уæд; æдзух уын-иу хаста кæнæ дидинджыты баст Альпы хæхтæй, кæнæ æнахуыр маргъ... Фæлæ къæдзæхтыл хицæн сырд агуры уый ацы сахат: рындзыл, комы бады, æнхъæлмæ кæсы йе знагмæ, цæмæй йын бахуыссын кæна йæ зынг. Фæлæ уæддæр йæ сагъæсы сæр сымах стут, сымах, мæ уарзон хъæбултæ!.. Фыдгæнæг бæстыхицау уыл йæ пырх цæмæй нæ акала, æрмæст уый тыххæй фатдонæй систа йæ фат. (Сыстад.) Сæрджын саджы размæ бадын æз рындзыл. Иуæй-иу цуанон зымæджы хъызты бон-изæрмæ, æнæфæлмæцгæйæ, ратæх-батæх кæны кæм къуыппытыл, кæм дзыхъхъыты; комæй коммæ, къæдзæхæй хохмæ фæуайы дугъы, йæ къæхтæн сæ туджы пырхæнтæ фæкæлынц, бæрзæндтæй куыд нæ рахауа, æмæ амары æрмæстдæр ницæйаг сæгуыт. Мæ сырды хай у мæнæн ацы хатт мæ фыдты фыдызнаг, мæ байсафыныл чи куыста. -Дардæй хъуысы хъæлдзæг музыкæ, стæй æрбахæстæг кæны. Мæ цæргæ-цæрæнбонты никуы фæцух хотых мæ къухæй, ме ’взонджы рæстæг мæхи фæлтæрдтон фат æмæ æрдынæй; иу мысан, иу хъабахъхъ никуы февгъуыдтон, мæ рæстдзæфы руаджы
102 с*о <<ф) (’М <<*%•) «ф» ьф>) (<Ф> (’ф) (<*) (ъ> офу (ф^ №; №> С*/Ь) *?^ «?ЛГ2> С'1) мæ никуы аирвæзтысты, мысан цæвæггаг цы хæрзаив дзауматæ æвæрд вæййынц, уыдон; фæлæ æхстау æхст фæкæндзынæн æз мæ фат ацы бон æмæ мын мæ бæстæйы стыр цыт скæндзæн. Цыппæрæм æвдыст Сценæйы, фæндагыл хæрдмæ фæцæуынц чындзхæсджытæ, Т е л л ь кæсы сæ фæдыл, æрдыныл æнцойгæнгæйæ. Фатæхсæг Ш т и у с с и йæм фæцæуы. Ш т и у с с и. Уый нæ беридоны уæтæргæс, мерлисахенаг, ус хæссы; цæрæг адæймаг у? бирæ рæгъæуттæ йын хизы Альпы хæхты. Ус хæссы Имензæй, æмæ Киунснахты аизæр уыдзæн чындзæхсæв. Цом мемæ: æхсызгон сын уыдзæни нæ бацыд. Т е л л ь. Чындзæхсæвы æнкъард уазæг нæ фидауы. Ш т и у с с и. Дæ сагъæс уал байрох кæн, кæд æмæ фæрухсдæр уаид дæ зæрдæ. Ноджы æвзæр рæстæг у ныры рæстæг, - хъæлдзæгдзинадæй хи ласын нæ хъæуы. Кæм - чындзæхсæв, кæм та - фæкæс æмæ - судзгæ мард. Т е л л ь. Стæмæй-стæммæ та иумæ дæр æрцæуынц. Ш т и у с с и. Æвæдза, дунейы арæзт афтæ у. Кæм зæгъай, æмæ кæм сты, кæ, хъуаг мастæй уа, æнамонддзинадæй уа! Гларисы та хох фехæлд æмæ йын йæ иу хай йæ быны фæкодта. Т е л л ь. Хæхтæ дæр ма кæм згъæлынц ацы ран, уым ма цы разындзæн зæххыл фидардзинадæй? III т и у с с и. Дзурынц ма ноджы иу диссаг! Иу баденагæй йæ фехъуыстон: паддзахмæ фæцæйцыди цавæрдæр рыцæр, куырм бындзытæ йыл æваст сæхи ныццавтой, - йæ бæх фæци мæлæтдзаг, æмæ фистæгæй бафардæг. Т е л л ь. Лæвæрд у æдыхтæн дæр ахæм уæнг, сæхи цæмæй хъахъхъæной. Армгардæ æд сывæллæттæ æрбацæуыæмæфæндагылæрлæууы. Ш т и у с с и. Куыд дзурынц, афтæмæй уый цæувпсæнæ æнамонддзинадмæ, кæнæ стыр æбуалгъ хъуыддагмæ. Т е л л ь. Фыдбылызы хъуыддæгтæ иудадзыг æнæ нысанæй дæр цæуынц.
С? в/« <^о ^ </** ^ ь/»^/'* ь> 103 Ш т и у с с и. Амондджын у уый, æмæ фæсвæд ран чи цæры, йæ хæдзар чи нæ уадзы æмæ æнцад-æнцойæ чи къахы гутонæй йæ зæхх. Т е л л ь. Цыфæнды сабырæн дæр нæй æнцад фæцæрæн, йæ æвзæр сыхаджы хорзæхыл куынæ сæмбæла, уæд. (Сырдгастгæнгæ фæлгæсы фæндагмæ.) Ш т и у с с и. Хæрзбон! Куыд уынын, афтæмæй æнхъæлмæ кæсыс кæмæдæр. Т е л л ь. О, æнхъæлмæ кæсын кæмæдæр. Ш т и у с с и. Уæдæ æгас хæдзар ссар! Ураг дæ? Уырдыгæй нæм æрбацæудзæн абон нæ кадджын бæстыхицау. Б æ л ц ц о н (цæугæ-цæуын). Абон æм æнхъæлмæ ма кæсут. Дæттæ уарынæй раивылдысты æмæ хидтæй иу дæр йæ бынаты нал ис: фæластой сæ. Телль слæууыди. Армгардæ (сæм æрбацæуы хæстæгдæр). Уæдæ, зæгъыс, ам нæ сæмбæлдзæн? III т и у с с и. Уымæ æрбацыдтæ? Армгардæ. О, уымæ. Ш т и у с с и. Æмæ уæд фæндаджы бæрæгастæу та цæмæн слæууыдыстут? Армгардæ. Мауал мын аирвæза, æмæ уымæн, цалынмæ йын мæ хъаст ракæнон, уалынмæ. Фрисгард (тындзгæ æрбацæуы æмæ дардæй хьæр кæны.) Иуварс фæндагæй! Бæстыхицау æрбацæуы мæ фæд-фæд. Фæндагæй айсут уæхи! Телль цыдæр æрбаци. Армгардæ (цырдгомау). Бæстыхицау - йæ фæдыл! Æд сывæллæттæ авансценæйы æрлæууыди. Г е с л е р æмæ Р у д о л ь ф Г а р р а с бæхтыл æрбазындысты дардæй. Ш т и у с с и (Фрисгардмæ). Æмæ дæтты та-куыд æрба- хызтыстут? Хидты, дам, дон куы фæласта. Фрисгард. Тымыгътимæ стох кодтам цады, уыйас диссаг нын нал сты ныр, Альпæй цы доны сыгтæ рацæуынц, уыдон.
±ия- (<•>-) <<ф) (ьг^ ьы м*>) 6-ф) с<ф) оф> ол (9 '*»Х^ '(*& С^) «#Ъ Ф> (<•/'<> «& (Ч) Ш т и у с с и. Æмæ айхуызæн тымыгъы уыцы ран бæлæгъы æрбацыдыстут? Фрисгард. Бæгуыдæр, æмæ йæ мæлæтмæ дæр нал байрох кæндзынæн. Ш т и у с с и. Радзур-ма йæ, дæ хорзæхæй! Фрисгард. Нæй мын фæрæз, - тагъд кæнын фидармæ, бæстыхицау кæй æрбацæуы, уый фехъусын кæнон. Ш т и у с с и. Диссаг та куыд нæу, æвæдза, - бæлæгъы бады раст, хуыцауы конд адæм, уæд бынмæ афардæг уыдаиккой, фæлæ уыдон хуызæтты дон дæр нæ ласы, арты дæр нæ судзынц. (Алырдæм фæлгæсы.) Уæд, ныхас кæимæ кодтон, уыцы фатæхсæг та цы ’рбаци? (Фæцæуы.) Г е с л е р æмæ РудольфГаррас бæхтыл. Г е с л е р. Цыфæнды фæдзурай, уæддæр уый зон, æмæ æз паддзахы цагъар кæм дæн, уым архайдзынæн, цæмæй йын арон йæ хорзæх. Адæмы сфыдуаг кæнынмæ не ’рбарвыста мæн ардæм; уый агуры, цæмæй коммæ кæсой. Фæрсын дæ: ацы ран æлдарад чи хъуамæ кæна - сау кусæг лæг æви паддзах? Армгардæ. Афон у! Цæуын æм. (Иæхи сæм фæласы, тæрсгæйæ.) Г е с л е р. Альторфы мæ худ лæдзæгыл æркодтон хъазыны уагыл нæ, фæлæ адæмы бафæлварынæн, цæмæй сæ риутæ афтæ схъæлæй мауал хæссой, тасын байдайой; барæй æрцауыгътон мæ худ æз бæрæг ран, адæмы цæсты раз, цæмæй сæ зæрдæйæ цух ма кæна сæ хицау, намæ сæ байрох бынтондæр. Р у д о л ь ф. Уый афтæ фæуæд, фæлæ адæм дæр бынтон æбар не сты. Г е с л е р. Ацы сахат нæ уыдон æвзарынмæ не ’вдæлы, æрцæуынмæ цæттæ у стыр хъуыддаг æмæ хъуамæ æрцæуа! Императоры мыггаг рæзы: фыд афтæ хорз кæй райдыдта, уый кæронмæ ахæццæ кæнын нымайы хæсыл фырт йæхицæн. Ницæйаг адæм æрлæууыдысты йæ ныхмæ; цыдæриддæр ма æрцæуа, уæддæр хъуамæ басæттой, æртасой. оосооооооооооорооооососоеооососоеоооооооеороеоез
Г*, л»/^ г<*>; е*/*) (Ф>) ъФо ьФ>) (<*>; С<*> Цæуынмæ хъавы дарддæр. Армгардæ зоныгыл æрхауди йæ размæ. Армгардæ. Дæ хорзæх мæ уæд, хицау, батæригъæд мын кæн! Г е с л е р. Цæмæн мын æрæхгæдтай уæд мæ фæндаг? Айс дæхи! Армгардæ. Мæ лæг ахæстоны хиты, ацы ран та мæ сабитæ æнæ къæбæрæй сæфтмæ цæуынц. Хицау, фæтæригъæд мын кæн, æркæс мын мæ зындзинадмæ! Р у д о л ь ф. Чи дæ? Кæй ус дæ? Армгардæ. Мæ мой - Ригы хохаг, къæдзæхты тигъыл, бæрзæндтыл, фос кæдæм нæ хæццæ кæнынц, уыцы ран, кæмтты сæрмæ, кæрдæджы цъуппытæ кæрдæм æмæ гъеуымæй цæрæнхостæ аразæм нæхицæн. Р у д о л ь ф (бæстыхщаумæ). Мæ рафæлдисæг, цы зын цардæй цæрынц! Мæ хатыр бакæн, æмæ йын йæ мойы ахæстонæй рауадз! Кæд æмæ цыфæнды рæдыд фæкодта, уæддæр æй рауадзын хъæуы: уæлæуыл зындон куы фиды йæ цардæй. (Армгардæмæ.) Дæ хъуыддаг дын сараздзысты. Киуснахтмæ æрбацу, ацы ран нæ уымæ не ’вдæлы. Армгардæ. Змæлгæ циу, уый дæр нæ фæкæндзынæн мæ бынатæй, цалынмæ мын бæстыхицау мæ лæджы рауадза, уалынмæ! Г е с л е р. Айс фæндагæй дæхи! Ныууадз мæ дын куы зæгъын! Армгардæ. Раст тæрхонхæссæг мын фæу, табуафси! Паддзахы бæсты нын тæрхон ды кæныс ацы ран: уый дæ хæс у. Фæлæ дыл цæмæй хуыцауы хорзæх сæмбæла, уый тыххæй хорз кæн дæхæдæг дæр махæн. Г е с л е р. Иуварс! Исчердæм æй фæкæнут ацы æдзæсгомы! Армгардæ (идоны рохтæ æрцахста). Ды цæмæ хъавыс, уый нæ уыдзæн! Цы фæдæн, уый фæдæн! Ратт мын исты дзуапп, бæстыхицау, намæ дын ардыгæй нал ис фæцæуæн. Цыфæнды цæхæртæ куы калой дæ цæстытæ, уæддæр æз нал тæрсын. Мах ран чи фæци, мах^хуызæн æнамонд æмæ тыхст адæм чи у, уыдон ницæмæуал æрдардзысты дæ маст. Г е с л е р. Ауадз мæ! Бæхы къæхты бын дæ æууæрдын! Армгардæ. Ма бацауæрд! Мæнæ дæн! (Схойы
& ’ о#*э '<<>Хъ ’рХ’у ’&Хъ '&Хэ г<-*Х«з «*&> '~°*) сывæллæтты æмæ семæ зæххы фæдæлгом.) Фæндагыл адæргъ дæн мæ хъæбултимæ. Скафæд, и, дæ бæх æнамонд сидзæртыл, - фыццаг фыдраконд дын куынæ у, мыййаг! Æвзæрдзинадæй цы нæ сарæзтай, ахæмæй дын ницыуал баззад. Р у д о л ь ф. Бынтондæр фæдзæгъæл йæ сæр. Армгардæ (фырмæстæй). Цы ма дæ фæнды? Æгас бæстæ куы бассæстай дæ къахы бын. Уæ, лæг мæ цы хуыцау нæ фæкодта! Уæд мыл цы æмбæлдаид, уый базыдтаин, бæргæ, æмæ ацы ран, дæ разы, мæ гуыбыны цъарыл нæ лæсин дæлгомæй. Чындзхæсджыты музыкæйы цагъд та æрбайхъуыст дардæй. Г е с л е р. Мæ кусджытæ цы фесты? Мæ цæст æй куыд нал уына, афтæ! Намæ, фæсмон кæуыл фæкæнон, ахæм хъуыддаг сараздзынæн. Р у д о л ь ф. Хицау, чындзхæсджытæ фæндаг бацахстой, æмæ дзы иуырдæм дæр нал ис азмæлæн! Г е с л е р. Æгæр лæмæгъ хицау дæн æз ацы адæмæн. Сæ дзырды суагъдæн нæма зонынц бæрæг бæрц ацы ран. Нæ, куыд æмбæлы, афтæмæй дзы иу хъуыддаг дæр нæма ис йæ бынаты. Фæлæ дын ард хæрын: æз нæ уыдзынæн, хъуыддæгтæ куынæ атæрон сæ ног фæдыл, æз сын се ’вирхъау хивæнддзинад басæтдзынæн. Ног æгъдау рауадздзынæн æмæ сæ цæуы сыкъайы... (Фат ыл сæмбæлд; фæхæцыд йæ зæрдæйыл, алырдæм цудгæйæ, йæ ныхас кæны сабыр хъæлæсæй.) Хуыцау, ныббар мын!.. Р у д о л ь ф. Цы кодтай, бæстыхицау! Уæ, знаг куыд амарди! Армгардæ (фестгæйæ). Фат ыл сæмбæлд, фат! Фæмард! Фæхауы! Р у д о л ь ф (бæхæй æргæпп ласта). Уæ, цы бон дыл бакодта, цы, рыцæр! Хуыцауы ном ссар: дæ адзал æрхæццæ! Г е с л е р. Уо, уый мæ Телль фехста! (Рудольфы хьæбысмæ рахауди бæхæй; бандонмæ йæ æруагъта.) Т е л л ь (къæдзæхыл фæзынгæйæ). Кæй риуыгъд уыди, уый ма базыдтай, сæрæй! Ныр хуыдымы къæцæл саст фæци, нæ хъадамантæй суæгъд стæм. Рæстдзинадмæ нал баххæсдзæн дæ къух: дæ бæстæн фыдбылыз аразын нал у дæ бон. соеоеорэооесеороеоеоеооеюоссс-оро^
(^ «»/*>> «/«>) с«/*у (»/<у Н*Ч> С'»/*У (’*/^ Ф (Кьæдзæхты аууон фсеци.) Адæм згъорынц. Ш т и у с с и (разæй). Цы уыл æрцыди, цы, ацы ран? Армгардæ. Бæстыхицау фатæй фæмард. Чындзхæсджытæн сæ раззæгтæ сценæмæ æрбахæццæ вæййынц, аннæтæ баззайынц бæрзондыл, музыкæ йæ цагъд нæ уадзы. Р у д о л ь ф. Туг дзы нал баззайдзæн. Цы фестут, фæкæсут нæм! Тагъддæр, тагъддæр! Марæджы ма ауадзут! Цæй æнамонд разындтæ фæстаджырдæм! Куы мæм байхъуыстаис, уæд дыл ацы ми не ’рцыдаид! Ш т и у с с и. Стыр хуыцау, мах - дæ фæдзæхст! Æцæгæй дæр ныллæууыди йæ уд исыныл... Къорды дзурын. Æмæ йæ чи амардта, уый чи уыди? Р у д о л ь ф. Цæй æнаккаг адæм стут, цæ! Хуыцау уæ ферра кодта æви цавæр у? Ацы ран лæг йæ уд исы, уым та музыкæ цæгъды. Банцайут! Музыкæ фæсабыр. Сценæ байдзаг адæмæй. Бæстыхицау, кæд ма дæ бон у, уæд нын зæгъ, цы нын фæдзæхсыс. Геслер йæ къухæй цыдæр амоны, фæлæ йæ не ’мбарынц, уый куы базыдта, уæд йæ къухы тылд ноджыдæр фæтынгдæр кодта. Кæдæм? Киуснахтмæ? Нæ дæ бамбæрстон! Хуыцауы хатырæй, мæсты ма кæн; байрох кæ зæххон хъуыдытæ иууылдæр, фæлæ, цæмæй уæларвимæ æрфидауай, ууыл бацархай. Чындзхæсджытæ мæлæг адæймагмæ тæрсгæ-ризгæйæ æцæгæлоны цæстæй кæсынц. Ш т и у с с и. Куыд афæлурс! Уазал кæнын байдыдта. Иæ цæстытæ æрцъынд сты. Армгардæ (сывæллоны сисгæйæ). Саби, бакæс, тугнуазæг цы мардæй мæлы, уымæ! — Р у д о л ь ф. Хуыцау дæ куы сæрра кодта! Цавæр зæрдæйы хицау дæ? Цыхуызæн ныхæстæ дын сты? Исчи мæм фæкæсæд, - фыдбоны фат ын сласæм йæ риуæй.
108 (*о <<ф) ьг<д б-ф.) с<ф) сф>) с<ф) <>ф) г<9\ Сг2) **Х^ ^Х*У С*Х^ <"'$*> С»Х^ (<*Х<1<; '’^ С'1) У с т ы т æ (сяехг/ фæстæмæ айсгæйæ). Хуыцау йæхæдæг кæй амардта, æххуыс - уымæн!.. Р у д о л ь ф. Арв уæ æрцæва, мæнæ адæм! (Иæ карды сæрыл фæхæцыд.) Ш т и у с с и (рацахста йын йæ къух, афтæмæй). Сабырдæр! Уе ’лдарады кæрон æрхæццæ. А бæсты тиран нал ис. Нæхицæн тых кæнын нал бауадздзыстæм. Сæрибар стæм ныр мах не ’ппæт дæр. Иууылдæр (хъæрæй). Ссæрибар стæм, ай-гъай! Р у д о л ь ф. Иу æвзаджыхатгæй сдзырдтой! Тас циу æмæ уисæн, уыдонæн сæм сæ кой дæр нал ис. (Чи æрбацыди, уыцы æфсæддон адæмæн дзуры.) Цы æнамонд мардæй амард, уый федтат, - адзалæн нæй амал; дзæгъæлы агурдзыстæм мах марæджы; пайда дзы нал ис; стæй нæ уымæ нал æвдæлы: æндæр сæгъæстыл сыстæм ацы сахат. Киуснахтмæ тагъддæр саразæм нæ ных. Цæмæй фидар мах бауа, уый тыххæй бахъарæм нæ уд. Адæм фæсонт сты фырмæстæй; сæ ард байрох кодтой, уисæнæй сæм ницыуал ис. Уыцы ныхæсты фæстæ адæм куыд араст сты, афтæ фæзындысты тæригъæдгæнæг æфсымæртæ. Армгардæ. Фæндаг раттут! Æфсымæртæ æрбацæуынц! Ш т и у с с и. Холы уæд - сынтытæ зындзысты. Тæригъæдгæнæгæфсымæртæ (марды алыварс æрлæууыдысты æмæ ивазгæ зарынц). Мæлæт æвиппайды цæуы, Нæ зоны уый рæстæг, æмгъуыд. Фæндагыл дæ куы ссара, куы - Дæ уд æрцæудзæнис ыскъуыд. Мæлынмæ уай, нæ уай цæттæ - Дзуапп ратт хуыцауы раз уæддæр! Фæстаг рæнхъытæ куыд райдайынц зарын, афтæ æруадзынц æмбæрзæн. еоеооосоеэеоешоеоеосое^ое^^^оеосороеоеоеэ^
о» ь^ оф, ад сфь (г^ ^(^о^) 109 /~ ^~~ ^У *?~ /~~ ^" у~~ ^*~ \/"~ ^~ \Г~ ^*~ >/" **" \/~ ’*?" \ (Гу (<ф>) (ф>) (<ф>) (<ф>; (<*Х^ («»/«5» Л*Х^ «0 ФÆНДЗÆМ АРХАЙД Фыццаг æвдыст Фæз Альторфы раз. Сценæйы арф, рахизварс - фидар «Уры къæлæт» æд аразæнхъæдтæ, фыццаг архайды æртыккаг сценæйы куыд уыди, афтæ. Галиуварс - хохæфцæг, æрттивынц ыл бæрæггæнæн æртытæ. Бон цъæхтæ кæны. Ранæй-ран хъуысы дзæнгæрæджы хъæр. Руоди, Куони, Верни, дурамайæг æмæ б и р æ æндæр х ъ æ у- у о н а д æ м; стæй у с т ы т æ æмæ сывæллæттæ. Р у о д и. Нæ уынут нæ хæхтыл бæрæггæнæнтæ? Дурамайæг. Хъусут - дзæнгæрджытæ цæгъдынц? Р у о д и. Знаджы фæсырдтой. Дурамайæг. Фидæрттæ ист фесты се ’ппæт дæр. Р у о д и. Мах та ма ам, Уры, цæмæ кæсæм, уый нæ зонын; цæуылнæ ныппырх кæнæм ацы фидар, цы боны хорзмæ йыл ауæрдæм? Ау, æмæ уæдæ æппæты фæстæ мах райсдзыстæм нæ сæрибардзинад? Дурамайæг. Ахæстон куыд ныууадздзыстæм мах нæ сæрибар бæсты? Ныппырх æй хъæуы! Се’ппæт дæр. Пырх! Дæрæн! Пырх! Р у о д и. Кæм ис нæ уадындзæйуасæг? Уадындзæйуасæг. Æз мæнæ дæн. Цы уæ хъæуы? Р у о д и. Схиз мæсыгмæ, æфсымæр, æмæ ныууас, цæмæй дæ уадындзы хъæр азæла æмæ дзыллæмæ ардæм æрсида. Уадындзæйуасæг фæцæуы. ВальтерФиурст фæзыны. ВальтерФиурст. Фæлæуут уал, æфсымæртæ! Ныр ма нæм ницы уацхъуыд ис Швиц æмæ Унтервальдены бæстæй. Банхъæлмæ уал кæсæм уыдон уацхæсджытæм. Р у о д и. Цы ма сæм кæсыс? Тиран мард æрцыд, цы рæстæгмæ бæллыдыстæм, уыцы рæстæг нын ралæууыд: нæхи фервæзын кæнынæн нын фадат æрзылди. Дурамайæг. Пиллон арт куы уадзынц хæхтæ алырдыгæй, уæд ма дæ цавæр уацхæссæг хъæуы? Р у о д и. Цомут, аразæнхъæдтæ ныссæттæм! Йæ цары агъуыст оосоооооооеооэооеоеооооосооэооеосоозсоеоеооосорэ
110 («>^<у&^№^№ ын фехалæм, ныппырх ын кæнæм йæ къултæ, дур дзы дурыл цæмæй нал баззайа! Дурамайæг. Æфсымæртæ, амайгæ дæр æй мах скодтам, йæ халынмæ дæр ын кæд сарæхсиккам. Се’ппæтдæр. Цомут! (Алырдыгæй згъорынц бæстыхаймæ.) ВальтерФиурст. Ныр сæ уромæг нал бауромдзæн. Мельхталь æмæ Баумгартен æрбацæуынц. Мельхталь. Гъеуый дын, гъе, хъуыддаг! Фæнык фестын кодтой Сарнены фидар, Росбергæн нал ис йæ кой дæр; ацы гæнах та ма уæд цы боны хорзмæ лæууы? ВальтерФиурст. Мельхталь, цы хорз уацхъуыдтимæ нæм фæзындтæ? Нæ сæртæ нæ бар систы? Нæ райгуырæн бæстæ фервæзт не знæгтæй? Мельхталь (йæ хъæбысы йсе кæны). Хæрзæггурæггаг дæм фæдæн, нæ хистæр! Цин кæн: суæгъд стæм нæ къæлæтæй, - иу тиран дæр нал баззади нæ фыдæлты зæххыл. ВальтерФиурст. Радзур-ма мын, радзур, - фидæрттæ та уæд куыд райстат? Мельхталь. Руденц æхсарæй бацахста тызмæг Сарнены, æз та уый агъоммæ æхсæвыгон баирвæзтæн Росбергмæ. Фæлæ уал дын радзурон, уыцы ран цы æрцыдис, уый. Знагæй фидар куы асыгъдæг, уæд ыл арт бандзæрстам, æмæ йæ пиллон арвмæ цæджындзау куыд лæууыд, афтæ нæм бæстыхицауы хæцæнгæрзтæхæссæг Дитгельм æрбатахт æмæ хъæр кæны: «Бертæ баззад фидары!» ВальтерФиурст. Уæ, хуыцау!.. Аразæн хъæдæрмæг куыд кæлы, уый хъуысы. Мельхталь. Геслер æй уыцы ран бакодта талынг ахæстоны. Руденцыл хуссайраг калм цыма фæхæцыд, уыйау ма фесхъиудта, бæргæ; фæлæ уый агъоммæ æркалдысты фидарæн йæ агъуыстытæ, стæй нæм уыйфæстæ пиллон арты бынæй æрбайхъуыст æнамонд адæймаджы хъæр дæр. ВальтерФиурст. Фервæзын ма йæ кодтат?
с^ «»>; **/*) с«/*у (Фо тб<) ьФ? <<Ф) <•*) Мельхталь. Йæ фервæзынæн хъуыди æхсар æмæ цырддзинад. Руденцы сæрыл ничи стох кодтаид махæй, æрмæст нæ хицау у, зæгъгæ, уый тыххæй; фæлæ уый уыди махæн нæ цæдисæмбал, нæ фарсласæг; стæй уыцы иузæрдион уыдысты Бертæйыл æппæт дзыллæ дæр; уыйадыл Руденцы фæдыл артмæ иууылдæр бакалдтам нæхи. ВальтерФиурст. Ницы æрцыд йæ удыл? Мельхталь. Ницы! Барон æмæ йæ æз арты цырынæй уадзыгæй рахастам æмæ куыддæр раирвæзтыстæм, афтæ æрхаудысты царыхъæдтæ дæр! Уалынмæ Бертæ æрчъицыдта æмæ арвмæ куыд скасти, афтæ мыл Руденц йæхи æрбаппæрста æмæ мæ фырцинæй йæ хъæбысы ныккодта. Уыйадыл нæ иудзинад фидаргонд æрцыди арты мидæг, стæй, нæхинымæры ард схъаргæйæ, тынгдæр стыхджын. Ныр дуне иннæрдæм куы фæуа, уæддæр нæ иудзинадæн тас нал у. ВальтерФиурст. Æмæ уæд Ланденберг та цы фæцадаид? Мельхталь. Бриунены фæстæ фæци. Мæ аххос нæу, мæ фыды цæстытæ мын чи скъахта, уый ардыгæй кæй аирвæзт удæгасæй; бафтыдтæн йæ фæдыл, сурынтæ йæ систон, æрцахстон æй; мæ фыды раз æй æрбырстон, æмæ йæ уыцы ран мæнæ ацы кардæй фысы æргæвст скæнон, зæгъгæ, афтæ мæ фыд йæ сæрыл сдзырдта, фæтæригъæд ын кодта, æз дæр æй уый хатырæй нал амардтон. Куы цыди, уæд мын ард бахордта, куыд нал æрбаздæхдзæн а бæстæм... Æмæ нæм цæугæ дæр нал æрбакæндзæн. Нæ ахаст нын базыдта. ВальтерФиурст. Стыр хорз хъуыддаг бакодтай, кæй йæ нæ амардтай, уымæй, намæ нæ хъуыддаг иучысыл фæтар уыдаид. Сывæллæттæ (аразæнхъæды сæстытимæ). Ссæрибар стæм мах, ссæрибар! Хъуысы Уры уадындзы тыхджын уаст. ВальтерФиурст. Нæ сæм кæсыс, куыд цин кæнынц! Базæронды бонмæ дæр сæ нал ферох уыдзæн. Чызджытæ хъилыл æрбахæссынц худ, сценæ байдзаг адæмæй. Р у о д и. Мæнæ уын ай та, нæ зоныгыл кæмæн куывтам, уыцы худ!
1 * 2 ^'^^^^'^’Ч^^^ (го) «Фэ ф*у о*Хь> с«*Х^ (**Ху с<*/*> <**/*> (г*; Баумгартен. Зæгъут-ма - цы йæ фæкæнæм? ВальтерФиурст. Хуыцау, табу дæуæн! Мæ хæрæфырт кæй бын лæууыди, гъеуыцы худ! Бирæтыдзурын. Сафын æй хъæуы! Уый у тыхы дуджы худинаджы цырт! Артмæ, артмæ! ВальтерФиурст. Бавæрæм æй, хуыздæр уыдзæн. Айагъоммæ уый уыди цагъайраг дуджы нысан, фæлæ сæрибардзинады нысан фæуæд нырæй фæстæмæ. Хъæууон адæм-усæй, лæгæй, сывæллонæй-чи лæууы, чи бады аразæнхъæдтыл; сты хæрзаив стыр æрдыны хуызæн. Мельхталь. Куыд хъæлдзæг у, куы, ацы сахат, уæ, нæ цæдисæттæ, тыхдзинады хæлддзæгтыл фидар куы æрцауындзæм, уæд! Риутлийы ард цæуыл бахордтам, уый федтам нæ цæстæй! ВальтерФиурст. Хъуыддагæн скодтам сæр, фæлæ йын кæрон нæма ис. Нæ иудзинад хъуамæ уа ныр фидардæр: паддзах, бауырнæд уæ, афтæ не сбаддзæн, уый нæ агурдзæн йæ бæстыхицауы туг; стæй ардыгæй кæй фæсырдтам, уыдон та нæм ам æрбалæууын кæндзæн. Мельхталь. Хуыцау зæгъæд, æд æфсæдтæ куыд фæзына ардæм. Знаджы нæ бæсты бæрæгастæуæй кæм фæсырдтам, уым нæм, фæсарæнтæй чи бырса, уыдонæн дæр хос ссардзыстæм. Р у о д и. Нæ хæхтæм бирæ æрбацæуæнтæ нæй, фæлæ дзы цы æрбацæуæнтæ ис, уыдон мах нæхи буæрттæй дæр фидар сæхгæндзыстæм. Баумгартен. Знаг нæ нал фæтæрсын кæндзæн æфсадæй; ард бахордтам мах, æнусмæ дæр иу кæй сыстæм, ууыл. Рёссельман æмæ Штауффахер æрбацæуынц. Рёссельман. Уæлæрвтæм маст куы бахъары, сæ тæрхон тызмæг æмæ карз уæд вæййы. Хъæууонадæм. Цавæр у, цы ма æрцыди? Рёссельман. Цард ныл бацайдагъ и, зæгъгæ, уæд ма истытæ уындзыстæм. ВальтерФиурст. Цавæр хабар у? Радзур-ма нын æй. Уый Вернер куы дæ, сæрæй! Цы уацхъуыд нын æрхастай? Хъæууонадæм. Уагæр æмæ цы æрцыди?
С’^^^^^^^^^^^^Ч^^ 113 (гу «.ф>У оф>) ^&^ <«У*у ^) ьф0 С’Ф) Г<*> Рёссельман. Байхъусут æмæ ныдцис кæндзыстуг. Штауффахер. Махæн тæссагæй дзы ницы ис. Рёссельман. Амардæуыд императоры. ВальтерФиурст. Ме скæнæг хуыцау! Хъæууон адæм Штауффахеры алыварс æрзылдысты. И у у ы л д æ р. Фæмарди? Куыд?.. Император?.. Императоры амардтой?.. Мельхталь. Уый нæ уыдзæн! Чи уын æй дзырдта? Штауффахер. Бæлвырд хабар у. Бручы раз амардæуыд Альбрехт-къаролы. Кæуыл нæ баууæндай, ахæмæй йæ нæ фехъуыстон: уацхъуыд æрбахаста намысджын адæймаг - Иоганнес Миуллер, сафгаузенаг. ВальтерФиурст. Æмæ ахæм æбуалгъ хъуыддагмæ кæмæн батасыд йæ къух? Штауффахер. Йæ ном ын зæрдæ зæгъын дæр нæ комы. Йæ марæг кæд разынд герцог Иоганн, йе ’фсымæры фырт. Мельхталь. Æмæ цæй фæдыл бакодта ахæм æвирхъау хъуыдцаг? Штауффахер. Паддзах ын йæ фыды бынтыл тыхæй æрхæцыд, стæй йæм фæнд уыди: иудадзыгдæр сæ йæхи куыд бакæна, æлдарыл та куыд æркæна алчеры худ. Æмæ уый фæдыл æвзонг æлдар бакаст йæ хæлæртты коммæ. Æххуысгæнджытæ йын уыдысты Эшенбах, фон Варт, фон Тегерфельд æмæ Пальм. Йæхæдæг йæхи къухæй сфæнд кодта паддзахæй йæ маст райсын. ВальтерФиурст. Æбуалгъ хъуыдцаг куыд æрцыди, уый нын радзур. Штауффахер. Къарол фæцæйцыди Штейнæй Баденмæ, Рейнфелды ’рдæм дæлæмæ, йемæ Иоганн-æлдар æмæ Леопольд- æлдар, стæй йæ уæздан адæм. Куыдцæр Ройсы комкоммæ æрхæццæ сты, доны уайын сæ кæм хъуыди, уырдæм, афтæ марджытæ бæлæгъ бацахстой, падцзахы йæ адæмæй фæхицæн кодтой. Уыйфæстæ уæрæх быдыры араст сты; куыд дзурынц, афтæмæй уыцы ран кæдцæр уыди муртакк адæмы сахар, ныр та дзы бæрзæндты дардмæ æрттивы рагон фидар - Габсбург, габсбургæгты уæздан мыггаг кæм равзæрци. Уым падцзахæн Иоганн хъама йæ хурхы атъыста. Пальм æй арцæй ныррæхуыста, сосососооо&оеооооооосоо.оо^ооороаор 8
114 и>) <<ф) ьт (’М <-Ф» <г»у*>> ы<» ы«* °->) <Я; Го^ <я/*, №; №; ('*/_•) <<*>*> «/*} С’О фон Эшенбах та йын йæ сæры кæхц кардæй дыууæ дихы фæкодта. Паддзах, тугкалгæ, мардæй уæлгоммæ ахауди йæ хæстæджыты къухæй, йæхи райгуырæн зæххыл. Доны иннæ фарсæй йæм хъæлæкк кастысты йæ адæм, сæ кæуынæй къардиутæ бæргæ азæлдысты, фæлæ цы бакодтаиккой! Йæ разы фæци иу зæронд ус, æмæ уый уæрджытыл йæ уд систа паддзах. Мельхталь. Исбонæй бафсис кæмæн нæ уа, уый ингæн къахы йæхицæн цæрдудæй. Штауффахер. Бæстæ фыртæссæй кæрæй-кæронмæ æмризæджы ризы: хохы фæндæгтыл маргъ атæхæн дæр нал ис; алчи хъахъхъæны йæ зæххы арæнтæ; фыдæлтыккон Циурих марджытæ æмæ тугисджыты тæссæй йæ дуæрттæ сæхгæдта, дæс æмæ ссæдз азы цы дуæрттæ нæ бассыдта, уыдон. Венгры ус- паддзах, хæстмаст Агнесæ, рараст ис æд æфсæдтæ; хъоды бакодта сылгоймаджы фæлмæн зæрдæйыуагыл; уый ард бахордта, йæ фыды марджытæй йæ туг кæй райсдзæн: сæ тъымы-тъымайы онг дæр сыл кæй нæ бацауæрддзæн, йæ маст кæй исдзæн сæ кусджытæй дæр ма, сæ цотæй, сæ цоты цотæй, йæ маст исдзæн раст сæ хæдзары дуртæй дæр. Ард хордта, æгас бинонтæй сæ йæ фыды ингæны кæй ныккалдзæн, сæ тугæй йæхи кæй цæхсдзæн, уалдзыгон æртæхæй куыд æхсай, афтæ. Мельхталь. Паддзахы куы амардтой, уыйфæстæ алырдæм ныххæлиутæ сты, цæмæй кæрæдзийы цæсгом мауал феной адзалы онг; Иоганн герцог та, дам, хæхбæсты йæхи æмбæхсы. ВальтерФиурст. Се ’вирхъау хъуыддаг сын уæдæ ницы пайда фæци. Маст райсынæй фос ничима скодта; æнамонд, æнæхайыр, чъизи хъуыддаг у уый; мастæн йæ райсын циндзинад вæййы, фæлæ йæ чи райсы, уый та дзы æрæджиау фæвæййы фæсмонгонд. Штауффахер. Марджытæн ницы пайда вæййы се ’взæр хъуыддагæй, фæлæ дзы мах нæ сыгъдæг къухæй нæхицæн æртондзыстæм тæхудиаджы дыргъ. Нæ уд кæмæй нал уыди, уыцы зæрдæмарæн тасдзинадæй фервæзтыстæм: сæрибардзинады знæгтæн сæ тæккæ тыхджындæрæн йæ зынг бахуыссыди æмæ, куыд дзурынц, афтæмæй скипетр6 Габсбурджы мыггагæй æндæр 6Скипетр- паддзахы лæдзæг.
(«у с<6/^ **/*>> <*»/*») (Ч*^ С«*Х'г> С’’Х^ (<*У^ *0 искæмæ бафтдзæн. Имперы фæнды, паддзах равзарыны бар адæмæн сæхимæ куыд уа, афтæ. ВальтерФиурст æмæ ма б и р æ т æ. Уæдæ кæй кæнынц? Кæй æвзарынц? Штауффахер. Лиуксембург-графы, дам, æвзарынц адæмæн сæ фылдæр. ВальтерФиурст. Имперыл сайдæй кæй нæ рацыдыстæм, уымæй хорз бакодтам: ныр рæстдзинад фæлгъауын æдæрсгæ уыдзæни нæ бон. Штауффахер. Ног хицау бæлвырдæй дæр йæхицæн агурдзæн хæлæрттæ. Хъæууон адæм хьæбыстæ кæнынц кæрæдзнйæн. Петерман æмæ имперыуацхъуыдхæссæг. Петерман. Мæнæ дын адон нæ дзыллæйы намысджын хистæртæ. Рёссельман æмæ ноджы б и р æ т æ. Сымах та ма нын цы зæгъинаг стут? Петерман. Имперы уацхъуыдхæссæг нæм æрбахаста чиныг. Се’ппæтдæр (баздæхтыстыВалътер Фиурстмæ), Бакæс нын æй! ВальтерФиурст(кæсы). «Швиц,УрæмæУнтервальдены базонгæ цæрджытæн ацы чиныджы фыстæй хорздзинæдтæ лæвар кæны Елизаветæ». Бирæйы дзурын. Æмæ мах уый къухы куынæуал стæм, уæд ма йæ цы хъуыддаг ис махимæ? Вальтер Фиурст (кæсы). «Стыр æнамонд хъуыддаг йæ сæр баййæфта уымæн йæ мойы мардæй; йæ зæрдыл дары уый уæ уарзондзинад æмæ уæ иузæрдиондзинад». Мельхталь. Амондджын цардæй куы царди, уæд дзы рох уыдыстæм. Рёссельман. Сабырдæр, кæрæй-кæронмæ йæм байхъусæм! Вальтер Фиурст (кæсы). «Æмæ, йæ раст адæммæ йæхи баздахгæйæ, ныфс æй ис уыдонæй - æнаккаг марджытæм кæй смæсты уыдзысты, уазæг кæй не скæндзысты æвзæргæнджыты, фæлæ сæ кæй агурдзысты æнувыдæй, кæй сæ ратдзысты
1 Ю (*>) ьы см, (,м ы*,> оф) (гф) <ъ<ль сг,\ (л) гп»Х^ (я^ с»Х^ <«Х^ е<*Х^ Г'«Х^ **Х*> (•*) тæрхонмæ, Рудольф-паддзахы мыггаджы уарзондзинад æмæ дзæбæхдзинæдтæ сæ зæрдыл даргæйæ». Адæмæн хъыг куыд уыди, уымæ гæсгæ базмæлыдысты. Бирæйы дзурын. Уарзондзинад æмæ дзæбæхдзинæдтæ! Штауффахер. Дзæбæхдзинæдтæ лæвæрд уыдысты махæн йæ разагъды фыдæй; фыртæй раппæлинаг ницæмæй стæм. Цы бартæ нын лæвæрд уыди, уыдон нын не сфидар кодта, уый размæ паддзæхтæ куыд кодтой, афтæ. Раст æмæ хæрамæн хаста иу тæрхон. Æфхæрд адæмы фарс никуы фæци, сæ сæрыл никуы сдзырдта. Минæвæрттæ йæм æрвыстам æмæ сæ уый, æгæр- мæгуыр, никуы бауагъта йæхимæ дæр, нæ сæм байхъуыста. Ницы хорздзинад дзы дарæм нæ зæрдыл; æмæ, æвæдза, не ’хсарæй нæхи хъахъхъæнын куы бафæрæзтаиккам, уæд нын уый нæ феххуыс уыдаид. Уæдæ ма йын арфæ та цæй фæдыл кæнæм? Бузныг дзы цæмæй фæуæм, ахæм хъуыддагæй ницы сарæзта мах бæстæйы. Фæлæ, раст зæгъын хъæуы, уыди йын фадат, цæмæй йæ баргонд адæмтæм кастаид, фыд йæ хъæбултæм куыд кæсы, афтæ. Фæлæ уый йæ арм дардта æрмæст йæхионтыл, æмæ йыл уæдæ хъыг дæр уыдон кæнæнт. Вальтер Фиурст.Йæмардылынмахнæфæрайдзыстæм, стæй не ’фхæрдтæ нымайыныл дæр не сбаддзыстæм ацы ран. Фæлæ нын хорздзинадæй чи никуы ницы фæци, уый туг агурыныл дæхи сифтындз, стæй ма дæ зæрдыл маст кæмæй нæ дарыс, уыдонмæ лæбур, уыдонæн фыдбылыз араз. Уый мах нæ сæрмæ не ’рхæсдзыстæм, - сæр та сæрмæ хæссын хъæуы. Уарзондзинадæн та нæй рафæлгъауæн - зæрдæвæндоны уаргъ у! Стæй адæймаг, æвæдза, фæцъынд и, афтæ йæ хæстæ иууылдæр ахицæн вæййынц! Ныр мах дæр хæсджын нал стæм. Мельхталь. Хъарджытæ йыл кæнæд паддзахы хæдзары йæ ус, мауал æнцайæд дзыназынæй, уæлæрвтæм йæ риу хойынæй. Ацы ран ды уыныс, сæ уаргъ сæ уæлæ кæмæн нал ис, уыцы адæм. Уыдон дæр сарæзтой уæларвмæ сæ риутæ æмæ йæм æрвитынц арфæтæ. Рох не ’мбæлы: тæригъæд ын кодтой, зæгъгæ, кæй фæнды, уый тауæд уарзондзинад æнæвгъау! Уацхъуыдхæссæг араст. сосоооооросоеосооососэо^ососо^
(* <уь^^ 117 (су <<ф) 'г«Х%>' счХ*/ <»Х^ с«*Х^ С"Х^ с«*>Я; с<*> Штауффахер (адæмы ’рдæм). Æмæ нын Телль та уæд цы фæуа? Мах астæу цæуылнæ ис? Уый нын куы радта сæрибар; уыйбæрц нæ никæмæн нæдæр æнтысгæ бакодта, нæдæр нæ исчи зындзинæдтæ бавзæрста. Æфсымæртæ, уæдæ йын цæугæ уæм йæ хæдзармæ! Уыйбæрц зындзинæдтæй кæй руаджы фервæзтыстæм, мах уымæн арфæ ракæнæм. Се ’ппæт дæр араст вæййынц. Дыккаг æвдыст Теллы цæрæндон. Къонайыл судзы арт. Гом дуарæй дард хæхтæ цæст ахсы. Г е д в и г æ, В а л ь т е р æмæ Вильгельм. Г е д в и г æ. Зындзæн мæм уæ фыд абон. Хуыцауæй - бузныг, мæ хъæбултæ, сæрæгасæй нын кæй баззад: йæхæдæг дæр, мах дæр - не ’ппæт дæр уый руаджы ныр стæм сæрибар; зонут, уæ фыд фервæзын кодта йæ райгуырæн бæстæ! В а л ь т е р. Нана, æмæ уыцы сахат æз дæр уым куы уыдтæн, мæн дæр дзы рохуаты уадзын нæ хъæуы. Мæ фыды фат мæ сæры æмбуар мæнæн куы атахти, змæлгæ дæр нæ фæкодтон уæддæр. Г е д в и г æ (хъæбыстæ йын кæны). О, о, нанайы хур, ногæй та мах бадæ! Дыууæ хатты дæ аргæ ныккодтон, дыууæ хатты стыр маст бавзæрстон дæу руаджы! Фæлæ нæм ныр мастæй ницыуал ис: мæхи та баистут, мæхи, дыууæйæ дæр. Æмæ нæм абон æрцæудзæн уæ уарзон фыд! Бери æрбазынди дуарæй. Вильгельм. Нана, дæлæ нæм бери æрбацыди: исты нæ курдзæн, æвæццæгæн. Г е д в и г æ. Мидæмæ йæ æрбахон æмæ йын ратт хæринаг: уадз æмæ, фæрныг хæдзары кæй сæмбæлди, уый бамбара. (Бауади мидæмæ æмæ æд къус уайтагъд фездæхт.) Вильгельм (беримæ). Еблагъуæ, нæ фыд! Исты нæм бануаз. В а л ь т е р. Мидæмæ, мидæмæ - дæ фæллад нæм суадз. с^ооооороооеоа^рророс^осоеосоеос^
1 1 о и>> *»х«о (’ф) ьх*д ('»**» сф>> <'»№ <'*&> °->) &) Г*#у (^ (.>/*> ф>> <«/*:) <ф<> Офэ Ь) Б е р и (ракæс-бакæс кæны тæрсгæйæ). Кæм дæн, кæм? Кæй зæххыл дæн, уый-ма мын зæгъут. В а л ь т е р. Кæд æмæ уый нæ зоныс, уæд фæрæдыдтæ. Ды дæ Биурглены, Уры кантоны. Ардыгæй ис фæндаг Шехены коммæ. Б е р и (Гедвигæмæ). Иунæг дæ? Дæ лæг уæхимæ нæй? Г е д в и г æ. Æнхъæлмæ йæм кæсæм. Нæ фыд, цы кæныс, цы? Куыддæр дын тæрсын дæ цæстæнгасмæ гæсгæ. Фæлæ уал уый фæуадзæм æмæ басæтт дæ дойны: фæллад дæ. (Къус æм дæтты.) Б е р и. Кæд æмæ дойныйæ тынг тыхсы мæ риу, уæддæр мæ къух бакæнинаг ницæмæ дæн æз ацы ран, цалынмæ мын уæхуыдтæг зæрдæ бавæрат, уæдмæ. Г е д в и г æ. Ма мæм цу хæстæг, дæ бынаты лæуу, кæд мын исты зæгъинаг дæ, уæд! Б е р и. Мæнæ ацы арт, уыцы сыгъд чи кæны уазæгуарзон сыгъдæй, стæй, бирæ цы сывæллæтты уарзыс, уыдоны хатыр бакæн... (Хъæбыс кæнынмæ хъаеы сывæллæтты.) Г е д в и г æ. Хъæугæ дæ цы кæны? Ма мын бавнал мæ сабитæм. Бери нæ дæ! Бæрæг у! Уыцы дарæс у фæлмаст зæрдæйы нысан, фæлæ дæумæ базонгæ зæрдæйыуагæй æппын ницы иртасын. Б е р и. Уæ, хуыцау! Мæнæй æнамонддæр ма уыдзæн æгас дунейыл дæр? Г е д в и г æ. Æнамонд адæймагæн зæрдæ тæригъæд кæны, æз та стыр тасы бацыдтæн дæ уындæй! В а л ь т е р (фæгæпп кодта). Нана, баба нын куы ’рцæуы! (Фезгъоры.) Г е д в и г æ. Стыр хуыцау, мæ уд дын нывонд фæуæд! (Хъавы цæуынмæ, нал тасынц йæ уæрджытæ æмæ лæугæйæ баззад иуран.) Вильгельм (згъоргæ-згъорын). Баба! В а л ь т е р (сценæйы фæстæ). Баба, уæ, баба! Т е л л ь (сценæйы фæстæ). О, æз мæнæ дæн, фæлæ уæ мад кæм ис?
^^Ф^фь^фь^^^^^) 119 (Æрбацæуы.) В а л ь т е р. Уæртæ дуары раз - йæ бынатæй фезмæлын йæ бон нал у; гæдыбæласы рызт кæны фырцинæй æмæ фыртæссæй. Т е л л ь. Уæ, мæ сабиты мад Гедвигæ! Хуыцауы æххуыс ныл сæмбæлди; нал нæ фæхицæн кæндзæн ныр нæ тиран. Г е д в и г æ (баппæрста йæхи Теллы хъæбысмæ). Телль, æз дæ мæстæй цы бавзæрстон, уый куы зонис! (Бери сæм хъусы.) Т е л л ь. Байрох кæн дæ маст, дæ сагъæс, зæрдæрухсæй æрвит дæ цард. Æз дæр та дын мæнæ дæн - мæ уарзон бинонты æхсæн, мæ мæгуыр хæдзары, мæ райгуырæн къонайыл! Вильгельм. Æмæ де ’рдын та цы фæци? Дæхимæ дын æй куынæуал уынын. Т е л л ь. Æмæ йæ уынгæ дæр нал фæкæндзынæн; бафснайдтон æй сыгъдæг ран: сырд дзы нал амардзынæн цуаны. Г е д в и г æ. Уæ, мæ цæстырухс, уæ, мæ уарзон Телль! (Суæгъд ыи кодша йæ къух æмæ фæсшæмæ йæхи фæласы.) Т е л л ь. Цæмæй тæрсыс, цæ? Г е д в и г æ. Уæд-ма мын радзур, цыхуызæттæй мæм æрбаздæхтæ, цы, ардæм? Æнæ æмбал иунæг хуыцау! Æмæ дæ къух райсын та мæ зæрдæ куыд бакомдзæн? Уыцы къух... Т е л л ь (æдæрсгæ, сгпæй, хи дæлæмæ нæ уадзгæйæ). Нæ бæстæйы фервæзын кодта уыцы къух. Æдæрсгæ сисдзынæн æз уый арвы ’рдæм дæр. (Бери æвастп фезмæлыди. Телль æй ауыдгпа.) Г е д в и г æ. Уæуу-уа! Мæрдырох мыл куыд бахæцыд! Дæхæдæг баныхас кæ æфсымæримæ: æз дзы тæрсгæ кæнын. Б е р и (æрбацæуы хæстæгдæр). Ды Телль нæ дæ, Геслеры марæг? Т е л л ь. Бæгуыдæр дæн, стæй Телль кæй дæн, уый æмбæхсинаг дæр никæмæй дæн. Б е р и. Телль дæ! Уæдæ хуыцауы фæндæй æз сæмбæлдтæн дæ хæдзары. Т е л л ь (æм æдзынæг кæсы). Бери кæй нæ дæ, уый бæлвырд у, фæлæ чи дæ?
120 с-^’^и (^и (^:\ *#и °^°и ^^яи^ Б е р и. Дæ къухæй мæрдтæм бацыди бæстыхицау, дæ фыдызнаг, æз æмæ дæу фыдызнаг дæр чи уыд, уый. Ныр дзы æгас бæстæ фервæзтысты! Т е л л ь (йæхи дзы айсгæйæ). Æмæ уæдæ уый ды дæ? Сар куыд фæци мæ къона! Сабитæ, тагъд ардыгæй! Усай, ды дæр айс дæхи! Цæй æнамонд бон равзæрдтæ, цæ! Г е д в и г æ. Æмæ уагæр чи у, чи? Т е л л ь. Банцай, ма мæ фæрс! Сабитæ йæ цæмæй нæ фехъусой, афтæ. Тагъддæр цæугæ ардыгæй - дарддæр, дарддæр! Иу цары бын нæ фидауы сымахæн иумæ лæууын. Г е д в и г æ. Ай та дын хуыцауы æмбисонд! Цомут, цомут, мæхъæбултæ! (Фæцæуы йæ лæппутимæ.) Т е л л ь (беримæ). Ды дæ Иоганн герцог. Дæ къухæй мард фæци, хуыцау нын кæй радта, уыцы паддзах, стæй ма кæд уыди дæ фыдæн йе ’фсымæр! ИоганнПаррицида. Уый мын байста тыхæй мæ фыды бынтæ. Т е л л ь. Ды амардтай дæ фыды æфсымæры æмæ нæ хицауы, фæлæ зæхх змæлын нæма байдыдта дæ быны, марæгмæ ма уæддæр кæсы хуры тын. Паррицида. Телль, хъусгæ мæм бакæн! Т е л л ь. Ды, йæ фыды æмæ йæ паддзахы туджы йæхи чи сæвдылдта, уый куы дæ, уæд цы ныфсæй æрбацыдтæ мæ хæдзармæ? Раст адæмы раз æрбалæууын куыд бахъæцыд дæ цæсгом? Стæй ма уыимæ кæд агурыс фысым дæхицæн! Паррицида. Мæ зæрдæ дардтон, тæригъæд мын фæкæндзысты ацы ран, зæгъгæ, æз дæр мæ хæс райстон, æз, ды йæ куыд райстай, афтæ. Йæ мад кæмæн амæла, мады мард уымæн фæдзурынц. Т е л л ь. Куыд æнамонд фæдæ, куы! Паддзахы худмæ тындзгæйæ, туг акалын иу хъуыддаг у, фыд йæ хъæбултæм цы зæрдæйыуаг дары, уый та æндæр хъуыддаг у: уыдонæн иу ран æрæвæрæн нæй! Дæ уарзон хъæбулты сæрыл нæ хæцыдтæ, мыййаг, дæ хæдзары фарн мын нæ хъахъхъæдтай, дæ бинонты мын искæй фыдæфхæрдæй куынæ ирвæзын кодтай! Мæнæн мæ сооооэеоеооооооососососоеосооосоеоеооое^орэ^оео
(*>* Ьф> <?ф) «фЪ СфЪ <Гф>) <гф,} <Гф> <Гу 121 (^ «*/*>) оф>) офо «Фо №-; («»/«;, (<*>; <«*> зæрдæ не ’хсайы мæхимæ - сыгъдæг дæн: уæлæ уыцы арвмæ мæ къух сисын æдæрсгæ бауыдзæн мæнæн мæ бон. Ме ’нæуынон фæу дæхæдæг дæр æмæ дæ хъуыддаг дæр! Мæныл хуыцау цы хæс сæвæрдта, уый æххæст кодтон, ды та, цы нæ æмбæлди, уый бафæрæзтай. Махæн нæ дыууæйы астæу уаринагæй ницы ис: кæд æмæ марæг исчи у, уæд уый ды дæ; æз, нæ мæнг дунейыл, иу адæймагæн зынаргъдæр цы уыдзæн, уый сæрыл бакодтон мæ хъуыддаг. Паррицида. Зæрдæ мын ницæмæй бавæрдтай ды бынтондæр; æлгъыстагæн баззайдзæн мæ сæр, зындоны бафтыди мæуд. Т е л л ь. Уæнгæл мын фестади дæ ныхас! Ласгæ дæхи ардыгæй! Цæугæ де ’лгъыстаг фæндагыл. Раст адæмы хæдзæрттæ ма ахор дæ тæригъæдæй. Паррицида (айсынмæ хъавы йæхи). Уæдæ фæуæд афтæ: мæ цардæй мæ мард - хуыздæр. Т е л л ь. Фæлæ дыл мæ зæрдæ риссы, тæригъæд дын кæнын. Кадджын иунæг хуыцау! Æрыгон лæппу у, разагъды мыггагæй, паддзах Рудольфы байзæддаг, æмæ ныр ацы ран куыд марæг, куыд тард, мæгуыры дуармæ æнкъардæй лæууы. (Исе цæсгомыл йæ къухтæй ныххæцыд.) Паррицида. Кæд ма дын зæрдæ ис, уæд мын батæригъæд кæн, Телль! Амæй фыддæр та ма мын цы фендæуа! Æлдар дæн æз æмæ уыдтæн æлдар, амонд мын схъарын дæр нæ хъуыди, мæ фæндæттыл фæстæмæ хæцын куы бафæрæзтаин, уæд. Фæлæ мын хæлæгдзинад арт бандзæрста мæ зæрдæйыл. Æмгæрттæ уыдыстæм Леопольдимæ, мæ цæсты раз уый кад æмæ радимæ хъæлдзæгæй æрвыста йæ уалдзæджы бонтæ; мæнæн та, ды нырма саби дæ, зæгъгæ, æфсæнттæ кодтой. Т е л л ь. Раст зæгъын хъæуы, æвзæр дæ нæ зыдта дæ фыды æфсымæр: исбон æмæ дын вассалтæ кæй нæ лæвæрдта, уымæй бæрæг у! Зондджын ми кæй кодта, уый равдыстай ныр дæхæдæг де ’вирхъау хъуыддагæй. Æмæ уæд де ’мбæлттæ та цы фесты? Паррицида. Тугисынгæнæг дауджытæ сæ кæдæм фæхастой, чи зоны! Æз сæ уæдæй ардæм нал уынын.
±АА оо <чГ<>) (<*г<ъ см ('ф>> ('ф>) (’ф) (’ф) °*) (*> <«Х*у офу) с*Х^ ад С*Х^ №; с<*/*> С*> Т е л л ь. Æмæ уæд нæма зоныс, абырæгыл дæ кæй банымадтой, дæ хæларæн дæр сдзурæн кæй нæ ис дæ сæрыл, де знаг та дын цыдæриддæр бакæна, уæддæр æй æгъдау зылын кæй нæ бакæндзæн? Паррицида. Стыр фæндæгтыл уымæн нæ цæуын, искæй дуар бахойынæй мæ ныфс куыд нæй, уый тыххæй æдзæрæг раныл акæнын мæ фæндаг. Рахæт-бахæт кæнын хæхты, адæм мæ тæрсынц уыцы ран; донмæ куы фенын мæ цæсгом, уæд дзы тæссæй айсын мæхи. Телль, кæд ма дæ зæрдæ истæй тыххæй фæтасы... (Зонгуытыл æрхауди йæразы.) Т е л л ь (йæхи аздахгæйæ). Уæлæмæ, æнамонд! Паррицида. Нæ, не стын, æххуысæй мын зæрдæ куынæ бавæрай, уæд. Т е л л ь. Йæ бон æххуыс кæнын кæмæн у, æз уыдонæй нæ дæн, æз мæнкъæй адæймаг дæн. Фæлæ уæлæмæ, - кæд æмæ цыфæнды æвирхъау хъуыддаг бакодтай, уæддæр адæймаг дæ, æмæ æз дæр ницы дæн дæуæй уæлдай: лæг дæн æз дæр. Æз хъæстагæй никуыма никæй ауагътон. Ме ’ххуысы хай дын бакæндзынæн, мæ фадатмæ гæсгæ. Паррицида (фестади, цырдгомау ын æрцахста йæ кьух). Зынудисæнæй мæ фервæзын кодтай, Телль! Т е л л ь. Ныууадз мæ! Дæхи дæ айсын хъæуы ардыгæй. Фидар бынат дын нæу ацы ран, дæ фæдагурджытæй дзы æдас нæ дæ. Æмæ уæддæр кæм ссарынмæ хъавыс æнцойад? Паррицида. Телль, уый мæхæдæг дæр нæ зонын! Т е л л ь. Æрбайхъус уæдæ, хуыцау мын мæ зæрды цы æрбафтыдта, уымæ: цæугæ Италимæ, Бетърейы сыгъдæг сахармæ, дæ зоныгыл æрхау папайы раз æмæ фæсмондзинадæй ссыгъдæг кæн дæ тæригъэедджын уд. Паррицида. Куы мæ радта ме знаджы къухмæ! Т е л л ь. Цы уа, уый уæд, - бæрзонды уазæг бакæн дæхи. Паррицида. Æмæ æнæзонгæ бæстæм та уæд цы амалæй фæцæудзынæн? Фæндæгтæ-нæ зонын, бæлццæттимæ та мæ ныфс нæ хæссын. Т е л л ь. Ме ’вджид дын фæуæд - фæндагыл дæ æз сараздзынæн. Дæ зæрдыл дар: Ройсы былтыл тагъд цу уæлæмæ; йе змур сугтæ уый скъæфы нæ хæхтæй.
(*$ <<Ф>) <<»/*>) <<*&) «$}>) ^Х^ <;Ф-) с<Об> <?») Паррицида (фестъæлфгæйсе). Куы йæ мардтам, уæд нæм Ройсы дон касти. Т е л л ь. Хауæн къæдзæхты былтыл фæндаг ис уыцы ран; фæндагыл - цыртытæ сагъд, зæй кæй фæласта, уыдоны удыбæстæн. Паррицида. Æхсарæй быцæу кæнын æз мæ уды зынæвзарæнтимæ, - адæймаджы тас цæмæйты бацæуы, уыдон ницæйхуызæн фендзынæн æз. Т е л л ь. Судзаг цæссыг калгæйæ æмæ фæсмонгæнгæйæ-иу алы цырты раз дæр æрхау, стæй, уый хуызæн тæссаг фæндагæй баирвæзтæ, кæд дыл хæхтæ не ’ркалой сæ мит, уæд та бафтдзынæ иу хидмæ; хидыл доны пырхæнтæ мигъау бадынц æдзухдæр, æмæ кæд де ’вирхъау аххосагæй нæ ныххауа дæ быны, уæд та иу къæдзæхы фендзынæ талынг цæуæн, райдианæй дæр рухсы цъыртт кæдæм нæ кæсы. Дæ фæндаг ыл-иу акæн: уый дæ бакæндзæн хъæлдзæг, дидинæг уадздзæн, ахæм фæзмæ, фæлæ-иу тындзгæ дæ цыды кой кæн дарддæр: æнцойад цы ран уа, уый дæ хардз нæу. Паррицида. Уæ, Рудольф, Рудольф, мæ тыхджын æмæ кадджын фыдæл, ацы ран, дæ зæххыл, хæтæгхуаг куыд фæци дæ байзæддаг! Т е л л ь. Уыцыхуызæнæй, хæрдмæ цæугæйæ, бафтдзынæ Готарды бæрзæндтæм, æнусон цадтæ уæларвон доны сыгтæй сæ былтæй кæм кæлынц. Уым хæрзбон зæгъдзынæ Германы зæххæн æмæ дын дарддæр иу æндæр дон фæндаг амондзæн Италимæ, дæ зæрдæйæ кæдæм афæнд кодтай, уырдæм. Хъуысы альпаг уадындзты уасын. Г е д в и г 2^(æрбазгъоргæйæ). Цы фæдæ, Телль? Мæ фыд ардæм æрбацæуы, йæ фæдыл - йæ цæдисон æмбæлттæ æнæхъæн балæй. Паррицида (æмбæхсы йсе цæсгом). Додойаг куыд фæци мæ сæр, гъе! Цæрын дæ фæндæд фæрныг адæмы æхсæн, æмæ дæ бонмауæд! Т е л л ь. Усай, марадз, исты йын ахæрын кæн; исты йын - фæндаггаг дæр; дард æмæ зынбалц у йæ балц: фысым никуы ссардзæн уый йæхицæн. Тагъд бакæн! Æрбацæуынц... ооеоооооооеоооооеооооэооеоо
124 Г«>> ^Г^ С^У*>) (<*)№> (*Уц> Гг,^ <^У>,} ^>) г'») (*> ^Х^ <да сгх^ (^ с<*А; се/у л?/9 с-1) Г е д в и г æ. Æмæ чи у, чи? Т е л л ь. Йæ зонын дæ ницæмæн хъæуы! Куы араст уа нæ хæдзарæй, уæд-иу ма акæс йæ фæдыл; кæцы фæндагыл ацыди, уый куыд нæ фенай, афтæ-иу бакæн. Паррицида, йæ зæрдæ куыд ныккæрзыдта, уымæ гæсгæ тагъд фæцæйцæуы Телльмæ, фæлæ уый йæхи айста уыцы ранæй, Паррицидайæн къухæй амонгæйæ. Дыууæ дæр араст сты фæйнæрдæм, - афтæ ивд æрцæуы декораци. Фæстаг æвдыст Теллы хæдзары раз, иу лæнкауы, фæллойгæнæг а д æ м кæм гуылфæнтæ кæнынц. Иуæй-иутæ дзы, Шехеныл цы лæзгъæр цæуы, ууылты сæхи æруадзынц. Вальтер Фиурст дыууæ лæппуимæ, Мельхталь æмæ Штауффахер цæуынц разæй, аннæтæ - сæ фæдыл. Телль сæ размæ куы фæзынди, уæд ын фырцинæй се ’ппæт дæр хъæрæй салам дæттынц. Се’ппæт дæр.БирæнынцæрæдТелль,нæирвæзынгæнæг! Раззæгтæ Теллы алфамбылай гуылфæнтæ куыд кæнынц, афтæ æрбацæуынц Р у д е н ц æмæ Б е р т æ. Руденц арфæ кæны адæмæн, Бертæ та хъæбыс кæны Гедвигæйæн. Музыкæ азæлы хæхтыл. Куы банцайы, уæд Бертæ дзыллæйы астæумæ фæцæуы. Б е р т æ. Мæ цæдисæмбæлттæ æмæ мæ хæлæрттæ! Курын уæ, айсут мæ уæхимæ! Фыццаджыдæр, фыццаджыдæр ацы ран ссардтон æз æххуыс, сæрибар зæххыл. Мæ сæр уæ уазæг кæнын! Фæнды уæ, цæмæй æз дæр мæхи хонон сымахæй? А д æ м. Фæнды, стæй дын дзырд дæттæм: нæ туг акалынмæ дæр цæттæ стæм дæу тыххæй. Б е р т æ. Арфæ уын кæнын. (Амоны Руденцмæ.) Уымæ та уын чындзы цæуын. Сæрибар лæгмæ - сæрибар швейцайраг чызг. Р у д е н ц. Æз та сæрибар кæнын мæ кусджыты! Музыкæ ногæй хъуысы. Æмбæрзæн æруадзынц. 1920 азы октябръ. Æрыдоны хъсеу
С^ с»/^ <Ф>> е*Х*о (Фо (<>/«1) «Ф» (<>Угч «0 ГÆДИАТЫ ЦОМАХЪ Виктор Гюго ХЪАЗУАТ БАРРИКАДЫЛ Хæцыд... Нырма хæрз сывæллон уыди... Хæцыд... Хæстонты ’хсæн уыди нымады. Ныр семæ бафтыд знаджы къухы уый: Æрцахстой йæ хъазуат баррикадыл. - Зæгъ æй: уыдтæ ды дæр? - Уыдыстæм не ’ппæт дæр, æндæр... - Уæдæ дæ топпытæм куы ’вæрдзыстæм, æвзæр... Фæстæ... Дæ радмæ уал æнхъæлмæ кæс ды дæр... Æрра салдæттытæ рæнхъæй лæууынц... Æхстрæвдзæй топпытæ кæсынц. «Æхсут! Æхсут!» - Ыссыди дзырд... Æлгъыст æмгæрах... Арты ’рттывд... Æркалдысты, æрхаудысты, мæгуыр, Нæ лæппуйæн йæ баррикад-æмбæлттæ, - Тæлфынц ма уым, сæ фехсты сисы цур. Ыссæуынц ма сæ мæлæтон уынæртæ. - Мæ мады фенын мæ... Мæ иунæг мад... Фæстæмæ мæ хъæуы уайтагъддæр. - Цы тых дæ ’рбаздахдзæн, зæгъ-ма, цы уад? - Зæгъын: «Уыдзынæн ам уайтагъддæр». - Æмæ кæм цæрыс, кæм? - Хæстæг... Кæс: уартæ уым цæрæм... - Цæугæ уæдæ... Æрмæст... Æнхъæлмæ дæм кæсæм... - Кæсут-ма, ахæм хинæйдзаг кæм уыдзæн, кæм? Æнхъæлмæ кæс... Салдаты худгæ хъæр... «Фæхицæн ис йæ баррикад-æмбæлттæй...» Уæд сисы цурæй та цыдис фæстаг уынæр, Фæстаг улæфт хъуыст мæрдты цæндтæй... Цы фенцад худт? Цы ’рцыди, цæй?.. Уæндон цыдæй æрбацæуы, сæрæй. Æрбацыд... Сисы цур ыслæууыд, Стæй загъта: «Цæй, Фæстиат ма кæнут! Цæвут!»
1^0 («>;> <<,%& (<^ С^ХЛ,) г^Хм; . ^0 ^Х*° Г^Х*^ '':) Вильгельм Либкнехтæй ХÆЛУАРДЖЫТÆ ÆМÆ БЫНДЗЫТÆ Чи йæ нæ зоны, цымæ, хæлуарæджы?! Чи йæ нæ зоны уыцы хъуынтъыз хæлуарæджы, уыцы тымбыл нард хытъынджыны?! Талынг æмбæхст къуымы, боны рухсæй фæсвæд, æрцаразы уый йæ ахстон. Уыйас кæм фæхъахъхъæны мæгуыр бындз дæр йæхи, бахауы ахæм фыдбылызы ранмæ, фесæфы бынтон сæфтæй. Фыдуаг, фыдуынд хæлуарæг... Йæ уазал цæстытæ ’рттивынц, мæнæ цыма авгæй конд сты, уыйау. Йæ даргъ лыстæг къæхтæ - фыд-зылынтæ. Æгасæй дæр афтæ кæндтытæ у, æмæ йын цæмæй æнцон уа ахсын, цы йæм бафта, уый, цæмæй йын æнцон уа марын йæ нывондаджы. Бакæсут-ма йæм йæ талынг æмбæхсæнмæ: бады йæхицæн æнцад, æнæфезмæлгæ, цыма йæ ницы мæт ис, цыма уынгæ дæр ницы кæны, уыйау. Хинæйдзаг æлгъыст хæлуарæг... Хъахъхъæны, кæсы æнцад, æнæрынцойæ йæ талынг къуымæй, цы бафтдзæн, цымæ, йæ фыдбылызы арæнтæм. Уынут, куыд тагъд, куыд арæхсгæ нывæнды йæ тын, йæ мæлæтхæссæг тын. Кæмæн, кæй тыххæй йæ нывæнды, цымæ? Æрмæст бындзыты тыххæй, æрмæст мæгуыр æнамонд бындзыты ахсыны тыххæй. Фыдуаг хæлуарæг... нæ ауæрды æппындæр йæ рæстæгыл, йæ тыхыл. Куыд фæстæдæр, афтæ хуыздæрæй æмæ сгуыхтдæрæй нывæнды йæ тын. Кæс-ма йæм: ауагъта фыццаг æндах, дыккаг, æртыккаг, цыппæрæм. Кæс-ма йæм ноджы: уæрхырдæм уадзы æндæр æндæхтæ æмæ фидар кæны йæ тын. Æрмæст иу сагъæс, иу мæт ис æлгъыст хæлуарæджы хуылфы: цæмæй йæ нывондаг ма аирвæза йæ къухæй, цæмæй йæ нывондаджы бон ма бауа хыз атонын. Фæцис арæзт тын. Сцæттæ ис хинæйдзаг хыз-ахсæн. Чи дзы бафта, уый æнцонтæй нал аирвæздзæнис, æнцонтæй нал фервæздзæни. Бамбæхстис йæ талынг къуымы хæлуарæг. Æнхъæлмæ кæсы, зоны æнхъæлмæ кæсын дæр уыцы ’лгъыст...
Оо> *»/>) Г«>> Го/*) (фо (.»/«,, <<ф0 <<ф) ®у Уалынмæ æрбатæхы стонг æмæ сонт бындз дæр хойраг агургæ. Разил-базил байдайы, ратæх-батæх, цалынмæ нæ бахауы хинæйдзаг хæлуарæджы хызы. Тухийы аныгъуылы бындз. Архайын сисы йæ къæхтæй. Тилы йæ буар. Фæлæ уайтагъддæр бæрæг вæййы, цы йæм кæсы, уый. Хæлуарæг ауыдта йæ нывондаджы. Цæрдæгæй рауади йæ аууонæй. Æнæ цæст фæныкъулгæ, кæлæнгæнæгау, ныккасти мæгуыр, æнамонд бындзмæ. Æнцад-æнцад æм фæцæуы... Цы тагъд кæна? Зоны, хорз зоны æлгъыст хæлуарæг, кæй нал аирвæздзæн дзæбæхæй, йæ ахсæн-хызы цы бындз бахауа, уый. Фæхæстæг кæны хæлуарæг мæгуыр бындзмæ, кæсы йæм дзагъыр цæстытæй. Нырризы фыртæссæй бындз дæр. Фæуадзыг кæны. Уыны йæ цæстæй йæ адзал. Тухитæ, амæлттæ ма кæны фервæзыныл. Фæлæ кæм!.. Ноджы йыл тынгдæр тыхсынц хæлуарæджы тыны æндæхтæ. Ноджы тынгдæр ныффидар хæлуарæджы тыны. Цæстыфæныкъуылдмæ хæлуарæг фестад бындзы цур. Иæ даргъ зылын къæхтæ бадардта бындзмæ, æвналы йæм хъазæгау, ныххæцыд ыл. Цъиры хæлуарæг мæгуыр бындзы туг. Фестъæлфы ма, сулæфы ма фæстаг мæлæтон улæфтытæй мæгуыр бындз дæр. Нæма амарди бындз. Ныууагъта уал æй æрдæгмардæй хæлуарæг: ис ын рæстæг, цы тагъд кæна?! Фæзыд та йæм ноджы. Райдыдта та йын цъирын йæ тæлфгæ буар. Афтæ хæлуарæг бацъиры бындзæн йæ туг. Нæ йæ ныууадзы, цалынмæ ма йæм иу мисхал тых вæййы, цалынмæ ма дзы иу туджы цъыртт вæййы, уалынмæ. Амæлы бындз. Цæмæн ма, кæй ма хъæуы йæ хус хæррæгъ, йæ рæуæг буар. Хъалæй йæ раппары хæлуарæг йæ тынæй. Дымгæ йыл фæхæцы, сисы йæ, ахæссы йæ дарддæр кæдæмдæр... Нал ис, фæцис мæгуыр, æнамонд бындз. Æфсæст æмæ зæрдæрухсæй фæбыры йæ талынг къуыммæ фæстæмæ хæлуарæг. Разы у йæхицæй, йæ зондæй, йæ арæхстæй, разы у дуне æгасæй, ныры цардæвæрдæй, ныры æгъдæуттæй. Хъуыдыты ныгъуылы æфсæстæй, зæрдæрухсæй: ис ма, ис, - зæгъы йæ зæрдæйы дзæбæхæн, - ис ма мах хуызæн адæмæн царды фадат... Ис ма...
128 (*$ <ъх<>) ьгз <<*х*ъ ({Ф>> ('Ф> <'*№ <'*&> Сс->) (ъ> (фу С^ С^ <*Л^ ('*Х-У (<**';) С<*Л*> С'*) * * * Мæгуыр, æнамонд бындзытæ, кæй тугæй фæцæрынц, кæй туг фæцъирынц хæлуарджытæ, куыдфæстæмæ кæй раппарынц æддæмæ, зæронд бызгъуырау... Уыдон стут сымах, горæтаг æмæ хъæууон мæгуыртæ. Уыдон стут сымах, ссæст адæм æгасæй. Уыдон стут сымах, фабрикты кусджытæ, сонт æмæ æвзонг чызджытæ, æдых æмæ æфхæрд сылгоймæгтæ!.. Уыдон стæм мах не ’ппæт, нæ бартæм бавналынмæ чи нæма уæнды... Мæгуыр, æнамонд бындзытæ... Уыдон сты, салдат кæй акæнынц, тутæй æфсис кæмæн нæй, уыцы хæстæн нывондæн кæй æрхæссынц... Иудзырдæй, уыдон стут сымах, мæгуырмæ кæй æртæрынц, кæй бастигъынц бынтон, йæ туг кæмæн баназынц æмæ стæй кæй рассонынц сау къæймæ... Кусæг адæм! Сымах стут нæ бæстæйы сæрымагъз æмæ зæрдæ, нæ бæстæйы æцæгдзинадæй цæрæг æмæ цард аразæг тых. Æрмæст уæм иу бар ис сымахмæ дæр, мæгуыр, - уый - иу смаггæнаг цъыф къуымы тæригъæддаг мæлæтæй ныммæлыны бар. Æмæ уын, мæгуыртæг, уыцы бар дæр цыма стыр лæварæн лæвæрд у, уыйау. Сымах схастат, снард кодтат уæ хицæутты, уæ тыхгæнджыты, æлгъыст хæлуарджыты уæ тугæй, уæ сурхидæй, уæ зæрдæйы уидæгтæй, уæ цард æгасæй. Фыдуагхæлуарджытæ... Уыдон сты æлдæрттæ, хъæздгуытæ, æхцайыл йæхи чи мары, динамонджытæ, фæливджытæ, абырджытæ, адæмы æккойыл чи бады рагæй æрæгмæ, адæмы туг чи цъиры... Хæлуарджытæ... Уыдон сты кусæг адæмы æнæвгъау æфхæрæг закъонтæ, тыхгæнæг хицæуттæ, тирантæ, фидар хъадамантæй чи сбæтты мæгуыр кусæг лæджы. Уый у рагон æлгъыст уаргъ, кæцыйы уæзæй ныхъхъæрзынц фабрикты, заводты кусджытæ, кæцыйы бын ныхъхъæрзынц зæххы куыстæй цæрджытæ. Хæлуарджытæ... Уыдон сты, кусæг адæмы тухийæ йæ цард чи аразы, афтæмæй кусæг адæмы йæ къæхтæй чи ссæнды. Уыдон сты, кусæг лæджы рыстытыл сæ зæрдæйы дзæбæхæн чи фæхуды, кусæг лæджы мæгуыры фæндтыл, мæгуыры тухитыл чи фæкæл- кæл кæны... Дзæгъæлы фæндтæ, дзæгъæлы тухитæ: фæхъавы,
С^ г«»/ь) бф) <<фо а*У6>} С'»Х^ (’Л (<*У^ *»> уæдæ цы, мæгуыр лæг дæр хаттæй-хатт йæ бæттæнтæ атонын, фæхъавы, уæдæ цы, сæрибармæ аирвæзын. Бындзытæ... Уыдон сты мæгуыр кусæг адæм, кæцытæ хæссынц алы фыдуаг закъонты уаргъ. Кусæг адæмы фыдæнæн сæ æрымысыдысты уыцы закъонты капиталджынтæ, хъæздгуытæ, æмæ сын æнæххæстгæнæн дæр кæм ис мæгуыр лæгæн, йæ уагмæ, йæ мæгуырмæ гæсгæ. Хæлуарджытæ... Уыдон сты фабрикты хицæуттæ, магусайæ алыбон тумантæ чи æмпъухы алы кусæджы куысты пайдайæ, мыздæн та сын, мæгуыр, сæ алыбоны 10-14 сахаты куыстæн тæригъæддаг капеччытæ чи фæфиды. Бындзытæ... Уыдон сты сау кусджытæ, шахты мидæг, зæххы бын, мæлæтхæссæг уддзæфы тухийæ чи мæлы; бирæ хæзнатæ сласынц зæххы хуылфæй, фæлæ дзы ницы фенынц уыцы хæзнатæй сæхуыдтæг. Хæлуарджытæ... Уыдон сты дзыллæты, æхцаты хицæуттæ æмæ æлдæрттæ. Æгъгъæд сын нæ фæвæййы, се ’хца дыууæ-æртæ хатты фылдæр кæй кæны хъуыддаджы мидæг. Ноджы фылдæр æмæ фылдæр пайда агурынц, давæггаг пайда. Æмæ кæмæй фæдавынц уæд уыцы пайда? Чи йæ зоны, цымæ, милуанты хицæуттæ æдых æмæ мæгуыр кусæг адæмы кæй стигъынц, уый. Афтæмæй суæндыдысты, æвæдза, мæгуыр кусæг адæм сæ мызд иучысыл фæфылдæрыл сдзурын, уайтагъддæр паддзахады æфсад - цæттæ: карды фындзæй æмæ сæ топпы нæмыгæй ныххæлиу кæнынц, куыд «бунтгæнджытæ». Бындзытæ... Уыдон сты мæгуыр сабитæ, сæ райгуырæн бонæй кæуыл æрæнцайы уæззау куысты уаргъ. Фабрикты, заводты, æндæр кусæндæтгы, раст мад, фыды хæдзары дæр фæтухи кæнынц æмæ куыддæр амалтæй ирвæзынц стонг, мæлæтæй. Хæлуарджытæ... Уый у капиталон рæстæджы фыдуаг цардæвæрд. Стæй фыдуаг та куыннæ у, фыдуаг, кусæг, фæллой- гæнæг лæджы фыдмæгуырæй чи мары, ныййарæгæн йæ уарзон сабийы нывондæн чи æрхæссын кæны, кусæг лæджы бартæ бын- тондæр чи байста, кусæг лæджы бинонты хæрзсæфтмæ чи тæры. Бындзытæ... Уыдон сты кусæг адæмæй рацæугæ чызджытæ. Фæагурынц куыст. Ссарынц куыдфæстæмæ. Фæкусынц цытджын куыстæй сæхицæн кæрдзыны къæбæры фаг. Фæлæ сыл 9
Юи (<•>) <<ф) ЬК.) (>,Уч Оф>) Оф>) Оф>) Оф>) с,,\ (у г^ <*Х^ (фп с^ С'*/^ г<*/<у «да Ф се ’намондæн амбæлы фабрикты, заводы хицæутты цæст, уыцы цъаммар хицæутты цæст. Худинаджы тыхмитæ сын фæкæнынц, фæхынджылæг сæ кæнынц, стæй сæ уæззауæй раппарынц, цæут, зæгъгæ... Хæлуарджытæ... Уыдон сты расыггæнаг хъæздыг фæсивæд. Æнаипп кусæг чызджытæм бахъавынц æмæ сын, мæгуыртæг, сæ сæр разилын кæнынц, сæфты фæндагыл сæ бафтауынц ацы æдзæсгæмттæ, ацы æлгъыстытæ. Бындзытæ... Уыдон сты хуымгæнæг, зæххы куыстгæнæг мæгуыр адæм. Уыдон сты, сæ хид калгæ æлдæртты æмæ хъæздгуыты зæххыл чи кусы; тауынц хор, æлдæрттæ æмæ хъæздгуытæ та йæ æмбырд æркæнынц, зилынц дыргъ бæлæстæм, бæлæсты дыргътæ та æлдæрттæ æмæ хъæздгуытæ фæтонынц. Хæлуарджытæ... Уыдон сты хъæздыг зæхджынтæ. Азæй- азмæ, уæлдæрæй-уæлдæрмæ сисынц сæ зæххы аргъ, азæй-азмæ чысылдæр фæкæнынц, сæ къухы цы кусæг адæм ис, уыдон алыбоны мызд. Сæ зæхх сын чи баххуырсы стыр аргъæй, йе сын æй æрдæгыл чи бакæны, мыздыл сæм чи фæкусы, бонгай кæй феххуырсынц: уыдон иууылдæр фæвæййынц фыркуысты бын, се ’лдæрттæ та хъалæй, хъæлдзæг æмæ парахат цардæй æрвитынц сæ бонтæ. Иудзырдæй, бындзытæ сты, адæмы æхсæн ссæст чи у, æфхæрд чи у, мæгуыр æмæ бархъуаг чи у. Хæлуарджытæ... Уый у алы тыхдзинад, уый у алы æвзæрдзинад æмæ фыдуагдзинад. Бындзытæ... Мах не ’ппæт, мæгуыр æмæ хуымæтæджы адæм; не ’взонджы, нæ сонты бонты рæстæгæй дины тасæй чи ризы, динамонджыты раз зоныгыл чи кæны, кæй уырнынц дины фæливæн аргъæуттæ, чи фæтæрсы йе ’нæмбаргæйæ мæлæты фæстæ зындонæй. Хæлуарджытæ... Уыдон сты динамонджытæ, кæцытæ лæджы зонд батар кæнынц æмæ сæ ахуырады маргæй байдзаг кæнынц сонт адæмты зæрдæтæ. «Дин у, дин агуры уый» - зæгъгæ, фæ- ахуыр кæнынц уыдон мæгуыр кусæг адæмы цагъариуæг кæнын хъæздгуытæн; рагон æлгъыстæй сæ фелгъитынц; стыр хъыг- дардæй сæ фæхъыгдарынц, иучысыл сæ цард схорзыл куы сдзу- рынц, уæд, иучысыл быцæу куы райдайынц се знæгтимæ, уæд. ооеосоооеоооооеооорососооооосоооооеооосоеороеоро
Г^ г<й>-) «>/«,) г«*/*>> С«>Х^ (<*Х«у <<*)«>) <ь*)*э (?) * * * Кæддæр-иу хæлуарджытæ сæ тынтæ айтыгътой рагон æлдæртты фидæрттæй, ныр та æрæмбырд вæййынц стыр æмæ хъæздыг горæттæм, куыд цардамондæй æххæст адæм. Тынг бирæ цæры уыцы хæлуарджытæй фабриктæй, заводтæй дзаг горæтты. Ис дзы ахæмтæ дæр, хъæуты чи цæры. Иудзырдæй, кæмдæриддæр ма кусæг лæджы тугæн цъирæн ис, кæмдæриддæр ма ис хъæздыг адæммæ мыздыл кусæг, хæсы мидæг бацæугæ хуымгæнæг, уым уайтагъддæр фæзыны æнæфсис капиталджын, уым хъæздгуыты хызты тухийæ марынц хицæнтæй кусджыты, уыцы хызты се ’нæмбаргæйæ чи бахауы æмæ дзы æнæсдзырдæй чи сæфы. Ныр æгас сæдæазтæ быцæу кæнынц кæрæдзиимæ æнамонд æдых бындзытæ æмæ тугцъир фыдуаг хæлуарджытæ. Чи сæ банымайдзæн, чи сæ раргом кæндзæн, цы бавзæрстой мæгуыр бындзытæ уыцы туджы быцæуы фæндагыл... Фæлæ цæмæ гæсгæ та снæуæг кæнæм мах ныр, цытæ фесты, уыдон? Акæсæм уый бæсты алырдæм, абоны бонмæ æмæ райсомы бонмæ. Лыстæгдæр æркæсæм бындзыты æмæ хæлуарджыты быцæумæ. Бамбарæм, базонæм не знæгты, базонæм ныры быцæуы миногтæ æмæ баиу уæм не ’ппæт дæр. Хицæнтæй æдых стæм мах. Цæй, баиу кæнæм уæдæ нæ тых, нæ хъару æмæ ныппырх кæнæм нæ хызтæ! Фæсурæм нæ тугцъирты се ’мбæхсæнтæй, ахæлиу кæнæм зонды Рухс, цæмæй хæлуарджытæ мауал фæразой сæ фыдуаг митæ кæнын. Тæхуды, куы нæ бафæндид уый, тæхуды!.. Чи ма нæ басæттид уæд? Раст зæгъын хъæуы, ныр дæр ма тыхджын сты хæлуарджытæ. Фæлæ уыйас бирæ не сты. Сымах та, бындзытæ, иугай, хицæнтæй æдых стут, хицæнтæй ницæуыл нымад стут, фæлæ уæ зонын хъæуы, æнæнымæц бирæ кæй стут, æмæ, уымæ гæсгæ, æцæгдзинадæй, чи уыдзæн, чи, сымахæй тыхджындæр?! Тæхуды,дсуы уæ бафæндид баиу кæнын! Æрмæст уæ базырты фезмæлдæй дæр атониккат сымах уæ рагон хызтæ, кæцыты ныронг дæр ма тухийæ мæлут æмæ сæфут. Кæрон скæнут уе ’намондæн, уæ цагъариуæджы дугæн! Тæхуды, куы уæ бафæндид уый!
132 «о «>№ ь#ъ **р> щ»> с^>> с^ г^ о:) НИГЕР (ДЗАНАЙТЫ ИВАН) Гораций (Одæтæ 1,23) Ды мæнæй, Хлойа, лидзыс, сæгуыты лæппынау, Йæ мадæй чи фæдзæгъæл ис хохы æмæ Хуымæтæджы чи тæрсы хъæды сæр-сæрæй, Хус сыфтæр фесхъиуа дымгæйы улæфтæй, Дзедрæджы къалиу фезмæла искуы Гæккуырийы уадæй, - Уыцы æмраст ыскæны... Франк нæ дæн, мыййаг, домбай инн’ ахæм, Чи дæ бахæра хъæддаг сырды хæрдæй. Мауал хæц дæ мады фæдджийыл: Рæзыс хъæбыстæ кæнынæн! -<©8€х>- сососососооосососососососососососососососососос^
(<■') <!»/*■>" <Фо <!>/*•) ’ «»Х*> «X*» ВД «»У«г> ’ 1»> 133 * * * Кæд алцы у æнусæй дæр нысан, Уæд ма цы кæнæм? Лæвар фæци мæнæн мæ гуырдæй сæн, Æмæ цы кæнæм? У маргъæн амынд хъæд, сырдæн - быдыр, Сæндон - Хафизæн: Æнусон тыхæй афтæ у нывгонд, Æмæ цы кæнæм? * * * Искуы ’васт, æнæ бæрæгæфсон, Иунæгæй куы ныууон æз æнкъард, Искуы ме стæгдар æмæ мæ царм Хус куы байдайой, куы тайа цард - Ма-иу дæтт мæнæн уæд маст хостæ. Æз нæ уарзын уыцы алвыдтæ: Авæр-иу мын ды мæ къухмæ сæн, Ноджы хъисфæндыр, йе уадындзтæ. Кæд нæ фенгæсдæр уон уымæй æз, - Ратт-иу мын адджын былты рубин. Уый дæр мæ кæд нал дзæбæх кæна - Дзур-иу уæд: «Мæлы нын Семзеддин!». -<щ©>- ожжæфж^ж^ж^^фгж^эроозрæгр^фФ’&^
(*> ’ <<Ф«;> <Фэ "с*ХЪ> '&/*;> '*Ф<> '«Фэ '<»фу ’сО /Г. 5. Гете ФЫЙЙАУЫ РАХЪАСТ Хæрз арæх мæ лæдзæгæн йе ’нцой Фæлæууын æз хохыл, бæрзонд. Мæ зæрдæ хъуыдытыл фæвæййы, Нæ коммæ фæкæсы мæ зонд. Дæлиау фæхизы мæ нард дзуг Æнцадæй, мæ куыйты æвджид. Фæстагмæ ныццæуын сæ цурмæ Æз фæзмæ, æмæ хъæр-æхситт. Фæлыст у, чындздзон чызгау, сæрвæт Кæрдæг æмæ дидинæгæй. Æмбырд сæ фæкæнын æз иумæ, Фæлæ сæ кæмæн раттон, кæ!.. Къæвдайы, тымыгъы - кæддæрид Фæбадын æз бæласы бын, - Фæлæ мын нæ гом кæны дуар... Гъеуый-иу фын куы вæййы, фын! Цы хæдазры царди мæ зæрдæ, - Раст хуры тын ууыл фæзынд, Фæлæ ныр уым нал ис мæ цард-бон. Фæцыди кæдæмдæр, фæцыд. Фæцыди, фæцыди, фæцыди Уый фурды кæронмæ, хæрз дард... Цæугæут, мæ фыстæ, цæугæут, Мæ зæрдæ æнкъард у, æнкъард. О9?0О0О9О009СОС909С0СОС0О9ОО00^
(*>> '«*/*>) ’ оф’У о*Х*о* **Х<>) 'т6>) '<Фо <<*>; «*> СЫЛГОЙМАГ Тынг уарзтой кæрæдзи, хъæлдзæг æмæ буц. Фæливой уыд лæгай, фыд хæтаг та - ус. Фæсайын-иу искæй куы бантысти лæгæн - Ус сынтæгыл худти, дард хъуысти йæ кæл-кæл. Хъæлдзæгæй, тызмæгæй æрвыстой сæ цард, Мæйдар æхсæв - пъатæ, уый кодта сæ нард. Лæг ахсты куы фæци, - хæрзбон ын нæ загъта, Каст: лæджы фæласынц, уый худæгæй мардта. «Æрбацу мæм, фен мæ, - æрвыста йæм лæг, - Фын, мыййаг, куынæ у, мæ удыл хæцæг. Дæу мысын æдзухдæр, мæ зæрдæ нынкъард». Ус къоппа ныттылдта ’мæ худæгæй мард. Бон ивади, сахъ лæг уæд ауыгъд æрцыд. Раст авдыл æй райстой, йæ ингæн фæзынд. Ус астыл, цыма йыл «ницы» ауади, Сæн цъиргæ, дæнгæлæй æндæримæ бадти. * * * Ныххизынц ингæнмæ фæлтæртæ. Ызгъоры ’мæ ивгъуыйы цард, - Уæддæр нырма уарзондзинадæй Куы никуы уыд зæрдæ хæрз дард... Тæхуды, уæд та ма куы ’рцахсин Дæ цæстæнгас иу хатт æрмæст. — Куы дын зæгъин сабыр, мæлгæйæ: «Æрцу мæм, æрæхгæн мæ цæст». 135 Г. Гейне
136 (*>) <<М (<*№ ('’Х") (’фО Ы*>) ('*{<>> <'ф> г'>) (*> ф$ сф^ фо с-й (<Ф:>> «Фэ «Фэ с»; * * * Уый-иу цы зарджытæ зарыд, Уыдон куы фехъусын æз, - Уайтагъд мæ зæрдæ мæстарыд Фесты, фæивы йæ хуыз. Афтæ мæ ’рфæнды фæцæуын Хæхтæм, йе талынг хъæдмæ, - Кæд уым мæ ристæ фæкæуин, Маст-иу нæ хъарид мæнмæ. —*08©>~- оооооооос’^ооорососооосооооооосоросооооосооососо
Лу Синь КУЫДЗ Фын уынын, цыма фæцæуын нарæг цæхгæрмæ уынджы. Мæ уæлæ - бызгъуыртæ, мæ къæхтыл - хæлд басмахъхъытæ, æмæ æгасæй дæр дæн мæгуыргуры хуызæн. Фæсте мыл рæйы куыдз. Æз сæрыстыр каст акодтон фæстæмæ æмæ æнæрвæссонæй куыдзыл мæсты хъæр кæнын: - Цæй, дæ бырынкъыл ныххæц! Ды, хъæздыджыты къæхты бын чи атулы æмæ мæгуыртæм чи лæбуры, уыцы куыдз! - Ха-ха! - худы мæ ныхæстыл куыдз. - Цы гæнæн ис? Мæнæн мæхимæ дæр худинаг кæсы, адæмы хуызæн кæй нæ дæн, уый! - Цы?!. - сфыхтæн æз. Æнæкæрон æфхæрдæн райстон уыцы ныхæстæ. - О, о, худинаг мæм кæсы: æз нырмæ нæма æмбарын, цы хъауджыдæр ис æрхуы æмæ æвзистæй, цы хъауджыдæр ис четæн æмæ дарийæ, цы хъауджыдæр ис хъæздыг, уæздан лæг æмæ хуымæтæджы лæгæй, цы хъауджыдæр ис хицау æмæ цагъарæй, цы хъауджыдæр ис... Æз лидзын куыдзæй. - Кæдæм? Аныхас ма кæнæм чысыл... Æз хъусын, бауромынмæ мæ цы хъæрæй хъавы, уыцы хъæр. Æз лидзын, лидзын мæ тых-мæ бонæй, цалынмæ мæ фынæй нæ ралыгъдтæн æмæ мæхи мæ хуыссæны бадгæ нæ федтон, уæдмæ... ЗОНДАХАСТ Фын уынын, цыма бадын къласы æмæ фыссын уацмыс. Сыстадтæн æмæ фæрсын мæ зæронд ахуыргæнæджы, цавæр зондахастыл лæуд уон, зæгъгæ, уымæй. - Зын фарст у! - зæгъы мын мæ ахуыргæнæг æмæ мæм кæсы йæ кæсæнцæстыты сæрты. - Æз дын радзурдзынæн иу цау. Иу хæдзарæн райгуырди лæппу, æмæ бинонты цинæн нал уыдис кæрон. Лæппуйыл мæй куы рацыди, уæд æй, æгъдаумæ гæсгæ,
(*>) <<*&>) ^Г*>) (’М С<ф,) {,{«>) М<>) 0*У«>) с<,л Гу л^ л^ фХ’у фХъ («Х*> &/*» «*№> <гО рахастой уазджыты размæ, цæмæй йæ федтаиккой, уый тыххæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, лæппуйы ныййарджытæ æнхъæлмæ кастысты, уазджытæ зæгъдзысты, лæппуйæн йæ нывы исты хорздзинæдтæ фыст ис, зæгъгæ. «Æрцæудзæн рæстæг, æмæ ацы лæппу уыдзæн ис-бонджын», - загъта уазджытæй иу, æмæ йын арфæтæ фæкодтой. «Æрцæудзæн рæстæг, æмæ ацы лæппу суыдзæн номдзыд хицау», - загъта уазджытæй дыккаг, æмæ та уымæн дæр арфæтæ фæкодтой. «Æрцæудзæн рæстæг, æмæ ацы лæппу амæлдзæн», - загъта уазджытæй æртыккаг, æмæ йæ бинонтæ тынг фæнадтой. Мæлæты тыххæй дзурæг загъта, æнæмæнг цы ’рцæудзæн, уый; хъæздыгдзинад æмæ номдзыды тыххæй дзурджытæ та мæнг ныхас кодтой. Фæлæ мæнг ныхас чи кодта, уыдон арфæ райстой, æнæмæнгæй цы ’рцæудзæн, уый чи загъта, уый та нады фæци. Ды та... - Мæн нæ фæнды адæмæн мæнг ныхæстæ кæнын, нæ мæ фæнды, над уон, уый дæр. Фæлæ цы хъуамæ дзурон, ахуыргæнæг? - Уæд дæуыл æмбæлы дзурын афтæ: «Йæх, уыцы сывæллон! Гъы, бакæсут-ма! Цытæ кæнынц... А-ах! Ах-ах-ах-ах-ах...». -=<©$©>- ооеосэроооеоешоеоеоеэеэеосорогор^
Г^ «./<«>> <«/«>) с>/^ с*>у («»У^ С'>У*/ (<*>; **> ПЛМТЫ ГРИС Шекспир ГАМЛЕТ Архайджытæ: К л а в д и - Данийы къарол. Г а м л е т - фыццаг къаролы (ныры къаролы æфсымæры) фырт. Фортинбрас- норвегиаг принц. П о л о н и - къаролы сæйраг уынаффæгæнæг. Г о р а ц и - Гамлеты хæлар. Л а э р т - Полонийы фырт. Вольтиманд Корнели } къаролы фæсдзæуинтæ. Розенкранц Гильденстерн} раздæр Гамлеты университетон æмбæлттæ. О з р и к. У æ з д а н. С а у д ж ы н. Мар це л л Бернардо } афицертæ. Франциско- салдат. Рейнальдо- Полонийы хæстæг. Актертæ. Дыууæ ингæнкъахæджы. Æ н д а р - Гамлеты фыды аууон (сих). К а п и т а н. Англисаг минæвæрттæ. Гертрудæ- Данийы ус-паддзах, Гамлеты мад. 0 ф е л и - Полонийы чызг. Лордтæ, афицертæ, салдæттæ, матростæ, фидиуджытæ, хъахъ- хъæнджытæ, фæсдзæуинтæ. Архайд цæуы Эльсиноры. ООООООООООООООООООСОООООООС^ОООООСОСОСОООСОСОСО
ФЫЦЦАГ АКТ 1 С Ц Е Н Æ Эльсинор. Фæз галуаны раз. Франциско лæууы хъахъхъæнæг. Бацæуы Бернардо. Бернардо. Уый чи дæ? Франциско. Нæ, дæхæдæг чи дæ - ма змæл! Дæ къухтæ сдар! Бернардо. Æгас цæуæд къарол! Франциско. Бернардо? Бернардо. Æз. Франциско. Раст афоныл фæзындтæ. Бернардо. Цæгъды дыууадæс. Ацу æмæ схуысс. Франциско. Кæй мæ раивтай - бузныг. Дымгæ схъызыд. Тынг баргъæвстæн. Бернардо. Куыд, сабыр уыд? Франциско. Мыст дæр Нæ фезмæлыд. Бернардо. Цæугæ, уæдæ, фæндагыл Куы фембæлай Горацийыл, кæнæ Марцеллыл, уæд фæтагъд кæнæнт. Франциск о Тс-с, хъус: Цæуы сæ ныхас. - Гъей, æрлæуут, чи стут? Бацæуынц Г о р а ц и æмæ М а р ц е л л.
С’» Ь/*>) <?ф) «,/<•> Сф>) '’ф <'ф <'ф> Ъ) Г^ Г«>; Г*/*) 0ф>) (фо (Фо Гф,; (ф0 «*) Гор аци. Бæсты хæлæрттæ. Мар це л л. Данийы фырттæ. Франциско. Хæрзæхсæв ут. Мар це л л. Зæронд, фæндараст у. Дæ ивæг чи у? Франциско. Мæнæ ис, Бернардо. Хæрзæхсæв. (Ацæуы.) Мар це л л. Эй! Бернардо! Бернардо. Куыд, Гораци Ам, демæ ис? Го р а ц и. Иæ чысыл хай. Бернардо. Салам Горацийæн. Салам, Марцелл. Мар це л л. Зæгъ-ма: Фæзынд та дысон уыцы ’ндар? Бернардо. Нæ федтон. Мар це л л. Гораци йæ нæхи фантази хоны, - Дыууæ хатты тæссаг æндар кæй федтам, Мæнг хоны уый. Æрбахуыдтон æй æз^— Уадз ахсæв ам фæхъахъхъæна йæхæдæг, Æмæ та кæд фæзына æндар, уæд Уадз, бакæса æмæ-иу æм фæдзурæд. роооооооооеоооооеосоооеорооооосос^
Го р а ц и. Мæнг у, нæ фæзындзæн. Бернардо. Æрбадæм, цæй, Æмæ дæ хъустæ баууæндынмæ схъил кæн, Æз дын бæстонæй радзурон, мах ам Цы ’нахуыр аууон федтам, ууыл. Гораци. Бадгæ, Уæ хорзæхæй. - Бернардо, хъусæм мах. Бернардо. Æндæрæхсæв, раст уалæ уыцы стъалы Бæрзонд арвыл цæгатрæбын куы ссыгъд Æмæ, ныр кæм ис, уым цæхæр куы скалдта, Уæд ам, сахатыл æз æмæ Марцелл... Æ н д а р бацæуы. Мар це л л. Тс-с, сабыр! Кæс, æрбацæуы та! Бернардо. Диссаг! Уындæй - сыгъдæг нæ рухсаджы къарол! Мар це л л. Ды ахуыргонд дæ, сдзур-ма йæм, Гораци. Бернардо. Цæй, куыд - зæгъ-ма, къаролы хуызæн нæу? Г о р а ц и. Йæ халдих раст! Мæ зонд фæхæццæ, ризын. Бернардо. Кæсы æнхъæлмæ. Мар це л л. Бафæрс æй, Гораци. Г о р а ц и. Зæгъ, чи дæ, цавæр, - Данийы къарол Мæрдты куы ис, уæд ахсæв дæу æнафон Цы сæрæн бахъуыд уый хуызы цæуын? Зæгъ нын, хуыцауæй курæгау дæ курæм!
\Ь) <ф>у офо (»Х*0 (’Фо («*Х^ <Фу С'*Х*-У <Ч> Мар це л л. Хъыг æм фæкаст. Бернардо. Фæиуварс и, кæс-ма. Г о р а ц и. Æрлæуу! Дзуапп ратт, лæгъстæгæнгæ дæ курын! Æ н д а р ацæуы. Мар це л л. Фæаууои ис æмæ нæ радта дзуапп. Бернардо. Цæй, куыд, Гораци? Мауал æм кæс джихæй. Æрмæст хъуыдыты февзæргæ ныв у? Цы зæгъдзынæ? Гор аци. Хуыцауæй ард хæрын: Нæ баууæндин, мæхи цæстæй йæм афтæ Нæ кастæн, уæд. Мар це л л. Къаролы хуызæн нæу? Го р аци. Сыгъдæг йæхæдæг, стæй йыл кæд уыдысты, Норвегагимæ хæцгæйæ йыл конд Цы згъæр хæдон, цы хотыхтæ уыд, уыдон. Тызмæг, раст мæнæ польшæйаг æфсад Цы бон пырх кодта ихы уæлæ, уыйау. Æнахуыр цау! Мар це л л. Раст ацафон фæзынд Дыууæ хатты, нæ цурты цæугæ, дысон. Г о р а ц и. Цы уын зæгъон - бæлвырд нæ зонын æз, Фæлæ, цыма, нæ паддзахадыл сомбон Цыдæр тæссаг фыдхабæрттæ цæудзæн. Марце л л. Чысыл æрбадæм. Чи мын зæгъдзæн, айбæрц Æхсæв цæмæн ис хъахъхъæнæг æвæрд, еооосооооосоооооооеоеоооооеосососогосоеоооеоооео
144 ^*Х^У&^\ «’Х^Ф^Х^’гХ^ (го) сда с<Х^ е»Х*> с«*Х^> (<*% <Ф;> <Фэ &) Фæлмæцгæ дзы куы кæнынц адæм, уæд? Цæмæн уадзынц æрхуыйæ сармадзантæ. Цæмæн ласæм æддейæ хотых, йе - Æрвылбон наутæ аразæг дæснытæ Цæмæн кæнынц фæйнæрдыгæй æмбырд? Сæ хид æдзух цы тагъд хъуыддагыл калынц, Æхсæв уа, бон - куы нал æвзарынц, уæд? Чи мын зæгъдзæн? Г о р а ц и. Æз бавзардзынæн. Ахæм Хабар цæуы: къаролæн, дам, - ныр ам, Нæ тæккæ раз кæй æндар сыстад, уымæн, - Хæст расидтис норвегаг Фортинбрас. Фæуæлахиз хъæбатыр Гамлет хæсты Æмæ йæ ном нæ дунейыл ныхъхъæр. Фæмард и знаг. Фæлæ уыд бардзырд се ’хсæн, Мыхуыр æмæ уæздан æгъдæуттæй фидар, - Зæгъгæ дзы мард куы фæуа Фортинбрас, Иæ зæххытæн уыдзæн уæд хицау махон. Иæ ныхмæ йын нæ паддзах дæр цъынды Æрæвæрдта æнæкæрон зæххытæ, - Уыдаид ныр сæ хицау Фортинбрас, Нæ фæмард, уæд. Гъеуымæ гæсгæ рахауд Йæ зæхх æгасæй Гамлетмæ. Ныр бавдæлд Йæ бындайраг фырт, кæстæр Фортинбрас - Æрдзæй æвирхъау загъдкъахæг, - къæбæрыл Лæг чи амардзæн, ахæмтæй æфсад Норвегийы æрæмбырд кодта бирæ, - Сæ хабæрттæ нæм сусæгæй цæуынц, Сæ хъавд у иу: тыхæй нæ хъуамæ байсой, Сæ фыдæй нæм цы зæхх æрбафтыд, уый. Гъе ахæм у, мæнмæ гæсгæ, йæ аххос, Æфсæдтæ нæм кæй æмбырд кæнынц тагъд, Кæй лæууæм мах дæр хъахъхъæнæг æмæ Нæ бæстыл цард æнæнцой кæй у, уымæн.
<Р^&^^&^&^Ф^Х?^Х?^ 145 (*>) ’ (ф^ (ф>) №^ (Ф>) (Ф<) Ъфу «»*>) (<*> Бернардо. Уый раст уыдзæн. Фыдуацхæссæг æндар Нæ зилы уæгъды ’хсæвгæстыл æд гæрзтæ Къаролы хуызы, - уый уыдис уæд дæр Æмæ ныр дæр уæззау хæстытæн аххос. Г о р а ц и. Мæ зæрдæйы ныссагъд къарол сындзау. Куы ма уыд Рим уæлахиз æмæ фидар, Уæд Цезæры мæлæты размæ бон Ысафтид ысты ингæнтæ, уæд мæрдтæ Дзынæзтой уынгты, тасдзинад æфтыдтой, Туг уарыд, хаудтой стъалытæ, фæзынд Тæппытæ хурыл, мæй фæцыдæр арвыл, Æмæ ныттар, цыма хъаймæт æрцыд. Раст ахæм сау фыдхабæртты нысæнттæ Нæ бæстæн æмæ адæмæн, тæссаг Фæдисæттау, кæрæдзи фæдыл уайгæ, Æрвитынц иумæ арв æмæ нæ зæхх Ныртæккæ дæр... Æ н д а р бацæуы. Фæлæ æнцад! Фæзынд та! Цыфæнды уæд, уромын æй! - Æрлæуу, Æндар! О, кæд дæ бон у исты сдзурын, Уæд раргом у! Кæд дын мæрдты дæ удыбæстæн, науæд Нæ дунейыл нывонд кæнын хъæуы, Уæд зæгъ æргом! Кæд а бæстыл æрцæудзæнис æнамонд Æмæ дзы исты фервæзæн хос и, Уæд раргом у! Кæд дын уæлæуыл уыд ныгæд хæзнатæ, Æнæрастæй кæй фембырд кодтай, ахæм, Æмæ сыл ныр мæрдты тыхсы дæ уд, Уæд раргом у! Æрлæуу æмæ ныр радзур! 10
146 (V) <<>ш <*х«>) **№ оф>> (’фь СъГо) Ы^ «,) (с,> <ф>) <ы/ъ Ь1Ч ?*У*>> ('*/";) <Фэ (’ФЭ <!*) Уасæг уасы. Хæц ыл, Марцелл! Мар це л л. Цæвон æй кардæй? Г о р а ц и. Цæв, Куы лидза, уæд! Мар це л л. Ныр ам дæ! Г ор аци. Ам и! Æ н д а р ацыди. Мар це л л. Ацыд! Æргомæй йын кæй равдыстам тыхми, О, уымæй йын йæ кадджын ном æфхæрæм. Стæй буаргъæд нæу, нæ йыл æмбæлы цæф, Нæ бырст йæ ныхмæ сонт сабийы хъазт у. Бернардо. Дзуапп раттаид, фæлæ ныууасыд уасæг. Г о р а ц и. О, фестъæлфыд, цыма йæм азым ис Æмæ тæрсы дзуапп раттынæй. Фæдзурынц, Сæумæйыл, дам, сæуæхсиды фæндыр - Хъæлæсджын уасæг - боны бардуаг - хуры Фæкæны хъал. Куы ныззары, уæд, дам, Кæмфæнды уа мæрдтæйдзæуæг: цъæх арты, Йе - уæлдæфы, йе - хусыл, кæнæ фурды - Æваст мæрдтæм фæтындзы. Раст кæй у, Уый федтам мах нæхи цæстæй ныртæккæ. Мар це л л. Фæмынæг и, куы сзарыд уасæг, уæд. Фæдзурынц адæм, ал’ аз, дам,зымæгон, Цыппурсæхсæвы бонмæ зары уасæг. Уæд, дам, нæ сыстынц æндартæ мæрдтæй, оооооосооооооэсосососооооооососоросоооросоеэсосэ
0» Ь6» ЬГ*>) ЪГо) Ьф (<,/->■>) Сфо ЪГ<>) Щ 147 О’о; <»>>) (,*/«,; (,*/*, (^ №> С«»/«у («»/'4 <»> Æгас æхсæв мæй сабыр рухс фæтауы, Кæлæндзыд чи у - адзæбæх вæййынц, Гъе афтæ у сыгъдæг, фæрнæйдзаг рæстæг. Гор аци. Уырны мæ уый дæр. Фæлæ-ма кæсут: Сæумæрайсом йæ уардихуыз пæлæзы Уæззаугай ссæуы скæсæны хæхтыл. Фæуæм нæ радлæуд. Æмæ уын мæ фæндон: Мах хъуамæ кæстæр Гамлетæн зæгъæм, Цы федтам, уый. Хæрын уын ард, ам, мах раз Къуытты цы ’ндар уыд, сдзурдзæни уый принцмæ. Куыд уæм кæсы, мæ хæлæрттæ? Зæгъæм? Нæ хæс æмæ нæ хæлардзинад домынц! Марце л л. Зæгъын ын хъæуы, мердыгонау: стæй Æз зонын, принц кæм агургæ у абон. Ацæуынц. 2 С Ц Е Н Æ Уый дæр уым. Къаролы зал галуаны. Бацæуынц къарол,Гертрудæ, Гамлет,Полони, Лаэрт, Вольтиманд, Корнели, уæздæттæ æмæ фæсдзæуинтæ. Къаро л. Мæ мард æфсымæр Гамлетыл нæ саутæ Нæма систам, фæлæ нæхиуыл мах Хъæуы фæхæцын, - рох нæ хъæуы марды, Фæлæ нæхи дæр ма хæрæм æгæр Æмæ чысыл фæцауæрдæм нæ удтыл. Гъеуый тыххæй æрхастам усæн мах Нæ чындзы - ныр нæ паддзахады ’хсины, - ~Йæ къай чи уыди ме ’фсымæрæн, уый, - Фæкодтам маст, ныр та у цинæн афон. Фæкалд нæ цæссыг, райын дæр хъæуы. Нæ уынаффæ куы лыг кодтам, уæд фарстам
148 (V) <<ф) <^.у (’М (’Ф» <гф>> <'Ф> <'*№ ы (^ «*& ф$ фч (<>Х';> *&&/*><»&> V) Нæ зондджын лæгты. Се ’ппæтæй дæр - бузныг. Дыккаг хабар. Æрыгон Фортинбрас, Мах ницæуыл нымайгæйæ, æнхъæлы, Цыма, куы амард ме ’фсымæр, уæдæй Нæ паддзахад ныддихтæ ис, ныззаууат, Æмæ къæйныхæй домы махæй ныр Æппынæдзух, фæстæмæ, дам, мын раттут, Йæ фыдæй йын мæ кадджын æфсымæр Цы зæххы хæйттæ рамбылдта, гъеуыдон. Ныр байхъусут, цы дзуапп ын дæттæм мах. Норвегийы къарол зæронд у тынг Æмæ уæзхъус, - йæ кæстæр Фортинбрасы Фыдвæндтæ уый нæма зоны бæстон, Æмæ дзы ам, нæ фыстæджы, мах курæм, Цæмæй сын скæна рагацау кæрон: Уый йе ’фсад дары паддзахады хардзæй, Тыхсынц дзы адæм. А фыстæг дæттæм Сымахмæ, Вольтиманд æмæ Корнели. Зæронд къаролæн мах номæй - салам. Уæ бартæ уын фылдæр нæ кæнæм, - дзургæ Куы кæнат, уæд - уæ уавæры æрмæст, Æнæуæлдай дзырдæй. Ныр та - фæндараст: Бæрнон хъуыддагыл тагъд кæнын хъæуы. Корнели, Вольтиманд. Дæ фæдзæхстмæ кæддæриддæр цæттæ стæм. Къ ар о л. Æууæндын уыл. Уæдæ фæндараст ут! - Вольтиманд æмæ К о р н е л и ацæуынц. Ды та, Лаэрт, цы зæгъинаг дæ ногæй? Цыдæр куырдтай. Цы курыс, зæгъ, Лаэрт? Цы хæрзиуæг дæ бахъæуа къаролæй, - Дæ зæрдыл бадар: ницы ис зæххыл, Дæ курдиат цæмæй нæ уа æххæстгонд. Лæджы сæрæн зæрдæ куыд у лымæн, Дзыхæн та къухтæ цас пайда сты, уыйас
Дæ фыд зынаргъ у Данийы бæстæн. Цы курыс - радзур. Л а э р т. Ауадз мæ, нæ бардуаг, Фæстæмæ Францмæ. Кодтой дæу къарол Æмæ дæ рухс бæрæгбонмæ фæзындтæн. Ныр та мæм ног мæ бæллицтæ, мæ хæс, - Хатыр, фæлæ - фæстæмæ сидынц уырдæм. Лæгъстæгæнгæ, дæуæй æз курын бар. Къ ар о л. Дæ фыд та уæд? Цы дын зæгъы Полони? По л о н и. Нæ уагътон исдуг йе ской дæр, къарол, Нæ мæ фæндыд фыццаг, фæлæ фæстагмæ Йæ курдиатыл нал загътон дыууæ. Дæуæй дæр курын, ауадз æй, нæ паддзах. Къ ар о л. Дæ фæндон уæд; фæндараст у, Лаэрт. Дæ бар дæхи, куыд хуыздæр у, кæн афтæ. Уæд Гамлет та, нæ тугхæстæг, нæ фырт? Г а м л е т (фæрсмæ). Фырт - тобæ зæгъ, фæлæ хæстæг - хъыгагæн. Къ ар о л. Дæ цæсгомыл ма сау мигъ бады, и? Г а м л е т. О нæ, æгæр хур дæр ма у мæ цæсгом. Гертрудæ. Мæ дзæбæх Гамлет, саутæ мауал дар! Хæларæй ракæс Данийы къаролмæ. Кæдмæ цæудзынæ зæхмæ кæсгæ ныр? Дæ фыды мардыл цас кæндзынæ сагъæс? Цард афтæ у: цæрæг кæны мæлгæ, Фæцæры, стæй мæрдтæм кæны цæугæ. Г а м л е т. Цард афтæ у. О^^^^^Г^.^^^^^^^^^0^^^^^^^^^
Юи («^ <<*%& <ь#ъ <-*у& г о^» <гяу^ о^<о) о^ Гертрудæ. Уæдæ ма уæд дæ хъысмæт Уæлдай æнкъард цæмæн æнхъæлыс? Г а м л е т. Нæ, Æнхъæлгæ нæ, æхсин, æцæг, æнкъард у. «Æнхъæлынтæ» нæ зонын æз. Мæнæн Мæ сау дарæс, мæ тыхулæфт, мæ кæрзын Мæ уды тыхст нæ равдисдзысты, - уыдон Æрмæст æнкъард æвдисынæн вæййынц, Æмæ æнцон у ахæм хуызы хъазын. Мæ маст та гуыры зæрдæйы бынæй, Мæ сагъæсæн æддæмæ ’вдисæн нæй. К ъ а р о л. Æхсызгон у, æппæлинаг у, Гамлет, Дæ фыды раз цы ’нкъард хæс фидыс, уый. Фæлæ йæ фыд дæхи фыдæн дæр амард, Стæй - уымæн дæр. Рæстæгмæ ’гъдау дæттын - Йæ кадджын хæс у сидзæрæн, хæстæгæн. Фæлæ æдзух мыггагмæ саутæ дар, Дæ зæрдæ мар - нæ, уый æнæгъдау ми у. Нæлгоймагыл нæ фидауы дæ маст, Хуыцауæн дæр æхцон нæу уый, - æвдисы Æнæрхъуыды, æгоммæгæс зæрдæ Æмæ гуымиры, ’нахуыр уды ахаст. Æнæрцæугæ цы мастæн нæй зæххыл Æмæ йæ уаг цæмæн нæй ивæн, уымæн Йæ ныхмæ лæуу, хъынцъымгæнгæ, ау, уый Лæгдзинад у? Нæ, уый тæригъæд ми у Хуыцауы раз, æрдзы раз, марды раз, Нæ зонды раз. Лæгæн йæ зонд фæцахуыр Нæ фыдæлты хъысмæтыл, æмæ мард Куы ’рцæуы, уæд йæхинымæр фæзæгъы: «Цард афтæ у». Дæ хорзæхæй, ныууадз Дæ сау сагъæс æмæ нымай зæрдæйæ Дæ фыдыл мæн. Уадз, дуне зона, ды оооооооооооооооооосоеоооеосооогое^оооеоооеоеоео
(*> ьф’) «Ф>) (•*/*!> <«Х«у (°>У^ с<0<4> С'*Х^ <«*> Кæй дæ хæрз хæстæг паддзахмæ, кæй уарзæм Дæу афтæ мах, йæхи хъæбулы фыд Куыд уарза тынг. Æцæг та Виттенбергмæ Кæй цæуыс ногæй ахуырмæ - нæ, уый Нæ зæрдæтæн хъыг у æмæ дæ курын, Дæ фæндон аив, баззай ам, ныллæуу Нæ цæсты раз, уыдзынæ нын цæстырухс, Нæ ахсджиаг, мыггаджы ныфс, хъæбул. Гертрудæ. Мæ хур, лæгъстæтæ мауал дом дæ мадæй, Ам баззай. Виттенбергмæ нæй цæуæн. Г а м л е т. Æхсин, кæсын æнæсыбыртг уæ коммæ. К ъ а р о л. Гъеуый - æхсызгон, коммæгæсы дзуапп. Ам, махау, у. - Æхсин, цом гъеныр. Гамлет Нæ зæрдæ махæн барухс кодта тынг Йæ разыйæ, æмæ нæ цæрæнбонтæн, Цом, рауадзæм рæгъытæ фынгыл ныр. Уадз сармадзан бæрзонд æрвтæм ныннæра Зæххон хуыцæутты бафидыды цау Æмæ нæ цин уæлæрвтæм хъуыса. Цомут. Иууылдæр, Гамлетæй фæстæмæ, ацæуынц. Г а м л е т. О адæймаг, - фыд æмæ стджыты уаргъ, - Æртхутæг фест, кæнæ æртæхау атай! Гъæй-джиди, уæдæ хи марын хуыцау Куынæ хынцид тæригъæдыл! О зæрдæ! Куыд ницæйаг, куыд мæнг æмæ къуымых Зыны мæнмæ нæ дунейыл æппæтдæр! Æгæнон уаргъ! Фæджидзæггаг ис цард, Раст уардидон куы схæмпæл вæййы, уыйау. Куыд æрцыд а мæнгард хъуыддаг? Йæ мардыл Цæуы дыууæ мæйы. Дыууæ дæр нæ. Цы падцзах уыд! Нæ, ацы стуры раз Уый хур уыди! Куыд хъахъхъæдта мæ мады,
152 а>) ьго) <*г«о о»уГ«>> (<Ф>> Ы<>) (ъуСо) <<■>(«>) С',) (э '<*& >Х^ сг^ *&) «•/*>> «4«:) <->& <«) Куыд æй уарзта: йæ рустыл ын улæфын Нæ уагъта дымгæ. О, зæхх æмæ арв! Цы сæ мысон! Æнгомæй йæм æнгомдæр Цыди мæ мад, цыма æххормаг кодта Фырæфсæстæй. Æмæ мæймæ... Фæлтау Йæ кой дæр нал!.. О устытæ, уæ нæмттæ - Æууæнкхортæ! Нæ фæбадт мæй! Кæугæ Цы басмахъты цыд марды фæдыл, уыдон Нырма сты ног. Æмæ ныр - о хуыцау! - Æнæзонд сырд дæр ма фылдæр фæбыхсы! - Уый амой кодта! Стæй кæмæй - йæ тиуæй, Мæ фыды раз гæвзыкк чи у бынтон, Гераклы раз æз куыд гæвзыкк дæн, афтæ. Мæй, иунæг мæй! Йæ уадултыл æххæст Нæма сты хус йæ фæлитой цæссыгтæ! Нæ, хорзмæ мын нæ расайдзæнис уый! Тъæпп ахау, зæрдæ, хъыпп-сыбыртт дæр ма скæн! Бацæуынц Гораци, Марцелл æмæ Бернардо. Г о р а ц и. Салам дын, принц! Г а м л е т. Æнæнизæй æгас цуай, Гораци, кæд нæ рæдийын æз, уæд. Г о р а ц и. О, уый дæн, принц, мæ хъаймæтмæ дæ цагъар. Г а м л е т. Цæй цагъар, цæ! Æмбæлттæ куы стæм мах. Цы уадтымыгъ дæ ’рхаста Виттенбергæй? - Марцелл цы нæ дæ? Марце л л. Уый, хæрзæгъдау принц... Г а м л е т. Дæ фенд мын цин у. (Бернардойæн.) Де ’зæр хорз. (Горацийæн.) Зæгъут-ма, Цæй аххосæй ныууагътат Виттенберг? сососососоеоеосососоооросососососоеороооооеосоео
0» (<ф) Ь/й <?ф ЬГьд <<фь Мо (г9уг** Щ 153 Г^ г«/^ Гс*/«у Г«*/*5 Ш*о <<>>Х<у ***Х«у Г<*/^ <**) Г о р а ц и. Хæрзæгъдау принц, цыдæр зивæг мыл бафтыд. Г а м л е т. Фыдгул дæр мын нæ зæгъид уый дæуæй, Æмæ мын ам дæхиуыл хахуыр ма кæн. Æз зонын дæу: ды магуса нæ дæ. Фæлтау-ма зæгъ: цы кусыс Эльсиноры? Ам нуазыныл фæцалх кæндзысты дæу. Гор аци. Тындзыдтон æз дæ уарзон фыды мардмæ... Г а м л е т. Хорз нæу æмбалыл афтæ худын. Дæу Зæгъын фæндыд: «Дæ мады чындзæхсæвмæ». Гор аци. Оэ принц, æцæг, æгæр тагъд рауад уый. Г а м л е т. Пайда, Гораци! Хистæн æвæрд фынг Æрдæгхæрдæй чындзæхсæвырдæм разылд. Уæлæуыл уый куынæ федтаин æз, Фæлтау мæрдты куы фембæлдаин знагыл! Мæ фыд, уынын, цыма, мæ разы дæу! Г о р а ц и. Кæм, принц? Г а м л е т. Мæ уды цæстыты, Гораци. Гор аци. Зыдтон æй æз: къарол уыд уый, къарол! Г а м л е т. Лæг уыдис уый, æппæтæй дæр æххæст лæг. Æз нал фендзынæн ахæм лæг зæххыл. Г о р а ц и. Ды баууæнд, принц, уый тæккæ дысон ам уыд. Гамлет. Уыд? Чи? Гор аци. Къарол, дæ дзæбæх фыд. роеоеоооеороеоеооосоеоеоеоеоеооососососоеоеороро
154 («^к^^х*^ ^^&Г&^^&Г&Г^Гк Г а м л е т. Мæ фыд? Г ор аци. Нæ, стъæлфгæ нæ: фæхæц дæхиуыл сабыр Æмæ уал байхъус. Радзурон дын æз, Æвдисæнтæ мæ цуры мæнæ адон, - Æнахуыр дисы хабар. Г а м л е т. Дзургæ тагъд! Г о р а ц и. Дыууæ ’хсæвы фæд-фæдыл ацы адæм, Марцелл æмæ Бернардо, рады сты Æмæ уынынц æдзард мæйдар æхсæвы Æгæнон диссаг: иу æнахуыр лæг Йæ сæрæй раст йæ къæхтæм уыд гæрзифтонг, - Сыгъдæг дæ фыд! - æрбацæуы хæстæг Сæрбæрзондæй. Æртæ хатты сæм базылд Раст къухæмбæрц, сæ цæстæй йæ уыдтой Æмæ-иу джихæй цавддуртау ныйисты, Сыбыртт дæр-иу æм не скодтой, стæй уæд Æрмæст мæнæн сæ сусæг хабар загътой. Æртыккаг æхсæв ацыдтæн æз дæр, Æмæ æцæг, куыд загътой, афтæ рауад: Æрбацыд æндар иу сахатыл ног. Дæ фыды ма хъуыды кæнын: æмхуызон, Мæ ацы къухтау. Г а м л е т. Уæд цы ран уыд уый? Мар це л л. Цы ран фæлæууæм хъахъхъæнæг, уым - фæзы. Г а м л е т. Нæ йæм дзырдтай? Г о р а ц и. Фæдзырдтон æм, фæлæ Нæ радта дзуапп. Уæвгæ, йæ сæр фæзылдта, Цыма йæ раст цыдæр зæгъын фæндыд, ророоосоеоеоеоа^осоеор^ососрг^
Ц, г<«/*) оф>) оф>) <Фо (Фо ('>У<>; <.<*>*') <«) Фæлæ ныууасыд уыцы сахат уасæг, Дæ фыд йæ хъæрмæ фестъæлфыд æваст Æмæ фæаууон. Г а м л е т. Диссаг ма цы уа! Гор аци. Хæрын дын ард мæ удæй, принц, æцæг уыд. Нæ хæс та уыд æргом зæгъын дæуæн. Г а м л е т. Ды раст зæгъыс. Æз иучысыл фæтыхстæн. Чи лæудзæн ахсæв рады? М а р ц е л л æмæ Бернардо. Мах, милорд. Г а м л е т. Æд хотых уыд? М а р ц е л л æмæ Бернардо. Æд хотых. Г а м л е т. Сæрæй къæхтæм? М а р ц е л л æмæ Бернардо. Хæрз æххæстæй. Г а м л е т. Йæ цæсгом уæм нæ зынд? Гор аци. Куыд нæ ма, принц, - йæ цæсгомы згъæр ист уыд. Г а м л е т. Æмæ куыд каст, æлхынцъæрфыгæй? Гораци. Нæ, Тызмæг нæ уыд, - æнкъардæй каст. Г а м л е т. Фæлурс уыд, Æви сырх уыд йæ тыхстæй? Г о р а ц и. Митау, урс. Г а м л е т. Æмæ уæм касти комкоммæ? сосососососососососососососососососососососоеосо
156 (*>) <<ф) «*т ьуг*.) ьф» (’ф) (’ф) оф) ъ\ (<2) сф>) (<фу (фо с«*У*>> с«У% «*/*!> (Ф^ (Ч) Г о р аци. Æдзынæг. Г а м л е т. Хъыгаг, нæ фæдæн уым. Г о р аци. Рызтаис тынг. Г а м л е т. Цынæ вæййы. Æмæ фæцис уым бирæ? Го р аци. Сæдæйы онг фæнымадтаин æз. М а р ц е л л æмæ Бернардо. Фылдæр, фылдæр. Гораци. Нæ уыд фылдæр мæ цуры. Г а м л е т. Йæ зачъе урс уыд? Г о р а ц и. Нæ, бынтон нæма. Фæхаласхæст, уæлæуыл куыд уыд, афтæ. Г а м л е т. Лæудзынæн ахсæв уемæ. Ног та кæд Æрбацæуид. Г о р аци. Æрбацæудзæн, æнæмæнг. Г а м л е т. Æмæ та кæд мæ фыды хуызæн уа - Нæй ’нæ сдзургæ, фæнды мæ хурхæй ласæд Раст зындонмæ. Æрмæст уæ курын æз: Нырмæ куыд дардтат ацы хабар сусæг, Нырæй дарддæр дæр афтæ сусæг уæд. Цыфæнды хабар раргом ахсæв - арф ыл Хъуыды кæнут, фæлæ - сыбыртт дæр нæ. Уæ хæрзиуæгæй хæсджын - æз. Фæндараст! Дыууадæсыл æрбацæудзынæн æз Уæ лæууæнмæ. Иу м æ. Принц, де ’нувыд цагъартæ. сосэооеоео^оророеороеэедеосорос
(*!) <<ф>) (<ф>) (<ф>) С0С*>» (Ф>) ’фу <«/*>) С<*> Г а м л е т. Цагъартæ нæ - лымæнтæ стæм. Хæрзбон. Иууылдæр, Гамлетæй фæстæмæ, ацæуынц. Мæ фыды ’ндар æд хотых! Уый нæу хорз! Цыдæр ис ам! Куы ’рталынг уаид тагъддæр! - Мæ зæрдæ, быхс: цыфæнды сусæг уæд, - Фыдмийæн хъуамæ сбæрæг уа йæ фæд! Ацæуы. 3 С Ц Е Н Æ Уый дæр уым. Уат Полонийы хæдзары. Бацæуынц Л а э р т æмæ О ф е л и. Л а э р т. Мæ дзаума науыл сæвæрдтон. Хæрзбон. О ф е л и. Мæ дзæбæх хо. Куы амона дæ фадат - Фынæй-иу ма кæн, ма мæ рох кæн уæд, - Æрвит хабар. О ф е л и. Гуырысхо ма кæн ууыл. Л а э р т. О, Гамлетмæ та макуы дар дæ хъус. Йæ узæлд сайд у, туджы хъазт, æрра ми, Раст рагуалдзæджы дидинæгау - сыд: Фæзыны æмæ ампылы, йæ хæрздæф Хæссы цæстыфæныкъуылдмæ, стæй уæд Æрбайсæфы. 0 ф е л и. Æрбайсæфы? Л а э р т. Æнæмæнг. Лæджы æрдз канд уæнгтæй нæ вæййы. Буар Куыд рæзгæ цæуа, афтæ, мæнæ дзуарау, Фæрæзынц уым лæджы удыхъæд, зонд. Нырма дæ уарзы, чи зоны, æцæгæй оосооогоооооеосооосэсоеоеооооососооосооое^
1 °о С1^х^с*\ (,хи (гХ"и у^х^-ж*^'} (у офэ ’ «Ху '$Хъ 'п&) '<Х':> '<-Ф:> '«*Ху ’ <!-) Æмæ нæма сты йе ’нкъарæнтæ хæлд. Фæлæ дзы тæрс, - дæ зæрдыл бадар: чи у. Бæрзонд хицау йæ сæрæн хицау нæу. Уый уацар у йæ ран æмæ йæ номæн. Æндæр лæгау ын хи амондмæ нæй Тырныны бар. Нæ паддзахады рухс фарн Йæ дзырд æмæ йæ митæй кæнгæ у. Йæхицæн ницы равзардзæни царды, Æрмæст фæхъусы иннæты фæндмæ Æмæ фæкусы адæмы пайдайыл. Гъеуымæй бамбар, цавæр тасы ран Уыдзæн дæ цард, куыд хъизæмар кæндзынæ, Куыд худинаг, - куы йæм байхъусай, уæд Æмæ, мыййаг, куы бакæсай йæ коммæ. Уæдæ дзы тæрс, мæ хо Офели, тæрс Йæ уарзынæй, дæхи дзы рынау хъахъхъæн, Цæф сæгуытау йæ цурæй дарддæр лидз. Йæ уатмæ чызг мæйрухс куы уадза худын, - Уæд уымæй дæр æгад кæны йæ ном. Æгъдауджыныл æнцонæй бады хахуыр. Бæлас куы нæма ракалы къуыбар, Уæд æй фæхæры калм æппæтæй тынгдæр. Стæй адæймаг, æрыгон ма куы уа, Уæд æй уæлдай фæхъæуы низтæй хизын. Зон, цалынмæ нæма уа фидар царм, Уæдмæ нæ хуыздæр хъахъхъæнæг - æфсарм. О ф е л и. Дæ бацамынд уыдзæн мæ удæн алкæд Йæ хъахъхъæнæг. Фæлæ, о ме ’фсымæр, Мыййаг, æдзæсгом сауджыны ми ма кæн: Фæдзуры уый дæр иннæтæн, зæгъгæ, Сындзджын фæндагыл цæугæ у дзæнæтмæ, Фæлæ йæхæдæг устыты фæдыл Хæты æдзух. Л а э р т. Нæ, ахæм мийæ ма тæрс. Цæй, батындзон. Æрбацæуы нæ фыд. рооосососоооршшэроо^^орор^осоросососороеорз
(*> (с*/^) <**/«>; <*/•>> <«/«У С'*Х«4 («>/*; «*>>) «0 Бацæуы П о л о н и. Дыккаг фæндараст амонд у бæлццонæн. Дыккаг хатт мын фæндараст зæгъ, нæ фыд. По л о н и. Ам ма дæ, цы? Фæхуд дæхиуыл, бавзонг! Куы систа дымгæ науы пæлæз, уæд Ды та кæм дæ? Фæндараст у, фæндараст! Æмæ дæ фындзыл мах фæдзæхст ныффысс: Дæ зæрдæйы бæллиц æргомæй ма дзур, Æнæрхъуыдыйæ мацы кæн хъуыддаг. Хуымæтæг у, æгæр хуымæтæг - макуы. Фæлтæрд æмæ хуыздæр лымæнтæй кæн Æфсæн тæлытæ д’ алыварс, фæлæ Æппæтимæ æгасцуйæ дæ къухтæ Тæппæлттæ ма кæн. Хиз дæхи хылæй, Фæлæ дæ бахъуыд - рахæц-иу уæд афтæ, Цæмæй дæ хизой иннæтæ сæхи. Хъус алкæмæ, дæхæдæг дзургæ - къаддæр, Сæ дзырдæн быхс, дæхи фæндон æмбæхс. Дæхи фæлынд, дæ уавæр куыд у, афтæ: Хъæздыг, уæздан, - æгæр хъулæттæ - нæ, Йæ дарæсæй у адæймаг бæрæг, Уæлдайдæр Францы тынг аргъ кæнынц уымæн Нымды хæрзæгъдау адæм. Ма ис хæс, Æмæ хæс ма дæтт. Хæс дæтгæйæ, сафæм Канд не ’хца нæ - нæ хæлæртты дæр, стæй Æфстау дæттын фæстауæрцимæ знаг у. Фыццаджыдæр дæхи фæндоныл цу, - Уæд, тар æхсæв куыд фæбон кæны, афтæ, Æдзух дæ хъуыддаг рухсдæрмæ цæудзæн. Фæндараст ныр, мæ фæдзæхст дар дæ зæрдыл. Л а э р т. Хæрзбон, нæ фыд, дæ бафæдзæхстæй - бузныг. П о л о н и. Цу, афон у. Æнхъæлмæ дæм кæсынц. сос^ооеое^о^ое^о^еоеоеоеооооосососоеоеоеосорооо
Ы <<>Ы Г<*№ <***) (<*&» &&>> Ы** <"'<>(«>) Г<>) (*> сгК-л <да сда с^) с^ с<*/у Г'Л С'*) Л а э р т. Хæрзбон, Офели, æмæ дар дæ зæрдыл, Цы дзырдтам, уый. О ф е л и. Мæ зæрдæйыл - гуыдыр, Йæ дæгъæл айс. Л а э р т. Уæ дзæбæхтæ мæм хъуысæнт! Ацæуы. П о л о н и. Цæуыл дзырдтат, Офели? О ф е л и. Мах дзырдтам Принц Гамлетыл. П о л о н и. А, афтæ уыд? Æмбæлы. Дзырдтой, цыма дæм тынг арæх вæййы, Цыма йын ды ныфсытæ дæр æвæрдтай, Фæцахуыр, дам, дыл! - Кæд æцæг у уый - Æцæг кæй у, дзырдта мын уый та ахæм, Дæ фæдыл чи каст, - уæд зæгъын дæуæн: Дæ ном æмæ дæ намыс дæ куыд домынц, Дæхи нæ дарыс афтæ хорз, мæ чызг. Цы цæуы уе ’хсæн - зæгъ, æцæг - æргомæй. О ф е л и. Æвдыста мын, рæвдаугæ, цалдæр хатты Йæ зæрдæйы хæлардзинад. П о л о н и. Кæс-ма! Иæ зæрдæйы хæлардзинад! Цы ’мбарыс Зæрдæйæн ды? Кæнæ цы радтай дзуапп, Йæ зæрдиаг рæвдыд кæй хоныс, уымæн? О ф е л и. Цы йын зæгъон - нырма нæ зонын æз. П о л о н и. Æз дын æй амонын: хъуыды кæн арфдæр: гососоооо^ооооо^^^оеооосос^^ос^ор^^^^ц
&*Х«*Х*^Х<**Х*^Х*^«+ь/г'*> 161 С^ г<*/^ Г'*/^ «*/'>> с»Х*у с**Х'^ счХ«у с«мЧ» "*> Ды саби дæ, - куынæ дын дæтта дзырд, Уæд-иу дзырдæй зынаргъдæр исты агур. Кæннод тæрсын: дзырдтæй куы уа уæ хъазт, Уæд худинаг куы рамбулай мæ сæрæн. О ф е л и. Нæ фыд, йæ уарзт æвдыста уый мæнæн Хæрзæгъдауæй... П о л о н и. Хæрзæгъдауæй! Кæсут-ма!.. О ф е л и. Æмæ йæ дзырд кæй бакæндзæн æххæст, Ард хордта ууыл зæд æмæ хуыцауæй. По л о н и. Къæппæг у уый! Æви мæ ферох, туг Куы хъазы, уæд цæйбæрц æрдтæ фæхæрæм! Нæ, ахæм пиллон хъарм нæ кæны, уый Мæнг у, æрмæст цæстытæ тар фæкæны. Æцæг артыл æй ма нымай, мæ чызг. Нырæй фæстæмæ дар дæхи чъындыдæр. Уадз тынг кæна дæ фенынмæ цыбæл. Куы дæм æрвита - ма-иу рацу уайтагъд. Принц Гамлет - уый æрыгон у нырма, Йæ рацыдæн, йæ ныхæстæн нæу хицау, - Дæуау нæу баст. Нæ, принцыл ма ’ууæнд ды, Уæлдайдæр - й’ ардыл. Сомы циу - фæлитой. Иæ рард - æнцон, йæ аргъ та - мур дæр нæ. О, сомытæ фæлитойтæ сты, уыдон, Сыгъдæгудтау, вæййынц уæздан, фæлмæн, Цæмæй æнцонæй асайой. Зæгъын дын: Нæ мæ фæнды, нырæй фæстæмæ къæм Нæ номыл бада Гамлеты ныхæстæй. Æмгæрон дæр æм мауал цу. Цæугæ. Кæс-иу, даезæрдыл дар. О ф е л и. Кæсын дæ коммæ. Ацæуы.
(**> '«*&> '<«&> »Я; 'о*У^ "(я/у ^*/^ >/у ('■?) 4 С Ц Е Н Æ Уый дæр уым. Фæз галуаны раз. Бацæуынц Гамлет, Гораци æмæ М а р ц е л л. Г а м л е т. Æвирхъау уазал! Баргъæвстæн бынтон! Г о р ац и. Раст уæнгты хизы. Хæйрæджыты уазал! Г а м л е т. Ныр цафон уа? Г о р аци. Рæхджы уыдзæн дыууадæс. М а р ц е л л. Нæ, уымæй ахызт. Гораци. Ау? Нæ фехъуыстон. Уæдæ, бæлвырд, ныр тагъд уыдзæнис афон Æндар фæзынынæн. Хъуысы трубаты уасын, сармадзаны æхст. Цы уа уый, принц? Г а м л е т. Къарол фынæй нæ кæны, - кафы, нуазы, Йæ цинæй райы боныцъæхтæм раст. Куы ахус кæны ног нуазæн, уæд та йæ Фæхабар кæны сармадзан, цыма Уый басгуыхт у. Гор аци. Æмæ уæм уый æгъдау у? Г а м л е т. Хъыгагæн, о - æгъдау, фæлæ уый нæу Æвæринаг, уый сафинаг у. Ахæм Æдзæллаг нуæзт нæм кадыл у нымад —Раст хуссарæй цæгатмæ, фæлæ уымæй Нæ худинаг æгас бæстыл ныхъхъæр. Хуытæ æмæ нæ расгуытæ фæхонынц Æддаг адæм. Нæ ном, нæ намыс тынг
Г^ Г«й>>) Г«/«>) («*/*у №>. (ф,, <<ф>) <&*,) <И> Дæлæмæ хауынц, сæфтыл нæ нымайынц. Суанг хицæн лæгмæ, фод сахъат, уæддæр Æнамонд у, - æрдзон ысгьæлф дыл фестæд, Дæхæдæг уымæн азымджын нæ дæ - Ныййарджытæ куы не ’взæрстай дæхицæн! - Кæнæ дын ис æхгæд зæрдæйы уаг, - Дæхи дæр чи нæ фæнды, ахæм; науæд Дæ фæзылд нæу уæздан æмæ рæсугъд, - Цыбырдзырдæй, чысыл сахъат дæр сафы Лæгæн йæ ном æгас дзыллæйы раз, Йæ лæгдзинад, йæ хорз хъуыддæгтæ хъуыстгонд Куы уой, уæддæр. Хуымæтæджы сахъат Фæбынæй кæны бирæ хорз хъуыддæгты. Хъыгаг у тынг. Г о р а ц и. Принц, уартæ и, кæс-ма! Бацæуы æндар. Г а м л е т. Хуыцауы зæдтæ, бахизут мæ мастæй! - Хæрзаудæг æви дæлимон дæ, Уæларвон зæд æви зындойнаг зин дæ, Фыдгæнæг дæ æви нын фарн хæссыс, - Дæ иу фæзынд мæ бандзыг кодта джихæй, Æмæ мын хъуамæ радзурай æргом, Мæ фыд, къарол, нæ бæсты паддзах, Гамлет, Тыхст уавæры мæ ма ныууадз, - зæгъ-ма! Цæмæн сыскъуыдта де стæгдар йæ мæрдцзаг Дæ ингæнæй? Æрæджы дын дæ мард Дæ чырыны æнцад хуысгæ куы федтам, Уæд дæ фæстæмæ дурын табæт ныр Цæмæн сæппæрста? Бацамон нын, мардæй Цæй тыххæй зилыс хотыхтимæ ам, Цæмæн кæныс мæйдар æхсæв тæссагдæр, Æмæ æдых, æдылы удты - мах, Тæрсгæ-ризгæ цæмæн æфтауыс дисыл, Нæ цыбыр зонд куы не ’мбары дæу, уæд? Зæгъ-ма: цæмæн, цы у æмæ цы кæнæм?
164 (<•>) <<*№ (<*Г*Ъ (ч’&Ь «ф>> Оф>) (<ф>) ('»&> (*,] . V ^ -Л -*> -Л. -* <> -^ -V -^ -V -^ %> ’^ "V -* • (?,; г^ Фз №) с*х^ ^А <**Х^ ад <ъ Æ н д а р сиды Гамлетмæ. Г ор аци. Йæ къухæй сиды, рацу, дам, мæ фæдыл. Цыма йæ раст цыдæр зæгъын фæнды Æрмæст дæуæн. Мар ц е л л. Кæс-ма, куыд тынг дæм хаты, Цæмæй йæ фæдыл ацæуай ды дард. Фæлæ йæм ма цу. Г ор аци. Ницæй тыххæй, никæд! Г а м л е т. Ам дзуапп нæ ратдзæн. Цæй, æз æм цæуон. Г о р а ц и. Нæ хъæуы, принц! Г а м л е т. Куыд нæ? Тæссаг æй хонут? Мæ цардæн æз нæ кæнын мурдæр аргъ. Цæмæй уа хъуамæ уый тæссаг мæ удæн? Иæхийау кæд æнæмæлæт дæн, уæд? Уæддæр та сиды. Бацæуон æввахсдæр. Г о р а ц и. Куы дæ басайа арф донмæ кæнæ Тæссаг бæрзонд къæдзæхы тигъмæ, денджыз Кæй быны ниуы, æмæ уым йæ хуыз Куы аива, дæлимонау; мыййаг дæ Куы скæна ’рра æмæ дæ былæй уым Куы расхойа? Бæстондæр акæн сагъæс. Æнæуый дæр сæрзилæн рындзæй лæг Æнæбын арфы денджызмæ куы ’ркæсы, Йæ хъæр æмæ йæ абухынмæ уæд Æрра кæны. Г а м л е т. Йæ сæрæй та мæм сиды. - Цæугæ. - Цæуын. Мар це л л. Ныллæуу!
(«ь, (<*/^ («/*> <*/*) с*х*у с<'>/^ («»/«у («»/*■»; г«»> Г а м л е т. Дæ къухтæ - дард! Гор аци. Нæ, ма цу, принц. Нæ хъæуы. Г а м л е т. Уыцы сидæг Мæ хъысмæт у. Цыма домбай дæн раст, Нытгынг мын кодта ме ’ппæт буары нуæрттæ. Æ н д а р æм сиды. Уый сиды ног. Мæ хæлæрттæ, фæндаг! Йæхи сæ атоны. Куы ’рбавналат - ныццæгъддзынæн уæ кардæй! Цæй, иуварс, дарддæр! - Цу. Дæ фæдыл - æз. Æ н д а р æмæ Г а м л е т ацæуынц. Гор аци. Йæ зонд, йæ хъару нал кæсынц йæ коммæ. Марце л л. Цом мах дæр. Принцæн афтæ уадзæн нæй. Гор аци. Сæ фæдыл цом. Цымæ, цы сайой адон? Мар це л л. Цыдæр æмбийы Данийы зæххыл. Гор аци. Рæствæндаг нæ фæкæн, хуыцау! Марце л л. Сæ фæдыл. Ацæуынц. 5 С Ц Е Н Æ Уый дæр уым. Дардцæр ран уыцьГфæзы. Бацæуынц æ н д а р æмæ Г а м л е т. Г а м л е т. Кæдæм мæ хоныс? Амæй дарддæр - нал.
166 <?^^^^^^^^\ (*> «*&> Фэ №> с«*Х^ <*/*•> <Ф$ «*1о ф) Æ н д ар. Уæдæ мæм хъусгæ. Г а м л е т. Хъусын дæм. Æ н д ар. Æз тагъд Зындонмæ здæхын, сондоны цъæх арты Фыдхъизæмæрттæм. Г а м л е т. О, мæгуыр æндар! Æ н д ар. Тæригъæд нæ, фæлæ лæмбынæг байхъус, Зæрдæбынæй. Г а м л е т. Дæумæ хъусын - мæ хæс. Æн д ар. Стæй - маст исын, куы базонай мæ хабар. Г а м л е т. Цы? Æ н д ар. Æз, æндар, дæ ныййарæг фыд дæн. Тæрхон мын ис, æнæнцойæ æз хъуамæ Хæтон æхсæвæй, бон та судзын арты, Мæ тæригъæдтæ цалынмæ нæ уой Уæлæуыл сыгъд. Мæрдты цы зынтæ ’взарын, Уый сусæг у. Куы сæ радзурин, уæд Мæ хъизæмæрттæн се ’нцондæры койæ Фæхуыдуг уаис,. банцаид дæ туг, Дæ цæстытæ фæхауиккой сæ къуырфæй, Дæ сæрыхъуынтæй алчидæр æваст Ныллæууид арц тызмæг сырды сындзытау. Фæлæ мæлæт зæххонæн дзургæ нæу. О, байхъус, байхъус, байхъус_!_Кæд, мæ хъæбул, Æцæг дæ фыды искæд уарзтай, уæд... Г а м л е т. О ме скæнæг! сооососооососзросососор5х?ос^орорзрооосорорососз
0» ^фу^ ^ф* ^ ег^ (Г^, й> (5) 167 Æ н д ар. Уæд уый маст райс æнаккаг Лæгмарæй. Г а м л е т. Цы? Лæгмарæй? Æ н д ар. О. Лæгмард - Сырддон ми у, мæ амард та - сырддондæр. Г а м л е т. Дзур, дзур, цæмæй æз апæррæст кæнон Хъуыдытæй æмæ мондаг сæнттæй рогдæр Мæ маст исæг. Æ н д ар. Уынын, цæттæ дæ ныр. Фæлæ фынæй цъымарайы мæгъæлда Куы уыдаис, ныррызтаис уæддæр Дæ бынаты. Уæдæ мæм хъусгæ, Гамлет. Ныхас цæуы, цыма фынæйæ калм Мæныл фæхæцыд дыргъдоны. Æлгъаг сайд Фæчынди уымæй данийæгты. Ды, Мæ хъæбул, ды, мæ иунæг, хъуамæ зонай, Дæ фыды марæг калм кæй бады ныр Мæ бандоныл. Г а м л е т. О, цас мæ зæрдæ ’хсайдта! Уый - де ’фсымæр? Æн д ар. О, хи туг æмæ хи стæг Æгадгæнæг, æрдзæй рахаста уый Æлгъыстаг арæхст, чъизи зонд; - лæджы Æррагæнæг! Фæсайдта ус-паддзахы: Æмвæнд, æмбуарæй байдыдтой цæрын. Уæд афтæ тынг æрхауæдус, о Гамлет! Йæ удыхъæд кæмæй кодта бæрзонд, Нæ саргъуыдæй фæстæмæ рæзгæ чи цыд, - Мæ уыцы уарзондзинадæй æрхау,
Æрдзæй лæгдзинад мур кæмæ нæй, уымæ! Фæлæ куыд нæй хæрзæгъдауæн фæцудæн, Фæнды йын хин-кæлæнтæ кæн, уæддæр, Раст афтæ, хæлд уд зæдты ’хсæн куы бады, Уæддæр æлгъæд кæны æмæ йæхи, Хæдмæл хæрæн цы ран уа, уырдæм ласы. Фæлæ, нæй, фод! Сæууон дымгæ фæзынд. Фæтагъд кæнон. Нæ дыргъдоны фæссихор Уыдтæн фынæй, дæ фыдыфсымæр уæд Æрбахъуызыд мæ улæфæн бынатмæ, Æмбæхстæй хаста йе ’лгъыстаджы марг Æмæ йæ хъавгæ ауагъта мæ хъусты, - Марг ахæм, уыд æмæ дзы иу æртах Куы ’рхауа тугыл, ахъары уæд уайтагъд Нæ дадзинты, æмæ нæ туг æваст, Æхсыр куыд сæлы ахсæнæй, раст афтæ Тæгæртæй ахсын байдайы. Æз дæр Гъе афтæ. Фестад ме ’гас буар хæлмаг Æмæ сæ дон æнæнцой уад. Гъе афтæ Фынæйæ байста ме ’фсымæр мæнæн Мæ худ, мæ цард æмæ дæ паддзах-мады: Гъе афтæ рухс хур аныгуылд мæныл Æнæскувгæ мæ тæккæ хуыздæр бонты; Мæ тæригъæдтæ - ме ’фцæгыл æфтыд, Гъе афтæмæй мæ ингæнмæ фæсырдта. О саубон, саубон, саубон! Кæд æцæг Мæ хъæбул дæ, уæд ма ныббар хъæддаг ми; Уæд данийаг къаролты хуыссæнуат Æлгъаг, æнаккаг чъизи митæн ма ратт! Фæлæ куыдфæнды исай маст, дæ уд Сыгъдæгæй дар, дæ мады ныхмæ ма скæн Фыдвæнд, мыййаг. Хуыцауы æмæ йын Йæ намысы уæззау æфхæрд æгъгъæд у. Хорз байрйайГныр. Цæуон. Фæтынг и бон Æмæ йæ рухс хуыссын кæны æрттиваг. Хæрзбон, хæрзбон æмæ мæ ма кæн рох. (Ацæуы.) сосоооеоеоросороаое^осэеогорогоеосоросое
(^ «*/>; г*/*) **/*>> с«/«у о>/у *>>; **/*4 «*> Г а м л е т. О арв! О зæхх! Цæй, чи ма ферох? Зындон? Æнцад, мæ зæрдæ! Фидар лæуу æнцад! Мæбыны цудгæ ма кæнут, мæ зæнгтæ! Лæуут æмраст! - Дæу ферох кæнон? Нæ, Мæгуыр æндар, уа цалынмæ хъуыдыхъом Мæ саст къори. - Дæу ферох кæнон? Æз Мæ хъуыдытæй фæсурдзынæн бынтондæр Мæ лæмæгъ митæ, чингуыты дзырдтæ, Æппæт нывтæ, мæ фароны фыстытæ, - Сывæллонæй йæм чи æрцыди хаст, Æмæ дзы иу - дæ бацамынд, дæ фæдзæхст - Æгас чиныг ныффысдзæни мæ зонд Хæрз сыгъдæгæй. Хæрын æз ард хуыцауæй! - О усбирæгъ, æнаккаг! О лæгсырд! Æлгъаг, æлгъаг, æлгъагæй мидбыл худæг! - Мæ фыссæнтæ, - фæнысан æй хъæуы, Зæгъгæ, ис худæн, æмæ худгæ-худын Цъаммар уæвæн. Кæд алкæм нæ, уæддæр Ис афтæ уæвæн Данийы. (Фыссы.) Цæттæ дæ, Мæ фыдыфсымæр. Ныр мæ нысан дарддæр: «Хæрзбон, хæрзбон æмæ мæ ма кæн рох». Хæрын ыл ард. М а р ц е л л æмæ Г о р а ц и (фæссценæйæ). Принц, принц! М а р ц е л л (фæссценæйæ). Милорд! Г о р а ц и (фæссценæйæ). Цы ран дæ? Г а м л е т. Уый ахицæн! Г о р а ц и (фæссценæйæ). Ого-го-го, милорд! Г а м л е т. Ого-го-го, мæ хорз хæлæрттæ, ардæм! росоророооеосоеоаоеоооо^оеосороророс
170 ?^^^ф^л&лр^рл> (*> <ф*> С^) 0*Х*> ('*Х*> (<*У*1) (<*/*> «#*Л> (1> Бацæуынц Г о р а ц и æмæ М а р ц е л л. Мар це л л. Цы бадæ, принц? Г о р а ц и. Цы ног хабар и, принц? Г а м л е т. О диссæгтæ! Гор аци. Уæддæр? Хъæргæнгæ не сты. Г о р а ц и. Нæ, никæд, принц. Мар це л л. Æз дæр, мæ дзæбæх принц. Г а м л е т. Цæй, хорз. Уæдæ нæ уый æнхъæл та чи уыд... Æниу уый сусæг у! Г о р а ц и æмæ М а р ц е л л. Хæрæм дын ард. Г а м л е т. Нæй Данийы æнаккаг иу дæр ахæм, Фæлитой митæм чи нæ уа дæсны. Г о р а ц и. Æндар нæ хъуыдис ингæнæй, цæмæй нын Зæгъа рæстдзинад уый хуызæн. Г а м л е т. Æцæг. Уæдæ æнæ уæлдай ныхасæй райсæм Кæрæдзи къухтæ, стæй фæйнæрдæм цом. Сымах уæхи фæндаг æмæ хъуыдцæгтæм, - Нæ алкæмæн дæр ис фæндтæ, хъуыддаг, - Æз та - мæхи; хæрз иунæгæй фæцæуын Хуыцаумæ кувæг. Г ор аци. Уыдон дын, милорд, Хæццæ ныхæстæ сты.
(?у (<ф) сТф) ^ф) <?ф>) <<ф>) (’фй Гф>> <Ь) (ь} <ф>) <<ф>) <;»Х*о <«У*у (<*У60 (Ф-; &>*>> С'*> Г а м л е т. Хæрам мæм фестут? Уæдæ хатыр. Г о р а ц и. Фыдвæнд дзы нæй. Г а м л е т. Нæ, ис дзы Фыдвæнд, Гораци, ард хæрын Патрикæй! Цы аууон федтам, раст у уый, бæлвырд. Фæлæ мæ уымæй ма фæрсут бæстондæр. Уæ хорзæхæй. Ныр та, æфсымæртæ, Æмсалдæттæ, æмахуырдзау æмбæлттæ, Уæ бæрнонхæс... Гор аци. Цæттæ стæм мах, милорд. Цы федтам, ууыл иу сыбыртт дæр - нæ. Г о р а ц и æмæ М а р ц е л л. Æмбарæм, принц. Г а м л е т. Ард бахæрут. Гор аци. Мæ номæй Æз ард хæрын. Мар це л л. Мæ номæй ард хæрын. Г а м л е т. Гъа: мæнæ кардыл. Марце л л. Расомы дын кодтам. Г а м л е т. Нæ, нæ, мæ кардыл бахæрут ам ард. Æ н д а р (æдде). Ард бахæрут! Г а м л е т. А-гъа, зæронд, дæу дæр куы фæнды! Хъусут, Цы дзуры, уый? Ард бахæрут уæдæ.
172 ^^-^4^%^^^^^ (у <Фу счл^ егд^ <«Х^ ^уэ с<Фу «Ф$ <•*) Г о р а ц и. Зæгъ нын æй, куыд? Г а м л е т. Цы базыдтам, уый сусæг Кæй дардзыстут. Дæ къух мæ кардыл дар! Æ н д а р (æдде). Ард бахæрут! Г а м л е т. А, ам та дæ? - Цом иуварс, Æмæ та карды фистоныл хæцут. Ард бахæрут, цы базыдтат, уый сусæг Кæй дардзыстут. Мæ кардыл дар дæ къух. Æн д ар. Ард бахæрут! Г а м л е т. Зæронд куырм уыры, къахыс Иттæг тагъд зæхх! - Ног аивæм нæ ран. Г о р а ц и. О бон, о ’хсæв! Цы ма уа уæдæ диссаг! Г а м л е т. Нæ, уыдон нырма уадиссæгтæ не сты. Æрдзыл, Гораци, уадиссæгтæ ис, Кæй не ’мбары дæ зондджын философи. Фæлæ та ног ард бахæрут, - мæн сом Цыфæнды хуызы фенат, йе - мæхицæй Цыфæнды скæнон - мацы ской кæнут Мæ хъæзтытæй; уæ къухтæй мацы ’вдисут, Уæ сæртæ афтæ ма тилут, дзыхæй Уæхи, дæснытау, макуы стаут афтæ: «Мах зонæм уый»... «Нæ фæнды мах, æндæр»... «Куы нæ фæндид»... «Мах радзуриккам диссаг»... Цыбырдзырдæй, цы фехъусат мæнæй, Сыбыртт дæр ууыл макуы скæнат хъуамæ, - Гъеуый фæдыл у ард, æмæ хуыцау - Уæ хъахъхъæнæг. Æ н д а р (æдде). Ард бахæрут! рзре^^оеоророаоеосзр^^осососос^
Г^ г«уС*> г,*/^ („/*у с<^ С<^ С,^ (,»/^ Г<))>> Г а м л е т. Æнæнцой, Тыхстуд æндар! - Мæ хæлæрттæ, ныр та, Уæ уарзгæйæ, мæ уд кæнын уæ бæрны. Хæлардзинад æвдисынæн зæххыл Цы бахъæуа - сæ иуæй дæр уын Гамлет Нæ зæгъдзæн сомбон «нæ». Ныр иумæ цом. Æмæ-иу дарут уе ’нгуылдзтæ уæ былтыл. - Зæрдæскъуыд дуг, æлгъыст фæуай, - цæмæн Ныййардтай ныр дæ бандидзынæн мæн? Цæй, цомут иумæ. Ацæуынц. ДЫККАГ АКТ 1 С Ц Е Н Æ Эльсинор. Уат Полонийы хæдзары. Бацæуынц П о л о н и æмæ Рейнальдо. П о л о н и. Айс, ам - æхца æмæ фыстæг Лаэртæн. Рейнальдо. Мæ быгъдуан фод. П о л о н и. Хорз бакæнис, бæргæ, Уæ фембæлыны размæ, къахгæ, смудгæ, Куы базонис, йæхи куыд дары, уый. Рейнальдо. Уый хъавыдтæн мæхæдæг дæр. По л о н и. Иттæгхорз. Æппæлын дæ. Фыццаг уал бафæрс ды, Парижы чи ис Данийæ, куыд цæрынц, Хъæздыг, мæгуыр, - кæйтимæ сты лымæн, Цы куыст кæнынц; куы раргом уа, мæ фырты
174 р+Ър^+Ф+ьф^р^ ьыу (^ Офу С*)('у ф}ь} С^ (<*/^ <Ф>) «ф<> <!*) Кæй зонынц, уый, уæд ноджы арфдæр бырс Æмæ сæ фæрс, цыма йæ дардæй зоныс: «Йæ хæлæртгы, йæ фыды йын зыдтон, Йæхи дæр афтæ иучысыл». Æмбарыс? Рейнальдо. Иттæг, милорд. По л о н и. «Йæхи дæр ын зыдтон, Фæлæ, - дæ дзырдтыл афтау тагъд, - хæрз чысыл Æмæ кæд уыцы загъдкъахæг у, уæд Уый сонт у тынг». Æмæ йыл амай, мардау, Цыдæриддæр, æрмæст йæ ном æгад Куыд нæ фæуа, - о, уымæй-иу æй бахиз. Фæлæ йæ сонтæй, бархийæ лæппу Цы алыгъуызон ’рра митæ фæкæны - Æвæр ыл сæ! Рейнальдо. Уæд къамæй хъазын та? П о л о н и. Табуафси. Хылтæ, æлгъитын, нуазын, Стæй загъд къахын, о, уый дæр-иу сын зæгъ. Рейнальдо. Милорд, мыййаг, æвзæр куы уа йæ номæн! П о л о н и. Цæмæн? Нæ, уый, куыд зæгъай, уымæй у. Иæ ном æгæр цæмæй фегад уа, ахæм Егъау азым нæ зæгъдзынæ. Цæмæн? Ды йын йæ хъæнтæ ахæм хуызы бавдис, Цæмæй сын аххос фенхъæлой æрмæст Æвзонгдзинад, тæлтæг лæппуйы сонтад, Æнæдомд туг æмæ сæрибар зонд, - Сты уыдон баргæ. Рейнальдо. Не ’мбарын æххæстæй... П о л о н и. Цæмæн хъæуынц дæу уыдон? р^^^еоеоеэ<?æоезсррэс^дс^9рос5^^
(^ ю/*) <**/*>) р*/*у о»/*у С'»/^ *»/«•; с*/*-^ ^ Рейнальдо. 0, милорд, Цæмæн хъæуынц? По л о н и. Мæ дзырд дæ зæрдыл бадар, - Нæ хъуыддагæн уый зондджын амынд у: Куысты чысыл куыд ачъизи уой къухтæ, Мæ фырты уыйбæрц рафаудзынæ ды, Æмæ кæй фæрсай - радзурдзæн дын уайтагъд, Æвзæрæй йыл цы фехъуыста, кæнæ Цы федта, уый: зæгъæм, уый дзуры афтæ: «Мæ хæлар», науæд «сэр», кæнæ «милорд», - Йæ уæздан ном, йæ хъомылдзинад, йе ’гъдау Куыд домынц, афтæ... Рейнальдо. Раст зæгъыс, милорд. По л о н и. Æмæ дын гъеуæд... гъеуæд дын, æнæмæнг... Цы зæгъинаг уыдтæн, цы? Ард хæрын, цыдæр зæгъынмæ хъавыдтæн. Цæуыл ныллæууыдтæн, цæ? Рейнальдо. «Мæ хæлар», науæд «сэр», кæнæ «милорд»-ыл. По л о н и. О, о, - уæд дын зæгъдзæн.. .А-гъа! - Зæгъдзæн: «Æз зонын уыцы сонт лæппуйы хорз. Æндæрæхсæв, йе дысон, ахæмтимæ Уыд ахæм ран, уым хъазыдысты къамæй, Уыдысты нозтджын æмæ кодтой загъд». Кæнæ зæгъдзæн: «Æвдисæн дæн, кæй вæййы, Уæййаг сылтæ цы хæдзары сты, уым, Æмæ фæкæны хæлд митæ». Гъе, афтæ. Æмбарыс ныр? Æнгуырыл асадз уаллон Æмæ йыл ахс рæстдзинады кæсаг. Гъе афтæ мах, æмбаргæ, зондджын адæм, Æрзилæм дардыл, иувæрсты, цæмæй Къæдз фæзилæнты раст фæндагмæ бафтæм.
176 (*>) <<*Г<>) <^У«0 Ш^ <'*№ Ы^ ('*&> Ы*Ъ г'») <ф сда С^ С*Х*> С'*А^ С’’/’У л*/^ ^Лг2> Ф Мæ фырты уаг дæр ахæм хуызы базон. Цæй, бамбæрстай? Нæма? Рейнальдо. Иттæг, милорд. П о л о н и. Уæлахиз у, рæствæндаг. Рейнальдо. Бузныг, ме ’лдар. П о л о н и. Йæ фæдыл зилыс - ма базонæд уый. Рейнальдо. О, нæ, милорд. П о л о н и. Уæвгæ, цыфæнды дзурæд, Йæ бар йæхи. Рейнальдо. Æмбарын. П о л о н и. Хорзыл амбæл! Рейнальдо ацæуы. Бацæуы О ф е л и. Офели! Циу, цы кæныс? О ф е л и. О хуыцау! Куыд фæтарстæн! П о л о н и. Цæмæй? Хуыцау - дæ хизæг! О ф е л и. Цыдæр хуыдтон, æваст мæм бауад Гамлет Бæгъæмсар æмæ гомтарæй; бынмæ, Йæ зæвæттæм йæ цъындатæ æрхаудтой, Дзæгъæлдзаст, ризы, уæрджытæ цыдæр Зыр-зыр кæнынц, цыма мæрдтæй æрхæццæ, Цæмæй мын уымы хабæрттæ зæгъа. П о л о н и. Фыруарзтæй сæрра. о^ооосоо^%^о^^^^^^осо^^^^^^^^^^ц
0» ЬГ*» ЪГ*>) ЪГо) Сфь ьуг.) Сфо <*ф» Ъ} <ь} (ф) с<ф>> <>*Х*о ад сад («»/*у а»*э «0 177 О ф е л и. Афтæ мæм нæ кæсы, Фæлæ тæрсын. П о л о н и. Æргомæй дын цы загъта? О ф е л и. Йæ рахиз къухæй ме ’нгуылдзыл хæцыд Æмæ лæууыди къахдзæфбæрц æддæдæр, Иæ галиу къухы аууонæй мæм каст, Цыма мæ, раст нывгæнæгау, хуыз иста. Фæкаст мæм бирæ, комкоммæ, лыстæг, Къух ауыгъта, æркуывта мын йæ сæрæй, Стæй афтæ тынг ныккæрзыдта, цыма Йæ зæрдæйæ фæстаджы улæфт сирвæзт; Мæ къух мын суагъта, адард ис мæнæй, Йæ уæхсчы сæрты каст мæнмæ фæстæмæ. Цыд размæ уый, йæ каст та уыд мæнмæ. Суанг къæсæрæй куы ахызтис, куы адард, Нæ мæ систа йæ цæстытæ уæддæр. П о л о н и. Мæ фæдыл цом æмæ къаролы ссарæм. Фыруарзынæй фæцудыдта йæ зонд, Мыййаг, фыдми куы бакæна йæхицæн, - Æрыгон уд цынæ бæллæх кæны! О, ахæм у лæджы хъысмæт нæ зæххыл, Фæхъазы нæ, фæхуды ныл. Хъыгаг! Кæд æм, мыййаг, тызмæг уыдтæ фæстаг хатт? 0 ф е л и. Нæ, не ’нхъæл дæн, фæлæ дæ фæдзæхст зонын: Нæдæр йæ фыст æмæ нæдæр йæхи - Нæ сæ уагътон мæхимæ. П о л о н и. Гъемæ^- сæрра! Фæсмон кæнын, кæй йæ нæ зыдтон хорз. Æз афтæ ’нхъæлдгон, зæгъын, кæд рæузонд у, Фыдвæнд кæны. Фæрæдыдтæн, бæлвырд. 12
1 /О (Я> л,Х^ <*Х*> с-*Х^ с*Х^ ^ «Фэ Ф<> о«; Хуыцау - æвдисæн, кæстæртæ рæдийынц Æнæмæтæй, фæлæ зæронд лæгтæ Фырзондджынæй æнæнхъæлы рæдийынц. Цом паддзахмæ, нæ хабар ын зæгъæм. Æргом куы уай, куы не ’мбæхсай дæ уарзын, Уæд дæм фæстагмæ ничи хæсдзæн азым. Цом. 2 С Ц Е Н Æ Уат галуаны. Бацæуынц къарол, Гертрудæ,Розенкранц,Гильденстерн æмæ фæсдзæуинтæ. Къ ар о л. Салам уын, Розенкранц, стæй Гильденстерн! Уæ фендмæ мах бæллыдыстæм, фæлæ ма Уæ фæсидтæн егъаудæр аххос уыд. Æвæццæгæн уæм фехъуыстаид, Гамлет Хуызæн кæй нал у. Фендæр ис бынтон Йæ уынд, йæ зондæн бамбарæн дæр нал ис. Йæ фыд кæй амард, уымæй дарддæр ма Йæ уд цæмæй фæсахъат - ницы зонæм. Сымахæй курын, йе ’мгæрттæй, - сымах Уый зонут хорз суанг уе скъолайы бонтæй, - Фæкæсут æм, фæлладуадзæн рæстæг Ам арвитут. Æдзухдæр зилут йемæ, Æмбырдæй хъазут, ирхæфсут уæхи, Æмæ, амал цы ран уа, уым дзы, хъавгæ, Йæ низы сусæг ракъахут, цымæ, Цæмæй тыхсы, кæнæ ма йын цы хос и. Гертрудæ. Нæ хъæбул арæх мысыди сымах. Æвæццæгæн, нæ дунейыл сымах бæрц Нæ уарзы никæй. Кæд уæ фадат у, Уæд нын хæрзиуæг ракæнут - уæ рæстæг Нæ ныфсы тыххæй ма скæнут æвгъау, рооооооооооооооооороеоеоеороеосоеоророеоеорэеэез
о>) (Гф ?ф) ъго) <?ф>) (<,/*,) 0;)Г*>) ьу*» ъ> 179 С^ л»/*,) с*А; (•»/*!) С'*Х^ счХ^ с«*>4> счУ^ («•> Уæ лæггад та нæ падцзахы лæвæрттæй Нæ уыдзæн рох. Розенкранц. Цытджын паддзæхтæн у Сæ бон æппæтдæр, бирæ сын ис бартæ Сæ фæнд æххæст кæнынæн, - кургæ нæ - Сæ бон у домын. Гильденстерн. Фæлæ мах уæддæр, Сæргуыбырæй, нæ зонгуытыл уæ разы Лæууæм цæттæйæ, паддзæхтæ, цæмæй Уæ бардзырд райсæм. Къ ар о л. Бузныг, Розенкранц, Стæй Гильденстерн. Гертрудæ. Стыр бузныг, Гильденстерн, Стæй Розенкранц. Уæ хорзæхæй, уæздæттæ, Ныр ахизут нæ фыртмæ. Нал у уый Йæхи хуызæн! - Нæ фæсдзæуинтæй исчи! Цу, Гамлетмæ сæ бахæццæ кæнут. Гильденстерн. Хуыцау зæгъæд, уæ фæнд æмæ нæ фæзынд Цы фæуой принцæн хос. Гертрудæ. Хуыцау зæгъæд. Розенкранц,Гильденстерн æмæ фæсдзæуинтæ ацæуынц. Бацæуы П о л о н и. П о л о н и. Цытджын къарол, Норвегийæ дзæбæхæй Æрбаздæхтысты минæвæрттæ. Къар о л. Ды Кæдцæриддæр æхсызгон хабар хастай... П о л о н и. Æмæ хæсдзынæн алкæддæр, къарол. Хуыцауы раз мæ уд сыгъдæгæй дарын,
1ои с*о <<*х*ь <<»х*ь ('»х«ъ ы*>> ы»> ьх<>) <'*о* °>) ф г^ с^ е*Х^ с«*Х^ №; С!/«у «^ (.,; Къаролы раз та ’ххæст кæнын мæ хæс. Ныр та - цы ног цау радзурынмæ хъавын? Кæнæ ам магъз ныззæронд æмæ дарддæр Фæдылдзог куыдзæн нал бæззын, кæнæ Йæ низы аххос базыдтон æз принцæн. Къ ар о л. О, тагъддæр дзур. Фæнды йæ зонын мæн. По л о н и. Къарол, фыццаг уал минæвæрттæм байхъус, Мæ хабар та дын - адджинаг, фæсхæрд. К ъ а р о л. Дæ хорзæхæй, уæдæ сæ размæ акæс. П о л о н и ацæуы. Хъуыстай, Гертрудæ, - базыдтон, дам, æз Уæ фырты зонд фæцудынгæнæг аххос. Гертрудæ. Фæсмойнагæн, ам иунæг аххос и: Къаролы мард, стæй чындзæхсæвы батагъд. Къ ар о л. Бæрæг уыдзæн. БаздæхыПолони Вольтиманд æмæ Корнелиимæ. Салам, хæлæрттæ! Цæй, Куыд, Вольтиманд, норвегиаг цы ’рвиты? Вольтиманд. Æрвиты уын уæ саламмæ салам. Æфсæдтæ нал æмбырд кæнынц уæ ныхмæ. Лæмæгъ, рынчын æмæ зæронд къарол Æрцыди сайд: йæ кæстæр Фортинбрас ын Дзырдта, зæгъгæ, уæ ныхмæ нæу йæ хæст, Хæцынмæ, дам, æз Полынæимæ хъавын. Фæлæ йæ фæнд куы раргом, уæд къарол Фæсидт йæхимæ кæстæр Фортинбрасмæ Æмæ йæ бафхæрдта. Уæд Фортинбрас Ард бахордта, кæй не схæцдзæн уæ ныхмæ. Фæцин ыл кодта зæронд къарол уæд, О^ЖГ&^Ы^^фЖ^ЖЖ-ЖЖЖ^^Жф^^^Ж-^
$у аф.у оф>) с*У^Г с<#^ "с<*Х^ С'*Х^> С'*У^ <ч> Æртæ мины йын фидцзæни мызд афæдз, Æмæ йын радта бар, цæмæй, цæттæ Цы ’фсад фæкодта, араст кæна уыдон Æвæстиатæй Полыиæйы ныхмæ. Дæуæй та куры ацы ран, (Гæххæт æм дæтты.) Цæмæй йын Дæ зæххыл йе ’фсад ауадзай цæуын: Хъыгдардæй дзы кæй ницы ’рцæудзæн, ууыл Сæрмагондæй ис а гæххæтты фыст. К ъ а р о л. Уæ хъуыддæгтæй иттæг разы стæм мах. Бæстон та сæм æркæсдзыстæм фæстæдæр Æмæ йын дзуапп дæр ратдзыстæм. Ныр та - Уæ куыстæй бузныг. Суадзут ныр уæ фæллад. Изæры та нæм рацæут куывдмæ. Цæй, фенынмæ уал. Вольтиманд æмæ К о р н е л и ацæуынц. По л о н и. Хорз ахицæн хъуыддаг. Къарол - къарол у, йе ’ххуырст та - æххуырст. Рæстæг - рæстæг у, бон та - бон, æхсæв та - Æхсæв, - æцæг у уыцы хъуыды - нæу, Куы райдайæм мах уыдæттыл быцæу, Уæд уæгъды сафæм бон, æхсæв - нæ рæстæг. Цыбырæй дзурын - зонды нысан у, Фырдзурын та цæстысындз у хъуыддагæн. Гъеуый адыл цыбыр дзурын: уæ фырт Фæзонддзыд и, - йæ зонд кæмæн фæцуды, Уый зонддзыд у, о, ацæуы йæ зонд, - Цыбырдзырдæй... Гертрудæ. Æнæхъазгæ, бæлвырддæр. П о л о н и. Ам хъазт куы нæй, мæ буц æхсин. Æрра с<х>^орррос>шороеос^æфоа^
182 г«>) <<*№ <да «да (-Ф*> (гФ>> °ф> (,*&> (с') (л> ^; &Х*9 №; ('ХЪ ьХ''1) (<Х01) <»Хо **) Æцæг у уый, стæй йе ’цæг та хъыгаг у, Хъыгаг та - йе ’цæг. Хорз кæронбаст нæу. Фæлæ, цæй, фод. Æнæхъазгæ зæгъдзынæн. Зæгъæм, æрра у. Ау, æмæ цы уа Йæ низы сæр, йæ фæсахъатæн аххос? - Сахъат уа, низ уа - ницы у уæлдай, Низ расайы сахъат, сахъат та низ у. Æмæ цы у, уый базонинаг у. Цыхуызы уæд? Мæнæн ис чызг, мæхи чызг, Мæ бардзырдæй мæм радта мæнæ ай. Æз æй кæсын, сымах лæмбынæг хъусут. «Уæларвон, мæ уды дзуар, мæ цæсты рухс Офели». Уый хæрз æвзæр ныхас у, ихсыд ныхас: «Мæ цæстырухс» - ихсыд ныхас у. Фæлæ хъусут дарддæр. Мæнæ. «Дæ диссаджы урс- урсид риуыл дыууæ»... æмæ афтæ дарддæр. Гертрудæ. Уый Гамлет фыссы чызгмæ? П о л о н и. Багъæц иуцъус, Æз сæ фæд-фæдыл бакæсон, æхсин. (Кæсы.) «Ды ма ’ууæнд мæйыл, хурыл, - Фæливынц нын нæ цæст, Æууæнд, - дæуæн æз дзурын, - Мæ уарзыныл æрмæст. О мæ зынаргъ Офели, æз лымæн нæ дæн стихарæзтимæ. Рифмæтæй уынæргъын - уый мæ лæмæгъдзинад нæу. Фæлæ дæу æз тыхджын кæй уарзын, о мæ дунейы рухс, баууæнд ууыл. Хæрзбон. Мыггагмæ дæу уыдзынæн æрмæст, цалынмæ зæххы къорийыл æрттива мæ цæст. Гамлет». Гъеуый райстон мæ коммæгæс чызгæй. Æмæ мын ноджы радзырдта, цы ран Кæд фембæлд йемæ уарзыны хъуыддаджы. Гертрудæ. Цы дзуапп ын радта уæд, цымæ, дæ чызг йæ уарзынæн? П о л о н и. Зæгъут-ма: чи мæ хонут, Уæ хорзæхæй?
о>>^^&^^^^^^ 183 Къ ар о л. Ды дæ æнувыд лæг, Стæй - намысджын. П о л о н и. Нæ ауæрдын мæ удыл. Фæлæ сымах цы хуыдтаиккат мæн, Æз - уыцы уарзт йæ тæккæ гуырдзыл фенæг - Хæрын уын ард, йæ уарзын ын зыдтон Мæ чызгæй раздæр, - цавæр мæ хуыдтаис, Ды, буц æхсин, æмæ ды, хорз къарол, Æз сæм куы ницы скодтаин сыбыртт дæр, Фæрсæрдыгæйкуы кастаин æнцад, «Сæ бар - сæхи» куы загътаин! Æрра мæ Хуыдтаиккат. Нæ, æз мæ чызгæн уæд Цæстæй-цæстмæ æвæстиатæй загътон: Принц Гамлет принц у, уый дæуæн нæу къай, Нæдæр уыдзæн. Ныффæдзæхстон ын: хъуамæ Дæ зæрдæйыл ды сæвæрай гуыдыр. Фыстæг дæр нал, йæ лæвæрттæ йын аздах. Мæ чызг мæ коммæ бакаст, æмæ принц, Йæ фæнд куы фæсыкк, байдыдта уæд сагъæс, Фæлыгъд йæ хуыссæг, нал æм цыд хæрын, Æнкъард кæны, йæ хуыз фæцыд, æрлæмæгъ, Фыццаг чысыл фæцудыдта йæ зонд, Стæй уалынмæ уæззау рынчынмæ рахызт Йæ сагъæсæй. Къ ар о л. Дæумæ куыд кæсы? Гертрудæ. Раст. Æууæндын ыл. П о л о н и. Зæгъут-ма иунæг хабар, Æз «афтæ у» кæмæй дзырдтон æмæ Æндæр чи рауад? Къар о л. Никæд уыдис ахæм. с оо ор оо ор оо ор -оа^р оо оо ор ор ор ра^>р зс ое ос ор ог оо ор ор о
П о л о н и (амоны йæ сæр æмæ йæ уæхсчытæм). Дæттын уын ай æз ардыгæй лыгæн, Ныр дæр та раст дæн. Дæлзæхх уæд рæстдзинад, Æндахвæдыл æй ссардзынæн уæддæр. Къар о л. Куыд æй базонæм мах та? П о л о н и. Уый æнцон у. Уый хатгай мæнæ авджын тыргъты, ам, Фæкæны тезгъо. Гертрудæ. Уый æцæг у афтæ. П о л о н и. Мæ чызджы йæм æрбарвитдзынæн æз, Лæудзыстæм мах та фæсæмбæрзæн сабыр, Æмæ сæм бакæс. Кæд мæ чызджы уый Нæ уарза, кæд нæу уарзынæй йæ рынчын, Уæд æз уынаффæйы лæг нал дæн, уæд Æз сургæ дæн. Къ ар о л. Цæй, хорз, разы дæн демæ. Гертрудæ. Æд чиныг уæртæ ’рбацæуы, мæгуыр. П о л о н и. Уæ хорзæхæй, уæ дыууæ дæр цæугæут. Æз ыл мæхæдæг фембæлон. Къарол,Гертрудæ æмæ фæсдзæуинтæ ацæуынц. Бацæуы Г а м л е т. Хатыр. Цыхуызæн у мæ дзæбæх æлдар Гамлет? Г а м л е т. Тынг хорз, табу хуыцауæн. П о л о н и. Зоныс мæ, милорд? Г а м л е т. Иттæг хорз. Ды дæ кæсæгтæуæйгæнæг.
^ <^^д^^ 185 П 0 Л О Н И. Нæ, цытæ дзурыс, милорд? Г а м л е т. Æвзæр дын нæ уаид уый хуызæн намысджын уæвын. П о л о н и. Намысджын, милорд? Г а м л е т. 0, сэр. Мах рæстæджы дæс мин адæймагæй æрмæст иунæг вæййы намысджын. По л о н и. Уый иттæг раст у, милорд. Г а м л е т. Суанг ма хур дæр, рухсы бардуаг, йæ тынтæ хæдмæлмæ куы саразы, уæд æй скæлм кæны... Чызг дын ис? По л о н и. Ис, милорд. Г а м л е т. Ма йæ уадз хурмæ. Гуырдз - арфæйаг у, хорзæх, фæлæ дæ чызгмæ куы фæзына - ракъуыпп уыдзæн. Мæ хæлар, хъахъхъæн æй. П о л о н и (фæрсмæ). Нæ загътон, нæ? Иуырдæм, иннæрдæм æмæ та фездæхы мæ чызгмæ. Раздæр æй нæ зыдтон. Кæсæгтæуæйгæнæг, дам! Арф бацыдис, о! Уæвгæ, ме ’рыгонæй, æз дæр бирæ хъизæмæрттæ бавзæрстон уарзондзинадæй! Амæ мæ бирæ нал хъуыди. Бафæрсон та йæ. - Цы кæсыс, милорд? Г а м л е т. Дзырдтæ, дзырдтæ, дзырдтæ... По л о н и. Æмæ цы дзуры, милорд? Г а м л е т. Чи «цы дзуры»? По л о н и. Зæгъын: цы дзуры чиныг, цы кæсыс, уым дзырд цæуыл цæуы? Г а м л е т. Хахуырыл. Фæлитой сатирæфыссæг æвдисы, зæрæдтæн, дам, сæ зачъетæ урс вæййынц, сæ цæсгæмттæ - æнцъылдтæ, сæ
186 р^^^^щ^^^^л Оз) <ф>) ^Х^ егл^ ад сч/’у с<*/^ '«Ху с*) цæстытæй тæдзы бæзджын писи æмæ балы чъиу, сæ сæрты, дам, зонд нал вæййы, се ’гъдты - хъару. Æз, сэр, уыдонæн се ’ппæтыл дæр æууæндын, фæлæ сæ мыхуыры уадзын - æдзæсгомдзинадыл нымайын, уымæн æмæ, ды дæр, хорз лæг, ныртæккæ мæ карæн зæронд лæг уаис, фæстæмæдзу хæфсау, дæ фæстагæй размæ куы цæуис, уæд. П о л о н и (фæрсмæ). Кæд æрра у, уæддæр йæ ныхæстæ фæд-фæдыл æвæрд сты. - Милорд, дарддæр айсиккам нæхи гом уæлдæфæй? Г а м л е т. Кæдæм, ингæнмæ? П о л о н и. Æцæгæй, дарддæр зæгъæн нæй. (Фæрсмæ.) Куыд арф зондджын вæййынц хаттæй-хатт йæ дзуаппытæ! Ахæм цыргъзонд арæх æрцæуы æрратæм, æнæсахъат адæммæ та - стæм хатт. Æниу, цон, æрымысон, тагъддæр æй цыхуызы фембæлын кæнон мæ чызгыл. - Мæ кадджын принц, бар мын ратт ацæуынæн. Г а м л е т. Мæ бон дын ницы раттын у уымæй æхсызгондæрæй. Мæ удæй уæлдай, мæ удæй уæлдай, мæ удæй уæлдай. П о л о н и. Æнæниз у, принц. Г а м л е т. О, ацы зынбыхсæн зæронд сæрхъæнтæ! Бацæуынц Розенкранц æмæ Гильденстерн. П о л о н и. Принц Гамлет уæ хъæуы? Уый мæнæ ис. Розенкранц. (Полонийæн). Бузныг, сэр. П о л о н и ацæуы. Гильденстерн. Нæ кадджын принц! Розенкранц. Нæ зынаргъ принц!
Г*, <ф.) (ф>) (ф0 (ф0 (ф0 (фи (ф.) съ) Г а м л е т. Ба! Ме ’рдхæрдтæ! Ды дæ уый, Гильденстерн? Ды - Розенкранц? Мæ хæлæрттæ, куыд цæрут? Розенкранц. Зæххон цæрджытæй алкæйау - цæрæм. Гильденстерн. О, амондæй - æгæр амондджын не стæм. Нæ дары мах йæ худы сæр хъысмæт. Г а м л е т. Ау, уæдæ уæ йæ уафсы бын фæдары? Розенкранц. Сæ иуы дæр - нæ æмæ се ’ннæйы дæр, принц. Г а м л е т. Уый хорз у, иттæг хорз. Фæлæ уæм цы ног хабар нс? Розенкранц. Ницы, принц; æрмæст а дунейыл фæзындис намыс. Г а м л е т. О, уæд хъаймæт æрхæстæг ис. Уæвгæ, уæ хабар мæнг у. Æниу, бæстондæр адзурæм. Цæмæй бацыдыстут, мæ хæлæрттæ, хъысмæты зæрдæхудты, цæмæн уæ рарвыста ардæм - ахæстонмæ? Гильденстерн. Ахæстонмæ, принц? Г а м л е т. О, ай-гъай, Дани ахæстон у. Розенкранц. Уæд æгас дуне дæр ахæстон у. Г а м л е т. Стæй, дæсны арæзт ахæстон, бирæ тар къуымтæ, бирæ ныккæндтимæ, æмæ уыдонæн Дани у се ’взæрдæр. Розенкранц. Мах разы не стæм, принц. Г а м л е т. Уæдæ сымахæн ахæстон нæу, уымæн æмæ, нæ алыварс цы уынæм, уый хорз кæнæ æвзæр йæхигъæдæй нæу: мах ын цы аргъ кæнæм, уымæ гæсгæ вæййы ахæм. Мæнæн Дани ахæс- тону. рæосоеоеэсяроеососооорооэооро^
188 («0 (<*т <<**& С<»У*.) Ы») Ы*Ъ Ы«>) «*{*>) Ь) (*> г^ с*х->, («*х^ (Ф;> ('*У"1 (Ф;> («$<Э V) Розенкранц. Цытуарзаг кæй дæ, уымæн дæм кæсы ахæстон. Дæ авналæнтæн дзы къуындæг у. Г а м л е т. О дуне! Æнгузы хъуз джы мæ бакæнут, мæхи дзы ’ нкъар дзынæн æнæкæрон бæсты паддзахау. Фæлæ ме ’взæр фынтæ, ме ’взæр фынтæ! Розенкранц. Гъемæ фынтæ дæр цытуарзынæй æвзæрынц. Цытуарзаг - цы нæй, уымæй цæры. Йæхиуыл æрымысы уæлæуæз цыдæр, баууæнды йыл, ахæм дæн, зæгъгæ; цытуарзаг йæ фынты æндар у, йæ хъуыдыты аууон. Г а м л е т. Фын йæхæдæг аууон у. Розенкранц. Гъеуый дын загъдæуа. Цытуарзын нæдæр уæз кæны, нæдæр ын уырзæй басгарæн ис - ницы у. Г а м л е т. Иудзырдæй, уæдæ - мæгуыртæ сты æцæгдзинад, уыдон цытуарзон не сты, - паддзæхтæ æмæ тыхдымд хъæбатыртæ та - мæгуырты аууæттæ. Æниу, цымæ, зондæн ерыс кæныны бæсты уæлдæфмæ акæсын хуыздæр нæ уаид? Бауырнæд уæ, мæ сæр бафæллади. Розенкранц æмæ Гильденстерн. Мах зилдзыстæм дæ фæдыл лæггадгæнджытæй. Г а м л е т. Нæ, цæмæн! Мæн нæ фæнды сымахме ’ннæ лæггадгæнджытæм бафтауын. Æгæр дæр мазилынцмæ фæдыл афæстагрæстæджы. Фæлæ, раст-ма зæгъут, цæмæн стут ам, Эльсиноры? Розенкранц. Дæумæ уазæгуаты, принц, æндæр ницæмæн. Г а м л е т. Æз ахæм мæгуыр дæн, æмæ уын ницæмæй у мæ бон хæрзиуæг ракæнын. Фæлæ уын арфæ кæнын - ныхасæй. Æниу, сымахæн ныхасæй аккаг арфæ ракæнын - уый кæуылты хорзæх у! Æрвитгæ уæм акодтой? Æвн уе ’рбацыд уæхи фæнд у? О0р^9СОС?9О0С<}СОО0С0еЭС^9С0С_ОС
Сь> гф) оф>) ьф^ (слХ’у (*Х«у (**>>> (Фо г«*> Барвæндонæй æрбацыдыстуг? И? Уæ хорзæхæй, æнæсайгæ. И? И? Цæй, куыд? Гильденстерн. Цы дын зæгъæм, милорд?.. Г а м л е т. Уæлдай нæу, цыфæнды уæд, æрмæст æргомæй. Арвыстой уæм. Уый уæ цæстæнгасыл афтæ бæрæг у, æмæ йын ницыхуызы ис бамбæхсæн. Æз æй зонын, хæларзæрдæ къарол æмæ йæ ус уæм арвыстой. Розенкранц. Уæд цæй фæдыл, принц? Г а м л е т. Уый уæхæдæг хуыздæр зонут. Æцæг басомы кæнут нæ раздæры лымæндзинадæй, нæ уарзондзинадæй, нæ иумæйаг сыгъдæг сæнттæй, дунейы сыгъдæгдæр цы ис, уымæй: дыууæрдæм ма кæнут мемæ. Æрвитгæ уæм нæ акодтой? Розенкранц (Гшьденстернæн). Цы йын загъдæуа? Г а м л е т (фæрсмæ). Уынут, фæуæлгоммæ сты! - Кæд мæ уарзут, уæд æргомæй зæгъут. Гильденстерн. Милорд, æрвыст нæм уыдис. Г а м л е т. Зæгъон уын æй - цæмæн? Æз уæ рагацау базыдтон, æмæ æргом куы уат мемæ, уæд уымæй къарол æмæ ус-паддзахы раз уæ сусæг хæс æрдухъуаг дæр нæ фæуыдзæнис. Цæй аххосæй уа - нæ зонын, фæлæ мыл а фæстаг рæстæджы æрхæндæг бафтыдис, ахуырæн нал дæн. Афтæ тыхсын, æмæ мын а дунейы дидинæгдон - зæхх - æдзард афтид айнæг фестадис. Афтæ мæм кæсы, цыма, нæ сæрмæ бæрзонд æрвирды зæрин стъалытæ нывæфтыдæй кæуыл ныддуртæ сты, уыцы уæлдæфон цатыр_смаггæнаг æмæ низæфтауæг тæфæй арæзт у. Цы диссаг у æрдзыл адæймаг! Куыд уæздан у йæ хъуыды! Цæйбæрц у йæ хъару! Куыд æмбисонд у йæ конд, йæ фæзылд! Йæ митæй куыд хæстæг лæууы зæдтæм! Хуыцаумæ йæ бирæ еосоеооороооеоеоёоеоеэеэеор^о^
190 <р^^^!^^^^^ ((2) сфэ <ь?/*у С*У^ <<*Х';> ("/";) (Фэ <Фз> (’О нал хъæуы йæ зондæй! Дун-дунейы фидыц! Цæринæгтæн се ’ппæты худ! Фæлæ цы у мæнæн? Цы мын дæтты уыцы мæлинаг тых? Мæ зæрдæ нæ рухс кæны нæлгоймæгтæй, стæй сылгоймæгтæй дæр, кæд мыл уæ мидбылты худут, уæддæр. Розенкранц. Принц, ахæмæй нæ хъуыдыйы куы ницы ис. Г а м л е т. Уæдæ цæмæн бахудтыстут уæ мидбылты, мæ зæрдæ нæлгоймæгтæй нæ райы куы загътон, уæд? Розенкранц. Чи ’рбацæуы, уыцы хæтаг актертæ æрмæст нæлгоймæгтæ сты. Æмæ ахъуыды кодтон: хæрзаг сæм, зæгъын, марходарæджы каст ракæндзынæ! Мах сæ фæндагыл федтам. Ардæм æрбацæуынц, цæмæй дын равдисой сæ дæсныйад. Г а м л е т. Къарол хъазæгæн - кувын мæ сæрæй. Йе стырдзинадæй уыдзынæн хъалондар. Хотыхджын хæтæгбарæг дæр ссардзæни куыст йæ кард æмæ йæ уартæн. Уарзæгойы арф улæфтытæ дзæгъæлы нæ фæуыдзысты. Æрхæндæггæнагæн æрæнцайдзæн йæ уд. Айуаны хъæлдзæг æмæ худæн ныхæстæм адæм кæндзысты гуыбынхæлд. Сылгоймаг хъазæг актер рафæлдахæд йæ зæрдæ, стихарæзтыл хъуыды дæр ма кæнæд. Цавæр актертæ сты? Розенкранц. Кæддæр бирæ кæй уарзтай, уыдон, - горæтаг трагиктæ. Г а м л е т. Цы сæ бафтыдта рацу-бацуйыл? Иу ран уæвын сын пайдадæр уаид æхцайæ дæр æмæ кадæй дæр. Розенкранц. Мердыгонау сæм хицауад фæстаг рæстæджы цыдæр зул цæстæй кæсын байдыдта... Г а м л е т. Æз горæтьцсуы уыдтæн, уæды хуызæн кад ма сын кæнынц? Æхца ма сæм афтæ хорз æфты? Розенкранц. Нал, раст зæгъын хъæуы, афтæ хорз нал у. роооеоо^оеоросор^оезрэеосое^оеоророеор^оезрз
(<о> Л*/*,; г«*/*) С*/**> <«Х*У С'»Х«У С"Х«У С«»Х^ «*> Г а м л е т. Цæуылнæ? Æви сæ аивад æрхаудта? Розенкранц. Нæ, сæ аивад тамæнтæ калы раздæрау. Фæлæ горæт рауагъта дунейы сабитæ, ахстонæй ратæхæг цъиутау, уыдон цъыбар- цъыбур кæнынц лыстæг хъæлæстæй æмæ адæмы сæхимæ аздæхтой. Ныр кад уыдонæн ис, стæй зæронд театримæ ахæм быцæу кæнынц, æмæ уырдæм суанг æфсæддонтæ дæр нал уæндынц - мыхуыры, дам, ныл куы фæхудой! Г а м л е т. Ау, ахæм тæссаг сты уыцы сабитæ? Чи сæ дары? Цас сын фидынц? Иудадзыг уыдзысты аивады æви, цалынмæ сæ хъæлæстæ нæ фехæлой, уалынмæ? Фæстæдæр, сæхæдæг хуымæтæджы театры актертæ куы суой, уæд фæсмон нæ кæндзысты, зæрæдты ныхмæ кæй уыдысты, ууыл? Æви мыггагмæ сабитæ уыдзысты? Розенкранц. Раст зæгъын хъæуы, бирæ фæхъаугъа кодтой, стæй сæ адæм дæр ардыдтой кæрæдзийыл. Иузаман пьесæйæн фидгæ дæр ницуал кодтой, автор дзы нæ литературон знаджы куынæ дæрæн кодтаид, уæд. Г а м л е т. Уый æцæг уыд? Розенкранц. О, бирæтæ фесты зæрдæхæлд уыцы быцæуы! Г а м л е т. Æмæ дзы сабитæ кæнынц уæлахиз? Розенкранц. О, принц. Суанг зæххы къори йе ’ккойдарæг Геркулесы театрыл дæр. Г а м л е т. Æмæ уый цы диссаг у? Мæ фыдыфсымæр Данийы къарол куы сси! Мæ фыды æгасæй йæм сдзурыныл дæр æлгъ чи кодта, уыдон ын ныр йæ ницæйаг чысьш нывтыл дæр дыууын, цыппор, фæндзайгай æмæ суанг сæдæгай дукаттæ куы фидынц! Дуне цыдæр кодта, фæлæ цы - хæйрæг йæ дæсны, æрмæст æй философийы бон у базонын.
192 (*>) ьх& с<иг«о <<*№ (<*№ <гФ» (’Ф) <■'*№ и>) ф <:фэ фф е*Х5> ^> с*Х^ с<е/^ «елу Ф Хъуысы трубаты уасын. Гильденстерн. Мæнæ актертæ дæр. Г а м л е т. Æгас цæут, æмбæлттæ, Эльсинормæ! Уæ къухтæ! Уазæгуарзын - уæздан æгъдæуттæ фæдомы. Уæдæ сæ кæрæдзийæн равдисæм, науæд актертыл куы фембæлон, уæд афтæ зæгъдзыстут, уыдонæн хуыздæр кад скодта. Ноджыдæр æгас цæут! Фæлæ мын фыдыфсымæрæй фыд чи у æмæ фыдыфсымæры усæй та - мад, уыдон рæдийынц. Гильденстерн. Цæмæй, милорд? Г а м л е т. Æз æрра вæййын æрмæст цæгатаг дымгæмæ, фæлæ хуссайрагмæ - уари нæ ивддзаг кæнын кæсагласæй. Бацæуы П о л о н и. П о л о н и. Фарн ам, уæздæттæ. Г а м л е т. Хъусут-ма, Гильденстерн, æмæ ды дæр, Розенкранц. Алы хъусæн дæр - фæйнæ хъуссæджы. Ацы зæронд саби нырма сывæллоны хæцъилты тыхт вæййы. Розенкранц. Кæд сæм фæстæмæ бахауд, дыккаг хатт? Афтæ куы фæдзурынц: зæронд - саби у. Г а м л е т. Ард уын хæрын, уый дæр актерты хабар хæссæг у. Кæсут- ма-иу. - Иттæг раст, сэр... Къуырисæры райсоммæ, дæхи загъдау. П о л о н и. Милорд, хъусын дын кæнын ног хабар. Г а м л е т. Милорд, хъусын дын кæнын ног хабар. Римы ма Росци куы уыдис актер... П о л о н и. Актертæ ’рбацæуынц, милорд.
Оь) (<*>.; **/*> (.*/*> (ЧД^ С«»У^ С'»У*У С'*/'-»; «*> Г а м л е т. Ау, æцæг уа? Кæс, кæс, кæс... П о л о н и. Ард хæрын, милорд! Г а м л е т. Ифтыгъд уæрдоны - хæргæвс. П о л о н и. Дунейы хуыздæр актертæ хъазынц алцыдæр, зæгъæм: тра- гедитæ, комедитæ, æвдисынц хроникалон, пасторалон- комикон, историо-пасторалон-трагико-историон, трагико- комикон æмæ историон-пасторалон уацмыстæ, стæй сценæты æхсæн - алы диссæгтæ. Сенекæйы арф мидис, Плавты рог аивад сæ разы мур дæр ницы марынц. Æнæ чиныгæй кæсынмæ æмæ сын экспромттæм æмбал нæй а дунейыл. Г а м л е т. О Еффай, израилаг тæрхонгæнæг, цы диссаджы хæзна дæм уыдис! П о л о н и. Цавæр хæзна йæм уыдис, принц? Г а м л е т. Уый иу æмбисонды чызг хаста Æмæ йæ афтæ бирæ уарзта... П о л о н и (фæрсмсе). Мæ чызг йæ сæры ныссагъди! Г а м л е т. И? Афтæ нæу, зæронд Еффай? По л о н и. Кæд æз Еффай дæн, уæд иттæг раст дæ: мæнæн ис чызг æмæ йæ æцæг уарзын бирæ. Г а м л е т. Нæ, æппындæр нæу уый раст. П о л о н и. Уæдæ цы у раст, милорд? Г а м л е т. Цы куы зæгъай, уæд: Хуыцау куы сныв кæны мæлæт, Уæд æй æххæст кæны хъысмæт. 13
1 у * ?^Р+Щ^^+Ф«+%«+ьыъ (*>> офэ (">ХЛ1 С"/^ <<>/*;> <«/*:> «Фэ <ф} (•*) Стæй дæхæдæг куы зоныс: Цыфæнды бирæ хостæ кæн, Уæддæр ын къахгæ у ингæн. Дарддæр-иу æй дæхæдæг бакæс дины стихы фыццаг строфайы, ныр та, бахатыр кæн, уымæн æмæ нæхи кæндзыстæм ирхæфсгæ. Бацæуынц иу-цалдæр актеры. Æгас цæут, мæ хæлæрттæ! Табуафси! Цин кæнын уегасыл дæр. Æгас цæут, мæ удæнцæйттæ. - Ба, зæронд лымæн! Кæс-ма, цы зачъе раскъæрдта мæ фæстæ! Зачъейы аууон бамбæхстæ, афтæмæй мыл Данийы худынмæ ’рбацыдтæ, нæ? - Уый ды дæ, саурæсугъдты хъазæг? Зæдты бардуаг, уый нæ фембæлдæн нырмæ дзабыры зæвæты бæрц куы фæхæстæгдæр дæ арвмæ! Ныфс мæ ис, дæ хъæлæс мæнг зæлланг кæй нæма кæны, ихсыд сызгъæрин æхцайау. - Цин кæнын уе ’ппæтыл дæр, мæ хæлæрттæ! Цæй æмæ, францусаг цуанæттау, фæлæбурæм, æппæты фыццаг цы ссарæм, уымæ. Уæ хорзæхæй, иу исты монолог. Равдисут уæ хуыздæр аивад. Цæй-ма, зæрдæагайæг монолог. 1-аг актер. Кæцы монолог, хæларзæрдæ принц? Г а м л е т. Хъуыды ма кæнын, иухатт мын кастæ скъуыддзаг; сценæйы æвдыст никæд уыдис, иунæг хатт йеддæмæ, - хицæутты зæрдæмæ нæ фæцыдис пьесæ, нæ йæ рауагътой. Бирæ адæм та йæм, цыма еугæфмæ - сæ быцъынæг тыдтой. Канд æз нæ, мæнæй бирæ фылдæр чи зоны, уыдон дæр æй алæмæты фыст, сценæтыл раст дихгонд, зондджын амад пьесæ хуыдтой. Чидæртæ дзы хъаст кодтой, йе стихы, дам, нæ фаг кæны æхсызгондзинад, йе ’взаг не ’вдисы авторы бæрзонд уæлтæмæн, фæлæ, дам, ыл кусгæ бакодта зæрдиагæй, йе сфæлдыстады нæй уæлдай бибитæ, æнæниз æмæ рæсугъд кæны адæймаджы удыхъæд. Уæлдай фылдæр дзы уарзтон иу монолог, Эней Дидонæимæ кæм ныхас кæны, уый - Приамы о^ж^жжж^жж^ж^жжж^^%>^^^ж<&^
^^^^^^^^^) 195 (ь, (ф) &/*>>' <»}*>У ц*&> ^Х^ ’ъФо &У*>) с««> амарды тыххæй. Кæд ма дæ зæрдыл лæууы, уæд райдай мæнæ ацы бынатæй, багъæц-ма... «Хъуынтъыздзаст Пирр, гиркайнаг сырдæй карздæр»... Нæ, афтæ нæу, фæлæ йæ райдайæн Пирр у: «Хъуынтъыздзаст Пирр, йæ кард æмæ йæ зæрдæ Кæмæн ысты мæйдар æхсæвау тар, Уый сахуырста сырх тугæй ныр йæ дарæс, Æмæ йæ уындæй адæймаг кæрзы: Фыд, мад, фырт, чызг - цъыкк сæ кæны йæ кардæй, Йæ сæрæй къæхтæм туджы самæст Пирр, Йæ фæйнæфæрсты туджы судзынц къултæ Æмæ лæгсырдæн рухс кæнынц фæндаг Йæ нысанмæ. Ныхъхъæбæр Пиррыл туг, Сырх пиллон уадзы маргзæрдæ лæгмарæг, Йæ сырх цæстытæ туджы зилы, кæд Приамы ссарид»... Дарддæр кæс дæхæдæг. П о л о н и. Зæдтыстæн, милорд, хорз кæсыс, хорз дикци дын ис, тынг арф æнкъарыс. 1-аг актер. «Пирр æй мæнæ ссардта. Тыххæй ма систа йе ’хсаргард Приам, Фæлæ хæствæллад паддзахæн йæ къухæй Фæстæмæ ’рхауд. Æрбауади йæм Пирр Æмæ уæхскуæзæй систа кард Приаммæ. Фæллад паддзахмæ нал уыди хъару, - Æвирхъау Пирры карды ’хситтæй зæхмæ Æрфæлдæхти. Бынысыгъд Илион, Цыма йæ кадцжын паддзахыл нынниудта - Æркалд æмæ йæ судзгæ къулты бын Фæкъуырма Пирр, йæ уæззау кард йæ сæрмæ Цыма тæхгæйæ уæлдæфы фæсагъд - Цæстныкъуылдбæрц æнæзмæлгæ фæлæууыд Æндзыгæй Пирр, лæгмарæджы нывау, Фæлæ кæм, кæм! - фыдуады размæ æрвтæ
Куыд фæхъус уой, куыд нал вæййы дымгæ, Куыд æнцад вæййынц мигътæ, æмæ бæстæ Куыд бандзыг уой, мæлæтау, стæй æваст Бæрзондæй арв куыд ныннæры, фæйнæрдæм Цæхæркалгæ... Раст афтæ фехъал Пирр, Æмæ та хæсты тугмондагæй бацыд. Циклоптæ Марсæн кард куы цагътой, уæд Æндон куыд хостой куырдадзы дзæбугæй, Раст уый хуызæн сырх-сырхидæй йæ кард Æруагъта Пирр æгъатырæй Приамыл. Фæхуд дæхиуыл, о хъысмæт! - Хуыцау, Йæ кард ын байс, ныппырх ын æй кæн дуртыл Æмæ нæ фехс бæрзонд æврæгътæй раст Мæйдар зындонмæ!» П о л о н и. Уый æгæр даргъ у. Г а м л е т. Уый æлвынæгмæ арвитдзысты дæ боцъоимæ. - Кæс дарддæр, дæ хорзæхæй. Ай уарзы æрмæст кафыны зарджытæ æмæ æнæфсарм анекдоттæ, æндæр истæмæ фынæй кæны, хуыссæг æй ацахсы. Рахиз Гекубæмæ. 1-аг актер. «Ныффæлурс и тæригъæддаг ус-паддзах»... Г а м л е т. Тæригъæддаг ус-паддзах? П о л о н и. Уый хорз у! «Тæригъæддаг ус-паддзах», - уый хорз у! 1-аг актер. «Мæллæг, зæронд ус-паддзахæн хæцъил Йæ сæрыл баст, йæ астæуыл - хъæццул тыхт, Бæгъæввадæй дыууæрдæм тахт, цыма Йæ цæстысыгтæй пиллон хуыссын кодта. О, уый тæригъæд чи федтаид, уый Фыдæлгъыстаг фæкодтаид, хъысмæты. Куыд хъазыд мæгуыр ус-паддзахæй Пирр, Йæ лæджы йын куыд къуыхгæ кодта кардæй. СОООООРОСОООрОрШОрОСОРОСОСОРОСОС^’ЭСОСОООСОеЭСО
(<Ь> <«/**) Л*/^ («/*,) 0*Х*у («*Х^ С'»/*У С<ОЦ **> Куы федтаид хуыцæутты хуыцау уый, О, йе ’нцойад фæлыгъдаид уæлæрвтæй: Æнамонд ус-паддзахы уындæй уæд Йæ уадултыл нызгъæлдаид йæ цæссыг». П о л о н и. Кæсут-ма5 куыд афæлурс, йæ цæссыгтæ кæлынц! Дæ хорзæхæй, æгъгъæд у. Г а м л е т. Хорз. Дарддæр æй бакæсдзынæ фæстæдæр. Цытджын уæздан, дæ цæст фæдар, цæмæй хорз феной актерты. Хъусыс, хъуаг сæ ма ныууадзут, уымæн æмæ адон сты нæ заманы хуызæвдисджытæ. Де ’гасæй дыл адон фыдгой куы ахъæр кæной, уæд дын уый дæ цыртыл æвзæр фыстæй фыддæр уыдзæни. П о л о н и. Принц, балæггад сын кæндзыстæм, цы аккаг сты, уымæ гæсгæ. Г а м л е т. Нæ, хуыздæр, хæйрæджы амæттаг уæздан! Чи цы аккаг у, уый йын куы кæнай, уæд ды æнæ надæй нæ аирвæздзынæ. Дæ ном, дæ намыс дын цы амал дæттынц, уымæй сын мацы бавгъау кæн. Цас сæм хуыздæр фæкæсай, уыйас дæхимæ дæр фылдæр хæрзиуджытæ æрхаудзæн. Ахон сæ. П о л о н и. Цомут, уæздæттæ. Г а м л е т. Цæут йæ фæдыл, мæ хæлæрттæ. Райсом - нæ хъазтизæр. По л о н и æмæактертæ, фыццагæй фæстæмæ, ацæуынц. Зæгъ-ма, мæ зæронд хæлар, «Гонзагойы амард» ахъазиккат? 1-аг актер. О, милорд. Г а м л е т. Æрæвæр æй уæдæ сомизæр. Зæгъ-ма, куы бахъæуа, уæд- иу 12-16 рæнхъы сахуыргæнæн уаид, æз кæй ныффыссон, ахæмтæ? 1-аг актер. О, милорд.
1Ув С^<^<^<^ % ’ оф>) ’ **Хъ '<&*? '<*/*;> '<«/".> '(Фэ <Ф* <«) Гамлет. Иттæг хорз. Цæугæ ды дæр уыцы уæзданы фæдыл; æцæг, хъусыс, ма-иу æй фæзм. Фыццаг а к т е р ацæуы. Хорз уал байрайут изæрмæ, мæ хæлæрттæ. Ноджыдæр: мæ дзæбæх уазджытæ стут Эльсиноры. Розенкранц. Хæрзбон уал, принц! Г а м л е т. Фæндараст ут! Розенкранц æмæ Гильденстерн ацæуынц. Кæдæй-уæдæй дæн иунæг! Цæй æнаккаг цагъар дæн уæдæ, цæ! Ай диссаг нæу, актер дæр ма йæ фæндтæ, Йæ мысæггаг æнкъарæнтæ бæтты Йæ хъуыдытыл, стæй цавæр хуызы ноджы: Йæ хуыз фæцыд, ныффæлурс и, кæлынц Йæ цæссыгтæ, ныффæсус и йæ хъæлæс, Йæ зæрдæ йын цы маст æууилы, уый Зыны йæ уæлæ! Ау, æмæ цæй фæдыл? Æрмæст Гекубæйыл? Æмæ ай циу Гекубæйæн? Цы у Гекубæ амæн? Ау, уагæры цы бакæнид ныр ай, Мæ бæрц ма йын йæ маст исынæн аххос Куы уаид, уæд? Фæдæлдон кæнид мах Йæ цæссыгты, йæ судзаггаг ныхæстæм Фыдгæнæг сæрра уаид, раст лæг сæм Ныдздзыназид, сæрхъæн сæм хъусид джихæй, Æмæ лæг фестид дойнагдур. Æз та, Къуымых æмæ тæригъæддаг гуырд, зилын Мæ зивæджы хуыссæгхъæлдзæгæй, мур Нæ равдыстон лæгдзинадæй, мæ фыдæн Йæ цард, йæ худ цы цъаммар байста, уый Æфхæрынæн. Цæмæн тæппуд дæн? Чи мын Зæгъдзæн: «Æлгъаг дæ»? Чи ныццæвдзæн мæн? Чи бауæнддзæн мæ зачъетæм æвналын? росэооеоос^ор9соа9рор^^эсооэргк?тс
Оь) о«>; л»/*) с*/>; <**Х*у («О^ С’’ХЧ/ (<*>4 <<*>> Кæнæ мæ фындзмæ? Чи фæхондзæн мæн Æнаххосæй мæнгдзурæг? Цæй-ма, чи у? Æргом мæм рацу? «Раст дæ» йын зæгъин. Нæ, æз чысыл бæлоны мастæй судзын, Нæ хатын, циу фыдхудинаг, æндæр Æз барвыстаин сау сыджытмæ раджы Хъæддаджы мард. Цæстфæливæг хъапхай! Мæнгард, фыдгæнæг, тугæйдзаг, хæцаг калм! О, маст, маст, маст! Хæрæг куыд нæ дæн æз! Æз, мард кæй фыд æрцыд. Хуыцау мын загъта: Цæй, фезмæл, райс дæ судзгæ маст! Æз та, Æз та мæ зæрдæ ирхæфсын мæнг хъæртæй, Æлгъитынæй! О, къустæхсæг сылваз! Пуй, уаллон! Райхъал у, мæ зонд! Кæддæр мын Дзырдæуыди, фыдракæнæг лæг, дам, Йæ мийы хуызæн равдыст ныв куы фены, Уæд хъазтмæ джихæй баззайы æмæ Йæ фыдракæндыл басæтты йæхæдæг. Лæгамард - кæд æгомыг у, уæддæр Йæхи нымудзы. Актертæн зæгъдзынæн, Цæмæй къаролæн ахъазой, мæ фыд Куыд мард æрцыдис, ахæм ныв. Кæсдзынæн - Цымæ йæхи куыд равдисид. Кæд о, Уæд зонын æз, куыд кæнгæ у. Кæд æндар Дæлимон уыд! Дæлимон, дам, вæййы Æппæт хуызты. Кæд сайæгой дызæвæт Зыдта, мыййаг, мæ уды тыхст, мæ маст Æмæ ныр кæд мæ фесафынмæ хъавыд. Нæ, мæн хъæуы æвдисæнтæ хуыздæр. Цы хъазт нæм уыдзæн райсом, уый архъан у: Къаролы цæсгом равдисын - мæ хæс, Æмæ йæ рухсмæ раласдзынæн æз. ^г^^^щ^щ^^^^^^щщщг^^^щ^^^^^
200 <*>) <*т «*г& (<*&) оф» (<ф>) (’ф) <<ф) <<•,) ÆРТЫККАГ АКТ 1 С Ц Е Н Æ Бацæуынц къарол,Гертрудæ, Офели, Розенкранц æмæ Гильденстерн. Къ ар о л. Уæдæ уæ бон нæу базонын, цæй тыххæй, Цæй аххосæй æрра кæны йæхи? Цæуыл тыхст у, цæмæн йæ зондæй цуды, Иæ удæнцой цæй тыххæй фесæфт, уый? Розенкранц. Сæтты, йæ зонд йæхигъæды кæй нал ис? Фæлæ цæмæй - нæ нын хъæр кæны уый. Гильденстерн. Фæрс æй куыдфæнды - ракъахын нæ комы. Куы йæ фæфæрсæм йе ’нæнизæй, уæд Цыдæр хинæй фæтылиф кæны уайтагъд. Гертрудæ. Куыд ракасти сымахмæ та? Розенкранц. Хæд-зонд, Хæрзæгъдауæй. Гильденстерн. Фæлæ чысыл - æхгæдæй. Розенкранц. Фæрсгæ нæ кодта къаддæр, фæлæ дзуапп Бæстон лæвæрдта. Гертрудæ. Исты хъæлдзæг хъазтмæ Нæ ракуымдта? Розенкранц. Иттæг хорз рауад уый. Актертæ федтам фæндагыл, дзырдтам ын Æмæ йын тынг æхсызгон уыдис уый. Ныртæккæ ам, уæ галуаны сты уыдон. Æмæ сын принцæй хæслæвæрд æрцыд - Изæры хъазын.
г^ «*>»> **/*> с*/^ оОГ’у с«»Х«л с-»Х^ с«*Х^ «0 П о л о н и. Уый æцæг у афтæ. Фæдзæхста мын, цытджын паддзæхты, дам, Æрбахон хъазтмæ. Къ ар о л. Цингæнгæ! Æгайтма Йæ зæрдæ барухс, хъазын æй фæнды. Сымах, лæппутæ, бацархайут дарддæр, Цæмæй фæгæрз уа хъазынмæ, цæмæй Нæ кæна ’нкъард. Розенкранц. Нæ паддзах, уый дын - не ’вджид. Гильденстерн æмæ Розенкранц ацæуынц. Къ ар о л. Мæхи Гертрудæ, ацу уал ды дæр. Мах ардæм сайæм Гамлеты ныртæккæ. Æнæнхъæлæджы фембæлдзæнис ам Офелийыл. Æнæбары шпионтæй Æмбæхсæм мах йæ фыдимæ, цæмæй Нæ фырты низæн базонæм йæ аххос: Æцæг у уарзондзинад æви нæу. Гертрудæ. Цæй, æз цæуын. Фæнды мæ тынг, Офели, Цæмæй йæ низæн аххос уа æрмæст Дæ уарзондзинад; ахъазгæнæг та йын Куыд уа дæ хæрзуд, цардамондыл мын Куыд бафтауай мæ фырты дæр, дæхи дæр. О ф ел и. Хуыцау зæгъæд! Гертрудæ ацæуы. П о л о н и. Офели, ардæм. Ды Ам тезгъо кæн. - Ды та, мæ паддзах, бамбæхс - Мæ дзæбæх чызг, æфсонæн чиныг райс Æмæ йæ кæс, цыма кæныс ам тезгъо е^оооеоеоеоооаооосооэо^ое^
(<2> ^^ сХ^ с*ХЪ с**Х^ с<*Х^ о»/^ ьф*> «*) Хæрз иунæгæй. Гъе, ахæмтæ стæм мах: Æдде нæхи сыгъдæгудтæй æвдисæм, Фæлæ фæсæрдæм хæйрæгæн дæр уæд Йæ былтыл сой. К ъ а р о л (фæрсмæ). О, уый æцæг у афтæ! Цыма мыл раст йæ ехсы цæф æруад. Хъапхайы рустæй ахуырст сис, уæд уыдон Куыд чъизи уой, рæсугъд ныхæсты бын Мæ митæ дæр раст - афтæ. О, цæй зын у! По л о н и. Æрбацæуы. Мæ паддзах, иуварс цом. К ъ а р о л æмæ П о л о н и ацæуынц. Бацæуы Г а м л е т. Г а м л е т. Уон, йе - нæ уон, гъеуый у фарст. Лæгдзинад Цы у: уæззау хъысмæты раз сæттын Æви мæлæтдзаг тох кæнын йæ ныхмæ, Цæмæй æгæрон хъизæмæртты уаргъ Ныппырх кæнон? Мæлæт. Мæрдвынæй бау. Æрмæст-ма, зон, лæджы буар зæххыл Цы бирæ хъизæмæрттæ ’взары, уыдон Кæй нал уыдзысты. Уымæй ма хуыздæр Цы бæллиц уа? Мæлæт. Мæрдвынæй бау. Фынæй... Æмæ фынтæ уындзæни лæг? Мæрдвынæй лæг цæй фын уындзæн йæ фыны, Йæ зæххон уд куы нал уа йемæ, уæд? Гъеуый - йæ бæллæх. Уый нын кæны даргъдæр Нæ удхайраг, нæ хъизæмайраг цард. Æндæр цы лæг ныббарид дуджы бафхæрд, Тыхджыны ’фсондз, сæрыстыры фæхудт, Æнæист уарзт, æнæрасты уынаффæ, Бæрзондылбадæг хицауы фыдми, Æгъдауджыныл æнæгъдауы æлдарад? - Лæг хъама райсид - фервæзид æрмæст Иæ иу цæфæй. Кæй бафæндид, уынæргъгæ, роеоооеоооерс^орзсоеоешоеоаое
0» Ь/*>) Ьф ЬГо) ЬГ*> ЬГ*д 6/»> ЬГ<» Ь) 203 О^ <<ф>) офо ^Мо е»Х*/ с«»Х^ С"Х«з/ С'*Х*^ **> Фыдæбойнаджы царды уаргъ хæссын, Мæрдты бæстæй - нырма фæстæмæ иу дæр Кæцæй нæ раздæхт, уымæй - афтæ тынг Куынæ тæрсиккам, уæд; фæлæ мæлæтæй Æнæнцой цард хуыздæр кæсы лæгмæ - Уæлæуыл цардæй мæрдты ’хсæн лæзæрæм! Гъе афтæмæй лæмæгъ кæны нæ уд, Нæ хъуыды руайы дидинау, нæ зонд та, Къуымыхгæнгæ, къуырцдзæвæнмæ цæуы. Гъе афтæ сæфы, развæлгъау парахат Цы сфæнд кæнæм егъау хъуыддагæн, уый, Æдзух фæстæмæ ’ргъæвгæ... Фæлæ сабыр! - Офели! О мæ цины сæр, мæ зæд, Æрымыс мын мæ тæригъæд дæ куывды. Оф е л и. Дзæбæх уыдтæ, принц, а фæстаг рæстæджы? Г а м л е т. Иттæг бузныг: дзæбæх, дзæбæх, дзæбæх. 0 ф е л и. Принц, ис мæнмæ дæуæй цыдæр лæвæрттæ. Фæстæмæ дын сæ раттынвæнд кæнын. Гъа, айс сæ. Г а м л е т. Нæ, цытæ дзурыс, рæдийыс. Дæуæн лæвæрттæ никæд радтон æз. 0 ф е л и. Нæ, радтай, принц, - уый зоныс тынг хорз. Семæ Цы уарзон буц ныхæстæ кодтай ды, Уæлдай зынаргъ та уыдонæй уыдысты. Ныр нал хъæуынц. Нысан сын нал ис. Айс. Хæрзæгъдау чызг, дæ зæрдæ йыл куы сивай, Уæд ын лæвæрттæ нал фæкæнынц ад. Дæ хорзæхæй. Гамлет. А! Æмæ ды хæрзæгъдау чызг дæ? 0 ф е л и. Милорд! оосооооооососо^оросососососорососососооооосороео
204 (^х^(^и (У*и (г*х>\ (г^и ^Х^Л^ 6> ’ «Ху ’ «’Хъ '(•*/*> '<«&> '(«Хъ Г«*Х*> «Фэ '<•*) Г а м л е т. Рæсугъд чызг дæ? О ф е л и. Цы зæгъинаг у дæ уæздандзинад? Гамлет. Уый, æмæ кæд хæрзæгъдауæй рæсугъд дæ, уæд дæ хæрзæгъдауы ницæмæн хъæуы рæсугъддзинад. О ф е л и. Ау, рæсугъддзинадæн хæрзæгъдау йæ хуыздæр хъузон нæу? Г а м л е т. О, куыннæ ма! Цæмæй рæсугъддзинад цъымарамæ баласа хæрзæгъдаудзинады. Раздæр уый никæй уырныдта, ныр та йыл гуырысхо ничиуал кæны. Æз дæу уарзтон кæддæр. О ф е л и. Раст зæгъыс, принц, уырныдта мæ. Г а м л е т. Хъуамæ дæ ма уырныдтанд. Цасфæнды уæд адæймагмæ хæрзиуджытæ, уæддæр йæ уд тæригъæдджын у. Æз дæу нæ уарзтон. О ф е л и. Уый та мын ноджы уæззаудæр сайд у. Г а м л е т. Ацу беридонмæ. Цæмæн дæ хъæуы тæригъæдджынтæ зæнæг кæнын? Æз хæрзæгъдау дæн, фæлæ мæхимæ дæр ахæм хъæнтæ арын, æмæ мæ фæлтау куынæ ныййардтаид мæ мад. Дæн сæрыстыр, мастисæг, хиуарзон. Уыйбæрц æлгъаг хъуыдытæ мæм ис, æмæ сæ мæ зонд бастади, мæ магъз сæ нал хаты, рæстæг мын нæй сæ баххæст кæнынæн. Цæмæн фæзынынц мæ хуызæн уаллæттæ арвæй зæххы ’хсæн? Не ’ппæт дæр сайджытæ стæм. Макæуыл нæ æууæнд. Фæлтау ацу моладзандонмæ. Дæ фыд кæм и? О ф е л и. Нæхимæ, милорд. Г а м л е т. Дуæрттæ йыл фидар сæхгæнын хъæуы, цæмæй гæды æмæ мыстæй хъаза æрмæст йæхи хæдзаронтимæ. Хорз байрйай. С0?Ср0С9р9Р0?<æ0О02^3е^ОС0С9С0^
(^ г<*/*>> «ьЩ (»/*>) (Ф>) №у С'»/«5> (<*)Ч> **> О ф е л и. Сыгъдæг зæдтæ, баххуыс ын кæнут! Г а м л е т. Кæд мой кæнай, уæд дын чындздзоны лæварæн ратдзынæн ахæм æлгъыст: ихау æнæхæлд куы уай5 митау - сыгъдæг, уæддæр хахуырæй нæ аирвæздзынæ. Ацу моладзандонмæ, фæндараст. Науæд та, кæд дын æнæ мойгæнгæ нæй, уæд смой кæн сæрхъæнæй; уымæн æмæ зондджын адæм хорз зонынц, цы маммитæ аразут, уый. Моладзандонмæ - стæй тагъддæр. Хæрзбон. О ф е л и. О уæларвон тыхтæ, фервæзын æй кæнут! Г а м л е т. Базыдтон, нывтæ кæнынмæ дæсны кæй дæ, уый дæр. Хуыцау дын радта иу цæсгом, ды та æндæр скодтай дæхиуыл. Кафыс, кæйдæр цъыс-цъысмæ, хъылдымтæ кæныс æмæ цъыбар- цъыбур, сидыс сыгъдæг зæдтæм, æмæ дæ фæнды, цæмæй дын дæ хæлд митæ нымайой рæдыдтыл. Нæ, рæдийыс. Æгъгъæд фод. Æз уыцы митæм сæрра дæн. Чындзæхсæв нал. Нырмæ чи бафидыдта - цæрæнт ус æмæ лæгæй. Сегас дæр, иуæй фæстæмæ. Иннæтæ уал багъæцæнт. Цæугæ моладзандонмæ. Ацæуы. 0 ф е л и. Цы диссаджы зонд бабын ис! Æмбырд Уыдысты уым æвзаг, лæгдзинад, ахуыр, Æгас бæстæн йæ ныфсы сæр, йæ цин, Нæ хæрзты фидыц, хорз æгъдæутты айдæн, Æмæ-ныппырх, нызгъæлæнтæ. Фæци!.. Æз та? Æппæт сылгоймæгты мæгуырдæр, - Йæ сомытæй кæй риумæ тагъди мыд, - Уынын, куыд басаст уыцы зонд, куыд бамыр, Æмбисыл фаст дзæнгæрæгау; æвзонг Рæсугъд цæсгом æнцъылдтытæ куыд кæны Йæ сæррайæ. Куыд мæгуыр у мæ бон! Мæ хур, цы фæдæ? О, цы ма кæнон? ООООСОСОеОРОСОрОСОС^Ор^ОСОрОООС’^ОСОСОСОСОрОСЗ
ЛУЮ (*>) <<*Г#) <<ф) (’фо <<ф>> <;/*>) ('*Х*> ('Ф}) °>) (ь> г<^ (’^ 0*Х^ №) №> <</у «;»/*> Ф К ъ а р о л æмæ П о л о н и раздæхынц. Къ ар о л. Уый уарзт у? Нæ, æндæр цыдæр дзы ’хсиды. Йæ дзырдты кæд нæй бастдзинад, уæддæр Æрра нæу уый. Æндæр цыдæр æмбæхсы Йæ зонд, йæ уды талынг къуымты уый, Тæссаг цыдæр цæттæ кæны фæсаууон. Цæмæй бæллæхæй бахизон мæхи, - Кæнын уынаффæ рагацау: уый хъуамæ Æрвыст æрцæуа Англисмæ рæхджы Нæ хъалонтæ æмбырдгæнæгæй науыл. Кæд ын фæндагыл денджыз, ног бæстæ, Стæй ног адæм фæсуриккой йæ зондæй Йæ сагъæстæ æмæ, йæ сæр æдзух Цы удхайраг хъуыдытыл сæтты, уыдон. Куыд дæм кæсы? П о л о н и. Æрхъуыды у, бæззы. Уадз ленк кæна. Фæлæ уæддæр, фыццагау, Зæгъын дæуæн; йæ уарзтæн дзуапп кæй нæй, Уый аххос у. - Цæй, куыд, мæ чызг Офели? Цы дзырдта Гамлет, ма нын рафæзм уый: Нæхæдæг хъуыстам. - Хорз, фæуæд дæ фæндон. Мæнмæ гæсгæ, куы фæуа а спектакль, Уæд Гамлет хъуамæ фембæла йæ мадыл, Уадз хибарæй йæ хъуыдытæ зæгъа. Кæд дæ фæнды - æз хъусдзынæн æмбæхстæй? Кæд не схъæр кæна - арвит-иу æй уæд Ие - Англисмæ, йе - талынг ахæстонмæ. Куыд дæ бафæнда, афтæ. Къ ар о л. Цæй, хорз. Хорз! Тæссаг~æррайæн ахæстон - йæ хос. Ацæуынц. со^ооосорооосоарс^осоеэсрсосос^^^^^^^^Я
(«0 (ф) оф>) (ф>) (ф>) (ф^ (<Ф>; (Ф) &) 2 С Ц Е Н Æ Зал галуаны. Бацæуынц Г а м л е т æмæ а к т е р т æ. Г а м л е т. Уæ хорзæхæй, монолог дзурут, æз уын æй куыд бакастæн, афтæ: æнцонæй, æнæрхæцгæ. Кæд æй, уæ фылдæртау, аралло кæнынмæ хъавут, уæд æй фæлтау ратдзынæн фæдисхъæргæнджытæм. Стæй уæ къухтæ æнæхъуаджы уæлдæфы ма тилут, архайут сæ бæрцмæ гæсгæ. Суанг монцты уад æмæ сахайы дæр зонут хиуыл хæцын, уæд аивад уæздан æмæ фæлмæн вæййы. Мæ маст фæцæйтоны, къамбецы хуызæн актер йæ сæрыл къутуйыйас парик куы ныккæны, æнцад куы слæууы сценæйы, æгомыг пантомимæтæ куы февдисы, хъæрахстæй бæстæ куы байдзаг кæны, науæд, чи ницы æмбары театры, цæмæй дзы уыдон раппæлой, уый тыххæй, монцтæ пискъуылæйттæ кæнын куы байдайы, уæд. Ахæм актеры уисæй нæмын хъæуы, æнаккаджы ноджы æнаккагдæр кæй кæны, уый тыххæй. Адæймаджы хуызæн нал - уый цавæрдæр дæлимон свæййы. Уæ хорзæхæй, ма кæнут афтæ. 1-агактер. Хорз, дæ уæздандзинад. Г а м л е т. Фæлæ æгæр хъандзæлттæ дæр ма ут, алцæмæй дæр хъусут мид-зæрдæйы хъæлæсмæ. Змæлут диалогмæ гæсгæ, дзурут уе змæлдмæ гæсгæ, æцæгæй куыд вæййы æмæ уыл æууæндæн куыд уа, афтæ. Бæрцæй ахизын - уый аивад халгæ кæны, театры хæс та кæддæриддæр уыдис: æрдзæн йæ разы айдæн дарын, хæрзæгæн йе ’цæг цæсгом æвдисын, æбуалгъ мийæн дæр йе ’цæг цæсгом æвдисын, стæй историйы алы дугæн дæр - йæхи цæсгом æнахуырстæй. Уым куы фегæр кæнай, йе та йæ цухæй куы равдисай, уæд æдылытæ худдзысты, фæлæ зондджынтæ банкъард уыдзысты, - уыдон цæстæнгас та сымахæн хъуамæ кадджындæр уа æнæхъæн театрыдзаг æдылыты цæстæнгасæй. Æз федтон актертæ, уыдонæй бирæтæ сты дардыл хъуыст, - суанг арвы кæрæттæм, æмæ,
ф №^> ф*> фэ ф;> <«/ъ <Ф$ (-/Ь <ч> хъыг сын ма уæд, фæлæ сæ фæзылдæй æмæ сæ хъæлæстæй нæдæр чырыстоны хуызæн уыдысты, нæдæр муртаты, - а дунейыл æппындæр никæй хуызæн. Уыдон ахæм санчъехтæ, ахæм æрдиаг кодтой, æмæ дисæй мардтæн, уыцы гуымиры цъапп-цъупп сæ цавæр æрдз акодта, - ахæм æвирхъау зыгъуыммæгондæй æвдыстой адæймаджы хуыз. 1-аг актер. Ныфс дæ уæд, принц, махмæ ахæм аиппытæй бирæ не ссардзынæ. Г а м л е т. Аппарут сæ бынтондæр. Айуаны та дзурын ма уадзут, пьесæйы йын цы ныхæстæ ис, уыдонæй уæлдай. Иуæй-иутæ та пьесæйы тæккæ бæрнондæр бынаты худын байдайынц, залæй кæсджытæн сæ талынгдæрты бахъæлдзæг кæнынæн. Уый стыр аипп у æмæ æвдисы, фыццаджыдæр, уыцы «хъæлдзæггæнджытæн» сæхи æдылыдзинад. Цæугæут, уæхи бацæттæ кæнут. А к т е р т æ ацæуынц. Бацæуынц Полони,Розенкранц æмæ Гильденстерн. Цæй, куыд, милорд, къаролы фæнды уыцы пьесæ фенын? П о л о н и. Стæй йе ’хсины дæр, стæй, амал уæвгæйæ, тагъддæр. Г а м л е т. Уæдæ зæгъ актертæн, батындзæнт. П о л о н и ацæуы. Сымах дæр дыууæйæ нæ ацæуиккат сæ батагъд кæнынмæ? Розенкранц æмæ Гильденстерн. Æвæстиатæй, милорд. Ацæуынц. Г а м л е т. Гораци! Бацæуы Г о р а ц и. Гораци. Æз, хæларзæрдæ принц, хъусын.
(?у <?ф) Ьф <7ф) <7ф) ояГ*д (гф>) <Гф) <Ь} (*» &/*>) &/';) <<ф>) ьф>) <*Уо (Фу (Фо &) 209 Г а м л е т. Цæрæнбонты цы адæм федтон æз, Ды уыдонæн сæ хуыздæр дæ, Гораци. Гораци. Ныууадз-ма, принц! Г а м л е т. Цæстмæхъус ныхас нæу. Козбау дзурон, дæумæ, цæмæн? Хъæздыгæй Цы ис дæумæ дæ зæрдæйæ уæлдай? Мæгуыры ничи стауы. Уадз, цæстмæхъус Ныхас кæной фæдысдæрджытæ; уадз Кæной козбаулæуд бонджынты фæскъæсæр Сæ зонгуытыл - цагъары митæ сын Пайда хæссынц. Ды та-ма хъус. Мæ зæрдæ Куы сахуыр зонын адæмы, уæдæй Дæу равзæрста. Ды бирæ зынтæ федтай, Фæлæ дæ зынтæ никуы скодтай хъæр. Быхсыс æппæт, вæййыс æмхуызон бузныг Хъысмæты рард хæзнатæ ’мæ зынтæй. Хæрзамонд у, дæ удыхъæд кæмæн уа. Хъысмæт нæ хъазы ахæмæй, нæдæр Хъырны хъысмæтæн. Хи монцытæн уацар Цы лæг нæу, ссар мын ахæмы, æз æй Мæ уды дзуары бафснайдзынæн демæ - Мæ зæрдæйы. Фæлæ-ма багъæц. Мах Къаролæн азæр ахъаздзыстæм пьесæ. Æз дын дзырдтон мæ фыды марды цау, - Раст ахæм хабар уым æвдыст цæудзæни, Æмæ куы хъазой уыцы эпизод, - Къаролмæ кæс, дæ цæст нæ фæныкъулгæ. Ныв фенгæйæ, йе - равдисдзæни уый Йæ фыдгæнд исты хуызы, йе та не ’ндар Дæлимон уыд, æмæ мæ сæры магъз Æмтъеры у, вулканы сырх куырдадзау. Уæдæ-иу кæс æдзынæгæй. Æз дæр Кæсдзынæн уымæ раст, æмæ, цы фенæм, Уый сбардзыстæм фæстæдæр. 14
210 м <*т ьш <чг*ъ (-ф>> (',№ (’фъ ы*ь Ы (<:>) <эд <*Х*0 о*Х^ с«*Х*>, с«*/-у <«/*, **/*> с<?; Г ор аци. Хорз, лыг у. Æмæ кæд хуыснæг аирвæза махæй, Уæд давæггагыл фидын æз ивар. Г а м л е т. Æрбацæуынц. Æррайы роль та хъазон. Цом, райдайæм. Данийаг марш. Трубаты уасын. Бацæуынц къарол, Гертрудæ, Полони, Офели, Розенкранц, Гильденстерн æмæ иннæ лæггадгæнджытæ, хъахъхъæнджытæ цырæгътимæ. Къ ар о л. Куыд у нæ тугæй, не стæгæй гуырд Гамлет? Г а м л е т. Бауырнæд дæ, диссаджы хорз! Цæрын хамелеоны хæринагæй, нуазын уæлдæф, мæхи ’фсадын ныфсытæй. Æрдызт уасæгмæ дæр афтæ хорз нæ фæзылдæуы. Къ ар о л. Дæ дзуаппы бастдзинад нæй, Гамлет. Уый мæнмæ не ’ххæссы. Г а м л е т. Мæнмæ та уæлдайдæр. (Полонийæн), Милорд, ды, университеты уæвгæйæ, сценæйы хъазыдтæ, афтæ нæу? П о л о н и. Хъазыдтæн, милорд, стæй нымад уыдтæн хорз актерыл. Г а м л е т. Æмæ хъазгæ та цы кодтай? П о л о н и. Æз хъазыдтæн Юлий Цезары. Мæн амардтой Капитолийы. Мæ марæг уыдис Брут. Г а м л е т. Ахæм капиталон галæн кæй аскъуыдта йæ уд, уый тыххæй бæззыд æмбалæн - Брут. Актертæ цæттæ сты? Розенкранц. О, милорд. Æнхъæлмæ кæсынц дæ дзырдмæ. Гертрудæ. Рацу, ардæм, мæ ахсджиаг Гамлет, сбад мæ фарсмæ. оососососорос9соеосос^осс^ооорор^оррро<?дрдр^9
Ь^^Ф’^^^^^^) 211 Г а м л е т. Нæ, нæ мадыхай, - ам тынгдæр æлвасаг магнит ис. П о л о н и (сабыргай къаролæн). О-гъо, фехъуыстай? Г а м л е т. Леди, дæ уæрджытыл мæхи æруадзон? О ф е л и. Нæ, милорд. Г а м л е т. Нæ фæлæ, хатыр: мæ сæр дæ уæрджытыл æруадзæн ис? О ф е л и. Ис, милорд. Г а м л е т. Ды та фенхъæлдтай - исты æнæгъдау хъуыды? 0 ф е л и. Æз ницы фенхъæлдтон, милорд. Г а м л е т. Афтæмæй та уый диссаджы хъуыды у - чызджы къæхты цур хи æруадзын! О ф е л и. Цы загътай, цы, милорд? Г а м л е т. Ницы. 0 ф е л и. Принц, ды азæр цыдæрхуызон хъæлдзæг дæ. Г а м л е т. Чи?Æз? 0 ф е л и. О, милорд. Г а м л е т. Ме скæнæг, дæу тыххæй æз цалхау дæр атулдзынæн! Цы бакæна уæдæ лæг, хъæлдзæг уæвынæй дарддæр, мæ уавæры! Кæс-ма, цы райдзаст хуыз и мæ мадæн,_афтæмæй дыууæ сахаты йеддæмæ нæма рацыди мæ фыды мардыл. О ф е л и. Нæ, принц, æнæхъæн дыууæ, дыууæ мæйы.
Г а м л е т. Куыд! Афтæ бирæ? О, уæдæ уадз дæлимонты хай фæуæнт саутæ! Хъуамæ дарон урс-урсид тинтычъи дарæс. Уæларвон тыхтæ! Дыууæ мæйы размæ амард æмæ нырма нæ ферох и! Уæдæ мæн ныфс и, стыр кадджын лæг куы амæла, уæд йæ ном кæй цæрдзæн æнæхъæн афæдзы ’рдæг. Æрмæст хъуамæ рагацау рауæлдай кæна æхца аргъуантæ аразынæн, науæд ын йæ ном ничи æрымысдзæн, хъæдын бæхæй уæлдай. Уымæн йæ ингæныл ахæм фыст ис: «Кæм ныгæд ис йæ сæр, йæ къах, Уый раджы ферох кодтам мах». Цæгъды музыкæ. Райдайы пантомимæ. Рацæуынц пантомимæйы хъазæг п а д д з а х æмæ у с-п а д д з а х. Уыдон рæвдауынц кæрæдзи. Ус- падцзах хъæбыс кæны паддзахы, паддзах та - уый. Ус-паддзах æрлæууы йæ зонгуытыл æмæ æвдисы, йæ лæгыл æнувыд кæй у. уый. Паддзах æй сыстын кæны æмæ йын йе уæхскыл æруадзы йæ сæр, стæй æрхуыссы дидинæгдоны нæууыл. Бафынæй ис, уый куы фены ус-паддзах, уæд ацæуы. Бацæуы маргдарæг, сисы йын йæ паддзахы худ, апъа йын кæны, падцзахы хъусы ауадзы марг æмæ ацæуы. Баздæхы ус-паддзах, уыны къаролы мардæй, æмæ йæ къухты змæлдæй æвдисы йæ уды сагъæс. Баздæхы маргдарæгмардхæсджытимæ, ус-падзахæн тæфæрфæс ракæны. Марды ахæссынц. Маргдарæг лæвæрттæй æртасын кæны æмæ йæхимæ аздахы ус-паддзахы. Исдуг ыл тызмæгæй йæхи атигъ кæны, нæ дæ уарзын, зæгъгæ, фæлæ фæстагмæ æрфæлмæн вæййы. Ацæуынц. О ф е л и. Уый цы æвдисы, принц? Г а м л е т. Уый «Залиаг калм» у, æвдисгæ та кæны талынг хъуыдцаг. О ф е л и. Æвæццæгæн, пантомимæ æвдисы, цы пьесæ фендзыстæм, уый мидис? Г а м л е т. Ныртæккæ йæ фехъусдзыстæм ацы цæрæццагæй. Актертæм сусæгдзинад нæй: алцыдæр сæм æргом у. О ф е л и. Цы равдыстой, уый хъуыды нын бамбарын кæндзысты? соеэооооеооосоешоооеоезеососос^^
0» <гф> ьх«> *Ф> <?Ф> <ЭД <?,/„) ър» с>) 213 (*о «*/*>) оф>) оф>) (Ф>) (Фу <'Х<") №; ао Г а м л е т. Канд уый нæ - цыдæриддæр ам равдисай, - зæгъдзæни дын, цы у, уый. О ф е л и. Ох, мæстыгæр, мæстыгæр! Æз кæсдзынæн пьесæмæ. Пролог. Сымахæн хъазын мах хæс у. Лæмбынæгæй нæм бакæсут. Уæ зæрдæмæ йæ бахæссут. Ацæуы. Г а м л е т. Циу уый, пролог, æви къухдарæныл фыст? О ф е л и. Æцæг зæгъыс, милорд, æгæр цыбыр у. Г а м л е т. Раст сылгоймаджы уарзондзинадау. Бацæуынц дыууæ актеры-падцзахæмæус-падцзахыæвдисджытæ. П а д д з а х. Æртын хатты цыппор ифтыгъд бæхыл Феб зылд фæци нæ дунейы зæххыл, Æртын дыууадæс хатты мæй æмдзаст Æртын дыууадæс зылдæн зæхмæ ’ркаст, Уæдæй нырмæ мах уарзонад бæтты, - Йæ къух æмæ йæ зæрдæ нæм дæтты. У с-п а д д з а х. Æмæ ма уыйбæрц рухс хур æмæ мæй Зылдаиккой нæ уарзыны фæрнæй, Фæлæ мæ сагъæс абузы тыхджын: Фæстаг рæстæджы ды кæныс рынчын. Æрмæст, мæ хур, æз дын зæгъын ныхас: Æрдуйы бæрц дæр нæу^дæудæнтас. Сылгоймаг уарза, йе - тæрса, уæддæр Иæ тарст æмæ йæ уарзт вæййынц æгæр. Мæ уарзынæн ды базыдтай йæ зынг:
(/о) ’г^ 'с*ХЯ, »^ "с*Х*'> гч/у '(«Х’^ ’ «Фэ сч; Æз уарзын тынг, кæнын тæрсгæ дæр тынг. Кæм рæза уарзт, вæййы уым бирæ тарст, Кæм рæза тарст, вæййы уым бирæ уарзт. П а д д з а х. Мæ хур, хæстæг у хицæнгæнæн бон. Мæ хъаруйæн æрхæццæ ис кæрон. Ды та-иу, уарзгæ, абонæй хуыздæр Хæрз хъæлдзæг æмæ амондджынæй цæр! Æндæр моймæ куы цæуай... У с-п а д д з а х. Мамын дзур! Æндæр мой нал кæндзæни, нал дæ хур. Куы ма фæцæуон æз, уæд мыл фæку! Уæд дыккаг фыццагæн йæ марæг у! Г а м л е т (фæрсмæ). Ахъаззагцæф! У с-п а д д з а х. Куы фæцæуа лæгмæ дыккаг хатт ус, Уæд уарзтмæ нал - бынтæм фæдары хъус. Æндæр мой æз куы ’рбауадзон хæстæг - Мæрдты дыккаг хатт амæлдзæн мæ лæг. П а д д з а х. Æууæндын æз дæ ныхæстыл бæлвырд, Фæлæ ус арæх аивы йæ дзырд. Ныхас зæгъын æнцон вæййы фыццаг, - Йæ сæххæстæн нæм тых нæ вæййы фаг. Дыргъ фидар у, куы нæма уа рæгъæд, Куы срæгъæд уа, æрхауы зæхмæ уæд. Куы ныллæууæм нæхи пайдайыл мах, Нæ сомы дæр уæд айрох вæййы тагъд. Нæ мондагыл цы рахæссæм тæрхон, Фæсмондаг нæ уый рох кæны бынтон. Æнкъард æмæ цин раттынц дзырд, æрмæст Сæ дзырд нæ кæнынц никæдбон æххæст. Æнкъарддзинад у цины стыр ызнаг, Нæй цинæн та æнкъардимæ хъуыддаг, Кæд дунейыл рæстæгмæ у æппæт,
(*>) (<ф.) &/*>) (<ф>) е*х^ №^ <<>У(о &У*>) &) Куыд нæ аивдзæн уарзондзинад уæд? Бæрæг нæу: амонд уарзынæй цæуы, Æви нæм амонд уарзыныл лæууы. Хъæздыг уай - адæм нал цæуынц дæуæй, Мæгуыр - уæд та дæм иу цæуæг дæр нæй. Уæдæ кæнын мæ хъуыдыйæн кæрон: Лæгæн фæндонæй нæу цæрын йæ бон. Нырма дæ фæндон ахæм у дæуæн, Фæлæ æрдзæн йæ ныхмæ нæй лæууæн: Нырма нæ уадзыс ног лæгæн йæ кой, Фæлæ мæ фæстæ тагъд кæндзынæ мой. У с-п а д д з а х. Ныттар мыл уæд æгас дуне бынтон! Мæ цæстытæй уæд мауал фенон бон! Уæд беридоны арвитон мæ цард! Фыдохы бонау уæд мæ уд æнкъард! Фыдбоны зæйтæ рацæуæнт мæныл Æмæ мын ма уæд удæнцой зæххыл! Уæрагсаст-иу мæ бакæнæд хъысмæт, Дыккаг моймæ куы фæцæйцæуон уæд! Г а м л е т. Ныр йæ сомы куы фæсаид! П а д д з а х. Карз сомы у. Æууæндын æз дæуыл. Ныр мæ ныууадз, æз бастадтæн. Чысыл Ам баулæфон. (Бафынæй вæййы.) У с-п а д д з а х. Баулæф дзæбæх Æмæ ныл царды ма ’рцæуæд бæллæх. Ацæуы. Г а м л е т. Æхсин, куыд дæ зæрдæмæ цæуы пьесæ? Гертрудæ. Мердыгонау, леди æгæр ныфсытæ æвæры. огур^^ор^^.^^^^оа^^^^о^.ор^^-^^^^^
216 г*!> ьх** (<*х** ч& йФ» (г>№ ('Ф> (">х<> (<>) (л> г./’ъ, <"/*_!> (^ с<*ДЪ С<*/^ (<>/у (фэ (-0 Гамлет. О, фæлæ уый йæ сомы нæ басæтдзæн. Къ ар о л. Йæ мидис ын зоныс? Рафауинагæй дзы ницы ис? Г а м л е т. Нæ, нæ. Уыдон хъазгæ кæнынц. Марг дзы хъазгæйæ уадзынц. Мисхалы бæрц дæр дзы ницы ис рафауинагæй. Къ ар о л. Цы хуыйны пьесæ? Г а м л е т. «Мыстахсæн». Фæлæ - цыхуызы? Фæсномыгæй. Пьесæ æвдисы, Венæйы чи æрцыд, ахæм лæгмард. Герцоджы ном - Гонзаго. Йæ ус та - Баптиста. Ныртæккæ сæ фендзынæ. Уый сау миты тæккæ саудæр ми уыди. Фæлæ йæм мах цы бар дарæм? Дæ уæздандзинад æмæ махмæ не ’ххæссы, нæ цæсгæмттæ сыгъдæг сты. Уадз, чъыллип кæна зæронд бæх5 кæд йæ фæстаг къæхтæ цъæррæмыгъдтæ сты, уæд. Махæн не стджытæ æнæхъæнтæ сты. Уый Луциан у, къаролы æфсымæры фырт. Бацæуы Л у ц и а н. О ф е л и. Ды зараг хоры бæсты дæр амоныс, милорд? Хорз арæхсыс. Г а м л е т. Стæй ма минæварæй дæр сарæхсин дæуæй дæ хæзгулы ’хсæн. О ф е л и. Уый цыргъ ныхас нæ - къуымых у. Г а м л е т. Дæу бирæ нæтын бахъæуид, цалынмæ мæ цыргъ æркъуымых уа, уалынмæ. О ф е л и (фæрсмæ). Уый та ноджы къуымыхдæр. Гамлет. Райдай, лæгмарæг! Тагъддæр, сау рыны амæттаг! Ныууадз де ’нæхуыцауы мукъутæй хъазын æмæ райдай! Цæй! «Уый, уасгæ, сиды маст исынмæ халон». С9С909р909р9е^909С9С9е9С9С909С9р9С90909С9С9е9р5
Г*у ('*/*>) СфЬ <?,/0> Ьф <<фЬ (’фЬ Ър» Ьу (^ (■<*/**) г«*/«») г»*/*у с*Х*у о»Х^ С’’Х^ С'*Х^; «*> 217 Л у ц и а н. Къух - фидар, зæрдæ - сау, мæ марг - сыгъдæг. Мæ фадат - тынг хорз, ничи ис уынæг. Кæлгæ, кæлгæ! Йæ туг, йæ зонд æваст Гекатæйы æлгъыстæй ’рцæуой саст! Тындзут, æртæхтæ, дадзинты тындзут Æмæ йын тагъддæр аскъуынут йæ уд! (Фынæй паддзахы хьусы уадзы марг.) Г а м л е т. Маргæй йæ мары дыргъдоны, цæмæй йын æрцахса йæ бынат: герцогы ном у Гонзаго, йæ истори диссаджы хорз фыст у итайлагау. Ныртæккæ сымах фендзыстут, марæг Гонзагойы усæн йæхи куыд бауарзын кодта... О ф е л и. Къарол сыстади! Г а м л е т. Куыд? Мæнг æхстæй фæтарсти? Гертрудæ. Цы кодта йæ уæздандзинад? П о л о н и. Бауромуг пьесæ! Къ ар о л. Рухс! Рухс! Ацæуынц иууылдæр, Гамлет æмæ Горацийæ фæстæмæ. Г а м л е т. Цы саг фæцæф ис, уый дзыназы, Цæф чи нæу, уый та лидзы дард. Чи кусы, чи - йæ фæллад уадзы, Хъысмæтæй афтæ конд у цард Ау, сэр, ау, ахæм бирæсисджын худимæ, - хъысмæт мын, туркагау, æндæр куы ницы бахай кодтаид, фæлæ ма мæ басмахъты фæйнæ уардийы тъыстТкуы уаид, уæд не сбæззин актерты къордмæ айсынæн, и? Гор аци. Æрдæгмыздыл.
Нæ, æнæхъæныл. Дамон, мæ хорз хæлар, ды хатыс, Юпитер-паддзах уыд бæрæг... Ныр уый бæрзонд цытджын бынаты Æрбадт хуымæтæджы... нæл сæгъ. Г о р а ц и. Дæ бон уыди зæгъын рифмæйæ. Г а м л е т. О, Гораци! Æндары алы ныхасыл дæр бафидин мин сызгъæрины! Федтай?.. Г о р а ц и. Куыд нæ ма, принц! Г а м л е т. Марг ын йæ хъусы кæм уагъта, уыцы сценæ хъазгæйæ? Г о р а ц и. Æз дзы мæ цæст не систон. Г а м л е т. Ах, ах! Цæй-ма, цæй-ма, музыкæ! Цæй-ма, флейтисттæ! Къаролæн кæд нæ барухс и йæ зæрдæ, Йæ зæрдæмæ нæ фæцыд уæд цыдæртæ. Цæй-ма, цæй-ма, музыкæ! Баздæхынц Розенкранц, Гильденстерн. Гильденстерн. Нæ хæрзуд принц, дыууæ ныхасмæ нæм нæ байхъусис? Г а м л е т. Æнæхъæн историмæ дæр, сэр. Гильденстерн. Къарол, сэр... Г а м л е т. О, сэр, цы кодта? Гильденстерн. Ацыдис йæхимæ æмæ тынг тыхст у. Г а м л е т. Сæн нуæзтæй, сэр? 218 Г а м л е т.
(*$ <ф,у сф>) <ф>) («ОС^ <<%<<) (<Фо &}*>) с<0 Гильденстерн. Нæ, сэр, уый тыхст у йæ мастæй. Г а м л е т. Ды бирæ цыргъзондцæр разындаис, уыцы хабар ын йæ дохтыр- мæ куы бахастаис, уæд. Æз ын мæхирдыгонау тæнæггæнæн хос рафыссин, фæлæ йæ маст ноджыдæр куы ныддымса. Гильденстерн. Хæрзæгъдау принц, дæ ныхас æгъдауыл сабыр ауадз æмæ дзуапп ратт, мæнæн цы бахæс кодтой, уымæн. Г а м л е т. Дæ хорзæхæй, æз сабыр дæн. Рахабар кæн. Гильденстерн. Ус-паддзах, дæ мад, иттæг зæрдæтыхстæй мæн рарвыста дæумæ. Г а м л е т. Табуафси, мæнæ дæн. Гильденстерн. Нæ, хæрзæгъдау принц, ам уыцы фырнымд митæ ницæмæн хъæуынц. Кæд мын нывыл дзуапп дæттыс, уæд сæххæст кæндзынæн дæ мады фæдзæхст. Кæд нæ, уæд мын бахатыр кæн æмæ ацæуон. Г а м л е т. Мæ бон нæу, сэр. Гильденстерн. Цы нæу дæ бон, сэр? Г а м л е т. Дæуæн нывыл дзуапп раттын. Мæ сæрымагъз йæ чеппыл нæу. Фæлæ дын цыфæнды дзуапп раттон - сараз-иу æй дæхи пайдайæн... нæ, фæлæ - мæ мады пайдайæн. Æниу, сыбыртт дæр нал. Рахизæм хъуыддагмæ. Мæ мад, зæгъыс... Розенкранц. Уæдæ байхъус, - уый афтæ зæгъы: дæ митæй, дам, æрвдзæфау фæдæн æмæ джихæй баззадтæн. Г а м л е т. О, йæ мады чи ныджджих кодта, уыцы диссаджы хъæбул! Æмæ ахæм æрвдзæф, цымæ, цæмæй фæуыдаид? Раргом мын æй кæнут.
220 г«>) <<л<>) ьт <да (ъг*>> (<ф>) оф>) (<ф>) г<>) ф Го^ (г^ (^; с«*Х^ С'*У^ С<*Х^ л,/'!;) С'1) Розенкранц. Ууыл æй фæнды йæ уаты демæ аныхас кæнын, дæ бафынæйы агъоммæ. Г а м л е т. Бацархайдзыстæм, кæд нын дæс хатты мад у, уæддæр. Истæмæн ма уæ хъæуын? Розенкранц. Принц, кæддæр мæ уарзтай. Г а м л е т (æвдисы йæ тымбылкъух). Раст дæ ныр куыд уарзын, афтæ, ард хæрын ацы абырæджы къухæй. Розенкранц. Хæрзæгъдау принц, цæй аххосæй фæзынди дæ низ? Дæ хæларæй дæ маст æмбæхсгæйæ, барæй æхгæныс фæндаг де сынæнизмæ. Г а м л е т. Мæн хъæуы бæрзонддæр бынат. Розенкранц. Æмæ ма дæ цы фæнды, къарол дæ йæхæдæг куы снысан кодта Данийы паддзахы фæдонæй? Г а м л е т. Раст дæ, сэр, фæлæ «цалынмæ кæрдæг рæза дзæбæх, уалынмæ стонгæй куы амæла бæх»... Рагон æмбисонд у. Баздæхынц музыканттæ-флейтисттæ. А, флейтæджынтæ! Æриут-ма дзы иу, бавзарон. Фæйнæрдæм алæуут! Цы мыл æрхъула стут, æви мæ къæппæгмæ сурут? Гильденстерн. О, принц, кæд дæм æгæр хæстæг лæууын, уæд уымæн, æмæ дæ бирæ уарзын. Г а м л е т. Хорз дæ нæ бамбæрстон. Цæй, ницы кæны. Мæнæ дын флейтæ. Ацæгъд, ахъаз нын дзы исты. Гильденстерн. Принц, нæ зонын. Г а м л е т. Дæ хорзæхæй.
(су (ф.) аф>) (<*Х*о №; (Ф^) <<Ф>) (Ф) (<*) Гильденстерн. Ард дын хæрын, нæ зонын. Г а м л е т. 0, фæлæ дæ курын. Розенкранц. О, фæлæ нæ зонын? куыд ыл хæцынц, уый дæр. Г а м л е т. Уый мæнг дзурынæй бирæ æнцондæр у: йæ хуынчъытыл ын радгай раив-баив кæн де ’нгуылдзтæ, ныффу дзы кæн æмæ азæлдзысты йæ фæлмæн мыртæ. Кæсыс, мæнæ йæ амонæнтæ. Гильденстерн. Омæ, нæ зонын - куыд хъазгæ дзы у. Ницы мын дзы цæуы. Ахуыр нæ кодтон. Г а м л е т. Уынут, цавæр ницæйаг дзаумайыл нымайут мæн! Сымах мæнæй хъазын фæнды. Сымах афтæ æнхъæлут, зонут мын мæ амонæнтæ. Сымах ныфс и мæ сусæгдзинады хъæлæс фехъусынæй. Сымахмæ афтæ кæсы, цыма мын зонут ме ’гас мыртæ суанг бинагæй уæллагмæ. Афтæмæй ацы хуымæтæджы дзаума хъазынæн барæй арæзт у, фæлæ уæддæр уæ бон нæу йе сдзурын кæнын. Ау, æмæ куыд æнхъæлут, мæныл æнцондæр хъазæн у дутт-дутгæнæнæй? Цыфæнды инструмент мæ рахонут, уæ бон у мæн асæттын дæр, фæлæ мæ хъазæн нæй. Баздæхы П о л о н и. Хуыцау дын ахъаз ракæнæд, сэр! По л о ни. Милорд, æхсины фæнды демæ аныхас кæнын, стæй æвæстиатæй. Г а м л е т. Уыныс уалæ уыцы мигъ - теуайы хуызæн? П о л о н и. Зæдтыстæн, уынын, æцæг у уый хуызæн - сыгъдæгæй теуа. Г а м л е т. Мердыгонау, мыстулæджы хуызæн у. П о л о н и. Раст зæгъыс, мыстулæджы рагъ ын ис.
222 (*>) л»У>!> <"<**<>) г'*№ (<Ф>> Ы*>> <'*{<* <'**«>> Ь) (*> г^ С^ <?*Х*> ад <и/9 №) «*Х*> С!) Г а м л е т. Нæ фæлæ - стыр кæфы рагъ. П о л о н и. Цæрмыстыгъд бакодта стыр кæфы. Г а м л е т. Уæдæ фæцæуын ныртæккæ мæ мадмæ. (Фæрсмæ.) Цыма ныхас бакодтой ме сæрра кæныныл! - А сахатыл фæцæуын. П о л о н и. Афтæ йын зæгъдзынæн: а сахат. Г а м л е т. Зæгъын æнцон у «а сахат». - Ныууадзут мæ, хæлæрттæ. Ацæуынц иууылдæр, Гамлетæй фæстæмæ. Ныр, тар æхсæв, кæлæнты афон у. Ныр мæрдтæ стынц, зындон улæфы низтæ. Ныр баназин æз хъарм туг, æмæ бон Кæмæй фæтæрсин, ахæм хъæддаг митæ Кæнин бæргæ. Фæлæ мæм сиды мад. Сырд ма у, зæрдæ! Уым цыфæнды ’рцæуа, Нероны ми мын ма бауадз кæнын. Зæгъдзынæн ын æгъатырæй рæстдзинад, Раст, хъамайау, зæрдæфадæг дзырдтæй. Фæлæ уый мад у, мад у! Æмæ къухтæн Мæстыйæ дæр æз бар ратгынæй цух дæн. Ацæуы. 3 С Ц Е Н Æ Уат галуаны. гБацæуынц къарол,Розенкранц æмæ Гильденстерн. Къ ар о л. Йæ фенд мын марг у, стæй æррайæн нæй Уæгъдибар уадзæн. Арæвдз кæнуг тагъддæр.
С») ?ф) Сф) Ь#Ъ 6/>> ЬЫ <о/«> <гф> Ь> Оу «»/*) г.*/*) <■.*/*»> («Х^ С«»Х^ (">; *»*') <*) Ныффысдзынæн ныртæккæ бардзырд æз. Æрвитын принцы Англисмæ уæ бæрны. Мæ раны нæй æррайæн бар дæттæн: Фæсаууонæй мæм исты тас æнхъæлмæ Кæсдзæн æдзух Гильденстерн. Цæттæ стæм балцмæ мах. Сыгъдæг æмæ иттæг раст у дæ батыхст Æгас бæстыл, - дæ уæздандзинад у Кæддæриддæр æнцойдæттæг нæ удтæн. Розенкранц. Кæмæндæриддæр кадджын хæс вæййы Йæ уд хизын æнæнхъæлы бæллæхтæй. Уæлдай хуыздæр та хъахъхъæнын хъæуы, Нæ паддзахады цард кæмæй у, уый сæр! Къарол фæмард - уый иу лæджы сæфт нæу, Иæ цуры чи уа - сегас дæр дзы сæфынц; Уый цалх у, айнæг хохы тигъыл, баст Кæмæ сты хъæды алгъуызон бæлæстæ Фæйнæрдыгай. О, уыцы цалх, мыййаг, Куы рахауа, уæд бауыдзæн гæбазгай Æгасæй хъæд. Фыдæлтæ загътой раст: Къаролы маст - æгас дзыллæйы маст. Къ ар о л. Уæ хорзæхæй, фæтагъд кæнут уæ балц. Æгъгъæд! - дзæгъæлдзу тасдзинадæн сахсæн Кæнын хъæуы йæ къæхтыл. Розенкранц æмæ Гильденстерн. Мах тындзæм. Ацæуынц. Бацæуы П о л о н и. Полони. Фæцæуы принц, мæ хорз паддзах, йæ мадмæ. Цон, фæсгауыз æмбæхстæй хъусон æз. Йæ мад æй тынг æфхæрдзæн, уый бæлвырд у, ожжг&^^^^^жж^ж^^жг&жж^^ж^^ъ
224 м <<,%& ьт (<*№ (гфо (гф>> (’ф) (’ф) «-,) (л) едь; с^ С*Х^ С«*Х^ Г««Л <«*/*, ««/*> С’!) Фæлæ ды раст дæ: мад - уый мад у, ’рмæст Йæ ныхас арф нæ фæхъары. Æндæр ма Сæ цуры хъуамæ уа æмæ сæм уый Куыд байхъуса. Хæрзæхсæв у, мæ паддзах. Мæ хъуыддагæй куы раздæхон, уæд дæм Фæзындзынæн. Къ ар о л. Фæндараст æмæ бузныг. П о л о н и ацæуы. Мæ сау фыдгæнд, хуыдуг кæнын дæуæй. Фыдæлтыккон æлгъысты ном мыл бафтыд: Æфсымæрмарæг! Кувынмæ бæллын, Тырнын æдзух, фæлæ мæ бон нæу кувын - Æгæр егъау фыдгæнд ныббарæн нæй. Дыууæ хæсы цы лæджы раз уа, уыйау, Нæ зонын æз, цы бакæнон, æмæ Лæууын æнцад. Ау, мс ’фсымæры тугæй Куы уаин ныр бынтон ахуырст, уæддæр Нæ ныхсид арв йæ къæвдатæй мæ къухтæ? Æмæ ма уæд цы ми кæны хуыцау? Æви тæригъæд нал бары? Хуыцаумæ Фæкувæм мах, цæмæй хатыр кæна Æмæ нæ хауын ма уадза. Мæнæй уый, Нæма дæ сæфт. Дæ сæр бæрзонддæр дар! Æрхаудтай ды, цæмæй фæстæмæ сыстай. Куыд бакувон? «Мæ лæгмард мын ныббар»? Нæ, уый нæу раст: цы байстон, уый нæ радтон. Цæй тыххæй мардтон - сегас дæр - мæнмæ: Къаролы худ; йæ бæстæ æмæ йе ’хсин. Куыд мын ныббардзæн афтæмæй хуыцау? Зæххыл фыдгæнæг армыдзаг куы ратгы Сызгъæринтæ, уæд ын йæ фыдгæнд - барст: Тæрхонгæнджытæй балхæны закъонæй Йæхи. Фæлæ мæрдты нæу афтæ: уым Мæнгдзинад нæй, æрмæст дзы ис рæстдзинад, Æвæрд дзы сты нæ зæххон митæ уым с^эгэеоооеоо^.зезР^^ЗРО^
(<у (<ф^) С’ф.) (,ф) Ъф) (<ф) (;ф>; (фу &) 225 Æмæ сыл хъуамæ комкоммæ дзуапп раттæм. Уæд афтæмæй цы кæнгæ у мæнæн? Æргом фæсмон? Æргом фæсмон уæззау у. Уæдæ куыд, куыд? Ау, раргом сæ кæнон?.. О, хъизæмар! Мæ зæрдæ ссау, мæлæтау! Цъымарайы, гæндзæхтæ цæгъдæгау, Фæныхсын арфдæр! Баххуыс кæнут, зæдтæ! Æртасут, зæнгтæ! Зæрдæйы æндон, Æрфæлмæн у, сывæллоны æргъиуау! Нырма ис хостæ. (Рæбынæй æрлæууы йæ зонгуытыл.) Бацæуы Г а м л е т. Г а м л е т. Кувы. Фадат - хорз. Мæ кардæй цъыкк - æмæ фæхаудзæн арвмæ, Уæд ист у маст. Ау, афтæ уа? Нæ, нæу. Мæ фыд мæрдтæм лæгмары къухтæй бацыд, Æз та æрвитын уыцы марæджы Дзæнæтмæ. Нæ, уый мастисын нæ уыдзæн, Уый хорзæх у. Мæ фыд фæмард дымстæй, Иæ тæригъæдтæй, майы мæйау, дзаг уыд, Æмæ цы баци - иу хуыцау - дæсны, Æвæццæгæн, чысыл нæ кæндзæн тухи. А цъаммар та куывта, сыгъдæг у ныр Тæригъæдтæй, цæттæ у дард фæндагмæ, - Ау, æмæ уый уæд тугист уыдзæн? Нæ! Фæстæмæ, кард, - тæссагдæр бонмæ багъæц! Мæсты куы уа, йе нозтджынæй - тызмæг, Куы уа фынæй æнæсыгъдæг хъæбысы, Куы хъаза къамæй, йе - куы ’лгъита карз, Йе - ног фыдвæнд куы скæна, уæд - нырриуыгъ, Æмæ ныххауа зындонмæ æваст Къæхтæхъилæй, йæ чъизи миты ’нхъизгæ! ~~ Мæ мад мæм сиды. - Цæй, нырма уал цæр Æмгъуыдмæ, стæй мын - додойаг дæ сæр! Ацæуы. 15
226 (»> <«>х*>> <*х*ъ (г*х^ (<Ф'> <'»х*'> {гФ> °»№ (">) Оо) г^ с^ с«*Х^ счХ^ с«*Х^ <«»>*> од С’О К ъ а р о л (сысты). Мæ дзырдтæ стæхынц, ме ’нкъарæн нæ кусы. Æнæнкъарæн дзырдтæм та (амоны хæрдмæ) Уый нæ хъусы. Ацæуы. 4 С Ц Е Н Æ Гертрудæйы уат. Бацæуынц Гертрудæ æмæ П о л о н и. П о л о н и. Тагъд ам уыдзæн; тызмæгдæрæй йæм ракæс. Æдзæллаг митæ ма кæнæд. Зæгъ ын, Дæхæдæг æй кæй бахызтай къаролы Æфхæрдæй, уый. Æз бамбæхсдзынæн ам. Дæ хорзæхæй, тызмæгдæр. Г а м л е т (æдде). Мад! Миледи! Гертрудæ. Цы хъæуы - зонын. Уый та уадз мæ бар. Æнхъæлдæн, цыма ’рбацæуы. Цу, бамбæхс. П о л о н и фæсгауыз æмбæхсы. Бацæуы Г а м л е т. Г а м л е т. Нæ мадыхай, цы хъуыддагæн хъæуын? Гертрудæ. Лæппу, дæ фыды бафхæрдтай, - цæй тыххæй? Г а м л е т. Мæ мад, мæ фыды бафхæрдтай, - цæмæн? Гертрудæ. Ды мемæ дзурыс, ницыфенæг сонтау! Г а м л е т. Ды мæ фæрсыс, дыдзæсгомау! Гертрудæ. Ныр мæм Куыд уæндыс афтæ дзурын?
(«у л*/*) г«/«>) афо &}<>) (<»/<у (.»/^ (<*/>; (<*> Гамлет. Ныр цы домыс? Гертрудæ. Нæ зоныс - чи дæн? Г а м л е т. Зонын: ус-паддзах, Йæ лæджы ’фсымæр чи равзæрста мойæн, Мæнæн та чи у, ме ’намондæн, мад. Гертрудæ. Уæдæ, уадз, демæ адзурой æндæртæ. Г а м л е т. Æнцад! Æрбад! Тæлфыны бар дын нæй. Æз дын ныртæккæ равдисдзынæн айдæн, Æмæ дæ цæсгом хъуамæ фенай уым. Гертрудæ. Цы бафæнд кодтай? - Мардзæни мæ кардæй! Лæуу дард! - Æххуысмæ! П о л о н и (фæсгауызæй). Хъахъхъæнджытæ! Эй! Г а м л е т. Уый циу? Уыры? (Барæхойы гауыз.) Хæснаг кæнын - æрхауди. П о л о н и (фæсгауызсей). Фæмард дæн! Гертрудæ. Уый цы бакодтай? Г а м л е т. Ау, ам Къарол лæууыд? Гертрудæ. О, дурзæрдæ! Фыдракæнд! Г а м л е т. Къарол амарын - къаддæр фыдгæнд нæу, Лæджы ’фсымæрæй мой кæнын дæр - афтæ. р^сосоереоррр^рр^эр^ррс^^^чр^^ор^ор^ор^
Гертрудæ. Къарол амарын? Г а м л е т. О, миледи, о! (Гауыз рафселдахы, уыны Полонийы.) Хæрзбон, сæнтдзæф, фæдылдзæуаг айуан! Фæивддзаг дæ, æз хъавыдтæн уæлдæрмæ. Ды бавзæрстай - цагъар уæвын нæу хорз. Ды та æрбад, æмæ дæ къухтæ ма сæтт. Æз дын дæ зæрдæ асæттон, кæд ма Сæтгæ кæны æмæ нæ ныддур иууыл, Æмæ сыгъдæг æнкъарæнтæ нырма Нæ раивтай æфсæйнæгтæй дæ риуы. Гертрудæ. Ау, де ’нæхсæст, гуымиры хъæрты бæрц Цы бакодтон æз уагæры? Г а м л е т. Дæ митæй Æмбæхсынц арф æфсарм æмæ цæсгом, Сыгъдæгдзинад сырх рафады, рæстдзинад Фæлитой свæййы, ус æмæ лæгæн Æууæнк фæлидзы се ’хсæнæй; дæ митæй Фæци мæлæтдзаг аргъуаны уæздан Æрдбахæрын, хуыцæутты цæсгом судзы, Арв а зæхмæ хъуынтъызхуызæй кæсы, Цыма ныл раст хъаймæты бон æркодта. Гъеуый-дæми! Гертрудæ. Бæстондæр зонæн нæй, Дæ егъау раздзырд цавæр мийæ равзæрд? Г а м л е т. Ам ис дыууæ нывгонды: ай, стæй ай. Дыууæ нывыл - æфсымæрты портреттæ. Кæс-ма, сæ иу куыд зæдгъуыз у: ныхæй - Сыгъдæг Зевес, сæрыхъуын - Аполлонау, Йæ фæкаст - Марсау, хъал æмæ тæссаг, о90909е9е9090909Р9С9еэеэе9Сэс9р9Р9оооое909еое9ез
о^^^^^^^фо^^) 229 (*>> <«&ч («*/*> («Х^ч с»Х^ (<*Х^ "(«*Х^ ’ («»Х^ <?*> Сæрыстырæй - Меркури, цыма зæхмæ Бæрзонд æврæгътæй минæвар æртахт. Йæ миниуджытæ сегас дæр æвдисынц, Цыма хуыцæугтæй алчидæр йæ уд Лæвар бакодта ацы лæгæн. Уый дын Дæ фыццаг мой. Дæ дыккаг мой та - ай. Æмпылдтæй баруад, низæфхæрд æфсирау, Сыгъдæджы марæг. Ау, куырм дæ, мыййаг? Куыд æрхаудтæ хъæздыг хæххон сæрвæтæй Цъымарамæ - цæстытæ ма цы сты? Æви уый уарзондзинад у? - Дæ кары Зæрдæйæ нал - сæрæй фæцæры уд. Уæд цавæры сæр баивтаид адон Сæ кæрæдзийæ? Мард, мыййаг, нæ дæ, - Уæд нал цæуис дæ къæхтыл дæр. Нæ, ис дæм Æнкъарæнтæ, фæлæ кæнынц фынæй, Æндæр нæ уыдис ахæм ран рæдийæн. Нæ, ахæмты нæ фæивддзаг кæнид Бынтон æрра дæр. Уæд цъындæджы хъазты Цы сау дæлимон афæлывта дæу? Æрдзæй куырм дæр, æрмæст уырзæй æвзарæд, Æнæкъух дæр, æрмæст чысыл уынæд, Æмæ йæ фындзæй тæф æмбудæд - никæд Æруагътаиккой уыйхуызæн рæдыд! Цы фæдæ, ’фсарм - æррагæнæг сайтан! Кæд йе ’нкъарæнтæн хицау нæу идæдз ус, Уæд ма куыд домæм чызджытæй цæсгом? Цы хæлд æмæ тæссаг æгъдау æвдисыс Чындздзон чызджытæн! Гертрудæ. Банцай, Гамлет! О! Мæ цæстытæ мын базылдтай мæ удмæ Æмæ дзы иу сыгъдæпбынат дæр нæй, Ныхсæн ын нал ис... Г а м л е т. Сойæдзаг сынтæджы роооеоезеэр-^ороророе^^ор эроррророр’уорэезрорз
^ои о* <<*х*>) «Ф’ (,№ (гФ> 6Ф» <'Ф> ('Ф> с% ф г^ оУу фо <<*&> &/*4 <Фэ ВД (’Ь Бæгъдулæг кæн, хъысхъысгæнгæ; ысмуд Æлгъгæнинаг æмбыд уæлдæфмæ; стурау, Дæ мондагуадз... Гертрудæ. Æгъгъæд у, банцай, Гамлет! Дæ ныхæстæ, æхсаргæрдтау, ныхсынц Мæ зæрдæйы. Г а м л е т. Лæгмарæджы хъæбысы, Дæхи лæгæн йæ минæм хайы аргъ Нæу, афтæмæй. Дзыкъынайы къарол! Дзыпкъахæг паддзах. Тæрхæгыл уыдта Сызгъæрин худ, йæ дзыппы йæ фæсагъта Æмæ йæ рамырхта! Гертрудæ. Хатыр мын, Гамлет! Г а м л е т. Къæцæл æмæ хæцъилтæй конд къарол!.. Бацæуы æ н д а р. Уæларвон зæдтæ, хъахъхъæнæг мын ут! Зæгъ-ма, цы домыс, паддзæхты хæрзконддæр? Гертрудæ. О сагъæс, сæрра! Г а м л е т. Кæд, мыййаг, дæ фырт Иæ зивæгæй кæй нæма баххæст кодта Дæ тæссаг бардзырд, уый фæдыл æм ды Ныр уайдзæфмæ фæзындтæ, - зæгъ, цы хъæуы? Æн д ар. Мæ хæс у иу: дæу бацырен кæнын, Цæмæй та маст дæ риуы артау судза. Фæлæ-ма кæс, цыдæр кæны дæ мад. Йæ зæрдæ йын æгæр уæззау ныццавтай. Лæмæгъуд чи уа, тынгдæр тыхсы уый. Фæкæс æм, марадз, тагъд. еоооооеоооо^^ооосоеоеэ^осооосо^
С^ («/*,; г^ с»/*у #у С’ОС^ с«*Х*у («*>■•; ^ Г а м л е т. Цы кæныс, леди? Гертрудæ. Цы кæныс ды? Уым, афтидмæ, кæсыс, Æнæбуар уæлдæфмæ цыдæртæ дзурыс, Дæ цæстытæ æнахуыр сыгъд кæнынц, Æхсæв фæдисы рабадæг салдæттæ Куыд алæууынц, раст уыдонау, хæрдмæ Дæ сæрыхъуын ныллæууыди. Мæ хъæбул, Дæ низы судзаг ахаудзæн æрмæст Æрсабырæй. Дæ цæстытыл цы уайы? Г а м л е т. Уый, уый та, уый! Куыд фæлурс у, кæс-ма! Йæ хъысмæтмæ, йæ фæлурс хуызмæ дур дæр Тъæпп ахауид. - 0, ме ’рдæм ма кæс, ма! Дæ цæстытæ мын афастой мæ зæрдæ, - Мæ хæс, мыййаг, куы нал сæххæст кæнон Æмæ цæссыгтæ туджы ’фсон куы калон. Гертрудæ. Кæимæ дзурыс? Г а м л е т. Куыд, - нæ йæ уыныс? Гертрудæ. Нæ. Ницы. Ам цы ис, уынын сæ уыдон. Г а м л е т. Нæдæр æй хъусыс? Гертрудæ. Мах хъæлæстæ ’рмæст. Г а м л е т. Оу, бакæс-ма йæм! Къæсæрмæ фæцæуы: Мæ фыд, цыма сæрæгас у, цæрдуд! Кæс-ма йæм уæртæ, къæсæрыл фæхизы. Æ н д а р ацæуы. Гертрудæ. Нæ, уый дæ рынчын магъзы февзæрд ныв. Куы цуда зонд, рынчыны уд уæд арæх Цæгъды сæнттæ. ос^оо^оеорэеоеоа^эаор^с^’реоро^
232 (.* «>&> <ус«о (<#ъ ^ <у» Щ^Х^гу > -«% -"> -% -\^ ^% "Ч^- -V ч> "V /’ "%- > ""^" "■/"" "^" "\ (*> о*Х*у «Фэ ед ад (<*% *»/^ г<?/г2> (•*) Г а м л е т. Куы цуда зонд, сæнттæ! Мæ туг кæны дæ дадзинтау æмцæф, Æмхъазт, æмзард. Къуыхцы нæ кæны хъуыды Мæ ныхæсты. Дыккаг хатт бафæрс мæн - Зæгъон сæ ног, - рынчыны бон нæу афтæ. Дæ хорзæхæй, дæ сæрдæнхос ныууадз! Тыхджын рæдийыс, де ’намондæн аххос Дæ митæ нæ, фæлæ кæй хоныс мæн. Дæ сæрдæнхос хъæдгомы цъар ныхасы, Фæлæ йæ хуылфы байдзаг вæййы хæф. Хуыцауы раз дæ тæригъæдтыл басæтт, Æрфæсмон кæн, дæ уд фыдмитæй хиз. Хæмпæлгæрдæг æд уидаг вæййы тонгæ. Ныр та мæ раст æргом дзырдмæ - хатыр, - Рæстудæй дын дæ сахъат митæ загътон, Цæмæй хæрзиуæг ракæнон дæуæн. Гертрудæ. О Гамлет, афаст й’ астæуыл мæ зæрдæ. Г а м л е т. Æмæ йын аппар йе ’взæр хай, цæмæй Цæрай хуыздæр йæ сыгъдæджимæ сомбон. Хæрзæхсæв рау. Мауал бацу уымæ. Æфсарм дæм нæй, фæлæ йæ бæсты дар Æрымысгæ, - ныххæцдзæни фæстагмæ. Кæнгæ хæрзуаг дæ бафтаудзæн рæхджы Æцæг хæрзуагыл. Хорздзинад фæд-фæдыл Куы фæзмай, уæд хуыздæрмæ ивы уд. Уæдæ-иу ахсæв бауром, дæ хæйрæг Фæлидздзæн уæд, уыдзæни дын æнцон. Хæрзæхсæв у. Ды та мын зæгъ фæндараст. (Полонымæ амонгæйæ.) Мæгуыр зæрондыл тынг фæсмон кæнын, Фæлæ, бæлвырд, хуыцауы фæндыд афтæ, Цæмæй уый бафхæрдтаид мæн, æз та Хъысмæты фæндæй ам фæуон йæ марæг. сососососооосоооооросос^ососо<?ососососоро<?осоез
о^ф>^>У\^У^У>^У^ ъу^у»^ 23 Цæй, мард хæссын, - йæ туджы фæдыл дзуапп Мæхи бар уадз. Дыккаг хатт та - хæрзæхсæв. Тæригъæдгæнæг дурзæрдæ лæг дæн. Æрцыдис иу фыд, иннæ дæр уыдзæн. Æмæ ма иу дзырд. Гертрудæ. Ныр æз та цы кæнон? Г а м л е т. Фæрсыс ма? Уæд, цы дæ фæнды, уый кæн. Ныххуысс-иу ахсæв паддзахæн йæ фарсмæ, Æмæ дæ пъатæй хурх куы кæна, уæд Фырбузныггадæй байгом кæн дæ зæрдæ Æмæ йын радзур: Гамлет нæу æрра, Йæхи цыдæр фыдвæндæн афтæ дары. Гертрудæ. Куы зоныс ды, æз райсдзынæн мæлæт, Уæддæр дæуыл нæ рацæудзынæн комдзог. Г а м л е т. Мæн Англисмæ æрвитынц - зоныс? Гертрудæ. О, Хъыгагæн. Байрох мæ. Лыг у. Г а м л е т. Гæххæтт мыл Цæттæ кæнынц. Дыууæ хæлары мын Æрбауæй кодтой цингæнгæ мæ цард Æмæ сæ пайда рагацау нымайынц. Хорз, фендзыстæм æй, чи фембылд уа, уый. О, диссаг уыдзæн, хъавджытæ сæхæдæг Куы федзæммард уой. Рауилдзынæн сын - Уæд мæ ныццæвæд арв! - сæ хъулмæ тохси, - Дзыхъмард фæуæнт! Гъеуый уыдзæни тых: Фыдвæнд фыдвæндыл асæтдзæн йæ ных! Цæй, раздæр уал ай аласон. Нæ тыргъмæ А хуылфыдзаума аласын хъæуы. - Уæдæ хæрзæхсæв. Ацы зæронд чъебре
234 г<и> (цг^ (<*х*ъ <<*№ (Ф>> <<ф> ^ф> <'Ф> °*) Й> ед? <?#*> №> №> с«*/*> №> ад ("?) Куыд фæхъус и, куыд фæсабыр æваст, Цæргæйæ та гæркъæраг уыди раст. - Цом уæдæ, сударь, бафснайон дæ искуы. - Хæрзфынтæ фен, нæ мадыхай. Фæйнæрдæм ацæуынц, Гамлет-Полонийы ласгæ. ЦЫППÆРÆМ АКТ 1 С Ц Е Н Æ Эльсинор. Уат галуаны. Бацæуынц къарол, Гертрудæ, Розенкранц æмæ Г и л ь - денстерн Къ ар о л. Ис уыцы арф уынæргътыты цыдæр. Æргомдæрæй йын нæй зæгъæн? Дæ лæппу Кæм и? Гертрудæ. Чысыл фæуадзут мах. Гильденстерн æмæ Розенкранц ацæуынц. Æрцыд Æнамонд хабар! Къ ар о л. Цы, Гертрудæ? Гамлет Куыд у? Гертрудæ. Кæны æрра митæ, фыдхъызт Куыд ерыс кæна денджызимæ, афтæ. Тыхстæй йæм фехъуыст фæсгауызæй хъæр, «Уыры»! - зæгъгæ, фæцъортт ласта рапирæ Æмæ дзы бамбæхсæг зæронд лæджы Фæмард кодта. Къ ар о л. Æвирхъау ми! Мæхи мын Нæ мардта, уым куы фæцадаин, уæд!
(«9 «ф>) (ф>) Офо ?ф>) (<ф^) <<фу ('ф>) С<>) Уæгъд кæй у, уый æппынæдзух тæссаг у Мæнæн, дæуæн, æппæтæн дæр. Æниу Ныр дзуапп дæттын кæй бахъæудзæни мардыл? Мæн, иунæг мæн, рынчын лæджы æхгæд Кæй нæ дардтон, кæй йыл мæт кодтон, уымæн. Ам аххосаг нæ уарзондзинад у: Иæ уарзынæй фæкъуырма ис нæ хъуыды, - Æмбæхстам ын йæ худинаджы низ, - Нæ бинонты цард халæг, - æмæ бацыд Йæ сæры магъзмæ низ. Цы фæци ныр? Гертрудæ. Кæдæмдæр ацыд, мард йæ фæдыл ласгæ. Сæнттæ цæгъды, стæй ферттивы йæ зонд, Цъæх дурты ’хсæн сызгъæрин цыма хъазы. Йæ лæгмардыл хæкъуырццæгæй кæуы. Къ ар о л. Гертрудæ, цом. Нæма ныдзæвдзæн хæхтыл Сæумæйы хур, уæд науыл баддзæн принц. Йæ фыдракæнд та бахъæудзæн нæхицæн Ныссабыр кæнын искуыд. - Гильденстерн! Бацæуынц Гильденстерн æмæ Розенкранц. Принц амардта Полонийы йæ сонтыл Æмæ йын уатæй аласта йæ мард. Æххуысæн айсут искæйты, - мæсты уæм Куыд нæ фæуа - сындæггай райсут мард Æмæ йæ уартæ зæппадзы нывæрут. Розенкранц æмæ Гильденстерн ацæуынц. Гертрудæ, цом, нæ зонгæтæн зæгъæм Æнамонд хабар, рахæссæм уынаффæ: Нæ ныхмæ сыстдзæн маргджын хахуыр, раст Сармадзанæй цы нæмыг фехсай, уыйау, - Хæлæртты руаджы бахизæм нæхи. Цæуæм. Æхсин, мæ фарсмæ лæуу, цу разæй. Мæ зæрдæ судзы æмæ ризы тасæй. Ацæуынц. соеооороооеоо^ооосоеоезрооороо
236 г«») <да <да б»^ ('Ф>> сф> СгФ>> °ф> °') ф оф<> <$у &Х*У <&Ъ №•) С<!/<У <**/*> (*) 2 С Ц Е Н Æ Æндæр уат галуаны. Бацæуы Гамлет. Г а м л е т. Æфснайд æрцыдис арф ран. Розенкранц æмæ Гильденстерн (фæссценæйæ). Гамлет, Гамлет! Г а м л е т. Тс-с, сабыр! - Чи мæм сиды? - Мæнæ сты. Бацæуынц Розенкранц æмæ Гильденстерн. Розенкранц. Милорд, зæгъ-ма, цы йæ фæкодтай марды? Г а м л е т. Нывæрдтон æй: цы зæххæй равзæрд, уым. Розенкранц. Цы ран ис, мах æй аргъуанмæ ысхæссæм. Г а м л е т. Сымах хъуыды дæр ма кæнут... Розенкранц. Цæуыл? Г а м л е т. Æз5 сымахыл аудгæйæ, мæхи байсафдзынæн, ууыл. Стæй æз, къаролы фырт, цæмæн хъуамæ дæтгон дзуапп цавæрдæр цъирæны фæрстытæн? Розенкранц. Ды мæн хоныс цъирæн, принц? Г а м л е т. О, дæу. Паддзахы фынг сургæнæн. Æниу, цъирæнтæ паддзахæн йæ хуыздæр лæггадгæнджытæ сты. Къарол сæ бавæры йæ комы къулты, маймули хуыздæр æнгуз рагацау йæ дзыхы куыд амбæхсы, афтæ, йæ дзыхы сæ бавæры æппæты фыццаг, ныхъуыргæ та сæ акæны æппæты фæстæ. Сымах цы бацъирут, уый йæ куы бахъæуы, уæд уæ алæмары, æмæ та хусæй аззайут иннæ службæмæ. Розенкранц. Æз дæ не ’мбарын, принц.
м/^/ч^л^^^ 237 Г^ («/^ **/*) (.*/*> еОС’у (*/«>> *»/«у С'»/^ <Ф Г а м л ет. Уый мæнæн æхсызгон у. Æдылы хъусы цыргъзонд нæ кусы. Розенкранц. Милорд, ды хъуамæ зæгъай, мард кæм ис, æмæ хъуамæ немæ рацæуай къаролмæ. Г а м л е т. Мард къаролы бæстыл ис, фæлæ къарол марды бæстыл нæма ис. Æниу, цы роль хъазы къарол? Гильденстерн. Къарол, милорд? Г а м л е т. Æрмæст - ноль. Ахонут мæ къаролмæ. Хъазтæ, лидзын уæ хъæуы, уартæ цъæх бирæгъ лæууы! Ацæуынц. 3 С Ц Е Н Æ Æндæр уат галуаны. Бацæуы къаролфæсдзæуинтимæ. Къ ар о л. Мард агурынц. Ис принцмæ дæр æрвыст. Уынут æй ныр, цæйбæрц тæссаг у уагъдæй, Фæлæ йын тынг карз бафхæрæн дæр нæй; Иæ фарс лæууынц хуымæтæг адæм, уыдон Сæ зондæй нæ - цæстæй кæнынц тæрхон: Æфхæрд уынæнт, æндæр сæ зонд нæ хаты, Цæй фæдыл у. Цæмæй дзы ма уа загъд - Æвдисдзыстæм: принц службæйы хъуыддагмæ Æрвыст цæуы. Тæссаг куы вæййы низ, Уæд ын йæ ныхмæ карз хостæ фæхъæуы. Бацæуы Розенкранц. Цы баистут? Нæма фæзынди мард? Розенкранц. Фæцагуырдтам, фæлæ йæ никуы ссардтам.
238 (V) <*/*) «М <*У*») (Ф» ('»&) ('*&>) Ы*д с<>) (*> офу (г->Х<у е*Х^ с<*Х^ ФФ <-Фз (Фэ Ф Къ ар о л. Кæм ис йæхæдæг? Розенкранц. Мæнæ фæсдуар, ам, Лæууы дæ дзырдæй хъахъхъæнæг йæ цуры. К ъ а р о л. Хорз. Ракæнут æй ардæм. Розенкранц. Гильденстерн! Æрбакæн æй. Бацæуынц Г а м л е т æмæ Гильденстерн. Къ ар о л. Кæм и Полони, Гамлет? Г а м л е т. Æхсæвæрыл. Къ ар о л. Æхсæвæрыл? Уæд кæм? Г а м л е т. Иæхæдæг кæм нæ хæры, фæлæ йын йæхи кæм хæрынц, уым. Ацы сахатыл æм æмбырдæй бавнæлдтой дунейы уаллæттæ. Уаллон, цасфæнды йæ фау, уæдцæр æцæг æгъдауæвæрджытæн сæ тæккæ хистæр у. Мах фæзилæм алыгъуызон фосмæ, нæхицæн хæрынæн, нæхимæ та фæзилæм - уаллæттæн. Тæнджын къарол уа æвн тæнтъихæг мæгуыргур - уæлдай сæ нæй: дыууæ тæбæгъы - иу хæринаг. Къ ар о л. Бæллæх, бæллæх! Г а м л е т. Адæймаг кæсаг æрцахсы уаллонæй, къаролы чи бахордта, уымæй, æмæ бахæры кæсаджы, уаллоны чи аныхъуырдта, уый. Къ ар о л. Цы зæгъинаг дæ уымæй? Г а м л е т. Æрмæст иу: къаролы бон у мæгуыргуры тъæнгты дыууæрдæм тезгъо кæнын. рорс^оеоеое^ооосоеос^эеороро?
Г<у ?ф) <'Ф> «ф «фь <<ф <<ф» <<ф> % 239 (^ *»/*>> (!./^ с*/^ еОс**» с«»Х^ с«>/«у (’*/^ с<*> Г о р а ц и. Кæм и Полони? Г а м л е т. Мæрдты бæсты. Арвит æм фенынмæ. Кæд дæ минæвар нал раздæха, уæд æй абæрæг кæн дæхæдæг. Уæвгæ, кæд æй мæймæ не ссарай, уæд æй дæ фындзæй æмбудын байдайдзынæ тыргъмæ схизæны. К ъ а р о л (фæсдзæуинтæн). Цæугæ æмæ йæ басгарут уым. Г а м л е т. Ауайут: æнхъæлмæ кæсынæй уæм йæ цæстытæ ныуурс сты. Фæсдзæуинтæ ацæуынц. Къ ар о л. А туджы хабар, Гамлет, махæй домы, Дæхи уды сæрæгасы тыххæй Дæу æрвитын æвæстиатæй дардмæ. Тагъд арæвдз кæн. Цæуынæввонг у нау, Фæндаггон дымгæ радымдта, цæттæ сты Дæ хъузæттæ дæр, - Англисмæ цæут. Г а м л е т. Куыд, Англисмæ? Къ ар о л. О, Англисмæ. Г а м л е т. Иттæг хорз. Къ ар о л. Æцæг, кæд нын нæ фæнд æмбарыс, уæд. Г а м л е т. Æз зæд уынын, æмæ дæ уый æмбары. Цæй, хорз, кæд Англисмæ, уæд Англисмæ! - Хæрзбон, мæ зынаргъ мад. Къ ар о л. Дæ зынаргъ фыд - зæгъинаг уыдтæ, Гамлет? Г а м л е т. Нæ, мад. Фыд æмæ мад - ус æмæ лæг, ус æмæ лæг та иумæ вæййынц ныхæст. Уæлдай нæу. Хæрзбон, мæ мад. - Уæдæ Англисмæ - уый диссаг уыдзæн! Ацæуы.
240 (V) С<Ф) <да <*х«») *»/*«> ’Ч^ ^Х*° г'^ ^; (*> с«!Й> (^ фо ад <•»/*> "/у <*/*> ф Къ ар о л. Цæугæ йæ фæдыл. Басайут æй наумæ Æвæстиатæй а сæнтдзæфы, тагъд, Цæмæй йæ тæф дæр мауал уа ам абон! Фæндараст ут. Цы бакæнын хъæудзæн - Нымайын уыдон фыстæджы. Фæтындзут. Розенкранц æмæ Гильденстерн ацæуынц. Кæд, Англис, ды мæ уарзтæн аргъ кæныс, Æмæ дæ кæд нæма ферох мæ хъару. - Ис данийаг æхсаргардæй нырма Дæ ныхыл нос æмæ нын фидыс хъалон, - Уæд мын мæ бардзырд бамбардзынæ раст Æмæ гуырысхо нал кæндзынæ - Гамлет Кæй у дæ къухмæ марынæн лæвæрд. Уый амар, Англис! Уый куы уа уæлæуыл, Уæд сойдзырагъау тайдзынæн. Уый мард Куынæ уа, уæд мæныл нæ хæцы цард. Ацæуы. 4 СЦЕНÆ Фæзбыдыр Данийы. Бацæуынцкапитан, Фортинбрас æмæ æфсæддонтæ. Фортинбрас. Салам ын раттут Данийы къаролæн. Нæ бадзырдмæ гæсгæ, дам, Фортинбрас Фæкæны йе ’фсад Полынæмæ дæ зæххыл. Æмбырд цы ран кæнæм, уый зоныс ды. Зæгъ ын: нæ сæр куы бахъæуа хъуыддагæн, Уыдзыстæм уæд йæ фæсидтмæ цæттæ. Фæндараст. Кап итан. Хорзыл амбæлут.
(<>> (Тф) Оф) <7,уо) (7фд (ф) (Гф,) (Гф) Ъ) (<У (ф,) <>/*>) (ф>) (фу (ф^) Сф>; (фч «0 Фортинбрас. Бардз, размæ! Фортинбрас æфсадимæ ацæуы. Бацæуынц Гамлет, Розенкранц æмæ Гильденстерн. Г а м л е т. Кæй æфсад у? К ап итан. Норвегиаг. Г а м л е т. Кæй ныхмæ? Кап итан. Уый - Полынæйы. Г а м л е т. Æмæ уæ балхон чи у? Кап итан. Принц Фортинбрас, зæронд къаролы фырт. Г а м л е т. Æгасæй хæцут Полынæйыл æви Йæ иу хайыл? Кап итан. Æргомдзырдæй: цæуæм Зæххы гæбаз лыг кæнынмæ. Дæ къах ыл Æрæвæр æмæ - нал зындзæн. Æз ыл Нæ раттин фондз дукаты дæр. Норвеги Æмæ йæ Полынæ хаццоныл дæттынц - Хæрын дын ард, уæд уыйбæрц дæр нæ райсид. Г а м л е т. Уæдæ уæд Полынæ уый сæрыл нæ хæцдзæн. Капитан. Æрæвæрдта дзы фидар гарнизон! Г а м л е т. Дыууæ мины æфсæддонтæ, æхца та Дæсгай минтæ - æмæ сын не сты ’вгъау Зæххы гæбазыл! Ахæм у йæ хъæдгом Нæ заманæн: йæ бакастæй - хæрзконд, Æнæниз, цардхуыз; мидæгæй та, калмау, 16
Мæлæтдзаг низ йæ халæн куыст кæны. - Сэр, бирæ цæр, дæ бацамындæй - бузныг. Кап итан. Рæствæндаг у. Ацæуы. Розенкранц. Милорд, цæй, мах дæр цом. Г а м л е т. Цæут. Æз дæр уæ феййафын ныртæккæ. Ацæуынц, Гамлетæй фæстæмæ иннаэтæ. Цыфæнды фенон - уайдзæф мын кæны Æмæ мын дзуры: маст исыныл батындз. Циу адæймаг, йæ бæрзонддæр бæллиц Хæрын æмæ фынæй кæнын куы вæййы? Цæрæгой, фос. Ау, адæймагæн æрдз Йæ фарон æмæ фидæнмæ кæсынæн Цы диссаджы тыхджын зонд радта, уый Æнархайгæ цæмæн лæзæра хъуамæ? Цы мыл æрцыд? Æви мыл бафтыд рох, Кæнæ мæ митæ сахуыр дæн æвзарын Æгæр лыстæг: цы уыдзæн, æмæ - куыд? Лæгæн йæ зонды иунæг хаймæ уæд Æртæ хайы тæппуддзинад куы хауы! Цæмæн ма хъæуы дзурын та æдзух: «Цу, райс дæ маст», куы мын ис фидар аххос, Куы ис æхсар, тых æмæ бартæ, уæд? Мæхиуыл худын байдайын, лæгдæрты Куы фенын, уæд. Райс уартæ уыцы бардз Æмæ йæ хъал сæрыстыр принцы: цас у Хъуыддагмондаг, æрыгонæй — ныфсхаст! Куыд бæллы кадмæ! Карз хæстмæ фæбырсы, Мæлæт æмæ хъысмæты ныхмæ, цард Нæ дары мурмæ, афтæмæй йæ хъуыддаг Хуымæтæг айчы хъузджы аргъ дæр нæу. Æцæг лæгæн егъау хъуыддаг куынæ уа, о г^ ^ ^ ^ ^ ^ ^ о^ ^ %^ ^ ^ ^ ^^ ^ ^ ^ ^ ^ ^ ^ ^ ^
(^ <«/<>; г«»/«>) (**/*»> <»Х^ (<*Х^ <ч>4> с<»/^ <ч> Уæд не змæлы, фæлæ цытæн хъæуы, Уæд бацæуы хъæмпыхалыл дæр тохы. Æз та, кæй фыд фæмардæуыд, кæй мад Фæхудинаг, хæрам кæй риуы судзы, - Æз та кæсын къæмдзæстыгæй æнцад Æмæ уынын, дыууын мин æфсæддоны Куыд фæбырсынц хæрзифтонгæй, цæмæй, Хуыссæнау, цагъды ингæны ныххуыссой, Хæцынæн нæ - сæ ныгæнынæн фаг Цы дзырддаг зæхх нæу, уый чысыл гæбазыл! О, ныр, мæ хъуыды, тугахуырстæй цæр Æртхъирæнты, кæннод мæлæт - хуыздæр! Ацæуы. 5 С Ц Е Н Æ Уат галуаны. Бацæуынц Гертрудæ æмæ Г о р а ц и. Гертрудæ. Нæ, ма йæ ’рбауадз. Тынг тыхст дæн. Г о р а ц и. Бырсы. Æцæг, цыма фæцудыдта йæ зондæй. Тæригъæддаг чызг у. Гертрудæ. Цы йæ хъæуы? Г о р а ц и. Йæ фыдыл ниуы: дуне, дам, мæнгард у; - Цыдæр гуырысхо байдыдта, йæ риу Тымбылкъухæй нæмы æмæ дзыназы, Сæнттæ цæгъдгæ. Хæццæ ныхаокæны, Фæлæ йæм хъус, уæд байдайыс дызæрдыг: Йæ сæртылдæй, йæ ныхæстæй æфты Кæуылдæриддæр алгъуызон хъуыдытæ...
^Я-Я- о>) <<ф) (<*г<>) (',г*) ы*» (’фа ш <<ф) ы (го) л^ <*Х1? с*Х^ е*Х^ ('*Х^ <«Х*> (»}*$ <!■>) Хуымæтæджы, дам, не сæрра ис чызг. Тæссаг цыдæр, дам, басусæг чындæуыд... Гертрудæ. Фæлтау æй фенон. Не знæггæн, мыййаг, Сæ хъуыдыты куы байтауа дызæрдыг. Фæдзур-ма йæм. Г о р а ц и ацæуы. Мæ зæрдæ - рыст, тæригъæдджын - мæ уд. Цыдæр тæссæй кæнын æдзух æнуд. Æмбæхст фыдгæнд нæ хъуыдыты куы ссудзы, Уæд нæ йæхæдæг байдайы нымудзын! Баздæхынц Г о р а ц и æмæ О ф е л и. О ф е л и. Кæм и нæ бæсты фидыц æмæ не ’хсин? Гертрудæ. Цы дæ хъæуы, Офели? О ф е л и (зары). Ауыгъта мæныл йæ къух Уарзон уд æцæг. Армы дардта уый æдзух Плащ æмæ лæдзæг. Гертрудæ. Мæ удæнцой, цы амоны дæ зарæг? О ф е л и. Фæлæуу-ма, æз æй азарон æххæст. (Зары.) Амард, леди, амард ныр, Баци уый фынæй. Ис йæ нывæрзæн къуыдыр, Ингæныл та - къæй. Гертрудæ. — Æрбайхъус-ма, Офели... О ф е л и. Ох, фæлæуу-ма... СОО9О9ОО<?9ООСОёШ0С0еЭСЭр9С^
^^^Ф>^^^^^^ 245 Бацæуы к ъ а р о л. Гертрудæ. Тæригъæдцаг! Цыхуызæн у, кæс-ма йæм. О ф е л и (зары). Мæрддзаг урс уардиты бын Ныр фæци бынтон. Цæсгом цæссыгтæй æппын Нæу сæрфын мæ бон. Къ ар о л. Нæ дзæбæх чызг, зæгъ-ма, куыд у дæ цард? О ф е л и. Хорз, хуыцау дын уахорз ракæнæд. Афтæ фæдзурынц, уыгæн, дам, йæ фыд дзулгæнæг уыди. Хуыцау зоны, нæ фæстаг цæмæ цæуы. Уæ цæхх, уæ кæрдзынæй - бузныг. Къ ар о л. Йæ фыдимæ йæ зæрдæ дзуры. О ф ел и. Уæ хорзæхæй, уый тыххæй кой дæр ма кæнут. Фæлæ дæ куы фарстæуа, уый цы амоны, уæд-иу сын зæгъ: (Зары.) Сæумæйыл Валентины бон Мæ уд дæумæ цæудзæн, Æмæ дын хъуамæ уæд зæгъон: Мæ хурыхай, дæу дæн. Цы ’рцыди дарддæр - зонæн нæй, Фæлыг мæ царды хал: Цыдтæн æм мидæмæ чызгæй, Фæлæ фæстæмæ - нал. Къ ар о л. Мæ ахсджиаг Офели! 0 ф е л и. Æнæ сомыйæ, ныртæккæ йæ фæуыдзынæн. Къ ар о л. Рагæй афтæ у? оогор^с^ор9с<эаор:9ем<^зеороа
246 а>) (<**& «,&>) с»У"*.) (л») (гф,) оф>) Оф>) (с,\ > -%- -\ -%. -А. -ъ <> -* <> ■<* -у> -^ -Л -V -Л- -^ -’ (0) г.*Хо> <*Х^ (^ сЭД е*/^ с<*/<у г«Х*) с*) О ф е л и. Уый хуыздæр у, хуыздæрмæ цæуы. Æз бабыхсдзынæн. Ие, æцæг, мæ цæстысыгтæ нал бауромын, уазал сыджыты ис, ууыл куы ахъуыды кæнын, уæд. Фæхабар хъæуы ме ’фсымæрмæ. Бузныг уæ тæфæрфæсæй. Уæдæ - иннæрдæм, мæ къарет! Хæрзæхсæв, леди. Хæрзæхсæв, зынаргъ леди. Хæрзæхсæв у, хæрзæхсæв. (Ацæуы.) Къ ар о л. Йæ фæдыл - тагъд! Цыппæрдзæстæй йæ хъахъхъæн! Гораци ацæуы. Йæ фыды мастæй сæрра ис, мæгуыр. Лæгыл бæллæхтæ иугæйттæй нæ цæуынц, Гертрудæ, фæлæ - къордæй. Иу уыди - Полонийы æдзæм фæмард, сæ иннæ - Æгæнон дардмæ Гамлеты æрвыст, Йæхи аххосæй. Аннæмæй та - адæм Хъуыр-хъуыр кæнынц. Сæрхъæн дзыллæ кæм и - Ыскастысты, Полонийы мæлæтыл Цæуы сæ дам-дум. Сусæгæй нæ хъуыд Ныгæнын марды. Цыппæрæм бæллæх та - Офелийы уæззау сæрниз, цы у - Бæрæг ын нæй? Сырдтæ нæ хоны. Иууыл Бæллæх та у Лаэрты сусæг раздæхт Фæстæмæ Францæй, не ’мгæрон нæ цæуы, Æууæнды алы дам-думтыл, фæрсы Дзæгъæлдзыхты, зæгъгæ, мæ фыд куыд амард Æмæ цæмæй? Нæу азымджын бæрæг Æмæ та махыл баккой кæнынц аххос. Гъеуыцы алы сагъæстæй кæны Мæ рыст зæрдæ цæрдхуынчъытæ, Гертрудæ. Æдде цæуы хъæр-хъæлæба. Г е^р т р у д æ. Цы хъæр уа, чи сты? К ъ а р о л. Хъахъхъæнджытæ, тагъд! Æрлæуут къордæй къæсæрыл! - Цы ’рцыди?
(<•*) <ф^ <<»/*>) С">Х^4 шб>) <&'•> <?>Х*>) <&*>> <ч> Бацæуы иу у æ з д а н. У æз д ан. Æмбæхсгæ, паддзах! Денджыз ракалд, уæд Куыд лæбура йæ фидар былтæм, афтæ Лаэрт æмæ йæ бунтгæнджыты къорд Лæбурынц ныр дæ хъахъхъæнджытæм, - семæ Дæ сау адæм. Цыма ныр фæзынд цард, Цыма нырмæ фыдæлтон æгъдау хæлд уыд, Цыма гуырысхо байтыди зæххыл - Хъæртæ кæнынц: «Нæ паддзах ныр Лаэрт у! Æгас цæуæд Лаэрт!» Хъæртæ кæнынц Æмæ сæ худтæ арвы онг æппарынц. Гертрудæ. Сæ цин мæнг у! Фæивддзаг кодтой фæд! Фæрæдыдыстут, даниийаг цъыфхортæ! Фæстæмæ, тагъд! Къ ар о л. Æрбатыдтой нæм дуар. Æд гæрзтæ бацæуынц Л а э р т æмæ иукъорд данийаджы. Л а э р т. Кæм и къарол? - Ныууадзут нæ сымах. Данийæгтæ. Нæ, мах ныууадз. Л а э р т. Цæугæут уал фæстæмæ. Данийæгтæ. Цæй, хорз уал. Хорз уал. (Ацæуынц фæстæмæ.) Л а э р т. Бузныг. Уым лæуут. Æрцахсут къæсæр! - Ды, къарол, æнаккаг, — Мæ фыд кæм и? Гертрудæ. Æнцойдæрæй, Лаэрт.
248 с^*^с*и ^ ^ч^ч^^^-^ (^) ’оф^ '<$**> >Х*, ’с^ ’с’*/^ ^А /<г<гХо> <•!) Л а э р т. Цы? Мисхал мæм куы разынид æнцойад, Фæхудинаг дзы уаиккам уæд æз, Мæ фыд, мæ мад. Куыд уон æнцой, - цы уарзтон, Зæххыл мын уый куынæуал баззад, уæд? Къ ар о л. Лаэрт, цæуыл у, уæйгуытау, дæ сыстад? - Æнцад, Гертрудæ, тас мын мурдæр нæу. Къаролы фидар хъахъхъæнынц нæ зæдтæ. Цыфæнды тынг лæбура знаг, уæддæр Йæ къух цыбыр у. - Басæтт нын æргомæй, Цæй фæдыл афтæ смæсты дæ, Лаэрт? Зæгъ, хъусæм мах. - Дæ дзыхыл хæц, Гертрудæ. Л а э р т. Мæ фыд кæм и? Къ ар о л. Ныгæд. Гертрудæ. Фæлæ къарол Уым аххос нæу. Къ ар о л. Уадз бафæрса мæ ноджы. Л а э р т. Куыд амарди? Æцæг, фæливгæ нæ! Æз аппæрстон нæ бастдзинад, æрдбахæрд, Æнувыд, уарзын - авд дæлдзæхы фод! - Мæн нал хъæуынц. Тæрсын мæ ма кæн. Баууæнд: Уæлæуыл уон, мæрдты - уæлдай мын нæу. Цыфæнды уа, уæддæр æз хъуамæ райсон Мæ фыды туг. Къ ар о л. Уый чи нæ уадзы дæу? Лаэрт. Нæу никæй бон, уый у мæнæн мæхи бар. Фæрæзтæ та - цы мæм ис, уыдон - фаг. Тæрсгæ мын ма кæн. сооооососооооо^шососос^осооороо_орорососорососр
0» ('*/*>) Ьбъ <?ф) <?фь ('*/*>) Ь/*>) Ъ/» Ь) (^ **/*>> г«/*> гп/*») о*>у («*Х«у С'*/^ (<*>; <Ф Къ ар о л. Хорз, Лаэрт, фæнды дæ Дæ фыды мæлæт бæзонын бæстон? Æмæ, мыййаг, дæ масты фæдыл, къамтау, Куы схæццæ кæнай азымджын æмæ Æназымы, фыдгул æмæ хæлары? Л а э р т. Нæу уымæй тас. Къ а р о л. Уæдæ дын æй зæгъон? Л а э р т. Зæгъ мын æй, о. Хæлæртты та фыццагау Æз уарздзынæн, сæ сæраппонд мæ туг Ныккалдзынæн. Къ ар о л. Гъеныр, Лаэрт, ды дзурыс, Мæ хъæбулау æмæ уæздан лæгау. Дæ фыды марды æз кæй нæ дæн аххос, Цы маст кæнын, уый базондзынæ тагъд. Данийæгтæ (фæссценæйæ). Фæндаг ын раттут! Л а э р т. Чи кæны хъæлæба? Баздæхы О ф е л и. Магъз, батай масты! Цæстысыгты цæхх, Æрæмбырд у мæ дыууæ цæсты, скъах сæ! Хуыцау æвдисæн, райсдзынæн мæ маст Дæ зонд ныттаргæнæгæй, майы уарди! Мæхи Офели, о мæ дзæбæх хо! Мæлæт куы айсы фыдæлты, уæд уайтагъд Сæ чызджытæн дæр басæггы сæ зонд. О, уарзондзинад барвæндæй фæкæны Йæхи нывондаг, а дунейыл ын Хуыздæр æмæ зынаргъдæр чи уа, уымæн. оооосоооеороооооеосфорсроооросоеор^
250 (^^^^Ч^^Т^-^ Оз) г«*Ху с*Х^ с<*Х^ с*д^ с<*У<у с<е/у <Ф$ <ч) О ф е л и (зары). Иæ табæт гомсæрæй зынди, Мæ дзыккутæ тыдтон, Мæ цæссыг табæтмæ цыди. Хæрзбон, мæ уд, хæрзбон! Л а э р т. Райс туг, зæгъгæ, куы домдтаис хæд-зондæй, Нырæй фылдæр нæ загътаис уæддæр. О ф е л и. Сымах мын ахъырнут: «Алвис урс къуымбил, мæ цæст. Æлхуый, ма ныссæтт æрмæст. Зил, уæдæртт, цы мæрддаг дæ, - алвисон мæ мæрддзæгтæ!» Тс-с, - уый дуарсæттæг къæрных у, мæгуыр чызджы аскъæфæг. Л а э р т. Йæ хæццæ ныхæсты цыфæнды баст ныхæстæй арфдæр хъуыды ис. О ф е л и. Мæнæ дидинæг розмарин - æнувыды нысан: айс æй, мæ хур, ма мæ ферох кæн. Адон та - цæстыхаутæ: сагъæсыл æфтауынц. Л а э р т. Йæ сæнттæ мæ хъуыдытыл æфтауынц. Йæ хæццæ хъуыдытæй сленк кæны рæстдзинад. О ф е л и. Мæнæ дын - хъонтхора - козбаудзинад; мæнæ - донзайæг - гадзрахатдзинад. Мæнæ -рута- фæсмон æмæ æнкъарддзинад. Адонæй иу-цалдæр исын мæхицæн. Мадымайрæмы кæрдæг дæр æй фæхонынц. Мæнæ - æхсынкъмарæн - фидар уарзондзинады нысан. Фæлæ мын баруадысты, мæ фыд куы амарди, уæд. Афтæ дзурынц, æвиппайды амарди, æнцонæй. (Зары.) О Роби, мæ зæрдæ, мæ цинæн йæ сæр дæ! Л а э р т. Йæ хъизæмар, йæ зонды айст, йæ низ! Сæ иу дæр ын нæ басаста йæ хæрзуд. О ф е л и (зары). Кæд ма мæм раздæхдзынæ, кæд?
(^ г<»>>; **/*> <>*/*> е*Х'-у («>Х<у *»)Ч/ (<»/"■•; ((0 Кæд ма дын ракæнон лæггад? Нæ, мард дæ ды æмæ ныгæд, Ныр та уыдзæн мæ рад. Цы рухс сæрыхъуынтæ дын уыд! Æрттывтой урс митау, мæ фыд! Фæлæ ды мард дæ ныр, æмыр, Æмæ дæ рухсаджы фæдыл Мах хъуамæ кувæм ныр. Чырыстон удтæн сегасы тыххæй дæр, хуыцау, бахатыр кæн! Цæй уæдæ, хуыцау уыл аудæд! (Ацæуы.) Л а э р т. Уынут, уынут? О стыр хуыцау! Къ ар о л. Лаэрт, Дæ маст мæнæн дæр маст у, ууыл баууæнд, Мæ рæстдзинад дын равдисдзынæн æз. Дæ хæлæрттæн сæ зондджындæрты равзар, Уадз байхъусой æмæ зæгъой сæ фæнд. Кæд махмæ ссарой исты аххос уыдон, Кæд уæм зылын, уæд нын нæ цард, нæ худ, Нæ паддзахад æмæ нæ бынтæ - сегас Дæ фыды мардмæ айсдзынæ. Кæд нæ, Уæд та-иу быхс æмæ нæм хъус бæстондæр, Цæдисæй иумæ ссардзыстæм рæстад, - Рох ма кæн уый. Л а э р т. Разы дæн æз æппæтыл. Йæ талынг мæлæт, сусæгæй ныгæд, Йæ ингæныл кæй нæй нысан, æхсаргард, Кæй йын нæ рард ныгæнæн бон æгъдау - Мæрдтæй мæм сиды, сегас дæр бындзарæй Куыд равзарон. Къ ар о л. Æвзæрст уыдзысты, зон. Йæ марæгæн мæлæт уыдзæн тæрхон. Ныр немæ цом. Ацæуынц.
252 Ф^^^^и^ (Гу ’ «ф>> ^Х’! 1»Х*> '**&> («У’Э *Ф$ «Фэ ('*.) 6 С Ц Е Н Æ Иннæ уат галуаны. Бацæуынц Г о р а ц и æмæ фæсдзæуин. Г ораци. Цæмæн сæ хъæуын, читæ сты? Фæсдзæуин. Матростæ. Фыстæджытæ сæм ис дæумæ. Г о раци. Зæгъ сын. - Уый диссаг у: кæцæй уа æмæ чи уа, Нæ мæм фыстæуы, Гамлетæй уæлдай. Бацæуынц матростæ. Матр о с. Фарн ам уа, сэр. Г о р а ц и. Хуыцау дын раттæд хорзæх. Матр о с. Уый дæттæд, æндæр æй мах райсдзыстæм. - Мæнæ дæм фыстæджытæ, сэр. Науæй дæм сæ рарвыстæуыди, Англисмæ минæварæй, - кæд дæ ном Гораци у, уæд - афтæ мын загътой. Г о р а ц и (кæсы). «Гораци, ацы фыстæг бакæс æмæ йæ бахæсджытæн фæрог кæн къаролмæ бахауын. Уымæ дæр сын æрвитын фыстæджытæ. Дыууæ боны дæр нæ фестæм денджызы, афтæ нæ баййæфтой денджызон абырджытæ. Уыдон нау махонæй рæвдздæр уыдис, баййæфтой нæ æмæ нæ бар-æнæбары семæ бахъуыди хæцын. Сыфцæй ласын нæ куы сфæнд кодтой, уæд æз багæпп ластон уыдон наумæ, стæй наутæ фæхицæн сты, æмæ абырджытæм æз иунæгæй аззадтæн уацары. Ницы мын кодтой, сæхи равдыстой уæздан абырджытæй, кæд денджызон уыдысты, уæддæр. Фæлæ уыдон цы кæнынц, уый зонынц. Мæ сæрмæ исты бадомдзысты. Бахæццæ кæн ацы фыстæджытæ къаролмæ, стæй тæхгæ мæнмæ, цыма мæлæты разæй лидзыс, уыйау. Ахæм хабар дын радзурдзынæн, дæ сæрыхъуынтæ
(*» (<ф) (<ф) (Г,*,) (Гфь (<ф) (,.фо (Тф> Щ (^ <ф) (<ф>) Оф.) (ф>} (ф,) (ф,; (,*/«,; «>) 253 арц кæмæй сыстой. Ацы хорз адæм дын бацамондзысты мæ бынат. Розенкранц æмæ Гильденстерн дарддæр фæленк кæнынц Англисмæ. Уыдон тыххæй дæр дын радзурдзынæн. Хæрзбон. Дæ хъаймæты хæлар Гамлет». Матр о с. Цом, ацы иннæ фыстæджытæ раттæм, Сæ рарвитæгмæ батындзын хъæуы. Ацæуынц. 7 С Ц Е Н Æ Æндæр уат галуаны. Бацæуынц к ъ а р о л æмæ Л а э р т. Къ ар о л. Ныр у дæ хæс хæлар зæгъын мæнæй Æмæ ныр мæн дæ мид-зæрдæйы сраст кæн. Ныр базыдтай, дæ фыды марæг лæг Кæй фæнд кодта мæнæн мæхи дæр марын. Л а э р т. Уый хорз, фæлæ цæмæн не ’рцыд лæвæрд Æвзарынмæ та тæрхондонмæ ахæм Егъау æмæ бæрнон хъуыддаг, цæмæн Ныууагътат рох æдасад æмæ бартæ? Къ ар о л. Ис аххостæ, - дæуæн кæд ницы сты, Уæддæр мæнæн æнæхынцгæ нæй уыдон: Мад - ус-паддзах йæ цæрайæ цæры, - Уый хорз хоныс æви æвзæр - дæ бар у, - Фæлæ уæлæрвты сгьалытæн куыд нæй Сæ зилæнтæй æддæмæ цудæн, афтæ Мæнæн мæ усæй хицæнгæнæн нæй. Стæй адæмæн принц кадджын у сæ цæсты. Тæрхон ын кæн, йæ рæдыдтæ йын уæд Хæрзиуджытыл нымадтаиккой адæм. О, адæм ахæм суадоны цæхх у,
(*>) <о,)Г«>) (ьШ (^Ь (ъХ*>) (*,{«>) (<ф>) (<4Г*>) о,\ (ъ> <ф$ <$ъ <&*> №?> с«*Х^ с<*/<у <**Х*> <**) Цъæх-цъæхид къалиу сау дур кæмæй фесты. Мæстæймарæн нæй ахæм сонт тыхæн, Кæннод дæ ныхмæ сыстдзæни тымыгъау - Дæхи фатæй дын батондзæн дæ ных. Л а э р т. Уæдæ мæ фыды амæлæт, мæ хойы Æвирхъау маст ныууадзон? Никæд, нæ, - Æз дын мæхицæй не ’ппæлын ныртæккæ, Фæлæ мæ хойау нæй зæххыл рæсугъд. Нæ, туг ист хъуамæ уа! Къ ар о л. Гуызавæ ма кæн. Цы хоныс мæн, - æдылы йе - сæрхъæн? Ау, æз мæ удæн тасдзинад нæ хатын? Æви мæ рихи хъазынæн дæттын? Дæхæдæг райсом фендзынæ. Хæлар мын Уыди дæ фыд, мæхицæн знаг нæ дæн, - Гъеуый уал дын, мæнмæ гæсгæ, æгъгъæд у. Бацæуы фидиуæгæд фыстæг. Цæй, циу, цы кæныс? Ф и д и у æ г. Принцæй дæм фыстæг. Сæ иу дæумæ, сæ иннæ - ус-паддзахмæ. Къ ар о л. Куыд, принцæй? Чи сæ ’рбарвыста? Ф и д и у æ г. Цæйдæр Матростæ, дам. Нæ сæ федтон мæхæдæг. Мæнмæ сæ радта Клавдио. Къ ар о л. Лаэрт, Фæнды дæ хъусын? - Бакæсон сæ. - Ацу. Ф и д и у æ г ацæуы. (Кæсы.) «Бæрзондылбадæг! Базон, мæн кæй раргъæвдæуыди дæ паддзахадмæ денджызæй. Райсом курдзынæн, цæмæй
Г^ сй/^ (<*/*>) (фо <Ф>> (Ф^) <Ф>; <«?*>) <«) мæ, нæ паддзах, бауадзой дæумæ æмæ дæуæй бар ракурон, иунæгæй ме ’нахуыр æвиппайды раздæхыны тыххæй радзурынæн. Гамлет». Цы хабар уа? Ау, раздæхтысты сегас? Æви мæнг у æмæ нæу хъуыддаг хæлд? Л а э р т. Йæхи къухфыст уа? Къ ар о л. Уый у - принцы къухфыст. Кæс-ма: «бæгънæгæй», ам, бынæй та- «иу». Куыд дæм кæсы? Цы зæгъдзынæ? Л а э р т. Нæ зонын. Фæлæ мæ йемæ фембæлын фæнды. Мæ цæстытыл ныридæгæн дæр уайы, Йæ ныхыл ын куыд фехсдзынæн: «Лæгмар!» Къ ар о л. Кæд афтæ, уæд цæй фæдыл у къуылымпы? Уæдæ нæ хъуыддаг арæзт у, Лаэрт, Æз дын уыдзынæн разамонæг. Л а э р т. Амон. Æрмæст дзы ма уæд фидауыны кой. К ъ а р о л. Цæй фидыд, цæ! Уый - никæд! Иугæр раздæхт, Уæд тагъд æрвитын нал бакомдзæн уый. Гъеуымæ гæсгæ, æз æрхъуыды кодтон: Мах ахæм ранмæ басайдзыстæм уый, Æмæ дзы ссардзæн барвæндæй йæ мæлæт. Иæ байсæфтыл нæ цæудзæн дам-дум уæд, Йæ мад дæр нын нæ базондзæн нæ хинтæ Æмæ сыбыртт дæр не скæндзæн. Л аэрт. Къарол, Кæд дæ фæнды, уæд æз уыдзынæн хотых Дæ фæндонæн.
256 («>) <<*г& <<,г<.) б#х*«) <'Ф>> (гФ>> ь%»> °ф> °>) (*> с«_Х«_» С^ С_Х«>> С**ХЪ> <**Л ('*/*!> <*!&> <•*) Къ ар о л. Мæ фæнд дæр уый у, уый. Дæ балцы заман дæр нæ рох нæ уыдтæ. Æз фехъуыстон, ам Гамлетæн кæддæр Æппæлдæуыд дæ бирæ арæхст митæй, Фæлæ дын Гамлет бабæллыд æрмæст Дæ хорз митæн сæ къаддæрмæ. Л а э р т. Уæд цавæр? Къ ар о л. Чысыл хæрзиуæг, - чъилджын худæн бант Цы вæййы, уый. Æрыгон лæппу дары Йæ уæнтыл рог плащ, ацæргæ лæг та Æнæниздæрæн тинты кæрц фæдары. Дыууæ мæй раздæр ам уыд иу уæздан Нормандиаг. Францусæгты æз зонын, Уыдтæн сæ ныхмæ хæсты дæр, - æмбал Нæй уыдонæн бæхыл хъазынмæ. Уый та Дæлимон уыд. Йæ саргъыл-иу ныббындз, Æмæ йæ бæхыл ахæм митæ ’вдыста, Цыма уыдис йæ хайуанимæ иу Æгасæй дæр. Цы митæ кодта, уыдон Нæй фыны фенæн, радзурæн сын нæй! Æнæрцæугæ! Л а э р т. Нормандиаг æй хоныс? Къ ар о л. Нормандиаг. Л а э р т. Хæрын дын ард - Ламонд! Къ ар о л. Æцæг уыд уый. Л а э р т. Мæ зонгæ. Уый налмас у, Йæ бæсты фарн. еосооососоооросороросос^ососорососорс^ор^æшз
Къарол. Дзырдта мын: зоны дæу, Дæуæй мын тынг æппæлыди, цыргъ кардæй Куыд арæхсыс, цы дæсныйад дæм ис, Уæлдайдæр та - рапирæтæй хæцынмæ, Дæуæн, дам, уым æмсæр-æмбал дæр нæй. Дзырдта, цыма сæ загъдкъахæг лæппутæ Куы хæцынц демæ, уайтагъддæр сæ уæд Ды басæттыс. Йæ ныхæстæм ын хъуыста Хæлæгæй Гамлет, нал кодта фынæй, Дæ раздæхтмæ æдзухæй каст æнхъæлмæ, Цæмæй ды йемæ рахæцай. Дæуæн Æфсон у уый! Л а э р т. Æфсон? Ома - цы мийæн? Æфсон - цæмæ? Къ ар о л. Æргом-ма зæгъ, Лаэрт: Æцæгæй кæныс аргъ дæ фыды номæн, Æви æрмæст хъыгдзинады нывау, Зæрдæ нæй дæу? Л а э р т. Цы фарста ма у уый та? Къ ар о л. Дæ фыды уарзтай - ууыл нæй ныхас. Фæлæ цыфæнды уарзтæн дæр рæстæг у Йæ равдисæн; рæстæг та иваг у, Æмæ нæ уарзт дæр азты фæдыл тайы. Æмбарыс мæ? Нæ судзгæ уарзты зынг Куыдфæстагмæ йæ сæджы бын фæвæййы, - Куынæ дæтта лæг йе ’нкъарæнтæн куыст, Уæд байдайынц, æртхутæгау, ызгъæлын, Цы сфæнд кæнай, уый аразгæ вæййы, Кæд нæ, уæд сысы сабыргай, - фæндонæн Куыст бирæ ис, стæй арæх ивы бон, 17
258 (*о ьш <<*т ('*&> ('»р» СгФ* <'Ф> °Ф> Гг>] (*>> «ф$ (’Фу с«*Х^ <<*&> <*?**> "Фу (<?{э (<ь Лæг адæмы куыд арæх уыны, афтæ. Иæ рæстæгыл кæнинаг у хъуыддаг. Æмæ цы хъуыддаг у? Æрбаздæхт Гамлет. Лаэрт, дæ фыды уарзтай, зæгъгæ, уый Ныхæстæй уæлдай - равдисис хъуыддагæй? Л а э р т. 0, дзуары дæр ын бахсынин йæ хурх! Къ ар о л. Ай-гъайдæр, нæй лæгмарынæн сыгъдæг ран Æмæ нæ зоны тугисын æмгъуыд. Уæдæ уал ныр цæугæ уæхимæ. Гамлет Йæхæдæг базондзæн, ды ам дæ, уый, Æппæлдзысты дæ кардарæхстæй уынгты, Кæрæдзимæ уæ бакæндзысты, стæй Æвæрдзысты уæ дыууæйыл хæснæгтæ. Æнæмæт у, рæстуд, æмæ, кæлæн Цы у - нæ зоны, - не ’ркæсдзæни кæрдтæм, Дæуæн æнцонæй бауыдзæн дæ бон Къуымых рапирæ аивын цыргъфындзæй, - Фæцарæхс-иу, фæцырд-иу у, гормон! Дæ фыды туг дзы райсдзынæ! Л а э р т. Иттæгхорз! Йæ цыргъ дæр ма йын байсæрддзынæн æз. Кæддæр мæм иу сæрдæн æрбафтыд: марг у, - Фæхъæстæ дзы дæ карды фындз чысыл, Фæцагайдтай дзы, уæд ирвæзæн нал ис! - Мæлæт йæ хурхыл бахæцы лæгæн, Фæнды йын дар кæрдæгыл бантыд хостæ. Мæ карды фындз дзы байсæрддзынæн æз. Æрмæст чысыл фæцъæррæмыгъд уæд - Гамлет Нæ фервæздзæн. Къ ар о л. Æркæсæм-ма хуыздæр, Цы ма уыдзæн æнæнхъæлæй нæ разы. Зæгъæм, нæ фæнд нæ рауади, кæнæ Нæ мæсыг акалд, æмæ сусæг раргом.
(^ «*/*.> (-<*>; <:•*/*>> О’Х’у (<»Х«у ('*Х«у (<»Х^ «•> Цы хъæудзæн уæд? Сæ бæсты хъуамæ мах Æндæр исты фæрæзтæ ифтонг дарæм. Фæлæуу-ма, ахъуыды кæнон. - А-гъа! Цæттæ у. Æз егъау хæснаг æвæрын... Хорз, хорз. Сымах куы бафæллайат, уæд, - Ды уый тыххæй тыхджындæр кæн атакæ! - Æркурдзæн дон, - æз авæрдзынæн уæд Йæ цуры нуазæн. Акæнæд дзы иу хуыпп, - Дæ маргдзæфæй куы фервæза, уæддæр Йæ мæлæт уым и. - Цавæр хъæр уа уый та? Бацæуы Гертрудæ. А, ус-падцзах! Гертрудæ. Маст масты фæдыл бафтыдис, Лаэрт! Фæдæлдон ис æнамондæй Офели. Л а э р т. Фæдæлдон! Куыд? Стæй - кæм? Нæ уыдзæн уый! Гертрудæ. Йæ урс цæнгтæй кæм хъазы доныл хæрис, Офели уырдæм бацыди, уыдис Йæ къухты бирæ дидинджытæ: бур, Сырх, урс, цъæх, арвхуыз - бийынмæ сæ хъавыд Æнцад-æнцойæ хæрисыл, фæлæ Йæ къухы бын æваст фæсасти къалиу, Æд дидинджытæ феуæгъд ис æмæ Ныххаудис тæккæ хуыдымы. Фыццаг ыл Дымдæй йæ дарæс доны сæр хæцыд Æмæ йæ хаста, доны чызгау, уылæн. Цы тасы ран уыд - не ’мбæрста фыццаг, Цыма йын донæй ницы тас у мурдæр, Æмæ йæхицæн зарыди сындæг. Фæлæ йæ дарæс бауымæл ис уайтагъд Æмæ йæ уыдон аластой бынмæ - Йæ мæлæтмæ. Л а э р т. Фæдæлдон ис! еоо^^ороезеорое^рр^^оа^
ЛОи (*о <<*ы <'ф) с,х*ъ оф» м*» «ф> ом г'>) ф г.*Х^ г^ е*У*>; с«*Х^ <"«*/*•; <<*/<у «№ <?*) Гертрудæ. Фæдæлдон! Л а э р т. Мæ хо Офели, д’ алывæрсты дон Ныр бирæ нс, дæу нал хъæуы цæстысыг, Фæлæ нæ лæууынц! Худинаг мын у, Фæлæ кæлынц. Лæмæгъæй нæм цы баззад, Цæуы сæ уый. - Хæрзбон, нæ хорз паддзах. Мæ зæрдæ судзы, а лæмæгъдзинад мын Мæ тых сæтты. Ацæуы. Къ ар о л. Гертрудæ, цас æхсар Фæхардз кодтон, цæмæй йæ маст æрхуысса! Ныр та тæрсын: куы та сæрра уа ног. Йæ фæдыл цом. Ацæуынц. ФÆНДЗÆМ АКТ 1 С Ц Е Н Æ Уæлмæрдтæ. Бацæуынц дыууæ ингæнкъахæджы фыййæгтææмæкъахæнтимæ. Ф ы ц ц а г. Нæ фæлæ раст уыдзæни, барвæндæй дзæнæтмæ бахауыныл цы чызг архайдта, уый чырыстон ныгæд кæнын? Д ы к к а г. Æвæццæгæн, раст уыдзæн. Æмæ йын тагъддæр къах йæ ингæн. Слестгæнæгæн æй равдыстой æмæ рахастой: чырыстонау ныгæнгæ у. Ф ы ц ц а г. Бæлвырд афтæ у? Йæхи хъахъхъæнгæйæ нæ фæдæлдон ис. Д ы к к а г. Цы гæнгæйæ уыд, ахæм тæрхон ын рахастой.
(.» (Гф) сфь сф (Гф,) (г,уг» (Гф0 (г^о (у Г^ г<*>; с«/*> («/’^ <«Х*> С*Х<у («»Х^ (<*/«--; <?*> 261 Ф ы ц ц а г. Ам зондæй архайын хъæуы. Æнæуый - закъонæй куынæ уа. Зæгъæм, æз мæхи фæдæлдон кодтон барæй. Уæд уымæн æртæ хуызы æвзарæн ис. Сæ иу - сфæнд кæнын, се ’ннæ - фæнд алыг кæнын, æртыккаг - фæнд сæххæст кæнын. Хатдзæг та иу у: чызг барвæндæй баппæрста доны йæхи. Д ы к к а г. Кæс-ма ацы ингæнкъахæгмæ... Ф ы ц ц а г. Нæ, худгæ ма кæн. Зæгъæм, мæнæ ам - дон. Хорз. Зæгъæм, ам та адæймаг. Хорз. Зæгъæм, мæнæ ауылты фæцæуы адæймаг йæхи фæдæлдон кæнынмæ. Фæнды дæ, нæ фæнды, уæддæр цæугæ доны баппарынмæ кæны, гъеуый мидæг ис хъуыддаг дæр. Иннæмæй, райс дон. Кæд æмæ йæм дон æрбакæла æмæ йæ фæбынæй кæна, уæд чызг йæхи тыххæй дзуапдæттæг нæу. Цыбырдзырдæй, йæ мæлæты йæхæдæг аххосджын чи нæу, уый нæу йæхи марæг дæр. Д ы к к а г. Æмæ уый закъон у? Ф ы ц ц а г. Æнæмæнг. Закъонтæн сæ тæккæ хистæр. Д ы к к а г. Фæнды дæ рæстдзинад базонын? Уый хъæздыг хæдзары чызг куынæ уыдаид, уæд чырыстон ныгæд йæ цæстæй дæр нæ федтаид. Ф ы ц ц а г. Раст у дæ ныхас. Æмæ хъыгаг дæр уый у: сыгъдæг уæздæттæн ис алгъуызон фадæттæ сæхи ауындзынæн æмæ дæлдон кæнынæн, мах хуызæн мæгуыртæн та ахæм бартæ нæй. Цæй, хæйрæджы амæттаг фæуæнт. Райдайæм къахын. Уæздæттæй дын куы зæгъон, уæд нæй рагондæр уæздæттæ дыргъдонгæстæй, зæхкусджытæй æмæ ингæнкъахджытæй. Уыдоны мыггаг суанг Адамæй рацыди. Д ы к к а г. Ау, æмæ Адам дæр уæздан уыди? Ф ы ц ц а г. Уымæй раздæр хæцæнгарз ничи хаста.
262 («>) (*№> ЬГ<) С'#Уе..) Оф>) Оф) (<ф) Оф) (<,) (*> ^ <*А <*/*, (*А <*/*> <<*/•; «*& ('*) Д ы к к а г. Аргъæуттæ кæныс, гæрзтæ нæ хаста. Ф ы ц ц а г. Талынг дæ æви муртат? Куыд æмбарыс сыгъдæг фыст: «Адам къахта зæхх»? Ау, æмæ йæ къухтæй къахта зæхх? Мæнæ ма дын ноджы иу фарст. Æрмæст раст дзуапп ратт, науæд зоныс... Д ы к к а г. Раппар дæ фарст. Ф ы ц ц а г. Зæгъ-ма, чи аразы ноджы фидардæр дурамайæгæй, науаразæгæй æмæ æрмгусæгæй? Д ы к к а г. Ауындзæн аразæг. Ауындзæн фылдæр цæры, чи йæм бахауы, уыдонæн сегасæй. Ф ы ц ц а г. Зæдтыстæн, зондджын дæ! Ауындзæн - уый хорз у. Фæлæ кæмæн у хорз? Йæ хъуыддаг æвзæр кæмæн у, уымæн. Ды загътай æвзæр, ауындзæн аргъуанæй фидардæр куы рахуыдтай, уæд. Гъеуымæ гæсгæ, ауындзæн хорз дæуæн у. Цæй, ног та райдай, æрмæст ацы хатт бафæрс ды. Д ы к к а г. Чи аразы ноджы фидардæр дурамайæгæй, науаразæгæй æмæ æрмгусæгæй? Ф ы ц ц а г. О, базон æй æмæ дын лекка кæныны бар ратдзынæн. Д ы к к а г. Ай-гъай йæ базондзынæн. Ф ы ц ц а г. Базон-ма! Д ы к к а г. Нæй, дæлимон, нæ йæ зонын. Бацæуынц Г а м л е т æмæ Г о р а ц и. Ф ы ц ц а г. Дæ сæрымагъз ма дон кæн дзæгъæлы, уымæн æмæ зондцух хæрæджы цасфæнды нæм, уæддæр тагъддæр нæ ацæудзæн. СОСОСОСОСОСОСОСШОСОСОСОСОСОСОРОСОСОСОСОСОСОСОС^
Г’у ^ф) Сф> <?>&> *фь ЬГ-д МЪ <<*«>} Ь) (^ <■<*/«>) <■«/*) («/*>) сОс^ («*Х^ (<»У«у (<*У^ «*> 263 Фæлæ ма дын ацы фарст искæд куы рардæуа, уæд-иу зæгъ: «ингæнкъахæг». Уый цы хæдзæрттæ аразы, уыдон фæлæудзысты хъаймæты бонмæ. Уайгæ ныр Иогенмæ, æрдав мын иу ахуыппы фаг. Дыккаг ингæнкъахæг ацæуы. (Къахы æмæ зары.) Уыдтæн ма сонт æмæ мæ сæр Зылд уарзыны зынгæй. Æнхъæлдтон, уарзынæй хуыздæр Дунейыл мурдæр нæй. Г а м л е т. Цымæ, ацы саглæг æмбары, цы ми кæны, уый? Зары, ингæн къахгæйæ. Гораци. Сфæлтæрдта уыцы куысты, ныддурзæрдæ ис, уæлдай йын нал У- Г а м л е т. Афтæ у алкæддæр: кусгæ цы къух нæ кæна, уый тынгдæр хаты риссын. Ф ы ц ц а г (зары). Фæлæ куы бадæн æз зæронд, - Æрбахъуызыд мæлæт, Æрцыдтæн уый бæстæм æз конд, - Куыд ма мæ зонай уæд? (Сæппары сæрыкæхц.) Г а м л е т. Ацы сæрыкæхцæн уыдис æвзаг æмæ зарыди кæдцæр. Ацы музуккаг та йæ сыджытыл хойы, цыма йын фыццаг адæймагамарæг Каины æфсæрыстæг у! Цы бæрæг и, чи зоны, ацы къоппа уыдаид иу политикы, йæ хинтæй суанг хуыцау дæр кæмæн тарсти, æмæ йæ ныр мæнæ ацы хæрæг амбылдта, фæуæлахиз ыл ис, - куыд дæм кæсы? Гор аци. Уыдаид, принц. Г а м л е т. Науæд та иу фæсдзæуины, афтæ-иу чи дзырдта: «Дæ райсом
& 'оф>) ’фэ >/«», >/«, >/*> ^/_., >й> с«; хорз, ме стыр æлдар? Куыд у де ’нæниз, мæ хæрзаудæг æлдар? Чи зоны, уыцы фæсдзæуин йе ’лдары бæхæй уыцы козбау æппæлдтытæ дæр уымæн кодта, цæмæй йын æй уыйфæстæ ракуырдтаид, - нæ уыдаид? Г о р а ц и. Уыдаид, принц. Г а м л е т. Гъе уæдæ афтæ у. Æмæ ныр та «мæ зынаргъ Сæрыкæхцæн» йе ’фсæрыстæг нал ис йæ уæлæ, æмæ йын йæ цар ингæнкъахæг йæ фыййагæй къупп-къупп кæны. Диссаджы ивддзинæдтæ цæуы æрдзыл, мах сæ нæ уынæм, афтæмæй. Цас æмæ цас фыдæбон кæнын бахъуыди ацы стджытæ сырæзыныл, ныр хуытæйхъазæнмæ ’рхаудтой. Ме стджытæ риссынц æрмæст йе скойæ дæр. Ф ы ц ц а г (зары). Фыййаг уа, къахæн - рахæсс тагъд, Æрцæттæ кæн мæрддзаг; Фæцис йæ ингæн мардæн къахт - Æхсæвиуаты фаг. (Ноджы сæппары сæрыкæхц.) Г а м л е т. Ноджы ма иу. Цæуылнæ уа уый иу-цавæрдæр закъонæ- вæрæджы сæрыкæхц? Цы фесты йæ хинтæ æмæ йæ кæлæнтæ, йæ къæндзытæ æмæ йæ искæй ахсæн æнгуыртæ, йæ къæппæджытæ, йæ лыстæгбыд хызтæ? Цæмæн дæтты бар ацы гуымиры музуккагæн йæ чъизи фыййагæй йæ къæбут хойынæн æмæ йæм цæуылнæ бартхъирæн кæны йе ’фхæрæн миты тыххæй тæрхондонмæ раттынæй? Хм! Чи зоны, ацы хорз лæг йæ заманы уыди стыр зæххытæлхæнæг, лæвæрдта сæ хаццоны, дывæр, æртывæр пайдайыл, цъындыйыл æвæрын кодта бирæтæн сæ ис, сæ бон. Ау, уыдон ын се ’ппæт ницы фæахъаз сты, нæ йæ фервæзын кодтой, цæмæй йæ зæххуарзаг сæрыкæхц сыджыты амæттаг ма фæуыданд, уымæй? Ау, йæ дывæрыг, йе ’ртывæрыг хатдзæттæ йын ацы нарæг фидарæй уæлдай ницы радтой? Йæ зæххыты тыххæй йæм цы акттæ конд уыдис, æрмæст уыдон дæр нæ бацыдаиккой ацы асыччы. Æмæ дзы сæ хицауы та фæцис æрмæст афтæ чысыл?
(«ь> г<«Х«у г«*/*> (■«*/*$ (фу («»/*г> С"Х^ С«»Х^ <»> Г о р а ц и. О, афтæ чысыл, мæ дзæбæх принц. Г а м л е т. Зæгъ-ма: пергамент фысдзармæй нæ фæаразынц? Г о р а ц и. О, мæ дзæбæх принц, стæй роддзармæй дæр. Г а м л е т. Фыстæ æмæ родтæ сты, а дунейыл цард йæ уды пайдайæн чи аразы, уыдон. Æз аныхас кæнон ацы къахæгимæ. - Кæй ингæн у, хорз лæг? Ф ы ц ц а г. Мæн, сударь. (Зары.) Фæцис йæ ингæн мардæн къахт, Æхсæвиуаты фаг. Г а м л е т. Ай-гъай у дæу, иугæр дзы дæхи нытътъыстай, уæд. Ф ы ц ц а г. Ды, сударь, дæхи тъыссыс ингæны нæ, фæлæ, дæ хъуыддаг чи нæу, уым, гъеуый адыл ацы ингæн дæу нæу. Æз та дзы мæхи нæ тъыссын, фæлæ уæддæр мæн у. Г а м л е т. Нæ, дæхи дзы тьыссыс, йæ мидæг лæугæйæ, «мæн у» кæй дзурыс, уымæй. Уый та марды у, удæгасы нæ, фæлæ. Уæдæ дзы ды дæхи тъысгæ кæныс. Ф ы ц ц а г. Мæнæй дæуæй дзы раздæр тъыст чи æрцæудзæн, уый бæрæг нæма у: чи зоны йæм ды баразæй уай. Г а м л е т. Цавæр чырыстон лæгæн æй къахыс? Ф ы ц ц а г. Иу чырыстон лæгæн дæр нæ. Г а м л е т. Уæд та цавæр чырыстон усæн? Ф ы ц ц а г. Иу чырыстон усæн дæр нæ. оэооо^оеоёоеосзросоеор^оеоросороо^оооросорэеэ
Й> ’ «Х*Э &Х*!> 'фХ*> '*Хъ '('Х*;> ’&Х’Э ’ (Ф$ '<•«) Г а м л е т. Уæд та дзы кæй ныгæндзысты? Ф ы ц ц а г. Раздæр чырыстон чи уыдис, ахæм чызджы, сударь. Фæлæ ныр - рухс дзæнæты бадæд - амарди. Г а м л е т. Мæлæты дзыхджын нæу ацы цæстфæлдахæг! Йæ ныхæстыл нæ арфдæр хъуыды кæнын хъæуы, науæд нæхи къæппæджы бахаудзыстæм. Зæдтыстæн, Гораци, ацы æртæ азы дæргъы нæм алчидæр ахæм цыргъæвзаг сси, æмæ музуккаг йæ къахыфындзæй къуыры паддзахы фæсдзæуинты зæвæттæ, агайы йын йæ хæлмаг. - Рагæй дæ ингæнкъахæг? Ф ы ц ц а г. Афæдзы бонтæй æз ингæнкъахæг дæн, нæ дзæнæтыбадинаг къарол Гамлет Фортинбрасыл куы фæуæлахиз, уыцы бонæй фæстæмæ. Г а м л е т. Æмæ уый раджы уыди? Ф ы ц ц а г. Дæхæдæг æй нæ зоныс? Уый ныр алы сæрхъæн дæр хорз куы зоны: уый уыди, мæнæ æрра чи сси æмæ Англисмæ кæй арвыстой, уыцы æрыгон Гамлеты райгуырæн бон. Г а м л е т. Уый диссæгтæ куы зоныс! Æмæ йæ цæмæн арвыстой Англисмæ? Ф ы ц ц а г. Уымæн æмæ сæрра ис. Уым та йæм йæ зонд æрыздæхдзæн фæстæмæ. Кæд не ’рыздæха, уæддæр ницы кæны: уым зонд ницæмæн хъæуы. Г а м л е т. Цæуылнæ? Ф ы ц ц а г. Уым æй ничи рахатдзæн: иууылдæр уый хуызæн æрратæ сты. Г а м л е т. Диссаг: цымæ, куыд сæрра ис? Ф ы ц ц а г. Æнахуыр куыддæр, дам.
(^ г<»/*.; «*/*> ?'/*) Р»/^ С*/«у ('*/'* С*/*У «*> Г а м л е т. Ау, куыд æнахуыр куыддæр? Ф ы ц ц а г. Куыд вæййы, афтæ: адымдта йæ зонд. Г а м л е т. Цæй дымæгмæ? Ф ы ц ц а г. Нæхи Даниийы хабæртты дымæгмæ. Æз ам ингæнкъахæг сывæллонæй нырмæ дæн - дæс æмæ ссæдз азы. Г а м л е т. Цас фæлæудзæнис адæймаг сыджыты æнæ бамбийгæйæ? Ф ы ц ц а г. Бæрæг нæу: кæд йæ амæлæты агъоммæ нæ бамбыди - чысыл куынæ ис ахæм мæрдтæ, æмбыдæй ныгæд чи æрцæуы, - уæд фæлæудзæнис иу-аст азы, иу-фараст азы дæр. Цармгæнæг - уый фараст азы фæлæудзæн. Г а м л е т. Цымæ, цæмæн - иннæтæй фылдæр? Ф ы ц ц а г. Уымæн æмæ, сударь, йæ царм над вæййы æмæ дон мидæмæ нæ уадзы. Дон та, сударь, стыр халæнхос у, чи ныккуыдз æмæ ныххæдмæл вæййы, уымæн. Мæнæ ноджы иу сæрыкæхц. Ацы сæрыкæхц сыджыты фæци дыууын æмæ ноджы æртæ азы. Г а м л е т. Кæй у, цымæ? Ф ы ц ц а г. Иу куыйтыхæринаг æнæсæрымагъзы. Кæй у, дæумæ гæсгæ? Г а м л е т. Бауырнæд дæ, нæ зонын. Ф ы ц ц а г. Рын æй ахæсса уыцы æнæсæрымагъз магусайы! Иухатт мын рейнаг сæны авг аскъæрдта мæ сæрыл. Ацы сæрыкæхц, сударь, къаролы айуан Иоркы у. Г а м л е т. Уый у? Ф ы ц ц а г. Тæккæ дæр уый. сооососооэеооососоеоеосоеоаоооросэророеоеосэе
Г а м л е т. Æри-ма йæ. (Райсы сæрыкæхц.) Е-гъи, мæгуырæг Йорк! Æз æй зыдтон, Гораци. Æнæкæрон цыргъзонд адæймаг, æмбисонды æрхъуыдыджын. Мин хатты мæ рахæсс-бахæсс кодта йе ’ккой. Ныр та - мæ зæрдæ хæццæ кæны æрмæст йæ уындæй дæр. Мæ цæстысыг мæ хъуырмæ ссæуы, бауырнæд дæ. Ам уыдысты уыцы былтæ, æз æппынæдзух батæ кæй кодтон. - Цы фесты ныр дæ хъæзтытæ? Дæ худæджы митæ? Дæ зарджытæ? Дæ хъæлдзæг ныхæстæ, алкæд-иу фынгыл бадджытæ худæгæй кæмæ мардысты, - æви дæм дзы дæхиуыл фæхудыны фаг дæр нал баззадис? Де ’фсæр цæй зæбул æрцис? Цæугæ ныр кæцыфæнды саурæсугъдмæ æмæ йын зæгь: цасфæнды фæцахорæд йæ цæсгом, уæддæр ын æй фæстагмæ ахæммæ хъæуы, - цымæ, бахудид! - Дæ хорзæхæй, Гораци, зæгъ-ма мын иу хъуыддаг. Г о р а ц и. Цавæр, мæ дзæбæх принц? Г а м л е т. Куыд дæм кæсы, Македойнаг Александр дæр ахæм хуызæн суыдаид сыджыты? Г о р а ц и. Сыгъдæг ахæм. Г а м л е т. Æмæ уый дæр ахæм тæф кæна? Фи! (Сæрыкæхц æрæеæры зæххыл.) Г о р а ц и. Тæккæ дæр ахæм, мæ дзæбæх принц. Г а м л е т. Æвæдза, адæймаг цынæ чъизи уавæры бахаудзæн, Гораци! Александры æртхутæг цы уавæрты фæцис, уыдонмæ лæмбынæг æркæс, уæд йæ фæстаг боцкъайы къæрмæгмæ нæ цæуы? Г о р а ц и. Хъуыддагмæ афтæ кæс - уый æгæр уæлæнгай цæстæнгас уаид, принц. Г а м л е т. Нæ, æппындæр нæ. Уый уаид, чи хъæуы æмæ куыд æмбæлы,
ахæм æркаст адæймаджы хъысмæтмæ. Зæгъæм афтæ: Александр амард, Александры баныгæдтой, Александр ныртхутæг, æртхутæг у сыджыт, сыджытæй æвзæры æлыг; ау, æмæ, Александрæй цы æлыг равзæрдис, уымæй цæуылнæ ис бæгæныйы боцкъа сæхгæнæн? Ныссыджыт Цезарь, дунейы паддзах, Æмæ дзы ныр нæ къултæ сæрдæм мах. Цы ’нгуылдзæй тарсти дунетæн сæ зæрдæ, Уый уазалдзон лыстæг хуынчъытæ сæрды... Тс-с! Иуварс цом! Æрбацæуы къарол! Бацæуынц сауджынтæ æмæ иннæ мæрддзыгойы адæм. Офелийымардбахæссынц,сæфæдылЛаэрт, къарол, Гертрудæ, фæсдзæуинтæ. Стæй йе ’фсин, ноджы фæсдзæуинтæ. Чи уа, Кæй ныгæной æнæ фæткæй? Бæлвырд, Кæй хæссынц, уый йæ тыхстæй алыг кодта Йæ царды хал. Зынгæ чидæр уыдис. Цæй, бакæсæм. (Иуварс алæууынц Горацгшмæ.) Л а э р т. Цæй, цавæр ма хъæуы Æгъдау, зæгъут? Г а м л е т. Лаэрт у уый, æгъдауджын, Хæрзуд лæппу. Кæс-ма... Л а э р т. Цы ’гъдау ма, цæй? С а у д ж ы н. Цыдæриддæр æмбæлд æгъдауæй, уыдон Мах бакодтам. Йæ мæлæт нæу бæлвырд. Æндæр исчи уыдис, зæгъгæ, йæ ныгæд Æрцыдаид æнæсыгъдæг зæххыл Æнæ цытæй, - уæд не ’рцыдаид аргъуыд, Æхстаиккой йыл дуртæ ’мæ сыджыт. Ныр ын ис дидинджытæ, ис чындздзон худ
270 §** *ф^^и*#^«+%«лр4,ъ (*•> «%''!) («Х’у ^Х^ СЧД^ №> (<*/^ «"/*> С'*) Чызджы рæсугъд фæрдгуытимæ, цæгъды Йæ номыл аргъуан, кадæй йæ æвæрæм. Л а э р т. Æндæр ын ницы? С а у д ж ы н. Не ’мбæлы фылдæр. Нæ дины уаг дзы бафхæрдзыстæм, заргæ Куы скæнæм, уæд - хуыцауы низæй нæу Йæ мæлæт. Л а э р т. Чырын ауадзут. Йæ сыгъдæг Æназым буарæй дидинджытæ ссæуæнт! - Æрбайхъус-ма, фыд-зæрдæ сауджын, ды Дæ удхæрттæй куы сниуай, уæд хуыцаумæ Мæ хо кæндзæнис кувгæ. Г а м л е т. Куыд! Офели? Гертрудæ (дидинджытæ æвæргæйæ). Рæсугъд чызгæн - рæсугъдтæ. - Хуысс, мæ хур! Фæндыд мæ дæу чындз рахонын, дæ чындздзон Сынтæг фæлындын, - уыдон бæсты ныр Фæлындын табæт. Л а э р т. Авддæлдзæх æрбауæд Æмæ фæуæд æрдиаггаг дæуæн Дæ сыгъдæг зонд фæцудынгæнæг! - Багъæц! Фæстаг хатт ма йæ ахъæбыс кæнон. (Ныггæпп кæны ингæнмæ.) Ныр баныгæнут мардимæ æгасы, Куыд уа бæрзонддæр махыл амад хох Раст Пелион æмæ Олимпы хохæй! Г а м л е т (размæ ралæугæйæ). Уый чи у, ахæм судзаггаг кæй маст у? Бæрзонд хæхтæм кæй рис хæццæ кæны Æмæ кæй сидтмæ хъусынц хæхтæ джихæй? Æз - Гамлет, данийаг. р ор ^ ^ ^ ^ ^ ^ ^ ^ ^ ^. ^ ^ ^ ор. ^ ^ ^- о^ ^^^ щ ^
0» ЬГ») <?ф* ?ф) ЬГ*>) Рфд $фо <гф» Щ (*0 <ф>) (ф>) (’фо V)6') <Ф>) ЬФ>) (<Ф) Г<*> (Ныггæпп кæны ингæнмæ.) Л а э р т. Æлгъыст æрбау! (Фæлæбуры йæм.) Г а м л е т. Дæ куывд нæу хорз. Мæ хурхæй суадз дæ къухтæ. Нæ дæн тызмæг æмæ цыбырхъуыр æз, Фæлæ мæм ис тæссаг цыдæр, - хуыздæр у, Дæхи мæ хиз. Дæ къухтæ иуварс айс! Къ ар о л. Ныууадзут! Гертрудæ. Гамлет, Гамлет! И у у ы л. Хорз уæздæттæ!.. Го р аци. Фæлæуу-ма, принц. (Баиргъæвынц сæ, фсейнæрдæм ацæуынц.) Г а м л е т. Нæ судзгæ быцæу кардæй Лыггæнынмæ цæттæ дæн, æмæ нæй Мæ цæсты рухсæй басабыр мæ удæн. Гертрудæ. Цы быцæу у, мæ хъæбул? Г а м л е т. Уарзтон æз Офелийы, - мæ уарзондзинад уыд, Дыууиссæдз мин æфсымæры куыд уарзой, Тыхджындæр уымæй. - Зæгъ, йæ номыл ам Цы бакæнис? Къ ар ол; Лаэрт, йæ зонд æнкъуыст у. Гертрудæ. Дард, ма ’вналут, ныууадзут æй! 09090909С9рШ9е009СОО<^909е9С9СО^
Г а м л е т. Нæ, равдис, Цы бакæнис йæ номыл ам? Хæцис? Кæуис, дзыназис? Стонгæй дæхи марис? Марг баназис? Йе - бахæрис кæфхъуындар? Мæ бон дæр у. Мæ фыдæнæн кæрзыс? Цы ныггæпп ластай ингæнмæ? Цæрдудæй Дæхи ныгæныс? Уый мæ бон дæр у. Цы зарыс хæхтæм? Самайæнт ныл, хурыл Кæй цъупп ныдзæва, ахæм обау, хох Сынчъыйас дæр кæй раз нæ зына, ахæм. Хъæртæй æмбулыс? Уый мæ бон дæр у! Гертрудæ. Мæсты йæм ма кæн, ма йæм хъус, - йæ низау Куы ’рцæуа, уæд æрæмбардзæн йæхи Æмæ та ног уыдзæн, бæлонау, сабыр. Г а м л е т. Лаэрт! Цæй фæдыл мæм фæдæ хæрам? Кæдцæр, цыма, уыдыстæм мах хæлæрттæ. Уæвгæ, нæу диссаг: бирæгъæн, дам, хаст Æмбисæндтæ, уæддæр уый хъæдмæ каст. Ацæуы. К ъ а р о л. Цу, йемæ цу, дæ хорзæхæй, Гораци. Г о р а ц и ацæуы. (Лаэртæн.) Ды та рох ма кæн не зноны ныхас Æмæ уал быхс. Æвзæрст æрцæудзæн хъуыддаг. - Гертрудæ, принц кæд иунæг у, мыййаг. - Дæ хо кæй фыдæй амард, уый нын ратдзæн Иæ сæрæй дзуапп. Чысыл ма бабыхс ды, Стæй уæд дæ зæрдæ нал уыдзæн тыхсты. Ацæуынц. ророоооососос^зе-оезсос^ососо^
(*>) <<ф>) щ*>) оф>) (»Х«у («ООу С’^Х^ (<*Х^; <»> 2 С Ц Е Н Æ Зал галуаны. Бацæуынц Г а м л е т æмæ Г о р а ц и. Г а м л е т. Уый алыг нс. Ныр ма ис иу хъуыддаг. Фæлæ ма хабæрттæ лæууынц дæ зæрдыл? Г о р аци. Куыд нæ ма, принц. Г а м л е т. Æнахуыр тох цыди Мæ мид-зæрды, фæлыгъд мæ хуыссæг. Раст мыл Цыма уыди хъадамантæ. Æваст Каютæйæ уæлæмæ схызтæн, - хатгай Æваст хъуыды пайдадæр у лæгæн Йæ зондджын æмæ дардыл конд хъуыдытæй. Æвæццæгæн, ис дунейыл цыдæр, Нæ хъысмæтæн нывгæнæг чи у, ахæм. Г о р а ц и. Уыдзæнис, принц. Г а м л е т. Плащ акодтон, хæрдмæ Ысхызтæн науыл, талынджы сæ ссардтон, Сæ пакет сын фæцъипп ластон, бынмæ Ныххызтæн ног; æмæ йын тагъд-тагъд халын Йæ мыхуыр; ризгæ, байдыдтон кæсын Æнаккаг паддзахы фыстæг, Гораци, Мæхи тыххæй, ома: тæссаг лæг дæн Æз Англис æмæ Данийæн, хъæуы мæ Æрцахсын, æмæ уайтагъддæр мæ сæр Æрцæуæд лыг. Г о р а ц и. Нæ уыдзæн уый! Г а м л е т. Фыст ам и. Æнцой рæстæг æй бакæсдзынæ. О, Цы бакодтон - фæнды дæ зонын? 18
(*> сфэ (чХ’у е*Х«>> с«*Х^ с*/*у "?Л<; *?/<:<; (•*; Г о р ац и. Курын. Г а м л е т. Хæрз сæфт кæнын, уый базыдтон, фæлæ Куыд фервæзон - бæрæг нæ зыдтон. Артау Сыгъдтæн. Уым афыстон æндæр фыстæг Æмæ йæ ногæй рафыстон сыгъдæг. Æрыгонæй рæсугъд фыссын нымадтон! Уæздан, æдзæллаг адæмы куыстыл, Æвзæр куы фыссин, уымæ-иу бæллыдтæн. Ныр бахъуыди рæсугъд фыссыны сæр! Зæгъон дын æй, цы ныффыстон? Г о раци. Зæгъ-ма йæ. Г а м л е т. Къаролы номæй афтæ радтон дзырд: Мæ бæстæн Англис раст кæй фиды хъалон, Хæлардзинад кæй рæзы не ’хсæн хорз, Нæ фидыддзинад дидинæг кæй калы, Гъеуыдон тыххæй ацы фыстæг каст Куы фæуат, уæд йæ бахæсджытæ хъуамæ Æрцæуой мард, æнæ тæрхон æмæ Æнæ сыбырттæй. Г о р аци. Ау, æмæ мыхуыр та?.. Г а м л е т. О, зæд мын уым дæр баххуыс кодта! Уыд Мæ фыды мыхуыр мемæ, - уымæй ист у Нырыккон Данийы мыхуыр дæр, - фыст Йæ бынаты нывæрдтон ног, мыхуыр Æрæвæрдтон, æмæ та пакет арæвдз, - Раст афтæ ма æдзæллаг мадæн дæр Йæ ноггуырд саби аивынц æндæрæй. Æвгъæдгæстæн куы уа пайдадæр, уæд. Йæ дыккаг бон та денджызон хæст рауад, Цы ’рцыдис уым, дæхæдæг зоныс уый.
6$ онХ^)4 с«ЙГ <•*/*>>ч с«Х^ (•»& ('»Х^ С'*У^ «*> Гор аци. Нау Гильденстерны, Розенкранцы ласы Сæ мæлæтмæ? Г а м л е т. Сæхи фыдæй у уый. Мæнмæ нæй аххос. Хин лæгæн йæ кæлæн Йæхиуыл тыхсы. Кæд дæлбары дæ, Дæхи уæд ма тьысс хицæутты ’хсæн, уыдон Кæрæдзийæ сæ маст куы исой, уæд. Г о р а ц и. У къарол марг! Г а м л е т. Ныр бамбар ды, куыд судзы Мæ риуы маст. Æгъгъæд ын нæу, мæ фыды Кæй амардта, кæй фегад ис мæ мад, Кæй ныллæууыдис адæм æмæ ме ’хсæн. Ныр мын мæ цард дæр байсынвæнд кæны! Нæ уыдзæн никæд! Хъуамæ йын йæ уд Æз аскъуынон. Го р аци. Тагъд Англисæй хабар Æрбацæудзæн. Г а м л е т. Æвæццæгæн. Уæдмæ ма Цы бонтæ баззад, уыдон ма сты мæн, - Уæвгæйæ дæр, цæй цыбыр у лæджы цард! - Цæстфæныкъуылд! Иттæг фæсмон кæнын Лаэртимæ фæбыцæуыл, Гораци. Йæ тухиты мæхи хъысмæт уынын Æмæ мын нæй æнæ фидаугæ йемæ. Дæ маст æргом хъæрæй æвдис, - нæ, уый Цæмæн хъæуы? Æвиппайды йæм уымæн Тызмæгæй сдзырдтон. Гор аци. Сабырдæр. - Уый чи дæ? Бацæуы О з р и к. 275 рфжфоо^жф^-жжэрф^ж^фэофорффæф^
276 ^<^^^^^^^^:> (<■,) оф^ фз (фу (ф) ф:) <ф*> с«Х*} **) О з р и к. Арфæ дын кæнын, дæ уæздандзинад, Данимæ дзæбæхæй де ’рбаздæхты фæдыл. Г а м л е т. Арфæгонд у, сэр. - Зоныс ацы бындзы? Г ор аци. Нæ, милорд. Г а м л е т. Амондджын дæ. Йæ зонын стыр лæгдзинад нæу. Дунейы зæххытæ йæм ис, йæ фындз та уæлæрвты хæссы. Фосæн стуры сæвæр паддзахæй æмæ йæ кæвдæс бахæсса къаролы цурмæ. О, ай сыгъдæг цъиах у. Фæлæ, кæдæм стахт, уымæ гæсгæ - исбонджын цъиах. О з р и к. Зæрдырай принц, дæ уæздандзинад мæнмæ байхъусынæн рæстæг куы саккаг кæнид, уæд уын цыдæр рахабар кæнин йæ иууыл бæрзонддзинадæй. Г а м л е т. Сэр, æз дæ хабар арф айсдзынæн мæ зæрдæмæ. Æрмæст дæ худ исты хъуыддагыл бафтау: уымæн йæ бынат сæр у. О з р и к. Стыр бузныг, дæ уæздандзинад. Тынг тæвд у. Г а м л ет. Нæ, бауырнæд дæ, тынг уазал у. Цæгатаг дымгæ. О з р и к. Æцæгæйдæр, иучысыл уазалгомау у. Раст зæгъыс. Г а м л е т. Гъе фæлæ уæддæр, мердыгонау, æнæхъуаджы тæвд у, тынг æнуд у мæ нарст буарæн. О з р и к. Принц, диссаджы тæвд у! Ахæм æнуд у, æмæ - нæ зонын, куыд æй зæгъон. Фæлæ дын, принц, йæ иууыл бæрзонддзинады дзырдæй хъусын кæнын, уый дæу тыххæй кæй æвæры хæснагыл тынг бирæ æхца. Г а м л ет. О, фæлæ уæддæр, дæ хорзæхæй... (Тыххсей йын йæ худ ныккæнын кæны.)
(?^&^^^^^^>^) 277 щ <Ф>)* «*/«>) №Г №у й ('*Х^ с<*У^ с<*> О з р и к. Нæ, ныууадз мæ, дæ хорзæхæй, афтæ мын æнцондæр у, бауырнæд дæ! Сэр, а дыууæ боны æрбаздæхт Лаэрт, æцæг джентльмен, бирæ хæрзиуджытæй æххæст адæймаг, æхсæнады раз зæрдæдзæугæ, бакастæй - сахрæсугъд. Æнæраппæлгæйæ, уый у уæздандзинад амонæн чиныг, уымæн æмæ йæм сты, æцæг хорз хъомылгонд адæймаджы чи хъæуы, уыцы миниуджытæ сегас дæр. Г а м л е т. Сэр, цы ныв ын скодтай, уый раст йæхи хуызæн у. Æниу ын йæ хæрзиуджытæ радгай нымай, уæд уыдоны фæдыл адæймаджы хъуыды ныссуйтæ æмæ фæдзæгъæлтæ уаид, афтæ бирæ сты уыцы хæрзиуджытæ. Фæлæ ма дæ ныхасыл уæддæр хъуамæ бафтауон æз: уый у ахæм сыгъдæг, ахæм стæм мыггагæй, æмæ уый хуызæн у æрмæст айдæны йæ хуыз; фæзмгæ йæ чи кæны, уыдон та сты æрмæст йæ лæмæгъ аууæтгæ - æндæр ницы. О з р и к. Дæ уæздандзинады ныхас уымæй иттæг раст у. Г а м л е т. Цæй фæдыл дзурыс, сэр? Цæмæн æгад кæнæм нæ гуымиры ныхæстæй уыцы уæздан джентльмены ном? 0 з р и к. Сэр? Г о р а ц и. Дæ хъуыдыйæн æргомдæрæй зæгьæн нæй? Дæ уды хатырæй, бацархай, хорз лæг. Г а м л е т. Цæмæн дæ бахъуыд уыцы джентльмены кой кæнын? О з р и к. Лаэрты? Г о р а ц и (сабыргай Гамлетæн). Уыныс, йе ’хцадон афтидæй аззадис. Йæ сызгъæрин ныхæстæ конд фесты. Г а м л е т. О, Лаэрты, сэр. О з р и к. Мæнæн сусæг нæу, ды хорз кæй зоныс...
278 с») <<,х«ь <да <'*№ <гФ> °»&'> °*№ °>№ ('*) Оу г^ (^ с*У*> ^ <"Л с*Л «Фэ ('0 Гамлет. Æхсызгон мын у, мæ зонындзинад дын сусæг кæй нæу, уый. Æниу, ды мæ зонай, уымæй мæныл уæлдай ницы бафтдзæн. Гъемæ, сэр? О з р и к. Мæнæн сусæг нæу, ды хорз кæй зоныс Лаэрты иттæг арæхстдзинад. Г а м л е т. Уый базонæн уыдзæни, йемæ рахæцын мæ куы бахъæуа, уæд. Лæг искæимæ абаргæйæ базоны йæхи. О з р и к. Ныхас цæуы, хæцæнгарзæй Лаэрты арæхстдзинадыл. Иууылдæр дзурынц, æмбал, дам, ын нæй уыцы хъуыддаджы. Г а м л е т. Цавæр хотых æм ис? О з р и к. Рапирæ æмæ хъама. Г а м л е т. О, дывæры хотыхджын. Гъемæ дарддæр? О з р и к. Къарол, сэр, хæснаг æвæры Лаэрты ныхмæ æхсæз араббаг бæхы, уый та сæ ныхмæ æрæвæрдта, æз куыд фехъуыстон, афтæмæй, æхсæз францусаг рапирæ æмæ хъамайы æд бæттæнтæ, ома: рæттæ, рагъбæттæнтæ, гузитæ æмæ афтæ дарддæр. Æртæйы фæлыст гузитæ, аргъæуттаг рæсугъд фидауынц хотыхты хæцæнтыл. Алæмæты хæрзконд гузитæ, арфхъуыдыджын нывтимæ. Г а м л е т. Цы хоныс гузитæ та? Г о р а ц и (сусæгæй). Æз æй зыдтон, ам дæ бафæрсын кæй бахъæудзæнис. О з р и к. Гузи, - сэр, уый рагъылдаргæ рон у. Г а м л е т. Уыцы дзырд йæ бынаты хуыздæр фидауид, мах кæрдты бæсты сармадзантæ нæ фæдыл куы ласиккам, уæд. Фæлæ уал ардыгæй уæдмæ фод рагъылдаргæ рон. Æниу, нæ хъуыддагмæ рососооооооососооосососоеоросососооососооосо?оер
(<у <<Ар>) (<ф>) <ф>) фХъ (Ф0 с»/*г/ <«Уъ **; рахизæм. Гъемæ уæдæ, æхсæз араббаг бæхы æхсæз францаг карды ныхмæ. Æд бæттæнтæ æмæ æртæйы фæлыст та - гузитæ арфхъуыдыджын нывтимæ. Æмæ сæ хæснаг цæй фæдыл æрæвæрдтой? О з р и к. Къарол афтæ зæгъы, сэр, Лаэрт, дам, демæ дыууадæс хæсты куы ракæна, уæд дзы æртæйæ фылдæр нæ рамбулдзæнис. Уый уадидæгæн сбæрæг уаид, дæ уæздандзинад дзуапп куы саккаг кæнид, уæд. Бацæуы л о р д. Лорд. Иæ иууыл бæрзонддзинад къарол дæм салæмттимæ æрба- рвыста цæрæццаг Озричы æмæ уый радзырдта, кæй йæм кæсыс æнхъæлмæ залы. Къаролы фæнды базонын, хъавыс ма Лаэртимæ хæцынмæ æви дæ фæндон аивтай? Г а м л е т. Æз мæ фæндтæ ивгæ нæ фæкæнын. Уыдон къаролы бæллицтæм арæзт сты. Æрмæст уый бафæндæд, æндæр æз хæсджынæй нæ баззайдзынæн. Ныр уа æви фæстæдæр - уæлдай мын нæу, æз цæттæ дæн. Лорд. Уæдæ къарол, ус-паддзах æмæ иннæтæ ацы сахат æрхиздзысты ардæм. Г а м л е т. Фæндараст. Лорд. Ус-паддзахы фæнды, цæмæй хæцыны размæ бафидауай Лаэртимæ. Г а м л е т. Уый мæн ахуыр кæнынц хæрзæгъдауыл? Л о р д ацæуы. Гораци. Дæ хæснаджы фембылд уыдзынæ, милорд. Г а м л е т. Не ’нхъæл дæн. Уый Францмæ куы ацыдис, уæдæй фæстæмæ
280 &.«#р у& <*х*а еуо <у.„ (<»%>) **#> <у æз æдзухдæр мæхи фæлтæрдтон. Ноджы мæ фарс хæснаг чи æвæры! Нæ, æз рамбулдзынæн. Фæлæ, æмбарыс, Гораци, мæ зæрдæ цавæрдæр æнахуыр тыхст у. Уæвгæ, уый ницуал давы. Г ор аци. Нæ, уый ницы нæу, мæ дзæбæх принц! Г а м л е т. Йæ койы аккаг дæр нæу. Фæлæ уæддæр ахæм æвзæр æнкъарæн у, æмæ сылгоймагæн йæ фæндон аивын кæнид. Г о р а ц и. Кæд дæ зæрдиагæй нæ фæнды, уæд байхъус дæ зæрдæмæ. Æз сæ размæ цæуын æмæ сын радзурдзынæн, дæ уагыл нæ дæ, зæгъгæ. Г а м л е т. Ницыхуызы. Лæг хъуамæ фидар уа гуырысхотæн. Алцæмæн дæр ис тæрхон хуыцауæй. Суанг хъæддаг цъиуы цардæн дæр. Кæд ныл исты æрцæуинаг у ныртæккæ, уæд мæ æнхъæлмæ кæсын нал хъæудзæн. Кæд ныр нæ уа, уæддæр дзы искæд бон аирвæзæн нæй. Сæйрагдæр у - кæддæриддæр цæттæ уæвын. Иугæр йæ мæлæты сахат ничи зопы, уæд æм адæймаг рагацау йæхи цæуылнæ хъуамæ бацæттæ кæна? Цы уа, уый уæд! Бацæуынц к ъ а р о л, У с-п аддзах, Лаэрт, Озрик, фæсдзæ- у и н т æ æмæ æххуырстытææд кæрдтæ. Къ ар о л. Ныххæцут уал кæрæдзи къухтыл, Гамлет. Лаэрты къух Гамлеты къухмæ раггы. Г а м л е т. Хатыр дæ курын, сэр. Нæ уыдтæн раст. Ныббар мын æй, уæздан лæгау. Ам чи ис, Гъеуыдон зонынц, загътаиккой дын, Мæ хъуыдытæ куыд атар вæййынц хатгай. Цæмæйдæриддæр бафхæрдтон æз дæу, Дæ ном, дæ намыс, - баууæнд мыл, - уым аххос Мæ зæрдæ нæ - мæ низ уыдис æрмæст. Уым азым чи у? Гамлет? Нæ, нæу Гамлет. Кæд Гамлет зондæнкъуыст у æмæ уый Лаэрты бафхæрдта, уæд уыцы бафхæрд
6у «*/*> (ф>) (ф,) «фу цф0 оф>) (<»>,; Г<*> Нæу Гамлетæй, - уым Гамлет нæу зылын. Уæдæ кæй аххос уыди? Йе ’рра зонды. Кæд афтæ у, йæ рахиз къухæй уæд Йæ галиу къухы ралыг кодта Гамлет. Дæуæй æз курын ац’ адæмы раз Æмæ мæ сис фыдракæнæджы уайдзæф. Уадз зоной йæ, кæй мæм нæ уыд фыдвæнд. Рæдыдæй фехстон фат æмæ фæцæф ис Мæхи ’фсымæр. Л а э р т. Мæ зæрдæйы сыгъди Хæрамдзинад, фæлæ ныр уый ныссабыр. Хатыр дын уæд. Фæлæ мæ ном, - нæ, уым Æндæр закъон ис, уым мæ бон нæу барын, Тæрхоны лæгтæ цалынмæ бæстон Нæ равзарой, уæдмæ нæй фидыд не ’хсæн. Ныр та уал дын дæ фидыды дзырдæн Кæндзынæн аргъ æмæ уыдзынæн демæ Æз дæр хæлар. Г а м л е т. Иттæг бузныг дæ дæн Æмæ хæцдзынæн, хи ’фсымæрау, демæ. Рапирæтæ нын раттут! Л а э р т. Иу дзы - мæн. Г а м л е т. Дæуæн æз тынг хорз фесгуыхыны къай дæн. Дæ дæсныйад бæрæгдæрæй зындзæн Мæ фарсмæ ноджы. Л а э р т. Худыс мыл. Г а м л е т. Нæ, никæд, Хæрын дын ард. Къ ар о л. Рапирæтæ сын, Озрик! Ды, Гамлет, зоныс хæснаг? госоооеоеоооеоеороеоеорзеороеосооососоео^
282 с*>) <<**& (<*х<> (<>№ (гФ» с'Ф» Гг*х*,} °ф> Гг') (*> г^ <»*Х^ с»Х^ СчХ^) С'*/У ^/«У <<Ф*> С'*) Г а м л е т. О, милорд, Æмæ дæ хæснаг лæмæгъдæры фарс у. Къ ар о л. Нæ загътай раст. Уæ дыууæйы дæр зонын. Уый цырд у тынг, ды та дæсны дæ тынг. Л а э р т. Æндæр мын, ай æгæр уæззау у. Г а м л е т. Тæккæ Мæхи аккаг. - Æмдæргъæнтæ сты? О з р и к. О. Нæ дзæбæх принц. Сæхи бацæттæ кодтой хæцынмæ. Къ ар о л. Æриут ардæм нуазæн. Дыууæ цæфы куы фæкæна, стæй уæд Æртыккаг цæф куы акъуыра, уæд фехсут Сармадзантæй нæ Гамлеты цытæн. Къарол йæ цæрæнбонты тыххæй нуаздзæн. Ныббардзынæн æз нуазæны налхъуыт, Ам, Данийы цыппар къаролы худты Цы налхъуыт уыд, гъеуымæй дæр хуыздæр. Тагъд, дзаг нуазæнтæ! Уадз нæра литаврæй Трубамæ, уымæй - сармадзантæм, ноджы Уæларвы онг, уæларвæй та - зæхмæ, Къарол кæй сиды Гамлеты цæрæнбон. Тæрхоны лæгтæ, райдайæм, - кæсут Лæмбынæг. Г а м л е т. Хæц. Л а э р т. Хæцын. Г а м л е т. Цæф.
(*, **/*>) Г«/«>; **/*>) ?*/^ (*/<у **/«», («»/«,; Г<«; Л а э р т. Нæ. Г а м л е т (тæрхоны лæгтæм). Уæ тæрхон! О з р и к. Цæф уыди, цæф! Л а э р т. Ног райдайæм. Фæлæуут! Къ ар о л. Уый нуазгæ у. Дæ цæрæнбонтæ, Гамлет! Налхъуыт дæу баци. Гъа, дæ нуазæн айс. Трубатæ æмæ сармадзаны хъæр æдде. Г а м л е т. Нæу нуæзтæн афон. - Райдайæм та. - Хъахъхъæн. Хæцынц. Цæф та. Нæу раст? Л а э р т. Цæф уыд, æцæг. Къ ар о л. Нæ фырт Кæны уæлахиз. Гертрудæ. Къухмæрзæн дын, Гамлет, Дæ цæсгом асæрф, уый куыд хид кæныс? Æз, ус-паддзах, дæ уæлахизæн нуазын. Г а м л е т. Мæ зынаргъ мад. Къ ар о л. Сæн ма баназ, Гертрудæ! Гертрудæ. Нæ, ма мæ уром, нуазын фæнды мæн. К ъ а р о л (фæрсмæ). Марг, марг дзы уыд! Йæ фервæзæн хос нал ис! Г а м л е т. Мад, демæ нуазгæ нæу нырма мæнæн.
284 ф о#*> ^х^ с#ч с«*Х^ №> <ъ>% *?Х^ ('•>) Гертрудæ. Æри, дæ хид дын асæрфон, мæ хъæбул. Л а э р т. Кæс-ма, ныр дæ æз бакъуырон. Г а м л е т. Зынæй. Л а э р т (фæрсмсе). Нæ, ахæм цæф æдзæсгомыл нымад у. Г а м л е т. Æртыккаг хæст, - Лаэрт, æцæгæй хæц. Дæ хорзæхæй, цæвыныл тынгдæр архай. Тæрсын, нырмæ кæд хъазгæ кодтай ды. Л а э р т. Уæдæ хæц, гъа! Л а э р т барæхойы Г а м л е т ы, стæй, хæцгæйæ, сæ кæрдтæ аивынц æмæ Г а м л е т фæцæф кæны Л а э р т ы. Къ ар о л. Ныууадзут! Уый хыл у! Г а м л е т. Нæ, ногæй та! Гертрудæ ахауы. О з р и к. Æххуыс æхсинæн, тагъддæр! Г о р а ц и. Сæ туг кæлы! Кæцæй у туг, милорд? О з р и к. Кæцæй у туг, Лаэрт? Л а э р т. Ацц бахауд ахсты. Æвæрдтон æз кæлæнтæй, Озрик, хыз Æмæ йæ хуылфы бахаудтон мæхæдæг. Г а м л е т. Цы кодта ус-паддзах? Къ ар о л. Чысыл фæсур, Туг фенгæйæ.
0» <?ф) <?,/*>) «,/<•> Ъ/>) <<ф) ('/>) (<ф> <у и0 <ф,} оФо (’Фо ф->) <ф) «ф0 (ф, с-о) Гертрудæ. Нæ, раст нæ дзуры, Гамлет, - Нозт, нозт! Марг рардæуыд мæнæн. - Хъæстæ! (Амæлы.) Г а м л е т. Фыдгæнæг не ’хсæн! Чи нæм уа фыдгæнæг? Уый аргæ у! Л а э р т. Фыдгæнæг дард ран нæй. Ды мард дæ ныр, дæ фервæзæн хос нал ис. Дæ цард ма у æрдæгсахат æрмæст. Ам аххостæ дæ разы сты. Рапирæ Хъæстæ уыдис æмæ йæ бырынкъ - цыргъ. Æз фесæфтæн мæхи мæнгарддзинадæй. Фæмард дæ мад. Мæ хъару нал у ныр. Къарол, къарол! Æппæтæн аххос уый у! Г а м л е т. Рапирæ - маргтылд, ау? Уæдæ цæугæ, Хъæстæ æндон, дæ хуыздæр хъуыддаг бакæн! (Ныррæхойы къаролы.) И у у ы л д æ р. Фыдгæнд æрцыд! Къ ар о л. Æххуыс, хæлæрттæ, тагъд! Нырма ис фервæзæн. Æрмæст цæф фæдæн! Г а м л е т. Уæд баназ, гъа, лæджыфыдхор хæддзу, Дæ налхъуыт баназ сырх сæны! Мæ мадæн Цæугæ йæ фæдыл! (Къарол амселы.) Л а э р т. Афтæ йын хъæуы. Уый сæныл марг йæхи къухæй ныккодта. о^^^^^^^^^æ^оо^^^оог^г^^г^^^^о
286 (<2) сда <ь*&> (Фу **)(*> **№> <Фэ «Ф* &) Цæй, ныр, хæрзæгъдау Гамлет, æз дæуæн Ныббарон ам мæ фыды ’мæ мæхи туг, Ды та - мæнæн. (Амæлы.) Г а м л е т. Хуыцауæй дын уæд барст. Феййафын дæ. Мæ цард фæуы, Гораци. Хæрзбон, æнамонд ус-паддзах! Сымах та, Æнкъард-сæркъулæй ам лæуджытæ, ехх! - Рæстæг ма мын куы уаид ныр, бæргæ, Фæлæ мæлæт æрбалæууыд мæ уæлхъус, Уый тагъд кæны, - уæд радзырдтаин æз... Цæй, афтæ фод, - мæ зынг хуыссы, Гораци. Цæрдзынæ ды, мæ хабæрттæ фæкæн Рæстдзинадæй æппæтæн. Г о р а ц и. Уый нæ уыдзæн: Æз данийаг нæ дæн, æз ромаг дæн, - Ам баззад марг... Г а м л е т. Кæд ды лæг дæ, уæд нуазæн Æри мæнмæ. Æри - зæгъын. Мæ ном Цы худинаг, цы ’лгъыстаг уыдзæн сомбон. Мæ хабар раст куынæ раргом уа, уæд! Нæ, кæд мæ уарзтай, уæд рæстæгмæ бабыхс, - Мæлæтмæ ма бæлл! Бафæраз нырма Зæххон зынтæн æмæ мæ хабар ракæн. Дардæй хъуысы марш æмæ сармадзанты хъæртæ. Цымæ, цы сармадзанты хъæр уа уый? О з р и к. Уæлахиз Англисы ’фсад раздæхт Польшæй, Салют дæтты æхсынæй Фортинбрас. Г а м л е т. Гораци, æз фæуынмæ хъавын. Марг мæ Къуырма кæны. Зон, Англисæй мæ ныр
Г^ <«>/*) *»/«>> <»*/*>> сОГ’у (’^ *>/«?; «»/*4 **> Æгасæй нал æрбаййафдзысты цаутæ. Æз зонын раздæр: Фортинбрас цæудзæн Æвзæрст къаролæй. Уый фарс у мæ хъæлæс. Фæнымай йын, цы ’рцыдис ам, цæмæн Æмæ кæй тыххæй. Дарддæр - сабыр, талынг. (Амæлы.) Г о р а ц и. Фæцис ыстæм лæг. - Хуысс, мæ дзæбæх принц. Хуысс сабыр, фод дæ рухс хъахъхъæнæг зæдтæ! - Гуымсæг цæгъдгæ нæм чи ’рбацæуы уый? Бацæуынц Фортинбрас æмæ англисаг минæвæрттæ, барабанæй цæгъдгæ æмæ тырысатимæ. Фортинбрас. Æнахуыр цау цы ран æрцыди? Г о р а ц и. Цавæр? Зæрдæкæрзæн æвирхъау хабар? Ам. Фортинбрас. Сыгъдис, бæлвырд, ам се ’вирхъау хæст монцтæн! Цы стыр хæрнæг дæ бахъуыдис, мæлæт, Кæд атыппæт бæрзонд адæмы иу бон Ныццагътай, уæд! Ми н æ в ар. Сæрыхъуын бады арц. Куыд байрæджы ис Англисæй хаст цаутæн! Фæмард къарол, куыд цин кодтаид уый, Йæ дзырд æххæст кæй æрцыд - Розенкранц, Стæй Гильденстерн кæй фæхъуыдысты, ууыл. Ныр ма нын бузныг чи зæгъдзæн? Г о р а ц и. Уый - нал, - Æгасæй дæр нæ загътаид уый бузныг. Сæ амарын сын никæд домдта уый. Фæлæ кæд иугæр туджы бæрæгбонмæ Æрбахæццæ стут Англис æмæ Полынæй,
288 Уæд сисын кæнут а мæрдты бæрзонд, Æз адæмы раз радзурон æргомæй, Цы ’рцыдис, уый. Зæгъдзынæн сын тæссаг, Æвирхъау æмæ тугкалæн хъуыддæгтæ, Мæнгард митыл æмæ рæдыд мæрдтыл, Дыдзæсгомæй фыдгæнæгыл, уæ разы Æдзæм мæрдтæй кæмæ цы аххос уыд Æмæ цыхуызы байсæфтой кæрæдзи. Гъеуыдон уын фæнымайдзынæн æз. Фортинбрас. Уæдæ йæм хъусæм. Арвитут нæ кадджын Бæрнон лæгтæм. Нæу хорзы бон мæ амонд. Мæ бар кæй цæуы ацы бæсты, уый Зæгъдзынæн абон. Г о р а ц и. Уый тыххæй дæр уын Зæгъон æз хъуамæ уыцы лæджы бардзырд, Кæй хъæлæсæй æвзæрст цæудзæн къарол. Фæлæ фæтындзæм, цалынмæ та маст Æндæр фыдтæ нæ сарæзта йæ тæвдыл. Фортинбрас. Уæдæ уал сисæнт Гамлеты бæрзонд, Хæстон лæгау, нæ цыппар капитаны. Æгас ма - уæд цы разагъды къарол Уыдаид, цы! - Хæсгæут æй цытимæ, Цæгъдут æфсæддон музыкæ, куыд уой Уæздан æгъдæуттæ. Ацы мæрдты айсут: Хæстон быдыры фидауынц æрмæст, Лæгæн сæ ам æнкъард кæны йæ цæст. Къамандæ раттут сарамдзантæн! Мард ныгæныны марш. Ацæуынц, мæрдтæ хæсгæйæ, стæй фехъуысы сармадзаны æхст; сэсососорососоеоророрзр^рр^осос^рсзрорэрор^з
Адам Мицкевич ФЫН Мæ хур, зæххыл куы хицæн кæнæм искæд, Æмæ ма кæд дæ уарзынхъом æз уон, Мæ зæрдæ уæд куыд нæ фæкæна рисгæ - Ды ма зæгъ, ма, «фæндараст», йе - «хæрзбон». Уадз батайа нæ хъæбысты, нæ баты Зæрдæсæттæн хæрзбонгæнæн сахат. Фæлæ мæ балц куы ралæууа йæ рады, Уæд-иу мын марг дæхи къухæй ды ратт. Кæсдзынæн æз дæ ирд цæстыты рухсмæ, Æмæ мынæг нæ кæндзæни нæ цин... Æз афтæмæй фынæй кæнин æнусмæ, Дæ цæстытæм æдзынæгæй кæсин! Фæлæ мæрдты куы райгас уон æз ногæй, Цæмæй зæххыл дæ цæрайæ цæрон, Мæ удлæууæн, уæд-иу мæ ма уадз рохæй - Æртæх æрвтæй, æмæ та дæ уынон. Мæ риуыл та æруадз дæ риу, мæ бæлон, Дæ уырзтæй мын мæ уадултæ рæвдау, Æз та дæ ных, дæ цæстытæн куыд кæнон Мæ мидвыны фæлмæн батæ, нырау. -<щ©>— 19
290 ЦÆРУКЪАТЫ АЛЫКСАНДР Джанни Родари ДАРДБАЛЦ Тæхуды, куы ’рзилин зæххон дард хæтæнты, Мæн алыран сабиты фенын æрфæнды, - Куыд хуыйнынц сæ нæмттæ, куыд цæуы сæ цард... Мæ зæрдыл æрлæууынц, фæкæнын æнкъард. Ныр скъоламæ уыдонæй читæ фæцæуы, Мыййаг сæ цæуын та кæд дардмæ фæхъæуы?.. Нæма зонын, оххай, сæ кар, йе сæ тыхст... Сæ фыдæлтæй ис, цымæ, алкæмæн куыст? Кæмæ-иу фæкæсы сæ хуыссæнтæ исын. Чи сын фæдæтты вареннæ ’мæ хос? Дзыхмæ сæ исчи йæ æнгуылдз куы сисы, Чи йын фæзæгъы уæд: «Афтæ нæу хорз». Чи сын æруадзы сæ сæртыл сæрвасæн, Дзыккуты пыхцыл сын чи кæны лæгъз? Се скъуыд хæлафыл æмпъузæн, æмхасæн Чи хуыйы, уыдон куынæ зонын æз! Рахатин, чи у фыдуаг кæнæ сабыр, Талынг мæйдары дæр чи у хъæбатыр. Базонин, алкæй нывæрзæны ц’ ис - Фены фыдфын, йе - хæрзфынтæ? Сабиты хатгай куы схурх кæны низ, Чи сын фæсуры сæ рынтæ? Аууон куы фæдары хæдзары къуым, Чи сын фæзæгъы: «Дæлимон нæй уым». Дунетыл фендзынæн алы бынат. - Сабитæ, абон æгас мæм цæуат! - Саулагъзæй, хурсыгъдæй, урсцъарæй - иууыл, Чи хъазы хæхты сæр, Быдыры риуыл, -
Чи райгуырд сахар Турины, Чи цæры абон Берлины, Чи рæзы абон Пекины, Чи худы абон Мæскуыйы. Скæсæн бæстæты рæсугъд дидинтау Хæсты цæвæгæй кæрдынæн - æвгъау. Æрттивæд куыдфæнды уæ дзыккуты хуыз - Мæ салам - сымахæн! Кæнын уæ хъæбыс! ЦЫТДЖЬШНАУ - Кадджын ыстыр нау, зæгъ-ма нын, цы ласыс? Цымæ, дæ хъару уæргътæ хæссын цас у? - Мин лæджы ахæссин рогæн, æнæмæнг, Дурын æвзалы, хæринаг, хъæдæрмæг. Шлюпкæтæ, катертæ, стæй капитаны, Алцы йæ бынаты, алцы йæ раны... Æз Коста-Рикæйæ, уылæнтыл бадгæ, Уайын Китайы онг, уылæнтæ фадгæ. Фурды хъæбысы фæйнæрдæм фæлгæсын, Уадæй, тымыгъæй, къæвдайæ - нæ тæрсын. Искуы мыл бомбæтæ, танктæ куы ’вæрой, Стæй мæ фыдгæнды фæндагыл куы тæрой - Уыцы фыдбылыз уæргътимæ уæд, гъи, Денджызы бынмæ нывзилин мæхи! о^%?^^ ^ ^ ^^^^ ^^^^^га^ ^ ^ ^ ^ ^о^Ц
292 {»>^<<х*>^\<'#»\ у^<'!/*\Ф^<'^гу (*,)"о»Х'У ’ «Х’У '&У*2> ’фУъ («У*:> <-Фэ «Ф* '<'?>> УАЦХÆССÆГ - Ды бæстæтыл фæзылдтæ, адæмы фæфарстай, Нæ газетæн, зæгъ-ма, цы ног хабар æрхастай? - Уыдтæн æз дард бæсты, Сиамы, стæй Китайы, Шотландийы, Вьетнамы, Парагвайы. Цынæ федтон, цынæ бæстæ мæ балцы - Советон рухс Цæдисы, ноджы Францы; Канадæйы, Америчы, Конгойы, Афганистаны, Индийы зылдтæн. Хъæддаг адæм Ням-Ням, Бонго-Бонгойы Тæссаг, тызмæг лæгæтты дæр уыдтæн... Фæхаттæн хæхты, быдырты... фæфарстон - Æмæ æрмæстдæр иунæг уац æрхастон: О, уыцы хабарæй Нæ уыдзæн хуыздæр, Ысфидаудзæн уымæй Нæ газеты сæр. Иæ дамгъæтæм худдзæн, Уæд райдзæни цæст: «ДУНЕЙЫ ДЗЫЛЛÆТЫ КУЫНÆ ФÆНДЫ ХÆСТ!» ооооеоооеорс^оаооососоеэоорооорос
(^ с./^ ^>; (.*/*> с*Х*^ ш<э <"/«* (<*>; «*> ДЖУСОЙТЫ НАФИ АНТИГОНÆ Архайджытæ: Антигонæ Исм е н æ Кр е о нт Хъ ахъхъæнæг Ге м о н Тиресий Эвридикæ Фидиуæг фыццаг Фидиуæг дыккаг Хистæрты къорд Фивы РАЗНЫВ Антигонæ. Мæ уарзон хо, мæ удлæууæн Исменæ, Куы йæ зоныс, нæ хъизæмæрттæй махæн Хуыцауы фæндæй иу фервæзæн нæй, - Эдипы хæс мах фиддзыстæм адзалмæ... Дунейыл нал ис худинаг, фыдбылыз, Æнæгъдау ми, æгады хос, фыдрын, Нæ царды мах кæй нæ бавзæрстам, ахæм... Цытæ дзурынц ныр горæты? Цахæм у, Креонт-паддзах цы бардзырд радта, уый? Нæ йын базыдтай ницы? Æви ды Нæ фехъуыстай, кæй та ныл кæны саубон?.. Исм ен æ. Нæ фехъуыстон, мæ иунæг хо, æз ницы, Хæрзæбонæй, фыдбылызæй дæр - ницы, 293 Софокл
294 («^1№^и (гх*\ (<*ми ^к^и0*^) (*> '**&> ’ (,4Х^ 'о»Х^ 'с*Х^ ^*Ху '<**/*> ’ «Фэ ('*) Раст не ’фсымæртæ ку ’амардтой кæрæдзи, Уæдæй нырмæ. Æрмæст уый зонын, - дысон, Нæ горæтмæ цы ’фсад бырста, уый ацыд. Фæлæ мæнæн цы хъауджыдæр у уый?.. Антигонæ. Зыдтон æй, ницы фехъуыстаис, ардæм Дæумæ æз уымæн расидтæн, цæмæй Дæуæн нæ хабар хицæнæй зæгъон. И с м е н æ. Цы та ’рцыди, цы маст та нæм кæсы? Антигонæ. Креонт ныгæны не ’фсымæртæй иуы, Нæ уадзы иннæ ’фсымæры мæрдтæм. Уый Этеоклы бавæрдта æгъдауыл, Æмæ фæхæццæ ныр, мæгуыр, мæрдтæм, Полиничы нæ уадзы уый ныгæнын... Уый не ’намонд æфсымæрæн йæ мард Æнæныгæдæй сау сыджытыл дары, Цæмæй йыл мачи бакæуа, цæмæй йæ Уæлæуыл уонггай сынтытæ ныхсыной!.. Зæгъынц, зæгъгæ, Креонт йæхæдæг махæн Зæгъдзæни хабар - хион у уæддæр, Нæ мады ’фсымæр!.. Чи зоны, зæгъа, Ыстыр хъуыддаг у, ахсджиаг, йæ бардзырд, Æмæ йæм чи нæ байхъуса, гъеуый та Æрцæудзæн ам æхсæны дурæй мард... Ныр зоныс хъуыддаг æмæ равдис раст, Уæздан дæ æви ницæйаг зæрдæйæ. И с м е н æ. Æнамонд хо, цы дын саразон æз?!. Цæмæй, цы ахъаз бакæнон дæуæн? Антигонæ. Уыдзынæ мемæ? Разы дæ мæ фæндыл? И с м е н æ. Цавæр фæнд у? Цы кæнын ис дæ зæрды? Антигонæ. Ныгæнынмæ фæкæсдзынæ мæнмæ? роо^оросооооорососоросососоросос^ооос^^дсрос?^
^^^^^^^^^) 295 Су <^)(^>)^^^^Х6>)'^Ч(^ <«»У^ (<*) Ис м е н æ. Ныгæнынвæнд?.. Æмæ куынæ ис бар?.. Антигонæ. Æз ме ’фсымæрыл не систон мæ къух, - Æгъдау цы зæгъы, бакæндзынæн уый. Ис м е н æ. Къæйных цыдæр! Цы зæгъдзæн уæд Креонт? Антигонæ. Æгъдау халын Креонты бон дæр нæу. И с м е н æ. О, сар фæуон, æрымыс-ма, мæ хо, Нæ фыд куыд амард: хъодыгонд дунейæ, Йæ фыдмитæ йæхи зондæй фæлгъауæг, Йæ цæстытæ йæхи армæй ыскъахта... Нæ мад уыди нæ фыдæн дæр йæ мад, Ыстæй ысси йæ ус æмæ йæхи Æрцауыгъта... Ныр не ’фсымæртæ ноджы Æрцыдысты кæрæдзи къухæй мард, - Нæ мадызæнæг бахордтой кæрæдзи... Ныр-ма мын зæгъ, куы фехалæм нæ дыууæ Нæ паддзахы дзырд, хъодыгондæй мах дæр Нæ фесæфдзыстæм, доны къусау, уæд? Сылыстæг ыстæм мах æмæ нын нæу Быцæу кæнгæ нæлгоймæгтæм, мæ хо!.. Тыхджындæр ысты уыдон æмæ махæн Сæ фæндон у æххæстгæнгæ сæркъулæй. Гъе, уыйадыл мæрдты бардуагæй курын: Ныббарæд мын - цъæх сылыстæг дæн æз... Æз, хицау чи уа, уымæ хъусæг дæн: Мæ бон цы нæу, нæ бакæндзынæн уый. Антигонæ. Æз дын лæгъстæ нæ бакæндзынæн. Мæн, Куы дæ фæндид, уæд дæр нæ хъæуы де ’ххуыс. Æз ме ’фсымæры бавæрон æгъдауыл, Ыстæй æрцæуæд уыйфæстæ мæ мæлæт. Мæ мадызæнæг адджын у мæ удæн оососоеоеос-ос^соаосос^оеое^
296 ^^^Ч^#Ч^^Ч^Ч'^ (ъ’офэ ф>> ф,> Фг> «Хч> «Ф'1> *>& V) Æмæ йæ фарсмæ ку’ амæлон, уæд мын Уыдзæн æхцон... Уæлæуыл дæн æз уазæг, Мæрдты бæсты хъаймæтмæ ’ххæссы цард. Ды та хуыцæутты раст æгъдау нæ кæныс... И с м е н æ. Хуыцæуттæн кодтон æз æдзухдæр цыт, Фæлæ нæ халын паддзахы фæтк дæр. Антигонæ. Дæ бар дæхи: æз ме ’фсымæры мард Кæд бавæрин нæ сыджыты мæхæдæг. Ис м е н æ. Æнамонд хо, дæуæн тæрсын æз дæр!.. Антигонæ. Дзæгъæлы тас! Дæхицæн тынгдæр тæрс. И с м е н æ. Тæрсын, дæ фæнд ма искæмæн куы зæгъай. Дæ дзыхыл хæц, æз дæр - æгомыг ныр. Антигонæ. Нæ, комдзог рацу! Не схъæр кодтай мах, Уæд мæм кæсдзынæ ноджыдæр æлгъагдæр. И с м е н æ. Фыдбылызтæм æмхиц дæ ды зæрдæйæ. Антигонæ. Æз бакæнын, мæ хæс цы вæййы, уый. И с м е н æ. Дæ бон цы нæу, гъеуымæ тырныс ды. Антигонæ. Кæнын мæ хæс, кæд ме сæфт у, уæддæр. И с м е н æ. Гæнæн цæмæн нæй, уый кæнын нæ хъæуы. Антигонæ. Дæ ныхæсты мæ удхæссæг уынын. Нæ мæрдтæ дæр фæхуддзысты дæуыл. Ныууадз мæ ныр. Æз ме ’рра фæнд мæхæдæг Кæд бакæнин. Мæ мадызæнæг ам Куы не ’рцæуа ныгæд, уæд циу мæ цард?.. Фæлтау мæлæт ыссардзынæн хуыздæрæн. оооооэоогооо^оооаороеоеоеоеосо^
Г^ (<»>>; <*/«>) 0ф>) 'ф>) ф<) (<ф»; (<*>,; Г<*; Ис м е н æ. Кæд афтæ у, уæд цу, дæ хъуыддаг кæн, Æмæ хуыцæуттæ де ’ххуысгæнæг уæнт! Ацыдысты. ПАРОДИ Хистæрты къорд Стр о ф а 1. Хур, зæрин хур, ныры онг Афтæ райгæ нæ кастæ Ды нæ авддуарон Фивмæ! Уæ, нæ боны цæст, ногæй Ды нæ сæрмæ ыссыгъдтæ, Срухс Диркейы æхсæрдзæн. Мæнæ Аргосы сау æфсад, Чи ’рцыд махмæ тыхгæнæг, Сæрæй фадмæ ызгъоры, Уый йæ фæд-фæд фæлидзæг, Ды йæ сæттæг, зæрин хур. Уый нæ зæхмæ фыдбылызтæ тауынмæ ’рцыд, Уый æркодта Полиник, цæргæсау, уæндон, Æмæ тахти нæ сæрты, цъæхахстгæнгæ тахт, Фæйлыдта йын дымгæ йæ базырты урс, Иæ алыварс уартджын хæстонтæ лæууыд, Сæ танхъатæ - барцджын, æвсургътау. Антистрофа1. Уый нæ хæдзæрттæм додой Кодта, иста нæ фæллой, Уый уыд тугмондаг саг лæг. Гъеныр алыгъд фæстæмæ, Уый нэёТэафсæст нæ тугæй, Кæд тырныдта, уæддæр. Уый нæ хæдзæрттæ арты Хъуамæ федтаид судзгæ, оооооооооооое^оеосоооооооеоооооооеооо^
ф *)/^ с^ с*Х*> ад («*/^ Ф^ Фэ о Фæлæ не сси йæ бон! Тох уæззау уыд, æвирхъау, Фæлæ фесæфт кæфхъуындар, - Зевс нæ уарзы, йæхицæй куы феппæлы лæг; Зевс куы федта ызнæгты æрсдонау цæугæ, Дæлæ быдыртæ се ’фсургъты къæхтæй нæмгæ, Гъеуæд рамæсты - фат сыл ныццавта æваст. Фæнд, сæ фыдвæнд сæ хъуыры фæбадти, - Æмæ нал фесты махыл уæлахиз. Стр о ф а2. Чи уыдис махмæ хæрам Æмæ чи расидт хæст, Чи ’фтыдта горæтыл арт, Уый æвиппайды ’рхауд, Зæххыл цадæг фæцыди йæ тъæпп, Расыг, хæрам æмæ саууд. Не знæгтыл рахæтыд бардуаг, Хæсты бæрзонд дуаг Арей дæр, - Хъуыддаг фездæхт рæстырдæм. Не знæгтæ ’рбаисты сайраг, Горæтæй фесты тард. Ам, нæ горæты, авд дуары раз Балхонтæ авд авды ’фсадæн Радтой ныхкъуырд, æмæ Зевсы фæндонæй Ууыл аскъуыддзаг хæсты фыдбылыз. Гъе, æрмæст дзы дыууæйæн хъысмæт Ыскодта æвирхъау фыд тæрхон, - Кæрæдзийы армæй ыссардтой мæлæт. Антистрофа2. Мах дуг дæр гъеныр æрзылд, Фестæм ызнагыл уæлахиз, Уадау хæдтулгæ уæрдæттыл Цингæнгæ ’рцыди уæлахиз. Цæй, уæдæ, ферох уæд гъеныр, æваст, Хæсты æвирхъау фыдазар! Рухс кувæндæттæм гъеныр цæугæ, сооооооор^осзрооорососэерророросоросоооеорзеэер
Оо <?ф> <?ф) <?,/<>> Ьф Ьу-д Сфо <Ж>* Ьу Ц г«»/«ь> г*/*>) с«»/*>) ("Х’У С«»Х^ ('»ХЧ> С'»Х^ «*) Райсоммæ уадз æмæ хъуыса нæ зард, Не ’ппæты разæй кафа зæрдæрайæ Вакх, Кафынмæ - диссаг! О, фæлæ акæсут, махмæ куы цæуы Креонт, Ныр нæ зæххæн йæ хицау, нæ паддзах, Хуыцæутты фæндонæй нæ ног паддзах ныр. Уæд цы тæрхæттæ хъавы зæгъынмæ Махæн, адæмæн?.. Азылд йæ фидиуæг Фивы цæрджытыл - тæрхонмæ сæм сиды... ФЫЦЦАГ ЭПИЗОД К р е о н т. О хорз адæм! Хуыцæутгы ’ххуысæй махæн Нæ нау фыдхъызтæй раирвæзт, - æрцыд Йæ наулæууæнмæ, стыр Хуыцауæй - бузныг! Æз фидиуæджы арвыстон, цæмæй Æрхуыдтаид сымах. Лæууы мæ зæрдыл - Сымах уыдыстут тынг æнувыд Лайыл, Эдип куы уыди ам паддзах, уæддæр Йæ коммæ касти алчи. Стæй куы бабын, Йæ лæппутыл ын не сивтат уæ зæрдæ. Ныр та кæрæдзи амардтой, æмæ, Æз уе ’ппæтæй хæстæгдæр кæм дæн тугæй Нæ мард паддзахмæ, уым ныр та æгъдауыл Паддзахиуæг æз райсдзынæн мæхимæ. Лæджы зæрдæ, йæ фæндтæ ’мæ йæ хъуыды Уæд разынынц æппæтæй дæр бæстон, Йæ барджын къухмæ хицауад куы райсы. Æз та уыдтæн кæддæриддæр æнхъæл: У паддзæхтæн сæ тæккæ цауддæр уый, Рæстаг уынаффæ райсынхъом дæр чи нæу, Йæхи зонд тарыгъд кæмæну фыртæссæй. Фыдыбæстæй йæхи фылдæр куы уарза, Уæд ахæм лæг та ницы у æппындæр. Мæхæдæг æз - фод ме ’вдисæн Хуыцау! -
оШ^ (») (^ Г<*Х*> ('*Х*> (гФ> (гФ>> ('Ф,} ('Ф'> °') (.<?) <ф>) <*Х*> №у №> (<*/'$ <ф$ <»Х*Э !*) Нæ ныхгæндзынæн тасы раз мæ ком, Нæ Фивы адæм тыхст куы ’ййафой, уæд. Æз ард хæрын, куыд не знагæй мæхицæн Æмзонд, хæлар кæй не скæндзынæн никæд. Нæ фыдызæхх! Уый не ’ппæтæн - нæ артдзæст, Æмæ йын нæй лæгæй хæлæрттыл ивæн. Æз ахæм дзырд нæ адæмæн дæттын. Эдипы фыртты сау хабар у ахæм: Ам Этеокл горæты сæрыл Йæхи æрхаста, айгæрста фæндаг Ызнæгты ’хсæн йæ кардæй, æмæ загътон: Уæздан лæгау, уый хъуамæ уа ныгæд! Уæд йе ’фсымæр Полиник та æрцыд Нæ горæтмæ æд æфсад. Уый фæндыд Нæ хæдзæрттæ, нæ кувæндæттæ судзын, Æмæ нæ тугæй бафсадын йæхи, Нæ адæмæй цагъайрæгтæ ыскæнын... Æмæ зæгъын æз уе ’ппæтæн: Полиник Ныгæд нæ уыдзæн, ничи йыл ыскæудзæн, Йæ мард уæлæуыл баззайдзæн æгадæй, Ныхсындзысты йæ сынтытæ ’мæ куыйтæ!.. Æз загътон афтæ - иу лæг дæр, фыдгæнæг Куы уа, уæд ын æз кадгæнæг нæ дæн; Фæлæ нæ зæххæн чи хъара йæхи, Кæндзынæн уымæн алыхатт дæр цыт. Хистæрты къорд. Дæ бар у уый, о, Меникейы сахъ фырт. Нæ хæлар, не знаг чи у, уый ды зоныс. Дæуæн дæ бар у: удæгæстау, мæрдтыл Тæрхон кæнын закъонмæ гæсгæ, раст. К р е о н т. Кæд афтæ у, уæд закъонæн фæут Сæрхъызой æмæ йе ’ххæстгæнæг уе ’ппæт! Хистæрты къорд. Уый кæстæртыл хуыздæр фидауы махæй. К р е о н т. Полиничы мард хъахъхъæнджытæ ис. о^осос9соеорооэе^рэрзсэерсоссх?ососорос9р^дрос?^
(<у (<ф>) с«/ь) (»/*» сОС*у С»Х^ ЬФ» <'*>«>) V) Хистæртыкъорд. Уæдæ ма цы? Цы ма дæ фæнды дæу? К р е о н т. Закъонхалæгæн карз æфхæрд куы уаид. Хистæрты къорд. Мæлын кæй фæнды, чи сæрра ис, ау? К р е о н т. Мæлæты тас тыхджын у, фæлæ ’хца - Пайдайы охыл лæг йæ сæр æрхæссы... (Æрбацыд хъахъхъæнæг.) Хъахъхъæнæг. О, паддзах, æз нæ тагъд кодтон дæумæ, Мæ тых- мæ бонæй фæндагыл нæ лыгъдтæн. Уый нæ, фæлæ ма, сагъæсгæнгæ, сабыр Цыдтæн æмæ дзырдтон мæхицæн: аздæх!.. Мæ зæрдæ мын дзырдта тыхстæй: «Æнамонд, Кæдæм тырныс дæ мæлæтмæ?.. Æрра, Куы базона æндæр искæмæй хабар Креонт, уæд дыл æцæг хъæудзæн кæуын!..» Æз сагъæсты ныдздзæгъæл дæн æмæ Цыбыр фæндагыл, дард бæлццонау, хаттæн, Уæддæр фæстагмæ сфæнд кодтон дæуæн Æвзæр хабар мæхи комæй фæдзурын, Ыстæй мæ зæрдæ иунæг ныфсыл дарын: Цы ’фхæрд мын уа, уый м’ азымы йас уæд. К р е о н т. Цы ’рцыдис уæд? Цæмæй тæрсыс, зæгъ-ма? Хъахъхъæнæг. Фыццаг уал дын мæхи тыххæй зæгъон: Æз хъуыддаджы нæ дæн хæццæ æппындæр, Йæ саразæг дæр, чи уыд, уый нæ федтон, Æмæ мæм уымæй мацы азым хæсс. К р е о н т. Æфсæнттæм ды æвзыгъд кæй дæ, уый зонын, Фæлæ уал дзур: цыдæр хабар дæм ис? сорооос?9с?90^9дороеосоеосос
302 с*о <<*х*>) ссх«') «*№ ^ф» ьу*>) <г*№ ы»> V (*> <ф$ <?*Хъ &Хъ с*;Ь &Х*> «*Х*> «Фэ *0 Хъахъхъæнæг. Фыдхабар у, мæ бон йæ зæгъын нæу. К р е о н т. Цæй, дзур дæ хабар æмæ айс дæхи. Хъахъхъæнæг. Зæгъын, зæгъын: æрæджы марды чидæр Æгъдаумæ гæсгæ баныгæдта, стæй йыл Æгъдаумæ гæсгæ хус сыджыт æркалдта. К р е о н т. Цы загътай, цы? Уый чи бауæндыд уæд?!. Хъахъхъæнæг. Нæ зонын: иу фæрæты цæф дзы нæй, Нæдæр къæпийæ бавнæлдæуыд зæхмæ, Æппæтдæр у-сыгъдæг арæзт, нывыл... Куы ’рбацыд боны хъахъхъæнæг, уæд æй Фæфиппайдта æмæ йыл бафтыд дис: Нæ зыны мард, æцæг, ныгæд дæр нæу, Фæлæ йæ уæлæ сыджытæй тæнæг цъар, Æмæ йæм маргъ дæр не ’вналы, сырд дæр... Нæдæр æм куыйтæ бацыдысты... Гъе, ’мæ Ыстыр хыл рауад хъахъхъæнджытæм. Уым кодтой хъуыддаг иннæты æфсон, Фæлæ уыдыстæм аххосджын мах не ’ппæт. Нæ састи ничи, хордтой ард хуыцæуттæй, Тæвд æфсæййагыл армы тъæпæн дардтой, Зæгъгæ, нæ зонæм - чи бакодта хъуыддаг. Æрæджиау нæ иу йæ зонд æрцахста Æмæ йæ дзырдмæ не ’ппæт дæр фыртасæй Нæ сæртæ ’руагътам; нал зыдтам, цы кæнæм; Уый загъта: «Хъуамæ паддзахæн ысхъæр уа Нæ хъуыддаг, нæй йын бамбæхсæн æппын». Йæ фæндыл мах дæр сразы стæм, æмæ Мæ хал ысхаудта, ме ’намондæн. Æз Æвæндонæй æрлæууыдтæн дæ разы - Фыдуац хæссЬгыл ничи кæны цин. Хистæрты къорд. О, паддзах, махмæ афтæ кæсы, уый Æнæмæнгæй хуыцæутты кæнгæ у.
о>> ьг») о9л.) ъ/о) <?,х*>> <'ф) ('Х»> <ф» <ъ 303 (^ «»/*,) «*/*>) оф>) ъф>) <уф) <<>}«>) <<ф) <а) К р е о н т. Ныхъхъус у, науæд зонын æз мæсты, Ыстæй зæрыбон ма фест ды æдылы! Сæрхъæн ысты дæ ныхæстæ - хуыцæутты Æндæр мæт нæй, сæ сагъæс у æдзух: Куыд бавæрой тыхгæнæгæн йæ мард, Нæ кувæндæтты басудзынмæ чи цыд, Сæ хæзнатæ, сæ зæхх исынмæ чи цыд, - Гъе, ахæм лæгыл тынг тыхсынц хуыцæуттæ! Æви фыдлæг дæр кадджын у Хуыцаумæ? Нæ уыдзæн уый! Фæлæ мæ бардзырд Фивы Нæу хорзыл нымад, алывыд мыл мысынц, Сæ сæртæ тилынц, сонт хъуыр-хъуыр кæнынц; Æфсондзы бын æгъдауыл нæу сæ цыд. Æз хорз зонын, мæ хъахъхъæнджыты уыдон Кæй балхæдтой. Æнæмæнг уыди афтæ. Æхцайæ ’взæрдæр ницы ис зæххыл. Æхцайы тыххæй горæттæ ныххалынц, Сæ ныййарджыты ратæрынц æддæмæ, Уæздан лæг дæр æхцайы тыххæй сау ми, Æгады хъуыддаг бакæны; рæстаг дæр Зыгъуыммæ митæм саразы йæ ных, Йæ Хуыцауыл дæр сисы лæг йæ къух, Фæлæ мæ бардзырд чи фехæлдта, уый Фæсмон кæндзæн, цы ’хца дзы райста, ууыл - Мæ азар уый æрæййафдзæн æнæмæнг. Æмæ ма кæд æз Зевсыл дæн æнувыд, - Уæд уын зæгъын æз адæмы раз раст: Куынæ ’ркæнат мæ дзырд халæджы тагъд Уæнгтæбастæй мæ размæ, уæд сымахæн Уæ чъизи царм æз растигъдзынæн къоппæй; Æрцауындздзынæн уе ’ппæты дæр æз Æмæ уæ афтæ мардзынæн сындæггай. Цæмæй йæ зонат, нæу пайда лæгæн Æхцайы тыххæй паддзахы дзырд сайын, Цы ’хца дзы райсы ахæм мийæ, уый дæр Лæгæн фæвæййы иннæ бон йæ фарсæй.
& ’ <&*<> '«Хь '*Ху '«Хъ '&Х*> гФз «*Хгэ **) Хъахъхъæнæг. Æз ацæуон æви ма дзурон ноджы? К р е о н т. Æхцон мын нæу дæ ныхас дæр, дæ уынд дæр. Хъахъхъæнæг. Дæ удæн нæу æхцон æви дæ хъустæн? К р е о н т. Мæ маст кæм у æвæрд, цы давы уый? Хъахъхъæнæг. Дæ удæн хъуамæ аххосджын уа сындз, Æз та - дæ цæстæн... К р е о н т. Уый та циу? Æнхъæлдæн, Дзæгъæлдзых лæппу рацыдтæ дæ мадæн. Хъахъхъæнæг. Фод афтæ, фæлæ азымджын нæ дæн. К р е о н т. Гæды зæгъыс, уæййаг дæ ды, æхцайыл! Хъахъхъæнæг. Хæрам тæрхон нæ вæййы никуы раст. К р е о н т. Ныууадз мæ тæрхон, фæлæ дар дæ зæрдыл... Куынæ ’рбакæнай азымджыны ардæм, Уæд базондзынæ - нæу æхца пайда. Хъахъхъæнæг. Хуыцау зæгъæд, цæмæй фæзына искуы, Фæлæ кæцæй куыд бафтдзæни мæ къухты? Мæн та дыккаг хатт нал фендзынæ ам: Хуыцæутты фæрцы аирвæзтæн ныр Æмæ сын хъуамæ бакувон дзæбæх. Ацыдысты. рорэсосоеэоос^оеосоеооэеоез^
(*>) гф>) (ф>) <ь,/*0 'ф>} (ф,} ьф0 ф«л) с<0 ФЫЦЦАГ СТАСИМ Хистæрты къорд Стр о ф а 1. Диссæгтæ зæххыл ис бирæ, - Нæй лæгæй диссагдæр се ’хсæн. Денджызыл зымæгон хъызты Уый йæ нау тæры уæндонæй, Уый йæ нысанмæ фæцæуы, Нæй дзы сонт уылæнтæй тас. Зæхх, нæ дарæг зæхх, йæ армæй Уый цæрæнбонты ызмæнты, Азæй-азмæ йæ фæлдахы Уый йæ дзывырæй, йæ бæхыл Зæххæй рауадзы гæрзытæ. Антистрофа1. Лæг æрхъуыдымæ æвзыгъд у, Синагæй хызтæ ысбийы, Стæй сæ й ’амæттæгты ахсы: Мæргъты рацахсы уый хинæй, Денджызæн йæ астæу - кæфты, Хъæды, тар хъæды та - сырдты. Куы хъæддаг бæхты сæ барцæй Рацахсы æмæ сыл уайы Уый йæ нысанмæ, раст фатау. Куы домбай куыртæ ’мæ галтæ Сифтындзы, хуым сыл кæны!.. Стр о ф а2. Диссаг - йæ хъуыды, æрвон уадæй цырддæр: Дзурын дæр сахуыр йæхи зондæй уый; Аразы горæттæ, фатæй нæ тæрсы, Хъызт æмæ уарынтæй хизы йæхи. Алцыдæр зоны; цыфæнды фыдбылызæй Фервæзын арæхсы зонды фæрцы. Низтæн æрымысыд хостæ дзæбæхгæнæн, Гъе, фæлæ уымæ йæ мæлæт куы фæзыны, Гъеуæд ма ’ххуысмæ фæсиды кæугæ... 20
306 {») <<ф>) ЗД») <гф) М*>) (',{*>) (<ф) (<ф) 0,\ (9 ад <^ о*Х^ с^ №> «*/*> «*/*> <:•*) Антистрофа2. Хинæй хæцынмæ та ноджы фыддæр у: Хинæй ыскодта уый аивад диссаг, Гъе, ’мæ дзы аразы хорз æмæ фыд. Кæд æмæ уымæ нæ закъæттæ, не ’гъдау Уой нымад хорзыл, йæ тæрхæттæ уой Раст æмæ барон, куыд нын дзырдта, афтæ, Йе ’вварс хæцдзыстæм уæд мах дæр æдзух. Гъе, фæлæ йе ’ргом фыдвæндтæм куы аздаха, Фестдзæн мæ зæрдæ, мæ къæсæн ызнаг!.. Уый хуыцæутты фæнд у? Æз гуызавæ кæнын. Уый æз зонын, мæ бон нæу, дызæрдыг кæнон, Ома ацы чызг нæу Антигонæ... О, æнамонд мæгуыр! О, Эдипы, фыдамонд паддзахы, сылыстæг! Уый цы ’рцыдис дæуыл? Ау, фыдгæнæг дæ ды? Ау, ныххæлдтай нæ паддзахы бардзырд Æви бакодтай афтæ æррайæ?.. (Æрбацыд хьахъхъæиæг Антигонæимæ.) ДЫККАГ ЭПИЗОД Хъахъхъæнæг. Кæм и Креонт? Æрбакодтон æм мæнæ, Нæ хъоды марды чи ныгæдта, уый. Хистæртыкъорд. Йæ галуанæй та рацæуы дæ дзырдмæ. К р е о н т. Цы та ’ рцыди? Кæй дзырдмæ дæн цæуинаг? Хъахъхъæнæг. Нæ паддзах, лæг дзæгъæлы хæры ард, Йæхи рæстæнхъæл - хатт вæййы мæнг дзурæг, Æз де ’ртхъирæнтæй ахæм тарст фæкодтон, Æмæ дзырдтон: цæуæн мын нал ис ардæм, - Фæлæ лæгыл æнæнхъæлæджы цин Куы сæмбæлы, цы ис æхцондæр уымæй! - рооооооооооосооооосоеоооеоеососоеоеооое
& ь&м <^^^<^ <**<*> 307 (^^.%%^%*^%»Х^^(«о^ ьФо <1>У*>) <*») Æмæ та мæнæ ног фæзындтæн ардæм. Мах ацы чызджы рацахстам æваст - Нæ хъоды мардæн кодта уый æгъдау, Æмæ уыдтæн йæ фыццаг фенæг æз! Куыд дæ фæнды, нæ паддзах, афтæ бакæн - Дæ фыдгæнæджы æз дæттын дæ къухмæ Æмæ йыл хæц, æз та - ирвæзт мæ мæтæй. К р е о н т. Фæлæуу, кæм æй æрцахстай æмæ куыд? Хъахъхъæнæг. Дæхæдæг зоныс - баныгæдта марды. К р е о н т. Æрра нæ дæ æмæ дæ дзырд у раст? Хъахъхъæнæг. Мæхи цæстæй йæ федтон: мардыл сыджыт Лыстæггай зæрста, - фехæлдта дæ бардзырд! К р е о н т. Куыд æй федтат? Куыд æй æрцахстат уæд? Хъахъхъæнæг. Уыд хъуыддаг афтæ: иугæр нæм æртхъирæн Куы кодтай, уæд мах бацыдыстæм мардмæ, Цы сыджыт ыл уыд, рамарзтам уал уый, Куыд фæзындаид йе ’мбыд буар, афтæ, Ыстæй нæхæдæг рабадтыстæм рындзыл, Йæ сымаг нæм куыд нæ хастаид дымгæ. Нæ кæрæдзийыл худтыстæм, цæмæй нæ Æвирхъау тары ма ахстаид хуыссæг. Цыд рæстæг сабыр, цалынмæ та хур Нæ сыстад æмæ не стæвд. Уæд æвиппайд Тыхдымгæ сыстад - зæххы рыгтæ систа, Ныттыдта хъæды хус сыфтæр, нæ цæстæй Мах нал уыдтам кæрæдзи дæр, фæлæ Хуыцæутгы азар мах быхстам æмырæй... Куы банцад дымгæ, уæд уынæм: æрбацыд Нæ хъоды мардмæ ацы чызг кæугæ; Хæдзархæлд маргъау, нал æнцад кæуынæй. о^^^^^^^ш^^^^^^^г^г>р^^г^^^^^
308 и>) <<_/«_. <*#») ^) ьф» {г9рь (<ф) о*г*>) о,\ Г^ г.*Х^ (^ с«_Х_» с«*Х^ (м/’у **/*__ «да Ф Куы федта5 мард сыджытæй æмбæрзт нал у, Уæд райдыдта кæуын æмæ æлгъитын Фыдгæнджыты. Ыстæй сыджыт æрхаста Иæ армы дзыхъхъы, хъуывгъаны та - дон, Æмæ дзы мардæн загъта ’гъдауыл рухс Æртæ хатты. Æрцахстам æй уайтагъд, Фæлæ нæ фæтарст. Дзурæм ын йæ митæ, Фæлæ сæтты æппæтыл дæр уæндон. Мæнæн уыдис æхсызгон дæр, хъыг дæр: Æхсызгон уэ куы фервæзай мæлæтæй, Фæлæ хæлæртты маст кæм у æхцон... Æниу мын ацы сонт чызджы мæлæтæй Мæхи фервæзт æхцондæр у уæддæр. К р е о н т. Æмырæй ма лæуу, чызг, фæлæ мын зæгъ: Æцæг уыд афтæ хъуыддаг æви нæ? Антигонæ. Сæттын, æппæтдæр афтæ уыди раст. К р е о н т. Лæппу, ды дæ сæрибар æмæ цу, Дæ зæрдæ дæ кæцырдæм тæры, уырдæм. Ды та мын, чызг, мæ фарстæн - дзуапп, Æрмæст цыбырæй - ды зыдтай мæ бардзырд? Антигонæ. Ай-гъай, зыдтон. Уый алыран дæр загътой. К р е о н т. Зыдтай, фæлæ йæ фехæлдтай уæддæр? Антигонæ. Дæ бардзырд, паддзах, Зевсы фæндон нæу, Нæдæр дæлдзæх хуыцæутты фæндон у, Нæ адæмæн æгъдау чи радта, уыдон. Нæ зыдтон æз, дæ бардзырд у æппæтхъом, _____ Нæ зыдтон, лæг кæй бауæнддзæни халын Хуыцæутты ’гъдау, æнæфыст, фæлæ раст фæтк. Мах мард ныгæнын базыдтам хуыцæуттæй, Æнусты дæргъы уыцы ’гъдау кæнæм,
(<у (<ф) (*ф>) (<*/*) (ф>) (Фо (<ф>) С<*Х'4 (?) Æмæ-ма зæгъ, куыд фæтæрсон дæуæй, Куы фехалон хуыцæутты ’гъдау, уæд сын Цы зæгъдзынæн ыстæй? Æз зонын уый дæр, Кæй амæлдзынæн, раджы уа3 æрæджы, Æмæ-ма мын цы дæ бон у фыддæр? Мæлæтæй æз куыд фæтæрсон, - мæ цард Æнусон мастæй йедзаг у. Мæ мæлæт Рæхджы куы уа, уыдзæни мын хæрзиуæг, Мæ царды сæфтыл мур мæт дæр нæ кæнын. Мæ мадызæнæг не ’рцыди ныгæд, Уæд мын мæлынæй уаид уый зындæр, Мæ царды фесæфт ницы давы уый цур. Кæд дæм мæ дзырд сæнтдзæф кæсы, мыййаг, Уæд зон: сæнтдзæф мæн рахуыдта æдылы. Хистæрты къорд. Уынæм, тызмæгзонд рахаста йæ фыдæй. Йæ фыды чызг! - Фыдбылызæй нæ тæрсы. К р е о н т. Дæ зæрдыл дар: фыдгæнæг уд фыдхивæнд Куы вæййы, уæд æнцондæр у йæ сæттын. Болатæй кард хъæбæр фых у зынгыл, Уæд тагъд сæтты. Æмæ ма уый дæр зонын: Хъæддаг бæхæн цыбыр идон - тыхсæттæг, - Цагъайраг хъуамæ макуы уа къæйных. Уый равдыста йæ хивæнд зонд æргом: Уый фехæлдта фыркъæйныхæй мæ бардзырд. Дыккаг къæйных ми - басасти йæ митыл Æмæ æппæлы уыдонæй мæ разы. Куы йын ныббарин ацы фыдми, уæд Æз фестин ус, æцæг лæг уаид уый. Мæ хойы чызг у, фæлæ мын куы уаид Мæ цъус бинонтæй сегасæй æввахдæр Мæ зæрдæмæ, уæддæр ын барæн нæй. Йæ хоимæ æрцæудзысты æфхæрд - Нæ хъоды марды баныгæдтой иумæ. Фæдзурут æм! Æз федтон - уый йæ уаты
310 г*!> <<*№ <*№ Ь№ ЬУ»> СтФ* (гФ> 0>{*» С*> ^ <*Х*з е*У^ с<*Х*> №; «Ф>> «Ф>> Тыхсы æмæ æрра додой кæны. Нæма уыдис йæ фыдракæнд бæрæг, Фæлæ йæ уд ысхъæр кодта йæхи. Мæ уæнгæл у, дæ фыдракæндыл басæтт Æмæ дзы стæй дæхи сæрыстыр кæн. Антигонæ. Цæй, амар мæ, - æви дын уый нæу фаг? К р е о н т. Уыдзæнис уый, ыстæй мын фаг дæр у. Антигонæ. Цæмæ ма у дæ каст? Мæнæн дæ ныхас Мæ зæрдæмæ нæ фæцæудзæн уæддæр, Дæумæ мæ митæ сонт куыд кæсынц, афтæ. Мæнæн та ницы бантысти хуыздæр, Кæй баныгæдтон ме ’фсымæры, уымæй. Æмæ дæуæй куынæ тæрсиккой адæм, Уæд се ’ппæт дæр мæ митыл разы сты. Йæ царды хорз нæ паддзахæн, гъе, уый у: Куыд дæ фæнды, раст афтæ дзур дæлæмæ, Куыд дæ фæнды, раст ахæм митæ кæн, - Нæ дæм ысуæнддзæн иу лæг дæр ысдзурын. К р е о н т. Æрмæст дæумæ ис ахæм хъуыды махæй. Антигонæ. Нæ зæрæдтæ дæр разы сты мæ дзырдыл, Фæлæ сæ хъуыды радзурын нæ уæндынц. К р е о н т. Куыд дзурыс уый та, худинаг дын нæу? Антигонæ. Нæу худинаг æфсымæрæн цыт кæнын. К р е о н т. Ау, Этеокл де ’фсымæр нæ уыд? Антигонæ. Ай-гъай, уыдис мæ мадызæнæг уый дæр. К р е о н т. Цæмæннæ кæныс уымæн дæр уæд цыт?
г^ **/*>> г«/*> <?*/*») с*Х^ с<»Х^ с*Х*у («»Х«у ^ Антигонæ. Æз уымæн дæр чысылдæр цыт нæ кæнын. К р е о н т. Мæнгард лæгæн ды тынгдæр кæныс кад. Антигонæ. Паддзахы фырт цагъайраг нæу, мыййаг. К р е о н т. Сæ иу уыдис йæ хъахъхъæнæг цонг Фивæн, Уыд иннæ та йæ халæг цонг, йæ фыдгул!.. Антигонæ. Мæрдты ’гъдау у сæ дыууæйæн æмхуызон. К р е о н т. Фыдлæг æмæ хæрзгæнæгæн нæй иу кад. Антигонæ. Мæрдты бæсты æндæр нымайæн ис. К р е о н т. Ызнаг мæрдты дæр баззайы ызнагæй. Антигонæ. Хæрамæн нæ, æз уарзынæн дæн гуырд. К р е о н т. Мæрдтæм цæугæйæ, цас дæ фæнды, уарз, Мæ сæрмæ хизын не суадздзынæн дæу. Хистæрты къорд. Мæнæ рацыд йæ уатæй Исменæ, Уый йæ хойыл хæкъуырццæй кæуы. У йæ цæсгом ивадæй мæрдвæлурс, У йæ ныхы царм, мигъау, тымбылтæ. К р е о н т. Ды, сау калмау, мæ хæдзары фæцардтæ, Мæ туг цъырдтай... Фæлæ нæ зыдтон æз, Дыууæ фыдрыны хи армæй кæй хастон! Ды дæр ныгæдтай де ’фсымæры? Дзур, Æви зæгъыс: нæ зыдтай уымæн ницы? И с м е н æ. Мæ хо куы зæгъа, азымджын дæн уæд, Æмæ цæттæ дæн дзуапп дæттынмæ æз.
Антигонæ. Нæ, уый зæгъын бынтон нæ уаид раст, - Нæ дæ фæндыд, нæ уыдтæ разы ды. И с м е н æ. Уæддæр нæ азым иухуызон у ныр, Дæуау кæндзынæн хъизæмар æз дæр. Антигонæ. Нæ рæстдзинад нын равзардзæн Барастыр, Фæлæ дзыхæй уарзт нæу мæнæн æхцон. И с м е н æ. Мæ иунæг хо, куы амæлон дæуимæ, Уæд уый уыдзæни не ’фсымæрæн кад. Антигонæ. Цы кодтай ды, цæмæн мæлыс ды та, Æз амæлдзынæн иунæгæй - æгъгъæд у. И с м е н æ. Ды ку’ амæлай, куыд ма цæрдзынæн æз? Антигонæ. Уый паддзах зоны, бафæрс æй дзæбæх: Ды йыл уыдтæ кæддæриддæр æнувыд. И с м е н æ. Цы мыл худыс, цæмæн ласыс мæ уд?.. Антигонæ. Нæ дыл худын, - мæ хъизæмæрттæ дзурын. И с м е н æ. Уæдæ ма дын цæмæй фæуон ахъаз? Антигонæ. Дæхи сæр бахиз, мæн ахъаз нæ хъæуы. Исм е н æ. Мæ хо, æз дæр дæ хъысмæтæй дæн хайджын. Антигонæ. Ды - цæр, мæ хо, æз равзæрстон мæлæт. К р е о н т. Уыд хотæй иу йæ райгуырдæй æрра, Уæд дыккаг та фæсæнтдзæф и ныртæккæ. еооосоеосоооооооеосососоеоеоеоророророооооеоеоео
(*>> <<4Ч <ф>) <ф>) (Ф>) (<»Уе1) <<Фо С'*)«У «>) Ис м е н æ. Нæ паддзах, лæг цыфæнды зондджын уа, Уæддæр йæ тыхсты фесæфы йæ зонд. К р е о н т. Ды йæ, æцæг, æрбайсæфтай, фыдмитыл Куы схæцыдтæ фыдгæнæгимæ, уæд. И с м е н æ. Куыд ма цæрдзынæн иунæгæй, æнæ хо? К р е о н т. «Æнæ хо»? Уый дын раджы амард, нал и! И с м е н æ. Дæ чындзаджы куыд амардзынæ, ау? К р е о н т. Мæ лæппуйы фыдгæнæг ус нæ хъæуы. Антигонæ. Мæ уарзон Гемон, бафхæрдтой дæу дæр! К р е о н т. Мæ цæсты сындз - ды дæр æмæ дæ уарзт дæр. Хистæртыкъорд. Дæ лæппуйæн йæ уарзон чызджы ма байс. К р е о н т. Барастыр сæ фæхицæн кæндзæн уайтагъд. Хистæртыкъорд. Уæдæ йæ мæлæт ныр лæууы йæ уæлхъус? К р е о н т. Тæккæдæр афтæ. Фæсдзæуинтæ! Уыдон Сæ дыууæйы дæр акæнут сæ уатмæ, - Уадз бадæнт уал уым дуарæхгæдæй иумæ. Цæмæй фæлидзын ма бафта сæ къухы, - Хъæбатыр лæг дæр лидзаг у мæлæтæй. (Акодтой Антигонæ æмæ Исменæйы.) Р0С9СО<?9р9Р9СОС0еОС^О<?90009С
СТАСИМ ДЫККАГ Хистæрты къорд Стр о ф а 1. Хæрзамонд уыцы лæгтæ сты, Кæй сæр уыд хызт рын-сонæй, Фæлæ кæмæн фæци фыдамонд Хуыцауы фæндæй й’ артдзæст, Нæй уымæн та ирвæзæн хос, Куынæ фæуа быныскъуыд. Афтæ денджызы уылæнтæ сыстынц Дымгæ, фракийаг дымгæ, куы сдымы, Æмæ денджызы бынæй, йæ тарæй Зилгæ-здухгæ-фæйлаугæ куы сисы Сау ызмис, мигъау, Куы сисы хъæрзын былгæрон айнæг Уылæнты схуыстæй. Антистрофа1. Уынæм, фыдбылызтæ æдзух Лабдакатыл цæуынц: Сæ мæрдты туг-тæригъæдтæ Æрцæуынц цотæй ист. Фæхъызыд сæм цыдæр Хуыцау Æмæ сын нæй ирвæзт. Мæнæ гъеныр дæр: байрæзт куыддæр Чызг Эдипы æнамонд хæдзары, Афтæ уымæ æнæмæнг кæсы Й’ адзал мæрдты хуыцауы фæндонæй. Сафы йæ уый - Йæ тызмæг ныхасы фыдхъару, Стæй йе ’рра хъуыды. Стр о ф а2. О Зевс! Дæ тыхæн та цы хъом у Лæджы ныфсхаст æмæ сæрыстыр? Дæ разы хуыссæг дæр æдых у, Кæд басæтты æппæт, уæддæр; Дæ разы рæстæг дæр - сæркъул. соеос^оеоооеоооеосое^нхроеососо^
^^^^^^ь^^^о 315 Ды дæ, ыстыр Хуыцау, æппæтхъом, Дæуæн зæрондгæнæн дæр нæй Æмæ дын у Олимп æнусон Дæ дауæн, рухс кувæн дæуæн. Æмæ, ивгъуыд уа, йе та фидæн, Æгъдау æппæтхъом сæм у иу: Ам никуы ацæуы æнæмаст Раст зæххон лæгыл йæ цард. Антистрофа2. У бирæтæн сæ цард ныфсытæй, У иннæтæн сæ ныфс - сæ сайæн, Хуымæтæджы рæвдауæн хос, Лæджы æнæкæрон фæндиаг, Æвæстаг хисайæн бæллиц. Æмæ, чи цæра ныфсытæй, Уымæн дæр кæм ис фæивгъуыд: Искуы ралæудзæн йæ афон, Æмæ зынджытыл цæудзæн. Дзурынц зондджынтæ: фыдмитæ Хорзыл чи сахуыр нымайын, Уый Хуыцау кæны фыдранмæ, Нæй йын сау бонæй ирвæзт. Уæртæ Гемон фæзынд, Уый - дæ фыртты кæстæр, Æмæ бафæрс, цæмæ тындзы ардæм, Кæд мæт кæны, мыййаг, Антигонæ, йæ уарзоны рагсæфтыл уый, Стæй кæй фæци йæ ускуырдæй сайды?.. ÆРТЫККАГ ЭПИЗОД К р е о н т. Ныртæккæ хабар базондзыстæм мах, Æрцу-ма мæм, мæ лæппу, æмæ зæгъ: Мæ тæрхон дæм нæ фæкасти кæд хъыг Дæ уарзоны æфхæрыны тыххæй?
Г е м о н. Дæ хъæбул дæн, мæ фыд, æмæ куыдфæнды кæн: Дæ хорз фæндтыл кæддæриддæр æз - разы. Ды уарзонæй дæр дæ мæнæн зынаргъдæр, Мæн хорз зондыл ды ардауыс рæстагæй, К р е о н т. Мæ лæппу, уый дæ зæрдыл дар кæддæрид: Фыды фæндон æппæтæй у уæлдæр. Мæнгæй, мыййаг, куынæ фæбæллæм мах, Цæмæй нын рæза коммæгæс лæппутæ, Нæ фыдгултæн сæ тых сæттæг куыд уой, Нæ хæлæрттæн та алыхатг - ныфсы сæр. Кæмæн нæ вæййы хорз фæсивæд, уый та Фæкæны маст, сæрнизы хос ын фестынц, Йæ фыдгултæ йыл комкоммæ фæрайынц. Уый афтæ у, мæ фырт, æмæ лæуу фидар, Сылы тыххæй-иу ма фесаф дæ зонд. Дæ зæрдыл дар, фыдвæтк ус дын куы фæуа, Уыдзынæ уæд дæ уарзтæй дæр æнæрай, Цы ма фæуа фыдæмкъайæ фыддæр? Æмæ ды дæр дæ къух, ызнагау, сис, Кæй уарзтай, ууыл; иугæр мæм нæ хъусы, Мæ дзырды сæрты ахызти, фыдгулау, Уæд уадз æмæ мæрдты цæуæд чындзы. Æз адæмы раз хъуамæ уон рæстаг - Æмæ уый хъуамæ амæла. Мæнæн Хæрæфырт у, фæлæ дзы нæй хатыр: Мæ хионæй дæр домын æз, цæмæй, Æцæгæлонау, уый кæса мæ коммæ. Йæ хионты ’хсæн чи нæ уа рæстаг, Нæ уыдзæн уый паддзахæй дæр рæстылдзу. Æмæ æгъдау та чи хала фырбуцæй, Йе, паддзахмæ тых бахæссын æнхъæлæй, Уый нæу мæнæн мæ зæрдæйæн æхцон. Дæ паддзах дын цы дзура, уый кæнгæ у - Æнæгъдау уа йæ фæнд æви æгъдауыл.
Г^ <«/*,; *»/«>> (о/<ч) е»/*у (•»/«•; *>У^ с«У*4 «>> Иæ паддзахæн цы лæг кæса йæ коммæ, Уый хицауæн дæр бабæздзæни искуы. Уый тохы бон æрбалæудзæн дæ фарсмæ Æмæ йæ зон? нæ дæ фæсайдзæн никуы. Куынæ уа хицау иу лæг, хъуыддаг сæфт у, Уæд горæттæ дæр фесæфынц, йæ уæлвæд Ныххæлы цард, æнгом бинонты цард, Хæстон æмбæлттæ нал вæййынц æмуд Æмæ сæ знаг ныппырх кæны уайтагъд. Æгъдау æгъдау уæд у, - куы йæм уа хъусæг. Мах хъуамæ не ’гъдау фидарæй кæнæм, Æмæ хæцæм сылгоймагæн йæ рохтыл. Фæлтау мæлæт лæджы къухæй ыссарон, Цæйнæфæлтау æз усæн уон цагъар. Хистæрты къорд. Кæд нын нæ кар нæ зонд нæ сафы, уæд Дæ ныхас махмæ зонды дзырд кæсы. Г е м о н. Хуыцæуттæ радтой адæймагæн зонд - Хуыздæр хæрзиуæг а-дунейыл нæй. Ыстæй мæ бон куыд бауыдзæн зæгъын, Дæ ныхæсты, зæгъгæ, рæстдзинад нæй?.. Æцæг, рæстдзинад иунæг дæ дзырд нæу. Дæ уæлдай æз дзæбæх зонын, цы зæгъынц Хуымæтæг адæм, циу сæ мæт, сæ сагъæс. Хуымæтæг лæг дæуæй кæны тæрсгæ, - Йæ ныхас дын куынæ фæуа æхцон. Æз адæмæй гъеуый хъусын кæмдæрид: Æвгъау, дам, у Эдипы чызг мæлынæн, Хъæбатырдзинад бакодта æрмæст, Æмæ йæ марынц дзæгъæлы... Лæгау Уый баныгæдта йе ’фсымæры ’гъдауыл, Нæ йæ бауагъта куыйтæн уый хæрын, Æмæ йын хъуамæ кад кæниккой, уый та Æгады мардæй марынвæнд кæнынц... Гъе, афтæ дзурынц адæм... Мæн фæнды
318 г«> <<*№ <да с-»х& (’Ф» (гфд <'Ф> <'>х?> с'*) С<у ^з ^Х^ ад С'#1>> с«*Х^ (’?/^ <-<?/у С’О Æрмæст дæ хорз; дæ кад мæнæн дæр кад у! Фæлæ куы зæгъай, иунæг ды дæ раст, Дæ дзырдæй дарддæр ницы ис зæххыл, Æрмæст ды дæ зæндджын æмæ дзырдарæхст, Уæд разындзынæ ницæйаг дæхæдæг. Дæхæдæг зоныс, бæлæстæ фыдхъызты, Тыхдымгæйы раз акъул вæййынц зæхмæ, Уый нæй, уæд та æд уидæгтæ ысхауынц. Дæ науы сæрмæ пæлæзæн йæ баст Куынæ суæгъд кæнай уаддымсы рæстæджы, Уæд афæлдæхдзæн нау, æмæ фæдæлдон. Æз дын зæгъын: дæ масты фæдыл ма цу. Мæ хъуыды дæм кæд истæйаг кæсы, Уæд æм æрыхъус; науæд æз лæппу дæн, Фæлæ йæ хатын: лæг куынæ уа сонтæй Хæдзонд æмæ куынæ фæлгъауа алцы, Уæд хъуамæ хъуса зондджындæртæм райгæ. Хистæрты къорд. Нæ паддзах, хъуамæ байхъусай дæ фыртмæ, Уæ дыууæ дæр иттæг аив фæдзырдтат. К р е о н т. Цы дзурыс уый, куыд фидауы мæныл, Зæронд лæгыл, лæппуйы зондмæ хъусын? Г е м о н. Йæ зондмæ нæ, йæ рæстдзинадмæ байхъус, - Йæ кармæ нæ, йæ хъуыддагмæ йын кæс. К р е о н т. Хъуыддаг у уый - фыдгæнджытæн хатыр?!. Г е м о н. Фыдгæнджытæн нæ домын æз хатыр. К р е о н т. Кæй сæрыл хæцыс афтæ фидар, уымæн Фыдгæнды марг йæ уæнгты ис, йæ тугау. Г е м о н. Хуымæтæг адæм ууыл разы не сты. К р е о н т. Хуымæтæг адæм? Уыдон та мын чи сты?
Г<у <?ф) Сф) ЬГ<0 ЬГьЬ <<ф) Сфо <?ф) Ъ) (*0 «*/ь) еф» оф*о <Ф>) *Фэ «Ф*>; <<Ф*4 «*) Г е м о н. Дæ ныхас, мæ фыд, сонт ныхасмæ акъул. К р е о н т. Ам паддзах чи у: æз æви мæ лæппын? Г е м о н. Паддзахад нæу, кæм ысуа иу лæг хицау. К р е о н т. У паддзахæн йæ паддзахад йæ ис! Г е м о н. Æдзæрæг зæххыл хъуамæ уаис ды Паддзах! Æрмæст æдзæрæг ран, сыгъд зæххыл! К р е о н т. Ды уыцы чызджы хъахъхъæныс, æнхъæлдæн? Г е м о н. Уæд ды чызг дæ - дæ сæрыл дзурын æз. К р е о н т. О, ницæйаг! Куыд дзурыс ды мæ ныхмæ? Г е м о н. Уынын: рæстдзинад аппæрстай ды иуварс. К р е о н т. Кæй хъахъхъæнын мæ хицаудзинад, уымæй? Г е м о н. Хуыцæуттæн цыт кæй нал кæныс, гъе, уымæй. К р е о н т. Фыдвæткыл хæст, сылгоймаджы цагъар! Г е м о н. Дзæгъæлы фидис, - уый æнæгъдау нæу. К р е о н т. Дæуæн дæ ныхас иу сылыл у ’рмæст! Г е м о н. Дæуыл, мæныл, дæлдзæх хуыцæттыл ноджы. К р е о н т. Цæрдæгасæй нæ уыдзæн уый дæ ус. Г е м о н. Куы амæла, уæд мард - æз дæр йæ уæлвæд. К р е о н т. Æртхъирæнтæ куыд уæндыс ды, къæйных? еооооооосоооеоеососооосооосооососососоооооеоеоео
олю «>) ьт «ф) <м (<»х*>> <гФ> ь&> °ф> с'>) («*> (’фу <&*$ с*Х^ №> ^*/гу г"/^ СФ$ &) Г е м о н. Кæнын быцæу фыдвæндонимæ уæгъды. К р е о н т. Фæкæндзынæ дæ сонт дзырдыл фæсмон! Г е м о н. Мæ фыд нæ дæ, уæд дæ сæрхъæн фæхонин. К р е о н т. Сылы цагъар! Нæ фæсайдзынæ мæн! Г е м о н. Хъæртæ кæныс, фæлæ нæ зоныс хъусын! К р е о н т. Нæ зонын? Хорз. Олимпæй ард хæрын, Фæбаддзæни дæ къæйных дзырд дæ хъуыры. Гъей, ракæнут-ма уыцы калмы тагъд! Йæ уарзоны раз амæла æххæст. Г е м о н. Уæгъды дзурыс, - нæ амæлдзæни уый Мæ цæстыты раз! Фæлæ дар дæ зæрдыл: Мæн дæр дæ цæстæй нал фендзынæ никуы. Æрра митæн æндæр лæппутæ ссар! Ацыдис. Хистæрты къорд. Нæ паддзах, ацыд тынг мæстыйæ Гемон Æмæ тæссаг у уый цахъхъæнæн маст. К р е о н т. Уадз ацæуа! Сæрыстыр у æгæр! Нæ бахиздзæн уый чызджыты мæлæтæй. Хистæртыкъорд. Ау, дыууæйы дæр марынвæнд кæныс? К р е о н т. Мæлæт - фыдгулæн, иннæ хо цæрæд. Хистæртыкъорд. Куыд амардзынæ иннæ хойы уæд? К р е о н т. Фæсурдзынæн æй дард ранмæ, лæджы къах Кæм не ’рлæууыд нырмæ, æмæ йын уым сосооосоеооосорооососое^оросососзсосоо^орое^
Къæдзæх-лæгæты иучысыл хæринаг Ныууадздзынæн, цæмæй хуыцаумæ хъыг Нæ фæкæса, - æмæ ныммæлæд уым. Уæддæр æдзух Барастырмæ куывта Æмæ йын кувæд, афтæмæй ныммæлæд. Кæд бамбарид: нæй мардæн дæр цытгæнæн, Дæ паддзахы куынæ бафæнда, уæд. Ацыд. СТАСИМ ÆРТЫККАГ Хистæрты къорд Стр о ф а 1. О, уарзты хуыцау, ды хæцынмæ - ’взыгъд! О, уарзты хуыцау, рацахсыс лæджы! Ды де ’хсæв дæр чызджы рустыл æрвитыс, Куы фурды дон, куы сырдвæдыл цæуыс, Сты хуыцæуттæ дæр иууыл дæ дæлбар, Æмæ адæм дæр афтæ: Ды кæмæ ’рцæуыс, - зондæй фæцудынц! Антистрофа1. Рæстаг лæджы зæрдæ фæкæныс ды хатт - Æнæраст хъуыддагыл, фыдвæндмæ цæуын, - Ныр дæр фырты ды сардыдтай фыдыл. Фæлæ уарзоны цæсты судзы мондаджы арт! Уый лæппуйæн фæвæййы зынаргъдæр, - Уый Хуыцауы фæтк у, Афродитæйы, уаздæр Хуыцауы! Нал у коммæ кæсын гъеныр махæн нæ бон, Ам цытæ цæуы, уыдонмæ нал у мæ бон Дардæй сабыр кæсын - цæссыг донау цæуы - Ныр мæлæты бæстæм, ныр йæ фæстаг зæхмæ Æнусмæ цæуы Антигона. (Антигонæйы æрбакодтой ахстæй.) ооророеоеое^ое-ооосррор^оезросоеоро^
’ЭАА о>) <<ф>) о*№ <<*№ (’ф» (<ф>) (<*ы (<ф) (<>] (^ */«»> с*/^ еОс*>> с*Х^ С'*/^ *>/у «/*> ("> ЦЫППÆРÆМ ЭПИЗОД Коммос Антигонæ. С тр о ф а 1. Уæ, нæ горæт! Уæ, нæ адæм! Ракæсут, мæ фæстаг балцы Æз цæуын, фæлæ фæстаг хатт Хуры судзгæ цæст уынын. Мæн мæрдты хуыцау Барастыр Ныр куы фæкæны йæхимæ, Мæн, кæмæн нæ бантыст царды, Ам, чындзы фæцæуын, уый. Æмæ ничи кæндзæн зарæг Ныр чындзхæсджытæй мæ цуры, Æз, дæлдзæх цы дуаг ис, уымæн Ныр уыдзынæн ус, æфсин. Зæрæдты къорд. Ды дæлдзæхмæ фæцæуыс Мæнæ кад æмæ радæй, Ды нæ фæмард дæ цирхъæй, Дæу нæ фæхаста низ. Нæ, ды ацыдтæ барвæндæй, Ды - нæ чызджыты иунæг хорз, Ды дæхæдæг куы равзæрстай Царды бæсты мæлæт... Антигонæ. Антистрофа1. О, æз фехъуыстон, куыд тади Уæд Сипил-горæты раджы Мах фригийаг чындз æнамонд, Сонт Танталы чызг мæстæй. Айнæг_б_аныхæст йæ уæлæ, Къæдзæх æй нымбæрзта дурæй Æмæ уым кæуы, дзыназы, - Уары йыл уæлейæ мит... оо^оеоеоеооорооосшосоо^оеосог
323 Æмæ уый цæстыты хъарм сыг Айнæгæй цыхцыр ныллæууыд. Уыйау ныр æз дæр æнусмæ Абон бафтыдтæн мæрдтыл. Хистæрты къорд. Уый Хуыцауы чызг разынд, Уый хуыцæутты фæдон уыд. Мах та - адæм, мæлинаг, Мах та - адæмы цот. Æмæ уыйадыл банымай, Ды кæй мæлдзынæ кадимæ, Ды дæ царды кæй басгуыхтæ Раст хуыцæутты æмсæр! Антигонæ. Стр о ф а2. Цæй, мæ мæлæтыл цы худут! Уæ, мæ рафæлдисон дуæгтæ, Æз нырма куынæ дæн мæрдтæй, Уæд цы худут? Уæ, мæ горæт, мæ адæм! Нæ горæты равзаргæ адæм! О, Диркейы цæугæдон, нæ тархъæд Æмæ Фивы бæхдугъты быдыр! Æз сымахмæ, æвдисæнтау, сидын: Уый цы ’гъдау у, кæцон фæтк, Мæн мæ хиуæттæй иппæрдæй, Ныр дæлдунемæ чи ’рвиты уый? О, цæмæн фæдæн æнамонд! Æз нырæй фæстæмæ хъуамæ Цæрдтæй мæрдты ’хсæн лæууон!.. Хистæрты къорд. Стр о ф аЗ. Ды_равдыстай дæхи къæйныхæй, Паддзахæн уыдтæ йæ ныхмæ, Баййæфтай æфхæрд, нæ саби, Ды дæ фыды сау хæс фидыс.
324 г^ ^х^ ^\/^-\ у*\ щ»\«*#»+ ^ V?) (у ’ (фэ '«{&> '<[*У*;) ’цяУъ '(<У<у Г<Ф±> ’ (ф$ >) Антигонæ. Антистрофа2. Уый мæ уды рисыл дзурут, Не стыр сау амондыл махæн, Мах, Лабдачы цот, сæрысуанг Стæм æнамонд! О, фыдамонд ныййарæджы сау уат, Уым йæ фыртимæ, усау, æрæнцад! О, сæ фидыды сау бон, æз уыдонæн Æнæхайыр фæдон куы рацыдтæн! Ныр фæцæуын æнамонд ныййарджытæм... Æз дæлдзæхмæ, мæрдты бæстæм, Ныр фæцæуын æнусмæ. Уый чындзæхсæвы зарджытæм Куынæ бантыст хъусын мæнæн!.. Ды - мæ фыд æмæ ме ’фсымæр, - Дæхи дæр, æнамонд, æрбайсæфтай, Фæкодтай фыдамонд мæн дæр!.. Хистæрты къорд. АнтистрофаЗ. Хæрзгæнæг дæ, куы кæнай мардæн кад, Фæлæ нæ царды, хицау лæг цы зæгъа, Нæй уымæн, нæй, йæ сæрты хизæн: ды Дæ хивæнд митæй фесæфтай дæхи... Антигонæ. Э п о д. Цы кæнон, цæй, нæ фæцыдтæн чындзы, Мæ мардыл иунæг кæуæг нæй, Мæ уæлхъус иунæг хион нæй, Æз афтæмæй цæуын чындзы... Æз нал фендзынæн хуры æрвон цæст, Мæ уæвæнуат сау тар уыдзæн, Мæ фæстаг фыдбалцы — Нæ хъусын мæ хæлæртты хъарæг. (Æрбацыд Креонт.) еоооооооеоооооошоеососооооосососоооророооезеосз
(•>) (-«XV г«*/*/ со/*/'сХ^ "~(«*Х«г> ^С’’Х*!/ С'*Х«у «») К р е о н т. Мæрдтæм цæуæгæн нæй кæуынæй бафсис. Куы йæ уадзай, - нæ банцайдзæн уæд никуы. Фæлæ кæнгæ у а чызг ныр йæ ранмæ, Къæдзæх-лæгæтмæ, - афтæ у мæ тæрхон. Ныууадзут æй уым иунæгæй: цæрæд, Кæд æй фæнды, чындзæхсæв дзы ыскæнæд, - Йæ тæригъæд нæ исæм мах нæхимæ, Фæлæ йын нал ис а зæххыл цæрæн. Антигонæ. Мæ ингæн у мæ чындздзон уат мæнæн, Мæ хъахъхъæнæг та - сау ингæны къултæ! Æмæ цæуын мæ хионтæм - Барастыр Фæкодтауыдон се ’ппæты йæхимæ. Фæстаг дæн æз нæ мыггаджы, мæ хъысмæт У се ’ппæтæй фыддæр. Æз удæгасæй - мард. Мæрдтыбæсты мыл чи бакæндзæн цин? Мæ фыд? Мæ мад? Мæ мад мыл цин кæндзæн, Ыстæй ма ноджы ме ’фсымæр, æнамонд: Сæ дыууæйы дæр бавæрдтон мæхæдæг, Ныхсадтон сæ, ысфæлыстон, ыстæй сын Æгъдаумæ гæсгæ загътон рухс. Полиник! Дæу баныгæдтон, æмæ-ма æркæс: Цы дудгæбонтæ бавзæрстон! Æниу Хæдзонд лæгмæ рæстаг кæсы мæ хъуыддаг. Æз мад кæнæ куы уаин ус, куы фенин Мæ лæджы мард, уæд, чи зоны, мæ бон Нæ бауаид нæ хицæутты дзырд халын. Зæгъин, кæд та æндæр мойаг ыссарин, Æмæ мын уымæй райгуырид хъæбул, Фæлæ мæ мад æмæ мæ фыд мæрдты сты Æмæ ма мын куыд райгуырдзæн æфсымæр!.. Æз ме ’фсымæры бавæрдтон æгъдауыл, Æмæ Креонт мæн рахуыта фыдгæнæг, Цы фехæлдтон хуыцæутты ’гъдæуттæй æз? Æппындæр ницы, гъе, фæлæ уæддæр
(<>,) <*&> ф* ф$ Ф<> (<*/«:) 'Фэ *ф$ (-; Æрцахстой мæн, æрвитынц мæ мæрдтæм... Æмæ ма уæд хуыцæуттæм дæр цы дзурон, - Кæм ис зæххыл сæ рæстдзинад, сæ фæтк?!. Сæ хорз æгъдау кæй бакодтон, æз уымæн Кæй дæн фыдгæнæг паддзахы цæсты... Быхсдзынæн æз, æмæ сæ кæд фæнды Хуыцæутты, уæд мæхимæ исын азым, Фæлæ кæд раст дæн, уæд хицæутты фод Мæ тæригъæд! Мæ хъизæмар фæкæнæнт! Хистæрты къорд. Йæ зæрдæйы не ’рсабыр тымыгъ нырма, Нырма дæр йæ зæрдæ ыскъуыйы... К р е о н т. Уæд кæнгæ у йæ лæгæтмæ тагъддæр. Уый нæй, Уæд хъахъхъæнæг бавзардзæн ме ’фхæрд. Антигонæ. Æтт, мæ боныл! Дæ ныхасы ис Мæ мæлæты райдиан гъеныр. К р е о н т. Ныфсытæ дын не ’вæрын - мæнæ дæ рад, Дæ адзал æрцыд, нæй йын ивæн!.. Ацыд. Антигонæ. О мæ фыдæлты зæхх! О паддзахбадæн Фив! О нæ мыггаджы рагон хуыцæуттæ! Мæн фæкæнынц мæрдтæм, нæу æдзæугæ мæнæн... Уæ, нæ Фивы уæлхицæуттæ, ракæсут ныр, Фенут, паддзæхты цотæй фæстаг уд цæуы Дæлдзæхмæ, йæ азым - хуыцæутты фæткыл Æнувыд кæй уыдис, гъеуый!.. (Антигонæйы акодтоИ) ооеоооооеооооороооооеоеооос<^ососороооеосор^эео
('» <'ф) <'ф» <?фй «фЪ <'фЬ <'ф* <>ф> Ь) Щ ьф>) оф>) офо <<Ф>) <<Ф>) «Ф>; (<Фо «*) 327 СТАСИМ ЦЫППÆРÆМ Хистæрты къорд Стро ф а 1. Афтæ æрбайсæфти раст Даная-рæсугъд дæр - Бронзæйæ астæрд фæйнæджытыл амард, Нал федта рухс хуры цæст. Ингæн ын фестади уат, уæ, нæ хъæбул, Ноджы мыггагæй дæр тынг уæздан; Зевс дæр ма Уый фарс хæцыди, æдзухдæр æй хъахъхъæдта, Гъе, фæлæ ничи фæтых и йæ адзалыл, Уымæн нæ лæууынц хуыцæуттæ дæр, хæхтæ дæр, Наутæй та хъазы, æхсæры афтид хъузгау. Анти стр о ф а 1. Афтæ æрцыди Дрианты ысхъæл фыртыл, Хицау уыд Эдонтæн, фæлæ фыркъæйных уыд, Æмæ йæ нозты Дуаг къæдзæхы батъыста. Уыцы ран басабыр уымæн йæ къæйных уд, Кувын фæцахуыр - бæрзонд Дионисийæн, Уый размæ худгæ кæуыл кодта, уымæн. Уый размæ цин кæнын сылты нæ уагъта уый, Зарынмæ ’мхиц зæдты кувæнтæ чи хæлдта, Чи кодта хъазты ’хсæв ирд рухс куырыг. Стр о ф а2. Тар, цъæх айнæджы цур, раст дыууæ фурды ’хсæн Ис Босфоры былгæрон хъæздыг Салмидесс, - Уым йæ рæстæджы федта бæрзонд зæд Арей, Финейы æрра ус Куыд бакодта куырм Йæ лæппуты йе ’намонд армæй; Куыд сидтысты, цæсты афтид къуырфæй кувгæ, Куырм лæгтæ Хуыцаумæ. Уый цæстæн йæ гагуы Æнгуылдзæй нæ къахта, уæфтийы бырынкъæй!.. Антистрофа2. Уæд сæ хъысмæтыл кодтой æнæнцойæ сар Уыцы сонт мады, мойæ сайд усы фырттæ, -
328 (*» <#«> <ус«><-#о+ у»\«>/*\щ-и0^'''-) Уый дæр афтæмæй тугæй ыстыр уæздан уыд Эрехфейы мыггагæй; Хастой уый тархъæд лæгæтты Сæ зæххы дымгæтæ рæвдаугæ, Уыд Борейы тыхдымгæты дауæджы чызг, Хуыцауы фæдон уыд, Уæддæр æй хæнтурсдзыкку мойрæтæ, Адзалы дыуæгтæ куы систой сæ уæлныхты!.. (Æрбацыд Тиресий, æрбакодта йæ иу чысыл лæппу) ФÆНДЗÆМ ЭПИЗОД Т и р е с и й. О Фивы хицæуттæ! Æрцыдыстæм дыууæйæ - Нæ иу - цæстджын, у иннæ та куырм лæг Æмæ йын саби разамонæг у. К р е о н т. Цы ног хабар ис, карз зæронд Тиресий? Т и р е с и й. Ис дзуринаг, фæлæ мæм хъус дзæбæх. К р е о н т. Дæ уынаффæ нымайаг уыдтæн æз. Т и р е с и й. Æмæ уыдис дæ хицаудзинад раст. К р е о н т. Сæттын ыл æз: пайда мын уыд дæ зонд. Т и р е с и й. Хъысмæты кардæн ды лæууыс йæ комыл. К р е о н т. Цы хабар у? Дæ дзырдæй риссы зæрдæ. Т и р е с и й. Зæгъдзынæн дын мæ зонды хатдзæг æз. Æз бадтæн уым, кæм фæфæрсын дæсны, Уым алы маргъ дæр рабады ныхасы, Фæлæ мæм ныр сæ мæсты цъæхахст хъуыст,
% «»>; г«/*) е*/*> (»/*> С«>>4 *»/«* <">; **> Æмæ сын уæд æз нал æмбæрстон се ’взаг. Æрмæст зыдтон: кæрæдзи хъуынхъис тонынц, - Сæ базырты цæлхъытæй уыд бæрæг. Мæ тыхстæй æз уæд райдыдтон фæрсын, Нæ кувæндоны бакуывтон хуыцæуттæм, Фæлæ сын нæу нæ кувинаг ахъаз... Нæ сыгъди м’ арт, мæ зынджытæм та тагъди Нæ кусæрттагæй сой; нæ сыгъди арт. Куы батад и нæ кусæрттаджы сой5 Уæд арт бынтондæр ахуыссыд... Нæ айстой Нæ кувинæгтæ, иудзырдæй, хуыцæуттæ. Уый радзырдта мæнæн мæ лæппу, мæнæ Мæн чи кæны йæ фæдыл, æз сымах Куыд кæнын, афтæ... Нæу нæ хъуыддаг хорз... Дæ бардзырдмæ нæ бæстыл сыстад низ: Нæ кувæндæттæ фаджысы бын фесты, Фæцыдысты сæм мæргътæ æмæ куыйтæ, Эдипы фырты чи ныхсыдта, уыдон. Хуыцæуттæ нын нæ куывды хъаст нæ исынц, Нæ кувинæгтæм зулцæстæй кæсынц; Рæстаг уац нын ныр нал ракæны маргъ, Уый марды тугæй бафсæст æмæ фелгъæд. Ды ацы хабар банымай, нæ паддзах: Рæдийын зоны чидæриддæр махæй, Фæлæ фæхонæм зондджын лæг мах уый, Йæ рæдыдыл фæсмонкæнынхъом чи у, Рæстаг фæндыл та чи ныллæууы уайтагъд, Фыдхивæнды та рахонæм æрра. Мæлæтæн - аргъ, кæн мардæн та - æгъдау. Лæгдзинад нæу фыдмитæ кæнын мардæн! Дæуæн æз уый хæрзиуæгæн зæгъын: Æмæ хъæуы рæстаг ныхасмæ хъусын. К р е о н т. Зæронд, цы систат уе ’ппæт милмæ мæн? Нæ дæснытæ дæр мæн нæ уадзынц рохуат, Мæ хæстæджытæ - се ’ппæтдæр мæ фауæг. еоеоеоеогоооеоаоазеоооооеоеэеоооооооооеорор^
Кæнут уæ базар, уæй кæнут, æлхæнут Электр сардаг, индийаг сыгъзæрин - Æппæтæй дæр, нæ сæ хæсдзыстут уемæ Мæрдты бæстæм. Фæлæ уын æз зæгъын: Нæ бауадздзынæн марды æз ныгæнын, Йæ фыды хæйттæ Зевсы къусмæ хаст Куы фæуой мæргътæ, гъе, уæддæр! Æз зонын, Лæджы фæндæй Хуыцауы уаз нæ сæфы, Фæлæ йæ зон, Тиресийы зæронд, Пайдайы фæдыл сонт хъуыды куы хæсса Рæгъмæ, уæд сæфын зондджын лæг дæр зоны. Т и р е с и й. Ай-гъай, фæлæ цæй сонт хъуыды у уый? К р е о н т. Ома? Нæ зоныс? Радзур нын дæ зонд... Т и р е с и й. У зонд æппæт фæллæйттæй дæр бæрзонддæр... К р е о н т. Фæлæ фыдзонд та у фыдызнаг махæн! Т и р е с и й. Фыдзонды низ дыл бахæцыд, æнхъæлдæн. К р е о н т. Къæйных ныхас æз дæснытæм нæ кæнын! Т и р е с и й. Куыд нæ кæныс - мæ зонд нымайыс сонтыл! К р е о н т. Уыд пахуымпартæй алчидæр æхцауарз! Т и р е с и й. Тирантæ та пайдайыл мард уыдысты! К р е о н т. Дæу ферох ис, æз хицау кæй дæн, уый? Тиресий. Мæ зондæй кодтай хорздзинад ды Фивæн. К р е о н т. Ды - Пахуымпар, фыдзондмæ дæ ыздæхт! рорососоеоеосзрреорое^эеоозс^
0» Рф) М>) Сф) <гф) <*фЬ (’фд Сф) Щ <*, г«/*> г*/*) с*/*У О’Х^ С^ <?*У«г> ('»/'4 «*) Т и р е с и й. Æвирхъау хабар ма дзурын кæ мæн! К р е о н т. Зæгъ æй! Фæлæ æхцаæнхъæлæй нæ! Т и р е с и й. Нæ йæ зæгъын, дæу тыххæй у мæ хабар. К р е о н т. Дæ ныхæстæй нæ ивын æз мæ бардзырд. Т и р е с и й. Кæд афтæ у, уæд æй дæ зæрдыл дар, Нæма тындздзæн æхсæвиуатмæ хур, Раст уыц’ афон уыдзæн дæ хъæбул мард, - Кæй нæ ныгæныс, уый тыххæй - бæст-бæсты; Ды удæгасæй ингæны кæй дарыс Мæгуыр чызджы, гъеуый тыххæй æфхæрд; Дæлзæхх хуыцæуттæн байстай ды сæ марды, Æнæныгæд, æгадæй йæ ды тоныс, Æмæ дын уый бар чи радта дæуæн?!. Хуыцæуттæн дæр нæй уый бар æмæ уыдон Дæ митыл не сты разы!.. Æмæ зон: Дæ фæдыл зилынц мастисæг хуыцæуттæ, Цæмæй ды дæр раст ахæм фыдтæ ’взарай. Фæци мæ хабар дзырд æмæ ныр та Нымай, мæ дзырд æхцайы фæдыл у Æви æцæг - дæ хæдзарæй рæхджы Сылгоймаджы æнæнымд кæуын хъуысдзæн. Дæ ныхмæ систы адæм дæр æппæт, - Цы хъæбулы мард хордтой сырдтæ, - уымæй Нæ кувæндæттæ чъизийы бын фесты. Гъе, ахæм фат ныццавтон æз дæуыл Фырмæстæй, æмæ аирвæзæн нæй. Гъæй, лæппу,_цом! Нæ паддзах уадз йæ маст, Йæхицæй дæлдæр чи уа, ууыл калæд. Кæд базонид ныр йе ’взагыл хæцын, Кæд бацæуид чысыл йæ сæры зонд. оососососоеэсэрое^осоросооосорооосооооосоеэрорз
332 с») <<ф> адо (<*$•* оф» (<ф>) <'*&) <'Ф>) с'*) Г*> ГгуС^ о^ С-да С«*Х^ С«*Х9 С<*>*> г«/л> (<?) Хистæрты къорд. Нæ паддзах, уый æвирхъау хабар у. Нæ сау сæртæй нæ урс сæртæм æй зонæм Тиресийы, æмæ уыдис кæддæрид Йæ зонд хæрзаг, æнæмæнг æмæ раст. К р е о н т. Уый хорз зонын æз дæр æмæ тæрсын. Нæ мæ фæнды мæ бардзырд ивын мæн, Фæлæ тæрсын, фыдбылыз ныл куы ’рцæуа. Хистæрты къорд. Уынаффæ хъæуы ам, паддзах, уынаффæ. К р е о н т. Цы хъæуы уымæн? Разы дæн уæ дзырдыл. Хистæрты къорд. Эдипы чызджы лæгæтæй æркæн, Æнæныгæд мард бавæрын кæ тагъд. К р е о н т. Уæдæ зæгъут: æз аивон мæ тæрхон? Хистæрты къорд. Ай-гъай, паддзах, æмæ фæстиат - нал, - Хуыцау йæ маст куы фæисы, уæд уайтагъд. К р е о н т. Мæ дзырд сæттын, кæд мын зын у, уæддæр - Хъысмæтимæ хæцын лæджы бон нæу... Хистæрты къорд. Цæугæ, дæ хъуыддаг кæн, ыстæй дæхæдæг. К р е о н т. Цæуын, цæуын. Гъæй, фæсдзæуинтæ, ардæм! Тагъд джиркъатимæ уе ’ппæт дæр цæугæ, Æнæныгæды бавæрут, рæвдздæр! Æз та цæуон æмæ сæрибар радтон, Цæрдæгасæй кæй баныгæдтон, уымæн. Ныр бамбæрстон: мæлæты бонмæ хъуамæ Æнусты ’гъдауæн кадгæнæг лæууай. Ацыд. соеоооеоо^осшороссюоеоеос^ососооогог
Г^ л„/*,; оф>) «*Х*о (Ф>) С«»Х«у С’Х^ <<*>■•; С<*> СТАСИМ ФÆНДЗÆМ Хистæрты къорд. Стр о ф а 1. Номджын дæ, кадджын. Кадмæн - сæрхъызой, Зевсы, æрвнæрæджы фырт! Уæ, нæ рухсбæстæ хъахъхъæнæг бардуаг, Æрцу нæм, нæ уазæгуарз кæмттæм! Рагæй дæр хорз паддзах, Вакх! Ды фæцардтæ нæ Фивы, Вакханкæты раттæг бæстæйы, Раст Исмены былгæрон, Кæфхъуындары ссыртæ Кæм æрцыд ныгæд! Анти стр о ф а 1. Дæу фæуынынц кæддæрид, кæм судзынц Æхсидав цырæгътæ нæ хæхтыл! Кæм кафынц корикийаг нимфæтæ, Дæ номдзыд вакханкæтæ, Кæм цæуы Касталы суадон! О, æрхиз нæм бæрзондæй Нæ кæмттæм, нæ фæзтæм, Сæнæфсирæй йедзаг быдыртæм! Ды, сæны æмæ цины зæд, Фивмæ æрцæуыс! Стр о ф а2. Ды нæ горæт æрвон уарзтæй уарзыс, Раст, нæ мадау, ды хъахъхъæныс мах! Гъе, ’мæ абон ыстыр рын куы сыстад Нæ горæтыл, адæмыл иууыл, Уæд дæ уазфадæй - рацу бæрзондæй Æмæ нæ фыдбылызæй бахиз! Антистрофа2. О ыстъалыты рухсы Хуыцау! Æхсæвы хъæлæсты Хуыцау! О ыстыр Зевсы уарзон хъæбул, Махмæ рацу, нæ сæрхъызой, тагъд, сосэсгсососэсоеооороеорг^осососрросоросор^зрэсо
334 («V*;■ у@<<#*>+ (^и У^'^0^^ Æмæ ’гас æхсæв бонмæ Мах хæрзгæнæгæн кувæг уыдзыстæм! (Æрбацыд фидиуæг.) Эксод Ф и д и у æ г. О Кадмы байзæддаг, дзурын æз сымахмæ! Лæджы царды нæй иу афон дæр ахæм, Æппæлдæн кæнæ фаутæн чи уа сæр. Куы амонд мах бæрзонд-бæрзæндты сисы, Куы нæ æнамонд сæрсæфæнæй калы, - Хъысмæт зонын зæххон лæджы бон нæу. Креонт нæм касти амондæй æххæст, - Уый Кадмы бæстæ бахызта фыдгултæй Йæ хицау дæр кæдæй-уæдæй ысси, Мæ алыварс - йæ сабитæ, бæрз къохау. Ныр та у сæфт. Лæгæн йæ цин куы фæуа, Уæд удæгæстæй нал у уый, уæд æй Æз удæгасæй мард хонын æрмæст. Паддзахау цæр; фæлæ дын амонд нæй, Уæд ницы у дæ цард; фæздæджы аууон Æз ахæм цардæй рахонин хуыздæр. Хистæрты къорд. Цы уац та ’рхастай паддзахæн, зæгъ-ма йæ. Ф и д и у æ г. Мæлæты уац. У марæг та - йæ хицон. Хистæрты къорд. Уæд чи фæмард? Ыстæй йæ марæг чи у? Ф и д и у æ г. Фæмард и Гемон. Марæг та - йæ хицон. Хистæрты къорд. Йæ марæг у йæ фыд æви йæхæдæг? Ф и д и у æ г. Йæхæдæг. Фæлæ уыд мæсты йæ фыдмæ. росэсосососососор^сæ^^ососососзс^ссх^эсорзрзро
(^ «ф» оф,) (.>/*>) о*Х^ С«»У«4 «>/'Ц <«*/'•; <Ф Хистæрты къорд. Куыд раст фæдзырдта пахуымпар, куыд раст! Ф и д и у æ г. Æмбæлди раздæр алцæуыл хъуыды. Хистæрты къорд. Йæ галуанæй нæм рацыд Эвридикæ, Æнамонд ус, æнамонд мад, цымæ, Йæ хъæбулы мард зоны æви нæ?.. Эвридикæ. О хорз адæм! Палладæмæ ыскувын Мæ зæрды ис, цæуын æм гъеныр кувæг, Фæлæ мæ хъустæм бахæццæ уæ ныхас. Куы бакодтон мæ уаты дуар, уæд мыл Фыдуац æрбамбæлд, бахъарм и мæ зæрдæ, Фæлæ мæ уый нæма уырны ныр дæр. Æмæ мын гъеныр ме ’намонд зæгъут: Æз хъуамæ зонон ме ’намонд бæстон. Ф и д и у æ г. О не ’хсин, æз, цы федтон, уый зæгъдзынæн, Рæстдзинадæй нæ бамбæхсдзынæн мисхал, Мæ ныхас дын ныфсы сæйраг нæ уыдзæн, Фæлæ куыд зæгъон мæнг? Фæлтау - рæстдзинад. Дæ лæг-паддзахы бакодтон мæ фæдыл, Кæм бахсыдтой Полиничы мард куыйтæ, Гъеуыцы коммæ. Бакуывтам Хуыцаумæ, Барастырмæ, фæндаджы дуагмæ ноджы, Цæмæй нæ зæхмæ мауал хæссой маст, Æмæ йæ уæлвæд мардæн радтам цыт, Цы ма дзы баззад, басыгътам уый арты, Æмæ йæ ’гъдауыл баныгæдтам мæры. Ыстæй уæд дарддæр лæгæтмæ цæуæм, - Уым удæгасæй чызг æрцыд ныгæд. Иу не ’мбæлттæй æрбауад æмæ загъта, Цыдæр хъæрзын кæй фехъуыста дæлдзæхæй, Эдипы чызг кæм конд уыд, уыцы хъоргъæй. Креонт хæстæгдæр бацыд æмæ хъусы 0909090909090900090909090909000900090^
336 (*>) <<*№ С*У^> (<М (<ф>) (<>>{*>) (<ф>) (<Ц[*>) с<л (л> сда <*Х«^ о*Х*> о*Х^> с«*Ху «зХ^ г«Х9 с*) Уынгæг хъæрзын. Уæд афæлурс йæхæдæг, Ныдздзынæзта: «Куыд фесæфтон мæхи! О ме ’намонд сæр! Базыдтон æй ныр, Мæ сæфты фæдыл райдыдтон цæуын! Мæ лæппуйы хъæрзын цæуы мæ хъустыл. Рæвдздæр цæут æмæ ныккæсут хуынкъæй Дæлдзæх уатмæ, уый Гемон у æцæг, Æви мæ сайынц уый хъæлæсæй дуæгтæ». Цы нын загъта, уый бакодтам æмæ Мах федтам; чызг æрцауыгъта йæхи. Дæлдзæх хъоргъы ыздыхт кæттаг йæ хурхыл Æрбавæрдта... Йæ фарсмæ та уыд лæппу, Ныттыхсти мардыл, афтæмæй куыдта Йæ уарзоныл, нæ паддзахы хъуыддæгтыл. Фыд уый куы федта, уæд йæ богъ фæцыд, Ныууади хъоргъмæ æмæ йæм дзырдта: «Цы бакодтай, æнамонд! Уый цы ми у? Цы мастæй фæцыд уагæры дæ зонд? О, курын дæ, мæ лæппу, тагъддæр рацу!» Уæд лæппу дзургæ нал, фæлæ йæ цирхъ Фæцъортт ласта, йæ фыдмæ дзы фæхъавыд, Фæлæ фæтарсти фыд æмæ фæлыгъд, Нæ йыл сæмбæлди цирхъ. Уæд лæппу кардыл Нынцад йæ тæнæй, æмæ ахызт цирхъ Йæ фарсы мидæг фистонмæ. Йæ зонд ма Йæхимæ уыди, афтæмæй та чызгыл Ныттыхст æмæ йæ уд сындæггай систа. Уым хъоргъы ныр дыууæ марды лæууы, Сæ чындзæхсæв мæрдтыбæстæм фæхастой, Æмæ сæ ми та адæмæн æвдисы: Æдылы зонд ыстыр фыд у лæгæн. (Эвридикæ ацыд.) Хистæрты къорд. Цы фæнд æм ис? Фæстæмæ ацыд уатмæ, Нæ загъта ницы хорзæй дæр, фыдæй дæр.
С^^Х^ ^Х’*^^^ «^ ^>г^ 1&х^ <&>^ с^> 337 (*>> ’ '<*Х*>)ч «*/*>) ’ («Х*оч ^Х’у с«*Х^ <;Ф>; ’ С’О^; о*> Ф и д и у æ г. Мæнмæ дæр хорз нæ кæсы, фæлæ ’нхъæлын, Нæ йæ бафæндыд ацы ран кæуын, - Уый бацæудзæни галуанмæ, сæхимæ, Æмæ кæудзæн уым устытимæ иумæ. Тæригъæд ми нæ бакæндзæн, - хæдзонд у. Хистæрты къорд. Цы зæгъæм, фæлæ сабыр кæй у галуан, Уый хъарджытæй фыддæйраг кæсы махмæ. Ф и д и у æ г. Бæрæг уыдзæн ныртæккæ, кæд йæ зæрды Мыййаг, фыдвæндæй исты уыд, æцæг. Уæ ныхас у æнæмæнгæй хъуыдыйаг: Æгæр сабыр уыд, æмæ уый тæссаг у. Хистæрты къорд. Уæртæ паддзах дæр, уый нæм йæхæдæг фæзынд, Рæстдзинады ’вдисæн йæ къухтыл хæссы. Æмæ хъуамæ зæгъæм - уый тæригъæдджын уыд Æмæ гъеныр йæ тæригъæд фиды. Коммос К р е о н т. Стр о ф а 1. Оххай, гъе! Мæ тар уды бирæ тæригъæдтæ, Куыд тагъд мæ æрсырдтат, куыд тагъд!.. Кæсуг мæм, нæ хорз адæм гъеныр, - Æз мæ фырты мæхи къухæй амардтон! Фыдмитæ, куырм лæгау, куы бакодтон! Мæ хъæбул, æвзонгæй куы атар дæ! Ды фесæфтæ, нал дæ; Фæлæ аххос и мердыгæй - сонт дæн! 22
ООО («>) <<*х*ь <'*Х<> ('*УА (<Ф>> <Г'У*>> <'*№ {'Ф> и< (<,) офу (<фу ф>> (<>Х^ «Ф’Э «Фу «Ф$ «Ъ Хистæрты къорд. Охх, рæстдзинад ды федтай æрæгмæ... К р е о н т. Стр о ф а2. Оххай, гъе! Мæ сæфты бон æрцыд, хуыцæуттæй чидæр Мæныл йæ азар рауагъта, зæйау, Фыдмитæ мын фæкæнын кодта уый Æмæ мæ амонд айсæфти æвиппайд! О, ме ’намонд, мæ хъизæмар, мæ сæфт! Дыккаг фидиуæг. Нæ, паддзах, дæу фыдæвзарæн æрцахста, Нæуæг мæстытæ разынди дæуæн: Кæсынц дæм уæлæ галуаны æнхъæлмæ. К р е о н т. Цы ма ’рцыди, цы маст ма у фыддæр?.. Дыккаг фидиуæг. Хъæбулы сæфт нæ баурæдта де ’фсин Æмæ йæхи ныррæхуыста, фæмард. К р е о н т. Антистрофа1. Оххай, гъе! Барастыр мæм ысфыдæх Æмæ, æгъатыр, сафы мæн бынтон!.. О раздæры фыдбылызты хъæргæнæг, Цы маст ма нын хъарыс ды ногæй? Ныр мæ лæппу дыккаг мард куы кæндзæн! О мæ хъæбул, æз та ма цы кæнон?.. Мардæй байдзаг и, оххай, мæ хæдзар! Нал ис ничи уым сабийæ, мадæй!.. Хистæрты къорд. Фен де ’фсины, фæхæссынц ын йæ мард. К р е о н т. Антистрофа2. Оххай, гъе! Мæ дыккаг зиан, сайраг фæуон, федтон! р9090909С9е9С9С9С9С9е9С909С9СОС9СОСОС909С9р9Р9С9
С* ^^^^Х\ Ф*+^Х^Х^) (<■>) «Ф>уч &х*>> («*/*!)ч *Х°>) ^Фо ^»Х>) &Х>) «о Цыфыддæр ма мыл сæмбæлдзæнис ныр? Мæ лæппуйы мард рахастон мæ къухтыл, Ныр ме ’фсин дæр мæ разы мардæй ис! Æнамонд мад! О ме ’намонд хъæбул! Ф и д и у æ г. Ныр де ’фсины мард кувæндоны ис; Иæ цæстыты рухс ахуыссыд бынтондæр; Йæ хъæбултыл фæкуыдта: Мегарейыл, Стæй Гемоныл æмæ дæу та сæ фæстæ Уый рахуыдта хъæбулхор... К р е о н т. Стр о ф аЗ. Оххай, гъе! Фыртæссæй ризын. Исчи уæ йæ цирхъæй Куыд нæ афады афонмæ мæ зæрдæ? О ме ’намонд сæр, гъе! Æгъатыр маст мын бацъырдта мæ зонд! Ф и д и у æ г. Дæ ус куы мард, уæд ма дæ загъта афтæ: Мæ хъæбултæн сæ марæг уыд сæ фыд. К р е о н т. Фæлæуу-ма, уæд куыд амардта йæхи та? Ф и д и у æ г. Ныррæхуыста йæ рисгæ зæрдæ кардæй, Куы базыдта йæ лæппуйы сæфт, уæд. К р е о н т. Стр о ф а4. Оххай! Ничи у аххосджын ам, Æз мæхæдæг æппæт фыдбылызтæн - сæ сæр. Æз - дæ марæг, мæ хъæбул, - æз, мæ бон, æз! Уый рæстаг ныхас у. Ой, фæсдзæуинтæ, тагъд Мæн фæкæнут нæ зæххæй, фæкæнут рæвдздæр, _ Æз сæфт дæн, æз ницы дæн, ницы! Хистæрты къорд. Дæ фæндон - раст, кæд ис рæстдзинад масты, Фыдмийæн та йæ цыбырдæр хуыздæр у. ^оорр^оеоросдрм^эе^^рое^рросос^рор^осррое^
340 (*>) <<ф) (<*у*>) ЬГ*Ь Офо (<ф>) (<ф) (<ф) ь,\ (*.) <Фэ <ф>> с*д^ «*Хъ <«Ху ’Фэ (<Фэ <•) К р е о н т. АнтистрофаЗ. Æрцу, æрцу! Мæ фæстаг бон, æвæстиат фæзын! Мæ адзалы бон, тагъддæр-ма æрцу! Æрцу рæвдздæр, Цæмæй æндæр бон мауал фенон æз! Хистæрты къорд. Дæ абоны бон хицæн у. Ды та Дæ фидæныл ныссагъæс кæн бæстон - Куыд цæрдзынæ нырæй фæстæмæ ды. К р е о н т. Мæ судзгæ маст дæр ууыл у мæнæн: Куыд ма фæцæрон а-дунейыл æз?!. Мæ фæндиæгтæ се ’ппæт дæр - мæлæт. Хистæрты къорд. Дзæгъæлы фæнд: зæххон лæгæн Хуыцау Цы маст зæгъа, нæй аирвæзæн уымæй. К р е о н т. Антистрофа4. Мæн искуыдæм акæнут, дæн æз æрра! Уый мæ фырт æмæ ме ’фсины амардтон æз! Æмæ нал ис мæнæн хуыздæргæнæг, нал: Ам, зæххыл мын цы уыд, уыдон байсæфтон æз; Æмæ гъеныр хъысмæт мæн йæ хъизæмарæй Уæхстыл бакодта æмæ нал у мæ бон!.. Хистæрты къорд. Зонд, рæстаг зонд - нæ хуыздæр хæрзиуджытæй у, Æмæ ма кæн Хуыцауы дæхимæ мæсты. Уый фырхъалæн йæ ныхасы хъал Уайтагъд бафиды фидар риуыгъдæй. Цæф æруайы сæ удыл, Æмæ уымæй æрцахсынц зæрыбон сæ зонд. Æмбæрзæн. р^^оо^^^г^а^оо^^^осо^ор^г^гюо^^^^^^
Г’у (’ф Н^ ^Х1* *Ф> 0*Р* ('ФЬ ^У’» с Г^ <ф) <ф>) <<ф>) (ф>) (ф0 (<ф0 Ц*)*>) « Шандор Петеф ФЫДЫЗÆХХЫЛ Нæ тыгъд быдыр! Дæ зæрин мæнæу - зад, Йæ сæрмæ урс фæлм цæсты гагуы сайы... Æз цин кæнын, фæлæ мæ зæрдæ ’хсайы: Мыййаг мæ ды кæд нал зоныс, мæ мад?.. Кæддæр æз уарзтон даргъдзогты рæхснæг, Сæ бынæй кастæн арвмæ, - фæндаг бонцау. Уым саджилæгæй, ромаг нымæц фондзау, Нæ зырнæджытæ тахтысты фæззæг. Сæумæцъæхæй нæ хæдзарæй æз дæр Цыдтæн. Мæ мадæн «Хорзæй баззай!» загътон. Мæ зæрдæ мын йæ рухс арфæтæ къахтой, Фæлæ фæлыгъдтæн цардагур уæддæр. Æгъатыр рæстæг азæй-азмæ цыд, - Бон иннæ боны ингæнмæ æвзылдта, Æз, рог барæгау, дунейыл фæзылдтæн, Фæлæ нæ ардтон амонд æмæ цыт. У царды уаг йæ равзæрдæй тызмæг, Æз дæр æхсадтон а дуне мæ хидæй. Ныр базыдтон: цыфæнды йыл фæхитай, Уæддæр уыдзæн дæ къахвæндаг дæрзæг. Уый зонын ныр, нæ мæгуыртау, æз дæр, - Фæхатгæн бирæ мастæлгъæдæй, хастау. Хъыцъыдонæй мæ уды дойны састон, - Мæ армы уымæй ницы уыд хуыздæр. оосососоророс?^оеос?роеррор9рс^ррор^дрор^9едрд
342 (*>) <<*т «ф) ('*х*) °Ф» ('Ф>) (’ф) <'»№ г'>) (Я> г^ ф* рХ*> ’еХ’з <Ф> <Ф* <Фэ *1) Хъыг, маст мæнмæ лæууыдысты уырдыг, Фæлæ сæ ам кæд басудзин цъæх арты. Мæхи хуыздæрæн раппæрстон æз ардæм, - Кæд цины цæссыг аласид мæ хъыг. Нæ уæзæгау зæхх никуы у фæлмæн, - Мæн ам мæ мад йæ дзидзийæ фæхаста. Кæсы мæм ныр уæларвæй хур сæгъдзастæй Æмæ рæвдауы, сонт хъæбулау, мæн. МЕ СТИХТÆ Уыд мæ цард поэзийы нымд бæлас, Ме стихтæ - йæ къалиутыл сыфтæр. Гъе, фæлæ тызмæг уады куы ’вдæла, Уæд йæ сыфтæй нал уыдзæн ныв дæр. Ау, уæдæ сыл æз дзæгъæлы тайын, - Арвмæ нæу мæ уды зын нымад? Нæй, нырма мæ бæлас нæу уæлдайаг, - Судзы хур, уæд й’ аууоны æрбад! НЫСТУАН ХУРМÆ Хур, нымай мæ утæхсæн, Ма мæм кæн ысхъиуд джызы. Уый бæсты дæ рухс тавсæй Ратт мæнæн дæр иучысыл! Бон-изæрмæ мигъ-цæндтыл Ды хæтыс дæ джих хаттæй, Афтæмæй мæ ныккæнды Ды нæ уыдтæ иу хатт дæр_!_ Талынг къуым... Æхгæд уат у, Сулæфт нæй йæ уæлдæфæй. Басгар æй тæхгæ уадæй,
Г^ г«/<Ь) («*/*> («/*> оОС^ (ЭД ("/^ &У*э Ф) Гъестæй цу дæ фæд-дæ фæд! Æз поэт дæн - сау лæппу, У мæ цард æмдзæвгæтæй; Уас, мæ амонд агьæпп уа, Кæд нæ дæн цъæх цæнгæтæй! Хур, куы цагътай арфæйыл Ды кæддæр фæллад æрттæй Хъал Зевсæн, - уæларвæй йæ Цалынмæ нæ ратардтой!.. Гъемæ фен мæ утæхсæн, - Æз дæумæ дæн арвмæдзог, - Æмæ ратт дæ рухс тавсæй Ныр мæнæн дæр армыдзаг. ВЕНГРИ Фыдызæхх! Фыд халон дæм уасы, - Дæ цардыл нæ фæдæ дзырдхъом: Бынæй нын дæ физонæг басыгъд, Уæлейы та - иууылдæр хом. Нæ хъалтæ исуилынц сæ хъултæ, Æфтъæрынц дæ хъаймагъ зыдæй, - Дæ мæгуыр, дæ дарæг хъæбултæ Сæ фарсмæ фæмæлынц сыдæй! МÆ ФЫНЫ ФЕДТОН ХÆСТ Æз иу æхсæв мæ фыны федтон хæст, - Мадьярты кодтой хæцæнмæ æмгуырæй. Хъæуи-хъæу хастой тугдзых цирхъ, æлвæст, - Куыд цæуой хæстмæ бонджынæй, мæгуырæй. Куы-иу федта лæг уыцы кард цæстæй, Уæд ын æдзæугæ нал уыди фæдисы. Сæрибарыл куы хæцы, уæд мыздæй
(*>) <<ф) ьга ОфЬ М*>) <<ф) <'*&) <'*(*) (<*) (л> г.*Х^ С^ (*У«у С«*У*'> С<*А; Г<*/<у ^/гу (,*) Цы кæны лæг, - йæ цæф дæр ын нæ риссы. Раст уыцы бон - нæ чындзæхсæв... Тыхсæм Нæ цыбыр циныл фæдисонтæн с’ астæу. Фæцыдтæн хæстмæ хызисæн æхсæв, Фыдызæххæн мæ сæр нывонд æрхастон. Хæрамыл уаид хъуамæ уый нымад, - Йæ чындзæхсæвæй хæстмæ лæг куы афта, Фæлæ - фæдис, цæудзынæн уæд салдат, Куыд ацыдтæн ызнон мæ фыны, афтæ. ХЪЫСМÆТ, ФÆНДАГ МЫН РАТТ!.. Хъысмæт, уæрæх фæндаг мын ратт! Хæрзгæнæг адæмæн æнхъæлын Мæхи, - мæ риуы судзы арт Æмæ кæд н’ ахуыссид дзæгъæлы! Мæ дадзинты фæйлауы арт, Мæ зæрдæ риу ныххойы рисгæ, - Кæд адæмтæн цæуид сæ цард Мæ фæндиаг хæрз чысыл искуы! Тæхуды, тохмæ дæр æвзыгъд Куы уаиккам, - æгъгъæд у дзурын! - Уæд уадз Голгофы ’рцæуон тыгъд, Хæрзæгау, адæмæн сæ цуры! Дзыллæтæ амондджын куы уой, Уæд цин у уый охыл мæлын дæр! Нæ хъæуы уæд лæгæн сæ кой Зæххон чысыл цинтæн æппындæр! Уыдзæн кæд уый хуызæн мæлæт Мæ хай, уæд æз - разы æппæтæй, - Мæхæдæг самайдзынæн уæд Мæхицæнтындзæнхъæд фæрæтæй. еоеооооосоооеое-оеороеэоэсосооого^
Г^ л«/*,; (ф.) (,„/*, (м/’У С'*Х^ **>Ч/ («/'V ««> ЛÆГ ДÆ, УÆД У! Лæг дæ, уæд у лæгау лæг! Æмæ дæ ма уæд мæт, - Гыкъынайау дæ хъысмæт! Хъæбатыр лæгмæ царды Куы ’рхауы искуы рад, Хъысмæты хъæр æм нæу уæд, Куыдзы рæйдау, нымад! Лæг дæ, уæд у лæгау лæг! Нæу дзураг лæг хъайтар: Дзырдæй хъуыддаг уæлдæр у, Гъеуый дæ зæрдыл дар. Ызнаджы тæр дæ разæй, Хæсс æм æдзух фыдæх, - Фæци дæ хъуыддаг арæзт, Уæд уадау арвмæ тæх! Лæг дæ, уæд у лæгау лæг! Уæд у рæстагæй хъал, - Рæстдзинады сæраппонд Æхсидгæ туг ныккал! Дæ къух дæ номыл ма сис, Фæлтау дæлдзæхты джиу, - Куы фесафай дæ намыс, Уæд ма дæ цард дæр циу! Лæг дæ, уæд у лæгау лæг! Æмæ лæгау æвæр Нæ дунейы хæзнатæй Дæ сæрибар уæлдæр! Æлгъаг у лæг, куы ’рцæуы, Цагъайрагау, æлхæд, - Фæлтау цæргæ-цæрæнбон Мæгуыргурæй фæхæт! Лæг дæ, уæд у лæгау лæг! У тохы бон уæндон, - Хъысмæт æмæ ызнагæн рооосоофооооооооооооооооорооооооооороросуророе^
Г«о <<*Х*Ь (<ф) ^Х^ <ГФ» (г>№ ('Ф> °Ф> С(>) (*) *«Х«г> с^ С*/^ (*& **/*> («*Х^ <**Х^> <Ъ Уæд ницы у сæ бон! Ысу зæрдæйæ тулдзау, Хъазуаты уыйау хæц: Уый хатт хъæлтæ фæхауы, Фæлæ нæ кæны къæдз! ФÆЗЗÆГ ТА ÆРЦЫД Фæззæг бацыд ног йæ тыхы, Уый мæ удæн у æхцон: Уарзын æй, фæлæ цæй тыххæй, Уымæн чи зоны æфсон? Цæстытæ йæ уындæй хъауынц, Зилынц а бæстыл цæрдæг. Хъусын, сыфтæртæ куыд хауынц Зæхмæ къалиутæй сындæг. Хур рæвдауы арвы къусæй Зæхх йæ рухсдзæсгом тынæй, - Мад цыма рæу-авдæн узы, Саби дзы кæны фынæй. Зæхх æцæг фынæй нæ кæны, Сабыр райгондæй хуыссы: Гонтæм хоры зæй æвгæны, Хъæутæм цардамонд хæссы. Зæхх йæ зæлдаг дарæс ласы, У йын райст-бавæрд, нымад: Уалдзæг та куы сиса уасын, Раст уæд та уыдзæн йæ рад. Уæдæ кæн фынæй, нæ дарæг, Уалдзæгмæ, ыстæй сындæг Раст... Уæдмæ та сау мæйдары Уын зæрдæрайæ фынтæ. Æз мæ фæндырæн йæ хъистæм Сабыр бавналын уырзæй, - ооесооеооооор^оореоеш^осоррс^ое
(гу «ф,} (ф>) аф0 (к*х*у (Фу ьФо <&*>) «*) Кæд æхцон зарæджы систæй Раскъуыид хуыссæджы зæй. Сау рæсугъд, æрбад мæ цуры, Фæлæ аныхъуыр дæ дзырд, Кæд ныууадзид уадымс дзурын, Хъæдмæ нал хъуысид сыбыртт. Пъа дæр ма кæнæм æфсæрмæй, Абон аивæм нæ уаг, Науæд сонт пъаты уынæрмæ Хъæд куы райхъал уа, мыййаг. ЕВРОПÆ БАМЫР Ныхъхъус Европæ, бамыр и бынтон, Иæ бартыл тохæй алæууыди хибар. Æлгъыст фæуæд! Йæ адæмтæн сæ бон Нæ баци байсын се знæгтæй сæрибар. Фæлыгъдысты, ныууагътой мах æваст Хæрз иунæгæй, - ныккодта ныл тыхст заман. Ысты сæ къухтæ сау рæхыстæй баст, Æрмæст ма ис мадьяры армы хъама. Цы кæнæм ныр? Нæ зæрдæтæ нын мæт Уынгæджы бон æвдæрза æмæ къаха? Нæ уарзон зæхх, цыфæнды сау бон уæд, Уæддæр нæ ныфс нæ асæтдзæни махæн! Æмæ нæ кæнæм карды бын дæр сар, - Мадьяр йæ уды тохвæлтæрдæй буц у. Нæ сыхæгтæ - фынæй, у æхсæв тар, Фæлæ нæ цырагъ дун-дунейæн судзы. Фыдæхсæв арв куынæ уынид нæ рухс, Зæгъиккой уæд æрвон зæдтæ æвзæрæн: Планетæ Зæхх нычъчъырццæ и, ныххус, Æмæ фæци йæ уæлмæрдтау æдзæрæг... Сæрибар! Ды нæ адæммæ æркæс, Дæ цæстæй фен, цы ’взарæм мах фыд тохы.
Г«г> ЬГ<д <<*Х*д (г*Х^ <'Ф» (гФ> ('Ф> ('Ф~> Сг>) (*•> ^л^ с#<4 е*Х*> ад с«*Л с*/*> <да с«*> Тæппудты ’хсæн нæ адæм у цæргæс, - Йæ цæссыг нæ, йæ туг калы дæ охыл. Куыд равдисæм æндæр уæдæ, дæ уарт Кæй ыстæм мах, дæ ралæудмæ кæй кувæм? Куы сарæх ысты сайæгой, мæнгард, Уæддæр кæй ыстæм мах дæуыл æнувыд! МÆ МАД ÆМÆ МÆ ФЫДЫ МÆЛÆТ Федтон уæ... Уæ фендæй Зæрдæ сау, рæсыд у. Сайраг уыд нæ фембæлд, - Маст мæ хъуырмæ ссыди... Ацыди мæ хорз фыд, федтон ма йæ мардæй. Донæйдзаг цæстæй ма федтон æз йæ табæт. Уый фæстæ мæ мады бавæрдтон æнкъардæй. Иумæ сты мæрдты дæр, - нал сæ хæрдзæн сау мæт. Фесты мын ныгæды, Хур - ныгуылд мыггагмæ... Æз кæсын сæ фæдыл, С’ адзалы фæндагмæ. Фæндагыл сæ фæдтæн æз фæкæнын пъатæ, - Хурау мын мæ сонт уд уаз тугæй фæхастой. Уыд мæнæн сæ зæрдæ, хъарм авдæнау, уатау, - Гъеныр мын сæ адзал ме ’рвон хур куы байста... Уæ мæ уды хуртæ, Сидзæрдæнуæфæстæ... Сау ингæны дуртæ Ныр - уæ зæхх, уæ бæстæ. Уыцы зæхх мæ удæн у фыд низ, фыд хъæстæ, - Федтон уый мæ цæстæй, уæд мæ зæрдæ тоны. Уарзтат мæ, уæддæр мæ бадомдтат уæ мæстæй, - Чи мæм уыд фыдæххæл, уый мæ ныр æвзоны. Сыджыт уæ ныуæрды, - рфЖфЖфОрООфОРЯ2Ж&фЭрОРГ&ффООффæф^
Г^ лй/г,; г.*/^ («*/*,; (.*/«>> (<*Х^ («»/«у ('»>■»; <*«> Фембæлæн нын нал и. Ныр уæ тар уæлмæрды Цæсты сыг ысмал и... Уай, мæ цæссыг, донау, ингæнмæ ныллæдæрс, Уым мæ мад, мæ фыдæн ранхъæвз ды сæ хъуыртæ. Радзур сын5 сæ лæппу хъарæгмæ куыд фæгæрз, - Иунæгæй куыд ниуы дзыллæты мæгуырдæр... Нæй, хъæуы фæцæуын, - Кæд мæ маст фæхъуызид; Кæд мæрдтæм мæ кæуын Уыдонмæ нæ хъуысид. Исчи сын куы зæгъид уым, мæрдты, мæ митæ, - Ме стыр хъыг, мæ зынтæ, ме ’намонд цæрдтытæ, Уæд кæниккой марой, ингæны дæр - джитæн; Удæнцой нæ уаид уыдонæн мæрдты дæр. Цæй, цы ма?.. Хæрзбонтæ! Бафтыдтæн фырдзырдыл... Атыхсын ма сонтау, Сабийау, уæд цыртыл. Цырт, цæй цырт, - хъæдын дзуар, - хус цæнгтæ ивæзтæй, Раст цыма дунейæн уый кæны хъæбыстæ... Раст цыма уæ фыртыл атыхст уый уæ бæсты, - Кæд уæ хъæбул тагъддæр фервæзид йæ рыстæй... ~=<ш©>- росэоооосоооеоаооосоёосоооеоео^
350 (*У «Хъ ’ «*Х*э "с**Х^ 'с«*У*. '*Х*о г(<Хл ’ <<Х**> '<•?) Олшр Хайям РУБАИТÆ 101 Хæлар лæг - уæлахиз, хæрам уд та - саст Куы уаиккой, гъеуæд мах не ’взонид маст. Рæстдзинад куы уаид нæ дунетæн хицау, Нæ кæниккам гъеуæд нæ хъысмæтæй хъаст. 113 Лæгау лæгты астæу æрцагур хæлар; Фæлитой, мæнгардæй дæрддзæф дæхи дар. Фæлитойæ - хос дæр куы райсай, уæд акал; Куырыхонæй - марг дæр! - дæ дзыхыл ысдар! 115 Дуне йедзаг у хинтæй, кæлæнтæй - хъуырмæ, Гъемæ алкæуыл ма ’ууæнд; кæй уарзтай нырмæ, Уый дæр, чи зоны, разына сусæгæй де знаг, Ды кæй сæрыл тындзыдтай ныры онг хылмæ. 120 Махæй иу дæр нæ ныууадздзæн а зæххыл фæд. Уадз, нæ дуне нæ фæстæ æнусты цæрæд. Ам нæ иу дæр нæ уыд, ам нæ иу дæр нæ уыдзæн; Æрдзыл ницы æрцæудзæн, куы ацæуæм, уæд. 150 Царды алцы фæуыдзæн - хорз ныфс не суадздзæн тау. Ратт æмгарæн дæ исæй, ратт хæларæй, рæдау, Науæд фесæфт дæ фæллой, доны къусау, æмбойны, Де знаг рабадт дæ бынтыл, раст дæ хæлар лæгау. 159 Лæг у номдзыд, уæд фауынц: «Уæздан æмæ хъал!..» Лæг- сыгъдæг уд, уæд та- «Нæй йæ хинтæн æмбал!..» Уæ, тæхуды, куы ничи мæ зонид дунейыл, Æз куынæ зонин искæй, - уый куы уаид мæ хал!
• <<ф> <'ф) (7ф> Офд <<ф) <'ф) <'ф> Ъ) > г<*>; («*/*> о*/*> №у №■; ("У<у <<»>*-; *»> 161 Цард, мæ цард у уæззау, у фыдæбон мæ хай. Нæй мæ удæн æнцой, алцы агур тыхæй. Ам «мæн у!» зæгъæг нæй, у сæ узæлд дзыхæй, Фæлæ арвæн уæддæр хъуамæ «бузныг» зæгъай... 166 Лæвар мын ныккодта нæ хицау - фæрныг! - Айдагъ дзул, афтид къæс, йæ къултæ - æлыг. Цæргæбонты ’взæрстон ыстонг æмæ хъыг, - Мæгуырæй ысдæн æз сыгъдæг уд, хъæзныг. 169 Кæд Хуыцауæй дæу ахæм хæрзамонд фæцис, - Кæд рæстдзинадæн радтай дæ хъару, дæ ис, Уæд сыгъдæгуд дæ ды, фæлæ чи нæ у ахæм, Уымæн ма тон мæстыйæ йæ мæгуыр хъуын-хъис!.. 195 Зæронд лæг уа, саби уа, чифæнды уæд, Æмхуызон фыд ранмæ цæудзæнис сæ фæд. Уæлæуыл нæ баззайдзæн уыдонæй иу дæр, - Цæрæццæгтæй никæмæн бары мæлæт. -=«2Ш>- сосооооорос^еооорососэеоросо^
352 (<2> <&*>> <**Х^ <?*Х*> с^,) ^; («*/*) е«/2> (^ ДЗАСОХТЫ МУЗАФЕР 0л*а/? Хайям РУБАИ Цыппаррæнхъонтæ 61 Райсом раджы нылхъивæд иу иннæйы къух, Сагъæсимæ цæрын чи фæразы æдзух! Ферох кæнæм нæ рыст ацы диссаджы райсом, Сулæфæм риуыдзаг, цалынмæ уынæм рухс. 67 Сау æмбæрзæны фæстæ цы ис, уымæй цæст У æнæхай, нæ зондæй та - арф ран æмбæхст. Уыцы уысм мах æвиппайды иууылдæр фестæм Сау фæнык, куы æрхауы нæ цæстыты ’мбæрзт. 71 Аивæн нæй хъысмæты фыст иунæг рæнхъæн, Иу дзыназдзæн цæрæнбонты, удхар кæндзæн, Нуаздзæн мастау хъыцъыдон адзалы æрцыдмæ: Цард цыбыргæнæн нæй, нæй йын даргъдæргæнæн. 23 Сайын, маст исын, тых сты дæ хицæуттæ, зæхх. Уыдон йеддæмæ ма ам цы фенæн ис, зæгъ? Ацы фæлывд дунейы нæй амондджын адæм, Ис дзы кæд, уæд - чысыл, æмæ уый у бæллæх. 24 Æз куы суаин мæ хъысмæтæн хицау, æлдар, Уæд ын бакæсин ногæй йæ алкæцы цъар, Уым ныххахх кæнин иууылдæр æнкъард рæнхъытæ - Хурзæрин мыл ыскæсид, фæлидзид мæйдар.
<?^&^Х«^®^Х»&*<&?+*&**> 353 (<■,) (ф.у’ г.ф,) <,ф0' (,ф,) <.<%'., {.<Х«у !.,у»,, <а) 68 Уарди худы, рæвдауынц цъæх быдыртæ цæст, Фæлæ райсомы цины цыдæр тас нымбæхст: Тагъд æрызгъæлдзæн уарди, æркæрддзысты кæрдæг, Æмæ нал уыдзæн раздæрау амонд æххæст. 36 Кувай, ма кувай - иу бон æрцæудзæн мæлæт. Кæд зындоны нæ уай, уæд дæ бынат - дзæнæт. Алкæцыдæр йæ ныхыфыст царды æвзардзæн, Алкæмæн дæр уынаффæгæнæг у хъысмæт. 30 Ис уырнæгæй нæуырнæгмæ иу уысм æрмæст, Райдайæнæй кæронмæ дæр - уыйбæрц нывæст. Хъахъхъæн уыцы уысм, аргъ ын кæн алкæцы ран дæр: Цард уысмæй уæлдай нæу, нал æй ауындзæн цæст. 82 Ацы зæххыл зæрдæдарæн ницæуыл ис, Æз фæцæуын, мæ зæрдæйæн нал кæнын низ. Азтæ мин ис йæ зæрды фæцæрын цы лæгæн, Уый мыл худæд, кæнæд-иу мæ ацыдыл дис. 96 Нæй куырмæджы цæугæйæ ыссарæн фæндаг, Зондджынæн та дызæрдыг кæнын у йæ уаг. Æз тæрсын, ахæм хъæлæс куы райхъуыса иу хатт: «Тынг рæдийут дыууæйæ дæр, зонд уæм нæй фаг!» 484 Ис æрмæстдæр Хуыцау, алцы æппæт та - мæнг, Ууыл баууæндын кодта цард фидарæй мæн. Æцæгдзинады рухсæй ныррухс и мæ зæрдæ - Æнæууæнкдзинад алыгъди, баззад æууæнк. р^^ФЖ^^щжж^фороа^!&ор.оо.ърф^фФ^^
354 с*>) <<ф) <<,г*> <'*хг-:> (<ф» (гФ> (-Ф> (,ф> °') ф «ф>) с*Х*> ^Хъ ВД №; г<*/<у л*Х*> (.<) 587 Цард - уысмы бæрц, мæхæдæг - йæ иу хай уысмæн. Цал улæфты ыскæнын уысм бауадздзæн мæн? Уæдæ хъæлдзæгдæр дар ды дæхи, а хæдзары Иу лæгæн дæр нæй никуы æнусмæ цæрæн. 441 Хæхтæ, быдыртыл зилгæйæ арвыстон цард, Фæлæ не ссыгъд мæ иунæг гуылы бын дæр арт. Кæд хъыцъыдæттæ банызтон бирæ, уæддæр мын Цард у адджын, йæ хæрзтæй мын дзаджджын хай рард. 378 Ралæудзæни æнæмæнг Ахæрæты бон, Алкæмæн дæр кæндзысты йæ заман тæрхон. Иунæг чъизидзæсгом дæр нæ уыдзæн æнæфхæрд, Бацархайæм, цæмæй ма уæм чъизидзæсгом. 430 Ницы-мацытæй арæзт у алкæйы цард, Уæдæ мидбылты худ, мацæуыл кæн æнкъард. Цы уыди, уый фæци, цы уыдзæн, уый нæ зонæм, Цы нæй, уымæн та быхс, макуы дæм уæд нымад. -=<шэ>- роеоооеосоооооооеогосое^ооосого^
355 ХЪОДЗАТЫ ÆХСАР Альберти Рафаэль ФЕДЕРИКО! Пилары уынджы удрыстæй цæуын. Дæ хæдзар ам и. Хинымæр зæгъын: Цæй, бахойон. Фæлæ мæ зæрдæ риуы Æрæмбары йæхи æмæ нынниуы. Федерико! Ды афтæ дæсны, афтæ аив худтæ, - Ныррухс-иу бæстæ, скасти мыл-иу хуртæ. Ды-иу ыссардтай ахæм дзырдтæ, ахæм, - Нæ уыди уыдон никæй бон ыссарын. Дæ хæдзар мæнæ. О, фæлæ дæхæдæг... Мæ зæрдæ скатай, мары мæ æрхæндæг. Федерико! Рæхджы дæ хохы агурдзыстæм, зон æй, Æз æмæ дымгæ, фехъус-иу нæ хъæр. Зындзæни нæм дæ худгæ цæсгом донæй, Дæ хъæлæс та - оливæты сæр-сæр. Федерико! ÆДЗÆТТÆ Монолог Бæргæ дзырдтон: цæтгæ нæма сты адæм, Æнахуыргонд, æнæфенд ысты, талынг! О адæм, адæм... Амонд сыл нæ хæцы - Сæмпæрчъитæ, æнæчетар, хуырым! Цæттæ нæма сты, иудзырдæй, нæма сты. Кæс-ма: æвæры сисамайæг дуртæ. Æндæр цы зоны? Скъолайы нæ бакаст. Цæттæ нæма у, иудзырдæй, нæма у.
356 (<>) <<ф) «,т ьф» с<ф> (гф>) (<ф.) (>ф>) г,,, (*$ ф$ Фэ №; Ъ&> &/*2> <*>"!> «Ф$ <•*> Æниу-ма акæс быдырмæ: хуымгæнæг Фæлдахы зæхх, ныггуыбыр и, ныкъкъæдз Иæ гутонау, нæ уыны никæй, ницы. Цæттæ нæма у, иудзырдæй, нæма у. Кæс ноджы, кæс: у ацы лæг хъæддæсны, Нæзы фæйнæгыл ауадзы лæгъзгæнæн. Йæ зонд та - згæ, хъуыдыйы мур дзы нæй. Æниу-ма бацу заводмæ дæр, цехмæ. Уым чи фæкусы? Сау адæм, къуымыхтæ, Æнахуыргонд, æнæфенд æмæ талынг. Цæттæ нæма сты, иудзырдæй, нæма сты. О ме Сфæлдисæг, байдзаг и мæ бæстæ Гуымыдзатæй - цæуынц куырмæджы дзугау. Бæргæ сæ уаид сифтонггæнæн зондæй, Кæниккой ахуыр, бамбариккой исты, Фæлæ нæма сты уыдæттæм цæттæ... Цæуылты тыхсут? Чи ’рбацæудзæн ардæм? Æнæфенд адæм? Ма риссæнт уæ сæртæ! Кæнут фынæй æдыхст æмæ æдасæй: Цæттæ нæма сты, бамбарут, нæма сты. Нæ сын фаг кæны... Зонут æй уæхæдæг... Ай-гъай, дзырдтон уын... О, фæлæ... Кæсут-ма, Æрбацæуынц. Кæдæм, цымæ? Бæллæх! Цæй бирæ сты? Мæгуыр сæ бон... Сæ азар, Сæ бæллæх иу у... Ацæуин сæ размæ?.. О, зонынц мæ, кæнынц мын аргъ, ай-гъай... Гъей, хорз адæм! æрбаввахс ысты уæртæ... Æрбафсæрынц... æфсымæртæ! æмбæлттæ! Æввахс, æввахс... æз сæ тæрсын? Цы загътай? Æппындæр нæ... Цæмæй сæ тæрсон хъуамæ? Цы, дам? Æз ризын? Ма сæ байрай!.. Ризгæ? Æмризæджы?.. Æрлæуут, зæгъын! Ма кæн! Кæдæм бырсут! Фæстæмæ! Тагъд фæстæмæ! Фæдис! Фæдис!.. Цæттæ нæма дæн æз. Фæлæ йæ зонут, ахуыргонд дæн... Оххай!.. О ме Скæнæг! Мæ адзал æрцыд, ау! Цæттæ нæ уыдтæн. О, цæттæ нæ уыдтæн.
(^ <<*/*>> <»»/*) с.»/*5 №у (*/^ ("/«2/ (">>; «*) БОЦЪО Мæхи уал фесты ме ’ртиссæдзы. (Кад мын!) Сæ арæнæй дæр ахызтæн. (Хæрзæхсæв!) Мæхи нæ дасын. (Хъуамæ уон Гюгойау!) - Мæ ахуыргæнæг, цæй куыд дæ, цы дæ? - Æз? Саг-сæгуыт! Ды дæр мæнау куы уаис! - Хъыгдары ма дæ де ’ндыснæг? - Нынтьыснæг! Ыскæсын дæр æй нал уадзын... Нæ хъазыс? - Ау, уый та куыд? Мæ буц хистæрæй хъазгæ? Сæкæр ма ис дæ доныхуыппы? - Уæууа! Цæуылты дзурыс? Ног зарæг ныффыстон. Æрбайхъус-ма, дæ зæрдæмæ фæцæудзæн. - Ныббар, фæлæ æнæвдæлон дæн абон. Мæ ахуыргæнæг, къахæй та куыд дæ? - Емылыккау, Хуыцауыстæн, - уæрагджын! Хынджылæг ма кæ... - Бахизæд Хуыцау. Мæ буц хистæр, цытæ кусыс ныртæккæ? - Цытæ, зæгъыс? Фæфыссын мадригалтæ Бæстырæсугъдтыл, хонын сæ фыццагау Мæ уд, мæ дзæцц. О, цард сын фестон, уастæн. - Дæ кар дæр гъæйттæй амоны. - Нæхъазыс? Дæн уæнгвидар. Æрбадæтт-ма мæм бандон: Æллæх! - Цы кæныс? - Астæуниз мæ мары. Латинагау люмбаго хуыйны. Зоныс Латинагау? Æрбадæтт-ма мæъгбандон. Нырма мызыхъхъ дæн. Бандон-ма æри. - Табуафси. Цы дæ риссы, мæ хистæр? - Нæ, ницы, ницы... Ме ’нæрайы боцъо,
358 г«> <<*№ г<*х<ъ <г*№ (,Ф> {гФ>> (гФ» (,*№ Г(>) (<2) Г^Х*у (К»/*у С*Х*» С*Х^ С*/^ С<»/^ (ф$ С1) Æлгъыст фæуинаг. Нал дзы у мæ бон. Æгæр уæззау у. Зæхмæ мæ æлвасы. Æрбайхъус-ма. Лæвар дын æй кæнын. Æцæг зæгъын. Ысфидауа дыл хъуамæ. Æртиссæдзмæ ма бирæ хъæуы дæу. Æфсæрмы ма кæ, ма, мæ къона, айс æй. Фæрнæй йæ дар. Булæмæргъ, иунæгæй зарыс, нæй дын мæнузæгъæг, хион, зарыс æнкъардæй, нæ арыс удæнцой иу æхсæв, иу бон, зарыс, тæригъæдæй марыс. Хъусын сæумæйæ дæ зæлтæ, хъусын дæ зарын. Скатай мæ риуы мæ зæрдæ. Оххай, дæ бадæн нæ арын, дард дæ, хæстæг дæ, нæ хатын. Равдис дæхи. Хъусын изæр дæр, æхсæв дæр, хъусын дæ кæуын, дæ марой. Мары мæ, мары уыцы ныфссæттæн, уынгæг хъæр. Цæй-ма, цы ран дæ, æнкъард цъиу, равдис дæ бæлас, дæ къалиу. Радзур, цы маст и дæ риуы, радзур, дæ бафхæрæг чи у? оэеоеооосэеосоооеосфжоеос^^о^
<?^Х?^Х*^*^Х*^&^'У?ч*/?^*> 359 («>) <<ф>)ч «*/«>) (ч/<>)ч о*Х^ с«»Х^ с«*ХЯ> С'*Х^; г<») ПЕТРАРКÆЙЫ ЗОНДЫ НЫХÆСТÆЙ • Иумæйаг рæгъауæй рацæуыныл чи афæлвары, уый æхсæнады знагæй агæпп ласы. Уæ хорзæхæй, зæгъут-ма: цæмæн? • Дæ фыстытæй дын цæмæй æппæлой, уый дæ фæнды? Уæдæ амæл! Адæймагмæ йæ мæлæты бонæй фæстæмæ райдайынц хорз зæрдæ дарын. Царды кæрон - кады райдайæн. • Иу æмбаргæ адæймаг дæр нæ рахъаст кæндзæн, æнæхъæн дуне цæмæйты хъаст кæны, уыдæттæй: алкæмæн дæр йæхи бæллæхтæ фагæй фылдæр сты. • Зыд адæймаг æдзухдæр мæгуыр вæййы. Дæ мондæгтæн бæрц æмæ бæрæг исты нысан зон. • Адæймаджы йæ тæригъæддаг уавæрæй фервæзын тынг зæрдиагæй куы фæнда, уæд ын мацы бантыса, уымæн уæвæн нæй. • Чингуытæ æппындæр æвзаргæ ма кæн, афтæмæй сæ «ныхъуыр», уæд дæ зондæн йæ тæхыны хъомыс исыс, кæнæ йæ бынтон сæфтмæ тæрыс. • Ныфс æмæ фæнд кæрæдзи цырын кæнынц, кæрæдзи цæрайæ цæрынц: иу дзы куы ’руазал вæййы, уæд иннæуыл дæр ихæнриз бахæцы, иу дзы куы сæхсиды, уæд иннæ дæр рафыцы. • Сæрибарæй хъуыды кæнын у æппæты стырдæр сæрибар. Æмæ иугæр иннæтæн уыцы сæрибар ис, уæд æй æз мæхицæн дæр домын. • Адæймаг цас чъындыдæр уа, уыйас æгъатырдæр у. • Æцæг уæздан адæймаг стыр уды хицауæй нæ райгуыры, фæлæ йæхицæй ахæм скæны йæ æвæджиауы хорз хъуыддæгты фæрцы. • Бирæ зонынæй цы ис, царды дзы куынæ пайда кæнай, уæд! • Сызгъæрин, æвзист, налхъуыт-налмас, зынаргъ дарæстæ, мармæр галуантæ, нывтæ æмæ æндæр дзауматæй адæймаг цы æхцондзинад райсы, уый рæстæгмæ у. Чингуытæй та æцæг зæрдæскъæфт фæвæйй_æм: уыдон немæ дзурынц удæгæстау - уыдон нæ хуыздæр уынаффæгæнджытæ, нæ ахсджиагдæр хæлæрттæ сты. • Бирæ аиппыты хицауæн бирæ хицæугтæ ис.
• Æппæлæн ныхас зондджынæн пайда у, æдылыйæн - зиан. • Аууонæн йæхигъдауæй равзæрæн æмæ уæвæн куыд нæй, афтæ у кады хабар дæр: фарны хъуыддæгты бындурыл куынæ сырæза, уæд нæдæр æцæг уыдзæни, нæдæр фидар. • Кад мæрдтæн ницы ахъаз у. Удæгæсты та бирæ хæттыты бабын кæны. • Мæнг кады бæсты æнæ кад хуыздæр. • Быцæйуаг хъуыддæгтæ æвзаргæйæ хъуыдытæ алыхуызон рауайынц, фæлæ рæстдзинад æдзухдæр иу вæййы. • Цас уарзыс, кæд уый бамбарын кæнын дæ бон у, уæд чысыл уарзыс. • Куыд судзыс, кæд уый равдисын фæразыс, уæд гæзæмæ судзыс. • Адæмæн лæггад кæнынхъом чи у, æмæ чи нæ лæггад кæны, уый адæймаджы егъаудæр хæс ницæмæ дары æмæ йын адæймаджы ном хæссыны бар нæй. • Айдагъ мæ удыл кæй тыхсын, уый мын æгæр дæр ма у. Тæхудидæгæй, а хъуыддаджы фаг уæддæр куы суаин! • Стæм адæймæгтæй иу суæвыныл кæд иттæг зæрдиагæй архайын, уæддæр нырма бирæтæй иу дæн. • Бæллын, мæлæт мæ кувгæ-кувын кæнæ фысгæ-фыссын куы ’рбаййафид, уымæ. • Мæ бонзонгæ уагæвæрдтæ ахæмтæ сты: талф-тулфæй фаутæ ма ’вæр, исты хъуыддагыл дзургæйæ цæхгæр ма ныллæуу. • Алы æнус дæр хъуамæ разы уа йæ курдиатджын адæймæгтæй. • Алчидæр искæмæн ныббарыны бæсты йæхицæн ныббардзæн. æмæ ноджы: алчидæр йæхицæн зæрдæтæ авæрыны бæсты искæмæн авæрдзæн зæрдæтæ. • Диссаг у, фæлæ фыдынд адæймæгтæ дæр ныууадзынц рæсугъд хъуыддæгтæ. Фидий æмæ Апеллесы рæсугъды койтæ никуы æрыхъуыстам. Фæлæ сæ иуæн замманай уацмысты хæйттæ баззад, иннæмæн та - йæ кад. • Хъысмæт искæмæ хорз цæстæй куы ракæсы, уæддæр æрмæст уый тыххæй, цæмæй йæ уыйфæстæ асайа. Адæймаджы уæлиаумæ сисы æрмæстдæр уый тыххæй, цæмæй йæ уырдыгæй
(^ г«/*> <*/*> <■«»/<» е»/'у С<*Х^ (’*/^ а*>*>) &) раппара. Уæвгæ, æнтыстыл цин кæнын адæймаджы стыр рæдыд у. Ахæм рæдыдтæн та кæрон дæр нæй. • Тыхджынтæн æххуыс кæнын аслам лæггад у, æдыхтæн чи æххуыс кæны, стыр уды хицау уый у. • Гæлхæрд æмæ талынг удтæ алцыдæр сусæгæй кæнынц, амондджынтæн æмбæхсæнтæ нæй, алцыдæр сын - æргом. • Хъысмæты фыдæвзарæнтæн æппæтæй хуыздæр уарт - лæгдзинад, æхсар. Тæппуд æнæхæцæнгарз у, цас тынгдæр тæрсай, уыйас дæм тас æмхицдæр у; лидзæджы сургæ кæнынц, фæрсылы - ссæндгæ, лæууæгæн ссæндæн нæй. • Адæймагæн кусынæй æрдзондæр хъуыддаг ницы ис, гуыргæ дæр уый тыххæй ракæны, маргъ тæхынæн æмæ кæсаг ленкæн куыд райгуыры, афтæ. • Хæлæгдзинад стыр аипп у. Уыцы аипп йæ хицауæн - йæ марæг: хæлæггæнагмæ йæ алыварс адæм цас амондджындæр фæкæсынц, уыйас йæхæдæг æнамонддæр кæны. • Зонд æмæ тых æдзухдæр хибæрттæй фæцæуынц: иу дзы рохуаты баззайы, иннæ та дидинæг фæкалы. Фæлæ цалынмæ фыццаг райхъал вæййы, уалынмæ дыккаг баруайы... • Æрвылбон цы уынæм, уый нæм диссаг нал фæкæсы, стæм хатт цы уынæм, уымæй та зæрдæскъæфт фæвæййæм. • Зайæгойты иу ранæй иннæ ранмæ куы рахæссæм, уæд сæ дон фендæрхуызон вæййы; хъæддаг къудзи ног бынаты йæ миниуджытæ раивы æндæртæй. Мæ ныхас чердæм здахын, уый æмбарут? Æз дæр - цы йæ ’мбæхсон? - хъæуы мæхимæ иухуызон фæкæсын, сахарты та - æндæрхуызон; хъæуы ме ’рдзон уагыл вæййын, сахары та искæй фæзмгæйæ фæцæрын. • Уæздан адæймæгтæн цы хæрзиуджытæ æмбæлы, уыдон фидиссæгтæм куы ’рхауынц, уæд мæм нæ иумæйаг хъысмæт кæуинаг æркæсы. • А дунейыл ахæм хæрзхъæд ницы ис, сахъæттæ кæмæ нæ уа. • Адæймаджы хъуыддæгтæй иу дæр æххæст æмæ æнæаипп нæу. Цыфæнды æнæныфс критик дæр кæмæфæнды дæр ссардзæн, йæ хъуын ын цæй тыххæй ацæгъда, ахæм исты. • Мацы хъуаг у, стæй дæм фагæй фылдæр ма уæд, иннæтæн къамандæ ма кæн, стæй искæй дæлбар дæр ма у - ахæм у мæ нысан.
362 (*>) (<*Г<>) (<*Г<>) (<Х*Ь Ы<» М*д ('*&>) Ы*>) ГМ (*> ^’^ <ь*Х^ №> с^ («*/*> <-<*/*> л^ с*) • Мæ царды бонты æрцыдтæн ахæм хъуыдымæ: æппæтæй тынгдæр дæ рæстæг сафыс, дæ хæлæрттимæ ныхас кæнгæйæ, уый дæр æнæзынгæйæ; дæ рæстæг дын тæккæ æгъатырдæрæй чи ссивы, уыдон - дæ хæлæрттæ. • Æппæтæй хуыздæр та: фысс, мыдыбындзытæ мыд куыд æмбырд кæнынц, афтæ - дидинджытæ æнæвнæлдæй ма уадз, фæлæ сæ мыды фæзгъæртæ фестын кæн, цæмæй бирæ алцæмæйты иу хуыздæр исты рауайа. • Мæ авналæнтæ мын чи цыбыр кæна, ахæм фæтæг мæ нæ хъæуы. Фæтæг фæтæгæй баззайæд, фæлæ мæнæн хъуамæ мæхи цæстытæ, мæхи зонд, мæхи сæрибар уа; хъуамæ, кæдæм мæ фæнды, уырдæм цæуон, алцæмæ дæр мæ хъус дарон, хъуамæ тырнон, къухы бафтæн цæмæн нæй, уымæ, бар мын уа цыбырдæр фæндагыл цæуынæн дæр, стæй дæрдтыл æрзилынæн дæр, фадат мын уа тагъд кæнынæн дæр æмæ бафæстиатæн дæр, иуварс аздæхынæн дæр æмæ балц æрдæгыл ныууадзынæн дæр. • Ног бон йемæ бирæ цыдæртæ æрбахæссы, хъысмæты фæзилæнтæй иу дæр æнусон нæу, æххуыс арæх фæзыны, æнхъæлмæ чердыгæй нæ кæсай, уыцырдыгæй, ныфс асæттынæн афонтæ нæй, ирвæзæн хос бирæ хатт æнæнхъæлæджы фæзыны. -=*ш©>- оое^орооэеэс^эроеоеое^оро^
^%&*&*^®&*&?Ж& 363 («у <ф>) Оф.) (<фо Ш<9 (Ф<; ('»/*/ (!*У*>) <«} Мериме Проспер ФИДАРЫ БАЙСТ Ацы хабар мын кæддæр мæ иу зонгæ афицер ракодта, цалдæр азы размæ тæфсæгæй Гречъы бæстæйы чи амард, ахæм. Уæдæй нырмæ мæ зæрдæйæ нæ цух кæны, æмæ мын куыддæр фадат фæцис, афтæ йæ ныффыстон. Мæ полкъмæ бахæццæ дæн цыппæрæм сентябры изæрæй. Булкъоны баййæфтон, æфсад бонасадæн кæм кодта, уым. Мæ бацыд ын тынг æхсызгон уыди, зæгъгæ, афтæ зæгъын мæ бон нæу, фæлæ инæлар Б-йы фыстæг куы бакаст, уæд йæ хъæлæсыуаг фæфæлмæндæр æмæ мын цалдæр хъарм ныхасы загъта. Капитанмæ мæ бакодта. Уый знаджы бæрджытæ базонынæй нырма ныр æрбаздæхт. Уыди бæрзонд æмæ саулагъз. Тызмæгхуыз æнад цæсгом ын. Йæ царды хабæрттæй йын чысыл цыдæртæ базыдтон. Æфсадмæ бахауди хуымæтæджы салдатæй, фæлæ хæсты быдыры йæхи арæхстджынæй кæй равдыста, уый тыххæй йын радтой эполеттæ æмæ дзуар. Йæ егъау гуырыконд æмæ лæмæгъ, фæсус хъæлæс æппындæр кæрæдзиуыл нæ бадтысты. Ахæм æнахъинон хъæлæс ын цæмæн уыд, уый фæстæдæр базыдтон: Иены хæсты йыл нæмыг сæмбæлд æмæ йæ буары иннæрдæм ахызти. Фонтеблойы æфсæддон скъола нырма ныр кæй фæдæн каст, уый куы базыдта, уæд исдуг фæхъуынтъыз æмæ сдзырдта: - Мæ лейтенант знон фæмард... Бамбæрстон æй - афтæ зæгъинаг уыди: «Ды йæ хъуамæ раивай, фæлæ дæ бон цастæ бауыдзæни?» Дæрзæг ныхас мæ сцæйирвæзти, фæлæ мæхиуыл фæхæцыдтæн. Æддиауæй зынди Шевардины фидар - сармадзаны дыууæ æхстбæрцы йæм уыдаид. Йæ сæрмæ мæй бæрзонд стылди, мæлæты егъау æмæ сырх-сырхид уыди, хур дæр ма сæумæ афтæ_сæнтсырх æмæ егъау вæййы. Фидары сау æндæрг исдуг _ нывгонды хуызæнæй разынди мæйы пиллонкалгæ зиллаккыл. Срæдувынæввонг вулканы цъуппы æнгæс мæм фæкасти уыцы сахат мæйы фидары сау аууон. росоооеороеоеоошоеэеороооеоооо
364 ^^^^^^^^^1) (*) «ф*> <'Хъ (&*) ад &/*> (Ф^ <Ф$ <?0 Нæ цуры цы зæронд салдат уыд, уый бафиппайдта мæйы хуыз æмæ загъта: - Бакæсут-ма йæм, цы сырх у! Æвæццæгæн, нын ацы фидар æгæр зынаргъ сыстдзæнис. Æз ахæм хабæрттыл æууæндыдтæн, æмæ мæ салдаты ныхас, уæлдайдæр ахæм сахат, сагъæсы бафтыдта. Мæхи æруагътон, фæлæ фынæй кæнын нæ фæрæзтон. Сыстадтæн æмæ рацу- бацуйыл схæцыдтæн, Шевардины хъæуы æдде рæгътыл цырæгъты рæхысмæ-иу скастæн рæстæгæй-рæстæгмæ. Æхсæвы уымæл æмæ уазал уæлдæф мæ иуцасдæр æрсабыр кодта æмæ арты цурмæ мæхи байстон. Мæ пæлæзы арф нынныгъуылдтæн æмæ мæ цæстытæ кæрæдзиуыл æрæвæрдтон. Мæхицæн загътон: боныцъæхтæм сæ нал байгом кæндзынæн. Фæлæ мæм хуыссæг æмгæрон нæ цыди. Мæ хъуыдытыл цыдæр æнтъыснæг æртыхсти. «Сæдæгай минты ’хсæн мын иунæг лымæн дæр нæй, -уыцы иугæндзонæй дзырдтон мæхицæн. - Мыййаг куы фæцæф уон, уæд лазаретмæ бахаудзынæн, æмæ алы æнæфенд, æнæджелбетт хосгæнджытæ мæ мæтæй мæлдзысты куыннæ!» Мæ зæрдыл æрлæууыдысты, хирургты операциты тыххæй цы хабæрттæ æрыхъуыстон, уыдон. Мæ риуы гуыпп-гуыпп мæм хъуыст, æмæ-иу мæ къухтæ æнæбары сæхиуыл схæцыдысты, архайдтой, мæ дзыппы цы къухмæрзæн æмæ чыссæ уыд, уыдонæй мæ риу уартау æрæмбæрзыныл. Фæллад мыл æртæфст, исдугмæ-иу афынæй дæн, стæй та мæ-иу исты æвирхъау хъуыды фæрæхуыста, æмæ та-иу ногæй фехъал дæн. Фæстагмæ уæддæр фæллад йæ кæнон бакодта, æмæ райсомæй уадындзтæ куы ныууасыдысты, уæддæр ма тæгæрфынæй уыдтæн. Рæнхъ æрлæууыдыстæм, номæй-номмæ нæ ранымадтой, стæй та топпытæ кæрæдзи æнцæйтгы дзуарæвæрд скодтам. Йæ бæрджытæм гæсгæ ныл цыма бон сабырæй ацæудзæн. Иу-æртæ сахатыл фæзынд адъютант бардзырдимæ. Нæ топпытæ та нын нæ къухтæм райсын кодтой. Топпæйæхсджытæ быдыры апырх сты. Мах сæ фæстæ сабыргай цыдыстæм_æмæ ссæдз минуты фæстæ федтам: уырысы раззаг постытæ сыстадысты æмæ фидармæ бацыдысты. Нæ сармадзанты батарейтæй иу æрбынат кодтарахизырдыгæй,
0» ЬМ <<ф) *,** *фЬ (<>/<■>) (<фо ?ф> Ь) 365 (’Э <<ф.) 0ф>) бф>) сОГ’У С*Х^ (<Ф>) (Ф’) С*) иннæ та галиуырдыгæй, сæ дыууæ дæр махмæ дæрддзæф уыдысты - разæй. Гъемæ гъæйттæй æхсын байдыдтой знаджы. Знаг дæр æнцад нæ бадт, æмæ цыбыр рæстæгмæ Шевардины фидар фæздæджы бæзджын къуыбылæйтты æрбайсæфти. Нæ бынат хæрдтæ æмæ уырдгуытæ уыд, æмæ нæ уый руаджы Хуыцау уырысы нæмгуытæй хызта. Уырыс тынгдæр сармадзанæйæхсджытæм хъавыдысты, æмæ-иу сæ нæмгуытæ нæ сæрты атахтысты, куы-иу æрхаудтой, уæддæр ницы уыйбæрц зиан хастой, æрмæст ныл-иу сыджыты къуыбæрттæ æмæ лыстæг дуртæ сæмбæлдысты. Размæ абырсыны тыххæй нын бардзырд куы радтой, уæд мæм мæ капитан æдзынæг ныккаст, æмæ фырадæргæй мæ къух йæхигъдауæй цалдæр хатты йæхи æруагъта, мæ фындзы бын нырма æрæджы чи фæзынд, уыцы милтыл. Уæвгæ, тæрсгæ нæ кодтон. Тарстæн æрмæст иу хъуыддагæй: мыййаг исчи куы банхъæла, мæнæйуый фæтарсти, зæгъгæ. Мæ сæрты æдасæй цы нæмгуытæ тахт, уыдон мын ноджы фидардæр кодтой мæ ныфс. Мæ фырхиуарзонæй мæхицæн зæрдæтæ æвæрдтон, ома сармадзаны нæмгуыты бын дæр фидар лæууын, кæд мын иттæг тæссаг у, уæддæр. Дисæй мардтæн, афтæ стырзæрдæ æмæ хæдныфс кæй разындтæн, ууыл, æмæ мæ цæстытыл уад, адæттæ, ома Шевардины фидар исыны хабæрттæ, Провансы уынджы мадам Б-йæн йæ уазæгдоны куыд зæрдæргъæвдæй дзурдзынæн, уый. Булкъон нæ полчъы рæзты рацыд æмæ мын загъта: - Лæггаг, зынгомау дын уыдзæни фыццаг хатт! Æз хæстмондагæй цъæх арт уагътон, афтæмæй бахудтæн æмæ мæ мундиры дыс сыгъдæг кæнынмæ бавнæлдтон - дæс æмæ ссæдз санчъехы æддæдæр сармадзаны нæмыг æрхауд æмæ мыл цъыф æрбакалдта. Æвæццæгæн, уырыс бафиппайдтой, сæ нæмгуытæ нысаныл кæй не ’мбæлынц, уый æмæ ныл гранаттæ æхсын байдыдтой - уыдон нæ, цы лæнкауы уыдыстæм, уырдæм хуыздæр æргъæвтаиккой. Æвиппайды мын гранаты схъис мæ худ мæ сæрæй срæдывта, æмæ амардта, уыцы сахат мæ фарсмæ цы салдат фæцис, уый.
366 ("«,) 0^,) С«,У(.) С'»У(<>) Сс^/ю С^)Гб>) С'*^ 6»Х*>.> г'») ф о?Х^ е*Х^ №у №> с-еХ’У *з/^ «гХЗ) <Ф - Арфæ дын кæнын, - загъта капитан, мæ худ зæххæй куы систон, уæд, - ныр дын æнæхъæн бон ницыуал тас у. «Иу бынатмæ дыууæ хатты бахауай, уымæн уæвæн нæй». Ацы рагон латинаг ныхас-аксиомæ салдæтты ’хсæн парахат кæй уыд, уый зыдтон æмæ мæ худ сæрыстырæй æркодтон. - Æнæбары мæ сæрæй акувын бахъуыди, - загътон æз, цас амал уыд, уыйас мæхи хъæлдзæг даргæйæ. Ме ’дылы хъазæн ныхас æгæр дæр ма сахадыдта уыцы сахат. - Арфæ дын кæнын, - дзырдта дарддæр капитан, - æппындæр дын тас ницæмæйуал у æмæ изæрырдæм командæ кæндзынæ ротæйæн, уымæн æмæ йæ хатын: ацы зындоны пецы арт мæн тыххæй бандзæрстæуыди. Куы-иу фæцæф дæн, уæд-иу мæм æввахсдæр цы афицер уыд, уымæн та-иу нæмыг йæ зæрдæйыл сæмбæлд. - Капитан йæ ныхас фæци сабыр æмæ æфсæрмхуызæй: чи-иу фæмард, уыдонæн-иу сæ нæмттæ П-йæ райдыдтой. Æз ын загътон, ахæм хабæрттыл не ’ууæндын, зæгъгæ. Æмæ мæ бынаты бирæтæ бакодтаиккой афтæ. Капитаны хъуыдытæ пехуымпары ныхæстау кæй рауадысты, ууыл бирæтæ, мæнау, стыр дисы бацыдаиккой. Кæд æфсæддон хъуыддаджы нырма лæппын уыдтæн, уæддæр æмбæрстон: ахæм ран зæрдæйы кæнонтæ уромгæ сты, хъуамæ дæхи уазал зонд æмæ лæджыхъæдыл хъарай. Сахатырдæджы фæстæ уырыс афтæ арæх нал æхстой. Мах не ’мбæхст бынатæй рацыдыстæм æмæ фидары ’рдæм атындзыдтам. Нæ полчъы æртæ батальоны уыди. Дыккаг хъуамæ фидармæ фæстæты бацыдаид. Иннæ дыууæйæн та сæ хæс - комкоммæ бырсын. Æз уыдтæн æртыккаг батальоны. Фæстаг сыджытбыруйы аууонæй куы рахызтыстæм, уæд топпадзагъд сарæх ис, фæлæ нын знæгтæ ницанæбæрæг зиан ракодтой. Дисы мæ æфтыдта нæмгуыты æхситт: фæстæмæ-иу арæх фæкастæн, æмæ-иу мыл ме ’мбæлттæ бахудтысты - уыдон уыцы мыртыл раджы сахуыр сты. «Æппынфæстаг, - загътон мæхинымæры, - хæст афтæ тæссаг нæу». Размæ цыдыстæм цырд къахдзæфтæй, топпæхсджыты хæдуæлвæд. Уалынмæ уырыс æртæ хатты «ура» ныхъхъæр ластой, стæй æваст фегуыппæг сты, гæрæхтæ дæр сæ нал хъуыст.
0>) ЬГ<» <-ф -ф) <?ф>> СфЬ <?ф>) <7ф>» Ь) 367 (*, /■«/*> <**/*> с«*Л> оОС’у с«0-Я; С«»/«г/ (’*/^ **> - Ацы хабар мæ зæрдæмæ нæ цæуы, - загъта мæ капитан, - кæй фæхъус сты, уый ницы хорзмæ расайдзæни. Махонтæ æгæр уынæр кодтой, æмæ сын-иу сæ хъæртæ бар- æнæбары абарстон знæгты æгуыппæгдзинадимæ. Баввахс стæм фидары дæлбазырмæ. Каубыру разынди дæрæнтæ, зæхх та къæхтытæ - нæ сармадзанты нæмгуытæй. Салдæттæ сæхи бакалдтой бæстыхайы хæлддзæгтыл æмæ хъæрахст систой: «Æгас цæуæд император!» Сæ удаист аралло бæстæ арыдта. Æз хæрдмæ скастæн. Мæ амæлæты бонмæ мæ нæ ферох уыдзæни, цы ныв ауыдтон, уый. Фæздæг æмвæтæнæгæй йæхи систа ссæдз футы бæрзæндмæ æмæ уым егъау кæразау æрæмбæрзта фидары бæстыхай. Къахты æдде цы æрдæгхæлд сыджытбыру уыд, уый акомкоммæ æрвхуыз мигъы скъуыдтæй зындысты уырыссаг гренадертæ - сæ топпытæ хæрдмæ систой, афтæмæй лæууыдысты цавддуртау - сыбыртт сæ никæмæй хъуысти, змæлгæ дæр сæ ничи кодта. Уыцыхуызæнæй мæ цæстытыл ауайынц абон дæр: алчидæр сæ йæ галиу цæстæй касти махырдæм, рахиз цæстытæ нæ зындысты æргъæвд топпыты аууонæй. Махæй цалдæр санчъехы фалдæр амбразурæйы, йæ къухы судзгæ фител, афтæмæй сармадзаны цур лæууыд иу лæг. Фестъæлфыдтæн, мæ зæрдæ ныссæххæтт кодта, мæхинымæр загътон: мæ фæстаг сахат æрцыди. - Ныр нæ къахфындзтыл æркафдзыстæм! - фæхъæр ласта капитан. - Уæ изæр хорз! Уыдон уыдысты йæ фæстаг ныхæстæ. Фидарæй райхъуысти барабанты гыбар-гыбур. Ауыдтон ма, гренадертæ сæ топпытæ дæлæмæ куыд æруагътой, уый. Мæ цæстытæ сæхигъдауæй ацъынд сты. Райхъуыст æрвнæрды хуызæн æвирхъау уынæртæ, стæй удаист хъæртæ, хъæрзын. Ракастæн, æмæ мыл дис бафтыд: æгас ма куы дæн! Фидарыл та ногæй æртыхсти фæздæг. Мæ алыварс - цæфтæ æмæ мæрдтæй байдзаг. Капитан фæлдæхтæй лæууыди мæ къæхты цур: нæмыг ын йæ сæр ныппырх кодта; йæ магъз æмæ йæ туджы пырхæнтæ мыл æрбакалдысты. Мæ ротæйæ ма удæгасæй аирвæзт æрмæст æхсæз салдаты - цагъды уæлдæйттæ.
368 (*>) (<*х& <<*№ (<*Х«<> °Ф» <г*Х*>> <'*№> <'*&> °') (*> <да с*Х*> сда с«*Х^> (*/у С"/у лтХ^г) с>?) Уыцы æбуалгъ нывы фæстæ дуне исдуг сæццæйæ аззади. Булкъон йæ худ йе ’хсаргарды фындзыл асагъта æмæ уыциу хъæр фæласта: «Æгас цæуæд император!» Стæй сыджытбыруйы сæрмæ сбырыд. Йæ фæстæ ныххæррæтт кодтой цагъды уæлдæйттæ иууылдæр. Дарддæр цы уыд, уый æрымысын мæ бон нæу. Фидармæ куыд бафтыдыстæм - иунæг Хуыцау йæ зонæг. Уым лæгæй-лæгмæ хæсты бацыдыстæм знæгтимæ. Фæлæ фæздæг афтæ бæзджын уыд, æмæ дзы цæвæг марæджы нал зыдта. Æвæццæгæн, карз тох кодтон, искæйты рæхуыстон, уымæн æмæ фæстæдæр ме ’хсаргардмæ куы ’ркастæн, уæд æнæхъæнæй дæр тугамæст уыд. Уалынджы нæм æрбайхъуысти хъæр: «Уæлахиз!», æмæ, фæздæг куы апырх, уæд мæрдты дæр æмæ туджы култæ дæр иртасын байдыдтон. Зæххыл æмæ сармадзантыл æнахъинон фæлдæхтытæй лæууыдысты лæджы мæрдтæ. Иу- дыууæфондзыссæдз францаг салдаты хъомпалæй змæлыдысты фидары: иутæ сæ хотыхтæ ифтыгътой, иннæтæ та сæ джебогътæй туг сæрфтой. Иуæндæс уырыссаг уацайраджы дзы банымадтон - лæууыдысты хибар ран. Булкъон йæ туджы сæвдылд, афтæмæй хуыссыди фидармæ бахизæны цур гилдзыты пырх асыккыл. Цалдæр салдаты йæ алыварс æртыгуыр сты. Æз дæр сæ цурмæ бацыдтæн. - Æппæты хистæр капитан кæм и? - бафарста булкъон иу сержанты. Уый, нæ зонын, зæгъгæ, йе уæхсчытæ кæрæдзимæ æрбалхъывта. - Хистæр лейтенант та? - Мæнæ, знон чи ’рбацыд, уыцы афицер, - дзуапп радта сержант æнцад-æнцойæ. Булкъон цыдæр изгард худт бакодта. - Цæй, мæ лымæн, командæ кæныны хъуыддаг дæхимæ райс, -загътабулкъон. -Бардзырд ратт, цæмæй фидармæ æрбацæуæнты уæрдæттæ æрæвæрой: знаг тыхджын у. - Уæззау цæф дæ, булкъон? -_бафарстон æй æз. - Мæнæй уын пайда нал и, мæ лымæн лæггаг, фæлæ фидар ист æрцыд! р^ооек?оеооо<?9с^эр9ррÆ^оеоррр^
(*^Х«+Ч*^Х*^Х*+*Х*+<Ф> ,^Х">^>) 369 <А) <<ф,) <.ф,) (.*Хл)" «ф,) (.»ХЬ) <;ф,) <;>Х,, 0») МЕРИМЕЙЫ ЗОНДЫ НЫХÆСТÆ • Æхсæны царды исты бæллæхтæ куы ’рцæуы, уæд адæм æппæт аххостæ дæр сæ фæтæгтыл ныххуырсынц. • Кадуарзаг æмæ тæппуд аристократтæ тæссаг сахат сæхицæн æнцонæй равзарынц фæтæг, йæ куысты бæркæдтæ æмæ йын йæ уæлахизтæй та сæхæдæг фæпайда кæнынц. • Фыдохы бон уæрыччытæй сабырдæр æмæ фæлмасдæр свæййæм. • Знаг куыд фæлидзы, уый уынгæйæ тæппуд дæр хъæбатырæй агæпп ласы. • Æхцайæ ахсджиагдæр дзауматæ ис, фæлæ æнæ ’хцайæ уыцы дзауматæ нæ балхæндзынæ. • Алцыдæр æлхæнгæйæ у, уарзондзинадæй фæстæмæ. • Уырыссаг æвзаг цыма поэзийæн сфæлдыстæуыд - у æвæджиауы хъæздыг, фыццаджы-фыццаг лыстæг фæлгъуызтæй. • Уырыссаг æвзаг, æз æй куыд æмбарын, афтæмæй æппæт европæйаг æвзæгтæй дæр хъæздыгдæр у, раст æй цымахъуыдыйы тæккæ лыстæгдæр фæзилæнтæ æвдисынæн сфæлдыстæуыд. Æвæджиауы æлвæст, ирд æмæ райдзаст уæвгæйæ, уый иунæг дзырды руаджы райхалы хъуыды, афтæмæй æндæр æвзаджы уыцы хъуыды зæгъынæн бахъæуид æнæхъæн фразæтæ. * * * Харбызау адджын у æмгар: Æвзар сæрадыгай, фселвар Æмæ сæдæты ’хсæн ыссар Рсестмæ, нывыл æрдхорд - Æмгар! 24
370 ► и*№ ’ЧХ^ с*№ СФ>> СгФ,} °*№ °>№ с% ) (ф>) 0*Х*!> С'#*> С«*Л *♦/*> (’^ *»Х*> <Ъ Эдгар Аллан По Дæ бахудт, де сныхас мæ удæн - Цъæх уалдзæг, урс дыргъдон, дзæнæт. Бæллын: дæ конд æмæ дæ уындæн Куыннæ уа мин азы мæлæт. Мæ уды сау арвæй цырæгътау Кæсынц дæ цæстытæ æнцад. Дæ рухс цы фæрныг у, цы рæдау, Дæ рухсæй сфидыдта мæ цард! 0, цард æмбойны фестад аргъау. Æз - маргъ, уæлдунеты тæхын. Кæнын лæгъстæ. «Мæ амонд, ма ’рхау», - Фыртæссæй хинымæр зæгъын. КАТАЙЫДÆЛВÆЗ Сабыр уыд а бæсты, æнцад, Æгуыппæг, адæм дзы нæ цард, - Кæддæр сæ бабын кодта хæст. Æнусы ивта-иу æнус. Æмæ ма стъалытæ æрмæст Æрвыстой а фæзмæ сæ рухс. Æппæрста хурзæрин йæ тын, Уый касти дидинджытæм фын. Æрцыд ныр уыдæттæн кæрон - Куы ’рбафты а бæстæм бæлццон, Уæд фены: нал дзы и дзæнæт - Æрмæст ма катай æмæ мæт. Рæудымгæ не ’рвиты салам Рæвдаугæ тулдз бæлæстæн - ам Уæйгуытау чи лæууы æнцад. Нæ суры тар æврæгъты уад. Уæддæр æнæрынцой у рындз - е9С9С9е9С909е9С9С9е9е9е9С9С9С9Г9е9С^9е9С9С9Сæ9
(.*>) <<ф>) «ф>) <<ф>) '<ф>} (<*/<) <<ф>) (<*/*) <<») Кæдæмдæр знæт мигътæ бырынц. Уæддæр нæры, ызмæлы къох? Æппары дур-фæзгъæртæ хох. Дзыгъуыртæ, хъулæттæ у фæз, Кæны фиалкæтæй бæз-бæз... Къæйтæ, зæронд ингæнтæ - рох, Кæддæры сау бонтæ, фыдох. Ам калы иу хъоппæг цæссыг, Æмæ цæппузыртæй йæ хъыг Ыссудзы нæууыл, цыма зынг. Ам фестынц маст æмæ фыдæх Æнусон сау цæссыг - æртæх. ФРЕНСИС ОСКЗДМÆ Фæнды дæ, уарзой дæ æцæг? - Цы уыдтæ, ахæмæй-иу цæр, Кæнгæ ми аппар, ма у мæнг, Дæ ныв дын афтæ скарста æрдз. Зæдау дæ фидыцтæ - æрвон. Мæн дæр дæ бæрзонд арфмæ сис. Дæуæй æнæппæлгæ куыд уон, Дæуæн æнæуарзгæ куыд ис! гимн Æхсæв уа, бон уа - фехъус мын мæ дзырд, О Мадымайрæм, арфæ дын, табу дын. Мæ цины сахат, йе куы ’рцæуа фыд, - О, курын дæ, ныфсæнцой у мæ удæн. Мæ арв куынæ уыд асæстæй æхгæд, Нæ дуне хур куы рæвдыдта йæ тынтæй, Дæ дзæбæхтæй-иу хайджын уыдтæн уæд - Хызтай-иу мæ фыдбылызæй, рæдыдæй. ръеъоффжж^ор^^ффЖ^^орфФФФФфФЦ
372 о>) А>х«а <<*х*ъ (г>х^ ('Ф'> (г>/*>> (г»х<» (,фк Гг>) (® <*>№ **/*>> с*Х^ еда с«*Х^ (<*/*> «Фз &) Ныр та - фыдбон, йæ додойтæ, йæ сар Мæ амондмæ. Нæ, нал быхсын йæ митæн. О, саккаг мын кæ тых æмæ æхсар, Йæ сау азарæй бахизон мæ фидæн. ЕЛЕНÆМÆ (Елеиæ Уитмеимæ) Дæу федтон иу хатт, иунæг хатт æрмæст. Уæдæй нырмæ цæйбæрц рацыдис азтæ - Хуыцау йæ зонæг. Афтæ бирæ не сты. Уыд сусæны мæй, ирд æхсæв, æнафон. Æрвон тыгъды цæлхыдзаг мæй тылди Дæ зæрдæйау дзæгъæлтæгæнгæ цадæг. Уыд афтæ райдзаст, афтæ сабыр æрдз, - Цыд уддзæф дæр йæ къахы æлгътыл хъавгæ. Уæлæмæ систой дидинджытæ буцæй Сæ сатæг былтæ - уромын сæ уарзт Нæ фæрæзтой, кæлæнгондау дæ уындæй Æрратæ кодтой, мардысты фырмонцæй. Æрхæндæгдзастæй, аргъæутты æхсинæг, Фиалкæты ’хсæн урс фæлысты бадтæ. Йæ тынтæ зæрста буцзæрдæйæ мæй Дæ цæсгом æмæ дидинджыты хаутыл. Хъысмæты къах (æндæр номæй та - Хъыг) Мæн уыцы ’хсæв дæ дыргъдонмæ æрхаста, Æрурæдта мæ дидинджыты карз тæф, Дзыхълæуд фæкодтон, сагъдауæй лæууыдтæн. Нæ мæнг дуне æрбадæлдзæх æваст, Æнæнхъæлæджы фегуыппæг и, федзæм. Дыууæ уды ма баззадис æрмæст: Æз æмæ ды. Цы диссаджы мыртæ сты «Æз æмæ ды»! Дыууæ цырен цырагъы! О Стыр Хуыцау! Мæ зæрдæ сæрра риуы, Æддæмæ тоны, й’ ахстонæй лæбуры. Ысчынди хинтæ дыргъдонæн - ныхъхъус, сосососососососоёзсоеосоеоросососреосо^
о>>^Ф>^^^^^^Ф>^) 373 6>) «>/*>)* с^Ф>) (,*/*/ о»х^ с«*Х^ (’*/^ С’О^ сч> Æрдз агоби, сырхмæтæгджын дзæнæт дæр Æд хæрздæф атад, дзаг мæйы дзындзæрттывд Æрбатары, къæдз-мæдзы фæндаг айсæфт, Уæйыг бæлæстæй нал хъуысти сым дæр. Æрдуз уа, къутæр - уддзæфы хъæбысы Цæстныкъуылдмæ æрбаисты дзыхъмард. О, иу исдугмæ не стыр дуне сафтид, Æвиппайды мын байдзаг и дæуæй, Дæ уд æмæ дæ цæстыты тæмæнæй, Уыдтон ма уыдон, уыдон ма уыдтон, Дыууæ цæсты - мæ арв æмæ мæ дуне. Сæ цырен рухсмæ кастæн æмæ кастæн. Уæдмæ æрхуыссыд мæйдзырагъ сындæггай. Дæ цæстытæ... Цы фыст уыди сæ арфы, Цы ’мбисæндтæ, нæртон диссæгтæ, катай, Æрвон æууæнк, уæздан тынтæ, бæллиц! Цы сау æрхæндæг, уаз фынтæ, зæрин рухс, Æрра уарзты сæрыстыр ныфс, æхсар! Уæдмæ уæздан, зæлдагдзыкку Дианæ Йæхи æруагъта сау мигъыл, æрныгъуылд. Æмæ ды дæр фынæй бæлæсты ’хсæнты Æндæргау хъавгæ ацыдтæ. Æрмæст Æрвон цæстытæ баззадысты, кодтой Мæ фæндаг рухс æмбисæхсæв. Ныр дæр Мæ сæрмæ судзынц иудадзыг. Æнусмæ Уыдзæнис афтæ. Дардзысты цырæгътæ Мæ хæтæнтæм. Куы мæ бырса хæрам - Мæ тыхыл тых æфтаудзысты, сæ тавсæй Æз ирвæздзынæн - ницы у сæ бон Фыд тымыгътæн. Дыууæ цæстæн сæ фидыц Мæ монц, мæ сæнтгæ базырджын кæндзæни. У фидыц Ныфс, æмдзæхгæр тигътыл рындзмæ Мæн хондзæни, нæ мæ уадздзæн кæлын. Дыууæ цæстæн æнæхуыссæг æхсæвты Фæкувын æз, фæкæнын сын табу. Дыууæ цæсты - дыууæ Боброны - судзынц, Æмæ сæ рухсæн ницыхъом у хур дæр!
374 (*>> <<м ьг** ('*Х,;> ('-Ф» (г»№ ('»№ ('Ф} г'0 ф <ф*> оф^ е*Хз> <**Х^ с«*/^ <«*/*> ^Ау (-0 ДЖЫККАЙТЫ ШАМИЛ ЭдмонРостан СИРАНО ДЕ БЕРЖЕРАК Фондзархайдон лæгæвзарæн комеди Архайджытæ: Сирано де Бержерак-поэт. Кристиан де Невиллет. Граф де Гиш. Рагно. Ле-Бре. Капитан Карбон де Кастель-Жалу. Гаскойнаг гвардионтæ. Линьер. Капельмейстер. Де Вальвер. Монфлёри. Бельроз. Жодле. Кюижи. Брисайль. Дзæнгæдацæгъдæг. Испайнаг афицер. Фыццаг кавалер. Дыккаг кавалер. Фыццаг фæсдзæуин. Дыккаг фæсдзæуин. Фыццаг театрдзау. Фыццаг паж. Фыццаг маркиз. Дыккаг маркиз. Дуаргæс. о^^^^^оош^-^^^т^^^^^^^^^^-^^
<^^^ ^^^^^^) 375 Горæтаг. Йæ фырт. Дзыпкъахæг. Бертранду- хæтæлæйуасæг. Капуцин (моладзан). Роксанæ. Мад Маргаритæ. Хо Мартæ. Хо Беатæ. Лизæ. Буфетгæс чызг. Дуэнья. Дидинджытæуæйгæнæг чызг. Гвардионтæ, мушкетертæ, маркизтæ, кавалертæ, горæтаг нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгтæ, пажтæ, поэттæ, актертæ æмæ актрисæтæ, скрипкæцæгъдджытæ, театрдзаутæ, æхсинтæ, сыл- гоймаг моладзантæ, ахуырдзаутæ, сывæллæттæ, гуылгæнджытæ, дзыпкъахджытæ, испайнаг салдæттæ, лæггадгæнджытæ... Фыццаг цыппар архайды цæуынц 1640 азы, фæндзæм - 1655 азы. сорор^еорор^эёое^^^зрс^эр^ор^ооорорзрэр^з
376 ?+Я*^Я\ <ф+%»+Ф»+%«+<ф+!У (*> «*&> Ф$ Фг> Ф;> <«/Ъ <Ф$ «Ф?> С'1> ФЫЦЦАГ АРХАЙД Равдыст Бургундаг отелы Бургундаг отелы кæсæн зал 1640 азы. Пуртийæ хъазæн агъуыст æфснайд у театралон равдыстытæн. Зал у цыппæрдигъон. Зыны зулаивæй, йæ иу къул у фæстаг декораци. Сценæйы кулисты æмварс дыууæрдыгæй - фæхсбандæттæ. Æмбæрзæн арæзт у дыууæ уадздзагæй, - ис сын фæйнæрдæм акæнæн. Сæйраг æмбæрзæны сæрмæ - паддзахады герб. Сценæйæ залмæ æрхизынæн ис фæтæн асинтæ. Асинтыл дыууæрдыгæй - бынæттæ музыканттæн. Рампæ сойын цырæгътæй. Фæрсырдыгæй - дыууæ фæлтæры галерейтæ; уæллаг - ложæтыл дихгонд. Партер у архайды бынат, - нæй дзы бадæнтæ. йæ рæбыны, рахизырдыгæй, раззаг пъланы, цалдæр бандоны асинæвæрдæй, дарддæр, уæллаг бынæттæм цы асин æвæрд ис (театрдзаутæм зынынц æрмæст йæ дæллаг къæпхæнтæ), уый бын - буфет, уым та - стыр цырагъдарæнтæ, дидинджытæ вазæты мидæг, хрусталь нуазæнгæрзтæ, æвгтæ, тæбæгътæ гуылгæндтимæ. Рæбынæй, астæуæй, ложæты галерейы бын - театрмæ бацæуæн. Егъау дуар, театрдзаутæ куыд цæуынц, афтæ фегом вæййы. Дуары тарвазтыл, къуымты, буфеты сæрмæ - сырх афишæтæ, сæ уæлæ фыст: «КЛОРИЗÆ». Æмбæрзæн сисынц, -зал талынггомау, афтид. Люстрæтæ - бынмæ уагъд, нæма судзынц. Фыццаг фæзынд Театрдзаутæ чысылгай æмбырд кæнынц. Кавалертæ, горæтæг- тæ, фæсдзæуинтæ, пажтæ, къæрныхтæ, дуаргæс, стæйм аркизтæ, Кюижи, Брисайль, буфетгæсчызг, скрипкæ- цæгъдджытæ æмæ а.д. Фæсдуарæй цæуы уынæр, хъæлæстæ; стæй æрбафсæры к а в а л е р. Ду аргæс (суры йæ фæсте). Билеты аргъ æри! Кæннод дæ фæндаг дар! Фыццаг кавалер. Гъей, бирæ ма дзур! Æз æрбацæуын лæвар. рэ<?9Рэоэс?эрос>зсоооекоеэеорэ^
Г*, („,/*) 0ф>) 0ф>) &У'0 (ф# Л>УЪ («*/«,; **> Дуаргæс. Цæй тыххæй уæд? Фыццаг кавалер. Цæстфæлдахæг, ныхъхъус у! Къаролæн, зон, æз хъахъхъæнæгæй кусын. (Æрбацæуы.) Дуаргæс (ног æрбахизæг кавалерæн). Дæ билет равдис. Дыккаг кавалер. Иуварс дын зæгъын! Цæттæ - мæ бынат партеры... Сымпыр! Дуаргæс. Ау, уый та куыд... Дыккаг кавалер. Æз мушкетер дæн! Дуаргæс. Мæнæрын!.. Уæдæ æхца кæмæй æрдуцон ныр?.. Фыццаг кавалер (дыккагæн). Кæд уыдзæн ныр! Лæг амæлдзæн æнкъардæй. Нæхи уал иуцъус аирхæфсæм кардæй. Хæцынц шпагæтæй. Фыццаг фæсдзæуин (мидæмæ цæугæйæ, дыккагæн). Пыст... пыст... Дыккаг фæсдзæуин. Шампайнаг сæн? Фыццаг фæсдзæуин. Дæ хъустæ схъил кæн! (Иæ пæлæзы тарæй сисы къамтæ æмæ хъултæ.) Цæй, Фæлтау уал къамæй ахъазæм. Дыккаг фæсдзæуин. Уæллæй, Цæттæ дæн æз. Цæмæй тæрсон дæуæй? оос^оооооаосоеосоеоооеосос^о^
378 (^':Х^$^№^ Фыццаг фæсдзæуин. Лæг дæ, бæгуыдæр! (Иæ дзыппæй сисы цырагъы къахц, ссудзы йæ, пьолыл æй æрныхасы.) А лæппу йæ, зон, Иæ хицауæй фæбырын кодта знон. Гвардион. Куы нæма ссудзынд цырæгътæ, уæд уымæй Хуыздæр цы ис!.. (Дидинджытæуæйгæнæг чызгæн хъæбыс кæны.) Бретёртæй иу (шпагæйы цæф ыл сæмбæлы, афтæмæй). Кæс-ма! Æз дæр нæ дæн зыгуымæй. Къамæйхъазджытæй иу. Валет цæф у! Гвардион (ахсы дидинджытæуæйгæнæджы). Æрмæстдæр иу пъа, иу!.. Дидинджытæуæйгæнæг. Фæлæуу! Уынынцнæ!.. Гвардион (чызджы талынг къуыммæ сайгæйæ). Ничи дзы ис. Мур тæссаг дæр нæу! Фыццаг театрдзау (æрбады пъолыл, семæ хæрд æмæ нуæзт чи ’рбахаста, уыдонимæ). Ам хибар у нырма! Дæ зæрдæйы дзæбæхæн Хæр æмæ нуаз. Хуыздæр цы хъæуы мах! Г о р æ т а г (йæ фырты йæ къухæй кæны). Нæ, лæппу, ардæм, - ацы ран уæрæх у. Къамæйхъазæг. Тъуз, дамæ, стæй валет! Мæ хъул та абадт сах! Дыккаг театрдзау (йæ пæлæзы бынæй сисы авг æмæ æрбады). Æцæг къупри кæм дæн, уым райдыдтон мæ тухæн: Бургундаг сæн Бургундаг отелыæнцъухын! (Нуазы.) Горæтаг (йæфыртæн). Кæм ыстæм ай?.. Мæ цæсткæсæнтæ... Уый дын уаг!
(ь> «#*> оф>) счХлГ^Х^ с<*У^ \<Ф>) (<#«>) г<») (Иæ лæдзæгæй амоны кьупримæ.) Гуыбындзæлтæ! (Бахауы хьазджыты астæу) Айуантæ раст!.. Богъдабитæ! Бретертæй йæ иу йæ сынæгæй скъуыры. Хъæддаг! Гвардион (дидииджытæуæйгæнæджы баййаргæйæ). Æрмæстдæр иу пъа, иу!.. Г о р æ т а г (йæ фырты тагьд-тагьд иуварс кæнгæйæ). Уæууæй! Кæддæр та ам Цытджын Ротруйы уацмыстæ уыдтам. Йæ Фырт. Корнелы, баба!.. Горæтаг. Уый дын, гъе, хъуыддæгтæ!.. Хъæлдзæг пажты бардз (æрбакалдысты, кæрæдзикьух- тыл хæцгæйæ, заргæ). Тра-ла-ла-ла!.. Дуаргæс (тызмæгæй). Гъей, пажтæ, ма кæнут фыдуæгтæ! Фыццаг паж (æфхæрдхуызæй). Цытæ дзурыс, нæ фыд!.. (Дуаргæс иннæрдæм куы фæкаст, уæд иннæмæн.) Синаг, бæхсныг дæм ис? Дыккаг паж. Ай-гъай, æнгуыр дæр. Фыццаг паж. Хорз! Уæдæ æнгуырæй Париктæ цъипп кæнæм. Ныр райгонд уæнт сæ гуырæй. Æртыккаг паж. Уæлæмæ цомут. Дыккаг паж. Цом. рососорооор9еооооооосо(?рро<?^рросорооррососор9^р
380 ^^^«р^^^+’ф+’у (ь) «*&) ф’з фь) с*Х^ с*Ху <ф$ «»р*> сч) Къамæйхъазæг. Тъуз-пик, æмæ сæ сис! Дзыпкъахæг (йæ алыварс æрбамбырд кодта цæстфæл- дахджыты). Цæхæрцæст ут! Кæд нал дæйут сывæдæг, Уæд ацы бон - уæ лæджыхъæд æмæ уæхæдæг... Дыккаг паж (хьæркæны, галерейы чиæрбынат кодта, уыцы æмбæлттæм). Рыпп! Ферох ис нæ хæтæл. Æртыккаг паж (уæле). Матæрс уымæн... Рыпп!.. Хъæбæр хъæдурæй цъупдзаг у мæ дзыпп! (Даргъ хæтæл ифтындзы хъæдурæй, фу дзы кæны æмæ бынмæ æхсы) Горæтаджы фырт (йæфыдæн). Баба, цы ’вдисдзысты? Горæтаг. «Клоризæ». Ф ы р т. Уый кæй фыст у? Горæтаг. Баройы. Фыссæгæн уый йе стырдæр æнтыст у... (Йæ фырты къухыл хæцгæйæ ацæуы.) Дзыпкъахæг (йæхъузæттæн). Æвналут рæвдз. Къуыдиппытæм кæсут, Сæ фадгуыты хызтæ сын лыг кæнут! Фыццаг театрдзау (æрбацæугæйæ иннæмæн). Æз ам кæддæр Корнелы «Сид»-мæ кастæн. Ныр мысын уый, - цы диосаг уыди, уастæн! Дзыпкъахæг (къухæйæвдисы). Сахæттæ цъипп кæнын - уæ сæйраг куыст фæуæд! Г о р æ т а г (йæ фыртæн). Зындгонд артистты абон фендзынæ дæ разы... Дзыпкъахæг (цыма исты давы, уыйау). Дзыппытæ асгарын уæм хъазынау кæсæд! Г о р æ т а г (йæ фыртæн). Бопре, Бельроз... Ох, Монфлёри куыд хъазы!
(«у '«>; <**/«>> (•*/*»> с^*ХЧ» «чХ’У ("/^ <<*/*; *9 Хъæлæс (уæллаггалерейæ). Кæд ыссудздзысты рухс! Фыццаг паж (партеры иннæмæн). Кæс, уæртæ и мæ зæд! Йæ цæсгомæй мын худынц мæйтæ æмæ хуртæ. Буфетгæс (фæзыныуæйгæнæн тæрхæджыраз). Кæй хъæуы дон? Уæ хорзæхæй, мæ цурмæ. Хæрзад æмæ аслам! Мæнæргъыдон, лимон! Æхсыр йе мисын! Науæд та мыддон! Кæйдæр цъæхснаг хъæлæс (фæсдуарæй). Фæндаг нын, сау адæм! Фыццаг фæсдзæуин (дисгæнгæ). Маркизтæ сты? Дыккаг фæсдзæуин. Ай-гъай. Фыццаг фæсдзæуин. Ау, партермæ цæуой?! Дыккаг фæсдзæуин. Нæу уыдæттæн уæлдай!.. Æрбацæуы цалдæр маркизы. Фыццаг маркиз (залы æмбис афтиду, уый фенгæйæ). Ау, уый та куыд? Фыццаг ыстæм? Æмæ фæцæуæм Дæлдæр адæмау хъавгæ, талынджы, сындæг? Нæ сызмæстам æппæт? Сæ къæхтыл сын нæ лæууæм? Уый худинаг у! Пуй! Мæлæт у уый æцæг? (Фембæлы, раздæр чи ’рбацыд, уыцы уæздæттыл.) А! Кюижи! Брисайль! Хъæбыстæ кæнынц. Æхсызгон фембæлд! Буцæй Цæрут! Куыд рагацау æрцыдыстут? Кюижи. Уæллæй, Нæ зонын. Раст цыма фæзындыстæм, цæмæй Ам цырæгътæ нæхи къухæй ыссудзой. соеоооооеоросоросорое^оеосэрэоос
382 (*» <<*х>о здо ('*Х*ь ('Ф> (гФ* <**№ <**Ы °\ (9 ^ с*/^ (.«х^ («Х^ с*/*> с«/^ г«х*> с*> Фыццаг маркиз. Цы мæнг зæгъыс! Фыцын!.. Мæ маст фыцы, мæ маст!.. Кюижи. Маркиз, кæс-ма! Фæзынд цырагъсудзæг æваст. Театрдзаутæ хъæрахстæй цин кæнынц цырагъсудзæгыл, уый судзы люстрæтæ. Цалдæр адæймаджы фæзынд галерейы. Л и н ь е р æрбацæуы партермæ,Невиллеты къухылхæцгæйæ.Линьерыдарæс — æнæзылд. Исынрасыггæнагуæзданыхуыз. Кристиану элегантонарæзт, фæлæ иуцасдæр зæронд модæмæ гæсгæ; у тыхстхуыз, ложæтыл ахæссы йæ цæстæнгас. Дыккаг фæзынд Чи уыд, уыдон, Кристиан, Лнньер, стæй Р а г н о æмæ Л е-Б р е. Кюижи. Линьер! Брисайль (худгсейсе). Нырмæ æвронг дæ? Гъæйда-гъа! Цы ’рцыди? Л и н ь е р (сабыр, Кристианæн). Дæу хъуамæ уæздæттимæ базонгæ кæнон. Кристиан йæ сæр разыйы тылд бакæны. Де Нёвиллет, барон. Уыдон кæрæдзийæн салам дæттыны æгъдау кæнынц. Адæм цин кæнынц, цармæ фыццаг судзгæ люстрæ ист кæй æрцыд, ууыл. К ю и ж и (Брисайлсен, Кристианмæ ракæс-бакæс кæнгæйæ). Цы рæсугъд у, раст Антиной! Брисайль (Кюижийæн). Бæгуы. Фæцыди мæ зæрдæмæ. Фыццаг маркиз (уыцы ныхæстсе фехъусгæйсе). Æцæг? Æрбадарут-ма зынг. Л и н ь е р (зонгсе ссе ксены). Кюижи... Брисайль... Кристиан (сегъдау дæтгæйæ). Æхсызгон мын у тынг.
г*у м>) <<ф) ?ф) ьуь ьуъ (’фо ъу» % 383 (*>> <ф.) оф>) <хф>) <*ОС«у с*Х^ ^Х^ ^Х^ «*> Фыццаг маркиз (дыккагæн). Æвидауц нæу. Фæлæ куыд арæзт у? Æмбарыс? Ныр модæйæн æгæр фæзæронд ис йæ дарæс! Линьер (Кюижийæн). Барон æрцыд хæрз æрæджы Туренæй. Кюижи. Уый дард балц у. Фæллад уыдзынæ уæд. Кристиан. Цæмæн зæгъыс? Парижы ссæдз боны дæн ныр; Цæуын цытджын гвардийы полкмæ æз хæстонæй Тæккæ райсом. Буфетгæс. Дыргътæ, лимон, æхсыр... Скрипкæйæ цæгъдджытæ (сæфæндыртæфæлваргæйæ). Ла-ла... Фыццаг маркиз (кæсы ложæтæм, - уыдон дзаг кæнынц театрдзаутæй). Фæзынд мадам Обри, æхсин! Куыд рæсугъд у, кæс-ма, мæ цæсты рухс, мæ цин!.. К ю и ж и {Кристианæн залмæ амонгæйæ). Цы публикæ у, и! Кристиан. Бæз-бæз кæны... æвзæн! Фыццаг маркиз. Нæ бодзтæ ам ысты!.. Кæс-ма, уæздан æхсинтæ!.. Дамæтæ ложæтæм куыд цæуынц, афтæ сын дзурынц сæ нæмттæ; кæрæдзийæн æркувынц, бахудынц. Дыккаг маркиз. Мадам де Гемене... Фыццаг маркиз. Уый бабын кодта мæн! Кюижи. Мадам де Буа-Дофен... Дыккаг маркиз. Хъæбысы дзаг - йæ синтæ... Тæхуды, уый аккаг рæсугъд зарджытæ скæн! РОООО0С90Ое0С9е009СОС9#00ОС90ОС
384 (*>) оф) ьг& (’М с<ф>) (гф> (>ф) (<ф) ы (*> Фэ <&ъ Ф^ <«Хъ «*А> й»А <»Хъ Ф Брисайль. Фæзынд бæсты фидауц мадам де Шавиньи. Дыккаг маркиз. Нæ фыдбылыз у уый. Æгъатырдæр кæм и! Нæ удтæй нын æдзух фæхъазы уый уæзданæй. Линьер. А, господин Корнель æрхæццæ ис Руанæй. Горæтаджы фырт (йæ фыдæн). Ам Академи ис? Горæтаг. Сæ фылдæр хай, бæлвырд. Бурю, Поршер, Бурзе - цыты аккаг куыннæ сты! Кюро, Бурдон, Арбо... нæргæ нæмтгæ, мæ фырт! Сæ иу дæр рох нæ уыдзæни нæ бæсты. Фыццаг маркиз. Кæс-ма нæ къленц æхсинтæм, рабадынц рæгъæй! Уæд Феликсерия, зæгъай, Бартеноидæ, Иримедонтæ... Стæй Кассандия, Филлидæ... Дыккаг маркиз. Цы нæмттæ сын и, цы! Хуыздæр ыскæнæн нæй! Рæсугъд, æнцондзурæн!.. Дæ зонгæтæ сты иууыл? Фыццаг маркиз. Кæрæй-кæронмæ. Л и н ь е р (Кристианы иуварс акæнгæйæ). Ам цæмæн дæн æз? Цæмæй Дæ фæндон сæххæст кæнон. О, фæлæ дæхиуыл Чысыл фæхæц. Кæннод дзæгъæлдзастæй кæсыс. Уый ам нæма ис? Кристиан. Нæй! Линьер. Уæдæ æз лидзон. Кристиан (лæгъстæгæнæгау). Фæлæуу! Æппæт рæсугъдтыл зарджытæ кæныс, Мæ цард зынаргъ кæй тыххæй нал кæнын мæхицæн, Гъеуый ном мын ды зæгъдзынæ æрмæст. сососороеососшрсосзр^^осшоеос^ос
(<у <ф,у с<>/«>) <»/*,) (Ф>) с«*Х«у с"Х^ с«»Х^ <?*> Капельмейстер (фæндыры æрдынæйпюпитрхойгæйæ). Кæсут мæм, скрипкæтæ! Лæмбынæг дарут цæст! (Æрдын сисы.) Цæгъдæм! Буфетгæс. Мыдамæст! Адджинæгтæ! Дон! Скрипкæджынтæ райдайынц цæгъдын. Кристиан. Тыхсын куыддæр, мæ зæрдæ сдзæгъæл и бынтон.. Тæрсын, мыййаг мæ сайыныл куы бафта, Æгæр куы схæца каркаситыл, уæд Мæ хъуыддаг цъар у. Ам куыд дзурынц, афтæ Нæ зонын æз. Нæй уыйбæрц зонд. Мæ зæд Æдзух кæройнаг ложæйы фæбады. Линьер. Кæройнаджы?.. Уæд æз цæуын. Мæ зæрдæ хаты, Ныртæккæ мæм раст сæндоны кæсдзæн Æнхъæлмæ ме ’мбал. Кристиан (уромы йæ). О, фæлæуу-ма. Линьер. Нæй гæнæн. Кристиан. Дæ хорзæхæй! Линьер. Бæргæ, фæлæ мæ ком ныххус н. Буфетгæс (бацæуы йæм тæбæгъимæ). Цы аназдзынæ, мисын? Линьер. Пуй! Буфетгæс. Æхсыр? Линьер. Ныууадз! Буфетгæс. Сырх сæн? 25
386 (*>) <<*№ (<м (г>Х^ ('4^ СгФ> ^Х^ {''Х<>) Сс') (л> г.*Х*г> Г^ №, с-»Л С«*Х*> С'»ХЬ) «»Х*> С^ Линьер. Фæлæуу! Æркæн-ма дзы дæ къусы! Бу фетгæс. Мускат сæн дын. Линьер (Кристианæн)’. Мæ хæлар, мауал мæт кæн ныр: Æз баззайдзынæн ам. (Буфетгæсæн.) Æркæн, рæсугъд, нæртонæй! (Буфетмæ балæууы æмæ нуазы.) Æрбацæуы ныллæггомау, ставд, хъæлдзæг лæг. Театрдзаутæ цины хъæр кæнынц. Хъæлæстæ. Рагно! Рагно! Линьер (Кристианæн). Рагно къæбицгæс у, рæдау! Дæтты артисттæн алцыдæр æфстау. Р а г н о (хæринаггæнæджы дарæсы, тагъд-тагъд бацæуы Линьермæ). Ныххатыр кæн, зæгъ мын, синьор, æргомæй: Нæ поэт, Сирано, нæма фæзынди? Ау? Л и н ь е р (Рагнойы Кристианæн зонгæ кæны). Актертæ ’мæ поэтты ’ххуысгæнæг, сæ хъузон. Р а г н о (фæбуц и). Уый намыс у мæнæн! Хуыздæр уæдæ цы кусон! Линьер. Уый ма зæгъ, меценат! Рагно. О, аразын сæ къух Æз адонæн æхсызгонæй æдзух... Линьер. Æдзух æфстау, рæстæггай та лæвар дæр. Йæхæдæг дæр æмдзæвгæтыл фæлвары. Цæхæр æм ис! Рагно. Цызæгъон æз... роооооеооооороеоеососоезеоеоо
Г’у ?ф) ^ф) <?,*.) сфъ «м (гф>> <7ф) ь} 387 («Ь, «ф) 0ф>) («/*>> («*Х«>/ С**Х*2> *0<Ч> («*/'■!) <?»> Линьер. Фыссы, фыссы. Рагно. Цæмæй æмдзæвгæ рауайа хæрзарæзт... Линьер. Раст уый тыххæй нывонд ыстыр гуыдын хæссы. Рагно. О, цас диссаг у, - гуыл кæнæ мыдамæст! Линьер (Кристианæн). Æдылы нæу, зæгъыс? Цæмæй кæны æфсæрмы! (Рагномæ.) Дæ монц дын зонæм мах; фæлтау æй хæсс дæ сæрмæ. Зæгъ-ма æргом, цы фидыс триолетæн ды? Чысыл куплетæн - мур кæм нæ вæййы хъуыды? Рагно (къæмдзæстыгæй). Æрмæст дыууæ гуылы... гыццылтæ... Линьер (фидарæй). Дыууæ, фæлæ дзаджджын вæййынц дæ гуылтæ! Кристиан. Театр тынг уарзыс? Рагно. О, амондæн хуыздæр Мæн ницы хъæуы а зæххыл æндæр. Линьер. Фылдæр йæ рæстæг ацы ран æрвиты. Билеты аргъ та чъиритæй фæфиды. Зæгъ-ма, цæй аргъ дын сыстад ацы бон уæддæр? Рагно. Ныууадз-ма, цæй... Линьер. Цæмæй тæрсыс, зæгъ æй! Рагно. Чысыл цыдæртæ... Фондз мыдамæсты æрмæстдæр, Ыстæй адджын гуылтæ ыссæдзы бæрц, ай-гъай. Линьер (худгæйæ). Ха-ха! Уынут, цыхуызæн лæг у ай!
388 (*>> <<ф) <<ф) (’М (ф» офо оф) ('4{<>> <<■») ф г^ «еХ^ о*Х^ й с<*лу с<*/Ъ «Ф* с«_ Р а г н о (алырдæм кæсгæйæ). Кæм уыдзæн Сирано? Нæ йыл хæцы мæ цæст дæр. Ныр хъуамæ ам уа уый. Линьер. Цæмæн дæ бахъуыд, цæй? Рагно. Куыд цæмæн? Ау, нæ йæ зоныс? Линьер. Кæцæй! Рагно. Ныр хъаздзæн Монфлёри! Линьер. Цы уæлдай йын у уый та? Рагно. Цæмæн зæгъыс? Ам диссæгтæ уыдзæн. Линьер. Гъей, хъус-ма, ды! Цæй диссæгтæ? Цæмæн? Йæ гæлдæр боцкъайау кæмæн фесдæрынц куыйтæ, Бæхау ныртæккæ чи сисдзæн мыр-мыр, Поэты уыимæ цы хъуыддаг ис? Рагно. Мæгуыр, Цæмæйдæр уый поэты цæсты бафтыд, Æмæ йын Сирано ныффæдзæхста ызнон, Мæ цæст, дам, дæ куыннæуал фена, афтæ! Л и н ь е р (цыппæрæм агуывзæ нуазгæйæ). Уым диссагæй цы ис? Рагно. Йæ ныхæстæм ын, зон, Нæ байхъусдзæни актер, æмæ азæр Уый хъаздзæн. Мæгуыр, судздзæн æй йæ азар. К ю и ж и (æрбаввахс сæм йе ’мбæлттимæ). Цæуыл кæныс тæрхон? _ _ Дæ поэт уымæн ницы кæндзæн мур дæр. Рагно. Тæрсын, мыййаг, куынæуал фена хур дæр. С0О9С9еОО9О9<?ОО9рОС0еЭ0^ОСОр_О^
(<ос>х>»ъХ» *ф> (гф, <ф> ыъ ф ь 389 (<Ь> <<ф>) (<ф>) $>р>) <»Х«У С^Х^ ("Х^ ("Х*У ^ Фыццаг маркиз. Уый чи у - Сирано? Кюижи. Цымыдисаг зæххон. Сæруæлдай, сахъ, нæрæмон гуырд, нæртон... Дыккаг маркиз. Уæздан у? Кюижи. Гм... Нывыл уæздан... бæгуыдæр. Уый гвардион у - карз хæстон, домбай... (Амоны ног æрбацæуæгмæ, уый кæйдæр агуры.) Фæзынд йæ хæлар! Уый фæрсут бæлвырддæр. (Фæдзуры йæм.) Ле-Бре! Л е-Б р е сæм æрбацыд. Ды Сиранойы агурыс, ай-гъай? Ле-Бре. Нæма фæзынд?.. Йæ ныхас уый нæ сайы. Уæдæ кæм уа? Мæ зæрдæ йæм æхсайы. Кюижи. Бæллæхы лæг у уый - дæ хæлар Бержерак! Ле-Бре (зæрдæбынæй). Æз уымæй хуыздæр адæмæй нæ федтон. Рагно. Цытæ дзурут! Сæ бодз у уый поэттæн! Ле-Бре. Цы музыкант у! Брисайль. Физик! Кюижи. Тохы та - фæранк! Линьер. Йæ цыргъ зонд та? - Уый у йæ цирыхъау кæрдаг. Æрмæст йæ дарæс у хæццæ-мæццæ, хуымæтæг. Йæхæдæг дæр æнахуыр диссаг у, йæхæдæг!
390 ^:^^^^^^^^ С<:>) оф,} (гф^ е*х*) с«*Х^ сч/у '«з/^ (<Фэ сч) Рагно. Ай-гъай... Æвæццæгæн, нæ поэтæн йæ ныв Нæ сарæзта Филипп - æмбисонды нывгæнæг. Фæлæ Калло куы уаид ’гас, уæд нын Уый йе ’цæг сурæт равдисид. Ыскæнæг! Куыд сарæзта йæхи, - фæлыст æмæ бызгъуыр. Æрттиваг, даргъ, кæркæ-мæркæ, дзыгъуыр, Йæ куырæт - хъулæттæ, йæ фæдджитæ æруагъта, Иæ худыл алырдæм мæлхъы систæ ныссагъта, Йæ пæлæзы дымæг йæ кардимæ ысхъил, - Кæс æм, уæд раст хылгæнаг уасæджы къæдзил. Уæд йе ’фцæггот крахмалæй - Сæнтурс æмæ хъæбæр... Фæлæ уæддæр йæ фындз, йæ фындз, фырхъалæй Уый диссаг у æгæр!.. Æниу æдзух сæрыстыр у гаскойнаг, Æмæ йæ даргъ фындз уымæн нæу фæсмойнаг. Æрмæст ыл адæм сусæг дис кæнынц, Кæд, дам, сисдзæн йæ цæсгомæй йæ фындз. Л е - Б р е (йсе сæр тилгæ). Фæлæ йыл исчи бахудти æргомæй, Уæд бабын уый нæ фындзджыны тæрхонæй. Р а г н о (сæрыстырæй). Æцæг у уый! Нæ поэтæн йæ кард Тæссагдæр вæййы Елиайы рæхуыстæй. Фыццаг маркиз (йæуæхсчытæ фенцъулгæйæ). О-гъо! Уæ ныхас дариты фæлыстæй Цæхæртæ калы, - ахæццæ ис дард, Фæлæ поэт нæ фæзындзæн! Рагно. Хæснаг кæнын, Гæлдæр актеры абон нал фæнддзæн цæрын. Фыццаг маркиз. Хæснаг? Иттæг хорз! Зæгъ уæдæ, цы ’вæрыс? Рагно. Æвæрын карк, - офф, нард фыд ыл дывæр ис. Рæхджы уыдзæн ам Сирано! оооооооэооооо^ооососэе^оозрооосооор
Г<у <?ф <-*&> <Гф Ъ#>) (<>/*>> МЪ ЬГ’» % {*$ <Фъ «Ф) «фэ <Ф>) («*х«у (Ф>) с<»Х*л <<0 391 Фыццаг маркиз. Бæззы! Уæдæ хæснаг! (Худы.) Р о к с а н æ фæзыны йæ ложæйы. Залы - цины хъæртæ. Уый æрбады разæй, йæдуэнья- фæсте. Кристиан уыцы афон буфетгæсæн æхца фиды æмæ нæ уыны Роксанæйы. Дыккаг маркиз (гæдывадæй). Мæ хуыцау, ах! Цы рæсугъд у! Тæссаг! Фыццаг маркиз. О ме скæнæг! Кæд зæд æртахт, мыййаг! Дыккаг маркиз. Æрыскъæфау - йæ диссаджы сырх былтæ! Фыццаг маркиз. Зæрин хурæй - йæ дзыккуты хъуымбылтæ. Дыккаг маркиз. Цырагъ у уый - куынæ йæм лæууай дард, Уæд сирвæздзæн дæ зæрдæйыл цъæх арт. Кристиан (йæ сæрыл схæцы, Роксанæйы куы фены, уæд фæлæбуры Линъеры кьухмсе). Фæзынд!.. Л и н ь е р (Роксанæмæ кæсгæйæ). Кæм и? Ды уымæй зæгъыс уалæ? Кристиан. О, уымæй! Фæлæ чи у Бонвæрнон-ыстьалы? Л и н ь е р (сæн хуыппытæ кæнгæйæ). Мадленæ де Робен, йæ фæсномыг - Роксанæ. Рæсугъд цы вæййы, уый, уæздан æмæ цыргъзонд... Кристиан (зæрдæсастæй). Цыргъзонд!.. Линьер. Ай-гъай. Ысфидауид романы: У сидзæр чызг, сæрибар, намысджын, хæрзконд. Уый Сиранойæн дард хæстæг æййафы. Уыцы сахат ложæмæ æрбацæуы æрвхуыз лентджын элегантон в е л ь - м о ж æ æмæ лæугæйæ ныхас кæны Роксанæимæ.
392 (^^«0 <^о (^ <,#» 0,/*» <<$*^Ж*^$ Кристиан (фестьæлфыд). Уый чиу?! Л и н ь е р (нуæзт ыл зынын байдыдта, цæстытæ ныкъулы). Граф де Гиш! О, дары йæм йæ хъус, Фæлæ йæ рæстæг тынг дзæгъæлы сафы. У кардиналы хæрæфырт йæ ус. Фæлæ, куыд дзурынд, афтæмæй фæлвары, Цæмæй Роксанæйы ысфыццаг кæна тагъд Граф де Вальверæн. Уый та у уæнгуагъд, Æндзыг, æмæ де Гиш æмбары, Кæй йын уыдзæн йæ хуыссæнмæ фæндаг. Нæ разы кæны чызг, фæлæ æлдары Куы бафæнда, уæд сараздзæн хъуыддаг. Де Гиш тыхджын у! Уый тыххæй йыл зарæг Ыскодтон æз. Нæ мын уыдзæн хатыр; Фæлæ йæ сау фæнд раргом уыдзæн ныр. Чысыл мæм байхъус... азарон... (Цудгæ сысты, йæ кьухы агуывзæ, хьавы зарын.) Кристиан. Ныууадз æй... Фæцæуын æз. Линьер. Кæдæм? Кристиан. Вальвермæ. Линьер. Уыцы къадзæй Цы домыс ды? Уый амардзæни дæу! (Иæ цæстытæй амоны Роксанæмæ.) Уыныс, дæумæ кæсы. Æрсабыр у, фæлæуу! Кристиан (ложæмæ скæсгæйæ). Лæууын. (Чызгмæ æдзынæг кæсгæйæ баззайы.) Къæрныхты къорд куы фены Кристианы хæлиудзыхæй лæугæ, уæд æм сæхи хæстæг байсынц.
с<о <<ф» <<ф ьг<д «фь (<ф> м>> сф» ь} 393 (^ <-«*/*>) г<*/<Ъ) (.*/*> с*/вУ <<Ф') <Ф» <<Ф) СЧ> Линьер. Æз лидзон, цæй. Сæндон æнхъæлмæ Кæсы мæнмæ! (Ацæуы цудгæ.) Л е - Б р е (залы æрзилгæйæ, раздæхы Рагномæ; разыйæ). Иæ кой дæр нæй, æнхъæлдæн. Рагно (дызæрдыгæй). Мæ-гъа... Ле-Бре. Æвæццæгæн, афишæтæ нæ каст. Хъæлæс. Кæд райдайдзыстут? Фескъуыйы мæ маст! Æртыккаг фæзынд У ы д о н та, æнæ Линьерæй; деГиш, Вальвер, стæй Монфлёри. Фыццаг маркиз (уыиы:деГишрацæуыРоксанæйыложæйæ, цæуы партерыл, йæ алыварс — козбау уæздæттæ, уыдонимæ виконт де Вальвер дæр). Уыныс, де Гишы алыварс куыд зилынц! Дыккаг маркиз. Кæс-ма сæм, кæс, сæ къæдзилтæ куыд тилынц! Цæй гаскойнаг у уый? Фыццаг маркиз. Хæд-зонд æмæ уæзбын. Тырны æнтыстытæм. Йæ нысанмæ лæгæрды. Æмæ йын бантысдзæн... Уынаффæ дын кæнын: Цæуæм, йæ разы ’ркъул кæнæм нæ сæртæ. (Фæцæуы де Гиишæ.) Дыккаг маркиз. Нæ цытджын граф! Нæ ныфс дæ дьг, куыннæ! Дæ намысæн æвдисæнтæ - дæ ленттæ. Сæ хуыз цы у? - «Бæлоны дымæг», нæ? Фыццаг маркиз. Нæ, уый хуыйны «пъа кæн мæнæн, Лизеттæ». СОС9О9рОООр9О90009С9С2О(?0рО
394 <$^№^#*^№ (?>) ’о^/у ’ ($ь> ^Х^) ^<Х';> ’&Ху <Фэ <Ф*> ’ <$) Де Гиш. Æцæгдзинад уæ дыууæйæ дæр дард у. «Рынчын испайнаг». Фыццаг маркиз. Хорз ном у, сыгъдæг. Ныртæккæ уымæн стыр нысан и царды. Рæхджы фыдхæсты де ’хсарæй æцæг Испайнæгтæ ныцъцъæх уыдзысты! Дыккаг маркиз. (худгæйæ). Раст дæ! Де Гиш. Уæ ныхæстæй мæ зæрдæмæ ныккастæн. Ныр цомут, актрисæтæн истытæ зæгъæм. Æнхъæлмæ нæм кæсынц. (Фæцæуы фæссценæмæ, йæ фæстсе маркизтæ, дворянтæ; фæстæмæ фæкæсы æмæ дзуры.) Вальвер, цæуæм? Кристиан (хъуыстасæ, ныр,уыцыномфехъусгæйæ, фестъæлфы). Вальвер! Цъаммар! Йæ цæсгомыл ныццæвон... (Иæ къух йæ дзыппы атъыссы æмæ фæхæст вæййы къæрныхы къухыл. Фæзилы.) Цы? Дзыпкъахæг. Уæу! Кристиан (нæ йæуæгъд кæны). Æз агуырдтон æрмкъух. Дзыпкъахæг (кæугæ-худгæйæ). Фæлæ дзы разынд къух. (Иæ хъæлæсы уаг ивгæйæ, тагъд-тагъд æмæ сабыр.) Æрыхъус-ма... Куы мæ суадзай, уæд дын Зæгъдзынæн иу хабар... Кристиан (нæ йæуадзы). Цы хабар у?
6у лф/^ <»»/*> ?*/*'.) сОС’у («*/«>; («*/"}. (<0(<Ч> <^ Дзыпкъахæг. Тæрсын, Мыййаг, Линьер... Кристиан (кьух нæуадзы). Линьер? Цы кæны уый? Дзыпкъахæг. Куы зæгъон Æргомæй æз, уæд уый фæстаг бон у нæ зæххон. Йæ зарæгæй уый бафхæрдта кæйдæр, Ныр бабадтысты марджытæ йæ разы, Сæдæ лæджы... Æз семæ... Кристиан. Сар кæны дæ сæр, Æлгъаг цъаммар! Дзыпкъахæг. Æцæг зæгъын, нæ хъазын: Æфхæрд хицау дзы исдзæни йæ маст. Кристиан. Зæгъ мын æй, чи у? Дзыпкъахæг. Ме ’фсарм бар нæ дæтты. Кристиан (худгæ, дисхуызæй). Дæумæ - æфсарм? Дзыпкъахæг (йæхицæн аргь кæнгæйæ). Ис махмæ дæр уæздæттæ! Мæ куысты æз сыгъдæг дæн æмæ раст. Кристиан. Зæгъ мын, кæм бадынц рæсæны лæгмартæ? Дзыпкъахæг. Кæд Нелы мæсыг зоныс? - уый чъылдыммæ уартæ. Фæлæ йынзæгъ... Кристиан (суадзы йæ). Кæм æй агурон ныр? Дзыпкъахæг. Уый сæндæтты вæййы!
(у '«Хэ <$ъ ^Х’у 'фХ<2> *Х*-> ’&Хъ <Фэ "(’г) Кристиан. Ныр сæндæттыл кæм зилон, Куынæ сæ зонын, уæд? Дзыпкъахæг. Уый фесæфдзæн, мæгуыр! Фæлтау ызгъор, æрзил, уадз акæла дæ пиллон, Фæлæ йæ ссар! Сæндæттæ бирæ нæй, Сæ нæмттæ дын зæгъдзынæн! «Урс хæрæг», ыстæй «Дыууæ цырагъы нуазæндон», сæ фæстæ «Æртæ зæрин хъуырдзæвæны сæндон», «Кæрдæгхуыз дзæргъ»... Æнтъæргæ тагъд йæ фæстæ, Кæндзынæ кæннод сар æмæ фæсмон. Кристиан. Тæхын! Тæхын! Ыстыр фыдбылыз хатын. Æлгъаг ми у сæдæйæ иу лæджы раз бадын! (Уарзгæйæ бакæсы Роксанæмæ.) Куыд ныууадзон уый ам?.. (Мæстыйæ бакæсы Валъвермæ.) Уый ам ныууадзон æз? Фæлæ тæхон: Линьеры фервæзын - мæ хæс! (Ацæуы тагъд-тагъд.) ДеГиш, Вальвер, маркизтæ, уæздæттæ- иууылдæр ацæуынц æмбæрзæны фæстæмæ, цæмæй æрцахсой сценæйы æвæрд бадæнтæ. Партер байдзаг. Галерейтæ æмæ ложæты иу уæгъд бынат дæр нал и. Публикæ. Гъей, афон у! Кæм ыстут? Райдайут! Æгъгъæд! Г о р æ т а г (йæ парик ын паж æнгуырæй фелвæста). Цы хабар у? Мæ парик! Худинаг уын уæд! Хъæлæстæ (публикæйæ). Сæрæн лæппутæ! Ха-ха! Йæ куысыфтæг цæгæр_у! Г о р æ т а г (йæ къухæй æртхъирæн кæны} мæстыйæ). Цæстфæлдахæг! Хъæлæстæ (публикæйæ). Ха-ха!
0» <<ф) Ь6Ъ <?ф <г,ф ЪГ*д (<ф) <ь/*о С>> 397 Ц, г«/^ («»/«>; «>/*> (^ СЧХ^ С'>ХЧ> 0»/^ <Ч> Горæтаг. Мур ницы ис дæ сæры! Хъæлæстæ (публикæйæ). Ха-ха-ха-ха! Хъæртæ æмæ худын фæсабыр вæййынц. Ле-Бре. Фæсабыр зал æваст... Цы нысан кæны уый? Театрдзаутæй йын иу йæ хъусы цыдæр дзуры. А-а! Театрдзау. Ныртæккæ федтон раст. Сусу-бусу публикæйы. Мæнг у! -Нæй уый гæнæн! -Æхгæд ложæйы, уалæ!.. - Ысс... Сабыр! - Кардинал! - Ныхъхъус ут! - Кардинал! Паж. Гъеуый дын, гъе! Уæлдай ыстæлфæн нал и! Цы ма скæнæм фыдуаг митæн амал? Сценæйы цыдæр хойынц. Зал ныссабыр. Æнхъæлмæ кæсынц. Фыццаг маркиз {сценæйæ æмбæрзæнызыхьхъырæй йæсæр радаргæйæ). Къæлæтджын тагъд! Бандон ын адæттынц сæ сæрты къухæй-къухмæ. Маркизæй айсы æмæ фæаууон, раздæр цалдæр уæлдæфон пъайы ложæмæ арвиты, афтæмæй. Фыццаг театрдзау. Æрбахгæнут-ма дуар! Дыккаг театрдзау. Ыс-с!.. Сабыр. Ысс, дæ дзых æхгæдæй дар! Хойынц та æртæ хатты. Æмбæрзæн хæрдмæ ссæуы. Маркизтæ бадынц уæгъдибарæй сценæйы кæрæтты. Фæстаг декораци, пасторалы куыд æмбæлы, ахæм фæлмæн æрвхуыз ахорæнтæй. Цыппар къаннæг хрусталь люстрæйы рухс кæнынц сценæ. Скрипкæтæ цæгъдынц аив мелоди.
398 у^^^^^^^^з («•> <«Х'Э «?Х*У (Г*Х^ С«*Х^ С*/^ <<*/^ «/*) ('?) Л е - Б р е (сабыр, Рагномæ). Ам Монфлёри фыццаг рацæуы? Рагно. О, æнæмæнг. Ле-Бре. Нæ зыны Сирано. Кæм уыдзæни? Рагно. Ыскæнæг, Æз фембылд дæн! Ле-Бре. Уæдæ дæ къух æри! Уадындзты цагъд. Сценæмæ рацæуы Монфлёри. У боцкъайау тыппыр. Йæ уæлæ - фыййауы дарæс, йæ сæрыл - зулаивæй конд шляпæ розæтимæ. Цæгъды волынкæйæ, ууыл - алыхуызон лентытæ. П а р т е р (æмдзæгьд кæнгæйæ). О, Монфлёри! - А! Браво, Монфлёри! Монфлёри (акувы адæмæн,райдайы Федоныролъ). «Уæдæ куыд амондджын ысты, зæххыл хæдбарæй Æнцад чи цæры, уыцы буц адæм, изæр Куы дымы ирдгæ, стæй сыгъдæг ыстъалы тарæй Куы фæзыны кæмдæр...» Хъæлæс (партерæй). Æнаккаг, гъей! Æви дæуæн нæ уыд фæдзæхст, Цæмæй дæ иу мæй ма фена мæ цæст? Зал базмæлы. Иууылдæр фæстæмæ ракæсынц. Хъæлæба. Хъæлæстæ (публикæйæ). Цы хабар у? Цы ’рцыд? Кюижи. Нæбодзууый! Ле-Бре (тарстхуызæй). Мæ хуыцау! —Уый Сирано у! Хъæлæс. Ам та дæ, нæ быдзæу? Æвзæр, нæ дын загътон, цæмæй
(^ «ф>)ч оФо ’ (»/*»ч сО^ еОбу («*Х*> (<*>; ’ «*> Ды иу мæй ма хъазай? Ныр дын дæ тæрхон Кæнын дывæр. Дыууæ мæйы дын нæй Цæуæн æмгæрон сценæмæ! Куыд зæгъон, Ды афтæ кæн! Цæй, ахъуытты у тагъд! Æппæт публикæ (мæстыйæ). Ау, уый та куыд! Монфлёри. Ныббар, фæлæ... Хъæлæстæ (публикæйæ). Уый къахы загъд! Хъæлæс. Нæ сæттыс, нæ? Хъæлæстæ (публикæйæ). Æгъгъæд! - Дæ хъазын Ног райдай, Монфлёри! - Хъаз, - мацæмæй тæрс ды! Хъæлæс. Уæдæ-ма бафæлвар сыбыртт кæнын мæ разы! Хъæлæстæ (публикæйæ). Ныссабыр-ма ут! Хъусын нæ фæнды! Монфлёри (лæмæгьхъæлæсæй). «Куыд амондджын у, æрдзы чи цæры хæдбарæй...» Хъæлæс. Уынын, сæрхъæн, дæхи куыд нæмын кæныс барæй. Цæттæ дæн æз! Мæ цым лæдзæг - хъæбæр. Партеры чи лæууы, уыдоны сæрмæ фæзыны къух даргъ лæдзæгимæ. Монфлёри (йæ хьæлæс мæллæгдæр кæны). «Куыд амондджын у, æрдзы...» Лæдзæг тилæгау кæны. Хъæлæс. Дзурыс ма уæддæр? Партер. О-гъо!.. Монфлёри (уынгæгхьæлæсæй). «Куыд амондджын у...»
400 (?и(^\^^\(^^ (у ’ «*&> <*Х^ '<*ХЬ '«*&> <'/У <Фэ °*.& Ф Хъæлæс. Хæйрæджы фæддзæгъдæн! Мæ маст фыцы! Æрбайсæф тагъд! Фыдæх дæн... Æваст фæзыны С и р а н о, сгæпп кæны бандонмæ, къухтæ йæ риуыл - дзуарæвæрд. Йæ шляпæ сæрыл - хъал сагъд. Пыррыкрихи, æнахуыр, тасуадзæг фындз. Иууылдæр æм æдзынæг кæсгæйæ баззадысты. Цыппæрæм фæзынд У ы д о н, С и р а н о, стæй БельрозДодле. Монфлёри (маркизтсен). Æххуыс, уæздæттæ! Фыццаг маркиз (куыдфæидыйæ). Хъазгæ! Сирано. Бафæлвар æрмæст, - Уæд фендзынæ, куыд хорз у над æмæ ыссæст. Дыккаг маркиз. Æгъгъæд у! Сирано. Э! Цы дзурынц уый маркизтæ? Гыццыл сæ аууæрдин? Ыстонин уын уæ систæ? Мæстыйæ мæ нæма федтой, бæлвырд. Маркизтæ (сыстынц). Дæ куыст кæн, Монфлёри! Сирано. Нæ! Загътон æз мæ дзырд. Цæуæд, кæннод дзы сараздзынæн уырд. Кæйдæр хъæлæс. Уæддæр... Сирано. Цæугæ! Æндæр хъæлæстæ. Цæй тыххæй... - Ма кæн джихтæ!..
0» оф) <гф) <7ф) Гф.) (<ф>) ЬГ*о (ф,) Ь>} (*э <<ф>) еф>) («»/*») &}<>> е*х«у <<Фо <<*У<а «*) Сирано. Цы? Ам ма дæ? Уый тынг хорз у, хъæцциц! Ныртæккæ фестдзæн уе сценæ къæбиц. (Иæ дыстсе батулы.) Æз ацы руды скæндзынæн кæрдихтæ. Монфлёри (фселвары йæ иамыс хъахъхъсенын). Нæ, ахæм хыл уæздан лæджы ми нæу! Ам Талия æрцыд æфхæрд мæ номæй. Сирано (тынгуæзданæй). О, нæ, мæ хур! Куы дын зæгъон æргомæй, Уæд музæ курдиатæй не сбуц кодта дæу. Куы дæ фенид, æнтыды боцкъа, ’фсæстæй, Уæд дыл ныццæвид годзы къах фырмæстæй. Партер. Ныууадзут! - Монфлёри! - Йæ куыст кæнæд! - Æгъдау! С и р а н о (йæ цуры чи хъæр кæны, уыдонæн). Мæхи бар уадзут мæн, уæ хорзæхæй, фæлтау. Зæгъгæ, мæ зæрдæ бахауди фыдмасты, Мæ кард та уæд йæ кæрддзæмæй ыскасти! Зылд уæрæх кæны. Б а р д з (фæйнæрдæм алæугæйæ). Э!.. Макæн!.. Сирано (Монфлёримæ). Фесæф! Хъæлæс (публикæйæ). Хивæнд у æгæр. Б а р д з (Сираномæ бырсгæйæ). Æгъгъæд! - Фæсурæм æй! С и р а н о (раздæхы сæм). Ам чи дзуры хъæбæр? Ног та фæстæмæ фефсæрынц. X ъ æ л æ с (дард къуымæй, зары). Тыхлæг дæ, Сирано, Дæ тæссæй лæг нæ ризы, Цыфæнды кæн, уæддæр Мах фендзыстæм «Клоризæ». 26
402 о>) «>х& ьг*ь (Ф> ('Ф» СгФ» ('Ф» ('Ф> °>) С^> ^ №> сда с*Х^ е*У^ ^; «*ХЬ со Публикæ (зары). «Клоризæ» нын, «Клоризæ»! Сирано. Уæдæ-ма сзарут, цæй... Кæфты цагъд уæ кæнын... Горæтаг. Самсон дæ, и? Сирано. Фыддæр. Дæ дзоныгъ дын сæттын. Цæй, куыд? Æхсин (ложæйы, иннæмæн). Цы хорз у! Ам цыдæр æрцæудзæн дисæн. Горæтаг. Æз ахæм диссагæн фыццаг хатт дæн æвдисæн! В ельможæ. Æбуалгъ хъаугъа! Паж. Худæджыхос! Фыццаг театрдзау. Ой, бæллæх! Дыккаг театрдзау. Æнхъæлдæн, пьесæ райдыдта дзæбæх. Сирано. Ныхъхъус ут! Партер (мæстæлгъæдæй). Ха-ха! -Хъихъри-хъу! -Гъæу-гъæу!.. Хи-хи-хи!.. Сирано. Ныхъхъус ут! Пажтæ. Ми-ау! - Къуымы сих и!.. Хъæлæба. Сирано. Ныхъхъус ут тагъд! Лæгтæ кæд ыстут, уæд Хæцынмæ а лæппу æгас партермæ сиды. Цы зæгъут, цæй? Кæй зæрдæ уæ æхсиды? Лæгдæр уæ чи у, уый мæ быгъдыуан фæуæд. Бæгуы лæгтæ, ыслæуут тагъддæр рады.
о»^^ 3< V** ^Ф^+Ф*^) 403 Мæ кард цыргъ у. Хæцæнбынат - уæрæх. Фыццаг уæ чи у? Ды? Нæ дæ фæнды? - Уый зæгъ! Ды та? - Ды дæр? Цæй, дуэлист уæм хаты. Ныфсджындæр чи у ам? Кæмæ цæуы мæлын? Ысласæд кард - æнхъæлмæ йæм кæсын! Ныхъхъус ысты. Ныхъхъус ыстут? - Куыд хæссут уый уæ сæрмæ? Æви кæнут æлвæст кардæй æфсæрмы? Уый хорз æфсарм у! Уый ызнагæн у æхцон! Уæдæ нæй уе ’хсæн иу лæг дæр, - нæртон, Уæд æз мæ хъуыддаг ахæццæ кæнон? (Разшы сценæйы ’рдæм, уым Монфлёри сæргуыбырæй æнхъæлмæ кæсы, хъуыддаг цæуыл ахицæн уыдзæн, уымæ.) Мæ фæнд у ахæм: театрмæ æмгæрон Куыннæуал цæуа ацы бызычъи! Æммыст, Нæ ахъуытты, уæд ницæйаг гæлдæрæн Мæ ланцетæй фæкъæртт уыдзæн йæ дымст! (Æвналы шпагæмæ.) Монфлёри. Æз... æз... С и р а н о (æрхизы бандонæй, бæстон ыл æрбады, йæ алыварс цы адæм æртыгуыр, уыдоны астæу). Æрыхъус-ма? цæлхыдзаг мæй; æз дын Зæгъын мæ хъуыды, - бадар æй дæ зæрдыл; Æртæ хатты æрмдзæф кæнын, Ыстæй æваст фæдæлдзæх у. Æвзæр дыл Нæ тыхсын. Монфлёри. Уанцон... С и р а н о (æрмдзæф кæны). Иу! Монфлёри. Фыццаг уал мæ зæгъын Куы бауадзис...
404 Г«>) <<ф) <<*№ ('*Х*>:> (гФ» <ТФ> ('-Ф'> °*№ '’О С*> г*Х*> «*Д> с*Х*у ад г«*ХЪ> ^^ 6ч&> <-0 Хъæлæс (ложæйæ). Æрлæуу! Цæмæн хизы дæ сæрты? Хъæлæстæ (пармерæй). Нæ ацæудзæни! - Ацæудзæн! Сирано. Дыууæ! Монфл ёри. Хуыздæр уыдзæн, æвæццæгæн, мæнæн... Фæлæ нæ зонын æз, цы бакæнон... Сирано. Æртæ! Монфлёри фæдæлдзæх, цыма люкы ныххауд. Худын, æхситтытæ, хъæртæ. Хъæлæстæ (партерæй). Тæппуд! -Æгуыдзæг! - Фидиссаг! Лæгæн Уый худинаг у! - Тагъд фæстæмæ рацу! С и р а н о (бандоныл йæхи ауагъта, йæ късехтæ - дзуарæвæрд). Бæгуы, ныртæккæ раздæхдзæн! Æдас у. Горæтаг. Оратор рацæуы. Хъæлæстæ (ложæтæй). Бельроз!.. Бельроз! Хъæлæстæ (партерæй). Нæхъæуы! Жодле кæм и? - Æви нæм уый нæ цæуы?! Б е л ь р о з (тасгæ-уасгæ). Æхсинтæ, хорз адæм... Хъæлæстæ (партерæй). Ды авд дæлдзæх ныххау! - Жодле нæм рацæуæд! Ж о д л е (рацæуы размæ, æнуд хъæлæсæй). Сыкъаджын фос, цы кусут? Хъæлæстæ (партерæй). О! Браво! -Браво! Жодле. Цæй, æгъгъæд! Ныхъхъус ут!
(*>> <Ф» <Ф>) (»Х*э (мд*у №у С"Х^ С’ОС^ ф Нæ трагик ацы бон йæ чемы нæй... Бецау, Æваст фæрынчын. Хъæлæстæ (партерæй). Амæлæд фæлтау! Жо дле. Уый ацæуын хъуыд. Хъæлæстæ (партерæй). Раздæхæд фæстæмæ! Цалдæр хъæлæсы. Лæууæд! Нæ хъæуы! Æндæр хъæлæстæ. Сæфтдзаг у, уæдæмæ! Горæтаджы фырт (Сираномæ). Зæгъ-ма, уæддæр цæуыл фыцы дæ маст, Цы кодта Монфлёри? С и р а н о (бады, зæрдиагæй). Мæ гыццыл карк, ныббар мын, - Нæ федтон дæу! Фæлæ куы зæгъон раст, Уæд уымæ æз дыууæ аххосы арын: Фыццаджыдæр, мыздыл кусы æрмæст, Уый трагик нæу, хуыгæсæн дæр нæ бæззы, Куы йæм кæсай, уæд дыл ныббаддзæн пъæззы. Ыстæй... Нæ, дыккаг азым сусæг у, æмбæхст. Горæтагзæронд лæг (Сиранойы фæстæлæугæйæ). Ау, уый та куыд! Ды загъд къахыс фыдæхæй, Цæмæн уæм мах та пьесæйæ æнæхай? С и р а н о (æд бандон æм разилы, уæзданæй). Баро, уæ фыссæг, тутт лæг у, къуымых, Цы фыссы, уый - зæронд æмæ фæлвых. Æвзæр пьесæ нæ федтай, - уæд хуыздæр у. Сылгоймæгтæ (ложæты). Цы дзуры уый? - Баро! - Уый фысджытæн сæ сæр у! Баро! - Нæ зæд! ^Суыд фауынц уый? - Фыддзых!.. С и р а н о (æд бандон азилыложæты ’рдæм, фæлмæн хъæлæсæй). Уæ хорзæхæй, нæ рæсугъд буц æхсинтæ, Цæрут уæхицæн хъæлдзæгæй дзæбæх,
я-ио г«>> ’ъх^ (гФ> (г»х*> (,Ф>> (гФ» ('>№ (’ф) °>) (Я> г,)/^ (^ оО^ ад <■«*/*> с*^ ««ХЪ с<?; Хæссут нæ удтæн амонд æмæ цинтæ, Нæ зæрдæты нын басудзут фыдæх; Æрттивут хурау, дидинæг æфтаут, Артистты куыстыл бафтаут тæмæн, Поэт сымахыл зарджытæ кæндзæн, Æрмæст поэзийæн тæрхонгæнджытæ ма ут! Бельроз. Цы кæнæм ныр? Уынгæджы ран фæдæн: Æхца фæстæмæ байуарын хъæудзæн! С и р а н о (бандоныл разилы). Гъеуый хъуыддаг у! Раст зæгъыс, Бельроз, Æмæ дын æз æрымысдзынæн хос. Зон, Мельпоменæйы пæлæз лæзæрын Нæ бауадздзынæн æз, - æмпъузæн ыл æвæрын. Мæ чыссæ уын, хæц ыл! Ныр фидыд ыстæм, и? (Чыссæ сценæмæ æппары.) Æппæт театрдзаутæ (дисгæнгæ). Гъе, уый дын, гъе! - Уæздандæр лæг кæм и! Ж о д л е (чыссæ ацахсгпа, йæ уæз ын кьухæй фæлвары). О, ахæм аргъ куы фидай, уæд Кæнæд дæ амæттаг кæддæриддæр «Клоризæ». Публикæ æхситт кæны. Уæд ныл фыдæх æмæ фырдисæй Уадз публикæ цыфæнды ’хситт кæнæд. Бельроз. Мах курæм, адæм, зал ысуæгъд кæнут. Жо дле. Ай-гъай, Спектакль ахицæн и. Мачи уæд тæргай! Адæм хæлиу кæнынц. Сирано, йæхицæй разы уæвгæйæ, кæсы алырдæм. Уалынмæ иуæй-иутæ æрлæууынц, дарддæр цы диалог цæуы, уый фехъусгаёйæГСылгоймæгтæ ложæты сыстадысты, сæ пæлæзтæ скодтой, фæлæ фæстæмæ æрбадтысты ныхасмæ байхъусыны тыххæй. Ле-Бре (Сиранойæн). Ды сæрра дæ, бæлвырд! оое^о^оое^оо^ашоо^оеосоеооосос^ороеоооеоеоез
г^ (й/^ <*/«>> («»/*>> ^л^ сда С'*Х«у (<*Х<ч> «*> 407 Дзæнгæдацæгъдæг (бацæуы Сираномæ). Куы дын зæгъон æргомæй, Уæд ахæм загъд нæ батайдзæн лæгæн. Нæ зоныс, Монфлёри Кандалимæ æнгомæй Кæй цæры, уый... у герцогæн лымæн! Сирано. Цы давы уый? Дзæнгæдацæгъдæг. О стыр хуыцау, цы хъусын! Мæ коммæ бакæс: ацу, ма у ам хæстæг... Фæлæ дæ сæрылхæцæг чи у, йе дæ хъузон? Сирано. Æппындæр ничи. Дзæнгæдацæгъдæг. Ничи? Сирано. О. Дзæнгæдацæгъдæг. Æцæг? Сирано. Æгъгъæд фæуæд! Цæуыл систай фæдис? Æви ныллæууæм уый тыххæй быцæуыл? Сæрылхæцæг мын нæй æмæ нæ хъæуы. (Карды фистоныл æрхæцыд.) Фæлæ мæнæн ныфсдæттæг ис! Дзæнгæдацæгъдæг. Тæрсын, дæу нын фæтæрдзысты нæ бæстæй!' Сирано. Уый фенгæйæ у! Дзæнгæдацæгъдæг. Герцог дæм ысмæсты, Уæд бабын лæг. Æгъатыр у, тызмæг. Æниу кæуылты у йæ хъомыс! Дæхи дзы хиз. Æви нæ зоныс, Йæ къух куыд даргъ у, уый....
408 (*>) <<,&> (<*х<) (с*х*:> <гФ> ы** (гФ> °ф> г'>) (<■>> О^у (фэ С.*Х^, (*Х<;> С«/У (<Ф;) «*/«> «*) Сирано. Цыфæнды уæд, Уæддæр нæ уыдзæн ацы къухæй даргъдæр, (Амоны йе гипагæмæ.) Куы йын уа ахæм хорз æмхасæн, уæд! Дзæнгæдацæгъдæг. Æнхъæлыс, ды... Сирано. Æнхъæлын, о. Дзæнгæдацæгъдæг. Хатыр фæуæд, Фæлæ... Сирано. Хатыр нæ уыдзæн, фæлæ тагъддæр Сæпп кæн мæ разæй. Дзæнгæдацæгъдæг. Уанцон нæу, æз дын... Сирано. Цæугæ. Дзæнгæдацæгъдæг. Æз дын... Сирано. Фæдæлдзæх у, зæгъын. Дзæнгæдацæгъдæг. Фæлæуæддæр... Сирано. Дæ дзæнгæдайæ стыхстæн. Цæй, ахъуытты у, науæд атæхдзæн дæ бындз, Æниу, фæлæуу. Нымдзаст мæм дæ, зæххыстæн: Зæгъ-ма, цы диссаг у мæ фындз? Дзæнгæдацæгъдæг (фæтарст). Æз æм кæсын? С и р а н о (бырсы йæм сабыр). Тæссаг цæмæй у уый? Дзæнгæдацæгъдæг (сыдз-мыдзы цæугæ). Ныббар мын, Рæдийыс ды...
Ц» «*>; <*/*> (■•*/*> №* («’У’у С-*ХЧ> С’О’’Ч» <?*> С и р а н о (размæ цæугæ). Цы, дам? Нæ бацæудзæни армы? Йæ бынаты нæй, цы? Æви зылын у, къæдз? Дзæнгæдацæгъдæг (йæхифæстæмæласгæйæ). Мæ зæрды уый нæ уыд... Сирано. Цы дæм фæкасти? - Хæдз? Æви йæ фенхъæлдтай зæронд пылы хæтæлфындз? Иæ фæрстæ кæд хæфсы хъустау ыстæлфынц? Дзæнгæдацæгъдæг. Æппындæр æз... Сирано. Кæд æй дзывыр хоныс, мыййаг? Йе халоны бырынкъ? - Кæфой, кæнæ фыййаг? Цыбырныхасæй, худæг дзы цы ссардтай? Дзæнгæдацæгъдæг. Æппындæр ницы. Сирано. Бакæс-ма йæм дардæй, Ау, ахæм диссаг никуы уыд зæххыл? Дзæнгæдацæгъдæг. Нæ йæм кастæн, зæрдиагæй зæгъын. Сирано. Цæуылнæ уæд? Цы дзы уыныс æвзæрæй! А-гъа, æлгъ ыл кæныс? Дзæнгæдацæгъдæг. Куы нæ... Сирано. Уæддæр æй Цæмæй фауыс? Цъæхбын у æви сырх? Дзæнгæдацæгъдæг. Æппындæр нæ... С и р а н о . Тъæпæн у æви цыргъ? Дзæнгæдацæгъдæг. Цæмæн...
410 (ъ>) Г«,у#о С^У«д СчУ’^ Ыю 6я{о) (<ф>) <<*(*>) (<,\ ф г*»Х<ь, <ь»х«5> сда с«*Х^ сад с<*Ху <<*Х*> С’О Сирано. Зæгъ-ма, уæдæ цæуыл фæхудт дæ зæрдæ? Æви кæд асæй басгуыхти æгæртæ? Дзæнгæдацæгъдæг (тсессæйæрхæцгæ). Нæ, нæ! Гыццыл у уый! Гыццыл!.. Сирано. Ау, уый та куыд! Аипджын дæн, цæнкуыл? Мæ фындз - гыццыл у? Уый дын, гъе! Дæ сæры, Æвæццæгæн, йæ гыццыл магъз нывзæр и, Æндæр ды фау куыд æвæрыс мæныл. Дзæнгæдацæгъдæг. Мæ хуыцау! Сæфын! О! Сирано. Мæ ныхас раст у цирхъау, Мæ фындз дынджыр фындз нæу, фæлæ æвирхъау! Ды та, хуыфындз, дæ зæрдыл дар: Æвирхъау фындз æцæг лæджы нысан у, Æвдисы уый лæджыхъæд æмæ ’хсар: Кæуыл ис, уый ныфсджын æмæ уæздан у. Ды та æдзæллаг дæ. Кæд афтæ нæу, Уæд уый ныртæккæ бауырндзæни дæу. (Дзæхст æй кæны, кьахы цæфæй йæ расхойы.) Дзæнгæдацæгъдæг (лидзгæ-лидзын). Фæдис! Фæдис! Сирано. Гъеуый та уын цæвиттон. Уынуг, мæ фындз мын чи скæны дзырддаг, Æз уыдонæн сæ хæс æвæстиатæй куыд фидын. Фæлæ уæндаг куы разына, мыййаг, Уæ уæздæттæй, æлдар кæнæ уæлдæртæй, Уæд уый дзæхстыл нæ баззайдзæн, - æз ын Мæ кардæй раст ыссардзынæн йæ зæрдæ. Мæ ахуыр афтæ у. Де Гиш (сценæйæмаркизтимææрхизгæйæ). Кæсын, Богъдаби ахызт арæнтæн сæ сæрты. с^^^ососо^тор^^ор^^^^^^^^^^^^^
(л> <-«/*>) **/*>> «фэ (ф>) с»Х^ («>Х'г/ сО’’-у «*> В а л ь в е р (йæ уæхсчытæ фенцьулгæйæ). Æдзæсгом фанфарон! Де Гиш. Дзæбæх зæгъæг ын нæй! В альвер. Мæ бар æй уадз, æз æй Хынджылæггаг ыскæндзынæн уæ разы, Æмæ йæм царды нал æрцæудзæн хъазын. (Бацæуы Сираномæ —уый сæм каст — æмæ йæразы загьдкьахæджы лæуд скæны.) Æрбайхъус-ма... Дæ фындз... Мæнмæ гæсгæ... дæ фындз Æгæр ыстыр у. Сирано (сабырæй). О, æцæг ыстыр у. В альвер (худы.) Ха-ха! Сирано. Уый - хорз. Дæ фидистыл фæтындз. Цы ма зæгъдзынæ? Ницы? Дзæгъæлы. Мæгуыр у Дæ ныхас уæд. Уый рауади къæрис Æмæ фæлвых. Фæлæ уыдис Дæ бон мæ фындзыл ахудын дзæбæхдæр. Æркастæ, зæгъгæ, хъуыддагмæ лыстæг, Мæ фындзæй уæд фæдзырдтаис бæллæхтæ. Æндæртæ дзы цы зæгъиккой æцæг? Зæгъæм, хылмондаг загътаид æнкъардæй: «Куы мын раттаид ахæм фындз хуыцау, Уæд æй бындзарыл акъуырин хæсгардæй». Æмгар зæгъид: «Цы мæгуыр дæ, бецау, Хæргæ-хæрын нæ ныббыры дæ къусы? Ыстæй, хъуыддаг куы бакæнай, уæд дæм, Цымæ, хæстæг куыд уадздзæни дæ усы?» Фыссæг зæгъдзæн: «Фындз нæу, фæлæ къуылдым!» Цымыдис бафæрсдзæни: «Курын, Зæгъ-ма, дæ цæсгомыл цы ис, Хуымпъыр у уыцы дзаума æви дурын?»
(*> '«Ху '<$*> о*Хз> '(*&> 'о*/ъ <Ф?> '<?/**> <■'*) Зæгъдзæни къленц: «Цы нывгæнæг хъуыдис, Цæмæй лæгыл ысныв кæна цæхæра!» Уæздан зæгъид: «Ды цъиуты лымæн дæ, Æмæ сын бадæнхъæд - цæттæ, Цæмæй йыл мæргъты бал æрцæра». Зæгъдзæн мæтгæнæг: «Дис мæм кæсы, дис, Дæ сурдымæн куы фæдымыс хæдзары, Уæд сыхæгтæ куыннæ сисынц фæдис: Ыскъæфут дон, нæ бынтыл нын æндзары!» Зæгъдзæни аудæг: «Дæ фындзмæ кæс хуыздæр, Цынæ вæййы, куы фæуæз кæна размæ, Уæд дуртыл асæтдзæн дæ сæр». Фæлмæнзæрдæ æрхæсдзæни ныхасмæ: «Цы дзæбæх фындз у! Залмысыф ыл дар, Æмæ йын хур нæ судздзæн уæд йæ цъар». Педант фæкæнид ахуыргонд ныхæстæ: «Уыд ахæм сырд, ис чингуыты йæ кой, Дæ хуызæн уыд æбуалгъы фындзой, Фæлæ нæ зæххыл аскъуыди сæ хъæстæ». Къуыдипп зæгъид: «Æвæццæгæн, зыдтай, Уæздан, æфснайдуарзаг лæппу дæн, Æмæ ды сарæзтай, ай-гъай, Дæхиуыл ауындзæн мæ худæн!» Фæкæнид дисгæнæг: «О æрдз æмæ йæ тыхтæ! О фындз! Дæу уазал бауадзынæн куынц Æмæ дымгæ æдых ысты. Хъæуынц Цæгаты хъызт, хъæпæн æмæ тымыгътæ!» Уæлмонц лирик та? - «Уадындз у дæ фындз, Æмæ дзы донычызджытæ цæгъдынц». Зæгъдзæн зæрдиагæй хуымæтæг: «Гъеуый дын дидинæг - сырхмæтæг! Тæхуды, уый æртон». Æнæууæнк бафиппайдзæн: «Зон, Æндæртæй хъаз мæ бæсты, Æз тынг хорз зонын - уыцы фындз ныхæст у». Уæдæ козбаугæнæг зæгъдзæн: рор^эеосоооросзсооос^^^^ор^^
Г^ <(«>>; <?•/*> <ф0 (ф0 <<ф0 г.ф0 (ф} <а) «Дæ хорзæхæй, нæ фыдæлтæй йæ фæстæ Кæмæй баззад хæстон мæсыг дæуæн?» Хъæууон ныхас: «Ау, уый фындз уа - æмæ куыд уыдзæн? Нæ уыдзæн, нæ. Кæуылты у йæ ас! - Хæлиудзых, уый картоф у, кæнæ нас! Фæлæ йын уæд цæй мидæг ис ысфыцæн?» Æфсæддон ныхас: «Саразут æм уарт!» Пайдагæнæг зæгъдзæн: «Мæнгард у цард, Дæ фындз хæснагæн тæразыл æрæвæр, Кæй фæуа, уый ыстыр хæзна хæсдзæн, Дæ пайда та - æртывæр!» Æппынфæстаг, о, ахæм лæг уыдзæн, Ыскæндзæн ницæмæйты драмæ, Æмæ фæзмдзæн цæссыгкалгæ Пирамы, Уый хъæр кæндзæн: «Æбуалгъ фындз! Дæуæн Æгас адæм æлгъыстытæ æрвитынц, Куыд цъаммар дæ, цæмæн кæныс лæгæн Йæ цæсгом ды зылын æмæ æвидыц? Дæ айнæгыл йæ рухс амонд ныппырх! Куыннæ кæныс дæ чъизи митæй сырх!..» Уыныс, лæгай, дæ бон цытæ уыди фæдзурын, Дæ сæры магъз куы разындаид, уæд. Æниу дæ чи уагъта лæхурын, Дæ дзых æваст æрцыдаид æхгæд. Д е Г и ш (хъавы тарст Вальверы акæнынмæ). Вальвер, ныууадз! В а л ь в е р (хуыдуг кæны). Æнæджелбетт, æнæхсæст... Уæздæттæй уа?.. Æрмкъухтæ дæр ыл нæй... Куыд дзуры мемæ уый! Сирано. Цæмæй дæн, цæ, æнæхсæст! В альвер. Нæ йыл алдымбыд, нæ - хызгонд... Сирано. Ды раст зæгъыс, уæллæй: Æз франт нæ дæн, къуыдипп митæ нæ зонын.
414 ф^*№^&^№ .^х^З Й) '^_ХУ Ф$ >/*> '<«&> '<«&> '«*&> «*Х'Э » Ыстæй, цы дæн, уый дарæсæй нæ дæн. Кæнгæ митæ уæлдай хъуыддæгтæ хонын. Фæлæ уæддæр нæй сау зæрдæ мæнæн, Нæ кæнын æз сыгъдæг цæсгомæй базар, Мæ уæлæ никуы баззади æфхæрд, Æмæ зæххыл уæздандзинад куы схъазар, Уæд ис мæнмæ ыстыр хæзна æвæрд: Æхсар - мæ худ, сæрибар та - мæ пæлæз. Дæ кад та - мулк, ды намысмæ нæ бæллыс! Дæ астæу уæд корсеты ’ххуысæй раст, Мæнæн та раст - мæ уд æмæ мæ зæрдæ, Мæ сæрыл худ зæронд æмæ лæзæрд у, Фæлæ, цæуыл ис, уымæй ничи кæны хъаст. Цæрын æз афтæ намыс æмæ кадæй, Мæ рæстдзинад зынаргъдæр у хæзнатæй! В альвер. Фæлæуæддæр... Сирано. Мæнмæ æрмкъухтæ нæй, Нæ сæ хæссын, ды сæ куыд дарыс, афтæ. Фæстаг æрмкъух мæ бахъуыди - æз æй Ныртæккæ иу æдзæсгомыл ныццавтон, Æмæ дæ бауырнæд, къæйных Æвиппайды æркъæпп кодта йæ дзых. В альвер. Фæлитой, цъаммар, ницæйаг, фæрак! С и р а н о (йæ худ сисы, сæрсей акувы, цыма зонгæ ксенынц). Дæхи мын бацамыдтай - бузныг. Æз та - де Бержерак! Иууылдæр худынц. В а л ь в е р (фыцгæйæ). Ды - хъазæнхъул, буффон! Тыхлæг, фæкæндзынæ фæсмон! С и р а н о (фесгпы, цыма дзы исты срысти). Уæй, уæй! В а л ь в е р (ацæуинаг уыд, фæлæ разилы). Цы загъта, цы? рррррдроросс^^ососоеос?^орооороррр^осое^дрде^
Оо (<ф> ЬГ») Мг> ЪГ*Ь <'*Г*Ъ (’фч ЪГ*» Ъ) 4 > Ъ- Л- Ъ- у> Ь- У> Ъ- <У -V <^ -V V -V V "^- \ (<у <ф) с#/ь) (;ф>) р»Х«у («*Х*у ('*Х«у «*>Ч> ^ Сирано (хъæрзæгау). Вæййы æдзухдæр афтæ: Æгуыстæй бандзыг и, цыдæр та йæ ныццавта. Уæу! Уæу! Вальвер. Цы дыл æрцыд? Ле-Бре (сабыр, Сираиомæ). Æгъгъæд у ныр! С и р а н о (нæ йæм хьусы). Кæны мæ сау кард ризæгæй зыр-зыр. В а л ь в е р (шпагæ сласы). Уый-хорз! С и р а н о (йе шпагæйæн). Цæй, куыд? Ысрухс та и дæ зæрдæ? Дæ бонæй у, - ныр калдзынæ цæхæртæ! В а л ь в е р (фидисау). Поэт! Сирано. Поэт дæн æз æцæг, Æмæ цæттæ у ’мдзæвгæйæн æрмæг! Зæгъ-ма, цы хонæм мах «балладæ»? В альвер. Уыймæн... Сирано. Ай-гъай, дæ хъуыдытыл нæ бады, Ныртæккæ дын æй равдисдзынæн æз. Дзæбæх мæм хъус, дæ дыууæ цæстæй кæс, Æз дын балладæ афыссон экспромтæй. Вальвер. Фæлæуу... Сирано. Куыд арæзт у балладæ, уый дæуæн Æмбæрст, хуыцауыстæн, уыдзæн. В альвер. Дæрзæг ныхас... Цы зæгъыс, уый æргомæй...
416 Ф^у&^\<*№^^ Сирано (уæздангомау). Балладæйы æртæ къуплеты ис, Къуплеты мидæг - аст рæнхъы цæдис. Вальвер. 0!0! Сирано (уыцыуагыл). Вæййы ма иу къуплет сæ фæстæ, Уый хонæм балхынцъ. В альвер. Ницæйаг ныхæстæ... Сирано. Ис балхынцъы цыппар рæнхъы æрмæст. Æмбарыс? Уæдæ хорз! Ныр райдайæм хæцын, Æмæ дын дзырд дæттын, Куыд фæуа балхынцъ, афтæ дæу рæмпъузын. Вальвер. Æгъгъæд! Мæ бон дæм нал у хъусын! Сирано. Æцæг зæгъын, фæстаг къуплет дæуæн Уыдзæн хъаймæт! В альвер. Мæнг зæгъыс! Сирано. Мæнг? Уæдæ, цæй, райдайæм! (Декламаци кæны.) «Балладæ Поэт де Бержерак Æмæ иу къуыдиппы хæстыл». В альвер. Цы ма у уый та? Сирано. Уый цы у, зæгъыс? Йæ ном. П у б л и к æ (тынг цымыдисæй). Уæдæ нæ цæуæм? - Бакæсæм. Театры бæсты Ам диссæгтæ уыдзæн. - Хæстæгдæр цом!
Ныв. Партеры - цымыдисты къорд: маркизтæ, афицертæ, горæтæгтæ æмæ хуымæтæг адæм хæццæйæ. Пажтæ кæрæдзи уæхсчытæм сбырынц, цæмæй сæм хуыздæр зына хæст. Сылгоймæгтæ лæууынц ложæты. Рахизырдыгæй - д е Г и ш æмæ йæхъузæттæ. Галиуырдыгæй -Ле-Бре, Рагно, Кюижи æмæ æ н д æ р т æ. С и р а н о (исдуг йæ цæстытæ бацьыид кæны). Фæгæдзæ кæн... А-гъа! Мæ рифмæтæ цæттæ сты. Табуафси, мæ балладæ фыссын. (Цы дзуры, уый кæны.) Уæздан мæ пæлæхсар худ исын, Мæ пæлæз иуварсмæ æхсын, Гъе, стæй лæджы нысан æвдисын: Мæ кард, цæхæркалгæ фæзын! Мæ арæхст дзæгъæлы цы ’мбæхсон? Мæ фезмæлд - арт, мæ къух - æндон. Фæлæ дæ рагацау фæдзæхсын: Цæвдзынæн балхынцъы кæрон. Кæнынц фыццаг хъавæнтæ. Бецау! Цæй хæцæг дæ? Уæддæр Мæ ныхмæ рабастай дæ гæрзтæ. Зæгъ мын, маркизæгты хуыздæр, Цы ран дын аныхон дæ фæрстæ? Ныр дын дæ базыртæ цæгъдон? Æви дæ агъд дæттыс мæ кардæн? А-гъа, бæлвырд мын у: дæ артæн Цæвдзынæн балхынцъы кæрон. Фæстæмæ?.. Уанцон нæу! Дæ хуыз Куы фæцыд цикъæйау, бæдæйнаг. Фæлæуу-ма, оцани кæныс Æви нæма федтай æфсæйнаг? Уыдтæ къæйных æмæ уæндон, Ныр мæм цы ныджджих дæ æнкъардæй? Дæ хъавд фæмæнг, æмæ дæ кардæй Цæвдзынæн балхынцъы кæрон. (Уæлмонцæй зæгъы.) 27
418 (<■>) <<,%& с*у«о (<*%«) с'Ф'> (гФ>> ('Ф> (Ф~> °>) ^) ^Л ВД? (ф;> (<#ъ №; ед? ^/^ С'-0 Балхынцъ. Хæрзбонтæ зæгъ, мæ хур, дæ цардæн. А-гъа! Нæма зоныс дæ бон? Уый - иу... дыууæ... æртæ... Дæ артæн Ныццавтон балхынцъы кæрон! Вальвер цудтытæ кæны. Сирано сæрæй акувы. Хъæлæба. Къухæмдзæгъд. Сиранойæн æппарынц дидинджытæ æмæ къухмæрзæнтæ. Афицертæ йыл æрæмбырд вæййынц æмæ йын арфæтæ кæнынц. Рагно фырцинæй кафы. Ле-Брейы цæсгом срухс, фæлæ уæддæр тыхст у. Вальверыл йæ л ы м æ н т æ фæхæцынц æмæ йæ акæнынц. П у б л и к æ (иу дæргъвæтин хъæр кæны). А! Афицер. Диссаг! Æхсин. Тынгхорз! Маркиз. Хорз æмæ цыргъзонд! Рагно. Нæмауыд ахæм! Ле-Бре. Уый æдылы ми уыд, сонт! Æмбырдтæ кæнынц Сиранойыл. Хъæлæстæ. - Иттæг хорз! - Браво! - Арфæ дын кæнын! - Фыццаг хатт ахæм сау диссаг уынын! Сылгоймæгтæ. Гъеуый дын лæг! Маркиз. Æцæг оригиналон! Рагно. Æмбал ын нæй! Ысгуыхт! Пирамидалон! Мушкетер (тагъдгомау бацæуы Сираномсе). Дæ къух дын исын... Фесгуыхтæ, уæллæй. Æмдзæгъд дын кодтон ацы ран фырдисæй.
о,^^^^^^^^ 419 (*>) ’ф^ 0ф>) («/V (<ф>) (ф) <<ф.) («»/*, Г«*> Цы нæ федтон дуэль æмæ хылæй, Фæлæ дзы ахæмæн нæма уыдтæн æвдисæн. (Ацæуы.) Сирано (Кюижимæ). Уый чи уыд? Кюижи. Уæртæ уымæй зæгъыс, уæд Уый Д’ Артаньян у, мушкетер. Л е - Б р е (Сиранойы къухыл рахæцы). Æгъгъæд. Ныр цом, мæ хæлар, адзурæм дæ митыл. Сирано. Фыццаг уал ауадз иннæты. (Белърозæн.) Мæнæн Мæ бон у баззайын? Бельроз. Уæдæ! Мæ хур, æрвитын Кæй цæсгом хъæцы дæу! Æддейæ хъуысы хъæртæ. Цы хъæр у уый? Цæмæн? Ж о д л е (æддæмæ акæсы, стæй æрбаздæхы). Мæгуырæг, Монфлёри! Уый хъазæнхъул у абон. Хынджылæг дзы кæнынц. Бельроз (зондамонæгау). Мæнгард у цард, тæбæгъы донау - амонд! (Æндæр хьæлæсæй, дуаргæсæн.) Ды амæрз зал, æфснайыныл фæтындз. Мах исты ахæрæм æмæ уæнгрогæй Уæд кусын байдайдзыстæм ногæй. Ж о д л е æмæ Б е л ь р о з ныллæг акувынц Сиранойæн æмæ ацæуынц. Дуаргæс (Сиранойæн). Нæ цæуыс?
420 («>) ^х*«) <'*х*ь ('>х*> (гф» ы«>> ('Ф>} °ф> Гг>) ф Го)/^ с*Х^ С-*Х^ С<*Х^ С'*/*> *»/*> <"«/*> С'*> Сирано. Нагъ. Д у а р г æ с ацæуы. Ле-Бре. Ныр сихорафон у дæуæн. Сирано. Æз абон сихорæй уæгъд дæн. Ле-Бре. Цыхуызы... Сирано (сæрыстырæй). Стонг нæ дæн! (Дуаргæс ацыд, уый федта æмæ йæ хъæлæс аивта.) Æхца мæм нæй - цы фидон? Л е - Б р е (цыма чыссæ æппары, афтæ). Куыд! Уыцы чыссæ... Сирано. О, фæстаг уыди æцæг. Мæ фыды пенси атахти, цæвиттон. Ле-Бре. Æххормагæй кæдмæ цæрдзынæ? Сирано. Лæг Æппæтдæр хъуамæ бавзара; нæ зæрдæ Куы фæриссы, уæд бамбарæм æндæрты. Ле-Бре. Уæздан! Фæстаг капекк æрра дæтты æрмæст! Сирано. Фæлæ мыл уыйхыгъд адæм ’рæвæрдтой сæ цæст! Буфетгæс (ысхуыфы буфеты фæстæ). Кых... кых... Сирано æмæ Ле-Бре уыцырдæм акæсынц. Чызг сæм бацæуы æфсæрм- дзæстыгæй. Уæ хорзæхæй... Цæмæн цæут ыстонгæй! (Амоны буфетмæ.)
^^^^^Ч^^^^^^/^Ч^^ 421 Табуафси... Ам алцыдæр уыдзæн Хæрд æмæ ронгæй... Æрмæст мæ сихорыл барвæссут мæнæн. С и р а н о (чызджы раз йæ худ сисы). Уæздан гаскойнæгтæ нæ фæисынц лæвæрттæ, Сæрыстыр ыстæм мах, фæлæ уæддæр Разы дæн æз, - цæмæй нæ фæхуда дæ зæрдæ. Зæгъын дын бузныг, амондджынæй цæр. (Бацæуы буфетмæ, æвзары.) Агуывзæйы дзаг дон. (Буфетгæс ын хъавы сæн æркæнынмæ.) Мæ бæлон, дон сыгъдæгæй. Ыстæй сæнæфсиры нæмыг. (Буфетгæсы фæнды цупал раттын.) Æгъгъæд! (Ратоны дзы иу гага.) Ныр та мын ацы гуыл... Æрдæг, æрдæг! (Ие ’мбис ын дæтты фæстæмæ.) Ле-Бре. Æдылы ма у! Буфетгæс. Айсут истытæ, æцæг! Сирано (Ле-Брейæн). Мæныл тыхсыс? Ды уадз æмæ уынæргъай, Æз та лæварæн райсдзынæн хуыздæр хай. (Буфетгæсæн.) Дæ хорзæхæй, дæ къух! Чызг йæ къух дæтты, Сирано йын пъа кæны принцессæйы къухау уæзданæй. Бу фетгæс. Нæ, хъæуы, о... (Реверанс кæны.)
422 с«^ «^ с^ <^и^\ ф*^*»^-**^) (*> ’ оф,} ’ <ф$ '<•*/*>) '(*/*>> '<«/*!> '&/<!> ’ <<Ф} С’О Хæрзбон... (Ацæуы.) Фæндзæм фæзынд С и р а н о, Л е-Б р е. Сирано (Ле-Брейæн). Гъеуый дын зæд! Ныр дзур - æз хъусдзынæн бæстон. Цæттæ у сихор. (Бабады буфеты гпсерхæгмæ, райсы гуыл.) Хæрд... (Райсы дон.) Нозт... (Исы сæнæфсиры нæмыг.) Æмæ десерт... Цы зæгъыс, цæй? Ле-Бре. Фыдбылыз агурыс дæ митæй. Цы аразыс дæхицæй, цымæ, ферт? Ыстауынц дæу сæрхъæн, мæнг æрдхорд, йе фæлитой, Ыстæй дæ фæстæ хахуыртæ кæнынц, Фæлæ æмбæлттæм байхъус, уæд зæгъынц, Кæй фæдæ абон дам-думтæн хæлæттаг. Цы бакодтай, нæ уыныс уый дæхæдæг? Кæм ма уыди дæ фесгуыхтæн æмбал! Сирано (гуылхæргæйæ). Ай-гъай! Ле-Бре. Уым кардинал... Сирано (фырцинæй). Ау, уым уыд кардинал? Ле-Бре. Æнхъæлдæн, уый хъæр уыд... оосоооооеоооо^оеосооорооооо^
с^^^^^^^^/^^^^/^Ч^^ 423 Сирано. «Оригиналон»! Ле-Бре. Фæлæуæддæр... Сирано. Нæ къахы халоны цæст халон. Фыссæг у кардинал! Æмæ фыссæг Куыннæ ’мбардзæн æмкусæджы хъуыддæгтæ! Ле-Бре. Уый раст у, фæлæ зонгæ-зонын лæг Куыд кæна хъуамæ бонджынтæй ызнæгтæ? Сирано (сæнæфсирхæргæ). Кæцæй мын уыдзæн алы лæг хæлар! Ызнæгтыл абон цал бафтыд? Ле-Бре. Дзæвгар!.. Æвæццæгæн, фæндзаймæ ’ввахс уыдзысты. Сирано. Нымай сæ, цæй! Ле-Бре. ДеГиш... Вальвер... Ыстæй Æнæхъæн Академи... Баууæнд мыл, мæстæй Дæумæ хæрамæй иууылдæр хъыздзысты. Баро... Зæрондлæг... Монфлёри... Сирано. Цыбырдзырдæй, кæри! Ныхъхъуытты сæ уадз!.. Бафтдзæн мыл æрхæндæг. Ле-Бре. Æркæс дзæбæх: кæдæм цæуы дæ фæндаг? Сирано. Уыныс... Æз рагæй агурын фæндаг, Ныссаджилтæ, къæдз-мæдзы у, тæссæрттæ. Кæцы равзарон? Бирæ сты хæрзаг. Фæлæ дзы иуыл бафтыди мæ зæрдæ: Цыбыр, æмраст, мæ удæн та æхцон. Ле-Бре. Цы у, зæгъ æй. о^^^ос^х.^^$^^^^г^^^^ор^ор^^рр^^
424 Ш ЬЫ <<,№ Ы*Ь &ф>) &,&>) М>) (<ф>) с,,\ (у «*Х*>> <?#*> «*Х** «*У**> «»">> Фэ <ч/Ъ Н Сирано. Цы дæн, уый хъуамæ уон. Л е - Б р е (йе уæхсчытæ фенцьулы). Фод афтæ! Кæд тæссаг фæндаг æвзарыс, Уæддæр дæ бар - дæхи! Фæлæ-ма зæгъ, Мæгуыр актеры удхарæй цы марыс, Цæуыл æм кæныс уагæры фыдæх? Сирано (сыстгæйæ). Цæуыл, зæгъыс?.. Тæнджын Силен лæппуйау Кæсы йæхимæ ’взонг æмæ хæрзконд. Хæфс истæмæ куыд ныджджих вæййы, уыйау Йæ сырх цæстытæ сисдзæни бæрзонд Æмæ, æнаккаг, ложæтæм кæсдзæни, Цыма фæхъары чызджытæн йæ уарзт. Ныр ыл дыууæ къуыри цæудзæни, Уæд дын æлгъаг айуан нымдзаст Мæ хуры тынмæ... Афтæ мæм фæкаст, Цыма сæтæлæг дидинæгыл хилы! Ле-Бре, мæ риу мын уыцы маст æууилы, Æмæ йын нæй уæдæй нырмæ хатыр. Л е - Б р е (дисы бахауд). Кæй бауырнид... С и р а н о (мæстæлгьæдæй бахудгæ). Æз уарзын, уый? (Йæ хъæлæсы уаг аивта, фидарæй.) Мæгуыр, Æцæг у уый. Ле-Бре. Зæгъ, чи у? Сирано. Базон æй дæхæдæг... Æрзади уый мæ зæрдæйы, - сырхмæтæг... Æз та - фыдуынд... Нæй бауарзæн мæнæн... Фæлæ, уыныс, нæй æрдзимæ хæцæн, Æмæ æрцард мæ зæрдæйы мæ адзал... Бæстырæсугъд у уый!..
Оо> «о/^ н^ <я/*> <«Х«у с«*У^ С"У«у (<>>4 с<*> Ле-Бре. Бæстырæсугъд? Сирано. Æцæг. Æз ахæм фидауцæн фæуыдаин йæ уацар. Йæ уавæртæ куы ферох кæны лæг, Уæд æй йæ зæрдæ нал бафæрсы зондæй, Ле-Бре, æндæр дæ мæгуыр хæлар сонтæй Куыд бауарзта сыгъдæг зæды æгæр? Йæ цæсгом - хур, йæ дзыккутæ - сызгъæрин... (Æрхуымæй.) Зон, нал дæн ныр æнцоимæ æмдзæрин. Ле-Бре. Хуыцаумæ скæс, зæгъ: чи у уый уæддæр? Сирано. Ле-Бре, уый уалдзæг у йæхæдæг, Цъæх арв - йæ цæстыты тæмæн. Иæ фидауц - аргъæутты сырхмæтæг, Мæ зæрдæ басыгъта мæнæн. Уый у рæсугъддæр ысконд æрдзы, Сæууон хур - стъалыты æхсæн... Уæдæ йæ бахудты цæйбæрц и Сыгъдæг рухс, хин æмæ кæлæн! Йæ алы фезмæлды, йæ касты Уынын дзæнæт æмæ зындон. Йæ хуызы дунемæ æрхаста Амур фыдуарзт æмæ фыдбон. Æрыгон, хурдзыкку, - хæрзкондæй Уæздан куы рацæйцæуы, уæд Фæзæгъынц усгурæй-зæрондæй: Фæзынд Парижы уынгты зæд... Æрмæст ма зæдæнгæс уæзданмæ Куы уаид фат æмæ æрдын, Уæд æй ысхониккой Дианæ... Ле-Бре. Нырзонынуый... росооооосоросососоооеоророеооорососооооооососоео
426 г*>) <«>№ ьг^ (<*х^ ((Ф,у **№ (,»№ ('Ф> Сс'> (*> оф.) ф^ рХ*) №> с«*Л <»/*> «/^ ^ Сирано. Бæгуы. Æз дын Йæ сурæт равдыстон! Ле-Бре. Дæхæстæг?! Сирано. О, Роксанæ! Ле-Бре. Æмæ цы кæны. Тынг хорз! Уæдæ хъус: Ды уымæн тагъддæр раргом кæн дæ зæрдæ. Уый каст дæумæ, йæ цæсгом уыд фæлурс; Лæг уыдтæ ды! Кæм федта уый хуыздæртæ! Сирано. Ныууадз! Кæм ис мæ уавæрæй фыддæр? Мæ фындзы раз лæгдзинад рыг нæ калы. Ды зоныс, хатгай уалдзыгон изæр Æз бафтын паркмæ. Суадоны сæр-сæр Дзæнæты зæлтæ зæрдæйыл ызгъалы, Бæрзонд сыгъдæг арвы цъæх малы Æппарынц хъæлдзæгæй цæхæр Цъæхдзаст ысгьалыты дзыгуыртæ. Фæзынынц рухс бæллицтæ, разилы мæ сæр, Æмæ фæуынын: уарзæттæ кæмдæр Кæнынц хъæбыстæ. Хъуысынц мæм сæ дзырдтæ, Йæ рухс сыл тауы мæй. Æмæ фæрнæй Рæвдауынц аивæй кæрæдзи. Æз дæр уæд райдайын бæллын, Тæхуды, ахæм рухс амонд кæй фæци! Æваст уæд къулыл ауынын мæ ныв, Æмæ - хæрзбон, мæ бæллицтæ, мæ сæнттæ!.. Л е - Б р е (йсе зæрдæ суынгæг). Мæ хæлар! Сирано. Афтæ, гъе, хæлар... Мæнæй Зæххы цъарыл æнамонддæр лæг нæй... Нæ мæ уыныс, фыдцъылыз дæн, фыдкæндтæ!.. Ыстæй... Ыстæй зыбыты иунæг!
о» м>) ьм *>№ <Ф (ГФ» (ГФ>> (ТФ> Ь) (ь) ьф>) «Фо (Фо «ф» (<Фъ (<ф0 аф>} «о Л е - Б р е (йæ цонгмæ йын февналы). Ау, Кæугæ кæныс? Сирано. Цытæ дзурыс? Нæ, нæ! Мæнау Фыдуынд чи у, нæ кæудзæн уый йæ хъыгтæй. Цæссыгтæ - стъалытæ, мæ фындзы хъæл та - рындз. Нæ йыл фидауынд! А зæххыл цæссыгтæй Цы ис сыгъдæгдæр? Уыдоны мæ фындз Æгад кæна, нæ уыдзæн уый! Ле-Бре. Цæуыл тыхсыс? Уарзт тынг хивæнд у, зон æй: Вæййы дзæнæтмæ иу къахдзæф зындонæй. Сирано. Нæ, нæ! Хъысмæт Мæнмæ æгъатыр æмæ карз у. Æз Клеопатрæйы куыд уарзын, Куынæ дæн Цезарь, уæд? Ле-Бре. Дæ сонт зæрдæ бынтон дзæгъæлы риссы! Ды абон дисы бафтыдтай Парижы. Нæ рæсугъдтæн дæумæ уыди сæ каст, Æнæрвæссонæй нæ, фæлæ хæларæй. Дæ хъысмæтæй цæмæн фæкæныс хъаст? Дæ зонд, дæ курдиат, æппынфæстаг, æхсарæй Кæй зæрдæйы нæ равзæрдзæни уарзт? Ныртæккæ ам цы чызг хаста лæвæрттæ - Нæ йæм кастæ? - Йæ сау цæстытæ раст Дæ разы калдтой сусæгæй цæхæртæ! Сирано (фестъæлфы). Æцæгуыд уый... Ле-Бре. Æви дæ лæджыхъæр нæ хъуыст? Цы федтон, уый уæлахизы нысан у. Уæ дуэльмæ æдзынæг каст Роксанæ, Ныффæлурс чызг - бæлвырд, йæ зæрдæ рыст... ОффЖ^ЖЖЖЖЖ^ф^ЖЖЖГ&ЖЖГ&г&ГЮфЖЪ
Сирано. Ныффæлурс? Ле-Бре. О. Куы дын уарзой дæ хъару, Æууæнд мыл, уæд йæ зæрдæмæ уый дуар у! Ныр чызгмæ цу, æфсæрмытæ ныууадз, Дæ зæрдæйæн йæ бæттæнтæ ысуадз. Сирано. Цытæ дзурыс! Фæхуда мыл? Фæсмонæй Хæрин мæхи. Фыддæр у уый зындонæй. Д у а р г æ с (кæйдæр сербакæны, Сиранойæн). Дæу агурынц... Сирано. Хуыцау! Роксанæйы дуэнья!.. Æхсæзæм фæзынд Сирано, Ле-Бре, дуэнья. Дуэнья (реверансгæнгæ). Хъæбатырæн кузинæ стыр салам æрвиты Æмæ йæ базонын фæнды, Кæм æй фендзынæ хибарæй. Сирано. Уый æз? Дуэнья (реверансимæ). Уый ды. Цыдæр сусæг ныхас æм ис, æмæ дæм сиды. Сирано. Цыдæр сусæг ныхас? Дуэнья. Ай-гъай. Сирано (фæцуды). Хуыцау... Дуэнья. Дæ фæндон зæгъ фæлтау. Тæккæрайсом... Сæуæхсиды фæлысты сорзрооор^с^эстеососэр^с^ррзр^^
\Ь) «а/*;) <■»/«>) <»/*>) ФУ-0 (Фо <1»У'>> &>*>) «*) Куы скæса хур ыскæсæны зынгæй, Сыгъдæг Хъысмæты аргъуанмæ æмткæй Нæ чызджытæ уæд кувынмæ цæудзысты.. (Реверанс.) С и р а н о (Ле-Брейы уæхскыл банцой кæны). О ме скæнæг!.. Дуэнья. Куы раздæха æхсин, Уæд дæ кæм фендзæни ныхасмæ? Сирано (фæсонтау). Кæм фендзæн?.. Æз... О, зæд дæ æви зин? Дуэнья. Дзур тагъддæр, цæй! Сирано. Тæхдзынæн æз йæ размæ! Дуэнья. Бынат мын зæгъ! Кæм агурдзæни дæу? Сирано. Хъуыды кæнын... Рагнойы дукани... Фæлæуу... Дуэнья. Кæцы уынджы? Сирано. Æз фыны дæн, æвæццæгæн! Дуэнья. Уæддæр? Сирано. Цы загътай?.. О... Кæцы уынг у?.. Мæ сæр Куыройау зилы... Уынг... Сент-Пре... Раст афтæ... Нæ, ацы диссаг аргъау у уæддæр! Дуэнья. Æрцæудзæн ме ’хсин уыцы ранмæ авдыл. Уыдзынæ? (Фæцæуы.) Сирано. О, æз уым куы дæн ныр дæр!.. еосоооеосэроеоеоаоооооеэро^
430 сч^х^^ «х»\ (^и (г**°и (^\('^\гу (*> ’ «Ф$ '<$&> "с*Х^ >/*> ’&Хэ '<Ф$ Ф$ >; Æвдæм фæзынд Сирано,Ле-Бре, стæй артисттæ, Кюижи,Брисайль, Линьер, дуаргæс, скрипкæцæгъдджытæ. С и р а н о (Ле-Брейы ныхъхъæбыс кæны). Ле-Бре!.. Мæнмæ... кæсы мæ хур... æнхъæлмæ!.. Ле-Бре. Дæ зæрдæ нал риссы, æнхъæлдæн? Сирано. Цыфæнды мын зæгъæд - æхсызгон мын уыдзæн; Цыфæнды мæ кæнæд - уый бацагуырдта мæн!.. Ле-Бре. Ныр нал агурдзæн загъд кæнын дæ зæрдæ. Сирано (фырцинæй). Мæ зæрдæ?.. Уым ыссыгъдысты цæхæртæ! Кæндзынæн бæстæ пырх æмæ дæрæн. Уырны дæ? - ныр æз афтæ тыхджын дæн, Æмæ, уæллæй, æфсадимæ ысхæцин. Мæ туджы - арт, мæ зæрдæйы - нæргæ цин! Кæм дæ, мæ кард, цæхæркалгæ фæзын! (Хъæр кæны.) Фæнды мæ ныр уæйгуытимæ хæцын!.. Чысыл раздæр сценæйы арфы фæзындысты артистты силуэттæ; фыццаг змæлыдысты, сусу-бусу кодтой, стæй райдайынц репетици кæнын. Скрипкæцæгъдджытæсæ бынæттæ æрцахсынц. Хъæлæс (сценæйæ). Уым сабыр дзурæн нæй æви? Хъыгдарут! Сирано (худгæйæ). Цæуæм, цæуæм ныртæккæ! О, ныббарут. (Араст дуары ’рдæм.) Сæйраг дуарыл æрбацæуынц Кюижи, Брисайль æмæ-ц-а^г д æ р а ф и ц е р ы; хæссæгау кæнынц Линьеры,- уый у саурасыг. Сирано. Циу уый та?
(«V *о/^ г«*/^ (о/^ с^ с*Х^ («»/*; («*/«•; <**> Кюижи. Сирано! Дæу агурæм. Хъæуыс. Дæуæй нæ лымæн агуры æххуыс. Сирано. Линьер? Цы йыл æрцыд? Кюижи. Бæллахæй Нырма хызт у. Фæлæ ныррасыг. Мах æй Ыссардтам уынджы. Брисайль. Агуырдта уый дæу. Сирано. Цæмæн? Л и н ь е р (æрхæцгæйæ, æвдисы æнцъылдтæ гæххæтт). Фыстæг... Фæдзæхст... Уый диссаг нæу... Уæхимæ акæ... мæн... Æмæ дæ уаты... Ды бафснай мæн... Нæхимæ... нæй цæуæн... Кæс-ма... фæдзæхсы ме ’рдхорд мæн... Мæ разы, дам, æнæхъæн æфсад бады - Сæдæ лæджы... Уый маст исынц мæнæй Мæ зарæджы тыххæй... Сирано. Сæдæ лæджы? Уый тынг хорз у! Бæгуыдæр, Кæндзынæ ды дæхи уаты фынæй. Линьер (тарстæй). Нæ, æз... С и р а н о (тызмæгæй, амоиы дуаргæсы цырагъмæ). Тагъд цырагъ райс! Линьер райсы цырагъ. Цом! Ма сæ кæн хъуыды дæр. Мæ хъонагъ, ау, куыд разындзæн тæппуд? (Афщертæм.) Сымах дæр мын æвдисæнтæ фæут! Кюижи. Сæдæйы ныхмæ? Уанцон нæу... оооооооосоооеоооеос^оÆОооеоросооос^ороооеэооез
432 сч^х^*^ «х*\ Ч^г'Л*}^<№**1®+?') (<■>> '«*&> '<&*!> '&Х*> '«*&> <*& ’ъФэ «*&> <1) Сирано. Фылдæр ма Куы фестиккой, гъе, уæддæр ныр Сæ нымайын æз не ’рхæссин мæ сæрмæ!.. А к т е р т æ æмæ актрисæтæ театралон дзаумæтты æрхизынц сценæйæ æмæ йæм бацæуынц. Ле-Бре. Фæлæуæддæр... Сирано (бахуды). Ле-Бре та райдыдта хъуыр-хъуыр? Ле-Бре. Ныууадз!.. Цыдæр къупри! Дзæгъæлхæтæг тынд уасæг!.. Цæмæн дæ бахъуыд уый сæрыл хæцын? Цы дын у, чи у? Не ’мбарын æппын... С и р а н о (Линьеры уæхск æрхойы). Уый къупри у æцæг, вæййы æдзухдæр расыг, Цæугæ боцкъа у уый, готлекк, - фæлæ мæ разы Æцæг поэты ми уый бакодта кæддæр. Уыд хъуыддаг афтæ: иу рæсугъды уарзта, Йæ фæдыл зылд, йæ къахдзæфтæ йын барста, Æмæ йыл иухатт сæмбæлд аргъуаны... Куыддæр Чызг кувæн уаз доны йæ къухтæ стылдта, афтæ Йæхи нæ поэт донгарзыл ныццавта Æмæ, сыгъдæг доныл дæр чи февæры фау, Уый анызта æхсæнтæ дон сæнау! А к т р и с æ (субретксейы дарсесы). Цы хорз бакодта! Сирано. Раст зæгъыс, мæ лымæн. Нæ дуджы бантыст диссаджы сгуыхт уымæн! Актрисæ (иннæтæн). Поэты ныхмæ, - не ’мбарын, - уæддæр Цæмæн рацыд сæдæ лæгæй фылдæр? Сирано. Цæуæм! рорэр^эе^-эроезеор^^æ^осоезросооор
(^ («/<>) г«*/*> с«/*у №у С«*/^ ('»/«у («»/^ <«) (Афщертæн.) Сымахæй курын, мачи кæнæд кардæй Æххуыс мæнæн. Æрмæст кæсдзыстут дардæй. Æндæр актрисæ (сценæйææргæпп кæны). Гъе уый дын ныфс! Кæсынмæ йæм цæуын. Æртыккаг актрисæ. Уæдæ æз дæр. (Зæронд актермæ.) Кассандр, мемæ дæ кæнын. Сирано. Цæуæм, цæуæм, мæ хæлæртты хуыздæртæ! Леандр, ды, стæй Изабеллæ æмæ ’ндæртæ!.. Куы уа фылдæр уæ цин æмæ уæ хъæр, Уæд хæсты ныв ысфидаудзæн хуыздæр! Жодле. Цæй, цомут! Сылгоймæгтæ (цинæй гæппытæ кæнынц.) Браво! - Цины хъуыддаг! - Тагъддæр! С и р а н о (скрипкæцæгьдджытæн). Цæут, цытджын маэстротæ, сымах дæр. Уым бахъæудзæн уæ фæндырты цагъд мæн! Иууылдæр исынц рампæтæй суцзгæ цырæгътæ æмæ цæуынц уыдонимæ. Рауад сæ цырагъдарджыты парад. Иттæг хорз! Калынц чызджытæ тæмæн, Сæ фæстæ - афицерты къорд. Сæ разæй Цæуын мæхæдæг - хъал æмæ æдасæй! Мæныл ныртæккæ базыртæ ныссагъд... Гъей, кулдуæрттæ нын байгом кæнут тагъд! Дуаргæс бакæны дуар. Мæйрухсы рæсугъдæй разыны зæронд Парижы аивдæр бынæттæй иу. Алæмæт ныв! Цæй сабыр баци бæстæ! Кæны Париж æнæмæтæй фынæй... Мæ буц хæлæрттæ! Сценæ æмæ хæстæн 28
434 с*о <<*№> <<*т ы&> (<Ф>> <'*<<■>) (<»{<>) оф) (<,) (*> ^ ф$ ф$ ф.) ф:) <*}'$ «чХЬ о*) Нывджындæр декораци ссарæн нæй. Æрттивы Сенæ айдæнау нæ разы, Йæ сæрмæ худы хъæлдзæг арвыл мæй Æмæ йæ тынтæй уæлхæдзæрттыл хъазы. У дуне райдзаст, рухс æмæ æдзæм. Æрвхуыз фæлмæй фæзынди уалæ стъалы Æмæ зæххыл йæ сыгъдæг цин ызгъалы... Ныр цомут! Иууылдæр. Нелы мæсыгмæ цæуæм? Сирано (дуарыл). Ай-гъай! (Фæстæмæ фездæхы, субреткæмæ.) Чызгай, Ды фарстай: фондзыссæдз лæгмарæй Цы дары иу поэт, æви сын нæй цæсгом? Мæ урс бæлон, зæгъдзынæн дын æргом: (Сласы шпагæ, сабырæй.) Зыдтаызнаг... (Амоны Линьермæ.) Кæй цæрæм мах хæларæй! (Ацæуы.) Иæ фæдыл - иннæтæ: фыццаг цæуы Л и н ь е р цудтытæгæнгæ, стæй актрисæтæ, афицертимæ дæларм-уæларм хæцгæйæ, сæ фæстæ-уæлмонц актертæ, Хъуысынц скрипкæтызæлтæ, цырæгътæ ферттивынц æхсæвы фæлмы. Æмбæрзæн рососососососососоросос^оррросор^ососороеэсося
435 ДЫККАГ АРХАЙД Поэтты нуазæндон Кондитер æмæ кухмистер Рагнойы лавкæ, лæууы дыууæ уынджы тигъыл, - уыдон зынынц дæргъæй-дæргъмæ уæрæх авджын дуарæй; сæумæцъæхæй зынынц фæныкхуыз. Галиуырдыгæй, фыццаг пъланы, конторкæ, ауыгъд ыл сты хъазтæ, бабызтæ, урс мæлхъытæ. Даргъ фаянс вазæты-букеттæхуымæтæг дидинджытæй, сæ фылдæр хурмæзилæгтæ. Уыцырдыгæй, дыккаг пъланы, егъау артдзæст, йæ алыварс стыр агты æмæ æфсæн къæйтыл фыцынцалыхуызонхæринæгтæ. Рахизырдыгæй, фыццаг пъланы, дуар; дыккаг пъланы - асин, антресолы цы хатæн ис, уырдæм; хатæны дуæрттæ сты гом, æмæ зыны йæ мидæг: цæттæ фынг, - рухс æй кæны къаннæг фламандаг люстрæ; ардæм адæм æрбауайынц ахæрынмæ, ануазынмæ. Асинæй дарддæр цæуы хъæдын галерей æндæр хатæнтæм. Хæрæндоны астæу - æфсæн тæлы ауыгъд, ис ын æруадзæн бæндæныл; тæлыйыл ауыгъд - алыхуызон мæргъты мæрдтæ. Асины бын, талынджы, сырх дарынц пецтæ. Æрттивынц æрхуы дзаумæттæ. Сæумæрайсомы змæлд: хылы-мылы кæнынц хæринаггæнджытæ - тыхстхуыз лæппутæ æмæ тæнджын лæгтæ. Сæ сæртыл - урс къоппатæ, уыдоныл - уасæджы систæ, цицыры базыртæ. Хæссынц æфсæн тæбæгъты æмæ быд къалатиты гуылтæ, печениты рæдзæгъдтæ. Стъолтыл - тæбæгътæ алыхуызон хæринæгтимæ. Æмбæрзæн сисынц. Къуымы гыццыл стъолы уæлхъус бады Р а г н о, йæ разы - гæххæтты рæдзæгъдтæ; фыссы. Фыццаг фæзынд Рагно, хæринаггæнджытæ, стæй Л и з æ. Рагно фыссы уæлмонцхуызæй æмæ цыдæртæ йе ’нгуылдзтыл нымайы. Фыццаг гуылфыцæг (сивырæрбахæссы). Цæттæ сты гуылтæ! Дыккаг гуылфыцæг (тæбсегъ æрбахæсгæйæ). Адцжинæгтæ!
436 (& <<*№ ЬГд Ш<) <*/ч> &/*» №») &»/«*> *»; (9 гда с^ с«*Х^ ед С’У’у г<*/*) г^ с^ Æртыккаг гуылфыцæг (æрбахæссымæлхъ æд систæ). Мæлхъ! Цыппæрæм гуылфыцæг. Гуыдын! Фæндзæм гуылфыцæг (æрбакæсы, фæстæмæ фездæхт). Кæны дыргъты дон цуайнаджы пæлхъ-пæлхъ! Р а г н о (ныууадзы йæ фыссын, схæцы йæ сæрыл). Кæс-ма, сæуæхсид цуайнæгтыл куыд хъазы, Цыма сыл раст сызгъæрин дон ныккалд... Мæнæй фæтахти зарæджы зæд дард, Æмæ та зæрдæ рифмæтæм нæ тасы. Фæстæмæ Музæ иуафон зындзæн, Ныр та хъæуы къæбицмæ зилын мæн! (Сысты. Хæринаггæнджытæй иуæн.) Цæхх-ма æркæн дæ лывзæйыл. Хæринаггæнæг. Цæйбæрц? Рагно. Æртæ дæстæджы. (Ацæуы дарддæр.) Хæринаггæнæг. Цы? Фыццаг гуылфыцæг (тæбæгъимæ та фæзынд). Уæлкъæйы дзыкка. Дыккаг гуылфыцæг (тæбæгъимæ). Уæрцц. Рагно (пецыраз). О Музæ! Атæх уал мæ цурæй. Хæцы дыл агты тæфæй низ. Бæлвырд, поэзи æмæ къухни Нæ уыдзысты лымæн æмæ цæдис. (Иу гуылфыцæгæн.) Дæ чъиритæ нывыл конд не сты. Уастæн сороооеооороооршосоо^^ососор
(^ (сфо «*{Ь) 0*/*0 фХ'9 <<*Х60 Сф>; (<*}Ь) («) Дæ зынг ахуысса! Акæс-ма, кæм ис Цензурæ ам? Нæ лæууы уый бæстастæу Æмæ нæ кæны иу ыстих æмбис. (Иннæмæн амоны тортмæ.) Иæ сæрыл галуан ацараз сæкæрæй, Æмæ йæ фидауц разына дывæрæй. (Уæхстимæ архайæг ахуырдзауæн.) Мæ хур5 куы кæнай физонæг, уæд-иу Ды иумæ ма фыц гогыз æмæ цъиу! Малерб æмдзæвгæ афтæмæй нæ фыста: Александрийаг стих æмæ цыбыр Рæнхъытæ хъавгæ иу аджы æхсыста. Поэты фæзм кæддæриддæр дæ куысты! Æндæр ахуырдзау (бацæуы йæм æмбæрзт тæбæгъкмæ). Нæ хицау! Æз фæлвæрдтон æмæ ныр Цыдæр ысфыхтон! (Салфеткæ сисы, йæ быны -лирæйы хуызæн стыр торт.) Рагно (цымыдисæй). Мæнæ диссаг! Лирæ! Ахуырдзау. Дæуæн лæвар. Рагно. Дæ цæрæнбонтæ бирæ! Лæварæн ма цы уыдзæни хуыздæр. (Æхца йын дæтты.) Хæц. Алхæн исты... (Йæусы ауыны, ныллæг хъæлæсæй.) С-ысс^. Фæзынди Лизæ!.. Дæ лæвар амбæхс æмæ тагъд æнтьæр. (Лизæйæн тыхстæй амоны лирæмæ.) Кæс-ма, Лизетгæ! Зæрдæмæ куыд хизы? ророе^оерр^оояр^с^ордеор^орос^
(<■>) ’ «»Х"У ’ <Ф$ \/<Э '«*/';> '<«/*!> '«Ф$ <Ф$ '('*) Л и з æ (тызмæгæй). Хъæддаг митæ. (Иæразы йын æвæры гæххæтт пакеттæ.) Рагно. Пакеттæ? Арфæ дын кæнын... (Ксесы сæм.) Хуыцау! Цы уынын уый! Æцæг у æви фын? Мæ хæлæртты æмдзæвгæтæ! Фыдгул дæ? Рæсугъд бæллицтæй, рифмæты хæрзтæй Ыскодтай ды дæ уæййæгтæн дзæкъултæ!.. Ныссæстай сæ дæ къæхты бын зыдæй Æмæ цæуыс, сæ цъæл базыртыл кафгæ... Орфейы дæр ныппырх кодтой мæстæй Хæтаг устытæ сау расыгæй афтæ! Лизæ. Дæ поэттæ нæ бакодтой бынхæрд, - Æмдзæвгæтæй нын афидынц нæ хæстæ. Ныр истæмæн ысбæздзысты уæддæр... Цы сæ кæныс? - Бæгуы хæзна куынæ сты! Рагно. Ныууадз! Æрвон цъырцъырæгтæ сты уыдон, Ды та - мæлдзыг, куыд сæ æфхæрыс уæд! Лизæ. Дæлдзæх фæуæнт! Фæкодтой мæ дывыдон! Кæддæр уыдтæн дæ урс бæлон, дæ зæд. Дзырдтай æдзух: «Сæрыстыр дæн дæ уарзтæй Уæд мæ хæтаг менадæтыл нæ барстай, Нæ мæ хуыдтай мæлдзыг кæнæ уызын! Рагно. Цъырцъырæгтæ! Нывондæн уæ æрхастой! Рæсугъд зарæгæй сарæзтой хызын! Лизæ. Æмдзæвгæ циу? - Зиан æмæ зæрдæниз! Рагно. Ды прозæйæ та уагæры цы скæнис?.. еоооооеоооооешосоеосоеоооеоеос^
(^ («»>,; <*/«>> (»Х*о сф’) (Ф<) ъФэ ('*Х'ч «*) Дыккаг фæзынд Уыдон, стæй фæзындысты дыууæгыццыллæппуйы. Рагно. Мæ дзибатæ, цы уæ хъæуы? Фыццаг лæппу. Гуылтæ. Р а г н о (дæтты сын фæйнæ гуылы). Хæлар уын уæнт, нанайы буц хъæбултæ! Сæ дзаджджынтæй... Дыууæ? Фыццаг лæппу. Æртæ. Дыккаг лæппу. Дæ хорзæхæй, ныппар нын сæ дзæкъулты, Æмæ сæ немæ ахæссæм. Р а г н о (æрхуъшæй, иуварсмæ). Хуыцау!.. (Райсы пакет, гуыл дзы нæ тухы, фæлæ кæсы.) «Хъæбатыр Одиссей куы раздæхти ыстæрæй...» Мæ уарзон кадæг! Уый нæ ратдзынæн! Фæлтау Цыфæнды уæд! Æз уын æй аивон æндæрæй. (Пакет фæстæмæ æрæвæры, райсы æндæр, гуыл æвæрынмæ дзы хъавы, фæлæ та акæсы.) «О хуры бардуаг...» Нæ, уымæн раттæн нæй. Лизæ. Цы змæнтыс уым? Æндзыг дæ? Фезмæл, цæй! Р а г н о (æртыккаг пакеты гуыл æвæры, акæсы йыл). «Сонет Филидæйæн»!.. Цы кодтон цымæ, арвæн!? Лизæ. Фæтындз!.. Хæлиудзых! (Иæ зылдтытæ кæны.) Рагно. Уый та мын дæ арфæ! Сабитæ ацæуынмæ хъавыдысты, сиды сæм.
440 (*>) <<ф) ссг«.) (>м ьу*» СгФ>> <-Ф> °»№ с'>) 0л> с«Х'у о/’у Фг> (<>/ъ с«*Х^ (<*/<•> <»/*$ су С-ысс... сабыр ут!.. Мæ дзæкъул тагъд! Æз уын Иæ ныхмæ ноджы иу гуыдын дæттын. Сабитæ раттынц пакет, тагъдгомау райсынц гуыл æмæ азгъорынц. (Рагно гæххæтт лæгъзытæ кæны, кæсы.) Сыгъдæг рæсугъд ном! Байстон дæу мæлæтæй. «Филидæ»! - Уый уæларвондæр у зæдæй. Сæууон малусæг... О, фæлæ, хуыцау! - Йæ уæлæ дары сойы æртах сау... Тагъд-тагъд æрбацæуы Сирано. Æртыккаг фæзынд Рагно, Лизæ, Сирано, стæй мушкетертæ. Сирано (Рагномсе). Ныр цал сахаты у? Р а г н о (æркувы йын æхсызгонæй). Рæхджы уыдзæн æхсæз. Сирано (тыхстæй). Зындон! Сахаты бæрц æнхъæлмæ кæс! (Рацу-баг^у кæны.) Р а г н о (йæ фæдыл цæуы). О, арфæ дын кæнын. Ыскодтай кад нæ сæртæн! Æз федтон... Сирано. Цы? Рагно. Ызноны хæст. Сирано. Кæцы? Рагно. Дуэль виконтимæ. С и р а н о (æнæрвæссонæй). Цы нæ ’рлæудзæн дæ зæрдыл!.. соеоеоооеороророаососоео^оозс^ос
0» Сф>) <<фЪ Ъ/о) Гф>) <<фЪ <?ф>) $ф» Ъ) Об; (»/"9 г«/«>> Р*/*5 0*Х'У (">Х^ С"/^ («*>Ч) <Ч> Рагно (цинсей). Æмдзæвгæтæй дуэль. Цы ма уыдзæн хуыздæр! Уый диссаг уыд, бæгуы! Лизæ. Цы диссаг у, æвзæр? Дзæнгæдайæн, миййаг, куынæ хъæуы æнхъизæн. Сирано. Цæй, цæй... Рагно. Тæхуды, ахæм бæрзæндтæм куы схизин Мæ царды иунæг хатт æз дæр! (Уæхст райсы, фæзмы гипагæйæ хсест.) «Цæвдзынæн балхынцъы кæрон!» - æрдхæрæн! Æмбисонд! Уый нæ бантысдзæн æндæрæн. (Исе цин æхсиды.) «Цæвын...» - æмæ дæ фыдгул афтæ уæд... Сирано. Рагно, цæйбæрц у рæстæг? Р а г н о (æрлæууыд, сахатмæ кæсы). Фондз минуты авдæй... Æмæ куыд загътай, афтæ йæ ныххафтай! (Æруадзы йæ уæхст.) Æз та кæд ныффысдзынæн хорз балладæ, кæд! Кондитер (тæбæгъимææрбацæуы). Сæкæримæ каштантæ. Рагно. Цъайрæгтæ цæттæ сты? (Сабырæй ныхас кæны кондитеримæ.) Л и з æ (Сиранойæн, —уый йын тыхстæй йæ къухрайста). Цы кодта уый дæ къух? Сирано. Фæцъæррæмыгъд чысыл. ооооооеоео^осооооосооо^оеосооососог
442 р^^^^^^^р^ Й> фэ фэ с«*Х*> фг) «*Х*1> <*/*> «Ф<> <П) Рагно. Бæлвырд, кæмдæр та бахаудтæ фыдхæсты! Дæуæн дæ уд-дæ дзæцц у хыл. Сирано. Нæ фæндыд мæн... Л и з æ (кьухæй йæм æвзиды). Цыдæр та сызмæстай, æнхъæлдæн. Сирано (æндæрхъæлæсæй). Рагно... Кæсын æз иу чызгмæ æнхъæлмæ. Уый авд сахатыл ацы ран уыдзæн... Куы фæзына - ныууадзын дæ хъæудзæн Мах иунæгæй... Цы зæгъыс? Рагно. Æз разы дæн! Æз... Оххай, гъе! Уæд ме ’ххормаг фысджытæн Цы кæндзынæн? Рæхджы уыдзысты ам... Л и з æ (æлхыскъ ныхас кæнгæйæ). Нæу уыдонæн лæвар минас хæрам. Сирано. Дæ хатæнтæ чысыл, мыййаг, куынæ сты, - Ысбадæнт уым. Рагно! Ныр цас у рæстæг? Рагно. Фынддæс минуты авдæй. Сирано. Уанцон нæу! Рагно. Цæуыл тыхсыс? Фæуæд мæ къуымтæ дæу! С и р а н о (æрбады Рагнойы стъолыл, æваст райсы сыф). Фыссæнгарз дæм нæ разындзæн? Р а г н о (райсы йæ фæсхъусæй сис). Куы ’ввæрсис Мæ фыссæныл, нæ уаид уæд хуыздæр сис! Мушкетер (пыррыкрихц æрбацæуы; нæргæхъæлæсæй). Саламуын!.. Сирано. Чн у уый? ооес^оеоеоооросоеосое^^осшооосо^
0» (<ф оф) «фЪ <?ф>) (<фд <<ф» (<ф>) Ь) 44V <Ч> <<ф) С’ФО <\ф,) <гф0 <<ф.) <<ф>; (<ф.) Г<0> Рагно. Хæстон... Нæ усы хæлар... Дзурынц: сахъ æмæ уæндон. С и р а н о (фыссынмæ хъавы, Рагнойæн кьухæй амоны). Цæугæ. Цы кæнон ныр? Хуыцау - æвдисæн, Гæдыхъæдау æнахуыр тæссæй ризын... Уæд та ныффыссон алцыдæр æргом... Тыхтæй йæм абон ратдзынæн мæ фыстæг, Ыстæй уæд лидзгæ... (Аппары сис.) О тæппуддзинад, æлгъыстаг! Бæлвырд, æдзух æхгæд уыдзæн мæ ком. Нындзыг и ме ’взаг, дзурынмæ нæ тасы. Фæлтау æнцонæй амæлин йæ разы... Ныр цас у рæстæг? Рагно. Авд сахат æрдæг. Сирано. Уæздан ныхæстæ цас фæзоны лæг, Мæ ныхас фесты алыран æхсæрдзæн, Ныр та æгомыг фестадтæн бынтон. Мæ бæллицты къуымых æвзаг куыд зæгъдзæн? Фæлтау сæ, цæй, тæрсгæ-ризгæ фыссон.. (Райсы та сис.) Мæ уарзты зарæг!.. Уый цæттæ у рагæй. Нывæстон æй мæ зæрдæйы æвзагæй, Дзырдтон-иу æй ыстъалытæн æдзух, Ныр æй ныффысдзæн гæххæттыл мæ къух. (Фыссы.) Авджын дуарæй фæзынынц кæйдæр фæлахс æмæ тæссонд æндæргтæ. рооооооосороеоеосоооеоеосососэеорогое^^
444 у^ф^^^^иж^^ («>> «Жэ №> №» «а^ №; ^/’у «2Л9 с-*> Цыппæрæм фæзынд Уыдон, стæй гæвзыкк п о э т т æ, сау, æнæхсад дарæсы, сæ цъындатæ æрбырыдысты. Л и з æ (æрбаздæхы дуарæй. Рагномæ). Дæ гомгуыбынтæ! Рагно (сæразмæрацæуы). Æгас цæуæнт хæлæрттæ! Уæллæй, уæ фендæй барухс и мæ зæрдæ! Фыццаг поэт (мидæмæ æрбахизгæйæ} Рагномæ). Нæ хорз æмкусæг! Дыккаг поэт (уый дæр афтæ, йæ къух ын исы). О, цæдисонты хуыздæр! Æртыккаг поэт. О сахъ цæргæс!.. Цыппæрæм поэт (ысмуды.) Хæрздæфæй разылди мæ сæр. Ай-гъай, ныр та нæ бахынцдзæн нæртон Къæбицты зæд! Фæндзæм поэт. Кухмистер - Аполлон! Р а г н о (хъæбыстæ йын кæнынц). Сæ буц ныхæстæй райгас кæнынц дуртæ! Ныфсæрмы дæн. Æгъгъæд, æгъгъæд, мæ хуртæ! Фыццагпоэт. Чысыл нын байрæджы. Æгас дзыллæ кæнынц Тыгуыртæй Нелы кулдуæрттæм æмбырдтæ. Нæй уынгты азмæлæн. Дыккаг поэт. Уым цагъд мæрдтæ хуыссынц. Æртыккаг поэт. Цыдæр дзæгъæлдзуты æвирхъау тых ыспырдта. Дыккагпоэт. Уым разынд аст марды. С и р а н о (йæ фыссын фæуадзы). А-гъа! Æз та æнхъæлдтон - авд.
(*а лф» <ф>) офо «»Хе» <<*У<э ъФ? «»*о &) Рагно (Сираномæ). Нæ зоныс, чи уыд дысоны бæгъатыр? Кæмæн разынди афтæ раст йæ хъавд? Сирано (æвæндонсей). Нæ зонын. Лизæ (мушкетерæн). Уæд ды та? Зæгъ, чи разынд æгъатыр? Мушкетер (йæршитæздухгæ, цымауыйуыду афтæ). Мæ-гъа... фæлæ... Уый сусæгдзинад уæд. Лизæ (уарзæгойæ). Мæ хур, дæ цардыл та цæуылнæ кæныс мæт? С и р а н о (фыссы} хатгай хъуысынц йæ дзырдтæ). «Æзуарзын... уарзын дæу!..» Фыццаг поэт. Кæнынц ныхæстæ! Уым та Зæгъынц, цыма сæ иу лæппу ныддымдта. С и р а н о (фыссы æмæ дзуры). «Дæ цæстыты цæхæр...» Фыццаг поэт. Домбай уыд уый, фæранк! Æмæ ныккодга йе знæгты фæрак. Лизæ. Мæ бон! Æртыккаг поэт. Уым баззад хотыхтæй рæдзæгъдтæ, Цыппæрæм поэт. Уым худтæ цас и - ссæст æмæ дыдæгътæ! Сирано (раздæрау). «Дæ фæлмæн бахудт...» Фыццаг поэт. Уый уæйыг уыдис. Кæнæ уыдысты йемæ сау тыхтæ цæдис. С и р а н о (йæ фыстæг фæвæййы фыст). «Æрмæст куы фенын дæу, уæд нал фæзонын дзурын». Дыккаг поэт (гуыл исгæйæ). Рагно, цæмæй у дзаг дæ поэзийы дурын? ООр9О9С0ГОР9СОС?ОСОе0О<Х>!»ОС
446 (^х^Ф\^\ (г№^'№+('№+%?+!) (у ’ «Фэ ’ «*&> с*ХЪ> '&&> (Фя <Фэ <Фэ <•*) Сирано (раздæрау). Фæдæн мæ фыст. Нæ дзы хъæуы мæ ном, Йæхимæ йын æй ратдзынæн æргом. Рагно (дыккаг поэтæн). Æз иу рецепт æмдзæвгæтæй ныффыстон. Æртыккаг поэт (хæринæгты цурæрбадт). Иттæг хорз! Бакæс æй! Цыппæрæм поэт (райсы гуыл, кæсы йæм). Зæххыстæн, Уæлдай у ацы ставд гуылæн йæ сæр. (Иæ цъупп ын ахæры.) Фыццаг поэт. Цы ис зæххыл мыдамæстæй хуыздæр! Йæ дзæццытæй мæм уарзонау нымдзаст и... Æртыккаг поэт. Мах хъусæм, кæс. Цыппæрæм поэт (хæры «лирæ»- йы кæрон). Цы амонд нæм æркасти! Поэты лирæ бафсаддзæни ныр. Р а г н о (йæхи кæсынæввонг кæныу схуыфы, схьæл слæууы). Рецепт æмдзæвгæтæй... Æртыккаг поэт. Рæсугъд хъуыды, ыстыр! Цыппæрæм поэт. Цæй, байхъусæм æмдзæвгæты хуыздæрмæ! Дыккаг поэт (басхойы фыццаджы). Хæргæ/ Фыццаг поэт (уый дæр афтæ). Ды дæр! Цæмæй кæныс æфсæрмы? Рагно. «Миндалимæ мыдамæст Цæмæй æрцæуы арæзт». Фыццаг æйчытæ сцæгъд. Райс фæхт, Ныллыстæг кæн æхсæртæ, Æркæн ыл цъус сæкæр,
(*>) <ф>у оф>) (ф) (ф>) (ф>) (ф>) (ф>; <<>> Æхсырæн та йæ сæртæ - Мыддонимæ æмбæр. Фæлвар æппæтдæр радæй. Миндаль æмæ ыссадæй Хыссæ ыскæн, Хæмпус æмæ фæлмæн. Æрызгъал дзы æнгузтæ. Фæбурбын ис, уæд æй Æркæн сындæггай къусты. О, айсæрд æй мыдæй, Ыстæй Уæд æйчыты ызмæстæй Æркæн нывыл, Æмæ дын формæйы æххæстæй Цæттæ у гуыл. Кæд хорз рауад сæ уавæр, Уæд сæ тæвд пецы бавæр Дзæбæх æмæ æнцад... Цæттæ сты ныр дæ гуылтæ: Идæдз усау - тымбылтæ, Æвзонг чызгау - хæрзад. Миндалимæ мыдамæст Куы рауайа хæрзарæзт, Уæд фесгуыхтæ æцæг, Лæг дæ, бæгуыдæр, лæг! П о э т т æ (гуылтæ æмпулгæйæ). Ды фесгуыхтæ! Хуыздæр уацмыс нæма уыд! Фыццаг поэт. Йæ формæ - ирд! Дыккаг поэт (комдзаг йæхъуыры бады). Уæд йе ’взаг та! - Сыгъдæг! Поэттæ. О Музæ,^мæнæ ацы лæгыл ауд! Поэт у уый! Уадз арвмæ уа хæстæг! Хæргæ-хæрын хæстæгдæр балæууынц тæрхæгмæ. Сирано сæ ауыдта æмæ баздæхы Рагномæ.
448 («и'#Ч*('^ ^^ЧГ^^Ч^^^^ Сирано. Сæ сау гуыбынтæ - афтиддæр сæ сæртæй. Нæ сæ уыныс, куыд фæмæлынц сыдæй? Ды стихтæ кастæ, уыдон та зыдæй Сæ дзыхты надтой хойрæгты хуыздæртæ. Р а г н о (мидбылты худгæ). Уынгæ та сæ куыннæ кæнын - æрмæст Сæ бафхæрын нæ фæуарзы мæ цæст. Мæ сонт зæрдæ поэзийæн нывонд у; Куыннæ кæнон ыстонг поэттыл мæт? Куы суазæг кæнын уыдон æз фыдбонты, Мæ тæригъæдтæ ссыгъдæг кæнын уæд. С и р а н о (йæ уæхск ын æрхойы). Бæззыс лæгæн!.. Рагно ацæуы йæ хæлæрттæм. (Сирано йæ фæдыл кæсы, стæй æваст.) Гъей, Лизæ! Лизæ (мушкетеримæ уарзон ныхæстæ кодта, фестъæлфы, æрбацæуы). Цы, мæ къона? Сирано. Дæ капитан... дæуæй кæны тыхтона. Æгæр къæйных у, басæтт ыл, - ныфсхаст. Лизæ (сæрыстырæй). Куыннæ! Мæ тызмæг цæстыты фæкаст Æруазал кæнид ахæмты æваст. С и р а н о (бахуды йыл). Дæ цæстытæ? Тызмæг?! Цæмæн сыл кæныс хахуыр! Уынын, фæлмæн ысты, разыгæнаг, æрмахуыр. Лизæ (рамæсты). Дæхорзæхæй... С и р а н о (фидар æмæ хъæрæй). ~Гъей, хъус-ма, Лизæ! Зон, Рагно лæг у, сыгъдæгзæрдæ, нæртон, Гъе уымæ гæсгæ мауал кæс фæйнæрдæм. Куы йæ сайай, куы йыл худой æндæртæ,
<?^&^&^№^Х*^^Х*^^ 449 (*>> №)ч о*/*») (»/*»ч сУ^ с«*Х^ с*Х^ с«*Х*у <?*> Зæгъын дын, уæд фæкæндзынæ фæсмон. Лизæ. Цы хъуыддаг ис дæу та... Сирано (хъæрæй). Кæмæ хауы мæ хъуыды? Йæ бамбарынæн бирæ зонд нæ хъуыди. (Æркувы мушкетерæн æмæ дуары цур слæууы, раздæр уал сахатмæ æркæсы, афтæмæй.) Л и з æ (мушкетерæн, —уый Сиранойæн йæ сæрæй æнцад æркуывта). Цы сцæджындз дæ хæлиудзыхæй! Зæгъ-ма, Цы йæм кæсыс? Нæ бафхæрд ын нæ фидыс?.. Уæд та йын зæгъ... йæ фындзы тыххæй фидис. Мушкетер. Йæ фындзы тыххæй!.. Уый та куыд?.. Мæ-гъа... (Ацæуы тагъд. Лизæ — йæ фæдыл.) С и р а н о (Рагнойæн амоны, поэтты акæн, зæгъгæ). Цæугæ! Р а г н о (поэттæн амоны фæрссаг дуармæ). Уæхорзæхæй... С и р а н о (æрхъæцмæ нæ хъæцгæйæ). Фæтагъд кæн! Рагно. Ардæм... Уæлмонцæй уым æмдзæвгæтæ кæсæм!.. Сирано. Дæ бынаты цы ныссагъдтæ? Р а г н о (поэтты дуары ’рдæм ссонгæйæ). Цæуæм! Фыццаг поэт. Нæ хæлц та? Дыккаг поэт. Немæ айсæм хæрд! Лæвар дæм Æрхауди фынг, уæд бузныг зæгъ дæ цардæн! П о э т т æ дзаг тæбæгътæ семæ айсынц æмæ ацæуынц Р а г н о й ы фæстæ. 29
450 с*^'#ч* (#*\ ('#*и *#*\ (,-^и (^и°^и су Фæндзæм фæзынд С и р а н о, стæй Р о к с а н æ æмæ д у э н ь я. Сирано. Йæ цæстæнгас ныфсæн куы дæтта ком, Уæд æм мæ фыстæг ратдзынæн æргом! Авджын дуары фæстæ фæзыны Р о к с а н æ, йæ цæсгом - æмбæрзт, йæ фæдыл цæуы д у э н ь я. Сирано дуар бакæны, сылгоймæгтæ æрбацæуынц. О ме скæнæг! Мæлынмæ дæр цæттæ дæн. (Дуэньямæ.) Хъæуыс дыууæ ныхасæн. Дуэнья. Зæгъ æртæ дæр. Сирано. Ды уарзыс адджинæгтæ? Дуэнья. Бирæ. Сирано. Уæд Дæ хъуыддаг раст! Уыдзынæ сæ æлгъæд. Нæ цытджын Бенсерады хорз сонеттæ Кæнын дæуæн зæрдиагæй лæвар! Дуэнья. Охх! Сирано. Ма фæтæрс. Æркæнæм сыл къафеттæ, Æмæ дын уæнт æхцон æмæ хæлар. Д у э н ь я (йæ цæсгомы хуыз аивы). Ах! Ах! С и р а н о . — Гуылтæ нæ агуры дæ зæрдæ? Дуэнья. Куыннæ! Æнхъæлмæ сæм кæсын.
(<у <ф,у с*/«>) оф>) о*Х^ (<*Х^ («*ХЧ; («»Х'-5» сч> Сирано. Уæдæ дзы тагъддæр авзарæм хуыздæртæ. Хæц: Сент-Аманы кадæгæй хызын, Нæ къухы кæд йæ байдзаг кæнын бафтид, Уыд кæннод уыцы тутг поэмæ афтид. Уæззау романы рог бисквит нывæр. Кæд ацы ран ысбæззиккой уæддæр Шаплены ’мдзæвгæтæ, - сæ мидæг Уыдзæнис ныр фых мæнæргъы æд уидыг. (Дзæкъултæ йæм дæтты.) Ныр уынгмæ ауай, курын æз дæуæй, Æмæ сæ бахæр уыцы ран фæрнæй... Дуэнья. Фæлæуу-ма, æз... С и р а н о (федде йæ кæны). Цы дын уыдзæн? Уæдæмæ, Цæугæ, фæу сæ, стæй æрбаздæх уæд фæстæмæ. (Сæхгæны дуар, хæстæг бацæуы Роксанæмæ, сисы йæ худ æмæ æрлæууы, куыд æмбæлы, афтæ дæрддзæф). Æхсæзæм фæзынд Роксанæ, Сирано, стæй иу уысмы бæрц д у э н ь я. Сирано. Сызгъæрин фестæд уыцы сахат, æз Æгас дæн, уый кæд æрлæууыд дæ зæрдыл!.. Мæ удæн ахауд ацы бон йæ уæз, - Кæд сæмбæлдтæн æнæнхъæлæджы зæдыл... Æрцыди ардæм уый, цæмæй... Р о к с а н æ (сисы йæ цæсгомæмбæрзæн). Цæмæй Дæуæн зæгъа ыстыр бузныг зæрдæйæ, Æз фервæзтæн дæ фæрцы знон. Сирано. Куыдæй? с ос ое ос ор ос? ос? оо-ое ор^^^рсосоросоросорос^о^ое^
452 (*>) <«>№ <*Х«0 С'^") ('ф'> Ы*>> ЬЫ <*»{*>> {с->) (*> **Х^ ^ 0#1>> ^ <">;> <«/*> «ф>> 01) Роксанæ. Мæ маст мын райстай иу къуыдипп уæдæйæ. Мæ зæрдæйæн æнæуынондæр нæй, Дæтты мæ уымæн афтæмæй тыххæй... Сирано. Де Гиш? Р о к с а н æ (йæ цæстытæ æруагъта). Уырны дæ, ницы мæм ис аххос: Ныфс ын нæ дæттын, сагъуыд мыл уæддæр. Уый тынг тæссаг у! Бафтыдта мыл сагъæс. Хъæздыг у, бонджын, уарзы мæ - сæлхæр! Сирано. Ныр бамбæрстон, мæ зæдыхай, - æнцонæй Цæмæн хæцыдтæн знагимæ ызнон. Мæ фындз нæ уыди карз хæстæн æфсон, Фæлæ дыууæ ыстъалыйы, - æхцонæй Кæсынц мæнмæ, - рæсугъд æмæ æрвон. (Ныллæг ын æркувы.) Роксанæ. Фæндыд мæ ноджы... О хуыцау! Зæгъон æй... Æви цы кæнон? Раздæр уал фæлтау Æрымысæм нæ рагбонтæ фынау. Æрымыс-ма, куыд цардыстæм хæларæй!.. Æз хойау уæд зынаргъ уыдтæн дæуæн. Сирано. Сызгъæрин бонтæ!.. Дард рæстæджы тарæй Ныр дæр сæ тынтæ арæх тавынц мæн. Роксанæ. Нæ зæронд дыргъдон. Сирано. Уалдзыгон изæртæ... Роксанæ. Нæ цад... Йæ быны стъалыты цæхæртæ... Сирано. Нæ хъæзтытæ!... Рæсугъд къуылдымтæ, хъæд!.. Цыдыстæм-иу мæнæргъыдзуаны уæд...
{<■>) <ф.) ’ <'ф>) а-Х’О ’ <»Х*> <&'■> <!>}'■} «>У*4 ’») 453 Роксанæ. Нæ хъазæн æрдуз... хъæзджын... Уым-иу сæрды Рæхойæн кæрдтæн нал ныууагътай уис. Сирано. Нартхоры бур къæбилатæй уыдис Дæ чындзытыл сызгъæринау дзыккутæ. Бæгъæмзæнг чызг... Сæрыстыр чи у ныр, Уый хуынд Мадлен... Йæ рог къаба - цыбыр, Йæ уæрджытæм... Роксанæ. Уæд-иу мæ митыл худтæ... Фæлæ куыд фидыдтон мæ къабайы уæддæр? Дзæбæх уыдтæн? Сирано. Бæгуы... Рæсугъд уыдтæ уæд дæр... Фæлæ... дæ хуыз куыд аивтай бынтондæр!.. Роксанæ. Уæд мын цæрын бæргæ уыдис æнцондæр! Мæ алы фæндон кодтай ды æххæст. Дæ зæрдыл ма лæууы?.. Ды-иу ныфсхастæй Куы самадтай дæ карæнтимæ хæст, Уæд-иу дæ уæлæ тохы фæдтæ ’рхастай Æз-иу мæхи фæтызмæг кодтон уæд Æмæ дзырдтон: «Фыдуаг лæппу, æгæнон! Кæд ныууадздзынæ галиу митæ, кæд?» (Йæ къухмæ йын бавналы, æваст фестъæлфы.) Цæф та у ногæй? Охх, мæ бон, цы кæнон! Дæ фыдуæгтæ нæ аппæрстай нырма. Сирано хъавы йæ къух ратонын. Нæ! Равдис æй! Кæцæй та у, зæгъ-ма? Сирано. Уый ницы у! Чысыл фæцъæррæмыгъд и дысон. Р о к с а н æ (фынджы цур æрбады, йсе къухмæрзсен доны хуылыдз кæны). Кæм, Нелы цур? р ос эе ор зр зр зе ор ^Р 9С зæ де\зр ор с^ зр ре ор г^ <ф орърэещэ
454 с*^'*и^<и ’^ (г#?и Сг^"\ {'^и{'^и гу Сирано. О, Нелы цур. Роксанæ. Æз ын æрыхсон Йæ хъæдгом. Дзур, æмбисæхсæв цы ’рцыд. Сирано (æрбады). Йæ къухты цас и хъарм æмæ рæвдыд! Роксанæ. Сæдæ уыдысты? Сирано. Уанцон нæу. Роксанæ. Уæддæр? Цæмæн? Сирано. Уый ницы у, дæ зæрдæмæ йæ ма хæсс. Фæлтау мын зæгъ, цæй фæдыл у дæ сагъæс? Цыдæр зæгъынмæ хъавыдтæ мæнæн... Р о к с а н æ (йæ къух ын йæ армы дары). Нæ дæм уæндыдтæн... Тарстæн æз... Уæддæр та Мæ ныфс ды дæ, хæлар уыдыстæм мах, Æмæ дын хъуамæ байгом уа мæ зæрдæ: Æз бауарзтон... Зæрдæбынæй... Сирано. Цы?!Ах!.. Роксанæ. Фæлæ мын уый мæ сусæг уарзт нæ зоны. Сирано. Бæгуы!.. Роксанæ. Фæлæ йæ базондзæн. Сирано. Æцæг?.. Роксанæ. Фыцы, мæгуыр, йæхæдæг дæр зындоны, Уæддæр нæ кæны иу дзырдæй бæрæг Йæ уарзондзинад.
(^ ^/<ч) сф>) <рХЪ «ф» (ф^ <ф>) С<»У*4 «1> Сирано. Ах!.. Р о к с а н æ (йæ къух ын бæтты, афтæмæй). Дæ къух куыд ризы! Уый тæфсæг у. Фæрынчын дæ!.. Уæддæр Йæ цæстæнгас йæ сусæг уарзт æвдисы. Уый уарзы мæн. Сирано. Ай-гъай! Роксанæ. Сæрæнгуырдты хуыздæр... Уæ полкъæй у. Сирано. Роксанæ!.. Роксанæ. Сау лæппу... Сæрыстыр... Ныфсхаст, уæздан - романы хъайтар раст! Ыстæй... рæсугъд! С и р а н о (афæлурс, сысты). Рæсугъд? Роксанæ. Цы дыл æрцыд æваст? - Ныффæлурс дæ. Сирано. Нæ, ницы... Афтæ... (Амоны йæ кьухмæ. Æнæбары бахудыныл фæлвары.) Срысти... Роксанæ. Кæрæдзи дæр нæма зонæм. Æрмæст Уый федтон театры цалдæр хатты æз. Сирано. Ныхас уæм уыд? Роксанæ. Æрмæст нæ цæстыты æнгасæй. Сирано. Уæд ын куыд базыдтай йæ хъуыддæгтæ æгасæй? рор^ос^эееюэеоросорзр^с^^_^^^
456 ^'^^^^^^ч^^ Оо) о*&> о*х*э с**Х^ &Хъ Ф$ ((Фу «*& «*) Роксанæ. Фæфарстон æз мæ зонгæты. Ыстæй Сылгоймæгты ’хсæн сусæгдзинад нæй. Сирано. Уый гвардион у? Роксанæ. О, ыстæй цыма гаскойнаг. Сирано. Йæ ном куыд у? Роксанæ. Де Нёвиллет, барон. Сирано. Нæ полчъы ахæм нæй... Роксанæ. Нæма дзы уыд ызнон, Фæлæ уыдзæн. Цæй, мауал уон фæсмойнаг? Сирано. Зæгъыс, уæдæ йæ уацары фæдæ?.. Фæлæуæддæр... Дуэнья (дуарæйæрбакæсы). Гъей, нал дзы ис гуылтæ? Сирано. Дæ хъæбыс тагъддæр айдзаг кæн пакеттæй Æмæ сæ бакæс уым - поэмæйæ, сонетæй. Дуэнья федде вæййы. Ды зæд куы дæ! Дæ зæрдæ ’мæ дæ зонд Рæсугъд ныхас, бæрзонд бæллицтыл хъарыс... Цынæ вæййы, дæ хуыцауыл кæй барыс, Кæмæн кæныс дæ сыгъдæг уд нывонд, Кæд уый, мыййаг, дæу асайдта йæ кондæй, Фæлæ йæ зæрдæ ’мæ йæ зондæй Дæу аккаг нæу? Кæд ницы сты, мыййаг, Дæ зонды раз йæ конд æмæ йæ хъару? Роксанæ. Цытæ дзурыс? Уый аргъæугты хъайтар у! Йæ цæстытæ... Йæ дзыккутæ - уынддаг! С909С909р90909С909СОе9е909Р909С9Р
Г’у <'ф) <-ф) Ъ/о) М>) <<*?*>) ЬГ*>) <&Г*>) Щ («у *»/«.; сфо офо (Ф>) <Фу (Фо (Ф) «*> Сирано. Цæстытæ, хилтæ... Баззадысты дисæн! Ау, уыдон хоныс ды лæджыхъæдæн æвдисæн? Уæд та гуымыдза у, сæлхæр фысы хуызæн? Роксанæ. Нæй уый гæнæн! Уырны бæлвырдæй мæн: Рæсугъд чи у, уый зондæй дæр æххæст у. Сирано. Ныртæккæ уый зæххы бикъ у дæ цæсты. Уæддæр, зæгъæм, уый разынди сæрхъæн? Р о к с а н æ (йæ къæхтæ æрхойы). О ме скæнæг!.. Уæд мын ысцæттæ кæн ингæн! Зæгъгæ, æцæг уый разынди æдылы, Рæсугъд буары рæсугъддæр зæрдæ нæй, Уæд, зон, мæныл сызгъæрин хур ныгуылы.. Уый базыдтон, уæд амæлин мæстæй. Сирано. Æцæг?.. Æцæг зæгъыс?.. (Паузæйы фæстæ.) Фæлæ нæ зонын, Цæмæн радзырдтай уыдæттæ мæнæн? Роксанæ. Мæ ныфс ды дæ, мæ сæрхъызой дæу хонын, Кæнын æргом мæ сагъæстæ дæуæн. Зæгъынц, уæ къорды ног чи вæййы, уыдон Æфхæрут тынг... Æмæ тыхсын... Дывыдон, Мыййаг, куы фæуа... Сирано. Уый дын, гъе! Тæрсын, Цыма дæуæн æцæг загътой. Нæ астæу Куы фæзынынц къуыдиппытæ, уæд сын Мах карды цæфтæй амонæм цæрын. Роксанæ. Мæ удыл бафтыд уазал сагъæс мастау. С и р а н о (йæ дæндæгты хъыс-хъыс цæугæйæ). Нæу дзæгъæлы дæ мæт! О^^ГО^^^^^^^^^^^^^^^^^^^^Ъ
458 ^^%^^%%^^^л> (*> <^ (<*Х*1 №> СЧХ^ С«*Л <*!/*> г*Х9 ('*> Роксанæ. Фæлæ ызнон Дæуæн дуэль уыд хъазынау æнцон, Æмæ æрлæууыд иу хъуыдцаг мæ зæрдыл: Тыхджын дæ ды, уæздан æмæ сæрæн, Лæджы фырт никуы ахиздзæн дæ сæрты, - Æмæ дæ ныфс йæ хъахъхъæнæг уыдзæн. Сирано. Цæй, хорз. Дæ дзырд фæуæд. Ныфс дын æвæрын, Дæ дзыкъыйы нæ уадздзынæн æфхæрын! Роксанæ. Æцæг? Дæ арм ыл дардзынæ? Мæ бон! Æз дæу æдзух мæ ахсджиаг хуыдтон. Сирано. Хорз, хорз!.. Роксанæ. Кæндзынæ уымæн йе службæ æнцондæр? Сирано. 0!0! Роксанæ. Кæсдзынæ йæм æфсымæры цæстæй? Сирано. О! О! Цы мын зæгъай, дæ алы карз фæндон дæр Æххæст кæндзынæн. Роксанæ. Дуэлы хæстæй Уый бахиздзынæ? Ма йæ уадз лæбурын! Дзырд мын дæттыс? Нæ, ард мын бахæр, курын. Сирано. Хæрын дын ард. Роксанæ. О! Цас уарзын æз дæу! Фæлæцæуон... (Иæ цæсгомæмбæрзæн бакæны, йæ ныхыл æруадзы хыз; рохстæй.) Æз дæ æдзухдæр мысын... Куыд мæ ферох ис де сгуыхтдзинад! Дысон
Оь, «о/<ь; г.*/^ («»/«>) (к*Х^ С^Х’У С'*Х*у С«»>4» *»> Æрдонгимæ цæуыл кодтай быцæу? Æндæр хатт мын æй радзурдзынæ? Сирано. Хъуамæ. Роксанæ. Герой дæ ды! Цы ныфс мын у дæ хъама!.. Рæхджы мæ хуры фендзынæ. Зæгъ ын Мæнæй... Æнхъæлмæ йæм кæсын... Фыстæгмæ. Хорз? Сирано. Зæгъдзынæн ын дæ фæндон. Роксанæ. Нæртон дæ ды! Цы ныфсхаст дæ, цы уæндон! Сæдæимæ ысхæц - æгæр у уый лæгæн! Æндæр хатт сæ фæдзурдзынæ мæнæн. Ныр тагъд кæнын... Уæддæр тыхæй ды арс дæ! Æвæццæгæн, уыд Лæгты дзуар дæ фарсмæ! Сирано. Роксанæ! Хæсты цас тых хъуыди знон? Æз абон тынгдæр фесгуыхтæн - уый зон!.. (Æркувы йын.) Р о к с а н æ ацæуы. С и р а н о сагъдау баззайы зæхмæ кæсгæйæ. Паузæ. Дуар байгом. Р а г н о æрбадары йæ сæр. Æвдæм фæзынд Сирано,Рагно,поэттæ,КарбондеКастель-Жалу, гвардионтæ, бардз,стæйдеГиш. Рагно. Æмбæлы? С и р а н о (йæ бынаты не змæлгæйæ). Рацу. Рагно къухæй амоны, æмæ æрбацæуынц п о э т т æ. Уыцы афон фæстаг дуарæй æрбахизы К а р б о н, йæ уæлæ гвардийы капитаны формæ; Сиранойы куы ауыны, уæд йæ цæнгтæ айтындзы хъæбыс кæнынæввонг.
460 (^да^с* V**-* У*\ Ы^’Х^’Х^у (<*>"офу '&Х*2> <$*> '<*#Ь '*Х*>> «*Х*> °ХЭ ('0 Карбон. Мæнæ сахъгуырдты сæрæндæр! С и р а н о (йæ сæрыл схæцы). Мæ капитан! Карбон (фырцинæй). Фæлæуу! Æри дæ къух! Лæг дæ! Кæй фесгуыхтæ, уый намыс у мæнæн дæр! Дæ номыл мах фæкæндзыстæм куывдтæ. Сирано. Мæнæн... К а р б о н (хъавы йæ акæнынмæ). Кæсынц æнхъæлмæ сæндоны нæ адæм. Сирано. Ныртæккæ нæу мæ бон. К а р б о н (дуар баксены, æддæмæ хьæр кæны). Лæппутæ, ардæм! Нæ комы фынгмæ! Уый тыхст у, æнкъард! ХЪÆЛÆС (уынгæй). Цы, цы? Салдаты намыс аппарынмæ хъавы? Æрбаввахс къæхты хъæр æмæ хотыхты зæлланг. К а р б о н (йæ армытъæпæнтæ æууæрдгæ). Æрбацæуынц. Гаскойнаг гвардионтæ (æрбакæлынцхæрæндонмæ). Æлгъыст! - Ам чи фауы нæ цард? - Сæдæ ’лгъысты! - Æнкъард нæ цины раз цы давы? Рагно (тарстæй). Гаскойнæгтæ стуг иууылдæр? Гвардионтæ. Ай-гъай! Фæлæ поэт цæуыл кæны тæргай? Ныууадз дæ мæт! Æви дæ кад нæ тавы! Фыццаг гвардион (Сираномæ). Виват! Сирано. Барон! ророооеооооорзроа-оеоеороеососоеоеоо
(*>) (<ф) <'ф>) *ф *фй <'**•» <'ф» <'ф) Ъ) Гг^ г»/^ оф>) ц.ф0 ъф>} (,ф., г.ф0 (<ф<>) «0 Дыккаг гвардион. Виват! Сирано. Ыстыр бузныг, барон! Æртыккаг гвардион. Мæ хъæбысы дæ акæнон! Сирано. Барон! Цыппæрæм гвардион. О, браво! С и р а н о (нал зоны, кæмсе дзура, уый). Барон!.. Барон!.. Барон!.. Рагно. Охх, нал сын и кæрон! Ау, иууылдæр баронтæ стут? Гвардионтæ. Бæгуыдæр! Рагно. Æцæг? Гвардион. Æрра, цы нæ ’нхъæлыс æндæр? Зæгъгæ, нæ худтæй самадтам мæсгуытæ, Æмбæлид уæд ыстъалытыл сæ сæр! Л е - Б р е (æрбацæуы, базгъоры Сираномæ). Æрбацæуы дæм адæмæй дзыгуыртæ! Сæ зæрдæты дын арфæтæ хæссынц. Ныхъхъæр дæ ном. Ныр байдыдтой æмбырдтæ. Хъайтар дæ ды! Æрратæ дыл кæнынц! Сирано (адæргæй). Кæм дæн, уый загътай? Л е - Б р е (йæ цин æвдисгæйæ). Загътон æй, бæгуыдæр! Сирано. Хуыцау дын нæй... Г о р æ т а г (æрбацæуы æндæртимæ). Æгас Париж дæуæн Ныртæккæ ам йæ арфæтæ кæндзæн.
462 г*о <<*№ ьт С',у*о офо б»л>> (<»ы ы& Гг») (л) г^ с^ №; №; С<*Х'У («*Х^ <-«/*> ф Зыны: уынг а д æ м æ й байдзаг. Къареттæ æмæ файтонтæ æрлæууынц. Л е - Б р е (сабырæй Сиранойæн, худгæйæ). Роксанæ та цы зæгъы, и? Сирано (æваст). Ныхъхъус у! А д æ м (фæсдуарæй сæ хъæр цæуы). Кæм и хъайтар? Мидæмæ æрбакалд бирæ адæм. Хъомпал кæнынц. Салæмттæ, арфæтæ. Р а г н о (стъолмæ сгæпп кодта). Рагно дæр абон буц у! Мæ къæбицмæ æгас дзыллæ æрцыд! Уый амонд у! О, намыс æмæ цыт! Æрбацæуджытæ (Сиранойыл æмбырдтæ кæнынц). Бæдæйнаг! - Сахъ лæг! - Ме ’фсымæр! - Мæ хæлар! Сирано. Ызнон дзы иу дæр ме ’фсымæр нæ уыд! Ле-Бре (æхсызгонæй). Æнтысту уый! М а р к и з (базгъоры хъæбыс кæнынмæ). Ды фесгуыхтæ, бæгъатыр!.. Мæхæлар!.. Æз... Сирано. Куыд мæм дзурыс, уый, куыд? Цы дæ мæнæн - хæстæг æви мæ коймаг? Æндæр маркиз. Къареты бады иу рæсугъд сылгоймаг, - Дæу хъуамæ йемæ базонгæ кæнон. Сирано (уазалæй). Дæхæдæг, цымæ, чи дæ, стæй кæцон?.. Л е - Б р е (æфсæрмдзæстыгæй). Цы кæныс, цæй? Сирано. Æнцад. Ле-Бре. Цы у йæ азым? рэеэоэсосэесю^^оросэеэес^рросзс^ос^ор^орэер
0» (<ф) <<ф) Сф> <Гфд (,,& (Гф> (7ф> (7,, 400 (^ *»/*>, г«»/«>> («/*>) (м/’у Г«*Х«-; С<0<4> С«*У^ **> Литератор (фыссæнгарзимæ). Дæ хабæрттæн бæстон базонæн нæй? Сирано (кувæгау). Кæд ахаудзæнис ацы уаргъ мæнæй?.. Ныууадзут мæ, - мæнмæ нæ цæуы хъазын!. Л е - Б р е (Сиранойы бакьуыры). Уый Ренодо у, - зоныс, Теофраст, - Фыццаг «газет» æрымысæг... Хабарæй Цынæ ис уым! Ыстыр диссаг у, раст! Дæумæ æрбацыд номдзыд лæг хæларæй, Цæмæй дæу тыххæй адæмтæ кæсой. Сирано. Дæлдзæх фæуæд! Цæмæн хъæуы мæ кой!.. Æрбацæуы п о э т. Ды дæр? Поэт. Мæ цин куыд кæнон хъуамæ сусæг? Фыссы дæ номыл акростих æмкусæг. Иу чидæр (æрбаввахс). Дæхорзæхæй... Æндæр чидæр. Фæрсын дæ æз... Сирано. Æгъгъæд! Змæлд. Чыртæй æмæ рæнхъгай слæууынц. Фæзыны деГишйæфæс- дзæуин афицертимæ. Стæй Кюижи,Брисайль æмæ æн- дæр афицертæ, фыццагархайдыкæронСираноимæчиацыд,уыдон. Кюижи тагъд-тагъд бацæуы Сираномæ. Кюижи. Æрбацæуы дæм граф де Гиш... Адæм базмæлынц, иуварс алæууынц. Ле-Бре (сабырæй, Сираномæ). Цы у дæ мæт? Ысхæц дæхиуыл! Ракæс æм фæндонæй!
464 (*>) <<ф) СчГ«») <'Ф* «*?*» <?Ф» <'Ф>> <*Ф> °>) (<2) {<*&> ф*э е*У*» с*Х^ е»Х*> с«*Х^ <"/*? С’з) Д е Г и ш (Сиранойæн салам дæтты сæры æркъулæй). Дæумæ æрвыст дæн маршал де Гасьонæй. Дæ фесгуыхт тынг йæ зæрдæмæ фæцыд Æмæ кæны хъæбатыр лæгæн цыт! Сирано. Мæн буц кæны йæ арфæтæй уæ фæтæг: Ысгуыхт цы у, уый хорз зоны йæхæдæг. Де Гиш. Дæ хæст уыд арт, нæртон диссаг - дæ кард. Уый маршалы кæм уырныдта! Йæ дисæн Нæ уыд кæрон. Уæд адон хордтой ард, Сæхæдæг ын кæй уыдысты æвдисæн... Кюижи. Нæхи цæстытæй федтам уый ызнон! Л е - Б р е (сабырæй, Сиранойæн, уый та цыма ницы хъусы). Цæуыл тыхсыс? Дæ цæстыты - зындон!.. С и р а н о (фестъæлфы, сысты). Уыдтой мæ!.. (Ле-Бремæ.) Уый æз тыхсын? Мæнæ худæг! Цы у тыхсын? - дымгæ боны æртхутæг. (Риуыл размæ рахæцы, йæ рихитæ аздухы.) Д е Г и ш (Кюижи йын йæхъусы цыдæртæ дзырдта, афтæмæй). Æхсары фæрцы айхъуысти дæ ном. Фæлæ дæ цард... Куы дын зæгъон æргом, Уæд уый хæцы дæ намысыл æндахæй. Æвастæй царды чи схызти бæрзонд?.. Кæй полкъæй дæ? Мыййаг, кæд уыцы сонт Æрратæй... Сирано. О, гаскойнæгтæй дæн. Иу гаскойнаг (тызмæгæй). Махæй!.. Де Гиш (кæсы гаскойнæгтæм, уыдон лæууынц Сиранойы фæстæ).
С*» Сф Сф) Сф> (ЭД> Мд ГМ ЪГ<4 Ь) [^ <-«/«>> г.*/«») («/*> №у счХ’у НХЧ/ (<*/'■•; <<*> 465 О! Адæттæ сты Гасконы ныфс? Йæ тых? Мæгуыр, сæрыстыр, хъал æмæ къæйных! Карбон (Сираномæ). Мах чи стæм, уый, æвæццæгæн, нæ зоны. Зæгъ ын æй тагъд, кæннод мæ зæрдæ тоны!.. Сирано (дыууæ къахдзæфы бакæны де Гишмæ, амоны гаскойнæгтæм). Фæцæуынц гаскойнаг хæстонтæ... Фæйнæрдæм! Фæндаг сын дæттут! Мах - хуссайраг хæхты фæдонтæ, Цытæн дарæм кард æмæ худ!.. Фæцæуы гаскойнæгты гварди, Хъæбатыртæн раттут фæндаг! Нæ зæрдæты хур æмæ арт и, Нæ дзыхты - æрхъызы дæндаг! Уæззау хæст нын куывд æмæ хъазт у, Уæздан лæг фæранкау ныфсхаст у, Цыбыр æмæ кадджын - йæ цард; Нæ сæрхъызой махæн - цыргъ кард, Нæ бæллиц та кад æмæ уарзт у!.. Мах арæх поэзийы зæд Фæхоны Парнасы бæрзæндтæм: Мах хæстмæ куы фæцæуæм, уæд Нæ зарджытæ арвау нæрæд... Фæцæуынц гаскойнаг æфсæдтæ!.. Кæд карз ыстæм хæсты, уæддæр Нывонд ысты уарзтæн нæ удтæ. О, уыйхыгъд сæрыстыр рæсугъдтæ Хъæбатырты уарзынц фылдæр!.. Мах - кад æмæ ’хсары фæдонтæ, - Уæ рæсугъд чызджытæн æваст Ыссудзæм сæ зæрдæты уарзт... 30
466 (^'^Ъ^\('>Х*\ <у»\ф\Щ»^<'^су (*> '<'>Х'у ’офч ('*Уь '*»&> °Фэ Ч’/’у ’ «Ф*$ С’»; Фæцæуынц гаскойнаг хæстонтæ. Кæмæн ис рæсугъд ус лæгæй, Фæдзæхсын уæ: ризут тæссæй! Фæцæуынц гаскойнаг хæстонтæ!.. Де Гиш (къæлæтджыны хъалæй бадгæйæ). Ныры заманы афтæ у æгъдау: Ыстыр хицау йæхи поэт фæдары. Мæхицæн дæу зæрдиагæй æвзарын. Цы зæгъыс? Сирано. Нæ. Дæ салам бирæ. Ле-Бре (мæстæй). Ау! Де Гиш. Фæцыдтæ ды мæ хæстæджы зæрдæмæ; О, Ришелье разы уыди ызнон. - Ыстæм хатт вæййы афтæ уый... Уæдæмæ, Рæхджы дæу йемæ базонгæ кæнон. Цæттæ пьесæ дæм, чи зоны, уыдзæни?.. Л е - Б р е (Сиранойы хъусы). Ратт «Агриппинæ», - сценæйы цæудзæни. С и р а н о (разы кæнынмæ хъавы). Бæргæ, фæлæ... Де Гиш. Уæд æм æй ратт. Æрмæст Уый цалдæр рæнхъы аивдзæн æндæртæй, Фæлæ йæм мур дæр ма ’хсайæд дæ зæрдæ, Нæ кардинал у курдйатæй æххæст... С и р а н о (æвиппайды фæхъуынтъыз). Нæ уыдзæн уый! Поэтæн уый æлгъыст у! Къæдзыгæн дæр нæй аивæн мæ куысты. Де Гиш. Иæ зæрдæмæ дзы иу рæнхъ дæр фæцыд, Уæд дыл ныккалдзæн хорзæх æмæ цыт... Сирано. Поэзийæн нæй ахæм аргъæй барæн! Куы ныффыссын мæ зæрдæйы фæндон,
С*2» (<4Ч с<*Х*>) №; С*Х*у С*Х'^ (*Х«!> С«»Х*г» **> Уæд мын вæййы хæрзиуæгау æхцон, - Зæххыл зынаргъдæр ницы ис лæварæн. Ле-Бре (тыхсы). О ме скæнæг! Де Гиш. Æгæрхъал дæ... Сирано. Æцæг? Нырмæ дын уый куыннæ уыдис бæрæг?.. Гвардион (æрбахæссы шпагæйыл сагъдæй бырæгьгонд худтæ). Кæс-ма, кæс, Сирано, цы диссаджы мæлхъытæ! Ыссардтон уыдон Нелы цур. Ызнон Кæм хъуыст нæргæ æбуалгъы цæлхъытæ. Ха-ха! Карбон. Кæйдæр кад фестади бырон! Иууылдæр худынц. Кюижи. Хæснаг кæнын: лæбурджытæн сæ фæстæ Æмбæхсы чидæр - мастисæг. Бынтон Хæрзаг йæ зæрдæ атъæпп и фырмæстæй! Брисайль (хъæрæйхуды). Бæгуыдæр! Фæлæ хорз райста йæ хæс! Цымæ, уый чи уыд, ницы зоныс? Де Гиш. Æз. Хуцын æвиппайды фенцад. Мæ нысан уыд, ыстыр уæздан йæхæдæг Цы нæ фæкæны, ахæм хъуыддаг раст: Æз истон иу дзæгъæлдзыхæй мæ маст, - Мæныл фæхудт-йæ зарæгæй æфхæрæг. Адæм æдзæм дис кæнынц. Гвардион (сабырæй, Сиранойсен, худтæм амонгæйæ). Цы кæнон ацы сау бызгъуыртæн æз? с оо ос; ос оо ос ос оаор ^^ярзсзророс^орорррос<æор<зоз
468 (*>) <<ф) (<ф) о*х*ъ ър» ('>&>) (<ф>> (<>ы г'») (9 ^ о*А) «О^ ад С’’/’У г«*/^ «*Х*> сО С и р а н о (райсы шпагæ æд худгпæ, графы къæхты бынмæ сæ æрдары). Дæ хорзæхæй, дæ хæлæрттæн сæ хæсс. Де Гиш (сысгпад, цæхгæр). Мæ къарет - тагъд! Цæуын! (Сираномæ, карзæй.) Ды та... ды ма хиз Æгъдауы сæрты... Сирано (иуырдæм). Уый уал дын уæлахиз!.. Л е - Б р е (Сираномæ, сабыр). Зындонмæ ды цæй тыххæй дæ хæддзу! Хъæлæс (уынгæй). Уæ бæрзонддзинад, каретæ рæвдз у! Д е Г и ш (йæхиуыл хæцгæйæ, худгæйæ). Зæгъ-ма мын... «Дон Кихот» нæ кастæ? Сирано. Кастæн. Де Гиш. Куыд дæм фæкаст? Сирано. Сызгъæрин фестæд, уастæн! Йæ коймæ мæн мæ худ сисын фæнды. Де Гиш. Уæдæ-иу искуы ахъуыды кæн ды... Æххуырст (дуарæйæрбакаст). Цæттæ у къарет... Де Гиш. Хорз уаид, æвæдза... Бæстондæр равзар æртындæсæм хай. Сирано. Куырæйттимæ кæм хæцы, уый! Де Гиш. Ай-гъай! Æнæсæрфат куыроимæ куы схæца, Уæд æй йæ тыхджын базыртыл æваст о^^г^^^^^^^^^ч^^г^^^^^^^^^^^
(^ (а/*,; (,*/*> (»>Х^ (<*)('у о*Х^ («*ХЧ, №; <**> Уый фелвасдзæн æмæ йæ раст Ныззыввытт ласдзæн цъыфдзастæн йæ арфмæ. Сирано. Цы бæрæг и - уæд та йæ фехста арвмæ? Д е Г и ш ацæуы, йæ фæстæ -уæздæттæ;адæм ахæлиу вæййынц. Æстæм фæзынд Сирано, Ле-Бре,гвардионтæ æрбадынц фынгты уæлхъус. С и р а н о (хæрзбон зæгъын чи нæ бауæндыд, уыдонæн). Фæндараст, уæздæттæ! Л е - Б р е (йæ къухтæ хæрдмæ сисгæйæ). Цæуыл сафыс дæхи? Цымæ, дæ хуызæн æрра а зæххыл кæм и? Сирано. Ныууадз, мæ хæлар, уыйбæрц мæт дæ ма уæд. Ле-Бре. Нæ, нæ! Дæ митæй ахæм сонт нæма уыд. Сирано. Уый афтæ у... Ле-Бре. Уыныс! Дæхæдæг ыл сæттыс... Ныууадз сæ... Науæд сæфты фæндагыл цæуыс. Сирано. Зæгъ-ма, уæдæ, дæумæ гæсгæ, куыд цæрон? Куыд кæнынц адæм, уый фæзмон æз дæр? Æцæгдзинадмæ ма цæуон æмгæрон, Тыхджыны раз æркъул кæнон мæ сæр? Цæргæс нæ уон, хъæбатыр, фæлæ уаллон, Тæхыны бæсты цъыфдзасты бырон, - Цæмæй ысуон мæнг уæздæттæн сæ балон? Нæ! Бузныг! Уый нæ бауыдзæн мæ бон! Дæу уый фæнды, цæмæй бынæттæ курон, Кæнон козбау, цæстмæхъус ныхас, цурон? Бæрзонд аивад ферох уа мæнæй,
470 (*>) <<*т <ьГ<д ЬГ*Ъ М*>) М>) (’ф) <<ф) <<,) Со> <1&> <г*Х*э е*Х*> №; ("/*> <</у л?ХЪ> С’!) Æмæ къупецтыл зарджытæ нывæндон? Зæгъ-ма, мæ хæлар, ахæм у дæ фæндон? Нæ! Бузныг! Уый мæ туджыхъæды нæй! Бæрзондылбадæг, бархъомысджын хицау Мæнæй фæсдзæуин не скæндзæн, уый зон! Æлгъаг пайда нæ уыдзæни мæ хуыцау! Уæййаг хъæздыгæн хъазæнхъул ысуон? Нæ! Бузныг! Уый нæ бауыдзæн мæ бон! Мæ бæллицтыл куыд аивон мæ зæрдæ, Цæмæй хъæздыг æддæгуæлæ хæдзæртты Æмдзæвгæтæ æвæндонæй кæсон, Æмæ сын хъал, къуыдипп æмæ æндæртæ Кæной уæзгæ бæгуы лæгтау - тæрхон! Нæ! Бузныг! Уый мæлæт куы у, зындон! Уæдæ мæхи сабыр родау куыд дарон, Мæ алы дзырд, мæ алы змæлд куыд барон, Цæмæй æнæсæр уацхæссæг-сæрхъæн Уæййаг газеты ма рауадза мæн? Æз хъуамæ уон дывзагон æмæ барон, Цæмæй мæхицæн хъарм бынат ыссарон Æмæ хæрон мæ улупа мыстау? О, нæ! Уæд-иу мæ ралгъитæд хуыцау! Фæлтау цæрдзынæн мусонджы мæгуырæй, Æрмæст дзы уæд сæрибар æмæ арт, Цагъайрагау куынæ цæуон гуыбырæй, Нæ уыдзæн уæд паддзахæн дæр мæ цард! Сæхи бар уæнт мæ зонд æмæ мæ зæрдæ. Æз дзурдзынæн мæ хъуыдытæ хъæрæй, Цы мæ фæнды, фысдзынæн уый, цæмæй Хæссон æхсызгон циндзинад хæлæрттæн, Ызнаг та скъуыйа, уадз æмæ, мæстæй. Цы сты æхца, ыстыр бынат? Мæ сæнттæ Сæ базыртыл мæн ахæссæнт бæрзæндты, Цæмæй хъæрмудæй æрдзимæ цæрон, Ыскæнон искуы лæзгъæры дыргъдон, Æмæ дзы кала дидинæг тæмæнтæ! Р^ЖЖЖ^^^ЖЖЖЖ^фЖфГ&ЖЖфГ&^^^Ь
Цынæ вæййы, фыдбоны фæстæ фарн Æрцыд, зæгъгæ, хæссы мын Музæ амонд, Уæд дæр мын намыс ма скæнæд лæвар, Фæлæ æрмæстдæр курдйаты сæраппонд! Ай-гъай, мæхицæн уый уарзы мæ цæст: Цы ссарон, уый мæхи тыхæй æрмæст! Ле-Бре. Дæхи тыхæй? Уый тынг хорз у, мæ лымæн. Фæлæ хъæуы титаны хъару уымæн! Ды алкæмæй цæмæн кæныс ызнаг? Æнæуи дæр дзы разындзæн дæ фаг! Сирано. Уæдæ сымахтау алкæмæй хæлæрттæ Куыд ыскæнон? Уæздан дзырд у «лымæн», Зынаргъ у уый сыгъдæг уарзтау мæнæн; Нæ тасы алы цъаммæрттæм мæ зæрдæ! Гæды митæй мæ удхæссæг уынын, Фæлæ мæнæн æхсызгон у зæгъын: «Мæхицæн абон ног ызнаг ыссардтон!» Ле-Бре. Дæ зæрдæйы цæйбæрц маст и! Цæмæн? Сирано. Тызмæг у ацы карз дуне, цагъардон. Ныууадз! Нæ хъæуы уарзондзинад мæн! Цы сты рæвдыд, уæздан митæ? Мæ сæрыл Фæлтау тыхсæнт хæрам æмæ фыдæх. Мæ разы судзæд сау зындонау зæхх, Цæудзынæн æз цъæх сындз æмæ цæхæрыл Сæрыстырæй! Ызнæгтæ ’мæ зынтæ Куы уой æдзух къæппæввонгæй мæ разы, Уæд, зон, мæ туг мæ зæрдæйы кæй хъазы, Æмæ уыдзынæн карз хæстмæ цæттæ! Л е - Б р е (исдуг фæхъус, стæй йын йæ цонгыл æрхæцы). Дæхицæй араз дурзæрдæ, сæрыстыр Æмæ фынсайд. Æлгъит мæстыйæ цард... Мæ мæгуыр хæлар!.. Басæтт мын дæ рыстыл: Роксанæ дæу нæ уарзы, нæ?
472 ы <<м <<ф) (<*&> «ф» ('Ф>) (<ф>) (<>(*>) ь) (*> ’г^ ф$ ф>> ф* <*/*> ф$ <-ф> <& Сирано (сонтæй). Æнцад! Чысыл раздæр æрбацыд Кристиан, баиу гвардионтимæ, фæлæ дзы йемæ ничи дзуры. Æрæджиау фынджы уæлхъус æрбады. Л и з æ йын лæггад кæны. Фарæстæм фæзынд С и р а н о, Л е-Б ре,гвардионтæ,Кристиан. Гвардион (бады рæбынæй, йæ кьухы - агуывзæ). Эй, Сирано! С и р а н о акæсы уыцырдæм. Кæсæм дæ радзырдмæ æнхъæлмæ! Сирано. О, куыд мæ ферох... ныртæккæ, хорз. Ле-Бреимæ ныхасгæнгæ ацæуынц иуварс. Гвардион (сысты, бацæуыКристианмæ). Æнхъæлдæн, Тæппуд хъуымыздзых гвардион, дæуæн Ныртæккæ ам дзæбæх урок уыдзæн. Кристиан (скæсы йæм). Цы загътай, цы? Дыккаг гвардион. Хъуымыздзых дæ ысхуыдта! Ды дæ цæгатаг, къленц, фæлæ уæнгмард! Дæу ардæм, басæтт ыл, æрхуыдта Дæ хъомылгæнæг, науæд та дæ мад? Кристиан. Цы уæ хъæуы! Æртыккаг гвардион. Де Нёвиллет, нæ зæрды Дæуæн ис иу хъуыддаг зæгъын, Ис ахæм дзаума, ис, зæххыл, Æмæ йæ кой мысайнагау æвæрд у:
г^ <<ф>) оф>) (»х*о (Ф>) с*У<у е*У<у с»УЧ> «г> Нæ фæччы уый зæгъын!.. Иæ ном Ысрæдыдтæ, кæндзынæ уæд фæсмон. Кристиан. Цымæ, цы уа? Æртыккаг гвардион (тæссагхъæлæсæй). Фæлæуу! Æрбакæс мæм бæстон. (Æртæ хатты йе ’нгуылдзæй диссагау амоны йæ фындзмæ.) Æмбарыс? Кристиан. О, ды бавнæлдтай... Æртыккаг гвардион. Ы-сс! Аппар Ды уыцы дзырд! Кæннод æвзæр у хабар. (Амоны Сираномæ.) Кæннод дæу уымæн дзуапп дæттын хъæудзæн! Цыппæрæм гвардион (æрбадтКристианы фæстæ). Кæддæр ыл чидæр бахудти, сæрхъæн! Йæ фындз ын уайтагъд ачъепп ласта кардæй. Фæндзæм гвардион (стьолы бынæй, мæрдонхъæлæсæй). Фыдбылызы фындз! Чи скæна йæ кой, Уый райгонд уæд йæ гуыр æмæ йæ цардæй. Æхсæзæм гвардион (Кристианыуæхскыл æрхæцы). Ай-гъай! Уый цалы барвыста мæрдтæм! Сыбыртт дæр нæ! Кæсагау у æдзæм. Иууылдæр æнæдзургæйæ лæууынц Кристианы алыварс, сæ цæнгтæ - дзуарæвæрд. Уый сысты, бацæуы Карбонмæ, - уый ныхас кæны иу афицеримæ, цыма ницы хаты, йæхи дары афтæ. Кристиан. Зæгъ-ма, капитан, иу хъуыддаг мæнæн. К ар б о н (разылд, цæстæнгасæй йæ сбарста). Цыу? Кристиан. Зæгъ мын, куыд фæкæнынц Парижы, Æдзæсгом хуссайраг куы ’вдисы Иæхи æгæр къæйныхæй, уæд?
474 с^х^(^и с^^%г?/вЧг*^^;^^ (Я> ’ <ф>> ’ а*Х*2 >У^ 'с«*Х^ 'е*Х^ Г&Х'$ ’ <«Х*$ <•*) Карбон. О, уый мæ быгъдыуан фæуæд! Дæ зæрдæ ахæм хъуыддаг хаты, Уæд уыцы къæйныхы ыссар Æмæ йын фенын кæн, цæгаты Кæй ис лæгдзинад æмæ ’хсар. (Азилы иннæрдæм.) Кристиан. Ыстыр бузныг, æндæр дзуапп мæ нæ хъуыди. Дæ хорз уынаффæ бабæздзæн мæнæн. (Иуварсмæ.) Фæлæуут, дзуапп уын ацы уысм уыдзæн. Фыццаг гвардион (Сираномæ.) Кæм и дæ радзырд? Иумæ. Хъусæм дæм! Куыд уыди?! Сирано (разыйæ). Фæнды уæ худын, уæд цæттæ дæн æз. Иууылдæр йæ алыварс æртымбыл сты хъусынæввонгæй. Кристиан йæ бандоныл бæхбадт кæны. Уыд хабар афтæ. Æз фыстон мæ хæс Æмæ цыдтæн фыдгæнджытæм сындæггай. Мæ сæрмæ дзаг мæй рухс æмæ сыгъдæгæй Тæмæнтæ калдта. Уалынмæ æврагъ Æрбацыд сабыр комы тæфау арвыл, Æмæ æрмынæг æхсæвы цырагъ. Нытталынг бæстæ, сахар уыд йæ тарфыл, Цыдæр аууæттæ даргъ уынджы тæлфынц. Зынди ма талынджы æрмæст... Кристиан. -Мæ-фындз. Æгуыппæгдзинад. Иууылдæр сындæггай сыстадысты æмæ тарстхуызæй кæсынц Сираномæ. Уый фергъуыйау. Иууылдæр æнхъæлмæ кæсынц цæмæдæр.
6у **/*,; <■«/«,> «ф0 («ОГ’у с«*Х^ С'*/^ счУ^ **> Сирано (сабырæй). Цымæ, йæ куыдзы чи суагъта йæ бастæй? Фæзынд уый ам хæддзу æмæ æвастæй... Гвардион (Сираномæ, сабыр). Уый мах полкъæй у. Райстой йæ ызнон. Сирано бакъахдзæф кæны Кристианмæ. Барон де Нёвиллет. Дзыхъхъыннæуæг хæстон! Сирано æнæдзургæйæ иуварс алæууы. (Сабыр, йе ’мбалæн.) Гъеуый дын, гъе! Фæтарсти! Сирано. Де Нёвиллет... Иттæг хорз. (Афæлурс, стæй фæсырх, Кристианыл йæхи ныццæвынмæ хьавы.) Æз... (Иæхиуыл фæхæцы æмсе дзуры æнцад хъæлæсæй.) Цæй, раст у! (Йæрадзырд дарддæр кæны.) Дзырдтон уын æз... (Мæстæй та рафыхт.) Æлгъыст! (Иæхи та æрсабыр кодта æмæ дзуры хæрзсабырæй.) ... кæй уыд мæйдар. Дис ыл кæнынц. Йæ алыварс та æрбадынц. Цæуын, мæ зæрдæ сагъæстæй ныттар, Зæгъын, цавæрдæр къуприйы сæраппонд Тæвд цæхæры цæмæн тьыссын мæ сæр? Цæмæн кæнын мæ фыдгулты фылдæр? Цынæ вæййы - тæбæгъы дон у амонд, Фыдгæнджытæ къæппæввонгæй лæууынц, Æмæ дзы исчи баргъæвдзæн...
476 г») <<*Х«ь «Ф) <<*Х*> ({Ф» (,»№ (г»№ °*№ °>) Ф оф^ Фз («*Х^ №> **Л ^ ^ <$ Кристиан. Мæ фындз... Иууылдæр сыстынц. Кристиан бандоныл хъеллау кæны. С и р а н о (цыма хуыдуг кæны, афтæ). Цы хъазын дзæгъæлы мæ цардæй? Хъысмæтыл чи фæтых и кардæй? - Фæрсын мæхи. Уæд мæм æваст Мæ хъуыды худинаг фæкаст. Æмæ дын карз тохмæ фæтындзын, Мæ къух æрæвæрдтон... Кристиан. Мæ фындзыл! С и р а н о (йæ ныхæй йæ хид сæрфгæ). Мæ карды фистоныл... Зæгъын: Куы уа æнæхъæн полкъ мæ разы, Уæддæр мæ хуыздæр хæс - хæцын! Ысластон кард æмæ дзы хъазын... Уæд дын хуыдалынджы æваст Фæцыд æвирхъау цæф... Кристиан. Мæ фындзæн. Сирано. Мæ фæсонтæн. Уæд рафыхти мæ маст. Уынын мæ разы... Кристиан. Иунæг фындз цæджындзау... Сирано (фæгæппласы). Æгъгъæд! Гаскойнæгтæ размæ æрбалæууынц, цæмæй сæм зына хуыздæр, фæлæ Сирано Кристианмæ куы бахæццæ, уæд йæхи æрсабыр кæны æмæ дзуры дардцæр. Уынын æфсад уым хотыхджын лæгмартæй, Сæ цæсгæмггæ ^сæ пæлæзтæй æмбæхст, Ысхæцыдтæн. Цæгъдын сæ систон кардæй. Нæ уыд дæргъвæтин уыцы ран мæ хæст: Фæлыгъдысты лæгмарджытæ сæхимæ, Æз та сæ фæстæ баззадтæн...
Гг^ <■«/*) о*/*>) <»/*» (фу (ф^) (ф>; <!»*>) «0 Кристиан. Фындзимæ. Сирано (æррайау). Ныннæрæд арв! Тагъд, айсут уал уæхи!.. Гвардионтæ сæхи акалынц дуармæ. Фыццаг гвардион. Йæ масты дзæкъул атыдта. Æгъ-гъи! Сирано. Нæхи нын уадзут. Зондæй йæ æрфæрсон. Дыккаг гвардион. А-гъа! Йæ фынтæй райхъал и фæранк! Æртыккаг гвардион. Мæгуыр дзигло, æрцæудзæн æм æндæр зонд! Куы йæ ’рысса, уæд фестдзæни фæрак... Цыппæрæм гвардион. Ыскæрддзæн æй! Рагно. Æцæг зæгъыс? Цыппæрæм гвардион. Бæгуыдæр! Фыдджинаг, зон, цæттæ уыдзæн дæ гуылтæн. Рагно. Тæрсын! Фæлурс у, карз! Карбон. Мæ хæлæрттæ, цæуæм Æддæмæ тагъддæр: дардæй сæм кæсæм. Ацыдысты алы дуæрттыл, чи та асинтыл схызти. Сирано æмæ Кристиан баззадысты дыууæйæ, исдуг кæрæдзимæ кæсынц. Дæсæм фæзынд С и р а н о æмæ Кристиан. Сирано. Æри дæ къух! Кристиан. Цы ’рцыд?..
478 ф у& «#^^<<!&\<у:»>^'#^ф+?!) Сирано. Бæгуы, ныфсхаст дæ. Кристиан. Æгъгъæд фæуæд. Цæмæн хъазыс мæнæй? Сирано. Æгайтма ахæм дæ. Мæнæн æнцой æрхаста Дæ ныфс. Кристиан. Цы давы уый? Сирано. Æз бузныг дæн дæуæй. Кристиан. Ныууадз дæ хъазт! Цæмæ хъавыс нысанæй? Сирано. Æри дæ къух! Мæ хо у уый. Кристиан. Уый чи у? Сирано. Зæд. Кристиан. О ме скæнæг, фæлæ уæддæр.... Сирано. Роксанæ. Кристиан (йæхи йæм баппары). Ды йе ’фсымæр дæ? Сирано. О, хæстæг хион. Кристиан. Хъысмæт!.. Дзырдта дын исты? Сирано. Алцыдæр - æргомæй. Кристиан. Йæ хо у уый... Æз та... Куыд баци уый мæ бон... Зæгъ-ма, уый уарзы мæн? Сирано. Æвæццæгæн. сороооооеэес^ор^орор^эеосос^оё^^
Кристиан. Фæсмонæй Хæрын мæхи. Куыд сæрра дæн бынтон! (Иæ къух ын исы, йæ цин нсе уромы.) Æз цин кæнын! Мæ зæрдæ срухс дæ кастæй! Сирано. Æцæг у уый - фæзыны уарзт æвастæй... Кристиан. Роксанæйы æфсымæр! О, хатыр! Хатыр дæ курын! С и р а н о (йæ къух ын йæ уæхскыл æрсевæры, кæсы йæм). Бамбæрстон æй ныр: Æцæг рæсугъд у ацы джауыр зæдау! Кристиан. Дæуæн кæндзынæн цыт æмæ хæрзæгъдау, Уыдзæни уый мæлæты онг мæ хæс... Сирано. Мæ фындзы кой та уæд? Кристиан. Мæ дзырдтæ исын æз! Сирано. Ныр хъус мæнмæ: Роксанæмæ изæры Ныффысс фыстæг, æнхъæлмæ йæм кæсдзæн. Кристиан. Мæ сæфт! Сирано. Цы ма зæгъыс? Кристиан. Фæлтау цæхæры Куы судзин, уæд хуыздæр уаид мæнæн. Сирано. Цыхабару? Кристиан. Уæууæй, мæ худинаг ныхъхъæр и! Цы ныффыссон? - Нæй уыйбæрц зонд мæ сæры.
^ГОи (<>) (<М <М (<»*& (*/«!> С'ф>) Оф) (<ф) и,\ (*> С'1Л^ С'^ (&*> №) С<*У^ С<*/^ ^9 ф Сирано. Цæуыл тыхсыс? Мæ ныхас дæ уырнæд, Æдылы дæ, нæ зыны уый æппындæр. Мæ ныхмæ ам куы ралæууыдтæ, уæд Нæ уыдтæ ды бæгуылæгæй лæппындæр. Кристиан. Цы дзурын хъæуы ахæм ран лæгæн! Æфсæддон лæгæн бирæ у мæ зонд дæр, Ныхасы уый зынæй амбулдзæн мæн. Чызгимæ та вæййын æррайæ сонтдæр, Æмæ сæ разы гобийау лæууын... Æрмæст кæнынц мæ бакастæй æрратæ, Парижы уынгты арæзтæй цæуын, Уæд мын кæнынц мæ аууонæн дæр пъатæ... Сирано. Фæлæ куы сдзурыс, уæд æруазал вæййынц тагъд? Кристиан. Ай-гъай! Нæ кæлы ме ’взагæй цæхæртæ, Æмæ сын æз куыд ыссудзон сæ зæрдæ? Мæ ныхас нæу къæбæлдзыг æмæ даргъ. Нæ дуджы та рæсугъд зæрдæйы бæсты Хъæуынц æрмæстдæр базырджын ныхæстæ. Сирано. Куы уаид мæн дæ уынд æмæ дæ конд - Парисы цæсгом, Аполлоны астæу, Уæд алы дзырдæй саразид мæ зонд Цыкурайы фæрдгуытæ ’мæ налмастæ! Кристиан. Мæлгъæвзаг мын куы схай кæнид хуыцау Æрмæст сахатмæ, - фестин уæд дзæнæты! Сирано. Рæсугъд куы фестин иу сахат дæуау, Уæд уыйфæстæ разы уаин мæлæтыл. Кристиан. Мæ хурæн дæр гæды митæ хъæудзæн!.. Тæрсын... Роксанæ ферох кæндзæн мæн... ророс^^сэроеоеор^эсор^оророс^^осое^др^ор^
(.,) (7ф) а-ф) <т9«о (Гф,у <т,ръ офо С>у<>> Ьу Г«2> г«/ь) («/*$ (■«*/*) о»Хч> С«»/^ («»/«* (<»/«•; «*> С и р а н о (кæсы йæм). Тæхуды, ныр мæ бæллицтæн сæ агъуд Куы уаид афтæ фидауцæй нывæст! Кристиан (мæстæлгъæдæй). Тæхуды, чн у курдиатæй æххæст! Сирано (æваст). Æз æй дæттын дæуæн. Уый зон, дæ амонд бахудт! Мæ фæрцы дзурын базондзынæ ды Рæсугъд дзырдтæй дæ уарзт æмæ дæ сæнттæ. Ды ратт мæнæн дæ фидауцы кæлæнтæ, Æз та дæуæн - бæрзонд мидис, хъуыды. Романы хъайтар иумæйаг нысанæй Æрымысæм дыууæйæ, æмæ уæд Дæуæн йæ зæрдæ ратдзæни Роксанæ. Кристиан. Цытæ мын дзурыс? Сирано. Уый мæ быгъдыуан фæуæд. Цы у мæ фæнд? - дæ хуызы бацæудзæн мæ зæрдæ, Цы дын дзурон, уый фæзм, æмæ цæудзæн Нæ хъуыддаг уæд нæ сагъæстæн сæ сæрты. Кристиан. Цыбырдзырдæй, ды амоныс мæнæн... Сирано. Ай-гъай! Нæ тыхтæ сиу кæнæм æмвæндæй. Чызджы зæрдæйæн уæд æнæ басæтгæ нæй: Ды архай конд æмæ уындæй, Æз та бæрзонд поэзийы кæлæнтæй. Дыууæ царды уый иу фæлгонц уындзæн Æмæ йæ уарзтæй амондджын уыдзæн! Кристиан. Уый хорз, фæлæ... Сирано. Разы дæ мемæ, и? Кристиан. Мæ зæрдæ Тыхсы цæуылдæр... Не ’мбарын цыдæртæ... 31
Я-о^ ио <<,г<д <<*х& ьг<-ь (ф>) ьф>) (<>л«>) (<ф) Ъ) (<<> ^ с>/^ с*ХЯ) Ф<> с<*/^ **/<у **Х*> с, Сирано. Куы дæ базона, уый мæт у дæ рис? Ныууадз! Зæрдæ ’мæ ’взагау саразæм цæдис, Цæудзынæн æз дæ аууонау дæ фæстæ, Æмæ йын дзур мæ базырджын ныхæстæ, Йæ зæрдæмæ мæ дзырдты цæхæр кал, Æмæ уыдзæн дæ амондæн мадзал. Кристиан. Ды судзыс артау... Сирано. Зæгъ, мæ фæндоныл разы дæ? Кристиан. Цæй тынг дæ фæнды! Сирано (йæхъуыдыйæурасыгау). Охуыцау!.. (Æрсабыр, артисты хьæлæсæй.) Мæнæн, Кæм райхæлдзысты дунейы фæрстытæ, Уый царды ахæм стыр таурæгъ уыдзæн. Поэт дæн æз, мæ курдиат фæлварын: Мæ ныхасæй кæд базырджын ысуай Æмæ дæ уымæй бауарза чызгай, Хуыцауæн уæд мæ хъизæмæрттæ барын! Уыдзынæн æз дæ курдиат, дæ зонд, Ды та - мæ уынд æмæ мæ конд. Кристиан. Уый хорз уаид, бæргæ, фæлæ уал раздæр Хъæуы фыстæг ныффыссын мæн, - Кæннод цæуыл кæнæм ныхас дæр? Фæлæ куыд фыссон? Царæфтыд фæдæн! С и р а н о (сисы, раздæр ксей ныффыста, уыцы фыстæг). Цæттæ у, хæц! Кристиан. Цы загътай? Куыд!.. Сирано. Æрмæст ыл Ды адрис бафысс! ооеоо^оооеоеосшосоео^^осососос
С’^^^^^^^^^^^Ч^^ 483 (*э <Ф>У «Фо ('*Х^4 с^ (<»У*1) ъФо (*У«') <<*) Кристиан. Куыд? Цы фыст и уым? Сирано. Æз æй Ныффыстон рагацау дæ бæсты. Кристиан. Кæмæ? Кæй кой ис уым? Кæцæй? Сирано. Клоризæ, Жаннæ - мур уæлдай сæ нæй. Поэттæ афтæ сты: уæлмонцæй Æрвон рæсугъдтыл зарджытæ фыссынц Æмæ зæххон чызджы уынынц Ысгьалы кæнæ рухс зæды фæлгонцы. Кæсы нæм арвæрдынау уарзт, Рæсугъд у уый, фæлæ ныв у æдзухдæр, Æмæ нæ разы атайы æваст... Чызджы сурæт æрымысæм æмæ дзы раст Ыскæнæм дунейы рæсугъддæр!.. Мæ рæнхъыты дæ уарзтæй бауадз уд, Куы суа мæ дзырд дæ уындимæ æмдзæрин, Кæсдзысты уæд дæ уарзонмæ сызгъæрин, Æмæ-иу буцæй фарнимæ цæрут! Кристиан. Уый хорз, фæлæ дзы ивын ницы хъæуы? Курын, Кæд ам дзырд дæр нæ фидауы мæ хурыл, Уæд æм æркæс, кæннод мæ зынг хуыст у! Сирано. Хæрын дын ард: уым ницы хъæуы ивын! Нымай, цыма Роксанæйыл фыст у. Æцæг, чысыл мæ цæхæрæй æрттивы, Фæлæ йыл хъуамæ баууæнддзæн уæддæр. Вæййы рæсугъд чызг хирвæссон æгæр, Æмæ зæгъдзæни: «Раст дзуры мæн тыххæй». Кристиан. Мæ хæлар! О! Хуыцау дзуры дæ дзыхæй! (Хъсебыс æй кæны. Паузæ.) сосороеоеороеорзе^^с^^с^ро^
Я-ОЯ- (*>) <<ф) с<ф) (М (<Ф>> Ьф* ('>№ ('*Ы Ы Су г.^ <*&> <■*/*> с<*Х^ с*У*> *»Л ад с-0 Иуæндæсæм фæзынд Уыдон, стæй гвардионтæ, мушкетер æмæ Лизæ. Гвардион (дуар æрбазыхъхьыр кæны). Цæй сабыр у?.. Зал нæу, фæлæ ингæн... Мæ сæр куы бадарин.. Нæ уынын... Хуыцау! Цы уынын? Хъал дæн æви фыны?.. Æрбакæлынц гвардионтæ, джихæй аззайынц. Хъæбыстæ, пъатæ! Скодта йын кæлæн! Мушкетер (хынджылæгау). А-гъа! Карбон. Нæ хæйрæг фестади уæрыкк. Æмæ йæм нал кæсынц æлгъаг фидистæ хъыг! Мушкетер. Уæдæ, бæлвырд, йæ фындзы кой æмбæлы. Гъей, Лизæ! Ацы ницæйаг цы ’нхъæлы? Кæс-ма, мæ фарстæн дзуаппытæ дæтдзæн. (Смуды.) Цæй тæф уа уый? Хъæдындз кæнæ дзæкъæн! (Сираномæ.) Зæгъ-ма, поэт, ды ницы зоныс уымæн? Цæй тæф у? С и р а н о (дзæхст æй кæны). Уый дзæхсты тæф у, мæ лымæн! Гвардионтæ ногæй сæрыстыр сты Сиранойæ. Иууылдæр цин кæнынц. Æмбæрзæн соросоооеоооеоеосососэсоеосоооросоеоросос^оеэсз
<!*«/« ^о лх«4 ^ «х^ «/,» в/ч. л, 485 (*>) «*/ч ^Хч «*Х*о о*Х«у с^ с"/*у с«*Х^ о*> ÆРТЫККАГ АРХАЙД Роксанæйы пъа Зæронд сых Маре - йæ къаннæг фæз. Рагон хæдзæрттæ. Нарæг уынгтæ. Рахизырдыгæй Роксанæйы хæдзар æмæ йæ дыргъдоны сис, - йæ сæрты зынынц стыр бæлæстæ. Дуары сæрмæ - рудзынг æмæ балкъон. Къæсæры фарсмæ - фæхсбандон. Къулыл схылд мæцкъор; балкъоныл тыхсы тыфхъæд (жасмин), бынмæ æрзæбултæ. Бандонæй сискъулыл ис æнцонæн сбырæн балкъонмæ. Йæ ныхмæ, галиуырдыгæй, æндæр рагон хæдзар дур æмæ агуырийæ, уый дæр фыццаджы уагыл арæзт. Дуархойæн «дзæбуг», цæф æнгуылдзау, хæцъилæй тыхт. Æмбæрзæн сисынц. Фæхсбандоныл бады д у э н ь я. Роксанæйы балкъонмæ цы рудзынг арæзт и, уый - гом. Дуэньяйы раз лæууы Р а г н о, йæ уæлæ - ливрей; уый фæци йæ ныхас æмæ сæрфы йæ цæссыгтæ. Фыццаг фæзынд Дуэнья, Рагно, стæй Роксанæ, Сирано æмæ д ы у у æ п а ж ы. Рагно. Куыннæ кæуон? - Мæ хурхæй мæ æрцауыгъд: Уый ме ’фсин мушкетеры фæдыл алыгъд, Мæ хæдзар фехæлд, царæфтыд фæдæн. Мæ уд æрдуйау катайæ куы снарæг, Уæд Сирано нæ ферох кодта мæн: Ыскодта уый мæн ацы ран цæстдарæг. Дуэнья. Дæ мулк цы фæци? Рагно. Фестади фæнык. Дуэнья. Цæмæн афтæ? Цы дæ скодта гæвзыкк?
486 («) (ох& с^>) (^ (сф>> (гФ'> с'*х*'> ('Ф> <г>) (гу гг»^ ода С»ХЪ> (ЧД^ <**/*> №; <*/*> С’О Рагно. Мæ усимæ нæ уыдыстæм æмзæрдæ. Æз хурыйас поэтæн кæнын кад, Мæ усæн та йæ уд-йæ дзæцц - салдат. Уый уарзы ’фсæддон дарæсы цæхæртæ, Æз та - поэзи, уый мын у æхцон... О хотыхты хъæр, амондæн цæй рын дæ! Марс Аполлонæн бахордта йæ бынтæ, Æмæ гаффуттæй аззадтæн бынтон! Д у э н ь я (сысгпы, гом рудзынгмæ хъæр кæны). Роксанæ, мæ хур! Роксанæйы хъæлæс (рудзынгæй). Хъусын дæ. Дуэнья. Фæтагъд кæ. Ныр афон у: æнхъæлмæ кæсынц махмæ. Роксанæйы хъæлæс. Мæ дзаумæттæ кæнын. Дæс минутмæ рæвдз дæн. Дуэнья. Фæтындз, мæ хур, æрæджы нын кæндзæн. (Рагнойæн амоны иннæ хæдзары дуармæ.) Цæры нæ ныхмæ иу æхсин - Кломирæ, Уыдзæн æм абон хуынд æмæ æмбырд, Фæдзурдзыстæм «уæздан хъуыддагыл» бирæ. Рагно. «Уæздан хъуыддагыл»? Д у э н ь я (каркаситæ кæнгæйæ). О. Нæ йæ зоныс, бæлвырд? Цы ис зæххыл æхсызгондæр ныхасаг? Уый зæрдæйы поэмæ у, ахъаззаг! Æппæт адæм ыл диссæгтæ кæнынц... (Хъæр кæны.) Роксанæ! Тагъддæр! Байрæджы. Фæтындз! Роксанæйы хъæлæс. Цæуын! оосоооооеоророеоооросоеэеооороррсосо^
Г’у ья» ЬФ <?ф> ^Ф (,>р> (''Ф» <'Ф> ъ> 487 6у «*>., «*/*> (.»>; №>; (•»/<*> ('*Х«г/ («У^ <Ч> Уынгæй хъуысы лютнæты цагъд, хæстæгæй-хæстæгдæр кæны. Сиранойы хъæлæс (фæссценæйсезары). Ла-ла, ла-ла! Д у э н ь я (дис кæнгæйæ). Уый чи зары? Артисттæ? С и р а н о (æрбацæуы, йæ фæдыл - дыууæ пажы лютнæтгшсе; нотæтæм амонгæйæ, пажæн). Æртывæр, сæрхъæн, ам æртывæр зæл нæ систай! Фыццаг паж (зынæрвæссонæй). Ау, зоныс нотæтæ, мосье де Бержерак? Сирано. Философ хъуамæ зона музыкæ дæр фаг. Æз курдиатæй бынтон æххæст нæ фæдæн... П а ж (цæгъды æмæ зары). Ла-ла-ла-ла! Сирано. Фæлæ уæддæр дæ фæдыл Цыфæнды мотив сисин æз нывыл. (Ратыдта йын йæ фæндыр æмæ дарддæр айста музыкалон фразæ.) Уыныс, мæ хæлар, уайтагъддæр дæ разы Æз ацахстон дæ музыкалон фразæ. (Цæгьды.) Р о к с а н æ (фæзынд балкьоны). Мæ хæлар, ам дæ? С и р а н о (цы мелоди цæгьды, уый мотивыл зары). О хур! Уый æз дæн: Лæууын дæ разы зонгуытыл мæхæдæг, Цæмæй уынон дæ уадулты тæмæн Æмæ дæ былты уалдзыгон сырхмæтæг! Роксанæ. Фæцæуын. (Ацæуы балкьонæй.) Д у э н ь я (амоны пажтæм). Адон та кæм уыдысты дæуæн?
488 ы <ьуг*ъ с<ф) ('»х*> <<ф» <->/«>> <'Ф> н<* °>) (*> г«х^ <*/*> с»х^ <*#?> С'*л «*^ ад <*о Сирано. Кæм, зæгъыс? Уыдон рамбылдтон хæснагæй! Грамматикæйы иу фарстыл ызнон Мæ хæларимæ байдыдтам тæрхон. Нæ быцæуæй куы ницы уад хъуыддагæй, Ыскодтам уæд хæснаг, æмæ лæгай Йæ музыкантты ’рæвæрдта хæснагыл. Ныр ме ’рдхорд мæн нымайдзæни ызнагыл: Йæ лæппуты йын рамбылдтон, ай-гъай. Мæ фæдыл уыдон ацы бон цæудзысты Æмæ мæнæн сæ фæндыртæй цæгъддзысты. Фыццаг мæм хорз касти сæ цагъд, Фæлæ сæ сфæлмæцыдтæн тагъд. (Пажтæн.) Е-гъей! Мæ хæснæгтæ! Ныртæккæ - Рæвдз Монфлёримæ! Тагъд цæут Æмæ тыппыр готлеккæн Мæ номæй истытæ цæгъдут. Пажтæ сæ инструменттæ бæстон æфснайынц æмæ хъавынц ацæуынмæ. (Дуэньямæ). Зæгъон дын ныр, цæй тыххæй дæн уæ цуры, Цæмæй цымыдис мауал кæнай ды: Роксанæйы мæ бафæрсын фæнды, Цымæ, ныр та йæ уарзонæй цы дзуры? (Пажтæ фæцæуынц. Сæ фæстæ.) Цæгъдут-иу бирæ, даргъ æмæ æвзæр. (Дуэньяйæн.) Фыццагау æм рæсугъд кæсы ныр дæр?.. Р о к с а н æ (хæдзарæй рацæугæйæ). О! Зæд у уый йæ зонд~æмæгйæ кондæй! Куыд уарзын уый! С и р а н о (мидбылты худгæ). Ау, афтæ ’ххæст у зондæй?
Оь, (<«>>; **/«>) <■•*/*») е*Х^у с«*/«у с»/'^ ('*/'■•; <«> Роксанæ. Дæуæй æххæстдæр. Сирано. Раст у уый æгæр. Роксанæ. О, чи зæгъдзæн рæсугъд æмæ хуыздæр Æхсызгон æмæ амонды ныхæстæ! Йæ алы дзырд дæр зæрдæйæ нывæст у, Уæздан пъайау дзы разилы мæ сæр. Æцæг дзы арæх не схауы дзырд дæр, Цыма йыл бафты сау сагъæсæй тæфсæг, Фæлæ та уайтагъд басгуыхы мæлгъæвзаг. Куыд дзуры, уый та! Сирано. Бауырнинаг нæу. Роксанæ. Мæнг зæгъын æз? Цæуыл кæныс быцæу? Дæ зæрдæйы йæм сусæг хæрам ма хæсс! Дæумæ гæсгæ, лæджы сæры нæй зонд, Уæд хъуамæ уа рæсугъд цæсгом йæ аххос. Сирано. Æз æй æнхъæлдтон сабыр æмæ сонт, Йæ ныхас та - фæлурс æмæ хуымæтæг. Уæдæ, зæгъыс, фæдзуры уарзтыл, нæ? Роксанæ. Æмæ куыннæ! Уый фесты уæд дзыхыкъæбæл йæхæдæг. Сирано. Уырны мæ уый зынтæй. Роксанæ. Уæдæ-ма байхъус, цæй! (Дзуры æмдзæвгæ.) «Дæуæн æз радтон судзгæйæ мæ зæрдæ, Мæ риуы уæд кæцæй баззад цæхæр? Ды цас кайыс мæ зæрдæйы цæхæртæй, Кæны дзы уыйас уарзты зынг фылдæр». оосоооосюоозе^ороеоооеоеор
490 0>) «*У«> (<*У& ЬГ*Ъ (ьГ*>) (',{«>) ('Ж>) (<<>{<>) с,,л [® оф<> с*Х^> (Ф:> (<#Ъ (*Г'1) <*}*) «Фэ С'*) (Разыйæ, Сираномæ.) Зæгъ-ма æргом, куыд дæм кæсы йæ фыстæг? Сирано. Алæмæт нæу, куыд æй хонон æгъуыстаг. Роксанæ. Хъус ноджыдæр: «Æз басыгъдтæн зынгау, Тæхы ма ныр мæ урс æндæрг дæ сæрты. Дæу уарзынæн кæм ыссарон зынг зæрдæ? Уæд та мын ратт дæхи зæрдæ æфстау». Сирано. Иæ ныхæсты нæй логикæ æппындæр. Роксанæ. Ды мæн мæстæй марыс. Бæгуыдæр, Кæныс хæлæг... С и р а н о (фестьæлфы, иуварсмæ). О ме скæнæг! Роксанæ. ...поэтмæ. Фыссæгæй никуы раппæлдзæн фыссæг. Кæрæдзи фауын хорз зонут æцæг, Фæлæ-ма байхъус диссаджы куплетмæ... «Куы фæхæссид мæ ныхæсты фыстæг Мæ судзгæ уарзт, мæ бæллицтæ, мæ сæнттæ, Уæд дæм æрвитин алы бон мæ фæндтæ, Мæ уд æмæ мæ зæрдæйы æндæрг, Цæмæй сыл ды дæ цæстыты рухс тауай Æмæ сæ хъарм фæлмæн къухты рæвдауай». С и р а н о (æхсызгонæй мидбылты худгæ). Гм... хым... Æвзæр зæгъæн сæ нæй... бæззынц... (Иæхиуыл фæхæцыд, зынæрвæссонæй.) Фæлæ уæддæр... Æгæр лæгъзад кæнынц. --- Сæ конд зæронд у, се стæг та æргъиу у. Роксанæ. А-гъа! Ды айчы агурыс æрду! Уæд байхъус.
(«2 (<Ф>) <Ф>) (Ф>) аф>) <<ф>) (Фъ аф>) с«*> Сирано. Куыд? Дæ зæрдыл лæууынц иууыл? Роксанæ. О, иууыл! Сирано. Гым... Поэтæн уый цыт у!.. Роксанæ. Уый гени у! Поэт! Сирано (хæдæфсармæй). Æгæр у уый, æгæр у... Р о к с а н æ (уæлмонцæй). Нæу, нæу! Æз дын зæгъын, уый поэтты хуыздæр у, Уый гени у, куырыхон лæг! Сирано. Цæй, хорз фæуæд. Д у э н ь я (æрбаздæхы, тагъд-тагъд). Æрбацыд граф де Гиш! (Сираномæ, хæдзармæ йæ ссоны.) Ды уырдæм ацу: Кæннод дæ ам куы фена, уæд... Нæу хорз... Уый хъуамæ ма базона мацы... Роксанæ. Мæ сусæгдзинадæн? Уый тынг раст у, æцæг. Цæугæ уал, Сирано! Уый бонджын у, тæлтæг, Йæ зæрдæ дзаг у мастæй, - Мæ амонд мын куы фехала йæ уарзтæй. С и р а н о (хæдзармæ цæугæйæ). Цæуын, цæуын! Фæзыны д е Г и ш. Роксанæ, деГиш, дуэнья- фæрсырдыгæй. Р о к с а н æ (де Гишæн, реверанс кæнгæйæ). Æгас нæм цу, мæ бон. Де Гиш. Æрцыдтæн æз, цæмæй зæгъон хæрзбон.
492 (;>^Л>^Ж^ ’ф^^р+Ж+Э (ъ> офэ рХ** №> №> ^ГЭ СФ$ °Фз <«) Роксанæ. Цæугæ кæныс? Кæдæм? Де Гиш. Цæуын æз ахсæв... хæстмæ... Роксанæ. Æцæг? Де Гиш. Хæстон уавæры бахауди нæ бæстæ. Мах хъуамæ байсæм не знæгтæй Аррас. Роксанæ. Аррас? Де Гиш. Кæй цæуын, уый дæуæн нæ уыдзæн маст? Роксанæ. Куыннæ! Де Гиш. Мæнæн хъыг у. Куы нал фенæм кæрæдзи! Уæззау хъысмæт! Мæ фæндиаг нæ фæци, Дæу тыххæй уый æлгъыст фæуæд! Фæлæ дзæбæх ам ахъуыды кæн, уæд Цæуин æз хъуамæ карз хæстмæ фæндонæй: Мæн сæвæрдтой булкъонæй... Р о к с а н æ (куыдфæидыйæ). О! Браво! Де Гиш. Гвардионты полкъæн. Роксанæ (тарстæй). Куыд? Æцæг? Де Гиш. Уым ис дæ хæстæг дæр - хылмонц æмæ тыхлæг. Уыдзæн мын хæсты маст исын æнцондæр: Мæ къухы уый æрфæлмæн уыдзæн уым. Ай-гъай, йæ уд мæ къухы ис бынтондæр. Роксанæ (тыхстæй). Ау, уый дæр цæуы?
о^^^^^^^^^о 493 Де Гиш (худгæйæ). О! Цæуыл кæныс æрхуым? Цæуы æгасæй кады хæстмæ гварди. Р о к с а н æ (адæргæй æрбады, иуварсмæ). 0 Кристиан! Хуыцау! Мæ зæрдæ судзы арты! Де Гиш. Цы кодтай, циу? Роксанæ. Æз уыцы хабарæй тæрсын. Куы сахуыр вæййæм искæуыл, уæд нын Фæхицæн кæнын тынг зын вæййы царды... Д е Г и ш (фырдис æмæ æхсызгонæй). Кæд, хицæн кæнæм, уый фæдыл дæуæй Æз хъусын ахæм амонды ныхæстæ, Уæд арфæтæ кæндзынæн æз фæрнæй, Мах хицæн чи кæны, гъеуыцы хæстæн. Р о к с а н æ (ивы йæ ныхасы уаг> тилы веер). Зæгъыс, уæдæ кæндзынæ ме ’фсымæрæн маст? Де Гиш (мидбыптыхудгæ). Ды уый фарс дæ? Уæд мæ нæ ракæндзынæ хъаст. Роксанæ. Нæ дæн æз уый фарс, нæ! Де Гиш. Ам арæх вæййы? Роксанæ. Стæм хатт. Де Гиш. Нæ полкъæй иуимæ ысхæлар и дæ гæмхетг, Æрдхæрдтæ - раст... Йæ ном мæ ферох и, уæллæй... (Хьуыды кæны.) ДеНёвиллен... виллер... фæиртæсæн сын нæй. Роксанæ. Уый зонып æз... Бæрзондгомау... Де Гиш. Гуырвидауц.
494 ф^*№^&^*№ (*Х' &Х*Х' &Х*$ о*Х*> ’&Хъ '&Х*$ Г«Х*1> «Хъ '<•*) Роксанæ. Дæргъындзæг. Де Гиш. Бур, йæ дзыхкутæ æрттивынп. Роксанæ. Цæй бур, - мыдхуыз у. Де Гиш. Бакастджын, хæрзконд... Роксанæ. Æппындæр нæу! Де Гиш. Фæлæ сæрхъæн æмæ фыд-зонд. Роксанæ (худгæйæ). Бæрæг у уый. (Æндæр уагыл.) Мæ зынаргъ граф, дæ маст Цыхуызы исыс, уый мæнмæ нæ кæсы раст. Цыма кæсагмæ арф донæй æвзидыс. Де Бержеракмæ стыр хæстмæ кæй сидыс, Уый уымæн амонд у. Бæгуы, Уый тохмæ цингæнгæ цæуы. Фæлæ хæстмондагæн, - æмбарыс? - Ды карздæр тæрхон, чи зоны, ыссарис. Де Гиш. Цыхуызы уæд? Роксанæ. Уый хæстмæ ма ауадз æппындæр. Уæд æм, æууæнд мыл, нал цæудзæн цæрын дæр. «Хъæбатыртæ!» - æнæхай сæ фæкæн Тæссаг уавæртæ, намыс æмæ кадæй; Тыхлæгтæ ам фæныкгуызты хуызæн Хъазуаты бон сæ къонаты куы бадой, Уæд сын гъеуый æцæг æфхæрд уыдзæн. Де Гиш. Иттæг раст. О, цæй хин дæ, цæ, сылгоймаг! Кæмæ смæсты уа, уый фæуыдзæни фæсмойнаг.
Оу г<»>; («>; («/<») оО^ («*А С**Х*У 0*/^ «*) Роксанæ. Уыдзæн фæсмойнаг! О! Д е Г и ш (хæстæг æм цæуы). Ау, амонд мæм æркаст? Ды мемæ дæ мæ хъуыддаджы æмзæрдæ. Цы мын æрхæсдзæн уый? Р о к с а н æ (мидбылты худгæ). Нæ уыдзæн уый фыдмаст. Д е Г и ш (æвдисы æхгæд пакеттæ). О, адон бардзырдтæ сты не ’фсæдты хуыздæртæн. Ныртæккæ уыдон арвитдзынæн æз, Æрмæст дзы иуы бахъæудзæни нуæрдын. (Худы.) Гъеуый дын, Сирано! Ды уал æнхъæлмæ кæс. Тæвд хæстон дæ - ныр судздзынæ фырмæстæй. Куыд худæг уыдзæн, уайы уый мæ цæстыл. Фæлæ куыд зоныс ахудын лæгыл Æгъатырæй! Уый арæх вæййы? Роксанæ (худгæйæ). Хаттæй-хатт, чысыл. Д е Г и ш (бынтон хæстæг æм бацæугæйæ). Тæрсын, мыййаг, куы сæрра уон! Дæ разæй Нæу ацæуын мæ бон. Дæ цæстытæ мæнæн Куыд зынаргъ ысты - судзынц мæ æгасæй. Сæттын ыл ныр: дæ уацары фæдæн. Мæ хур, æз абон ацæуинаг нал дæн... Хæстæгдæр ам цы беридон ис, уым Ыссардзынæн æмбæхсынæн фысым, - Йæ моладзантæ кусынц кардиналæн, Нæ уæндынц уый тæссæй мæ разы дæр сым-сым. Ныууадз мæ ахсæв - нал цæуын ыстæры, Фæлтау мын ратт нæ фембæлдæн фæрæз, Æмæ нывыл куы ’рталынг уа изæры, Зындзынæн уæд цæсгомæмбæрзтæй æз. Роксанæ. Цытæ дзурыс? Æнæсæрфат ныхæстæ! Уæд та дæ исчи базыдта? 9^^^^^^^^^^ ^^^^^^-^^^^^^^^К
496 (<ъ <<ф) ьг** (г*№ (гФ» Ст»№ (,*№ °*№ (">) '*> счл^ <да> с«*Х*> (*&> <*/*> <Фэ ((Фэ «0 Де Гиш. Уæлдай мын нæу. Роксанæ. Уæд намыс та? Куыд дæ ферох дæ хæс та? Де Гиш. Æз намысæй уæлдæр æвæрын дæу. Дæ рæвдыд мын хуыздæр хорзæх уыдзæни. Дæхорзæхæй... Роксанæ. Нæ уыдзæн уый. Де Гиш. Мæ зæд! Роксанæ (фæлмæн). Нагъ. Загътон æз! Мæ фæнд дæм раст кæсæд! (Иуварсмæ.) О Кристиан! Мæн роль хъазын хъæудзæни. Де Гиш. Лæгъстæ кæнын!. Роксанæ. Ныууадз. Мæ хъуыды бамбар ды. Кæй уарзын æз, мæн уый фенын фæнды Хъæбатырæй; уый хъуамæ уа дыккаг Антони! Де Гиш. Æхцон ныхас! Ды уарзыс уæдæ? Роксанæ. О, мæнæн, Кæй тыххæй тарстæн абон, уый уарзын фæндон у. Де Гиш (фырцинæй). Уæдæ цæуын! Мæ хур!.. (Иæ къухæн ын пьа кæны.) Мæнæй разы дæ ныр? Роксанæ. Куыннæ, мæ бон... хатыр! ДеГиш ацæуы. Д у э н ь я (йæ фæстæ комикон реверанс кæнгæйæ). «Куыннæ, мсе бон... хатыр!..»
с^ <а/^ г«/*> афо с<0<^ <5*У*у С’’/’у сад сч> Роксанæ. Ды ме ’фсымæрæн ма схъæр кæн мæ хинтæ, Кæннод нæ ам уый фестын кæндзæн зинтæ. (Сиды.) Кузен Æртыккаг фæзынд Роксанæ, дуэнья, Сирано. Роксанæ. Æнхъæлмæ нæм кæсы Кломирæ. (Амоны сыхаг хæдзармæ.) Уым уарзты тыххæй се ’мдзæвгæтæй бирæ Кæсдзысты махæн абон Лизимон Æмæ Алькандр, - хорз æмæ дзæбæхæй. Сирано. Уæдæ фæдæн ыстыр цинæй æнæхай! Хъыг мын у тынг. Зындон æмæ фæсмон! Д у э н ь я (йе ’нгуылдз йæ хьусыл авæры). Фæлæ мæнæн мæ кæстæр æнгуылдз загъта, Кæй нын байрæджы, уый. Сирано. Ызгъорут тагъддæр, Кæннод нæ фехъусдзыстут уасджытæн сæ уаст. Бацæуынц Кломирæйы дуармæ. Дуэнья (уæлмонцæй). Кæсут-ма! Хойæн хæцъилы ыстыхтой! (Хойæн дзæбугмæ.) Цæмæй дæ дзинг-дзинг ма хала æваст Рæсугъд ныхæсть^уазфидауц хъæртыхтæй. (Хъавгæ сисы хойæн æмæ сындæг бахойы.) Р о к с а н æ (дуар байгом, уый уынгæйæ). 32
498 ш (^ы ьт <'*г*ъ ы^ м*ъ ('*{«>) <'*>№ (<') ф г^ <*х^ с*Х^ счУ^ <**/*•; л*Х*у <ад о^ Цæуæм! (Кьæсæрæй, Сираномæ.) Мæ хур куы фæзына, зæгъ-иу ын уæд: Зындзынæн тагъд, æнхъæлмæ мæм кæсæд. С и р а н о (йæ фæстæ). Роксанæ! Уый цæмæй фæрсдзынæ абон? Дæ фæрстытæ цы уыдзысты, йе цас? Уæ романы цæуыл цæудзæн ныхас? Цы монц кæнæ цы хъуыдыты сæраппонд? Роксанæ. Гъе, мацы йын зæгъ рагацау. Уæд дæм Фæхæрам дæн, уый зон. Сирано. Уыдзынæн æз æдзæм! Роксанæ. Уæдæ йæ абон ницæмæй фæрсдзынæн. Йæхæдæг уадз йæ бæллицтæ зæгъæд, Йæ уарзты кой мын кувæгау кæнæд, Æмæ уæлæрвты амондæй тæхдзынæн. Сирано (бахудгæйæ). Иттæгхорз! (Иуварсмæ.) О, йæ хъавд ын тынг базыдтон ныр. Роксанæ. Уæдæ нæ зæгъдзынæ? Сирано. Мæ дзыхыл ис гуыдыр! Роксанæ. Сы-ысс... Сирано. С-ы-сс. Роксанæ хæдзармæ бацæуы, дуар йæ фæдыл рахгæны. Сирано йын сæрæй æркувы. Ыстыр бузныг - ысхъæр кодтай дæ фæнд! соеоеоеоеоеос-оешоеоооооеоезроеоросог^
ф^&^* ^^^^^^ 499 (*>) <ф>) ч <ф>) ’ С’Об) ^<!>ТЪ "(«*У*г> С'*Х^ ’ С’’У^ <Ч> Р о к с а н æ (ракаст фæстсемæ). Кæннод йæхи æрцæттæ кæндзæн уæд. Сирано. Бæгуыдæр! Иумæ. С-ы-сс... (Дуар æхгæд æрцыд.) Сирано. Иттæг хорз! Зонæм мах дæр. (Сиды.) Гъей, Кристиан, цы фæдæ? Ардæм тагъддæр! Цыппæрæм фæзынд СираноДристиан. Сирано. Æппæтдæр зонын æз. Цæуæм æмæ дзæбæх Дæ роман бацæттæ кæнæм. Фæлæ-ма зæгъ, Цæмæн дæ ’нкъард? Хъыгæн дæ зæрдæ ма дæтт. Фæзынд дæхи равдисынæн ныр фадат. Чызг ам уыдзæн рæхджы. Уæдæ цæуæм, Цы дзурдзынæ, уый ацахуыр кæнæм. Кристиан. Нæ цæуын! Сирано. Цы? Кристиан. Роксанæмæ æнхъæлмæ Кæсдзынæн ам. Æз демæ нал цæуын. Æгъгъæд! Сирано. Мæ хæлар, ды сæнттæ цæгъдыс, æнхъæлдæн. К р и с т и а н. Æз загътон «нагъ!» Ныр мын æгъгъæд фæуæд! Ыстыхстæн сайынæй. Æз нал хæссын мæ сæрмæ Мæ уарзт дæ конд нывыл кæрдын. Цы сты тæрсын,
500 ^*^^^%^ч^ч%^ (*> «фэ фэ (Ф>> (<>Хъ <*/«<> с<*><у «ф$ е?) Ыстæй мæ уарзонæн дæ ныхæстæ фæзмын! Уæллæй, мæхицæй байдыдтон æфсæрмы! Æгъгъæд мын уæд кæйдæр хуызы цæуын! Ныр зонын æз, йæ зæрдæмæ цæуын, Зæгъынц мын уый йæ цæстытæ сæ кастæй, Æмæ йын ныр мæ уд æмæ мæ уарзтыл Мæхирдыгонау радзурдзынæн æз. Сирано. Кæс, кæс! Кристиан. Фæци нæ хъазт! Ыссардзынæн фæрæз... Ау, афтæ тутсæр дæн? Цæй, фендзыстæм! Дæуæн та Ыстыр бузныг дæ урокты тыххæй. Нæ мæ рох кæнынц. О, дæ сызгъæрин дзыхæй Цæуынц дæ дзырдтæ денджызы уылæнтау. Кæм базондзынæн афтæ дзурын æз! Уæддæр Хъæбыс кæнынмæ арæхсын хуыздæр. (Роксанæ рацæуы, уый ауынгæйæ.) Фæзынди! Сирано, мæн ма ныууадз зын сахат! Сирано (сæрæйæркувгæйæ). Нæ, нæ, лымæн, дæхæдæг дзур æмæ-иу сахад. (Дыргъдоны сис-къулы аууон фæвæййы.) Фæндзæм фæзынд Кристиан, Роксанæ, исдуг цалдæркъленцы-чызджы- тæ,лæппутæ, дуэнья. Р о к с а н æ (йæ фæдыл чи рацыд, уыдонæн хæрзбон кæны} реверанстæ). Хæрзизæр раут. Фенынмæ. Хæрзбон. Бартеноидæ! Делия! Дуэнья (тыхстæй). Мæ бон, «Уæздан митыл» цы дзырдта Лизимон, Уый нал фехъуыстам мах!
(*> <*/ь) о»/ь) фХ*о (Ф>) V)6') &)*>) («*>■»; (<»>> (Роксанæйы хæдзармæ бацæуы.) Р о к с а н æ (хæрзбон кæнгæйæ реверанстæ кæны). Алькандр! Гремпонæ! Андромахæ! Хæрзизæр ут! Иууылдæр æркувынц Роксанæйæн, стæй кæрæдзийæн æмæ хицæн уынгты ахæлиу вæййынц. Роксанæ ауыны Кристианы. Мæ хæлар, ам дæ ды! (Бацæуы йæм.) Цы адджын уыд нæ фæстаг фембæлд махæн! Æрталынг ныр. Мæн демæ абадын фæнды Ам хибарæй; ды та æрбад мæ цуры, Æз хъусдзынæн дæ ныхæстæм бæстон, Уыдзæн мын цард æхсызгонæй æнцон... Цæй, тагъддæр дзур, зæрдæбынæй дæ курын! Поэзи хъæуы мæн! Кристиан (чызджы къæхтыразæрбадгæйæ, æрæджиау). Æз уарзын дсеу. Р о к с а н æ (йæ цæстытæ бацъынд кæнгæйæ). О, дзур мæнæн зæрдиагæй дæ сæнттæ, Уадз бахауа мæ уд тыхджын монцы уылæнты. Кристиан. Æз уарзын, уарзын дæу! Роксанæ. О, диссаджы ныхæстæ! Кристиан. Æз уарзын тынг! Роксанæ. О, райс гъеуыцы дзырд нывæн! Йæ уæлæ ног дзырдтæй рæсугъд нывтæ нывæнд. Кристиан. Æзуарзын! Роксанæ. Хорз. Æндæр ма цы? Йæ фæстæ Цы уыдзæн - дзур, æнхъæлмæ дæм кæсын. р^эрррорэрэсэрэаосэрэе^^^орорз^
502 а>) (чГ*д <<*т Ы*й Ы*» <'*&>) ЬЫ <'*&>> Ь) (^ г^ с^ (■♦Х^ с*Х*> с<*А; *»Х*> «ад с«; Кристиан. Æндæр ма цы... Мæ уарзтæн дзуапп куы раттис, Уæд уаин амондджын! Мæ фæндон мын нæ хатыс? Зæгъ-ма? Р о к с а н æ (йсе былтсе акьуыргæйæ). Æз прозæйæ мæ удхæссæг уынын! Ды та мæнæн сыгъдæг уардиты бæсты Дæттыс хæмпæл. О, уарзыс, фæлæ куыд? Кристиан. Куыд?.. Гъым... Тыхджын! Роксанæ. Уæд де ’нкъарæнты быд Уæлмонцæй райхал аивдæр ныхæстæй. Кристиан. Дæуæн хъæбыс кæнын - мæ зæрдæйы фæндон! Р о к с а н æ (рамæсты). Хуыздæр æрхъуыды ницы у дæ бон? Кристиан. Æз уарзын дæу! Роксанæ. Уæддæр та? Уæдæ æз цæуын. (Хъавы сыстынмæ.) Кристиан (æвиппайды, фæуромы йæ). Фæлæуу! Роксанæ, æз нæ уарзын дæу! Р о к с а н æ (фæстæмæ æрбадгæйæ). Гъе, афтæ, афтæ! Кристиан. Æцæг нæ уарзын дæу - табу кæнын дæуæн. Р о к с а н æ (сысты, цæуынмæ хъавы). Æгъгъæд! Кристиан. Ныббар... Мæ зондыл ризæг бафты, Æмæ дæ разы фестын уæд сæрхъæн... роеосососооососососососооососос^ороеррооооосоес}
(^ «/•>; г*/*) <*/*) <**Х*у («*Х<у («»Хь/ (<*/^ С<*> Роксанæ (уазалæй). Уынын æй. О, къуымыхдзинад бынтондæр Мæ уæнгæл у. Айдагъ уынды тыххæй Нæ бауарзин æз дæу. Ыстæй Куынæ уа уынд, уæд мæ нæ хъæуы зонд дæр Кристиан. Уæддæр... Роксанæ. Кæм и дæ зонд? Дæ ныфс æмæ æхсар? Цæугæ, дæ хъуыдытæ, дæ мæлгъæвзаг ыссар! Кристиан. Фæлæ... Уæддæр... Роксанæ. Кæй мæ уарзыс, уый зонын. Хæрзбон. (Цæуы хæдзармæ.) Кристиан. Æз курын, байхъус мæм. Р о к с а н æ (йæ дуар гом кæнгæйæ). Æгъгъæд! Дæ дзырдтæй дæн æлгъæд. Цы ма зæгъыс æфсонæн? Нæ, нæ! Цæугæ! Мæлæт æмæ æлгъыст! Кристиан. Дæхорзæхæй! Р о к с а н æ йыл дуар рагуыпп кæны. С и р а н о (фæзынд чысылраздæр, ничи йæ федта, афтæмæй). Гъеуый дын, гъе, æнтыст! Æхсæзæм фæзынд Кристиан,Сирано, стæй иучысыл рæстæджы п а ж т æ. Кристиан. Тагъд, фервæзын мæ кæн, бынсæфт кæнын зæфцæй!
504 р^^^^^^^^ (*> <ф$ <->Х^ е*У*> с*Х^ <«/<$ <Ф±> «Ф^ **) Сирано. Æххуыс дæ бахъуыд? Нæ, уый ма агур мæнæй. Кристиан. Уырнæд дæ, Сирано, ыссардзынæн мæлæт, Ныртæккæ мæм куынæ æрлæгъз уа5 уæд! Сирано. Æцæг? Мæ бон дын баххуыс кæнын нал у. Кристиан. О ме скæнæг! Кæс-ма! (Балкъоны рудзынг срухс.) С и р а н о (тыхстæй). Йæ рудзынг! Кристиан. Ох, фыцы Мæ риуы дур!.. Мæ хуыцау, уый адзал у! Сирано. С-ы-сс... сабыр дзур! Кристиан (мынæгхъæлæсæй). Мæлын! Сирано. Æрталынг! Кристиан. Æмæ цы? Сирано. Æнамонд! Дæхи фæцæйсæфтай æцæгдæр. Кæд уый аккаг нæ дæ, уæддæр та хъуыддаг æз Ысраст кæндзынæн. Балкъонмæ хæстæгдæр Ыслæуу. Ысхиз уæлæмæ, ма тæрс! Кæс, Цы дзурон, уый йын дзурдзынæ мæ фæстæ. Кристиан. Нæ, æз... Сирано. Ныхъхъус у! П а ж т æ (фæзынынц дардæй, Сираномæ). Гъей! Сирано. С-ыс... сорооэооооооршэсоророеэеорорзсоророооо^
(*,; *»/*>> **/*) «*/*>> счХ-у («*Х*4 *»ХЧ> ("'*>->; (?) (Къухæй сын амоны, сабыр дзуругп, зæгьгæ.) Фыццаг паж (ныллæгхъæлæсæй). Бафыстам нæ хæстæ: Фæцагътам Монфлёрийæн бирæ æмæ ’взæр. С и р а н о (хъусы дзурæгау тагъд). Уый хорз. Ныр дæр мæ бахъуыди уæ сæр. Фæйнæ тигъыл мын хъахъхъæнæг ыслæуут. Цæуæг куы фенат, - исты-иу æрцæгъдут, Уæ мотив мын хабаргæнæг уыдзæн. Дыккаг паж. Цавæр мотив? Сирано. Кæд ус уа, уæд фæлмæн. Фæлæ куы дара ацырдæм йæ фæндаг Нæлгоймаг, уæд - уынгæг æмæ æрхæндæг. П а ж т æ ацæуынц фæйнæрдæм. (Кристианæн.) Ныр æм фæдзур. Кристиан. Роксанæ! О мæ хур! С и р а н о (дуртæ сисы, рудзынгыл сæ æхсы). Фæлæуу, йæ рудзынгыл ын фехсæм дур! Æвдæм фæзынд РоксанæДристиан, Сирано,- уый уал раздæр æмбæхсы балкъоны бын. Р о к с а н æ (рудзынг бакæны). Кæцы дæ? Кристиан. Æз. Роксанæ. Ды чи дæ? Кристиан. Æз - æнувыд Кристиан. Мæ рæсугъд æхсин!
(*У«Хъ> ’ «*Хъ ’фХъ ’фХъ ъ/ъ <Ф$ «*&> ’Ф Р о к с а н æ (æнæрвæссонæй). Ды? Æнхъæлдæн, Дæумæ нæ кастæн æз æнхъæлмæ. Кристиан. Æз хъуамæ демæ аныхас кæнон. С и р а н о (балкъоны бынæй Кристианмæ). Дзур ноджы сабырдæр. Роксанæ. Нæ дæм хъусдзынæн: дзурын Нæ зоныс ды. Кристиан. Дæ хорзæхæй, æз курын! Роксанæ. Нæ, нæ! Æгъгъæд! Ды никуы уарзтай мæн. Кристиан (Сирано йын цы дзуры, уыцы ныхæстæ фсезмы). Уый æз нæ уарзын, æз? Æгъатыр у дæ азым! Ды хур дæ, æз дæ рухс тынты сыгъдтæн, Зылди мæ сæр, æнкъарæнты фæлхъазæн Мæ ныхæсты фæдæлдон кодта уæд, Уыдтон, цырагъау тайым æз дæ разы... Ды та зæгъыс - Роксанæйы нæ уарзын. Р о к с а н æ (раздæр рудзынг ахгæнынмæ хъавыд, æрлæууыд). Цы хъусын уый? Фæаивдæр йæ ныхас. Кристиан (уыцыхуызы). Дæ рухс фæлгонц мæ зæрдæйы æрцард, Уым рæзы уарзт, мæ фыдæнæн дзы хъавгæ Амур, къæбæда саби, уарзты зæд, æнцад Йæхицæн сæвæрдта æнусы бонтæм авдæн. Р о к с а н æ (рацæуы балкъоны гæзæнхъæдмæ). Уый ноджы зондджындæр ныхас!.. Мæстæй Кæд афтæ карз у уыцы сывæллон, уæд æй Йæ авдæны хъуыдис, мæ хæлар, марын. Кристиан (уыцыхуызы). Фæлвæрдтон, фæлæ дзæгъæлы. Цагъар ын Чысылгай æз æнæнхъæлæй ысдæн. Хуымæтæг саби нæу, уый Геркулес у, барджын, Уый басаста йæ нæртон тыхæй мæн! соес^оеоеоеоеэросоеоеое^оеос^ороеорое
с^ ^ ^ ^ <^^ *%*^^**^>> 507 Сь, <ф)ч «*/*,) <.,/*»ч («У^ ^У^ с*Х^ с«»>Я; ’ (<*> Роксанæ. Алæмæт ныхас! Кристиан (уыцыхуызы). Уыд Геркулес æхсарджын... Йæ гуккытæй ныххурх кодта хæсты Дыууæ калмы... Сæ нæмттæ та... ысты Гуырысхо ’мæ Сæрыстырдзинад. Р о к с а н æ (гæзæнхъæдыл æрæнцой кæны). Дисæй Куыройы цалхау разылди мæ сæр!.. Фæлæ уынын, къæзгæ дзурыс уæддæр, Цыма тæрыс къуылых Пегасы уисæй. С и р а н о (Кристианы иуварс ассоны, йæ бынаты слæууы). Мæхæдæг дзурон ныр - хуыздæр амал дзы нæй! Роксанæ. Дæ ныхæстæ цæмæн цæуынц зынæй? С и р а н о (Кристианы хуызæн). Зын у мæ дзырдтæн тар æхсæв уæндонæй Дæумæ стæхын, - хъуызгæ цæуынц, сындæг. Роксанæ. Дæумæ мæ дзырдтæ хорз хъуысынц, æнцонæй. Сирано. Æмæ æмбæлынц мысаныл, æцæг! Мæ зæрдæйæ сæ ахсын - уый та стыр у, Дæ рæсугъд хъус та къаннæг у! Ыстæй Лæууыс уæлейы ды - æнцон æмæ цыбыр у Дæ ныхæстæн сæ рухс фæндаг фæрнæй. Мæ дзырдты та хъæуы бæрзондмæ стæхын, Æмæ сæ зынты хъизæмар кæнынц! Роксанæ. Бæгуы, фæлæ... æргомæй дын куы зæгъон, Уæд ныр бынтон сæрибарæй тæхынц. Сирано. Гимнастикæйыл сахуыр ысты. Роксанæ. Багъæц, Æцæг зæгъыс? Ау, афтæ дард лæууын? о^^^^^^^^^ш^%^^^^оогю^г^^^^^^
508 (*>) <<ф) ьт ('»х*>) оф>) (гф>) ('ф>) (<ф>) гг9) (<2) офэ <?*Х^ С<#4 ад С<*У<у (<»/*) л*/*> <ф Сирано. Ай-гъай, куы дæ фæндид мæ амарын, уæд мын Æрæппарис мæ удыл дурау сагъæс. Р о к с а н æ (тынг разæнгардæй). Цæуын дæм уырдæм! Сирано (сонтæй). Нæ! Дæ хорзæхæй!.. Фæлæуу! Р о к с а н æ (амоны балкьоны бын бандонмæ). Уæд та дæхæдæг бандоныл ыслæуу! С и р а н о (фæтæрсы, талынджы фæстæмæ алæууы). Нæ, нæ! Нæ хъæуы! Роксанæ. Уæд, цымæ цæй, тыххæй? С и р а н о (тынгæй-тынгдæр тыхсы). Æргом ныхас нæ зæгъдзынæн къæйныхæй! Æхсызгон уысм у ацы бон мæнæн, Нæй уымæн ивæн; æз бæллын мæ сæнтты: Æрмæстдæр демæ адджын ныхас кæн, Æндæр мæ цардмæ ракæсын нæ фæнды. Роксанæ. Цымæ, цæуылнæ? Сирано. Ау, æмбæрстгонд нæу, - Нæ зæрдæтæ куыд дзурынц иумæ абон? Нæй уыдоны ’хсæн афтæмæй быцæу. Уыныс æрмæст мæ пæлæзæн йæ аууон, Æз та уынын дæ дарæсæн йæ урс. Кæсыс, дæуæн æз аууон дæн æрмæстдæр, Ды та мæнæн бæллиц дæ æмæ рухс. Ис ацы уысмыл баивæн æнус! Уыдтæн фыццаг рæсугъд дзырдтæй æххæстдæр. Ныр та мæ зæрдæ дзурдзæни. Роксанæ. Цæмæн? Сирано. Тæрсгæ кодтон, мæ уарзт куы рагуылф кæна, уымæй. Ныр та нæ уынын æз дæ цæстыты тæмæн. РЗросососзсороррррррросоеосос орорзсосос<рророс<зсз
(*, г«/^ г«/«>) (.»/*> сОс*у с«»/«у («'/«? <<»/*■•; «*> Нæ бакæсдзынæн уым, æнæуынон кæй дæн, Æмæ дæ разы нал ризын æрхуымæй, Ыссардтон ныр æфсæрмытæн фæрæз, Цыма мæуарзт фыццаг хатт дзурын æз. Роксанæ. Æцæг! Дæ хъæлæс аивта бынтондæр! С и р а н о (йæхи йæм хæстæгдæр ласы, æнæбыхсгæйæ). Мæхæдæг аивтон, æндæр уон хъуамæ ныр! Нæ зынынц талынджы мæ уынд æмæ мæ конд дæр, Æцæг цы дæн, ныр уый уон хъуамæ æз. (Фæтарст йæ фæидæй, йæхиуыл фæхæцыд.) Хатыр! Æвæццæгæн, мæ сонт ныхас ныссуйтæ. Фыццаг хатт дæн ныры уавæры! Роксанæ. Уый та Цæмæн зæгъыс? Фыццаг хатт у? С и р а н о (йæ ныхæстæ йыл комдзог цæуынц, уый хаты æмæ ныхас сраст кæнынмæ хъавы). Ай-гъай! Дæуимæ æз æдзух æргом уæвынæй тарстæн! Роксанæ. Цæмæй? Сирано. Цæмæй нæ фæуа худинаг мæ хай! Мæ зæрдæ зонды сау фæнычы ’нуæрстон, Мæ сæнтты мæн ыстъалы раскъæфын фæндыд, Мæ къухы та æрмæстдæр дидинæг æфтыд! Роксанæ. Æвæдза, хорз у дидинæг дæр хатгай. Сирано. Нæ, ахсæв стьалымæ ыстæхын у мæ катай. Роксанæ. Ды мемæ афтæ никуыма дзырдтай. Сирано. Сыдывд ныхæстæ нал быхсы мæ зæрдæ, - Амур, æрдын, йæ фат æмæ æндæртæ!
510 оо <9,г<ъ <*х«о (<*№ ('*&>) <гф* (чы <'Ф> гго (*> Гг^, С^ («*)ф С<*Х^ 1&Ъ Ф$ ф} С’О Фæлтау хуымæтæг уæм! Куы ’рцæуы май, Уæд хорз дыргъдоны духи-тæф кæй хъæуы? Нæ разы-иу дзæм-дзæмы дон куы цæуы, Нæ дойны уæд цæмæн сæттæм сæнæй? Рæсугъд у цард, ыстыр цинты паддзахад, - Улæфæм, цæй, сæрибарæй парахат. Роксанæ. Уæд аив дзырдтæ та... Сирано. Æз уыдон мысыдтæн, цæмæй Æрлæууай мемæ ам; фæлæ, уырнæд дæ, Ныр уыцы хус дæсны дзырдтæ æмткæй Зыниккой ам æгъуыз, æнæпайда æфсæнттæ! Куы дзурин Вуатюры ’мдзæвгæтæй дæуæн, Куы мысин нимфæ, грацитæ, цыдæртæ, Уæд уый æрмæстдæр фидисау уыдзæн Алæмæт изæр стъалыты цæхæртæн! Æнкъард цæстытæ, ракæсут дзæбæх, Сыгъдæг зæрдæ, ыстъалытæм ыстæх, Æрдзон царды æцæг амонд ыссарут! Дæлдзæх фæуæнт кæнгæ митæ! Фæлтау Йæ уæздан монцæй райхъал уæд хæдбар уд Æмæ-иу уæд æцæг уарзтыл рæдау! Роксанæ. Уæд зонд та, зонд! Сирано. Цы вæййы уарзтæн зонд та? Нæй фидыд се ’хсæн! Баууæнд мыл, кæсдзæн Рæхджы дæумæ къæбæлдзыг ныхас сонтау. Бийæн ныхæстæ ницы сты! Уыныс, Йæхæдæг уарзт ыстыр æмæ рæсугъд у, Нæ йæ хъæуы уæздан дзырдты æххуыс! Æрцæудзæн ахæм уысм, æмæ æвзыгъдæй Ысдзурдзæн уарзт, зæгъдзæни уый æппæт. Роксанæ. Кæд уыцы уысм æрлæууыд махæн, уæд Цы зæгъис ды мæнæн? Æви у сусæг? роооеоеое^ор^зоордр^эерросзррр^
Оч ьс*» <-ф) ьхъ сф ьу-> (Г*У> ^У» (7->> 01 Г*, (<»>; г«*/*> «*/*> 0*/'У Ф<; <<»/*/ <<»/*; «0 Сирано. Цы дын зæгъин?.. Мæ хъизæмары судзаг, Ыстыр монцы æрхæндæг æмæ цин! Æз иу дзырдау мæ бæллицтæ зæгъин. Мæ зæрдæйы цы уаргъ хæссын фæлладæй, Æз уый æмбис ысхай кæнин дæуæн! Æз арты судзын; цинтæ æмæ пъатæй Дæ иу ныхас зынаргъдæр у мæнæн, Мæхимидæг æз уый мондагæй руайын! Æгъатырæй мыл худ, æрра мæ схон, - Дæ уарзт мын у зындон, фæлæ æхцон. Куыд зынаргъ дæ мæнæн! Æхсызгонæй нымайын Дæ алы змæлд, дæ алы дзырд, дæ каст! Хъуыды кæнын: æндæраз, дыууадæсæм майы, Фыццаг хатт аивтай дæ дзыккутæн сæ фаст! Сæ уындæй бафсæд уыдонæн, тæхуды! Мæ зæххон зæд, дæ сызгъæрин дзыккутæ Мæнæн ысты сæууон хуры тынтау. Куы вæййын дард дæ рухс æмæ дæ кастæй, Уæддæр фæуайынц цæстытыл фынау. Роксанæ (ризгæ хъæлæсæй). Уырны мæ, уарзыс ды... Сирано. Æгæрон уарзтæй! Тызмæг у уарзт, уый амонд у уæддæр. Йæ арты судзын, тайы дзы мæ зæрдæ, Фæлæ мæ сисы стъалытæй уæлдæр, Æмæ кæнын алæмæты бæрзæндты Мæ хиуарзон æнкъарæнтæй сыгъдæг. Мæхи амонд, мæ чысыл цин, мæ сæнттæ Нæ бакæнин æвгъау æмæ хæлæг, Æрхæссин сæ æхсызгон æмæ ’нцонæй Дæ цин æмæ дæ амондæн нывонд, _ _ Цæмæй цæуа дæ фæрныг цард фæндонæй. Куы дæ уынын, хызт вæййын уæд фыдбонæй, Вæййын мæ бæллицты уæлмонц æмæ бæрзонд. оооосооосэоеоеоооеоооооророеоа^
(<э с-да №>> с^ (*Х*> ФФ с<*Х<у ««/*) ф 0, ацы ’хсæв мын цас амонд æрхаста, - Æмбарыс уый? Дæумæ тæхы мæ уд, - Нæ йæ хатыс? 0, рухс монцы ныхæстæ, Уæ зæлты мын мæ уды арт хæссут! - Нæ дæ судзынц? - Цы фæлæудзæни артæн! Æз хъизæмары уарзты цин ыссардтон! Разы дæн ныр мæлæтыл дæр!.. Бæгуы, Ды хоныс мæн; дæ буар æгасæй ризы, Дæ къухы ризæг урс дидинæг исы, Æмæ мæ былтæм артуадзгæ цæуы!.. (Пьа ксены, балкьоиæй цы тæфхъæды кьалиу серзæбул, уымæн.) Роксанæ. О, ризын æз, кæуын, æддæмæ тоны зæрдæ. Ды разылдтай мæ сæр, æмæ дæу дæн, дæу дæн!.. Сирано. Æцæг зæгъыс? Ау, уый æцæг бантыст мæнæн? Уæд рацæуæд мæлæт тыгъдызæйау мæ сæрты! Ныр судзын иу монцæй... Кристиан (балкьоны бынæй). Ныпъпъа кæнин дæуæн!.. Р о к с а н æ (фæстæмæ фæцудæгау кæны). Мæ бон!.. Сирано. Æрмæст... Роксанæ. Дæу фæнды афтæ? Сирано. Мæн?.. Ай-гъай... (Кристианæн, сабыр.) Куыд тагъд кæныс! Кристиан. Уый нал хæцы йæхиуыл, Куы ауадзон æз уыцы гæнæн, уæд Мæ бæллиц рисæй баззайдзæн мæ риуы...
(?^^^^фь^^^^) . 513 щ («XV (<ф>) №/ о#*> №» («»>; оО^ сч> Сирано (Роксанæйæн). Æцæг у уый... Сæттын ыл... Афтæ мæ фæндыд... Фæлæ уынын, мæ фæнд æгæр ныфсхаст кæй уыд! Р о к с а н æ (гæзæмæ зæрдæхудтæй). Нæ йæм тырныс уæдæ? Сирано. Куыннæ, æз æм тырндзынæн, Фæлæ... ды ма сразы у, уæд фæсмон кæндзынæн! Кристиан (йæ пæлæз ынратъæпп кæны, ныллæгхъæлæсæй). Уый циу? Дæ митæ дын куыд бамбарон, зæгъ-ма? Сирано (сабыр). Ныхъхъус у, Кристиан! Р о к с а н æ (æргуыбыр кодта). Цыдæр загътай цыма? Сирано. Гъым... æз... тæрсын, куы сæррауон бынтондæр. Мæхи фæдзæхстон æз... Мæ риуæй хъæр ыстахт: «Ныхъхъус у, Кристиан! Цæмæн дæ артæй сонтдæр!» Хъуысы лютнæты уаст. С-ыс... Уадындзтæ цæгъдынц... Дæхи уал амбæхс тагъд.. Роксанæ рудзынг ахгæны. (Хъусы цагъдмæ.) Цы нысан кæны уый? Сæ иу цæгъды æрхуымæй, Уæд иннæ та хæссы йæ аив зæлты цин. Гъеуый дын диссаг, гъе! Цы мын амонынц уымæй? Лæг æви ус? А-гъа, фæзынди Капуцин! Æрбацæуы Капуцин, йæ къухы - цырагъ, афтæмæй бацæуы куы иу хæдзары дуармæ, куы иннæйы дуармæ. Æстæм фæзынд Сирано. Зæгъ-ма, нæ фыд, цы фæзмыс Диогены? еоо^сюо?9с<æ^оёос^<^5^
514 (р.) ’ оф>) 'о*Х<>) 'о*Х*> '**/Ъ <«/*•> ’ъ/’Э ’ (ФЭ '(-) Капуцин. Робенты хæдзар агурын, Мадлены. Кристиан. Кæцæй фæзынд? - фæтоны йæм мæ маст. С и р а н о (фæрсмæ уынгмæ амонгæйæ). Робен? Уый далæ уым цæры. Æмраст Дæлæмæ цу! Капуцин. Ыстыр бузныг! Уæ номыл Ыскувдзынæн! С и р а н о (æркувы йын). Мæ зæрдыл дын лæудзæн. (Фæстæмæ баздæхы Кристианмæ.) Фарæстæм фæзынд Сирано, Кристиан. Кристиан. Ысамал кæн ды уыцы пъа мæнæн! Сирано. Цытæ дзурыс! Кристиан. Цæй, ма равдис дæ фыд уаг! Уæддæр, - æмбарыс? - уымæ цæуы хъуыддаг... Сирано. Ды раст зæгъыс! О, ахæм бон уыдзæн, Дæуæн Роксанæ хъарм пъатæ кæндзæн. Æмæ куыннæ! Рæсугъд дæ ды! Æнцонтæй Æртасдзæн уый дæ уынд æмæ дæ кондæй! (Иуварсмæ.) -Цы-кæна, уый мæн тыххæй уæд фæлтау! Ыстæй нын уæд тæрхонгæнæг - хуыцау. Рудзынг байгом. Р о к с а н æ ногæй фæзынд балкъоны. Кристиан та æмбæхсы.
с^ (*/* ^о <^ 515 6» («/^)ч оф>) («XV сХ’у с«*У*> с«*Х^ е*У^ **> Дæсæм фæзынд Роксанæ, СираноДристиан, стæй К а п у ц и н. Роксанæ (балкъонæй). Кæм дæ, мæ зынаргъ? Ардæм тагъддæр рацу. Ды мын дзырдтай... Сирано. Уæздан пъа дæ куырдтон. Дæу та зæгъын æнахуыр тас нæ уадзы Гъеуыцы дзырд. Ау, ног дын у бынтон? Фæлæ йæ кой кæд афтæ судзы дæу, Уæд дыл йæхæдæг бафтаудзæн цæхæртæ. Нæ, ма дзы тæрс, уый афтæ диссаг нæу! Ды ивтай ам дæ уаг æмæ дæ зæрдæ: Фæкодтай хъазæн каркаситæ, стæй Ысхæцыдтæ цыргъ ныхæстыл уæндонæй, Ныфсæрмы дæ, улæфыдтæ зынæй, Фæстæдæр калдтай хъарм цæссыг æнцонæй. Ныр дын нæ уыдзæн апъа кæнын зын! Роксанæ. О, афтæ ма дзур, науæд æз цæуын. Сирано. Цæмæй дзы тæрсыс? Ма йыл кæн æвдисæн. О, пъа цы у? Цырын арты улæфт, Сæууон уарди - сырх дидинæг, хæрздæф; Уый у нæ ард, нæ цæссыгтæн æвдисæн. Уый рухс хид у дыууæ зæрдæйы ’хсæн, Кæны нæ удтæн хин æмæ кæлæн, Дзæнæтон фæндаг амондмæ нæ разы. О, пъа цы у? Зырзыргæнаг сыфтæр Сыгъдæг уарзты æнæмæлгæ бæласыл. Уый у уæлдæфон базырты пæр-пæр, Цыма гæлæбу дидинæгыл хъазы. О, пъа цы у? Рæсугъд бæллиц æрмæст, Уый радта махæн Цины зæд лæварæн. О, уыцы хорз мын бауарзæд дæ цæст, Æмæ уысмы æнусон цин ыссарон!
516 ао <<ф) (<ф) (>м (>ф> ('ф>) (<>{«>) (<ф) гг,\ иэ «фу ф$ ф>} ф>> Фэ Ф±> <Ф>> С’О Роксанæ. Ныууадз! Тæрсын! Тæссаг сæнттæ, тызмæг. Сирано. Нæ, ма зæгъ, пъа уæздан ми у, сыгъдæг, Уый Францы ус-паддзах ыстыр лæварæн Æрæджы радта англисаг æлдарæн. Роксанæ. Ды Бекингем нæ дæ, æз та нæ дæн паддзах! Сирано (уæлмонцкæны). Нæ, нæ! Æмбæхстон уый хуызæн мæ зынтæ, Табу дын кодтон ус-паддзахау, фæлæ, ах, Уырныдта амонд мæн æрмæст мæ фынты, Мæ риуы уарзтæй сусæг тæмæн сыгъд, Уыдтæи æз уыйау иузæрдыг... Роксанæ. Æмæ рæсугъд! С и р а н о (йæхи æрсембæрсгпа, иуварсмæ). Куыннæ! Бецау, цæй мæнг ысты мæ сæнттæ! Роксанæ. Ыскодтой мын дæ ныхæстæ кæлæнтæ, Æз басастæн! Ды разындтæ нæртон, Æрцу мæм ныр, æрцу æмæ мæ былтæй Алæмæт уарзты дидинæг ыстон. С и р а н о (Кристианы балкъонмæ схойы, сабыр). Цæугæ! Роксанæ. Рæсугъд уарди йæ диссаджы хъуымбылтæ Æфсæрмдзæстыгæй райхалдзæн дæуæн! С и р а н о (Кристианæн, сабыр). Цæугæ. Роксанæ. Мæ тых сæтты... Кæсын дæм æз æнхъæлмæ, Æнусон цин дын иу уысмы уыдзæн! Кристиан (гуызавæ кæнгæйæ, сабыр). Æз ахæм сайд куыд æрхæссон мæ сæрмæ! Зын у. оооэооеоеооосоашэроеооэеоеосо^
(Ь) с»/ь) г«*/«1> («*/*>) («ОС’е; С«»Х^ С’’ХЧ» (<*)«ч) <*•> Сирано. Цæугæ! Цæмæй кæныс æфсæрмы. Кристиан рæвдз слæууы бандоныл, къалиутæ æмæ цæджындзтыл сбыры балкъонмæ. Кристиан. Роксанæ! Роксанæ. О мæ хур! Пъа кæнынц. Сирано. Æллах, мæ бон! (Иæ зæрдæйыл фæхæцы.) О уарзты пъа, ды - цинты куывд, зындон, Дзæнæтон амонд, йедзаг нуазæн ронгæй! Æз Лазарау кæйдæр куывды ыстонгæй Къæбæртæ уидзын... Æмæ цин кæнын! Уый пъа кæны кæйдæр былтыл, æз ын Цы ныхæстæ фæдзырдтон уарзгæ, уыдон! Бæгуыдæр, ис мæ цины хай дæр уым. (Иæхи хъæлдзæг дарыныл архайы.) Кæд зонын уый, уæд нал дæн æз дывыдон, Мæ рыст зæрдæ мын нал хæрдзæн æрхуым. Хъуысы уадындзы уаст. Дыууæ уадындзы... Уасынц нумæ ногæй. Кæс-ма, æруайы уыцы дзæдæл рогæй. (Йæхи афтæ æвдисы, цыма дардæй ныртæккæ æрбазгъордта. Сиды.) Гъе-гъей! Роксанæ. Кæцы дæ? Сирано. Ма фæтæрс, æз дæн, Роксанæ, Кристиан нæма уыд ам?
518 с^’^и. °^и «х*к ***ч °^и {'#'>^'^у ф «^ «*/*, рУ’у (<№) <<*/<<;) «*}*> бф$ е?) Кристиан (дисхуызæй). А, Сирано? Роксанæ. Кузен? Сирано. Нæ уæздæттæн - салам! Роксанæ. Ныртæккæ дæм фæцæуын æз дæлæмæ. (Рудзынгæй ацæуы.) Сценæйы арфæй фæзыны К а п у ц и н. Кристиан (уыйауынгæйæ). Куыд? Уый та у? (Бацæуы Роксанæйы хæдзармæ.) Иуæндæсæм фæзынд Сирано, Кристиан, Роксанæ, Капуции, Рагно. Капуцин. Æз раздæхтæн фæстæмæ. Уырны мæ, ам цæры мадемуазель Робен. Сирано. Ролен куы фарстай ды. Капуцин. Нагъ, бен. Р о к с а н æ (рахизы къæсæрæй, йæ фæдыл Кристиан æмæ Рагно цырагьимæ). Кузен! Уæд уый та чи у? Капуцин. Æз фыстæгимæ фæзындтæн. Кристиан. Цæй фыстæг у? Капуцин (Роксанæйæн). Нæу мур тæссаг дæ цытæн. Зынгæ æмæ уæздан лæгæй хæссын Дæумæ ныстуан....
0>> <?ф Ь6* **%> *'№ *>/"> &/'* Ф’* а>) {*$ <*/*$ &/«,) «фэ с*Х«у с«»Х^ <*Ф$ (<*Х«У <ч) 519 Р о к с а н æ (Кристианæн). Де Гишæй у, зæгъын. Кристиан. Куыд уæнды уый... Роксанæ. С-ысс... Цæмæн бæззы тæргай та. Æууæнд мæныл. Фæуыдзæн уый нæ сайды!.. (Райхалы фыстæг, кæсы йæ цырагьы рухсмæ йæхинымæр.) «Кæны фæдисы цагъд гуымсæг, Фæцæуынц ме ’фсæдтæ æвзыгъдæй; Æнхъæлынц - разæй и фæтæг, Фæлæ æз баззадтæн дæу тыххæй. Дæу куыд фæндыд, нæу уый кæнын мæ бон, Мæ тых мын уарзон басаста бынтон, Нырма уал мæнæ беридоны ’мбæхсын, Нæ цины фембæлд дауджытыл фæдзæхсын. Кæй дæм фæцæуын, уый тыххæй дæуæн Мæ сусæг фыстæг - фидиуæг уыдзæн. Цы дæм фыссын, уый моладзан нæ зоны. Куы мæ ’рцауындзой уый тыххæй, уæддæр Дæ къæхтыл хъуамæ ’ркъул кæнон мæ сæр. Уæдæ фæцæуын - уарзты зæд мæ хоны! Уырны мæ рагацау - мæнæн Ныббардзынæ. Æнусмæ æз дæу дæн!» - Æмæ йæ къухæвæрд. (Хъæрæй.) Нæ цытджын фыд, фæхуыссы Мæ царды рухс хур! Мæнæ граф цы фыссы! (Хæстæг æм æрбалæууынц. Кæсы хъæрæй.) «Ыскæн дæ хивæнд хъал митæн кæрон! Цытджын кардинал рахаста тæрхон, Цæмæй чындздзон худ ацы бон ныккæнай. Гъе уый тыххæй дæм ратдзæни фыстæг Сыгъдæг моладзан. Рог сæнттæ кæмæ нæй, Ды сæ ныууадз, о, ма разын тæлтæг; с оо ор ор оо ор оо ое ос- ОР зе зр эр рр эр зрорррор^рэрзрэрзрз
520 ^'^^«^^Ч^Ч^^ (у офу <<Фэ ^Х6;) фъ («уу ефэ «ф>> «.) Æмæ йæ зон - хуыцауы фæнд хæлар у; Гъе, уыйадыл нæхи зæронд хæдзары Æвæстиатæй намысджын монах (Гæххæтт рафæлдахы.) Иæ аргъуыдæй ысиу кæнæд сымах Барон де Нёвиллетимæ. Уый абон Æз арвыстон дæумæ... Кæд дын барон Цæсты сындз у нырма, уæддæр фæстагмæ амонд Дæуæн æрхæсдзæн ацы хъуыддаг, зон. Зæгъын ма иу хатт: афтæ кардиналы Кæй фæнды, - уый та махæн у закъон!» Гъе, афтæтæ... Капуцин (буцæй). Уый сыгъдæджыты ’мбал у! Р о к с а н æ (Кристианæн, сусæгæй). Цæй, куыд, æвзæр бакастæн ацы фыстæг æз? Кристиан. Гым... Р о к с а н æ (хьæрæй). Хуыцау, кæм дæ? Мæ тæригъæдмæ ’ркæс! Цы уыдзæн ныр? Цы ма кæнын мæ цардæй? К а п у ц и н (йсе рухс ныддары Сираномæ). Барон ды дæ? Кристиан. Нæ, æз! К а п у ц и н (рухс æм саразы). Ды, зæгъыс? Уанцон нæу! (Иуварсмæ.) Æгæр рæсугъд у уый: ам мацы уæд мæнгардæй. Р о к с а н æ (фæцарæхст). «Пост скриптум: æз фæдзæхсын ноджы дæу Æрхæссут туман аргъуанæн лæварæн». Капуцин. Гъеуый дын, гъе, цæсгомджын лæг! Уæздан æлдарæн Æркувут тагъд йæ барвæндæн! со?9<?909?оо9еорое-эс9е9еэо^оа
0» <<ф) <?ф> <?ф) <?ф) <ф) <<ф> (7ф) Ъ} бу <ф) <ф>) (ф>) (<ф>) (фэ (ф0 аф} <*) Роксанæ. Мæлын... Капуцин. Уæ хæс у уый - ысразы ут. Р о к с а н æ (артмæ цæуæгау). Уæдæ цы кæнон! Æвæндонæй æнамондмæ цæуын! Рагно Капуцинæн дуар бакæны, Кристиан та йæ мидæмæ хоны. (Сиранойæн, суссегæй.) Де Гиш ныртæккæ ам уыдзæн... Æгæнон Фæзынд, зæгъгæ, уæд хорз нæ уыдзæни... Тыхсын... Фæлæууæд уал æддейы уый... Сирано. Æмбарын. (Капуцинæн.) Дæ уаз æгъдау кæдмæ уыдзæн æххæст? Капуцин. Хъæуы мæ цалдæр минуты æрмæст. С и р а н о (аивæй йæ Роксанæйы хæдзармæ басхойы). Уæдæ цæугæ! Ам алы минут дæр хъазар у! Роксанæ (Кристианæн). Цæуæм, мæ зынаргъ! Мидæмæ - фæрнæй! Иууылдæр ацæуынц Сиранойæ фæстæмæ. Дыууадæсæм фæзынд Сирано (иунæгæй). Куыд бауромон ам де Гишы æз? Тыхæй?.. Æрхъуыды кодтон! (Сгæпп кæны бандонмæ æмæ кьулыл сбыры балкъонмæ.) Афтæ, гъе... Æгуыдзæг Куынæ дæ, Бержерак! Бæззы дæ фæнд, æцæг! Æрбайхъуыст лютнæйы æнкъард мелоди. СОС90909СЭр9С^ОООС<æ9<?900е
522 (*>) (’ф) (<*Г*>) (<ф) (ф>) (гф) (’ф) ('ф>) °>) (ъ> о#ъ ф$ сф2) (<$<>) (и/*> <«»/*> ЭД С^ Лæг фæзынди? О, ацы хатт лæг уыдзæн! (Балкъонмæ куы схизы, уæд йæ пæлæхсар худ йæ цæстытыл æркæны, йæ ронæй суæгъд кæны йе шпагæ; пæлæзы йæхи æрбатухы æмæ бынмæ æркæсы.) Цæй, афтæ бæрзонд нæу, - æргæпп дзы кæндзæн лæг. (Гæзæнхъæды сæрты йæ иу къах айсы, сисы сæрты чи æрбакаст, уыцы бæласы даргъ къалиу йæхимæ æрбатасын кæны, дыууæ къухæй йыл фидар æрхæцы, цæмæй йын уа къалиуы руаджы бынмæ æргæпп кæнæн.) Æртындæсæм фæзынд Сирано, деГиш. Д е Г и ш (æрбацæуы маскæйы, талынджы цæуы хъавгæйæ). Дæлдзæх фæци мæ минæвар?.. Фæтындзон... Сирано (иуварсмæ). Мæ хъæлæс та?.. Йæ ивын зын нæ уыдзæн. Де Гиш (хæдзармæракæс-бакæс кæны). Æлгъыст маскæ! Рæстмæ ракæсæн нæй! Де Гиш хъавы хæдзармæ бацæуын, фæлæ уыцы уысм Сирано æргæпп кæны йæ размæ, цыма тынг бæрзондæй æрхауд, афтæ, æмæ ныдцæргъ вæййы йæ разы. Уый циу? (Хæрдмæ куы скаст, уæдмæ къалиу йæ бынаты абадт, æмæ йæ сæрмæ уыны æрмæст арв. Цы урцыд, уымæн ницы æмбары æмæ Сираномæ æргуыбыр.) Кæцæй æрхаудтæ ды, кæцæй? С и р а н о (рабадт, æндæр хъæлæсæй). Æз - мæйæ. Д е Г и ш . Мæйæ? С и р а н о (фынæйæ дзурæгау). Цас у рæстæг?
г^ <ф>) оФ>> цфо еОС^ с«*Х^ («м’* ("У^ **> Де Гиш. Хъазын Ныууадз! Сæнттæ цæгъдыс?.. Сирано. Тæхуды, базон, Цы бæстæйы дæн, уый! Зæгъ-ма мын, лæг, Цы бон у абон? Ныр сæрд у æви зымæг? Де Гиш. Уæллæй... Сирано. Мæ ныхас дын бынтон æбуалгъ ма уæд: Дæ фыдгул мæйæ бомбæйау æрхауæд. Д е Г и ш (фæстæмæ цæугæ). Уæддæр... С и р а н о (сысты, тызмæг хъæлæсæй). Æз загътон, мæйæ! Де Гиш. Хорз, фæуæд!.. (Иуварсмæ.) Фыдгулы ныхмæ ахæм сырд цæуæд. Сирано. Цæудзæн ыл ныр æнус, кæнæ сахат дæр, Уæд мæймæ æз æнæнхъæлæй ысхаудтæн. Де Гиш. Иттæг хорз. Уый цы диссаг у, æцæг? Сирано. Фæлæ дыууæрдæм цас бахъуыд рæстæг? Æмæ фæрсын дæу ацы ран лæмбынæг, Кæцы аз у? Æз дард балцы уыдтæн, Æууæнд мыл, уалæ уыцы бур тымбылæг Уыди æрæджы хъарм хæдзар мæнæн. Д е Г и ш (гуырысхо кæнæгау). Цæуын мæ хъæуы. С и р а н о (йæ фæндаг ын æхгæны). Радзур мын, кæм дæн? Кæй бæстæ у? Хæдбар æви цагъар дæн?
(го) <*& фэ о*Х^ («Хъ Фэ <<*Х*) «Ф-> сО Де Гиш. Дæлдзæх фæуæд... Сирано. Æз мæйыл дæн, лæгай, Æви æндæр планетæйыл æрцардтæн? Де Гиш. Æгъгьæд... Сирано. Нæ, ницы хуызы, хъуамæ мын зæгъай, Æрвон дурау кæм æрхаудтæн дæ разы. Де Гиш. Ныууадз. С и р а н о (тарст хъæрæй, де Гиш æрлæууыд). Хуыцау! Мæ уд тæссæй дзыназы! Йæ цæсгом - сау! Лæгсырд у уый, лæгсырд, Хъæддаг бæстæмæ бахаудтæн, бæлвырд!.. Д е Г и ш (йæ къух йæ цæсгоммæ сисгæйæ). Куыд сау у, и? Сирано (тарстхуызæй). Тæрсын! Ды каннибал дæ? Де Гиш (йæмаскæасгаргæйæ). Уый маскæ у! С и р а н о (цыма æрсабыр, уыйау). Мæнг цæсгом! Уæдæ æз Венецийы дæн? Уым æй дарынц хъалтæ. Де Гиш. Нæ, ам, хæстæгдæр. Фæлæ тагъд кæнын - мæ хæс; Мæнмæ кæмдæр æнхъæлмæ кæсы дамæ. С и р а н о (бынтондæр йæ зæрдæ йе ’муд æрцыд). Ау, афтæ у? Парижы дæн уæд хъуамæ. Д е Г и ш (бахудт æнæбары). Цыргъзонд æрра! Сирано. Куыд? Худыс мыл? Де Гиш. Ай-гъай. Фæлæ мæ ауадз. рооорэроеоеоес^оёшоооеэрорс^^
Г*у <гф ЬЫ ЬГ<0 ЬГ*>) ЬГ-д (’фд С,у»1 % г^ «*/^ **/«>> <м/<у (Ф>) (Фо (Ф? (<*>*) «0 525 Сирано (цингæнгæ). О, Париж у уæдæ ай! (Иæрыгтæ ацæгъды æмæ йæ сæрæй æркувы.) Париж! Мæ бæстæ! Ног та дæм фæзындтæн. Мæ фæлыст - цауд: ныххатыр кæ мæнæн. Мæ цæстыты ыстъалыты рыг бады, Мæ пæлæзыл - кометæйы зынг-хъис! (Иæ пæлæзæй цыдæр афу кæны.) Де Гиш (мæстыйæ). Æгъгъæд!.. С и р а н о (арвмæ кæсгæйæ). Æз тахтæн уыцы ирд тыгъдады. Ныр дард у уый! Мæ кады балц фæцис! (Де Гиш хæдзармæ бацæуынмæ куыд хъавыд, афтæ йын уый йæ размæ йæ къах фæдардта, цыма йын цыдæр æедисы, уыйау) Уым диссæгтæ уыд. Бавзæрстон фыдбонтæ. Æркæс-ма, мæнæ - Артъауызы хæст. Мæ фæдджи - скъуыд. О, байхъус мæм æххæст: Тæппуд дæн, уый нæ зæгъдзысты æрвонтæ, Фæлæ уæддæр сæ Домбайæ лыгъдтæн. Мæхи æваст уым Тæрæзтыл ыскъуырдтон, Уæддæр тæссаг сырд нал раййæфта мæн. Де Гиш. Æгъгъæд! Ныууадз мæ, таурæгътæ нæ куырдтон! СИРАНО (цæуын æй нæуадзы, хæцы йын йе ’гънæгыл). Дæ цæстытыл-ма ауайæд: цыдтæн Нæртон бæхыл... Нæ йæ зоныс? - Æрфæн! Де Гиш. Æлгъыст фæу, ысуæгъд мын кæн мæ фæндаг! С и р а н о (йæ къухтæ йæриуыл дзуарæвæрд кæнгæйæ). Æнæсгæрст дуне, диссаг-у^-æгæндæг! Уым уазæгуаты Авдхомæ уыдтæн (Сусæг ныхас кæнæгау.)
(<э'°Ф^) '«*/*> е*Х^» ’фУъ '«*/'$ &/*> ’ «Ф* ’ &) Æмæ нызтон сæ рæсугъд къухтæй сæн. (Худгæйæ,) Уырны дæ, иу дзы бабæллыд Хуыцаумæ, Æмæ йын Уæллаг раласта йæ дзаума! Де Гиш (иуварсмæ). Хæйрæджджын у! Æрра æмæ сæрхъæн! Йæ фембæлд мын фыдбылызæн уыдзæн... Сирано (сæрыстырæй). Æниу, цы федтон, уыдæттæ фæстæдæр Мæ чиныджы ныффысдзынæн бæстон. Де Гиш. Æппынфæстаг... Сирано. Нæ мын хъæуы лæгъстæтæ. Æмбарын дæ. Дæу уый фæнды, зæххон, Цæмæй дæуæн æз радзурон фæд-фæдыл, Куыд арæзт у, цавæр дуне у мæй, Уым чи цæры... Разы дæн æз дæ фæндыл. Фыст мын ысты - кæсон сæ уæдæ, цæй. Д е Г и ш (хъæр кæны). О, нæ! Фæнды мæ.... Сирано. Бамбæрстон! Цымыдис Кæны дæу уый, куыд февзæрдтæн æз уым? Табуафси, уый афтæ зын нæ уыдис. Мæ хабæрттæ дын райдианæй кæнын. Уæдæ мæм хъус: æз дæн мадзал ыскæнæг. Де Гиш (тыхстхуызæй). Ехх, цъиуты сайд у ацы лæг æнæмæнг! Сирано. Ды афтæ ма зæгъ: сонт у. Нæ, æркæс мын Мæ хъуыддæгтæм: нымад ысты бæстон. (Æнæрвæссонæй.) Регомонтаны цæргæсы нæ фæзмын, Архиты бæлон хорз аргъау хуыдтон... соо^ооосоо^яр^^^^эрсрррор^ороррррр^орор^
(Ь) <ф>) офо (ф>) (ф>} (ф.} <<фу 1ф$ с«) Де Гиш. Цыдæртæ зоны, ахуыр у! Сирано. Дæс азы Æз агуырдтон æнæаипп фæрæз Æмæ йæ ссардтон! О! Де Гиш йæхи фæтылиф кодта æмæ дуармæ йæ ных сарæзта. Сирано цæуы йæ фæдыл æмæ йæ хъавы тыхæй æруромын. (Иуварсмæ.) Йæхи кæдæм фæласы? Нæ уыдзæн уый! (Де Гишæн.) Æрхъуыды кодтон æз Æхсæз мадзалы стъалытæм тæхынæн! Де Гиш (фæстæмæракæсгæйæ). Æхсæз мадзалы? Сирано (рæвдз-рæвдз). О, ныртæккæ сæ зæгъдзынæн. Мæ фæдыл сæ нымай; Хъус, фыццаг фæрæз: райсомæй бæгънæгæй Дæхи сæууон æртæхы най, - Æмæ дæ хур æртæхимæ сыгъдæгæй Уæларвмæ сисдзæн. Де Гиш (дисыбахауд, Сираномæракъахдзæф кæны). Хорз фæнд у, бæгуы! С и р а н о (фæстæдæр алæууы, - йæ фæдыл æй сайы). Хъус дарддæр. Дыккаг мадзал. Саразын хъæуы Ыстыр чырын тæрс бæласы фæйнæгæй. Уæлдæф дзы бауадз, уыйфæстæ нывæр Йæ цыппар къуымы зных æмæ цæхæр. Йæ сæрыл бад - æмæ рæуæгæй Уæларвмæ тæх. Д е Г и ш (ракъахдзæф та кæны йæразмæ). Гъеуый дын дыккаг! сороооооеороеосоаоссх?ое^ососоеосогороо
528 (*» <<ф) (<*Г<>) (’фЬ &ф>) ('ф>) Оф) (’ф) С;\ (<2> <<*Х'у <?#*> о*Х^ то <&'•> с<*ХЪ* (фэ <•*) С и р а н о (фæстæмæ цæугæйæ). Кæннод сараз бæх, Ыскæн ын хорз хъандзал къæхтæ æндонæй; Ысбад ыл - æмæ топпыхосæй уæд Ысрæмудз уый. Мæ быгъдыуан фæуæд, - Ыстæхдзынæ цъæх быдыртæм æнцонæй! Д е Г и ш (цæуы йæ фæдыл, йе ’нгуылдзтыл нымайы). Уый æртыккаг у! Раст загъта, æцæг! Сирано. Мах зонæм, арвмæ тынг тындзы фæздæг. Хъæуы фæздæгæй байдзаг кæнын лалым, - Æмæ хæрдмæ фæздæгау адым! Д е Г и ш (дисы бафты тынгдæр). Цыппар? Сирано. Ис ноджы иу фæрæз. Ысбад Æфсæн къорийыл бандонау æнцад. Сис уыйфæстæ дæ къухæй Егъау магнит - нынтъух æй Хæрдмæ тыхджын. Æлвасы уый æфсæйнаг, Куы йæ сæййафай, - гъæйтт-мардзæ, бæдæйнаг, Уæд та йæ ног ныззыввытт кæн уæлдæр, Æмæ дæ афтæ скъæфдзæни йæ фæстæ! Де Гиш. Ныр уал дын фондз! С и р а н о (бандонмæ йæрахæццæ кодта). Фæрнæй мын цæр, - Дзæбæх сæ анымай мæ бæсты. Зындгонд у: базæронд ис мæй, Фæцъиры уæд нæлхæйы царв зыдæй; Æмæ куы ныббырай тæвд царвы, Уырнæд дæ, фестдзынæ уæд арвыл. Де Гиш. Гъеуый та æхсæзæм! Уæллæй, Йæ цыргъ зондмæ аипп æрхæссæн нæй. Æхсæз фæрæзы! Уыдонæй уæлæрвтæм Кæцы равзæрстай? оосэо^оеогое^шоезооеæососороё^
<»>^>^^№^Х«>^>№ ^^и^ 52 Сирано. Æвдæм! Де Гиш. Куыд? Сирано. Æвдæм! Де Гиш. Цавæр у? Сирано. А-гъа! Хæснаг кæнын: Дæ бон æй никуы бауыдзæн зæгъын. Де Гиш. Нæ, ацы цъаммар зондджын у, бæгуылæг. Сирано. О, ме ’рхъуыды алæмæт у, бæгуыдæр. Де Гиш. Цы у, зæгъ æй. Сирано. Хъус, уый дын дзуапп. (Фæзмы денджызы уынæр, амоны къухтæй.) Гу-у! Гу-у! Æмбарыс мæ? Де Гиш. Кæцæй! Сирано. Уылæн! Де Гиш. Уылæн? Сирано. О, денджызы уылæнтæ! Зон, уыдон мæйы барвæндæй фыцынц, Дыууæрдæм сисынц уый руаджы гуылфæнтæ Æмæ йæм арвмæ уарзонæй тырнынц. Æз дæр æнхъæлмæ кастæн, æмæ тарфæй Куы бæллыд мæймæ денджызы уылæн, Мæхи нывзылдтон уыцы уысм йæ арфмæ, Уый мæймæ уæд ысхæццæ кодта мæн. 34
530 («>) <<ф) (<М Ш^ (<ф» (’ф) (<ф) (<ф) о,) (9 г.^ с*Х^ е*Х*> №> г<*)%> (фэ «Фэ п) Д е Г и ш (тынг сцымыдис, бандоныл æрбадт). Ысхæццæ кодта? Сирано. О, хæрдмæ цыдтæн, Ыстæй дын - цæлхъ... Де Гиш. Дæ цæлхъ фæцыд? Æцæг? Сирано (йæхихъæлæсæй). Æгъгъæд фæуæд дзæнгæдайæн! О, даргъ уыд Мæ таурæгъ тынг - раст иу сахатырдæг. Сæрибар дæ. Ныр ахицæн сæ аргъуыд. Де Гиш (фæгæппласы). Мæ зонд фæцыд? Æви уынын фынтæ? Фæлæ дæ хъæлæс... Хæдзары дуар байгом. Рацæуынц лæггадгæнджытæ цыр- агъдарæнтимæ. Рухс. Сирано сисы йæ худ, уымæн йæ чъилтæ уыдысты бынмæ фæлдæхт. Уыцы фындз!.. Ды дæ? Сирано (æркувсегау). Бæгуыдæр, æз. Де Гиш (лæггадгæнæгæн). Гъей, цырагъ-ма æрбадар! (Сиранойы рауын-бауын кæны цырагъы рухсмæ.) Гуырысхо нал и... Сирано у! Зон, уæгъуыр, Ныфсхаст дæ тынг. Фæлæ дæ зæрдыл бадар: Мæ къухтæм дæ хъæуы... Сирано. Уæлдай мын нал у ныр: Æрцыд сыл дзуарæфтыд! Де Гиш. Кæуыл? (Фæстæмæ акæсы.) Фæсдзæуинты фæстæ рацæуынц Р о к с а н æ æмæ Кристиан, кæрæдзи къухтыл хæцгæйæ; сæ фæдыл мидбылты худгæйæ цæуы К а п у ц и н, уый фæстæ Р а г н о цырагъимæ; стæй д у э н ь я æхсæвдарæн халаты мидæг. р^^^^^ос^ос^^^^осоаор^ососос^^^^^
(*>) <«Х*Г оф>) &/*,)* (»у^ с^ (с*х^ с«»)Ч/ <<*) Цыппæрдæсæм фæзынд Сирано,деГиш5Роксанæ,Кристиан,Капуцин,Рагно, лæггадгæнджытæ,дуэнья. Де Гиш. Ау, уый та куыд! Роксанæ? (Кристианы фенгæйæ.) Ды дæр? (Роксанæйæн сæрæй кувгæйæ, диссагау.) Ды фесгуыхтæ хæд-зонд æмæ уæзданæй! (Сираномæ.) Дæуæн та, мæйæ балцгæнæг, зæгъын: Дæ хуызæн хин нæма уыди зæххыл. Дзæнæты къæсæрыл дæ аргъау Сыгъдæджы дæр æрурæдтаид, зон. Фæлæ дын ма атæхæд маргъау, - Ныффысс-иу æй дæ чиныджы бæстон. С и р а н о (йæ сæрæй кувы). Уыдзынæн æз дæ фæндонæй сæрыстыр, Æз бардзырдыл нымайдзынæн дæ дзырд. Капуцин (де Гишæн ног къаймæ амонгæйæ, йæ даргъ урс боцъо тилгæйæ). Рæсугъд зæрдæтæ сиу кодтай, мæ фырт, Сæ царды иумæ амондджын уыдзысты. Д е Г и ш (мæстæлгъæд каст æм бакæны). Мæнæй ма. Фæлæ ныр лыг у тæрхон. (Роксанæйæн.) Æхсин, дæ мойæн зæгъ хæрзбон. Роксанæ. Цæмæн?! Де Гиш (Кристианæн). Цæугæ дæ полкъмæ, ’фсæддон. Роксанæ. Ау, ам и полкъ?
532 (с>) лда ьш <'*№ ГгФ>> С’ф) оф) (<ф) (*,) (*> *& <*& с^ (* ^'с<Л >/*> ^ Де Гиш. О, афтæ уыд мæ фæндон. Ныр æй уæ разы аивдзынæн æз. (Æвдисы бардзырд.) Уый бардзырд у. Барон! Нæ полкъмæ йæ фæхæсс. Р о к с а н æ (йæхи баппары йæ мойыл). О Кристиан! Хъыгтæй кæдæм ис лидзæн! Нæ амонд ам æнæнхъæлæй фæхицæн! Д е Г и ш (Сираномæ, хынджылæгæй.) Нæ уыдзæн ныр сæ хъарм æхсæв рæхджы! СИРАНО (иуварсмæ). Бæргæ!.. Мæнæн цæмæй кæны æвзæрдæр?! (Кристианæн). Цæуæм! Кристиан. Зын у! Куыннæ ’мбарут лæджы? (Роксанæйæн.) Хæрзбон, мæ хур!.. Де Гиш. Цæугæут рæвдз! Роксанæ. Фыд-зæрдæ! Мæ зынаргъ! Охх! Кристиан. Хæрзбон! Роксанæ. Нæ, афтæ нæ! Нæ фембæлдмæ. Д е Г и ш ацæуы. Хатыр куыннæ зоны, куыннæ! Сирано хъавы Кристианы акæнынмæ, Роксанæ йæ уромы. Фæлæуу-ма, Сирано! Дæуыл фæдзæхсын Мæ уарзоны. Мæ уд у уый, мæ цард. О, ратт мын дзырд, кæй раздæхдзæн дзæбæхæй...
0* Ь/*>) г<ф) Сф) СфЬ (-,/*>) Ь/») <ф» Щ 0>; <■«/*> оф>) (»Х*0 (Ф>) «0<Ч> С'»/*У С<»Х*-У Ф Сирано. Куыд раттон дзырд... Роксанæ. Кæй нæ уыдзæн хъыгдард. Сирано. Бæргæ, фæлæ... Роксанæ. Кæй дзы нæ бацæудзæни уазал. Сирано. Мæ бон цы уа... Роксанæ. Кæй нæ сайдзæн йæ ард. Сирано. Куыд зæгъон æз... Роксанæ. Кæй не ’рцæудзæн йæ адзал!.. Сирано. Уырны мæ... Роксанæ. Стæй фæдзæхсын: арæх мæм фыссæд! С и р а н о (цыбыр паузæиы фæстæ). Зæгъын дын, уый мæ быгъдуан фæуæд! Æмбæрзæн ОффффЖ^^Ж^^^фф^^Г&ф^^фф^Ъ&^
534 (?^^^^^^^^ ЦЫППÆРÆМ АРХАЙД Гаскойнаг гвардионтæ Хæстон пост Аррасы цур. Сценæйы арфы къуылдымы фахс - цæуы кæрæй-кæронмæ. Уымæй дарддæр зыны уæрæх ком, уым та фидарисæн алыхуызон фæрæзтæ. Бынтон дардæй зынынц Аррасы къултæ, хæдзæртты сæртæ. Цатыртæ, уæгъдæппæрст хотыхтæ, гуымсæгтæ амæ æндæр ахæмтæ. Бон цъæхтæ кæны. Скæсæн фæбурхуыз ис. X ъ а х ъ - хъæнджытæ. Æртытæ. Гаскойнæгтæ фынæй кæнынц сæ пæлæзты тыхтæй. Къорды раздзог Карбон де Кастель-Жал у æмæ Л е-Б р е сты æнæхуыссæг. Уыдон сты фæлурс, хуыздзыд æмæ цола. Кристиан дæрйæпæлæзымидæгфынæйкæныразæй, фыццаг пъланы, йæ цæсгомыл хъазы арты рухс. Сабырдзинад. Фыццаг фæзынд Кристиан5Карбон,Ле-Бре,гвардионтæ, стæй С и р а н о. Ле-Бре. Цæй, - ницы? Карбон. Ницы. Ныфс дæхицæн ма ’вæр. Къæбæр дæр нал и. Тынг æвзæр у уавæр. Ле-Бре. Дæлдзæх фæуæнт!.. К а р б о н (къухæй йын амоны). С-ысс!.. Ма та дзур хъæрæй! Кæннод сæ хъал кæныс. (Гвардионтæн.) Фынæй кæнут! Фынæй, Æнæ хъуыдытæй! (Ле-Бремæ.) с^^^^^оо^оо^^оо^^ор^г^^^оо^р^^^^
(<•>) <?Х*>)ч «*/*>) ('»Х*>)ч аф>) с«*Х*2* с"У^ ’ с*Х^ <ч> 535 Ис æмбисонд: «Лæгæн цæуы хæрды бæсты фынæй». Ле-Бре. Æз та мæлын æгъуыссæг æмæ стонгæй! Фæсырдта мын цыдæр хæйрæг мæ фын. Дардæй хъуысы гæрæхтæ. Карбон. Æлгъыст фæуæнт! Æхсынц та знæгтæ ногæй Æмæ нæ уадзынц сабиты хуыссын. Иуæй-иу гвардионтæ сæ сæртæ схъил кæнынц. Фынæй кæнут! Хъуыдытæм маст æмхиц у!.. Гвардионтæ фæстæмæ æрхуыссынц. Ног та хъуысы гæрæхтæ. Фыццаг гвардион (тыхстæй). Цы хабар у? Карбон. Æппындæр ницы! Æвæццæгæн, æрбаздæхт Бержерак. Фыццаг гвардион. Уæдхорз... (Фæстæмæ æрхуыссы.) Хъалагъуры хъæлæс (фæссценæйæ). Æрлæуу! Кæцы дæ уый? Сиранойы хъæлæс. Мæхæдæг! Де Бержерак. Ле-Бре (Карбонæн). Æцæг у уый, нæ хæтæг. Дыккаг хъалагъур. Æрлæуу! Кæцы дæ уый? С и р а н о (фæзыны къуылдымыл). Нæ мæ уыныс, æрра? (Бынмæ æрцæуы.) Ле-Бре тыхстæй сысты æмæ цæуы йæ размæ.
536 ^?&и(<х*и «х*\ °^и Сг*»и ^и^и гу Ле-Бре. Цы ’рцыди? С и р а н о (амоны, макæй райхьал кæн, зæгъгсе). С-ысс... Ле-Бре. Цæф дæ? Сирано. Уый ницы у. Фæхъавынц Мæнмæ, фæлæ йæ хорз зоныс, ай-гъай, Сæ топпыхос хæрз дзæгъæлы кæй сафынц. Ле-Бре. Зæгъ-ма, дæ цард цæмæн кæныс уæлдай? Сирано. Ле-Бре, æндæр гæнæн мын нæй. Ле-Бре. Дæ зонд дын Фæхаста йемæ цавæрдæр фыстæг... Сирано. Ныууадз мæ, цæй! Испайнæгты æмбондыл Æз ахизын хæрзарæхстгай, сындæг. Ис иу цæуæн - салдатæй, капитанæй Вæййынц æхсæв уым саурасыг æдзух. Ле-Бре. Кæд афтæ у, уæд уыцы æдас ранæй Дæ хæлæрттæн хæринæгтæ æнтъух. Сирано. Нæ, нæ! Цæуæн уым рогæй ис æрмæстдæр. Ле-Бре. Æрра! С и р а н о (Кристианы раз æрлæугæйæ). Ле-Бре, зæгъдзынæн æй дæуæн: Æз радтон дзырд мæ зынаргъæн фырмæстæй, Зæгъын дæм уый æрвылбон дæр фысдзæн. Куыд ыл тыхсти! Æрхъæцмæ йыл нæ хъæцы, Иæ хур та ам - ыстонг æмæ фæлмæцыд. (Кæсы Кристианмæ.) сосососоо^ос^оо^осзр^ососос^^осоооророезез
<5у .ЬХ»>, ^, ^/К Ъ/»Ъ/»Ы*о Ъ/>» С>} 537 Г^ (<ф.) еф>) «>Х*>) (Ф>) (Ф>) (<Фо &}Ь) «») Кæс-ма йæм, мæгуыр, баруади, ныххус! Ле-Бре. Ды къаддæр хус нæ дæ. Цæугæ, æрулæф цъус! Сирано (сагъæсгæнгæ). Куыд рæсугъд у!.. (Ле-Бремæ.) Дæ хъуыр-хъуырæй ыстыхстæн. Зæгъын, уыдзыстæм ацы бон æфсæст Кæнæ та мард! Ле-Бре. Цы хабар у, зæххыстæн? Сирано. Фæлæуу... нæ зонын... Фенæм уал. Æрмæст Изæрмæ хъуамæ сбæрæг уа æппæтдæр. Ле-Бре. Æрхуысс уал, цу. Сирано. Нæ мæм цæуы фынæй. Зæгъ-ма, Ле-Бре, кæй æндавы мæлæт дæр? Æрхъула кодтам не знагыл, ыстæй Мæлæм нæхæдæг ацы ран сыдæй! Ле-Бре. Зын уавæр у... Æз ницыуал æмбарын... Аррасыл мах æртыхстыстæм æцæг, Фæлæ нын разынд ацы сгуыхт къæппæг, Æмæ нæ уым испайнаг инфант дары. Сирано. Мах уымæн абон сараздзыстæм куывд. Ле-Бре (æрхæндæгæй). Цыхудæгу... Сирано. Куыд хъуыр-хъуыр кæныс, куыд! Ле-Бре. Уынын æй æз, дæ цард куыд сафыс барæй. Фыдгулты ’хсæнты ахъуызыс сæударæй, Цæмæй фæхæссай ницæйаг фыстæг.
538 ) <ъ\г& «да (гМ (гфо (гф) Оф) Оф) (<,} ,) офэ ф>) с*Х5> <«Х';> («УУ Ф$ «Фэ <1) Уæд та дæ исчи фенхъæлдта хуыснæг... Зæгъ-ма, æрра, куыд аирвæзтæ дысон?.. (Сирано цатырмæ араст.) Кæдæм нæуыс? Сирано. Ныххатыр кæн. Цæуон, Роксанæмæ та ног фыстæг ныффыссон. (Цатыры кæттаг схьип кæны æмæ мидæмæ бацæуы.) Л е - Б р е (йæ кьухтæ арвмæ сисгæйæ). Фæнизджын лæг! Уый бабын и бынтон. Дыккаг фæзынд Уыдон та Сиранойæ фæстæмæ. Бон æрбарухс. Арвгæрон хуры сызгъæрин тынты зыны сахар. Сармадзаны гæрах, уыйфæстæ райхъуысы гуымсæгты цагъд тынг дардæй. Хæстæгдæр фæцыд æндæр гуымсæгты хьæр; уыдон кæрæдзийæн дзуапп дæтгæйæ æрбаввахс сты, хьуысынц, цыма сценæйы сты, афтæ, стæй ныссабыр вæййынц. Æфсад райхъал, уынæр; дардæй хъуысынц афицерты хъæлæстæ. Карбон (ныуулæфгæйæ). Фæци уæззау æхсæв. Æрцыд нæм бон, Фæлæ нæм йемæ стонгдзинад æрхаста. Гвардионтæ райхъал вæййынц æмæ змæлынц сæ пæлæзты бын. Хъæрзынц. Сæ бон та райдайдзысты хъастæй. Кæй бон ма у сæ удхармæ кæсын!.. Фыццаг гвардион (зæххыл бадгæйæ). Æххормаг дæн! Дыккаг гвардион. Мæ ныфс сæтгы. Мæлын! Иууылдæр (хъæрзынц). Ах! Охх!..
С^ *»>,; (Ф>) («х*» «Ф» (Фо (Фу (’Ф) «0 Карбон. Уæлæмæ сыстут. Æртыккаг гвардион. Уый кæй бон у? Цыппæрæм гвардион. Бæргæ, фæлæ... Зæгъын æнцон у! Фæндзæм гвардион. Мæ капитан, сæйгæ дæн æз, рынчын. Дыккаг гвардион. Бароны герб цыхты мурыл дæттын. Фыццаг гвардион. Мæ царды ’мбис æхсыры къусыл ивын. Æртыккаг гвардион. Хæлц нæй, - уæд æз мæ дæндæгтæ нылхъивон, Æмæ Ахиллау цатырмæ цæуын! Фæндзæм гвардион. Мæлын! Къæбæр мын! Иууылдæр. О, кæрдзын! Кæрдзын! Кар б о н (бацæуы Сиранойы цагпырмæ, сабырæй). О, Сирано, цыфæнды уа, уæддæр та Дæ хъæлдзæг ныхас срухс кæнид сæ зæрдæ. Фыццаг гвардион (дыккагмæ фæлæбуры). Цы ’ууилыс уый? Ыстуры фыд? Зæгъ мын, Кæм дын уыд, и? Дыккаг гвардион. Хæтæлсæрфæн фæсмын Нæ сармадзанæй раскъуыдтон лæгдыхæй, Сæмæнсæрдæн ыл акодтон бæрцæй, Æфсæн худы йæ афыхтон, ыстæй Мæлæты хæрзад разынди фæлвыхæй! Æхсæзæм гвардион (æрбацæуы). Сæумæцъæхæй кæсагахсæг уыдтæн. Æвдæм гвардион (æрбацæуы). Æз та уæд цуаны арф кæмтты зылдтæн.
540 (*>) (<*г<ь с«*х*о б»Х"') (г*Х*» Ы«ь <'*&> с«>№ Ч (**> г^ <?*ХЯ, <?*Х*> сда> №; с<*Х^) «*Х*> («*) Иууылдæр (сæхи сь/л ныщæвынц). Æцæг зæгъут? - Æриут-ма, цы ’рхастат. Кæф æрцахстай? - Зым амардтай, мыййаг? Æвдæм гвардион. Æлгъыст хъысмæт! Уæ хæлар кæмтты бастад, - Сырд нал и уым. Æхсæзæм гвардион. Ыскуынæг и кæсаг. Иууылдæр (фырадæргсей). Æгъгъæд у! Стонгæй асасти нæ хъару! - Æгъгъæд у! Бунт! Бунт! Тох кæнын нæ бар у!.. Æртыккаг фæзынд У ы д о н æмæ С и р а н о. Сирано (рацæуы цатырæй, æдыхстæй, йæ фæсхъус - фыссæн сис, йæ къухы — чиныг) Цы хабар у? Гвардионтæ. Сыдæй мæлæм! Сирано. Уæллæй, Ыстыр бæллæх! Æз дæр куывды нæ бадын. Гвардионтæ. Цыфæнды кæн! - Мах уый мæт нæй. Сирано. Æз хъизæмар мæ буарæй нæ хатын, Мæ рохст зæрдæ æфсæст куы вæййы, уæд!.. Гвардион. Уый фен, - цымæ, цæмæй кæныс æлгъæд? Цы дын баивы стонг заман хæринаг? —&и р а н о (чиныг æм æппары). Уыныс æй - «Илиадæ»! Фыццаг гвардион. Диссаджы адджинаг! сорэророеоророршмор^зросоеорор
Г’»; *ф) ?ф) Ь/о) <?фь 6/»> ЬГ») <?ф» Ъ) (*>) <Ф>) (»/*>) (»/*о (Фо <<*/*>) (ч/ъ «*/**) (<>) Дыккаг гвардион. Ныр афонмæ Парижы кардинал Фыццагау хорз хæры ’мæ нуазы гъæйттæй! Сирано. Сæн дæ нæ хъæуы? Дзаджджын къус - йæ хæйттæй? Хæрзаг ныууаис уый нуазæнæй хъал! Фыццаг гвардион. Цæуылнæ уæд? Йæхæдæг хорз куы ’нцъухы! Сирано. Нæ сæр у уый, нæ бартæ сты йæ къухы; Æмæ рæстмæ куынæ куса нæ сæр, Уырнæд дæ, уæд нæхицæн у фыддæр. Фыццаг гвардион (хъыгæй). Цыргъ ныхæстæм та бахæццæ! Сирано. Бæгуыдæр. Цыргъ ныхæстæ цыргъ фæттæ сты мæнæн. Мæлæт мæныл куы сæхгæна йæ гуыдыр, Уæд мæ зæгъын фæстаг ныхас фæнддзæн. Бæгуыдæр, ис мæм иу бæллиц! Хæдзары Сындæггай низæй ма ’рцæуæд мæ мард, Æндæр-ну хæсты, изæры цъæх тары, Салдаты цæфæй аскъуыйæд мæ цард, - Æмæ мæлæт куы хона мæн йæ фæдыл, Уæд худдзынæн цыргъ ныхæстæй мæлæтыл. Иууылдæр. Ыстонджы нын у! - Охх, мæлæм сыдæй! - Кæрдзын! Кæрдзын! - Ыскъуыйдзыстæм зæфцæй! С и р а н о (йæ кьухтæ йæриуыл дзуарæвæрдæй). Хæрын, хæрын! -Æндæр сагъæс нæ хатынц! Зæронд Бертран, æрбалæуу-ма æввахс. Фыййау куы уыдтæ - райс-ма та дæ уадындз. Кæддæрау дзы зæрдиагæй ныууас, Æмæ нын уадз æлутонау йæ зæлтæ Ысрухс кæной æхсызгонæй нæ зæрдæ. Зæронд лæг æрбады, хъавы цæгъдынмæ.
542 р^’^и^^^^^и^^ (*> <Фэ <Фз <&*) <Ф>> ^У’З Фэ «Фэ (1) Хæстон мотивтæ ферох кæн; фæлтау Нæ бæстæйы уæздан зарджытæ ’рцамон; Фæрнæй цæуæнт зæриндзыхæй мыдау, Кæддæрау нын куыд хæссой цинæй амонд! Зæронд лæг рацæуы æмæ цæгъды лангедокаг рагон мотивтæ. Бертранду. Зæрдæйы мæт æмæ сагъæстæ нал и, Акæс-ма, рухс бæстæ дидинæг калы, Уддзæфæй хуымты фæйлауы хъуыдалы. Сусæгæй бæлæстæ сисынц сæр-сæр. Уарди-тæф уадзынц сæрдыгон изæртæ, Урс цъиутæ стæхынц цæугæдоны сæрты, Хъуысынц мæм бодзы мырмыраджы зæлтæ, - Зары æвзонг фыййау хæхты кæмдæр. Сау лæппу мæнæ фæзынди йæхæдæг, Хурсыгъд, сæрæнгуырд, æнæуи хуымæтæг! О лæппу, уадындзæй цæгъд!.. Хъуысы фæлмæн зарæг, хъуысы æрхæндæгæй, Дзуры Гаскони - мæ хъуыры сырх æгънæгæй, Уый у нæ райгуырæн зæхх. Æфсæддонтæ иууылдæр сæ сæртæ æруагътой; сæ цæстыты хъазынц бæллицтæ; бирæтæ сæ цæссыг сæрфынц - чи йæ дысæй, чи йæ пæлæзы фæдджийæ. К а р б о н (Сиранойæн, сабыр). Нæ зарджытæй куыд ысуынгæг и зæрдæ! Сирано. Куы фæмысæм нæ райгуырæн хæдзæрттæ, Уæд ферох вæййынц стонг æмæ хуыссæг. Карбон. Мыййаг, бынтондæр ма ’руадзæнт сæ сæртæ. Сирано. Зын уавæрты сæрæндæр кæны лæг. Гуымсæгты уынæр.
Г*у (<ф ЬГ*>) Гф (?ф> (<ф) Сф) <?ф> % Г^ **/*,) **/«,; («*/*, е»/«у <г*У^ С«»/^ <Ф>) «*) Иууылдæр (фæгæппытæ кæнынц, февналынц сæ хæцæн- гæрзтæм). Цы ’рцыд? - Фæдис? С и р а н о (мидбылты худгæ). Уыныс, мæ хур, тырынтæ Куыд фестадысты? Бирæ сын нæ хъуыд, Цæмæй сæ уайтагъд ферох уой сæ зынтæ. Фыццаг Гвардион (дардмæкæсгæйæ). Кæсут-ма, граф де Гиш! Гвардионтæ (хъуыр-хъуыр кæнгæйæ). О-гъо!.. Кæм уыд?! С и р а н о (мидбылты худгæ). Гъеуый дын цин! Дыккаг гвардион. Йæ уынд дæр нын тых кæны! Æртыккаг гвардион. Хызбыд æфцæггот!.. Буцарæзт чызгау! Цыппæрæм гвардион. Куыд æй аива? - йе згъæр дзы æхгæны... Фæндзæм гвардион. Йæ къуымых зонд дзы бамбæхсæд фæлтау! Æхсæзæм гвардион. Йæ бæрзæйыл та сынкъ, цымæ, нæ разад? Фыццаг Гвардион. Хæтæлау тутт! - кæй фæнды, уый дзы уасæд. Дыккаг гвардион. Амур дзы скæны хъазæнхъул, айуан!.. Æртыккаг гвардион. Сылваз! Кæны йæхицæй куртизан!.. Цыппæрæм гвардион. Уæддæр сылгоймаг никуы цыд йæ фæстæ!.. Карбон. Æгæр æй фаут! - хион у, æмбæстаг] Фыццаг гвардион. Йæ хион дæр, йæ лæгдзинад дæр - мæнг! Гаскойнаг хъуамæ арт уадза ныфсхастæй, Сæ хæд-зондыл та никуы ис æууæнк.
Ле-Бре. Куыд фæлурсу!.. Дыккаг гвардион. Бецау, зыны йæ кастæй, Ыстонг у уый дæр. 0, фæлæ уæддæр Хæрзарæзт у, æдзух куыд вæййы, афтæ; Кæсут, куыд калы рухс хурмæ цæхæр, Æрхуы тас дæр ма афтæ ’рттивы хафтæй. Сирано (тагъд). Зын нын у, уый дзы бамбæхсæм, цæмæй Йæ масты дзæкъул аскъуыйа хæлæгæй! Уæ хъултæ сисут, къамтæ дæр, - ыстæй Къуымбилтæ суадзут лулæты фæздæгæй!.. Иууылдæр хьазынмæ фесты; иутæ гуымсæгтыл æрбадтысты, иннæтæ дуртыл, чи та зæххыл; ссыгътой сæ даргъ лулæтæ. Æз та кæсдзынæн чиныджы. Декарт, Ысрухс мын кæ дæ хъуыдытæй мæ цард! (Къаннæг чиныг систа йæ дзыппæй æмæ кæсы, дыууæрдæм рацу-баь(у кæнгæйæ.) Æрбацæуы де Гиш. Иууылдæр сæхи æвдисынц хьæлдзæг æмæ хъуыдцагхуызæй. Де Гиш у тынг хуыздзыд, бацæуы Карбонмæ. Цыппæрæм фæзынд У ы д о н æмæ д е Г и ш. Де Гиш (Карбонæн). Салам дын, капитан! Кæрæдзимæ æдзынæгæй кæсынц. Д е Г и ш (иуварсмæ, æхсызгонæй). Хорз баруадтæ, мæ лымæн. К а р б о н (уый дæр иуварсмæ). Ныцъцъæх и стонгæй. Афтæ хъæуы уымæн!
(*>> &/ь) оФо аФо сОс^ т <!>/'<; <!>/*<) с<*> Д е Г и ш (гвардионтæм кæсгæйæ). Гъе, адон ысты бунтгæнджытæ, и? Кæйдæр хъазау куыд ауагътой сæхи! Фæлæ уын хъусын алы бон уæ даутæ. Кæнут мæ фыдгой, февæрут мыл фаутæ, Сымах мæ схонут ардауæг, хынцæг... Уынын уæ æз, баронтæ ’мæ уæздæттæ, Кæнут мæ урс æфцæгготмæ хæлæг, Мæ лæгъз æвзаг уын удæнцой нæ дæтты, Ыстæй уæ мары ну хъуыддаг бынтон, - Уæ хуызæттæн нæу бамбарын сæ бон: Кæй ис цæуæн гаскойнагæн сыгъдæгæй, Æмæ уæддæр гаскойнаг лæг уыдзæн. Нæ йæм дзурынц. Хъазынц. Дымынц. Æфхæрæн бардзырд рахæссин тызмæгæй, Фæлæ мæ зæрдæ бараг у мæнæн. Карбон. Хатыр, фæлæ дæ рагацау фæдзæхсын: Ам ахæм бардзырд не ’рцæудзæн æххæст. Де Гиш. Ау, уый та куыд? Карбон. Нымайын æз мæ хæсыл Хæстон бардзырд æххæст кæнын æрмæст. Де Гиш. Æргомдæр дзур - мæ зæрдæ йæм æхсайы. Карбон. Æз ацы къорды баххуырстон æхцайæ, Æмæ мæн у. Де Гиш. Æцæг? Æхсызгон хорз дæ уæд! (Гвардионтæм.) Сымах та - гъей! - уæ зæрдыл-иу лæууæд: Уæ фидистæ уын мурмæ дæр нæ дарын, Уæ сахъ митæ тыхлæджы митæ сты. 35
546 <*}^*№^#\*№ Æз та мæ хъару равдисын хæсты, Ызнон æй федтат, - не знæгтæн нæ барын, Ныццавтон сыл Бапомы цур мæхи!.. С и р а н о (чиныгæй йæ цæстытæ нæ сисгæйæ). Дæ урс хъуырбæттæн ныр уæдæ кæм и?.. Де Гиш (дисхуызæйæмæразыйæ). А, зонут æй? Ай-гъай! Мæ цардæн Ызнон тæссаг уыди хъæбæр. Уыдтæн йæ тæккæ астæу артæн, Ыстæй фæразæй дæн куыддæр, Хъуыди ма раст дыууæ къахдзæфы, афтæ Æрцахстаиккой знаджы ’фсæдтæ мæн, Фæлæ мæ сæры хорз хъуыды ныццавта, - Æз бамбæрстон: мæ хъуырбæттæн уыдзæн Мæ хæстон циныл комдзæуæг æвдисæн, Æмæ йæ зæхмæ аппæрстон æз дæр. Æфсадæн æз сæ фæтæг дæн, сæ сæр, Æмæ фыдгулты уый фæхъæуы исын. Фæлæ мæн нал базыдта знаг, Æмæ цъысымæй раирвæзтæн афтæ. Уæдмæ нæ тыхтыл ног æфсад æрбафтыд, Уыдтæн та æз нæ ныббырсты фыццаг. Цæй, куыд? Мæ хин уæм зондджын ми нæ кæсы? Гвардионтæ, цыма ннцы хъусынц, афтæ дарынц сæхи, фæлæ бæрæг у: цæмæдæр æнхъæлмæ кæсынц - сæ къухтæ æд къамтæ æмæ æд хъултæ уæлдæфы хъилæй аззайынц, тамакойы фæздæг нæ кæлы сæ дзыхтæй. Сирано. Нæ къарол Генрих, бауырнæд дæ, хæсты Мæлæты раз æрæвæрид йæ сæр. Нæ аппарид йæ коцора уæддæр! Æгуыппæг цин. Къамты цъыччытæ; хъултæ хауынц, фæздæг дзыхтæй ракæлы. Де Гиш. Мæ хин фæрæстмæ! Æгуыппæгæй та гвардионтæ æнхъæлмæ кæсынц.
^^^^^^^(^^^/^^/^Ч^^ 547 Сирано. Фервæзтæ йæ фæрцы!.. Ызнæгтæ милмæ систой, зæгъгæ, мæн, Уæд ма хуыздæр цы агурин цытæн! Къамтæ æмæ хъултæ хауынц рæвдз-рæвдз, фæздæг æхсызгонæй ракæлы дзыхтæй. Цыты хъуыддаджы не ’мбарæм кæрæдзи. Дæ хъуырбæттæн куы аппæрстай ызнон, Уæд уым нæ фæдæн, уыййеддæмæ зæххæй Уый систаин хæрзиуæгау, - дзæбæх æй Æрбастаин мæхи хъуырыл, уый зон. Де Гиш. Ныууадз, гаскойнаг хиппæлой ныхæстæ! Сирано. Æцæг? Уæдæ куы цæуæм абон хæстмæ, Уæд-иу мæнæн йæ хæссыны бар ратт. Де Гиш. Хъæбæрдзыхæй цæмæн дзурыс, уый зонын. Кæм уагъта зæхх нæмгуыты бын цъæх арт, Уым баззади мæ хъуырбæттæн зындоны, - Уый чи ссардзæн? Йæ рахæссын ыстæй Лæджы бон нæу! Сирано. Уый мæнæ ис, уæллæй! (Иæ дзыппæй сисы урс хъуырбæттæн æмæ йæ дæтты деГиишæ.) Паузæ. Гвардионтæ сæ худын тыххæй уромынц. Æдзынæг кæсынц сæ къамтæм æмæ хъултæм. Де Гпш сæм ракæсы, уыдон сæхи æвиппайды хъуыддагхуыз акæнынц æмæ хъазынц. Сæ иу æхситгæй зары, цыма йæ ницы æндавы, афтæ, зæронд лæг кæй цагъта, уыцы мелоди. Д е Г и ш (хъуырбæттæн исгæйæ). Ыстыр бузныг! Ды бакодтай уæздан ми! Мæн тынг хъæуы. Ныр та мæ нысан ам и. Гуырысхо кодтон - хъавон æви нал, Ныр уый æххуысæй ратдзынæн сигнал. (Къуылдыммæ схизы æмæ тилы йæ хъуырбæттæн.) р^осооосороеоеррэс^^^оерсрр^^чрс^рр^ор^^
с») б*г*ъ <<*№ ЬУЛ-) «■***» м>) <'»&>) <'*{*>) с'>: ф «Фз №> №) №> №; г«>у с«/у <•■*, Иууылдæр. Цæй сигнал уа? - Цы зæгъы уый, цыхуызы? Хъахъхъæнæг (къуылдымы тигъæй). Кæсут-ма, чидæр ададжы фæхъуызы. Де Гиш (æрцæуы). Шпион у уый, испайнаг. О, æрмæст Кæны фæндæй мæ хъуыддæгтæ æххæст Æмæ хæссы нæ фыдгултæм ныхæстæ, Æз ын цы дзурын, уыдæттæ. Сирано. Уыныс, Цы ’лгъаг дæ, уый!.. Уæй кæны уый нæ бæстæ. Де Гиш. Мадзал у махæн уый, пайда æмæ æххуыс. (Хъалхуызæй бæтты йæ хъуырбæттæи.) Æз ма уын ноджы ног хабар зæгъдзынæн. Нæ квартирмейстер интендантимæ фæцыд, Цæмæй ыскæной тагъд мадзал кæрдзынæн, Фæлæ сæ бирæ æфсад хъуыд, Цæмæй фæстæмæ раздæхой æдасæй; Ныууагътой ма нæ армыдзаг æрмæст. Ныр афтæ цъус ыстæм, æмæ нæ раст Испайнаг иу полкъ ахæссид йæ разæй. Карбон. Бæгуы, зæгъгæ, уый базыдта ызнаг, Уæд ныл æрвгæлæн акæнид хæрзаг. Фæлæ нæ зонынц... Де Гиш. Зонынц æй, хъыгагæн: Ныббырсынмæ цæттæ кæнынц сæхи. Карбон. Æцæг?! Де Гиш. Зæгъдзынæн ноджыдæр сымахæн: Хæрзгæнæг мын фæци Уæздан шпион, - æз уымæй зонын хабар. ооеэоэеосооооосооосое^зророоос
(ч ЬГ») ЬГ») ЬГо) (Гфй (-,«.>) 0,/») С,/*» Ь\ 549 (*> <ф) офо («х*э сОс^ о»>у с*Х*у с<*У^ ф Фæлæ куырдта, цæмæй йын æз зæгъон, Кæм у лæмæгъдæр фидæрттыл нæ уавæр, Кæм сын уыдзæни ’рбабырсын æнцон. Ныр бамбæрстат, æвæццæгæн, уæхæдæг, Мæ сигналæй кæй уыдзæни бæрæг Испайнæгтæн сымах къордыл сæ фæндаг. Карбон (гвардионтæм). Хъазуат æрцыд! Иууылдæр сыстынц. Шпагæтæ æмæ æргъæвджыты зæлланг: сæхи рæвдз кæнынц. Де Гиш. Сахат ма баззади рæстæг. Фыццаг гвардион. Иттæгхорз! Науæд фембылдтæн æз... Гъа-ма! Æрбадынц фæстæмæ æмæ та хъазынц. Де Гиш (Карбонæн). Изæрмæ не ’фсад искуыцæй зындзæн, Уæдмæ фыдгулты бауромат хъуамæ. Карбон. Цы мадзалæй? Цы тыхæй ис хæцæн? Де Гиш. Гаскойнæгтæ æдзух хæстмæ куы бæллынц; Табуафси, уыдзæн сын абон хæст. Ныр фендзыстæм, æнæмæтæй куыд мæлынц. Сирано. Ды афтæмæй дæ маст исыс æрмæст! Де Гиш. Ай-гъай, куы мын уаиккат ахæм Зынаргъ æмæ зæрдиаг адæм, уæд Æз ацы бар зынæй раттин сымахæн. Фæлæ уæддæр мæ маст дымды фæуæд, Хуыздæр цы уыдзæн Франц æмæ паддзахæн, Мæнæн гъеууыл уыд мæ мæт. Сымах та стут хъæбатыр, тынг тæрсут æгадæй Æмæ хæцдзыстут ацы бон хъазуатæй. Сирано. Рърфжф^жф^^жж%&ж^^ф?ф^фф^ж^о
550 (*>) <<ф) (-ф) (’М ьр>> ср>) оф) (-ф) (<•>) ф г«Х^ <^Я> С*Х«у с^ Ф:) <Ф:) «Фэ <•«) Æппæты номæй дын æз арфæтæ кæнын. Де Гиш. Уæ цин - сæдæйы ныхмæ иунæгæй хæцын, - Ныр нал зæгъдзыстут: фаг куыст нын нæ уыди! (Ацæуы сценæйы арфмæ Карбоиимæ.) Сирано (гвардионтæн). Куыд кæсын, афтæмæй нæ кады бон æрцыди! Гасконийы зæрин гербыл сæ фæд Ныууадздзысты нæ кад æмæ мæлæт. Де Гиш сабыр ныхас кæны Карбонимæ. Æфсæдтæ сæхи рæвдз кæнынц хæстмæ; лæвæрд цæуынц бардзырдтæ. Кристиан бады цавддурау, йæ къухтæ - дзуарæвæрд; Сирано йæм бацæуы. С и р а н о (йæ кьух ын йæ уæхскыл æрæвæры). Мæгуыр лæппу! Кристиан (катайæ). Роксанæ! Сирано. О, ыскæнæг! Кристиан. Уæд та нывыл куы зыдтаин фыссын, Уæд ын зæгъин мæ зæрдæйы æрхæндæг, Фæстаг фыстæг ын радзурид мæ зын! Сирано. Зыдтон, æрцæудзæн ацы бон нæ кæрон, Æмæ фыстæг æрцæттæ кодтон æз. (Сисы фыстæг йæ пæлæзы бынæй.) Кристиан. Уæдæ цæттæ у? Сирано. О. Дæ хъизæмæртты уæз Æвдисын уым. Кристиан. — — Æри йæ тагъд, - æрцæрон. Сирано. Дæ зæрды йæ кæсын и?
Ц/ <ф) (<•/*>) («/*> **Х'у «>Х6о ъФо «*Хъ <<*) Кристиан (фыстæг исгæйæ). Уæдæ куыд? (Кæсы, æваст æрлæууы.) Уæд ай цы уа? Цыма йыл дон æртагъд... Цы уыд? Сирано (фыстæграйсы, нщызонæгау). Æвæццæгæн, æркалди дон мæ сисæй... Кристиан. Æрхауди ам цæссыг. Сирано. Ис уый гæнæн. Дæ рисæй Мæхæдæг дæр фысгæ-фыссын рыстæн, - Поэты хъуыддаг афтæ у. Дæ хъыгтæ Цыма уыдысты уыцы сахат мæн, Æмæ куыдтон, æнæбары цæссыгтæ, Æвæццæгæн, ызгъæлдысты рæдау. Кристиан. Куыдтай, зæгъыс? Сирано. Сæттын ыл æз... Чызгау Куыдтон, мæ коммæ нал касти мæ зæрдæ. Уыныс... Мæлæт нæ тæрсын кæны мæн. Бæллын æм æз, уадз ахизæд мæ сæрты, Мæ удæн уый æнцойдзинад уыдзæн. Фæлæ тæссаг у иу хъуыддаг: мыййаг æй Æз... Кристиан æм æдзынæгæй нымдзаст. Сирано хъавы йæ ныхас раст кæнынмæ. Мах... (Иæхи тыххæйтыраст кæны.) Куынæуал фенай ды, - Æргæвды мæн-гъеуыцы хъуыды рагæй. Кристиан (фыстæг ынратоны йæ кьухæй). Æри-ма фыстæг, - фенын мæ фæнды... Дард ран, лагеры, змæлд æмæ хъæлæба.
552 с*о <<*№ ъы (’М (<фо ('Ф>) ('*&) (<ф) ('->) &) ф*> о/’у фз ф;> (*>°Э {(1^) <Ф$ Ф Хъахъхъæнæджы хъæлæс. Гъей, чи дæ уый? Гæрæхтæ, хъæлæстæ, мырмырæгты зæлланг. Карбон. Цы хабар у? Хъахъхъæнæг (кьуылдымæй). Къарет! Иууылдæр йæ размæ акæлынц. Хъæртæ. Цы у? - Цымæ, нæ хъахъхъæнæг цы федта? - Нæ лагермæ кæйдæр файтон фæзынд! - Тæхгæ ’ркодта? - Цæргæс у æви сынт? - Æрбаскъæры фыдгулты ’рдыгæй! -Марадз! - Цæвут сæ топпæй! - Ахæм рæдыд ма ’руадз! Кæсут, ыскъæры бæхтæрæг уæндон! - Цы ныхъхъæр кодта? - «Паддзахы файтон!» Де Гиш. Куыд? Къаролы файтон? Иууылдæр рæнхъæй алæууыдысты. Карбон. Уæ худтæ сисут! Де Гиш. Парижы уыд къарол... Цæмæн фæзынд ныр ам?.. Цы хабар уа?.. (Салдæттæн.) Уæхи дзæбæх æвдисут! Зæгъæм йæ бæрзонддзинадæн салам! Цъыф æмæ рыгæйдзаг къарет тагъд æрбамидæг æмæ æрлæууыд. Рудзгуытæ - æмбæрзт. Фæсте лæууынц дыууæ фæсдзæуины. К а р б о н (хьæр кæны). Рæнхъæй, æмраст! Æрцæгъдут тынг гуымсæгтæ! Цæгъдынц гуымсæгтæ; гвардионтæ иууылдæр систой сæ худтæ æмæ лæууынц, сæ сæртæ æруадзгæйæ. ооооооооооеосооососоеоооеооосс^ороооооо^^
ъьх»>+?**<*Ф\ *Х*и <Ф»ь/*ър»^ 553 Г*, г«/<>) Г*/*>) (.*/*>; С«>Х^ №у ("/«*; С«»У^ <<*> Де Гиш. Æруадзут тагъддæр къахæвæрæн, лæгтæ! Дыууæйæ базгъорынц къаретмæ; йæ дуар байгом вæййы. Р о к с а н æ (рагæпп кæны къаретæй). Салам, хæстонтæ! Сылгоймаджы хъæлæс куы фехъуыстой, уæд иууылдæр схæцыдысты сæ сæртыл. Æгуыппæг дис. Фæндзæм фæзынд У ы д о н æмæ Р о к с а н æ. Де Гиш. Куыд! Ды дæ? Роксанæ (худгæйæ). Æз дæн! Ау, уый æнхъæл нæ уыдыстут мæнæн? Де Гиш. Куыннæ, фæлæ къарол... Къарол... Роксанæ. Фæндонæй Цагъар кæмæн дæн, уый къарол у ’цæг. Йæ сыгъдæг ном та - Уарзондзинад, - зон æй! Кристиан (Роксаиæмæ йæхиæппаргæйæ). Дæу уынын æз! Ды мæм лæууыс хæстæг? Сирано. О, ме скæнæг! Роксанæ! Кристиан. Уый æнхъæл дæуæй Куыд уон... Роксанæ. Фæгæдзæ кæн, зæгъдзынæн дын æппæтдæр. Кристиан. Роксанæ, ды нæ фæтарстæ зынтæй! Бæлвырд дæ разы ницы у мæлæт дæр? оооооооорор^оеососос^оеоеос
С*> ’ «Ф’Э офц <*Х*> '<!*&> <'*&>> ’&Фэ '<'Ф* «*) Роксанæ. Уæ хæстæн нæй фæуæн æмæ кæрон. Парижы ’нкъардæй нал уыди мæ бон, Уыдзыстæм ныр фæрсæй-фæрстæм æдзухдæр. Де Гиш. Дæуæн, æхсинæг, ам баззайæн нæй! Р о к с а н æ (хъæлдзæгæй). Цы ма зæгъат уæздан æмæ рæсугъддæр! С и р а н о (нæ йæм кæсы, афтæмæй). Куыд хъусын æз йæ ныхæстæ фæрнæй! Йæхимæ та йын бакæсын нæ уæндын. Р о к с а н æ (Кристианæн). Ныр иумæ стæм. Æз амондыл æууæндын!.. Æввахс-ма мæм æрæвæрут гуымсæг. Гуымсæг æм баввахс кæнынц. Чызг æрбады. Ыстыр бузныг, гъай - паддзахы тæрхæг! (Худы.) Мæ балц романтикон уыд ардæм, - Мæныл нæмгуыты къæвда цыд. Æхстой мæ! (Сæрыстырæй.) О, æхстой!.. Фыдадæм. Мæ каретæ уæ зæрдæмæ фæцыд? Раст ахæмы цыд Золушкæ мæйдары, Куы-иу раздæхти хъазтизæрæй, уæд. Ысхай йын кодта уыцы хæзна зæд, Цынæ-иу фестад - алцыдæр йæ бар уыд. (Худы.) Фæлæ Аррас куыд дард разынд, куыд дард!.. (Кристианæн æрвиты уæлдæфон пъа.) Салам, мæ хур! (Иннæтæм кæсгæйæ.)
^ *Л <ад ^ *> ЙЛ ^ вЛ^А,. (*) («»Я>' с’.*/^ (,^4 Сф,) (.$=.) (.$<■,) (<$',/ '<») 555 Цы уыл æрцыд? - Сымахæн Уæ цæсгæмттæ - фæлмæст æмæ æнкъард. (Сиранойы фенгæйæ.) Кузен! Сирано (хьазæгау). Салам - мæ зæрдæйы паддзахæн! Фæлæуæддæр... Роксанæ. Куыд ыссардтон фæндаг? Цыдтæн, цыдтæн, нæ уæ ардтон фыццаг, Ыстæй уынын - хæстон нывтæ мæ разы: Мæрдтæ, цæфтæ, хъæрзын æмæ дзыназын! Уæ къаролæн кæд афтæ кусут, уæд Йæ разы у мæхи бардуаг - зæд! (Кристианæн.) Куыд уарзын дæу! Сирано. Æз уый æнхъæл нæ уыдтæн!.. Куыд æрбафтыдтæ лагермæ уæддæр? Роксанæ. Кæуылты - куыд? Ис иу фæндаг: æрцыдтæн Испайнаг лагерыл. Фыццаг гвардион (дискæнгæйæ). Ысгуыхт у уый, хъæбæр! Де Гиш. Куыд раирвæзтæ хъахъхъæнджыты рæзты? Ле-Бре. Æгæр диссаг у уый! Герой дæ ды нæ цæсты! Кристиан. Сæруæлдай ми! Дæу ахæм балц нæ хъуыд. Роксанæ. Нæ, бауырнæд уæ, - афтæ зын нæ уыд: Тæхгæ къаретмæ чи кодта æвналгæ? Фæлæ-иу искуы цавæрдæр идальго Бæгуылæгау куы баурæдта мæн, сороооросоросæ. оросооороеоо_оророооросососоророро
556 (*>) <<*№> (М (’фЬ (<ф* (’ф) Оф) (<М г'>) ф <ф*> (ф>) (;$<>) №> (<*/*> (<ф.) «ф>> (**) Уæд-иу æм хъазгæ бахудтæн фæлмæн, Æмæ-иу уæд сæрибар уыд мæ фæндаг. Карбон. Испайнаджы дæ басæттын куы фæнда, Уæд æм рæсугъд чызг бахудæд æрмæст, Æмæ уыдзæн дæ алы фæнд æххæст. Фæлæ уæддæр дæу фарстаиккой: гъа-ма, Кæдæм цæуыс, цæмæн? Роксанæ. Куыннæ мæ фарстой хъуамæ!.. Лæвæрдтон дзуапп: «Мæ уарзонмæ цæуын». Испайнагæн та ахæм ныхас ронг у! Уæд-иу идальго нал уыди тызмæг, Æрбахгæдта-иу къареты дуар рогæй, Йæ сæрæй-иу мын акуывта ныллæг, Цыма мæнæн фæстаг салам æрвиты, Ыстæй-иу загъта: «Амондимæ цæр! Дæ фæндаг - уæгъд. Фæндараст, синьоритæ!» Кристиан. Ды афтæ-иу цæмæн дзырдтай уæддæр, Зæгъгæ... Р о к с а н æ (йæ ныхас ын аскъæфы). Мæ уарзонмæ кæй цæуын? - Барæй, Куы загътаин, мæ лæгмæ цæуын, уæд Уыдаиккой мæ фæндæгтæ æхгæд! Кристиан. Уæддæр... Роксанæ. Цы кæсут онгмард æмæ тарæй? Де Гиш. Фæстæмæ хъуамæ ацæуай. Роксанæ. Зæгъут, Æгъдау у уый? Уæ уазæджы тæрут? Сирано. 0,о!
Г’у ?ф) сфл $ф <*/*•> ЬГ*Ь <'ф; ЬГ<» Ь) 557 (^ <■«/«>) г<»/«>) с«*/*>) сч*л> ^/«у С'*/«у С<*/^ с<*> Ле-Бре. Æвæстиатæй! Кристиан. Дæу ацæуын хъæудзæни. Роксанæ. Уынын, уæ цæсгом ахæм ми хъæцдзæни! Кристиан. Дæу сургæйæ дæу ирвæзын кæнæм. (Æрхæцгæйæ.) Æмбарыс... С и р а н о (уый дæр афтæ). Ам сахаты фæстæ... Де Гиш. Раздæр... Карбон. Хуыздæр уаид... Уысмæй-уысммæ кæсæм. Сирано. Хæстæг ысты нæ хæцæнтæ... Æдасдæр... Роксанæ. Ам хæст уыдзæн? Ам баззайдзынæн æз. Иууылдæр. Нæ, нæ! Роксанæ. Мæ хур! (Иæхи баппары Кристианы хъæбысмæ.) Дæуимæ амæлын - мæ хæс. Кристиан. Цыма дæ цæстытæ æндæрхуызон уыдысты. Роксанæ. Ныр дын сæхæдæг алцыдæр зæгъдзысты. Де Гиш (тыхстæй). Тæссаг бынат у ам! Роксанæ. Тæссаг бынат? Æцæг?
558 Г*>) '<*Х>') (<*Х& (<фЬ (<ф>) (<ф>) ('*{<>) (<ф) г<9) (го) г*Х^ фэ с*ХЬ о*#?> №> ^ г'*/9 Ф Сирано. Æцæг. Де Гиш æй равзæрста! Æвæдза, Нæ нын бакодта ахæм хай хæлæг. Роксанæ. А-гъа! Цæмæй æз баззайон идæдзæй, Дæу уый фæндыд? Де Гиш. Дæуæн æз ард хæрын... Роксанæ. Хæрздзæгъæлы. Уый афтæ уыд, зæгъын! Уæлдай мын нæу. Æз никуы уыдтæн хæсты. Куыд хъæлдзæг уыдзæн! Афтæ нæу, мæ хæстæг? Сирано. г±æ... нæ... Роксанæ. Быцæуæн ныр æгъгъæд фæуæд! Мæн топпыхосы карз фæздæг куыд хъуыди! Уæ лагер тынг мæ зæрдæмæ фæцыди, (Кристианæн.) Æмæ лæууын æз демæ ам! Кристиан. Мæ зæд! Сирано. Хæстон фестади буцхаст чызг мæ разы? Роксанæ. Мосье де Бержерак! Мах иу тугæй куы стæм. Фыццаг гвардион. Дæ фидар - мах риу! Дыккаг гвардион. Немæ дын цы тас у? Р о к с а н æ (цырындæр кæны). Уырны мæ уый, - лæгдзинад нæу ыстæм. Æртыккаг гвардион (уæлмонцæй). Нæ лагер духийы тæф байдыдта, æмбарыс? Роксанæ. Цы хорз у - хæсты сфидаудзæн мæ дарæс. (Де Гигимæ кæсгæйæ.) р^ффЖф^^^Ж^ЖЖ-ЖЖЖ^Ж^фф-^ФЖЦ
(<у л«/*) г*/«>) г«»/*) Р^ («яХ^ С"/«у (<*/^ С<*> Ныр ма нæ граф куы ныууадзид æххæст. Кæннод ныртæккæ стынг уыдзæни хæст, Æмæ йæм уый нæ фæкæсдзæни хъазын. Де Гиш. Уæллæй, мæнмæ дзæгъæлы хæссыс азым, Дæ сусæг уайдзæф - дау æмæ хæрам, Æмæ йæ æз мæ зæрдæмæ нæ хæссын. Ныр уал цæуон, нæ хотыхтæм æркæсон, Фæлæ уыдзынæн ацы сахат ам. О, курын - ацу! Сармадзантæ ниугæ Рæхджы нæрдзысты... Роксанæ. Уый нæ уыдзæн! Никуы! Д е Г и ш ацæуы. Æхсæзæм фæзынд Уыдон, деГишæй фæстæмæ. Кристиан (лæгъстæгæнæгау). Роксанæ!.. Роксанæ. О, уæддæр мæ сурыс? Хорз! Кристиан. Мæ коммæ бакæс, курын дæ!.. Тæссагу... Роксанæ. Уым демæ уæвын - амондæн йæ хос. Фыццаг гвардион (иннæмæн). Кæс-ма-иу, баззайдзæн! Иууылдæр (сæхирæвдз æмæ аив кæнынмæ фесты). Гъеуый хъуыддаг у! - Æри-ма сапон! - Дон кæм вæййы, дон? - Кæсæн дæм нæй? - Хæсгард æмæ сæрвасæн! - Мæ дыс ыскъуыд! - Æфстау мын ратт хæдон! - Хъæуы мæ судзин! - Авæр мын сæрдасæн! сосооооооооооооорооооооор^ооооооооооооосоооооо^
560 («>) см <<,т <•*&> <<*р» <'Ф>) <<»$>) <<ф) ь,\ Су (">Х!у <?*Х^ <*Х*> счХ^ <*У9 "з/^ *!Ху <ч) Р о к с а н æ (Сиранойæн лæгъстæ кæны). Зæгъын ма дын: æз хъуамæ фенон хæст! Карбон (иннæтау йæ рыг ацагъта, йæхи æрбалвæста, йæ шляпæ асыгъдæг кодта, йæ сис ын адзæбæхтæ кодта, манжеттæ æруагъта, æрбаввахс Роксанæмæ æмæ дзуры уæзданæй). Æхсин! Ныххатыр кæн æрмæст... Æрхаста ардæм дæу нæ амонды ыстъалы: Уæззау хæст фидæрттæ кæм халы, Гъеуым дæ разы амæлын уыдзæн Ыстыр кад ацы намысджын уæздæттæн; Ратт уымæ гæсгæ бар мæнæн, Цæмæй дзы бирæтæн сæ нæмттæ Ды зонай рагацау, уæд сын Уыдзæни уый хæрзиуæгæй зынаргъдæр. Дæттыс мын бар? Р о к с а н æ (акувы сæрæй). Нæй уый тыххæй ныхас дæр. (Æнхъæлмæ кæсы, Кристианы къухыл хæцгæйæ.) Дæ хæлæрттæм æфсымæртау кæсын. Карбон. Сæ хистæры уал базон уæдæ раздæр: Барон д’ Антиниак Жюзе, хæстон... Фыццаг гвардион (сæрæйакувгæйæ). Æхсызгон мын у тынг. К а р б о н (нымайы дарддæр). Барон де Кастерак де Каюзак. Барон Де Пейреску де Уолиньяк. Барон Мальгур д’ Эскарабьо Леба де Салешон. Роксанæ. Уый цал номы ис иу лæгæн, барон? (Худы.) Фыццаг гвардион. Нæй уыдонæн кæрон! Фæлæ сты се ’ппæт дæр уæздан æмæ нæртон.
&+ьх* ь/ь «х*^*Х*^у* ь&^&^ 561 (*>) («*/*)ч <<*/*>) («/V С«*Х<У "(’О^ "е*Х*> С'*Х^ <<*> Карбон (Роксанæйæн). Ныр ма дæ иу хæрзиуæг курын: Дæ галиу къух-ма байгом кæн мæ цуры... Роксанæ (дисхуызæй). Цæмæн? (Йæ кьух байгом кæны, æрхауы къухмæрзæн, иууылдæр æм фæрæвдз вæййынц сисынмæ.) К а р б о н (кьухмæрзæн исгæйæ). Нæ, нæ, хæлæрттæ, - уыцы бар мæн хъуыд! Мæ къорд нырмæ æнæ тырыса уыд, Ныр уый уыдзæн нæ тырыса æдзухдæр. Æмæ нæ лагеры нæ разындзæн рæсугъддæр. Р о к с а н æ (мидбылты худгæйæ). Гыццыл у. К ар б о н (къухмæрзæн бæтты капитаны арцыл). Уыйхыгъд - диссаджы хызбыд! Фыццаг гвардион (иннæтæн). Мæлæт йæ разы хъæлдзæгæй ыссарин, Фыццаг уал аходæн куы скæнин, уæд! Карбон. Цы загътай, цы?! Нæ, гвардион хъайтарæн Хæрыныл сагъæс худинаг фæуæд! Сылгоймаджы цур аходæн кæй хъæуы? Роксанæ. Цæмæн зæгъыс! Сæууон уæлдæфы ’рцæуы Лæгмæ зæрдиагæй хæрын. Æцæг, æцæг! Æххормагæй мæлын! Цæхджын физонæг, сæн æмæ паштетæй Цы ссарат, уыдон рахæссут мæнæн. Иууылдæр фергъуыйау сты. Фыццаг гвардион. Офф, офф! Паштет... Цæхджын физонæг... сæн! Дыккаг гвардион. Кæцæй сæ ’рхæссæм? Роксанæ. А чызджы къаретæй! 36
562 г«'> <<ф* <да (ф> (гФ>> <гФ* ('Ф> <'*№ ч (*> г.^ с-./^ ьХ^) №> счУ*> л*/^ *./*> с*) Иууылдæр. О не скæнæг! Роксанæ. Хæссут сæ ардæм тагъддæр! Цæмæ кæсут? Мæ бæхтæрæг мæнæн Амалджын уэ æрхъуыдыджын, сæрæн; Минутмæ уый æрлыстæг кæндзæн агъд дæр, Æвиппайды уын арæвдз кæндзæн куывд... Кæсут-ма йæм, куыд хъæлдзæг худы, куыд! Гвардионтæ (бæхтæрæджы базыдтой). Рагно у уый! Рагно! Æгас цæуай, нæ дарæг! Р о к с а н æ (кæсы сæм). Мæгуыр сæ бон! Сæ уд сыдæй ыснарæг. С и р а н о (чызджы къухæн пъа кæнгæйæ). О, бар мын ратт, цæмæй дæ схонон зæд. Ды бакодтай алæмæт хъуыддаг абон, - Ныр афтæ тæссаг нал уыдзæн мæлæт. Р а г н о (рæтæнæгъдтыл сæрыстырæй лæугæйæ). Салам уын, уæздæттæ! Иумæйаг цин. Гвардионтæ. Виват! Виват, нæ амонд! Рагно. Фæндагыл ме ’хсин зонд æмæ уындæй Куы зилын кодта спайнæгтæн сæ сæртæ, Уæд-иу æз та мæ хæлæрттæн тыхтæй Æдасæй ластон сихорæн цыдæртæ! Къухæмдзæгъд. С и р а н о (сабыр, Кристианæн). Гым... Кристиан!.. Р а г н о (дарддæр дзуры). Фырнымд ысты тыхджын, Æмæ нæ федтой уый тыххæй... (Райсы тæбæгъ.) Фыдджын! Къухæмдзæгъд.
оо^^^о) ^./*> ь/*>^/*^>^> 563 Оь> Ы&У «/«>)' «*&/ <М»Х^ ^С’О^ '(!*У*1) <</<") «*> Фыццаг гвардион. Йæ уындæй не ’фсæды мæ цæст! Тæбæгъ цæуы къухæй къухмæ. С и р а н о (сабыр, Кристианæн). Æрдхорд, дыууæ ныхасы ’рмæст! Рагно. Йæ фидауцæй æрдхæрæны Кипридæ Ыспайнæгтæн кæлæнгæнæг куы уыд, Æнцонæй уæд æмбæхста Артемидæ Йæ лæвар! (Раласы æндæр хæринаг.) Айсут, мæнæ уын - сæгуыт! Иумæйаг цин. Хæринаг айсынц бирæ къухтæ. Сирано (сабыр). Дыууæ ныхасы!.. Кристиан!.. Р о к с а н æ (гвардионтæн, -уыдон хæссынц хæринæгтæ). О, курын æз, Хæссут сæ ардæм. (Кæрдæгыл фынг аразы.) Æххуыс ын кæнынц, къаретæй чи рахызт, уыцы дыууæ лæггадгæнæджы. (Кристианæн. Сирано йæ акæнынмæ куыд хъавыд, афтæ.) Истæмæ фæкæс!.. Кристиан æххуыс кæны Роксанæйæн. Сирано скатай ис, къухтæй йæм амоны. Рагно (иугвардионмæ). Уый - цурыд зым! Гъеуый та дын фых гогыз! Бæлвырд, Рагно цы лæг у, уый нæ зоныс? (Исы æмæ исы.) — Фыццаг гвардион (стырхайрайсы, афтæмæй). Цы у мæлæт? Уый нал æндавы мæн! Мах а дунейæ ацæуын хъæудзæни,
564 г«>) <<*х® «’Х^ (г*х^ ('»р'> (г>р}> (г»№ оФ> с'>) Оо) (г^х-у <>*х^ с*>Я; сда сч/у се/Ь */о> <:•*; Фæлæ уал раздæр ацы ран нæрдзæни Ыстыр кейф-хъазт! (Роксанæмæ фæкомкоммæ семæ фефсæрмы.) Уый... Валтасары куывд уыдзæн!.. Р а г н о (къаретæй базтсе æппаргæйæ). Хæргæут, - базтæ дзаг ысты уæрццытæй!.. Хъæлæба. Базтæ скъуынынц. Цин. Худт. Фыццаг гвардион. Бæркады зæд, кæй хуызы нæм æрцыдтæ! Р а г н о (æвгтæ дæтгæйæ). Хæссут, - сæнтæ уын! Гвардионтæ. Сæн!.. Р о к с а н æ (стъолæмбæрзæн Сираномæ æппаргæйæ). Гъей, райхал уый! Цы ныджджих дæ æнкъардæй? Уынын мæ удхæссæг уæнгмардæй! Р а г н о (къареты цырагъ тилгæйæ). Кæсут-ма, ацы цырæгътæ мæнæн Æвæрæнтæ сты, - седзаг ысты хасæй!.. С и р а н о (сабырæй Кристианæн, æмбæрзæн таугæйæ). Хъæуы мæ демæ аныхас кæнын. Р а г н о (æгæр цинæй). Уынут! Мæ ехсы хъæд - къалбасæй! Р о к с а н æ (сæн агуывзæты уадзы æмæ сæ дæтты). Кæд нæ хъæуы фæстаг хæсты мæлын, Уæд ницы ис гаскойнæгтæн æвгъауаг! Цы фæци граф, - нæ цæстысындз, нæ фауæг? Куы фæзына, мæ хæлæрттæ, уæд æй Нæ хъæуы хонын, - атъæпп уæд мæстæй! (Иуæй иннæмæ цæуы, нуазæнтæ дæтгæйæ.) Зыд ма кæнут! Сымахæн сæ æрхаста... Сæн аназут... О, ис ма нын рæстæг! Цæуыл кæут? Уæ зæрдæты цы маст и? 090909090^9090909^909290909^9^9090909090^90909
(<у <<й/Ь) (»/«,) (<ф>) <ф>} («ОГ^ (ф>) <<>/**) <«) Фыццаг гвардион. Уый цард у, цард! Фырцинæй кæуы лæг. Роксанæ. Уæдæ ныууадзут, курын æз, уæ кæуын, Кæннод цæуын... Уæд нал федтат сырх сæн!.. Гъей, капитанæн - дзул!.. Дæу та цы хъæуы?.. Шампайнаг? - Хорз. Цы авæрон дæуæн? Зымы базыг?.. Дæ хорзæхæй... Æндæр ма?.. (Худы.) Табуафси, ам не ’мбæлы æфсæрмы. С и р а н о (чызгæн æххуыс кæны, афтæмæй). Куыд рæсугъд у, о ме скæнæг хуыцау! Р о к с а н æ (Кристианмæ бацæуы). Дæуæн та? Кристиан. Ницы. Роксанæ. Нæ, мæ хур! Фæлтау Сæн аназ! Афтæ, гъе! Гуыл дын хæрзфыхæй... Кристиан (хъавы йææруромынмæ). Зæгъай мын хъуамæ ды: цæй тыххæй... Роксанæ. Фæлæуу, æз адон бафсадон, ыстæй Дæуæн зæгъдзынæн алцыдæр... (Иу гвардионæн.) Уæууæй, Дæ разы уый куы ницы ис æппындæр!.. Л е - Б р е (дард ацыд, цæмæй арцы фындзыл кондæйхъалагъурæн радта дзулы карст). Де Гиш æрбацæуы! Сирано. Уæд амбæхсут уæ хуынтæ.— (Рагномæ.) Фæстæмæ схиз дæ бынатмæ цæрдæг! Уæхи-иу афтæ дарут,
566 ^^^^ч^^ч^ч^^ Ссу оф*> фз ф:> Ф:> Ф:) Фэ <«/*> С-1) Цыма ам ницы уыд. Фæтæг Куыд ницы банхъæла! Æмбарут? Цæстыфæныкъуылдмæ хæринæгтæ аскъæфтой цатыртæм, æрæмбæрзтой сæ пæлæзтæ æмæ шляпæтæй. Д е Г и ш æрбацæуы тагъд, æрлæууы, уæлдæф арф сулæфы. Паузæ. Æвдæм фæзынд У ы д о н æмæ д е Г и ш. Де Гиш. Уый циу? Цыдæр дзæбæх тæф мыл цæуы! Фыццаг гвардион (зары фæзмæгау). То-ло-ло-ло!.. Де Гиш (йæразы æрлæугæйæ). Цы дыл æрцыд, куыд сырх дæ уый? Фыццаг гвардион (сæрыстырæй). Мæ туг фыцы хæстмондаг æмæ ’хсарæй! Дыккаг гвардион (зары). Пум-пум-пум-пум!.. Д е Г и ш (раздæхы йæм). Уый циу? Дыккаг гвардион. Куы ницы, афтæ, - зарæг! Де Гиш. Ды дæр сырх дæ цывзыйау! Стæй цыдæр Æнахуыр хъæлдзæг!.. Дыккаг гвардион. Афтæ, цард мæнгард у! Æмæ ыссыгъд мæ зæрдæйы цæхæр! Д е Г и ш (Карбонмæ æрбасидгæйæ). Æрбаздæхтæн, цæмæй зæгъон... (Иæ ныхас аскъуыд дисæй.) Цымады дæр... К а р б о н (авг йæ фæстæ сембсехсы, æрхæцгæйæ). О... æз...
(*» Сф) С?ф (7-ф (Тф (,фь (,ф» (?ф} Ь} 5С О^ <1йр>) ьф>) («/*>) (мХ’у (чХ^ («»/<•> (<*Х^ <Ч> Де Гиш (иуварсмæ). Цъæх расыгау... Йæ цæсгом судзы арты. (Карбонæн.) Цы сармадзан ныууагътон ам ызнон, Уый раласдзыстут (Къухæй амоны.) Къуылдыммæ хæстæгдæр. Уыдзæнис дзы пайда кæнын уæ бон. Фыццаг гвардион (цудтытæгæнгæйæ). Ыстыр бузныг! Рæдау лæвар, нæртон! Дыккаг гвардион (деГишæн, бузныгæйхудæгау). Дæ лæвар, граф... Æртыккаг гвардион (уый дæр афтæ). Уæздан ми у, æцæгдæр! Цыппæрæм гвардион (уый дæр афтæ). Йæ цинæй разылди нæ сæр! Де Гиш (иуеарсмæ). Сæ зонд фæцыди! (Хъæрæй.) Хъусут мæм: фæлтæрд Нæма стут сармадзантыл. Уыдон Цæвынц фæстæмæ, - уымæй-иу тæрсут... Фыццаг гвардион. Нæ уыдзæн! Ды кæй æнхъæлыс тæппуд? Дæ уынаффæ - æлгъаг æмæ дывыдон! Д е Г и ш (бакъахдзæф æм кæны, мæстыйæ). Цы бауæндыдтæ уый?.. Фыццаг гвардион. Уый фидарæй зæгъын. Гаскойнагыл нæ фидауы тæрсын, Уый сахуыр и уæлахизтыл æвзонгæй! Д е Г и ш (йæ цонгыл ын фæхæцыд, тилы йæ). Ды расыг дæ? Ай-гъай! Фæлæ цæмæй?
568 (*) <<>№ <<*№ Г-»Х*') М») Сь&>) (<ф) <<ф) Сг,\ Су «да с^ с*х^ ад с*/*?; С'»/^ л*Х*> <?) Фыццаг гвардион (хъалхуызæй). Куыд цæмæй? Топпыхосмæ басмыстон... Уæллæй, Фыдбылыздæр у уыцы артаг ронгæй. Д е Г и ш (фæджих, асхуыста йæ. Бацæуы Роксанæмæ). Цы сфæнд кодтай? Роксанæ. Мæ хæлæрттæ сты уыдон. Æз Уыдзынæн ам. Ды сæ мæлæтмæ ’рвитыс. Фæлæ хъæбатыртимæ баззайын - мæ хæс. Де Гиш. Æз курын, аздæх! Роксанæ. Нагъ. Де Гиш. Дæ дзуаппæн йæ мидис Бæлвырд зоныс? Роксанæ. Мæнмæ æндæр дзуапп нæй. Де Гиш. Мушкет мын - тагъд! Карбон. Цæмæн? Де Гиш. Уыдзынæн уемæ хæсты. Сирано. Дæхи æвдисыс ацы хатт лæгæй! Фыццаг гвардион. Хызтæ æмæ алдымбыдты фæлыстæй Гаскойнаг ысси? Уый дын лæг! Цæргæс!.. Цæй, хорз æй фенæм сæн æмæ æмыстæй. (Сисы хæринæгтсе.) Д е Г и ш (сæрыстырæй, йе стонг æмбæхсгæйæ). Хатыр! Уæлдæйттæ никуы хордтон æз. Æххормагæй хæцдзынæн абон хæсты! Фыццаг гвардион. Хъæбатыр у!
Г’у ?ф <'ф) ЬГо) СфЬ <*,/*>) ('ф>; Ъу»> Ь> (^ г«/<у **/*> («*/«>> с*Х*у «»Х«у С'»/«^ С<*Х^ **> 569 Дыккаг гвардион (разыйæ). Сæрыстыр у! Æртыккаг гвардион. Нæ бæстаг! (Гвардионтæ кафынц.) К а р б о н (чысыл раздæр кьуылдымы аууон фæци, ныр фæзынд тигьыл). Цæттæ у æфсад! Уый хæстæввонгæй лæууы! (Амоны æрцытæм, -уыдон зынынц фсескьуылдымæй.) Д е Г и ш (Роксанæйæн, сæрæй акувгæйæ). Сæ зæрдæтæ сын хæсты размæ срухс кæ, - Дзæбæх фæлгаст сын саразын хъæуы... (Иæ кьух æм дæтты.) Роксанæ. Цæттæ дæн æз. (Схизы тигьмæ.) Æрцытæ иууылдæр æркъул вæййынц йæ разы салам дæттыны охыл. Хъæлдзæг хъæртæ. Уый сын сæрæй акувы. Салдæттæ. Виват! Кристиан (Сираномæ бацæугæйæ). Уый мах нæ кæндзæн хъусгæ. Цы зæгъинаг дæ? Тагъддæр кæн! Сирано. Уæдæ æз демæ дзурдзынæн æргомæй. Дæ фыстæджытæ... Уый дæ уыдонæй фæрсдзæн. Уæд ма дис кæн... Кристиан. Цæуыл? Сирано. Цæуыл? Дæ номæй... Нæ, мадис кæн... Кристиан. Цы хабар у - зæгъ æй. 09090909090909090909090909090^0200909090909^009
570 (*д <<*Ю Ы*д <***•) 6>У*»; <*Г«0 (^Лд №.) *,) ф г.*Х^ сг^ №') СЧЛ^ ^*/^> №> «!!Х*> (•*) Сирано. Куы йæ федтон, уæд бамбæрстон... Ныббар мын... Нæ, ма дис кæн... Цы йæ ’мбæхсон дæуæй... Кристиан. Цы у? Зæгъ мын æй! Ницы дын æмбарын. Сирано. Ды цас куырдтай, æз уымæй арæхдæр фыстон. Кристиан. Цы? Сирано. О... Фыстон æм ме ’рдхорды æвастæй... Кристиан. Куыд баци уый дæ бон? Ыстæй сæ арæнтыл куыд хастай? Ызнаг дæ фехстаид, - уый зон! Дæхи цæуыл бын кодтай барæй? Сирано. Хъуызыдтæн се ’хсæнты сæударæй. Кристиан. Къуыри йæм цал фыстай уæддæр? Дыууæ? Æртæ? Цыппар? Сирано. Фылдæр. Кристиан. Куыд? Уанцон нæу! Æрвылбон æм æрвыстай? Сирано. Нæ, бон дыууæ хатты. Кристиан. Æнæсæрфат! Æлгъыстау, Цымæ, дæ цард цæуыл кодтай уæлдай? (Дæрзæгæй.) А, бамбæрстон дæ ныр! Ай-гъай, Ныр зонын алцыдæр, мæ лымæн! С и р а н о (Роксанæ æрбацæуы, уый уыигæйæ). Æрбацæуы! О, мацы-иу зæгъ уымæн! (Тагъд бацæуы цашырмæ.)
(^ <<ф оф$ (>фо (Фо (Ф<) (<фу (ф^ (<>) Æстæм фæзынд Роксанæ, Кристиан; дæрдцзæф гварднонтæ сæхи рæвдзытæ кæнынц. К а р б о н æмæ д е Г и ш дæттынц бардзырдтæ. Р о к с а н æ (базгъоры Кристианмæ). Мæ зынаргъ! Ныр æз иууылдæр дæу дæн! Кристиан (йсе къухыл ын æрхæцыд). Фæлæ мын зæгъ, уæддæр, мæ хур, цæмæн, Цæмæн цыдтæ тæссаг фæндагыл ардæм? Роксанæ. Дæ фыстæджыты федтон æз дæ уарзт. Цы хорз фыссыс! Дæ зæрдæйы хæлар дæм Сæ фæдыл тахт - мæлæтæй дæр нæ тарст! Кристиан. Мæ фыстæджытæ?.. Роксанæ. О, мæ хур; ныббар мын, - Æрхаста ардæм уыдоны тых мæн. Уый диссаг у, мæхæдæг æй æмбарын... Фæлæ нæ аххос иумæйаг уыдзæн! Цæмæн сæ фыстай? Скодтай мæ дывыдон, Æнæ дæу цæрын нал уыди мæ бон, Уыдысты бонæй-бон æнкъарддæр уыдон, Мæ зæрдæ сыгъд, æз сæрра дæн бынтон, Мæ бæллицты-иу агуырдтон мæ хуры, Æмæ уыныс, - æз февзæрдтæн дæ цуры!.. Кристиан. Дзæнгæда æмæ ницæйаг дзырдтæ! - Ды та сæ фæстæ дард балцы цыдтæ... Æз не ’мбарын... Роксанæ. Дæ зæрдæйы ныхæстæ Цæмæн ысхуыдтай ницæйаг мæстæй? Мæ цæстырухс! Ау, ферох ис дæуæй Мæйрухс æхсæв? Куыд рæсугъд уыди бæстæ! ооеоооооеооосоеоооеое<^оеооососоросоо
Сæ хæрздæф уагътой дидинæг бæлæстæ. Дæ ныхæстæм нæ рудзынджы раз уæд Зæрдæрайгæйæ хъуыстон æз лæмбынæг... О, уыцы ’хсæв! Уыд дун-дуне дзæнæт, Йæ рухсæн нæй мæ бæллицты æрмынæг! Уыди дæ ныхас мæйрухсау фæлмæн, Æмæ дзы уарзтау байдзаг и мæ зæрдæ, Ныр дæр æхсæв фæхъусын æз йæ зæлтæ, Кæнынц мын уыдон амондау кæлæн. Кæм и æнцой? Æнæхай дзы фæдæн! Фæлæ ма ныр дæ фыстытæ куы кастæн, Уæд-иу мæ зæрдыл уыцы ’хсæв лæууыд, Æмæ-иу радтон зонды бартæ уарзтæн. Æз нал фæрæзтон... Хъусын мæ фæндыд Дæ ныхæстæм æдзух, æхсæвæй-бонæй. Уырнæд дæ, Пенелопæмæ йæ лæг Куы ныффыстаид афтæ хорз фыстæг, Уæд зондджын ус ныууагътаид æнцонæй Йæ хъарм хæдзар, йæ уафинаг, йæ тын, - Уый байдыдтаид дард балцы фæндонæй Йæ зынаргъ Одиссеимæ хæтын... Рæвдау мæ, кæннод нал уыдзæни фадат!.. Кристиан Уæддæр... Роксанæ. Æз уыдон цас уарзтон кæсын! Зынаргъ рæнхъытæн кодтон арæх батæ, Кæрæдзийæ уыдыстæм дард, Фæлæ уæддæр мæ зæрдæ демæ цард. Уыд алы рæнхъ дæ зæрдæйы ыстьæлфæн, Æмæ сæ зонын дамгъæйæ ыстьæлфмæ. О, цас и уыдоны дæ зæрдæйы цæхæр, - Тыхджын, зæрдæбын... Кристиан. Афтæ ’ргомæй разынд? оооооососоеосососс^орормосрросососс^ррзророрзрз
Роксанæ. Бæгуыдæр! Кристиан. Æмæ ды... Роксанæ. О, æз мæ сæр Хатыр кургæ æркъул кæнон дæ разы. Табу кæнын дæ курдиатæн ныр Æмæ дæ курын зонгуытыл - хатыр! Кристиан. Цæмæн? Цæй тыххæй? Роксанæ. Чи зоны ’мæ сонтæй Нæ удтæ абон ахæсса мæлæт, - Ныббар мын, курын, ацы сахат уæд, Мæ зынаргъ, дæу кæй бауарзтон рæузондæй Æрмæст уынды тыххæй фыццаг. Кристиан (тарстхуызæй). Роксанæ!.. Охх!.. Дæ ныхæстæ - тæссаг... Роксанæ. Ыстæй чысылгай байдыдтон æмбарын, Кæй ис дæумæ æндæр фидауц - бæрзонд, Уæларвон тых æрдзы скондæй лæварæн, - Æз федтон уæд дæ курдиат, дæ зонд. Кристиан. Ныр та? Роксанæ. Ныр та ды ноджыдæр хуыздæр дæ! Мæнæн уындæй зынаргъдæр у дæ зæрдæ! Кристиан. О ме скæнæг!.. Роксанæ. Мæ уарзт^тыхджын, æрдаг! Ыскæндзæн нын уый амондмæ фæндаг. Уынын дæ ныр æрвон фидыцы ’рттивгæ. Нæ кæны уый æнусты дæргъы ивгæ;
574 (<>) <чУ(>) ЬКЬ (^У^) (<Л<» (',{*>) М«>) ('*{*>) 0,) (Л) 0*Х*у <*Х^ (&<2) №; (*У>>) (ф>) (<ф$ («*) Фæкодтон æз зæххон монцтæ дæлдон, Лыстæг мондæгтæ айсæфтысты, - уарзын, Æмæ мын цард бæллиццаг у, æнцон! Кристиан. О стыр хуыцау!.. Дæ рæстдзинад цæй карз у!.. Роксанæ. Ды ахæм уарзтыл не ’ууæндыс, мæ хур? Ныууадз гуырысхо, сагъæстæ фæсур. Кристиан. Роксанæ!.. Роксанæ. О, нæ дæ уырны, бæрæг у. Æнахуыр уарзт у уый, фæлæ æцæг у. Кристиан. Мæн ахæм уарзт цæмæн хъæуы, цæмæн?! Дæ фыццаг уарзт зынаргъдæр уыд мæнæн! Роксанæ. Ды раст нæ дæ! Цæмæй зынаргъ у уарди? Йæ хуызæй нæ, йæ хæрздæф у йæ кад. Мæнæн мæ риуы ахæм уарзт æрцарди, Æмæ йæм нæу зæххон амонд нымад. Æз уарзин дæу мæгуыр æмæ æфхæрдæй, Ыстæй... Кристиан. Ныууадз! Роксанæ. Нæ аивин мæ зæрдæ, Кæлæнгæнæджы сау хинтæй æгæр Дæ рæсугъд хуыз куы баруаид, уæддæр! Кристиан. Ныууадз! Роксанæ. Цæмæн? Нæ дæ ’мбарын æппындæр.... Кристиан. Ау, æз куы уаин хæйрæгæй фыдуынддæр, Уæддæр мæ уарзис? Р0Р^эсэооес^9р9есх?эсоеэезр9Р0Р^эророоэеэрдрэрр
Г^ гс«>; (ф>) (Фо (ф0 (<ф0 еф.; фь) <<>) Роксанæ. Уарзин дæ! Кристиан. Æцæг? Роксанæ. Хæрын дын ард! О, сонт вæййы фæрсæг, Фæлæ-ма зæгъ: ды амондджын дæ? Уарзтæй Улæфыс афтæ арф æви фыдмастæй?.. Цы кæныс? И? Кристиан (аивæй йæ иуварскæны.) Цыдæр зæгъинаг дын уыдтæн... Роксанæ. Цы уыди? Кристиан. Афтæ, ницæйаг цыдæртæ. (Амоны йын гвардионты къордмæ). Чысыл сæм бакæс, - амонд сын уыдзæн. Кæннод, мыййаг, фæхуддзæни сæ зæрдæ. Рæхджы сыл ам æрныгуылдзæн сæ хур. Сæ цуры алæуу, хъазгæ сæм ысдзур, - Дæ бахудт сын фæстаг амонд æрхæсдзæн, Æмæ сыл ногæй царды хур ыскæсдзæн. Роксанæ (фæзæрдæхæлд). Мæ зынаргъ! Мæнæ рухс дзуар æртахт! (Ацæуы гаскойнæгтæм. Уыдон ыл аргъуыцгæнгæ æртымбыл вæййынц.) Фарæстæм фæзынд Кристиан, Сирано, дарддæр Роксанæ,гвардионтæ æмæ К а р б о н. Кристиан (цатырыраз, Сираномæ). Эй, Сирано! Цы фæдæ? Ардæм - тагъд! С и р а н о (рацæуы, хæстон арæзтæй). Цæй фæлурс дæ?!
576 а>) ьт адо <<*&> (<*&» Ыь>) ('ф>) ы*>> о9\ (л) с«*л*^ ф’? еуГ’з» (*Уъ С'*/^ се/у лда а*) Кристиан. Нæ уарзы мæн! Йæ сæнтты Æрмæст ды дæ! Сирано. Æрсабыр у! Цы ’рцыд?.. Кристиан. Йæ уарзт æрмæст мæ зондимæ нывæнды. Сирано. Нæ! Нæ! Кристиан. Æрмæст уый зондæн кæны цыт, - Уæдæ дæу уарзы уæд. Сирано. Нæ, никуы! Кристиан. Уый æфсон у. Ды дæр æй уарзыс. Сирано. Æз? Кристиан. Ай-гъай. Уый зонын. Сирано. Цы ма йæ ’мбæхсон, - уарзын æй æз дæр. Кристиан. Дæ царды йас! Сирано. Нæ, ноджыдæр фылдæр. Кристиан. Зæгъ ын дæ фæнд, дæ бæллиц ын ысхъæр кæ! Сирано. Нæ! Кристиан. Нæ? Цæмæн афтæ зæгъыс? Сирано. Æрбакæс-ма, цæй аккаг у мæ хуыз...
% г«/^ Г<о>; ъф0 о»Х'>> С<0^ *'»/«? <«*/^ «*> Кристиан. Ныууадз! Уый загъта ацы ран ныртæккæ, Фыдуындæй дæр кæй уарзид мæн тыхджын.. Сирано. Ау, афтæ загъта уый? Кристиан. О! О, зæгъын! Сирано. Уый амонд у мæнæн! Фæлæ, мæ лымæн, Йæ ныхæстыл ды афтæ ма ’ууæнд уымæн. Рæсугъддзинад ыстыр тых у æгæр, - Уый бадон кæндзæн дур æмæ ызгъæры! Фæлæ мæнæн æхсызгон у уæддæр, Кæй фæзынд ахæм рухс хъуыды йæ сæры... (Ныхас хьазынмæ здахы.) Мæ мæгуыр æрдхорд, ма йæм хъус! Уæллæй, Чызджы ныхæсты раст уынаффæ нæй! Фыдуынд уæвын тæссаг æмæ æвзæр у! Кристиан. Уый фендзыстæм! Сирано. Куыд? Кристиан. Радзур ын æргом, Æмæ йæхæдæг равзарæд. Сирано. Нæ! Нæу мæ бон! О, бахизут мæ худинагæй, курын. Кристиан. Нæ, нæ! Дæу уый раз бахъæудзæни дзурын! Сирано. Фæлæуу... Кристиан. Мæ рæсугъддзинадæй дæуæн Нæ халын æз дæ амонд. Нæй гæнæн. оооооэеорорэеэаоеорзоояэерерроеорррооор^эерр^з 37
578 («>) <<*)Г<-) С^.) Г^ (<ф,) (гМ (<ф) ОМ Ы &> г*х*у «Хъ «Х*> «*&> ^Х°1) «*Ху с»Хгэ <•") Сирано. Ныууадз мæ, цæй! Цыдæр фыдбылыз хатын... Кристиан. Хъысмæт мæм уыд хæрам æмæ æгъатыр. Ныр бамбæрстон: уый никуы уыдзæн мæн. Ды йын æппæтдæр зæгъ. Сирано. Æлгъыст фæдæн! Кристиан. Куыд сайдтам, уый æлгъаг ми у мæ цæсты. Кæд удæгасæй баззайон... Сирано. Хъаймæт! Кристиан. Нæ къайад фехалын æнцон уыдзæни уæд: Куыд саргъуыдтам, уый адæмæй æмбæхст у. Сирано. Уæддæр... Кристиан. О, амондæй æнæхай дæн, фæдзæхст! Фæхудти мыл цыдæр дæлимон карзæй... Уæддæр мæн уый фæнды, цæмæй мæ уарзой, Куыд дæн, гъе, афтæмæй, мæхи тыххæй æрмæст.. Ныр æз цæуын, æфсадмæ цæст фæдарон. Зæгъ ын æппæтдæр. Равзарæд фæндæй. Сирано. Уый равзардзæни дæу! Гуырысхо нæй! Кристиан. Мæ зæрдæ ма фæстаг ныфсыл цы дарон. (Сиды.) Роксанæ! Р о к с а н æ (рæвдз æм æрбацæуы). Цы, мæ цæсты рухс? Кристиан. Дæуæн Де Бержерак ыстыр хабар зæгъдзæн. Роксанæ тагъд-тагъд æрбацæуы Сираномæ. Кристиан ацæуы. ооеоооооооооооеоооооеосэ^ооооосооосоооеоеоеоеоео
Г<6, («/<>) оф,) (,ф>) «фу (^ (<*Х^ (,*>,, <■«*> Дæсæм фæзынд Роксанæ, Сирано, фæстæдæр Л е-Б ре, Карбон, гварди- онтæ, деГиш, Рагно. Роксанæ (Сираномæ). Цы хабар у? С и р а н о (тыхстæй, иуварсмæ). Фæцæуы уый! (Роксанæйæн.) Æваст æм Чысыл цыдæр гуырысхойаг фæкасти. Роксанæ (рæвдзæй). Мæ ныхæстæ йæ бафтыдтой мæты? С и р а н о (йæ кьухыл ын æрхæцы). Зæгъ-ма, уæдæ рæстдзинад загътай ды? Роксанæ. Кæй уарзин уый... (Иæ ныхас фæуромы.) С и р а н о (æнкъардæй бахудт). Мæ цуры Дæуæн цæй зын у уыцы дзырд ысдзурын? Роксанæ. Нæ, æз... Сирано. О ме скæнæг! Уый ног дзырд нæу мæнæн. Фыдуындæй дæр? Роксанæ. О, уый зæгъннаг дын уыдтæн. Хьуысынц топпы гæрæхтæ. Æхсынц! Сирано (тæвдæй). __ Ды уарзис уый, гуылмыз куы уа, уæд дæр? Роксанæ. Уæд дæр! Ыстæй зæрдæбынæй, æдзухдæр.
580 аъ <о,{<>) с<*г<>) №<) Ы*» Ы«>> ('»№ ('*{«>> г'») > -^- -Л- -ъ- -Л- -^ <> -* -<> ■** -V -%- Л -V <> -^ < ф «*Х^ <*Х^ е^ счХ^ с*ху **Х^ «ф*> (••?) С и р а н о (’йæ сæр разылд цинæй, иуварсмæ). Æнхъæлдæн, амонд, мæнæ дæ - мæ къухты... Роксанæ! Зон уæдæ... Л е - Б р е (тагъд æрбауад, Сираномсе иуварсмæ сидгæйæ, сабыр). Гъей, Сирано... С и р а н о (фæкаст æм). Цы ’рцыд? Ле-Бре. Сындæгдæр. (Иæ хьусы йын дзуры.) С и р а н о (Роксанæйы къух феуæгъд кæны, сирвæзы йæ хъæр). О хуыцау! Мæ амонд - сыгъд æмæ уырыд! Роксанæ. Цы кодтай? (Гæрæхтæ.) Уый цы у! Гæрæхтæ? Ох, Кристиан кæм и? (Фæцæуы, цæмæй афæлгæса.) С и р а н о (иуварсмæ, зæрдæсастæй). Мæ амонд нæу!.. Роксанæ. Цы ’рцыди уым? С и р а н о (уромы йæ). Кæдæм цæуыс, фæлæуу... Роксанæ. Дæхæдæг акæс... Акæс-ма дзæбæхдæр! Æрбацæуынц гвардионтæ; пæлæзы тыхтæй æрбахæссынц цыдæр, æмбæхсынц æй Роксанæйæ. Цы хæссынц уый? С и р а н о (нæ йæ уадзы уыдонмæ цæуын). Уыйафтæ... йед... цыдæр. Р оксанæ. Æрдæбон дæ зæгъын цы фæндыди уæддæр?
(**> (ф.) оф>) <•»{*>) цф>} {<ф0 (<ф>) ъФо <*) Сирано (уæлмонцæй). Роксанæ! Мæн дæуæн зæгъын фæндыди: О, Кристианы курдиат, йæ зонд, Йæ уд, йæ фидауц - алцыдæр кæй уыди... (Фæхъус, цы загъта, уымæй фæтæрсгæйæ). Роксанæ. Уыди? (Ныцъцъæхахст кæны.) Мæ бон бакалд! (Иæхиразмæ баппары.) Сирано. О, афтæ уыд нывгонд! Р о к с а н æ (Кристианы мард ауынгæйæ). Мæ бон! Цы мын кодтай? Цæмæн хуыссыс æдзæмæй? Ле-Бре (Сиранойæн). Фыццаг æхстæй æрхауд, мæгуыр, зæрддзæфæй! Роксанæ йæхи баппары мардыл. Гæрæхтæ. Хъæр-хъæлæба. Гуымсæгтæ. Хотыхты зæлланг. Карбон. Мæ фæстæ - тагъд! (Азгъоры фæскъуылдыммæ гвардионтимæ.) Роксанæ. Мæ хур! Карбон (фæссценæйæ). Рæнхъæй лæуут! Роксанæ. Мæ зынаргъ, ма тæрс, демæ дæн! Мæ уд! Рагно æфсæн хуцы дон æрбаскъæфы. Кристиан (мæлæгудыхъæлæсæй). Роксанæ!..
582 г») <<ф) с<*х«о (г*№ (<Ф» ('ф>> (’оЫ <'*Ы г'») С’з) <ф$ е*Х"1> С«УЪ> вд <"/У л*/9 */о> С’О С и р а н о (тагъд-тагъд, ныллæг хъæлæсæй Кристианы хъусы, Роксанæ тыхстæй йæ къабайæ цы гæбаз раскъуыдта, уый доны куы тулы, уæд). Загътон ын æппæтдæр... Дæу уарзы уый æрмæст! Кристиан йæ цæстытæ сæхгæны. Р о к с а н æ (ныддæлгом ыл вæййы). Мæ удлæууæн! Мæ цæст! (Сираномæ.) Куыд радтон уый мæлæтæн? К а р б о н (сценæйы фæстæ). Гъей, сисут сампалтæ! Роксанæ. Æруазал! Охх, мæ бон! К а р б о н (къамандæ кæны). Мæнгвæдæг сæргъæвут бæстон! Р о к с а н æ (Кристианы риуыл фыстæг фены). Фыстæг! Мæнмæ! Карбон. Ныхъхъавут! Роксанæ. Мигътæ, скæут! Хъыгæй кæлæд мæ цæссыгау уæ дон... (Фыстæгæн пъа кæны.) Фæстаг фыстæг! Сирано (иуварсмæ). Мæ ныстуан! Карбон (фæссценæ). Æхсгæут! Гæрæхтæ, хъæртæ, хæсты уынæр. Сирано (йæ къух сæрибар кæнынмæ хъавы, — ууыл хæцы Роксанæ, йæ уæрджытыл лæугæйæ). Мæн бахъæудзæн йæ акæнын тыхæй. Хæстæг у знаг. сосоооооеооооооооосооосоооеооососоеоооооооее^
(Роксанæйæн.) Æнæ цæугæ мын нæй! Роксанæ. Нæ, нæ! Фæлæуу! Мæ зынаргъ амард, нал и... Ды йæ зыдтай лæгæй-лæгмæ æрмæст. (Кæуы сабырæй.) Уый гени уыд, æцæг поэт, ыстъалы! Æппæтæй уыйау ничи уыд æххæст. Сирано (фæлмæнæй). Уый афтæ у! Роксанæ. Цы уыдысты йæ разы Бæсты хæрзтæ! Алæмæт уыд йæ зонд! Сирано. Ай-гъай! Роксанæ. Йæ уд - сыгъдæг æмæ бæрзонд! Сирано (фидарæй). Æцæг, Роксанæ. О! Роксанæ. Ныр ыл дзыназын. Уыди рæсугъд, æрыгонæй фæмард! Мæн дæр ма ныр цæмæн хъæуы мæ цард! (Мардыл ныддæлгом.) С и р а н о (иуварсмæ, шпагæ сласгæйæ, мæстæлгъæдæй). Мæлæт мæнæн дæр удæнцой æрхæссид: Кæйдæр хуызы мæныл калы йæ цæссыг! Дардæй хъуысы хæтæлты уасын. Д е Г и ш (кьуылдымыл фæзынд, у пыхцылтæ, йæ ных - цæф). Нæхиуæттæ фæзындысты! Хъæддых Фæлæуут! Знагæн асæттæм йæ ных. Хæцут! Фыдгулæй бахизæм нæ бæстæ! Роксанæ. Йæ фыстæгыл уынын йæ туг æмæ цæссыг!
584 № с<ф) с^г^ <'фь ър» (’Ф’) (’ф) (<ф) <'■>) (ь> ^ с^у (1)% с»/^ С'*/^ "*/*; «?/*> сО Хъæлæс (фæссценæйæ). Уæхи раттут! Гвардионты хъæлæстæ. Мæлæт уын ратдзыстæм йæ бæсты! Р а г н о (къареты сæрмсе сбырыд, ксесы хæстмсе). Тæссаг у уавæр тынг!.. С и р а н о (де Гишæн, Роксанæмсе амонгсейæ). Уый иуварс тагъддæр ахæсс! Нæ фыдгултыл æз бакæндзынæн сагъæс! Р о к с а н æ (фыстсегсен пъа ксены, мсердон хъселæсæй). О, хъарм цæссыг! Фæтагъдтæ йыл дзæвгар! Йæ зынаргъ туг! Ныббар, мæ хур, ныббар! (Бауадзыг.) Р а г н о (сергæпп кæны къаретæй). Йæ зæрдæ бахъарм! Д е Г и ш (гвардионтæн карз семсе мсестыйсе). Фидардæр фæлæуут! Испайнæгты хъæлæстæ. Уæхи дæттут?! Гвардионты хъæлæстæ. Нæ уыдзæн уый! Фæлтау хæцгæут! Сирано (деГишæн). Хъазуатон хæсты равдыстай æхсар. (Амоны Роксансемсе.) Ныр амæн тагъд æдас бынат ыссар. Де Гиш. Уæдæ фыдгулæй ацы фидар бахиз, Æмæ, уырнæд дæ, мах уыдзæн уæлахиз! (Сисы Роксанæйы æмæ йæ ахæссы Рагнойы æххуысæй.) Сирано. Мæлæт ыссардзыстæм, уæддæр Хæдбар уыдзысты Франц æмæ нæ сæр! (Хъæр кæны.) ооеоооооооооооооооооооо^оооеооосоооооооеооэеоез
(«у <-«/*>; <ф>) «»/*у <м/*У (*/<у С"/«у С«»>4 Г«4> Роксанæ, о, ныххатыр кæн! Фæндараст! Хъæрахст. Бпрæ гвардионтæ фæзынынц æмæ æрхауынц сценæйы. Сирано размæ абырста кардæлвæстæй, тигъыл хæрхæмбæлд фæци Карбонимæ. Уымæн йæ туг кæлы. К а р б о н (Сираномæ). Æххуыс! Æххуыс! Дæхи сæ ныхмæ сараз! Фæцæф дæн æз. Сирано. Нæ бар сæ уадз! Мæстæй Æхсиды риу. Кристианы туг мæм сиды. Мæ маст сæ райсон уый тыххæй, ыстæй... Мæ сæфт амонд... Хъæудзæн сæ уый аргъ фидын! (Хъæр кæны гвардионтæм.) Мæ фæдыл! Размæ! Ратт мын тых, Роксанæ! (Зæххы æрсадзы, Роксанæйы къухмæрзæн цы арцыл ис, уый.) Нæ тырыса æрттивдзæн уый нысанæн! Мæ фæдыл! Размæ! Ацæгъд, Бертран! Уæд Уыдзæни махæн уарзондæр мæлæт! Зæронд музыкант цæгъды. Цæф гвардионтæ сыстынц. Иннæтæ æрызгъорынц къуылдымæй æмæ æмбырд кæнынц С и р а н о æмæ йæ тырысайы алыварс. Иуæй-иутæ æхсæнгæрзтимæ бабадынц къареты, иннæтæ сбырынц йæ сæрмæ, - скæнынц дзы хæцæн бынат. Фыццаг Гвардион (фæзыныхæцгæ-хæцын). Æрбабырсынц! (Æрхауы, амæлы.) Сирано. А-гъа! Салют сын раттæм уæд! Къуылдым æваст айдзаг испайнаг æфсæдтæй. Уыдон сæ тырысатæ сисынц æмæ райтындзынц. Цæвут ныфсджынæй! Хотыхтæ нæрæд! Æмæхст кæнынц. РО09ОО00О0090О<?009СОС9<?ЭеЭ^
586 «>) ьуы <<*т *фъ оф» сф» с-ф.) оф) с,,\ С<2> сда е^ с*Х*>> №> <"«*/«.•> Г’/у <*«/*> **; Испайнаг афицер. Цæвут! Испайнæгтæ æмæхст фæкодтой. Гвардионтæ æрхауынц алырæтты. (Иæ худ сисгæйæ.) Кæй къорд у уый? Æз никуы федтон ахæм. Йæ цардыл дзы куы ничи кæны мæт, Уæд чи стут? Ау, цы зæрдæ и сымахæн? С и р а н о (дзуры нæмгуыты æхситмæ). Фæцæуынц гаскойнаг хæстонтæ... Фæйнæрдæм! Фæндаг сын дæттут! Мах - кад æмæ ’хсары фæдонтæ, Цытæн дарæм кард æмæ худ! (Размæ афсæры, удæгас ма чи баззад, уыцы цалдæр гвардионимæ.) Фæцæуынц гаскойнаг хæстонтæ! Фæйнæрдæм! Фæндаг сын, фæндаг. Дарддæр хъуысы æрмæст хæсты уынæр. Æмбæрзæн ОЖЖЪОЖГ&^ЖфЖЖЖ^^ЖЖЖЭОГрфЖ^фЖЪ
(*, «фа) оф>) «фо (’Ф’о (Ф<>) <<фу <±Ф>) <*) ФÆНДЗÆМ АРХАЙД «Сирано - газет» 15 азы фæстæ. 1655 аз. Сыгъдæг Дзуары хоты моладзандоны парк Парижы. Рæсугъд къабузджын бæлæстæ. Галиуырдыгæй - хæдзар; уæрæх мæнгагъуыст, - ис æм цалдæр дуары. Сценæйы астæу - стыр бæлас, лæууы иннæтæй хибарæй. Рахизырдыгæй, раззаг пъланы, бæрзонд къудзиты астæу - æрдæгзылд дурын бадæн. Сценæйы рæбын ахсы каштанты аллей, уый цæуы галиуырдыгæй рахизырдæм æмæ фæвæййы иууыл рæбыны чысыл аргъуаны къæсæрыл, - уый та зыны къалиуты æхсæнæй. Аллейы дыууæ рæнхъы бæлæсты æхсæнты зыны парк - æндæр аллейтæ, æрдузтæ, къаннæг бæлæсты къохтæ (боскеттæ), зыны арв. Аргъуаны фарсмæ - гом дуар, зыны дзы дурдзæджындзты рæгъ, йæ уæлæ зæу-зæу кæны рæгъæд сæнæфсир. Фæззæг. Æрдузты нæуу - цъæх, фæлæ сыфтæр фæбур, æрмæст ма æхсæнмæхсæнты цъæх дарынц заз æмæ чеса бæлæстæ. Иннæты бын - бур сыфтæртæ, æмбæрзынц æппæт сценæ, аллейты сæ сæр-сæр цæуы къæхты бын, зынынц бадæнтыл дæр. Рахизырдыгæй, бæлас æмæ бадæны ’хсæн - егъаугомау хæрдгæхуыдгæнæн тæрх, йæ разы - къаннæг бандон; чыргъæды - къуыбылæйттæ. Тæрхыл - æрдæгуæфт хæрдгæхуыд. Æмбæрзæн куы сисынц, уæд зыны: сылгоймаг моладзантæ урс дарæсы рацу-бацу кæнынц парчы. Цалдæрæй бадынц бадæныл а ц æ р г æ моладзаны фарсмæ. Сыфтæр згъæлы. Фыццаг фæзынд МадМаргаритæ, хоМария, хоБеатæ, сылгоймаг- моладзантæ. Беатæ (Маргаритæйæн). Нæ мадыхай, нæ хо Мария знон Йæхимæ айдæны раз касти... Маргаритæ (Марияйæн). Æвзæр æгъдау у уый бынтон! ооооооооеооосооооосоооосоооооо^
588 (*>) <<*Ы <*Г«>) б,Л.) «*уГю {,{«>) (<оЫ ЬЫ Ы (*> («^ егХ^ с*Х^ с«*Х^ р*Ху (<*/^ с<«х*}) с-1> Мария. Кæс-ма йæм, чи схæцыди хъастыл! Мæхи нæ раст кæнын æз дæр. Фæлæ тæккæ знон хо Беатæ, Йæхицæн райста иу гуылæй фылдæр. Маргаритæ (Беатæйæн). Тæригъæд хъуыддаг! Уый æгад у! Беатæ. Хæрзиунæг гуыл... Мария. Дыууæ карсты æрмæст... Маргаритæ. Мæ тæрхон тагъд уыдзæн æххæст: Æз Сиранойæн радзурдзынæн уыдон. Мария (фæтарст). Мад Маргаритæ! Ма нæ скæн дывыдон! Беатæ. Дæ хорзæхæй, нæ хъæуы афтæ! Уæд Уый мах æдзух цыргъ ныхæстæй рæхойдзæн! (Мариямæ кæсгæйæ.) Уый моладзанты къленц чызджытæ схондзæн. Мария (Беатæмæ кæсгæиæ). Ыстæй мыдхортæ! Маргаритæ (мидбылтыхудгæ). Ноджы рухс дзуар æмæ зæд! Е-ехх, хъæбултæ!.. Ехх!.. Мария. Æвæццæгæн, уæзданæй Уый ардæм ныр дæс азы бæрц цæудзæн. Маргаритæ. Мæнмæ гæсгæ, фылдæр. Йæ дард хæстæг Роксанæ Куы ныууагъта зæххон царды тæмæн Æмæ нæ хо куы сси, гъеуымæй ардæм раст. Æмбæхсы ам, æнцойады хæдзары, Нæ мæгуыр хо йæ хъыг æмæ йæ маст.
(«у Ссй/^ <■*/«,) (*/*;) Сф>) («ОГ«У (''/«*/ С'*/^ «*> Беатæ. Æппынæдзух æрхæндæг саутæ дары. Цæмæн афтæ у? Алкæддæр зындзæн Уый сау бæлонау урс бæлæтты ’хсæн. Мария. Æрмæст кузен куы фæбады йæ цуры, Цыма йæ хъыг фæкъаддæр вæййы уæд.. М о л а д з а н т æ . Цы худæг у! - Цынæ диссаг фæдзуры! Фæнды нæ, æмæ арæхдæр цæуæд, - Уыдзæн ын махмæ алкæддæр мыдамæст. Мария. Фæлæ нæ динмæ нæу цыма йæ арæзт! Беатæ. Нæ амындæй ысрухс уыдзæн йæ зонд! Моладзантæ. Æцæг! Æцæг! Маргаритæ. Нæ хъæуы, хуртæ, афтæ! Уæ амындтæй нæ аивдзæн йæ конд. Ныууадзут æй; йæ уд æнцойыл бафтæд. Беатæ. Уæддæр... хуыцау та... Маргаритæ. Уый хуыцауæй у фæдзæхст: Æвзæрста царды раст фæндаг æрмæст. Беатæ. Уæдæ мæнæн цæмæн фæдзуры: «Мархо Нæ дардтон æз ызнон!» Æмæ, дам, æй æнæхуыцау дæр ма хон! Маргаритæ. Ау, афтæ дзуры? Уæдæ зон: Фæстаг хатт ам куы уыди, Дыууæ боны æххормаг уыди уæд. Беатæ. Мæ хæдзар! <?Сч?90909<?90 90 000СОр909РОС90 909С909С90
590 г^<#«о^^^ (У ’ <<Ф$ «*Х*2 ’фХ’У '**№> '&/*> ’ъФэ (<Ф$ 'С»1) Маргаритæ. О, мæгуыр у уый. Беатæ. Хъаймæт! Дæуæн æй чи загъта? Маргаритæ. Мосье Ле-Бре. Беатæ. Цы ’рцыди, Æххуысгæнæг ыи ничи вæййы, ау? Маргаритæ. Нæ исы уый æххуыс кæнæ æфстау. Сæрыстыр у. Дард ран, иу аллейы фæзыны Роксанæ- саударæджы фæлысты. Йæ фарсмæ -деГиш, раздæрау хæрзарæзт, фæлæ фæзæронд. А-гъа, нæ саударæг фæзынди. Цæуæм, йæ хæлар йемæ ис йæ зынты. (Сысты, цæмæй ацæуа.) Б е а т æ (сабыр, Марияйæн). Мæнмæ гæсгæ, уый маршал у... Мария. Мæ бон! Æцæг у - герцог де Граммон. Ам рагæй нал уыд... Моладзантæ. Нал æвдæлы лæгты: Кæм - хæст, кæм - галуан... Б е а т æ (ныуулæфгæйæ). А зæххон хъуыддæгтæ... Моладзантæ ацæуынц. Д е Г и ш æмæ Р о к с а н æ æрлæууынц тæрхы раз. Паузæ. роеоооеоеоеооососоеорор^оеооососос^ое^
(<у ьф>) оф^ офо оОсЧ» с<*Х<у ъФа (.<Ф) г<«) Дыккаг фæзынд Роксанæ, герцогдеГраммон- раздæры граф д е Г и ш, фæстæдæр Л е-Б р е æмæ Р а г н о. Де Гиш. Зæгъыс, уæдæ, цæрдзынæ ам æдзух, Нæ сисдзынæ цæрæнбонты дæ саутæ? Роксанæ. Ай-гъай. Де Гиш. Нырма æрыгон дæ, рæсугъд. Æнцой æмæ æдзард къуымæн æвгъау дæ. Уæд аууоныл кæдмæ дардзынæ сау?.. Роксанæ. Цæрæнбонты. Д е Г и ш (паузæйы фæстæ). Мæ митæ мын ныббарстай? Роксанæ. Хæрам нæ дæн, ныббарæд дын хуыцау. Паузæ. Де Гиш. Æцæг ахæм уыд уый... Роксанæ. Уæдæ! Ды йæ нæ уарзтай, Уыдтай йын ды æрмæст йæ уынд æмæ йæ конд; Фæлæ йæ уд, йæ курдиат, йæ зонд - Гъеуыдон хъуыди зонын! Де Гиш. Уыдон фаг нæ зыдтон. Йæ фыстæг ма дæ роны ис ныр дæр?.. Роксанæ. Æмæ уыдзæн, куы амæлон, уæд дæр, Цыма йæ æз мæ зæрдæмæ ныххуыдтон. (Амоны йæриуыл чысыл хьæдабæ агъудмæ.) Де Гиш. О, мардæй дæр куыд зынаргъ у дæуæн? О909СООО<?9р9<?9е909СЭС?9С?
592 (?^^^^^^^$^ Ь №> о*Х*> №) № <"/*> <?*/*) с«/*> с^ Роксанæ. Мæнæн æгас у уый! Мæ зæрдæйы цæрдзæн! Æнцад æхсæв фæдзуры мемæ цадæг. Уый цъус амонд у? - Фестади мæнæн Фынау йæ сыгъдæг уарзондзинад кадæг! Д е Г и ш (ног паузæйы фæстæ). Уæд Сирано та? Никуы вæййы ам? Роксанæ. Цæуылнæ, арæх. Де Гиш. А! Роксанæ. Уый хорз æмгар у! Кæддæр мах иумæ рухс бонтæ зыдтам. Ныр мæ газетау хъæлдзæг дары... (Худы.) Фæзыны ардæм иу афон æдзух, Æрвылсабат æз ацы ран фæбадын, Æниу куыстмæ кæм фæтасы мæ къух, Фæлæ йын дардмæ йе ’рбацыд фæхатын. Хуымæтæджы йæ не схуыдтон газет: Æрбады иуварс ацы ран мæ цуры, Мæ хæрдгæхуыдыл бахуды поэт, Ыстæй мын уæд фæстаг хабæрттæ дзуры. Гъе, афтæ иумæ арвитæм сахат, - Вæййы мæ зæрдæ иучысыл æнцад. Мæнгагъуысты фæзыны Л е - Б р е. Æгас цæуай, Ле-Бре! Куыдтæ цæры нæ лымæн? Ле-Бре. Куыдтæ цæры? Æвзæр, мæ хур, æвзæр. Де Гиш. Цы йыл æрцыд?' Роксанæ (герцогæн). Нæ, мацæмæй тæрс уымæн: Ле-Бре йæ уац фæкарз кодта æгæр.
(Я, <<ф) 0ф>) ({ф^ с»Х*У («О^ С'»>^ С’О^ «*> Ле-Бре. Цæмæй тарстæн, æрцыд ыл уый5 æнхъæлдæн. Ысмæгуыр тынг, - æмбæлттæ лидзынц дард. Уыны нæ цард - йæ чъизитæ, йæ хъæнтæ, Хæссы сæ хурмæ, бандзары сыл арт; Уый фауы карзæй хицæутты хъуыддæгтæ Æмæ йæхицæн аразы ызнæгтæ. Роксанæ. Уæддæр цыргъ у йæ тæссаг кард нырма. Кæй бон цы у хъæбатырæн?.. Д е Г и ш (йæ сæр тшгæйæ). Мæ-гъа!.. Ле-Бре. Нæ, знагæй уымæн тохы мидæг ма тæрс, Кæддæрау ын йæ кастæй дæр тæрсынц... Фæлæ æрхæндæг, иунæгдзинад, сагъæс - Йæ гæвзыкк къуыммæ сабыргай бырсынц; Йæ хуыз фæцыд, ныффæлурс и мæллæгæй, Зыны лæгмæ тæригъæддаг бæгънæгæй; Ыстонг, фыдуазал, катай æмæ тар - Гъеуыдон ысты удхæссæг, лæгмар. Де Гиш. Æнамонд у! Йæ къухы дæр цы бафта? - Йæхи аххос у. Л е - Б р е (мæсты бахудгæйæ). Маршал! Де Гиш. Афтæ, афтæ. Уыд хивæнд, уыд нæ царды фæткæй дард,. Сæрыстырæй йæхи ’гъдæуттæ æвæрдта, Куыд амыдтой йæ хъуыды ’мæ йæ зæрдæ, Гъе, афтæ уый сæрибарæй фæцард. Л е - Б р е (уыцы хуызы та). Ау, герцог... 38
594 («>> <*№ с^ о^ь ф„> <г,р> (^о щ* «:) (9 «Ф>) <Фз е#Ъ с*л^ №•> с<?/<у ад "0 Д е Г и ш (зынæрвæссонæй). Хорз, цы зæгъыс, уый æмбарын: Мæгуыр у уый, æз та хъæздыг, æлдар... Æниу æм æз хæрам зæрдæ нæ дарын. (Роксанæйæн сæрæй акувгæйсе.) Цæуыны бар мын ратт... Роксанæ. Куыд тагъд? Де Гиш. Ныббар... (Герцог сæрæй акувы Ле-Брейæн. Роксанæ цæуы йемæ суанг кулдуармæ. Асинтыл æйразæй ауадзы.) Зæронды мæтæй никæдæм ис лидзæн, Æнкъарын ныр, куыд æруæззау мæ уаргъ; Цы уарзтон æз, цы мын уыди зынаргъ, Рæхджы хъæудзæн мæн уыдонæй фæхицæн. Æз Сираномæ арæх бакæнын хæлæг. Цæуыл сæфтон мæ тых æмæ мæ рæстæг? Уыдтæн, сæттын ыл, хъал æмæ тæлтæг; Чысыл нæ ласы стыр титул йæ фæстæ Мæнгтæ, хæрæмттæ, хин æмæ хæлæг, - Сæ цъымарайы аныгъуылы лæг. Р о к с а н æ (хынджылæгау). Гъеуый дын лирикæ! Де Гиш. Мæнæй дæр Музæ хъазы. (Ацæуынмæ хъавы, стæй æваст.) Мосье Ле-Бре! (Роксанæмæ.) Хатыр. Дыууæ ныхасы... (Бацæуы Ле-Бремæу дзуры йын ныллæг хъæлæсæй.) оооооооосооососооороеооэосроо
Г*,; (<ф>) оф>) (,ф0 сОГ^ («*Х^ С«»>у (’*/^ С«*> Ды раст дæ: Сирано тыхджын хæцы, - Æргомæй уымæ чи бырсы уæндонæй? Фæлæ мæ хъустыл айразмæ æрцыд, Цыма йын ис æндæр мадзал... æнцонæй. Ле-Бре. Куыд! Де Гиш. Афтæ фехъуыстон... Æмæ йæ зон... Æмбарыс, уый цы амоны?.. Зæгъ-иу ын, Уадз хъахъхъæна йæхи... Хæрзбон... Л е - Б р е (йæ къухтæ арвмæ сдаргæйæ). Зæгъ-ма йын!.. Ам уыдзæн рæхджы... Æниу ын Уыдзæн мæ фæдзæхст худæг кæнæ маст. Р о к с а н æ (мæнгагъуысты, цы моладзан чызг æм æрбацæуы, уымæн). Уым чи лæууы? Моладзан. Рагно. Роксанæ. Æрбацæуæд хæстæгдæр. (Де Гиш æмæ Ле-Брейæн). Фæзынд Рагно. Кæндзæн та, бецау, хъаст. Æххуыс нæ курдзæн... Тынг мæгуыр у ’цæгдæр, Цы нæ уыд - автор... Ле-Бре. Хилдасæг... Роксанæ. Фыссæг... Ле-Бре. Уыд дуаргæс аргъуаны. Роксанæ. Актер... Ле-Бре. Мæрзæг... Роксанæ. Æрмдæсны...
596 & <<ф) <<,№ ьг<ь сф» <<ф) <'ф) оф) <<■>) (Я) <^ **/*> №; №; Г*/у <^у ^ („) Ле-Бре. Къулер... Уый дын, гъе, фæразон!.. Роксанæ. Цы уыдзæн абон, ацу ’мæ йæ базон (Худы.) Æртыккаг фæзынд У ы д о н æмæ Р а г н о. Р а г н о (æрбазгъоргæйæ). Æхсин! (Ле-Брейы ауыдта.) Ды ам дæ? Р о к с а н æ (мидбылты худгæйæ). Фездæхдзынæн тагъд. Фæуæд Мæнæн хатыр. Ле-Бреимæ уал абад. Рагно. Æхсин, æз дын... Роксанæ йæм нæ хъусы, афтæмæй ацæуы де Гишимæ. Рагно æрбаздæхы Ле-Бремæ. Æниу, куы ницы зона, уæд Хуыздæр уыдзæн. Ле-Бре. Цы бæллæх у, цы хабар? Рагно. Йæ зæрдæ йыл фæрыстаид æгæр. Ле-Бре. Зæгъ-ма йæ, цæй, цы хабар у уæддæр? Рагно. Æрцыд бæллæх!.. Ле-Бре. Кæуыл? Рагно. Де Бержеракыл! оосоооооеорооооскэосоооеоророоооососооососоооеоео
(«ь, <Ф>) о»Х*>) (•*/*) е*У*у с*У«у <'Ф$ <-<*Уъ <*) Ле-Бре. Цы загътай?! Рагно. Охх!.. Цыдтæн æм æз, Уыдтæн фæндагыл... Уый рацыд уæд сæ хæдзарæй. Æваст Фæцыди рудзынджы гуыпп... Стæй цъæхахст. Æз уырдæм базгъордтон, - хуыссыди Уым Сирано, йæ сау туджы мæцыди. Ле-Бре. О, цъаммæрттæ! Фæлæ уæддæр цы ’рцыди? Рагно. Куы рацæйцыд, æнæнхъæлæджы уæд Æрхауд йæ сæрыл иу кæцæйдæр хъæд. Ле-Бре. Æнæнхъæлæджы? Сау лæгмартæ! Тас у? Рагно. Улæфы. Хæдзармæ йæ бахастон цæфæй. Ле-Бре. Мæгуыр поэт! Йæ сау рыстæн фæразы? Рагно. Нæма ’рчъицыдта. Тынг цæф у, сæрæй. Куыд уазал у йæ талынг къуым! О скæнæг!.. Ле-Бре. Фæдзырдтай дохтырмæ? Рагно. Фæцис ын иу хæрзгæнæг. Ле-Бре. Йæ хъизæмар нæ фæкъаддæр æппын? Рагно. Кæцæй? Цæуæм - уый иунæгæй ныууагътон. Йæ сæр - бæстытæ. Стæвд уыдзæн. Тæрсын, Куы сыста уый.Ныхæстæ кæнæм мах та! Л е - Б р е (рахизырдæм æй акæны). Цом тагъддæр, цом! Хæрын дын ард, Мах уымæн хъуамæ раздахæм йæ цард!
598 о>-> <'ф) ьг** <-фъ <-*<->> <'Ф>> <<*ы <-»№ <у (Я> ^ ^ с»Х^ с*А е*Ху **>*> ««Ху С’з) Р о к с а н æ (æрбаздæхы: фены, фæцæуынц, уый. Сæ фæстæ). Мосье Ле-Бре! Уыдон фезгъорынц, дзуапп нæ дæттынц. Нæ мæм раздæхт Ле-Бре æфхæрдау? Ай-гъай, Рагно та нæу, мæгуыр, æвыд... Кæм уа кузен? Йæ афон та æрцыд... (Æрцæуы мæнгагъуысты асинтыл.) Фæззыгон бон цы дзæбæх хъарм у сæрдау! Цыппæрæм фæзынд Р о к с а н æ иунæгæй, стæй исдуг дыууæмоладзаны. Роксанæ. Цы ирд у арв! Сыгъдæг уæлдæф. Кæмдæр Ыстæлфы уддзæф. Сыфтæрты сæр-сæр Цæуы сындæггай, уддзæф сыл фæхуды. (Æрбады куыстыл, сагъæсхуызæй.) Æз мысын рагбонтæ... Тæхуды, Куы раздæхиккой иу сахат уæддæр! Дыууæ моладзаны рацæуынц хæдзарæй, рахæссынц стыр къæлæтджын, æрæвæрынц æй бæласы бын. А! Сиранойы къæлæтджын, йæ бадæн! Беатæ. Йæ уарзон бадæн. Роксанæ. Бузныг, хо Беатæ. Моладзантæ ацæуынц. Рæсугъд у æрдз - æнцад æмæ фæлмæн. ИсГзæрдæйæн йæ хæрздæфæй æндидзæн. Ныртæккæ мæм мæ хорз æмбал зындзæн, Мæ сæфт амонд, мæ сæфт цинты æвдисæн... Сахаты зæлланг. оосооосоооооооеооососоеоеосоеосоооеооосоооеоеоео
о»^\Ч^ ^Ф>^^^^>>^>) 599 Нæ сахат дзинг кæны... Куыстхъом нæ дæн... Нæма зыны? Ау, байрæджы кæндзæн? Фыццаг хатт!.. Нæ, уый афонмæ æввахс у. Æвæццæгæн ын кулдуаргæс бæстон Фæсмон æмæ табу кæнын фæдзæхсы... Паузæ. О, афтæ уыдзæн. Уарзынц æй... Мæ бон, Цы фæци ме ’нгуырстуан?.. Мæ хæлар тагъд зындзæни... Ызгъæлы сыфтæр!.. Ау, куыд байрæджы кæндзæни? (АппарЫу тæрхæгыл цы сыфтæр æрхауд, уый.) Ам бур зæлдаг ысфидауид хæрзаг... (Кусы.) Кæм уа?.. Тыхсын... Нæ, нæ... Моладзан (мæнгагъуыстæй). Мосье де Бержерак! Фæндзæм фæзынд Роксанæ,Сирано, исдуг хо Б е а т æ. Р о к с а н æ (нæ йæм ракаст, афтæмæй). Фæзынди, уый у! (Иæ хуыйыны куыст кæны.) Æрбацæуы С и р а н о мæрдон фæлурсæй. Йæ шляпæ - цæстытыл арф конд. Моладзан фæаууон и. Сирано цæуы тыхамæлттæй, йæ лæдзæджы æнцæйтты. Р о к с а н æ (хуыйы. Йæ тынмæ амонгæйæ). Ам хъæудзæн къæлæсы. Ам - бурбын дидинæг. Цæй, куыд, (Сираномæ, рæвдаугæ уайдзæфæй.) Мæ газет абон афоныл нæ уыд? Нæ уыд! Æмæ дæм худинаг нæ кæсы? росососоросзсорос^осоросор’зрос оросрророросоросз
600 {*>) <*у«о <<*Х** **Х*ъ (г»Х>> ('>№ <Г>Х»> °>№ ('>) (9 г<*/^ с^ е*Х*> СЧЛ^ <ч/в4 <Фэ °Фэ «') С и р а н о (бандонмæ тыххæйты бацыд, æнæбары хьæлдзæгæй). Куыннæ! Æфсæрмæй нал уæндын кæсын. Мæн бафæстиат кодтой. Роксанæ. Чи, зæгъ мын. Сирано. Фæзынд мæм уый æнафоны æвастæй. Роксанæ. Хæддзу уазæг? Сирано. О, сау æхсин... (Иуварсмæ.) Мæлæт! Р о к с а н æ (хъазгæ уайдзæфæй). Куыд? Сирано! Дæхи кæимæ сбастай? Сирано. Æрцыд, ай-гъай... Фæлæ йын загътон уæд: «Ныууадз, æхсин, нæ мæ ’вдæлы бынтондæр. Зон, абон сабат бон у... Уæдæ мæн Ныууромын нæ бауыдзæн дæ бон дæр, - Фæстæдæр дæ æрбацæуын хъæудзæн». Роксанæ. О! Бирæ кæсдзæн ацы хатт æнхъæлмæ: Изæрмæ дæ нæ ауадздзынæн æз. С и р а н о (фæлмæн хьæлæсæй). Нæ... Ацæудзынæн раздæр æз... æнхъæлдæн. (Иæ цæстытæ сæхгæны. Ныхьхьус.) Хо Б е а т æ фæцæуы аргъуанæй мæнгагъуыстмæ. Роксанæ йæм сиды йæхимæ къухы змæлдæй. Роксанæ. Цы хуыйны уый? Нæ худут иумæ. Кæс, Хыл фестут? С и р а н о (æвиппайды ракæсы). Хо Беатæимæ? Æз? Нæ, никуы! соеоеооосоеосооосоеоеоеоеоеоооеосоо^
С*ч Ь& <-»& ЬГ<> ЬГ*д <<ф) <'ф>> <?ф) Ъ) <*>> *ф>) Офо <»Х*0 (<Ф>) (<*У<1) ('Ф>) (<Ф) <«) (Аразгæ дæрзæг ныхасæй.) Рацу-ма, мæ хо, æввахсдæр! Беатæ йæм бацæуы. Ха-ха! Зыны дæ цæстыты цæхæр! Б е а т æ (йæ сæрыл схæцы, мидбылты худгæйæ). Цæмæн... (Ауыны йын йæ цæсгом, ныхьхъæр кæны.) Мæ бон! С и р а н о (сабыр, Роксанæмæ амонгæйæ). С-ысс... Ма йын зæгъ ныхас дæр! (Хъæрæй, хъазæгау) Ызнон та ком нæ бадардтон уæддæр! Беатæ. Уый зонын æз. (Иуварсмæ.) Дæ аргъæугтæ дын зонын: Цæй тыххæй дæ фæлурс æмæ фæлахс. (Сираномæ, цырд.) Нæ хæлар... дæу нæ цæлгæнæнмæ хонын... Фæзын-иу тагъд, пайда дын уыдзæн бас. Æрбацæудзынæ? Ратт мын дзырд! Сирано. Æнæмæнг! Беатæ. Цы дзæбæх дæ - хуыздæр зонд дæм æрцыд. Р о к с а н æ (сæ сусу-бусутæ фехъусгæйæ). Куыд у, мæ хо, дæ фыдæбон нæ фæмæнг? Ысчырыстон? Беатæ. Мæ сагъæс уый нæ уыд. Сирано. Æцæгæй? Мæнæ дистæ ’мæ тæмæстæ! Цы кодтай? Ау, дæ ахуырдзау нæ дæн?
Куыннæ фæзмыс уæ хуыцауы ныхæстæ, Цæуылнæ здахыс раст фæндагмæ мæн? (Аразгæ тызмæгæй.) Ныннæрæд арв!.. Фæдзæхсын дын хъæддыхæй... (Цыма цыдæр хъуыды кæны, афтæ.) Изæры ды уæ аргъуаны дзæбæх Дæ зонгуытыл... ыскувдзынæ... мæнтыххæй! Р оксанæ. Куыд, куыд? Сирано (худы). Цы ныхъхъус дæ? Цæй, исты зæгъ! Б е а т æ (коммæгæсау). Хатыр... Æз уыцы бар æнхъæл нæ уыдтæн. (Ацæуы.) С и р а н о (Роксанæйæн йæ куысты уæлхъус). О, ацы куыст! Хуыцауæй у тæрхон: Нæ дын уыдзæни ме ’гасæй кæрон! Р о к с а н æ (уый дæр хъазгæйæ). А! Карз ныхас, мæ хъустыл та æрцыдтæ! (Сыфтæртæ хауынц.) Ызгъæлы сыфтæр!.. Арт æмæ тæмæн! Сæ ахорæнтæ - ирд æмæ фæлмæн, - Æнахуыр цинæй цæстытæ рæвдауынц. Кæс-ма, рæсугъдæй сабыргай куыд хауынц! Сирано. Рæсугъдæй, о... Тæхынц... тæхынц... Ыстæй Æрхуыссынц уæд... Æндæр кæрон сын нæй. Паузæ. О, цалынмæ нæ бамбийы æдзæмæй Мæлæтдзаг сыфтæр бырæтты рыгау, Уæдмæ йæ фæстаг фидауцы тæмæнæй Уый хаугæ-хауын ферттивы зынгау, - Æмæ нæ уæд нæ фæуырны йæ мæлæт.
(<>) <<ф>) <<ф) Сф) Сф>) '<ф>) (<ф>) <<ф» Ъ) («>) <ф>у оф>) оф0 <«)Ч> с*Х«у *>/*; г<0^; («*> Роксанæ. Æрхæндæг дæ? Сирано (хьæлдзæгæй). Æз? Хъæлдзæг дæн бынтон! Роксанæ. Уадз бæласæн йæ сыфтæртæ ызгъæлæнт. Цы уæлдай у?.. Ис алцæмæн кæрон... Æмæ кæлæнт æвæсмон æмæ рогæй... Парижы та цы хабæрттæ ис ногæй? Сирано. Цы хабæрттæ ис?.. О... Роксанæ. Мæ газеты фæрсын. С и р а н о (лæмæгъæй-лæмæгъдæр кæны, фæлæ йæхиуыл хæцы). Цы уыди ивгъуыд сабаты: сæнæфсир Версалмæ байдыдтой хæссын. Нæ къарол разынди æнæфсис, Æмæ йæм бахъуыд дохтырты кæсын. Куы фервæзти, уæд хъазтизæр ыскодта... Нæ, уый хуыцаубоны уыдис. Æрдзæ цырагъы дзы сыгъдис! Ыстæй æртæ боны нæ хордта. Кæлæнгæнджытæй сауыгъта æртын. Уый Австримæ ысфæнд кодта бырсын. Æхсин д’ Атис та у гуыбынджын. Зæгъынц, йæ къæбыс дæр фæрынчын. Роксанæ (худгæйæ). Цытæ дзурыс! Æгъгъæд, æгъгъæд! Сирано. Фæлæуу. Цы уыд къуырисæры та уæд? Хъуыддæгтæ - мур, хабæрттæ - бирæ... Алькандр бабын и, ныууагъта йæ Пальмирæ,_. Фæуæлахиз ыл Лизимон, æрцарди. Роксанæ. Куыд! С9С9р90000С90909С9С9С9С0090009С9СОС90900С929р9С9
604 г*) *<*№ <да (г>№ (,Ф> (гФ» ('*№ ('>№ °>) (ъ> о*Х^) 0#'у ад ВД $*}*> С»/У <<$*} <!*) Сирано (мæрдонхуызæй). Дыццæджы - галуаны бæрæгбон уыд. Æртыццæджы Монгла маркизыл Фæхудт, «нæ уыдзæн» загъта, стæй Ысразы: бафтыдта нæ дисы. Ызнон нывгæнæг къаролы фæндæй Ыскодта уый фæстаг уарзон Мария Манчинийы ныв. Сабаты... Къуырийæ... (Иæ цæстытæ сæхгæиы. Иæ ссер æрхауд. Нал дзуры.) Р о к с а н æ (ракаст æм, фæтарст, цъæхахстæй). О! Сирано! Цы кодтай? (Базгъоры йæм.) С и р а н о (ракæсы, кьуырма хъæлæсæй). А! Цы ’рцыд? (Йæ разы Роксанæйы куы ауыны, уæд йæ худ адзæбæх кæны йæ сæрыл, йæхи ауадзы къæлæтджыны.) Нæ, ма тæрс! Нæ, уый ницы у! Роксанæ. Хуыздзыд... Сирано. Уый ницы у! Нæ мын риссы дæ разы... Уый рагон цæф у... Роксанæ. О, бецау! Сирано. Кæддæр Уый сæмбæлди мæ зæрдæйыл Аррасы. Ныр нал рисдзæн. (Тыххудт кæны.) Цы йыл дзурæм æгæр! Роксанæ. Мæ мæгуыр æмбал, алкæуыл дæр цардæй, Мадзал кæмæн нæй, ахæм хъæдгом ис. Мæныл дæр баззад ахæм нуæс уыгардæй...
(*» Ьф Сф) ЪГо) М) СфЬ «ф>> <?ф) Ь) __ > -V Л <*- А, -ь- Л- ь- Л ^- ^ -V <^ -^ V ** < (^ <■<*/««>) оф>) с»/*>) о*Х*У е*Х*-; *0<Ч* (<*Х^ г<*) (Йге къух æвæры йæ риуыл.) Уый ацы ран и - сагъæс æмæ рис, - Зæрдылдарæн фыстæджы бын... Мæ хъыгтæ!. Уым уарзты дзырдтыл баззади сæ фæд Зынаргъ туг æмæ амонды цæссыгтæн! Изæрмилтæ кæны. Сирано. Ныббар... Мæ хурыхай, дæ зæрдыл кæд Лæууы, мыййаг... Ныфсытæ мын æвæрдтай, Кæй бакæсдзынæ уыцы фыст мæнæн. Роксанæ. Дæу афтæ фæнды? Сирано. Куры йæ мæ зæрдæ... Ныртæккæ. Р о к с а н æ (йæ ронæй сисы фыстæг). Бакæс æй... (Баздæхы йæ куыстмæ, æфснайы йæ.) Сирано. Кæд ис гæнæн... (Кæсы йæ хъæрæй.) «Фæстаг сахат. Мæ амонды ыстъалы Мынæгкæны...» Р о к с а н æ (йæ куыст фæуадзы, дисæй). Цæмæн кæсыс хъæрæй? Сирано. «Йæ дзæмбытæй мæм сау мæлæт æвналы, Куыд фæхицæн уон, ме стъалы, дæуæй?! Фæлæ цы дзурын? Демæ ис мæ зæрдæ, Ды дæ мæнæн мæ рухс бæллиц, мæ зæд, Æмæ тæхы дæ рухс фæлгонц мæ сæрты, Фæхъуысы мæм дæ фæлмæн хъæлæс уæд...» Роксанæ. О ме скæнæг! Куыд кæсы уый!.. Куыд кæсы! сосоооооооеосоооеосоеоооеооооосрсососос
Сирано. «Нæ зонын æз, мæ райсом мын цы хæссы. Ау, нал уыдзæн дæумæ кæсын мæ бон? Уæд цард цы у? - Æлгъыст æмæ зындон! О ме скæнæг! Мæ хъæрæй зæхх æнкъуысы!..» Роксанæ. О, Сирано! Талынг кæны. Сирано. «Æз хъæр кæнын...» Роксанæ. Иæ хъæлæс мын цы мысы? Сирано. «Хæрзбон, мæ цард...» Роксанæ. Кæй хъæлæс у?.. Сирано. «Хæрзбон, Мæ цæстырухс, мæ удлæууæн, мæ уарзон...» Роксанæ. Цы мыл æрцыд? Æз уыцы хъæлæс хастон Мæ зæрдæйы, æрвон рухсау... Мæ бон!.. (Фырдисæй сабыргай æрбацæуы, Сиранойы фæстæ слæууы; Сирано йæ нæуыны, афтæмæй ксесы фыстæгмсе.) Фæталынгдæр. Сирано. «О, ды мæнæн зынаргъдæр уыдтæ цардæй, - Æрвитын ныр, мæ рухс дуне, дæуæн Фæстаг арфæ хæлар æмæ æнкъардæй, Мæ фæстаг хъуыды д’ амондыл уыдзæн. Уæдæ хæрзбон... Нæ, нæ, мæ зæрдæ дарын, Мах фембæлдзыстæм уым, уæларвыл...» Р о к с а н æ (йæ кьух ын йæ уæхскыл æрæвæры). Сирано! Куыд æй кæсыс? Куы ницы зыны тары! сороеоеооосососжоросоеоеоросос
(*» (<Ф>) <Ф>) (»х*о (Фо с«»Х<у оХ^ <&*о <"<*> Сирано фестъæлфы, фæстæмæ ракæсы, фены, Роксанæ йæм куыд хæстæг у, уый, адæргæй йæхи фæкъул кæны æмæ йæ сæр æруадзы. Дæргъвæтин паузæ. Р о к с а н æ (сабырæй, йæ къухтæ йæриуыл дзуарæвæрдæй). Фынддæс азы кæйдæр хуызы цæуыс?.. Сирано. Роксанæ!.. Роксанæ. Уый ды уыдтæ, ды... Кæсыс... Сирано. Нæ, нæ, Роксанæ, нæ! Роксанæ. Мæгуыр, дæ амонд Цæмæн сырдтай - куыннæ дын уыд æвгъау! Сирано. Рæдийыс ды! Роксанæ. Мæ аххос у уæззау... Æвæццæгæн, хъысмæтæй уыди амынд: Нæ базыдтон, уæларвон уарзт кæм ис. Ныр та уынын, куыд судзаг уыд дæ рис!.. Йæ номæй мæм фыстæджытæ ды фыстай... Сирано. Нæ, нæ! Роксанæ. Рæсугъд, сыгъдæг уарзты дзырдтæ Цъæх арт уадзгæ дæ зæрдæйæ цыдысты! Сирано. Нæ, нæ! Роксанæ. Рæубазыр диссаджы сæнттæ Мæ туг æмæ мæ зæрдæйыл ды ’фтыдтай! С и р а н о . Нæ, нæ! Роксанæ. Зæрдæ ’мæ гени - иууылдæр ды уыдтæ! 09090909090909090909090^909090909000909090909^
608 <*><у&<^<<#* ф> **&> «м ^> с} (*>> С’фу Фэ ф;) №> С*/У <»/*> «?ЛГ2> Ф Сирано. Нæ, нæ! Ныууадз мæ!.. Роксанæ. Стъалыджын изæр Ды дзырдтай мемæ балкъонмæ кæддæр... Алæмæт дзырдтæ ахастой мæ зæрдæ!.. Сирано. Нæ! Уыцы хъуыды бауырнинаг нæу! Æз дæу нæ уарзтон! Роксанæ. Уарзтай мæ æгæр дæр. Сирано. Нæ, нæ... Мæ уарзт, æз никуы уарзтон дæу... Роксанæ. Ыстыр уарзтæн дæ уæздан митæ - ’вдисæн! Нæ дæ фæндыд æндæры амонд исын. (Мæстæлгьæд сагьæстæй.) Ныр судзы мæн æрæджиау фæсмон. Фæкалд цæссыг æнæхъуаджы мæ рыстыл! Цæмæн уыдтæ æхгæд-зæрдæ, сæрыстыр? Цæмæн уыди сæнттæ ’мбæхсын дæ бон? Фæхастон æз зынаргъ фыстæг мæ риуыл, Дæ хъарм цæссыг ыл суадонау фæцыд, Дæу уыдысты йæ уаз ныхæстæ иууыл! С и р а н о (фыстæг æм дæтты). Фæлæ йыл туг мæ цæстытæй нæ уыд. Роксанæ. Цæмæн дæ сфæндыд абон уæдæ афтæ, Цæмæй дæ сусæг раргом уа мæнæн? Цæмæн ысдзырдтай? Сирано. О! Цæмæн, цæмæн? Æрбазгъордтой Л е - Б р е æмæ Р а г н о. СОС90009еОООС?9СШОРОСОе^^Ор_^
о^ ^^\Ч^^^^^^*) 609 СЬ) ''(«& <*/*>) (*/*/ <.*Х6>) («*У^ ('>& (<*)% Г«*> Æхсæзæм фæзынд Уыдон,Л е-Б р е æмæ Рагно. Ле-Бре. Куыд! Рагно. Ам дæ ды? Ле-Бре. Нырма дыл зонд нæ бафтыд! С и р а н о (худгæйæ, сраст вæййы). Цæй, ма бустæ кæн! Хорз дæн æз, сæрæн! Ле-Бре. Йæ хуыссæнæй кæй сыстад, уый йæ сæфт уыд! Роксанæ. Фæсур... æрдæбон... Царæфтыд фæдæн! Сирано. Сæттын ыл, нал ныхъхъæцыдтæн мæ цæфтыл, Нæ дын фæдæн мæ фæстаг газет каст, - Мæ хъару нал уыд... Ма-иу ракæн хъаст. Йæ кæрон мæнæ: «Сабаты мæнгардæй Поэт де Бержерак кæйдæр къухæй фæмард и». (Иæ худ сисы. Сæр — бæстытæ.) Роксанæ. Цы уынын? Сирано!.. Сæнттæ цæгъды! Зæгъ-ма... Сирано. Нæ, нæ, мæ зонд мæхимæ ис нырма. О, рацыди мыл сау хъысмæт мæнгардæй! Фæндыди мæн æргом хæсты мæлын Лæджы къухæй, уæздан ызнаджы кардæй. Фæлæ - уынут - æлгъаг цæфæй хъæрзын, Мæн амардта æххуырст лæгмар къæбутæй. Уыдтæн мæгуыр, æнæхæдзар, фæскъау. Нæ цыд мæ цард, ныууагъта мæ гаффуттæй. Мæлын дæр мын нæ бантысти лæгау! Рагно. Бецау! Бецау! 39
610 (*>) <<ф) Ьуьъ (гХьЪ Сф>) 0ф>) (,ф) (<*(*>) о,\ (**> <*& сеХ^ Ф:> **&> Фэ <«А> <»/«> е<; Сирано. Кæуын ныууадз! Цы ис бæрц зонынæй зынаргъдæр! (Иæ кьух æм дæтты.) Кæм кусыс ныр, кæимæ дæ цæдис? Рагно. Вæййын... Мольермæ... театры цырагъдар. Сирано. Мольер! Зæгъынц, хуыцауы зынг æм ис! Рагно. Цæугæ дзы кæнын, зæрдæ дзы фæрыстн. Ызнон «Скапен» æвдыстой уым. Кæсын, Æмæ дзы иу ныв комкоммæ дæ фыст у! Ле-Бре. Ныв адавта æцæг! Рагно. Æмæ дзы æз цæуын. Ле-Бре. Æвзæр ми... Сирано. Уадз! Мæсты кæнын нæ хъæуы: Уый хорз бакодта... Нæ фæлæ-ма зæгъ, Куыд ныв у уый - æнтыстджынæй нæ цæуы? Р а г н о (кæугæйæ). Куыд ма вæййы! Фæкодтой йын æмдзæгъд! Сирано. Гъе, афтæ сты мæ цард æмæ мæ амонд: Æз алкæмæн суфлер, мæхæдæг та... сæ аууон! (Роксанæйæн.) Раст уыцы ’хсæвау рауади мæ цард. Лæууыдтæн аууоны хæдæфсармæй æнцад, Уæлæмæ та бырыдысты æндæртæ - Чи уарзты пъамæ, чи та намысы цæхæртæм.. Роксанæ. Нæ, нæ! Уыдзынæ амондджын ды дæр! Мæ хур! Мæ уæздан! Бирæ азты цæр! сососососососососососососос^осососососоросососо
оо^^^^^^^о^) 611 (*» <ф^'’ оф>) (»/*»* Ш*>) ’ Ш6>) &)**> <$*>) <?*> Уыцы сахат азæлынц аргъуаны дзæнгæрджытæ æмæ моладзантæ аллептæй атындзынц кувынмæ. Сирано. Мæн тыххæй-ну ыскувæнт уыдон азæр. Р о к с а н æ (сысгпы, цæмæй фæдзура моладзанмæ). Мæхо! Мæхо! Рагно (кæугæйæ). О стыр хуыцауы азар! С и р а н о (Роксанæйы уромгæйæ). Нæ хъæуы уый... Ды ма ацу æрмæст... Чысыл... фæлæуу мæ ацыдмæ æххæст. Моладзантæ бацыдысты аргъуанмæ. Хъуысы органы цагъд. Мæй. Рæсугъд у æрдз... Цы хорз цæгъдынц органæй! Ыссыгъди мæй дæр... Амонды æхсæв! Дзæнæты дыргъдон - рухс æмæ хæрздæф... Æз амондджыы дæн ацы уысм, Роксанæ! Роксанæ. Æз уарзын дæу! Нæ ахуысдзæн дæ арт! Сирано. Нæ, нæ, мæ хур! Æгъгъæд мын у дæ рæвдыд, - Ныр фестади рæсугъд аргъау мæ цард. Бæгуыдæр, - рыгъд, мæгуыр æмæ уыргæфтыд Ыссарынц амонд аргъæутты æрмæст; Гуылмыз принц уым æрдхæрæн лæппу фесты, Æрæвæры йыл хуры чызг йæ цæст... Роксанæ. Мæ зынаргъ! Сирано. Бузныг! Ме стыр зынтæ фесты. Бæллиццаг фын æцæг хуызы уынын. (Мæймæ скæсы æмæ худы.) Мæ хæлар мæй! Æз демæ дæн... Мæлын! Роксанæ. Хуыцау! Цы мын радтай æрæджиау дзæбæхæй, Ныр уымæй мæн цæмæн кæныс æнæ хай!
612 с*^г*и с&\ ****+ *#ми (г^и <г#и ^ч^ Сирано. Ле-Бре! Æз мæймæ атæхдзынæн ныр, Хæдтæхæг дæр мæ нал бахъæудзæн уымæн. Уыдзæн мын уым сæрибары быдыр, Æмæ дзы æз æндæр цардæй цæрдзынæн. Роксанæ. Цытæ дзурыс? Сирано. Цытæ дзурын æцæг? Сызгъæрин мæй, - рæсугъд дуне, хæстæг, Цæрæнбонты дæумæ тырны мæ зæрдæ, Уыдзæн мын уым дзæнæт æмæ бынат. О, уым æрцæрынц адæмы хуыздæртæ! Уым - Галилей! Куырыхон лæг Сократ! Ле-Бре {мæстæлгъæдæй). Нæ, нæ! Æлгъаг ми! Сау хъуыддаг! Фыдракæнд. Ыстыр поэтмæ чи систа йæ къух?! Цы зонд мæлы!.. Хуыцау, тæригъæд бакæн! Сирано. Ныууадз, Ле-Бре! Хъуыр-хъуыр кæныс æдзух Ле-Бре (кæугæйæ). Мæ хæлар! С и р а н о (сысгпы, йæ цæстытæ тартæ кæнынц). Фæцæуынц гаскойнаг хæстонтæ, Нæ цæстыты æхсар æмæ цæхæр: Мах рæзæм хурмæ... Уалдзыгон цъæх бонты... Ис буарыгъæды... Бамбарут мæн дæр! Ле-Бре. Сæнттæ цæгъды. Уæззау сагъæс - йæ удхор. Сирано. Зæгъы Коперник... Роксанæ. Цас у, цас, йæ_удхар! Сирано. Æцæг? Æмæ цæмæн æрцыди а зæхмæ сыгъдæгæй? ооооооооеоеоешшоеосэр^оеосоооеэроо
Г’у <?ф *Ф> *>№ ^Х** ('>У*>> ('Ф» <Ф» <*) Щ афо оф>) оф>) (ф>) (<Фо <Фо (ОД Ф) 613 Цы агуырдта сæлхæрты дуджы лæг? Цæмæн ыл худт йæ дард бæллиц тызмæгæй? Цæмæн уыди поэт?.. О!.. Ам ныгæд æрцыд Поэт, философ, зондагур, хылгæнаг, Йæ уæззау куыстæй чи нæ ссардта цыт, Гъеуыцы мæгуыр; диссæгтæ ыскæнæг, - Нымад нæ уыд, фæлæ уыди хæрзгæнæг. Хæрам æмæ æвзæрдзинæдты знаг, Цыбырæй - Сирано де Бержерак. Ныффыссæм ын йæ уæлмæрдыл ныхæстæ: Цымыдисаг цæмæй уыд, уый æрмæстдæр, - Уыд алцы æмæ ницы уыд уæддæр! Фæлæ цæуон... ныр афон у... кæмдæр Æрттивы мæй... Уый хоны мæн йæ фæстæ... (Æрхауы бандоныл. Роксанæйы цæссыгтæй æрчъщыдта, кæсы йæм, йæуырзтæй йын æвналы йæ даргъ кæлмæрзæны кæронмæ.) Нæ! Кристиан уыд тынг зондджын, æвзыгъд! Хæрын дын ард, дæ уарзты аккаг уыд, Æмæ йæ уарз... Æрмæст нырæй фæстæмæ Дæ саутæ уæнт мæн тыххæй дæр... гæзæмæ. Роксанæ. Дæу уарзын æз, - уый зон! Хæрын дын ард. С и р а н о (фестъæлфы, фесты тагъд). Нæ, ацы зæххыл нæ! Зынаргъ мын у дæ цард.. Йе ’нцой балæууынц. Цæуын æз иунæгæй. Æмбал нæ хъæуы. Мæ туг ныууазал!.. Уæртæ и, - æрцæуы! (Бæласыл банцой кæны.) Лæгæй-лæгмæ йыл сæмбæлдзынæн æз Æдкард... Р о к с а н æ-(тынг тыхстæй). Фæкæсут æм! Йæ фервæзын - нæ хæс! Сирано сласы шпагæ, иууылдæр иуварс алæууынц.
01Я- ио (<м ом <-*№ <<ф» «Ф» <-*Х(>) <">№ Гг>) 0>) о*Х*2 ф$ ф$ фъ ф.) 'ч>*.) оф$ (.*; Сирано. Æлгъаг мæлæт!.. Кæуыл худыс кæл-кæлæй? (Шпагæ хæрдмæ сисы.) Мæ кардæн аргъ ыскæн!.. Цы загътай, цы? Дæуæн ызнаг æнхъæлæй Æз худæг дæн, сæрхъæн? Мæхæдæг дæр æнæпайда хъуыддагыл Нымайын ам мæлæтимæ хæцын. Уыныс, лæууын сæрсæфæны фæндагыл. Фæлæ тыхсаст лæджы ныхмæ цæуын Тæппуды куыст у. Чи лæууы мæ разы? Сæдæ стут? Мин? Кæй бафтаудзыстут тасы? А-гъа! Ныр базыдтон сымах! Мæ рагон хинæйдзаг ызнæгтæ! Ды, хахуыр! Нал дын ис гæнах! (Кардæй уæлдæф рæхойы.) Мæнгарддзинад! Ыскъуынын дын дæ тæгтæ! (Цæвы кардæй.) Æдылыдзинад, мæнæ дæ ды дæр!.. Мæнгтæ, хæрам... Ысбирæ стут æгæр! Æз басастæн? Фæуадзут уал уæ хъазын!.. Уырны мæ, иумæ басæтдзыстут мæн. Уынын, ингæн Лæууы мæ разы... Цæй тыхджын у уæ марг æмæ уæ рын!.. Фæлæ уæддæр хæцын, хæцын, хæцын! (Цæвы кардæй уæлдæф. Иæ тых сæтты. Æрæджиау æнæбонæй æрлæууы.) Мæ цард мын байстат! Фехæлдтат мæ зæрдæ! Фæци æнæхай лавыртæй мæ сæр! Æппæтдæр айсут! Айсут, цæй! Уæддæр Æз ахæсдзынæн иу хæзна уæ сæрты Рæсугъд æмæ сыгъдæгæй, - уый мæнæн Хъысмæтæй баззад хорзæхæн. Изæры еоеосоеоеооооооэоосососзес^оеэсосоеососоооеэеоæз
(<.) <«/'•)' <•*/'.) (■•>/>.) ^У’Ц <■'}'■) ''<■'/'!) <"У'.) <■') 615 Хуыцауы раз куы ’рлæууон, уæд тæмæн Уый хуры тынтау калдзæни мæ сæрыл, Уыдзæни кадджын, ирд æмæ уæздан... (Шпагæ йæ къухæй æрхауы, йæхæдæг фæцуды æмæ бахауы Ле-Бре æмæ Рагнойы хъæбысмæ.) Р о к с а н æ (æргуыбыр æм кæны æмæ йын йæ ныхæн пьа кæны). Цы уыдзæн уый? С и р а н о (йæ цæстытæ байгом кæны. Роксанæйы базоны æмæ амондджынæй бахуды). Мæ худыл - рыцары нысан... Æмбæрзæн еоеоророророеосоаороеэр сророрзроеоррроеорзроррео
616 оо *»х*о ьх** ('*Х** (<*Х*» (г*Х°> ('*Х*> ('Ф> °*) (^ Г^ <^ С'*Х^ ВД (<*/'У ^/«у ««/гу (,-;) УАРЗ Т ÆМÆ ЛÆГДЗИНАДЫ КАДÆГ 1910-æм азы ирон журнал «Æфсир»-ы дыууадæсæм номыры мыхуыргонд уыд иу сурæт. Æмбислæг кæсы сæрыстырæй, йæ цæсгомыл зыны ныфс, рухс, сфæлдыстадон уæлтæмæн. Сурæты бын фыст: «Ростан. Адæмы бæсты мæргътыл пьесæ ныффыссæг». Ростаны аллегорион пьесæ «Шантеклер» йæхимæ æркæсын кодта æппæт культурон адæмты. Æвæццæгæн, ирон журналаразджытæ дæр сæ хæсыл нымадтой нæ адæмы æмбисонды поэтимæ базонгæ кæнын. Рæстæг цыд. «Шантеклер» ферох. Фæлæ нæ ферох Эдмон Ростаны ном. Поэты æнæмæлæт скодта хъæбатырон комеди «Сирано де Бержерак». Уый у уарзт æмæ лæгдзинады кадæг, алæмæты поэтикон уацмыс, арвау - ирд, зæххау - хъæздыг æмæ рæсугъд, æвидийгæ - йæ ахадындзинад. Уацмысы руаджы æнæмæлгæ сси Сирано де Бержерак дæр - йæ сæйраг герой. Уый цард XVII æнусы, Францы номдзыд драматургтæ Корнель, Мольер æмæ Расины рæстæджы, уыд йæ заманы зындгонд поэт, философ, æфсæддон. Фæлæ æрмæст Ростаны уацмысы фæрцы схызт уый намысы бæрзондмæ, - ныр нæуæдз азы дæргъы цæуы зæххыл, зилы бæстæтыл, хæссы цин æмæ æхсызгондзинад йæ курдиатæй, йæ зонды рухсæй. Сирано уыд мушкетер д’ Артаньяны æмдугон, уыд дуэльты хæцæг, намысы сæраппонд йæ карды æрттывд быцæу кæны Дон Кихоты арц æмæ æрдхæрæн мушкетеры шпагæимæ. Цæуы зæххыл Сирано æмæ цыргъ ныхасæй судзы царды сыдывд æгъдæуттæ, хæрам æмæ гæдыдзинад, дисы нæ æфтауы йæ уæздандзинад, йæ рæдау зæрдæйы рухс. Йæ митæ кæм комедион сты, кæм трагедион, «æнæ фæхудгæ, æнæ фæкæугæ сæм чи лæууыди?!» Махæн уæлдай хæстæг уымæй у, æмæ нын йæ бирæ миниуджытæй нæ зæрдыл æрлæууын кæны нæртон «саудзагъд æмæ къуыпных» лæппуты. Даргъфындз Сирано у фыдуынд, фæлæ нæрæмон, хъаруйæ æххæст; хуыцауæй, хицауæй йæ сæрæй никæмæн кувы, табу кæны æрмæст зонд, рæстдзинад æмæ сыгъдæг уарзондзинадæн. Йæ ныхас - йæ кардау цыргъ æмæ
0\ьХ<»Л/ь ^ ^.х# Ф* ъг* ^ХЦЪ 617 6> «ф>У <*ф>) офо^Фо '$Фо "~<<фу *\<Ф>) 'с«) ирд, уый у йæ курдиат, йæ уды рухс. Йæ уæздан хъуыддæгты йæ хуыз аивы æмæ разыны йе ’цæг рæсугъддзинад. Эдмон Ростан (1868-1918) фыста аив лирикон æмдзæвгæтæ, уыд мæлгъæвзаг поэт. Фæд-фæдыл цыдысты йæ драмон уацмыстæ. Йæ фыццаг зынгæ æнтыст уыд комеди «Романтиктæ», стæй драмæ «Принцесса Греза». Уыдоны поэт сног кодта романтизмы фæрæзтæ, бæрзонд систа сыгъдæг æмæ рæсугъд бæллицтæ, тыхджын æнкъарæнтæ. Драмæтæ сты лирикон, поэтикон, се ’взаг - рог, аив, нывæфтыд. Ростан кад кæны сфæлдыстадæн, йæ хъайтартæ арæх вæййынц «аивады дзуарылæгтæ». Уыдонæн поэзи у рæсугъддзинад, царды цин, зонды цырагъ; поэзи у, царды иугъæдон æрхæндæгæй, æрвылбоны лыстæг сагъæстæй адæймаджы чи ирвæзын кæны, ахæм амонд; поэзи у, пайдайыл тохы цъымарайæ адæймаджы монон рухс бæрзæндтæм чи сисы, рæсугъд æй чи кæны, йæ уд ын хæрам æмæ чъизи мондæгтæй чи сыгъдæг кæны, уыцы алæмæты тых. «Сирано де Бержерак» фыст æрцыд 1897 азы, уæд æвæрд æрцыд Парижы театрты, стæй æндæр бæстæты дæр. Уыдис ын егъау æнтыст. Поэты хæлар, фыссæг Жюль Ренар йæ боныджы ныффыста: «Куыд амондджын дæн æз! Куыд æхцон у мæнæн! Ныр фæсмон нал кæнын, æгæр æрæджиау кæй райгуырдтæн æмæ Виктор Гюгойы æхсæнады кæй нæ цардтæн, ууыл, уымæн æмæ мæ хæлар^ Ростан». Æмдзыхæй дзырдтой, зæгъгæ, фæзынд «æмбисонды диссаг». Ростанæн йæ литературон знæгтæ дæр бахаудтой йæ аивады уацары: сæ фаутæ, сæ даутæ фесты æппæтадæмон цины бын. Уый канд Ростаны æнтыст нæ уыд, - фæуæлахиз ног романтикон театр, сног сты национ поэтикон традицитæ. Иууыл стыр аргъгонд ын æрцыд революцион Уæрæсейы. Уацмысы ис бирæ фæлгонцтæ - æххæст, цардæгас, хуызджын. Фæлæ йын æнусон цæрæнбон радта сæйраг архайæг. Сирано царды дæр уыд зынгæ адæймаг, хъуыдыгæнæг. Йæ миниуджытæ ирддæрæй разындысты_уацмысы. М. Горький фыста: «Ростаны геройы хуызæттæ бирæ нæй, фæлæ уыдон æдзухдæр сты æнамонд, уымæн æмæ сын ис намысджын хъысмæт: вæййынц се ’мдугонтæй хуыздæр æмæ зондджындæр. Бардзæй цас 09090909090909рШОр009РОр^909С00000090909р90Ш9
ОХО («>) <*{(,) с*У«.) (М 0,у*,> (гф>) (<ф>) (<ф) V; (Я> го^ С^ С'*Х*у Ф;> (&*-> 1<»Ъ «Ф<> (!*) уæлдæр æмæ бæрзонддæр уа ахæм адæймаг, уыйбæрц фылдæр цæфтæ хауы йæ сæрыл». Æнæсæттон, зындзæрин адæймаг уыд Сирано де Бержерак, нæ фидыдта барджын хицæуттимæ, нæ барста мæнгард хъалтæн, нæ хатыр кодта, курдиат кæмæ нæй, афтæмæй аивад æгад чи кæны, уыдонæн; къахы загъд, кæны хыл, фæлæ æдзухдæр - мæнг уæздæттимæ, æдзухдæр рæстдзинады сæраппонд. Æмæ йын уыд бирæ знæгтæ, арæзтой йын бирæ фыдбылызтæ; уыйадыл цард мæгуырæй, фæлæ сæрыстырæй; нæ басаст, бæрзонд хаста намыс æмæ адæймаджы ном. Фыдгултимæ - æгъатыр, хæлæрттыл - иузæрдион æмæ аудæг, уарзоны амонды тыххæй йæхи амонд нывондæн чи хæссы, ахæм адæймаг у Сирано. Патриот, хæсты быдыры хъæбатыр æфсæддон, зондджын фæтæг, æмбæлттæн ныфсдæттæг, ахæм бæгъатыр лæг у Сирано. М. Горький уæлмонцæй дзæгъæлы нæ фыста А. Чеховмæ: «Вот как надо жить - как Сирано!» Ростан зæриндзых поэт у. Уый тæлмац кæнын зын æмæ бæрнон хъуыддаг у. Фæлæ кæд йæ аивады бæркадæй, йæ ныхасы рæсугъддзинадæй нæ адæммæ, уæд та, майдыма, гыццыл исты æрхæццæ, уæд мæ фыдæбон дзæгъæлы нæ фæци. Кæд Сирано иронау сдзура, уæд æз уыдзынæн амондджын. Тæлмацгæнæг рооос^орооор<эа9рзр5К2^эе^рр^ор5Р^ророророс^^
Г^ л»/^ г«/*> К<<у (.»/«у еХ^ с»/*г; С'»/^ *1> ФИППЛИНÆГТÆ Хорз уацмыс царды айдæн у. Зынынц дзы, цы рæстæг æвдисы, уый æууæлтæ, цы заманы фыст æрцыд, уый миниуджытæ. Афтæ у Э. Ростаны комедийы дæр. Æвдыст дзы цæуы Парижы цард, хæстон лагер, «уæлдæр æхсæнады» æгъдæуттæ, театралон æмæ сфæлдыстадон кусджыты цард. Уымæ гæсгæ дзы бирæ ис рагон хабæрттæ, историон æмæ мифологон нæмтгæ, фæлгонцтæ, алыхуызон терминтæ. Уыдон ам амынд цæуынц цыбырæй. Фиппаинæгты пайдагонд цæуы, Ростаны уацмыс чи иртæста, уыцы ахуыргæндты куыстытæй. Бургундаг Отель- Парижы рагондæр драмон театр, арæзт æрцыд 1548 азы. Б р е т ё р - хылмондаг, дуэльты хæцæг. Р о т р у, Жан (1609-1650) - францусаг драматург-классицист. К о р н е л ь, Пьер (1606-1684) - стыр францусаг драматург. Йæ зындгонд трагедитæ «Сид», «Гораци», «Циннæ» æмæ æнд. П а ж - уæздæтты лæггадгæнæг лæппу. Б а р о, Бальтазар (1600-1650) - ницыгомау францусаг драматург. Йæ пастораль «Клоризæ» æвæрд æрцыд «Бургундаг Отель»-ы 1631 азы. МароттаБопре, Бельроз, Жодле- Сиранойы заманы зындгонд актрисæ æмæ актертæ. Монфлёри- «Бургундаг Отель»-ы трагикон актер; йæ хъазт, йæ ныхас уыдысты æгæр «цæхджын». Антиной- иттæг рæсугъд лæппу, ромаг пмператор Адрианы лымæн. Академи- Францусаг академи (ам: академийы уæнгтæ), байгом æй кодта кардинал Ришелье 1634 азы. Моценат- аивад æмæ зонады кусджытыл æрмдарæг хъæздыг лæг (ахæм лæг Меценат цард рагон Ромы). Триолет- æмдзæвгæйы бæлвырд хуыз. Филипп-æмбисонды н ьт в г æ н æ г. - Филипп Шампайнаг (1602-1674), райгуырд Фландрийы, цард æмæ куыста Францы, арæзта Къарол Людовик XIII, Ришелье æмæ æндæрты сурæттæ. еОО9ООО9О9Р9О90ОССХ?0ООС9рОС0С0р0р_ОС^
620 (’и^и (^ъ^\ <&»^#\<'!#\«^г'» К а л л о? Жак (1592-1635) - курдиатджын францусаг гравер æмæ нывгæнæг. Укардиналыхæрæфыртйæус...- Ришелье (1585-1642) - кардинал, францусаг паддзахадон архайæг, къарол Людовик ХШ-ы фыццаг министр, бархъомысджын. Фыста æмдзæвгæтæ æмæ трагедитæ дæр. Де Гиш уыд йæ сиахс, æмæ уый ныфсæй кодта йæ сау хъуыддæгтæ. Нелымæсыг (растдæр - Нелы кулдуар) - уыд Парижы, Лувры ныхмæ; арæх уыд дуэльты бынат. Пастораль- литературон уацмыс фыййæуттæ æмæ зæхкусджыты цардыл. ХУ1-ХУП æнусты - пьесæ, фæзминаг кодта хуымæтæг адæмы мæгуыр, фæлæ уæздан цард. Федоны роль- Баройы пастораль «Клоризæ» - йы архайæг. Т а л и я - музæ, бердзенты (грекъы) мифы комедийыл аудæг, бардуаг. Годзыкъах- оригиналы: котурн (тæ) - бердзенаг æмæ ромаг актерты къахыдарæс, цæмæй актер стырдæр зындаид герой кæнæ хуыцауы ролы, уый тыххæй сын уыд хъæдæй тынг бæзджын уæфстæ. С а м с о н - библийы мифон герой, æвирхъау тыхджын. О р а т о р - XVII æнусы афтæ хуынд, спектаклы размæ пьесæ æмæ йæ архайджыты тыххæй чи ныхас кодта, уыцы актер. Мельпоменæ- музæ, бердзенаг мифы трагедийыл аудæг, бардуаг. Кандаль-герцог, францусагинæлар. П и р а м - францусаг поэт Теофиль де Виойы (1590-1626) трагеди «Пирам æмæ Фисба» - йы хъайтар. Уацмыс дзаг уыд мæнг пафос æмæ цæссыгтæй. Б у ф ф о н - театрдзауты фæхудын кæныны сæраппонд быдзæуы митæ чи кæны, ахæм актер. Балладæ- поэтикон уацмысы бæлвырд хуыз. Ф е р т - афтæ хуынд дамгъæ «Ф». Амоны, зæгъгæ, афтæ фæлæууы, йæ синысæртыл хæцгæйæ^хъал, къуыдипп, тыхлæг. С и л е н - бердзенаг мифты сæны бардуаг Дионисы æмдзæхдоны хæлар, æвдыст цыд къуымæлдзæф зæронд лæджы хуызы.
Со <?ф) %6>) «ф) Сф>) ОчГ*>) (Гф) ЪГ*о Ь; 62 1 (^ «ф.) оф0 <ф>) <м/«у («»Х'^ '"У«у С'*Х^ г<«; А м у р - ромаг мифты уарзты бардуаг, нывты æвдыст уыд афтæ: базырджын гыццыл лæппу фат æмæ æрдынимæ. Д и а н æ - ромаг мифты цуаны бардуаг; æвдыстой йæ афтæ: рæсугъд чызг æрдын æмæ сагъадахъимæ. Бердзенаг мифты - Артемидæ. Д у э н ь я - Ныгуылæн Европæйы - ацæргæ сылгоймаг, уæздан чызгмæ цæстдарæг. Субреткæ- рагон комедиты - æхсины хъæлдзæг, ныхджын, æппæтзонæг лæггадгæнæг чызг. М а л е р б, Франсуа (1555-1628) - францусаг поэт-лирик, литературон архайæг. О р ф е й - бердзенаг поэт. Мифмæ гæсгæ йæ амардтой расыг устытæ, йæ ус Эвридикæйыл йæ мæлæты фæстæ дæр йæ зæрдæ кæй нæ ивта, уый тыххæй. Менадæтæ- рагон Грецийы - сæн æмæ цины бардуаг Вакхы (Бахусы) кувæндоны кусæг сылгоймæгтæ, вакханкæтæ. Бенсерад (1612-1691) - францусаг поэт, салонты къæбæлдзыг поэзийы минæвар. Сент-Аман (1594-1661) - поэт-сатирик. Ш а п л е н (1595-1674) - поэт, классицизмы теоретик, Францусаг академи аразджытæй иу. Р е н о д о, Теофраст (1586-1653) - 1631 азы Ришельейы уынаффæмæ гæсгæ уагъта фыццаг францусаг газет. «А г р и п п и н æ» - Сиранойы трагеди «Агриппинæйы мæлæт», фыст æрцыд, ам архайд кæд цæуы, уымæй фæстæдæр, 1653 азы. Феодализм æмæ дзы дины ныхмæ уыд ныфсхаст хъуыдытæ, уымæ гæсгæ сси хъаугъайаг. П а р и с - бердзенаг мифты Трояйы паддзахы фырт, ныр уыцы ном сси рæсугъд лæппуйы фæсномыг. Аполлон- рагон бердзенаг дины сæйрагдæр хуыцæуттæй иу, хур æмæ аивады бардуаг, сси рæсугъддзинады символ. Марс Аполлонæн бахордта йæ бынтæ. - Марс - ромаг мифты хæсты бардуаг (бердзентæм - Арей). Ам «Марс» амоны æфсæддон, Рагно кæй азарæй сгæвзыкк, уый; «Аполлон» та - «поэт», Рагно афтæ хоны йæхи. А р р а с - горæт æмæ фидар Францы цæгат-хурыскæсæны. А н т о н и (83-30 азты мах эрæйы агъоммæ) - ромаг зындгонд политикон архайæг, хъæбатыр хæстон фæтæг.
622 (р^^^^^^^^ щ «№ о*Х*у ад (<Хь (<*Хгу с<*Х*> <<Х<э (ч) Хуымæтæг саби нæу, уый Геркулесу.-Бердзенаг мифы Геракл ноггуырдæй ныххурх кодта дыууæ залиаг калмы. П е г а с - Бердзенаг мифы - поэзийы базырджын бæх. В у а т ю р, Венсан (1598-1648) - францусаг поэт, рæсугъд, къæбæлдзыг ныхæстæм уыд æмхиц. Д и о г е н - рагон бердзенаг философ. Ам ис йæ цардæй иу хабар: Диоген боныгон уынгты цыдис цырагъимæ æмæ дзырдта: «Æз агурын адæймаг», ома æцæг æнæаипп адæймаг. ДыБекингем нæ д æ, æ з та нæ дæн паддзах. - Ам ис Францы ус-паддзах Аннæ Австриаг æмæ англисаг политик герцог Бекингемы сусæг ахастдзинæдты кой. Бæстон сæ æвдисы А. Дюмайы роман «Æртæ мушкетеры». Л а з а р - евангелийы таурæгъы мæгуыр Лазар цард, хъæздыджы фынгæй цы къæбæртæ хауд, уыдонæй. Каннибал- лæджыфыдхор, йæ кой арæх æмбæлы рагон уацмысты. Артъауызы хæст- Уырыссаг тæлмацы - Болыной Медведицы укус. Ам ис стъалыгуппары кой, Сирано йæ кæны удджын, сырды хуызы. Артъауыз - ирон мифты - тугдзых сырдтæ, кæлмытæ, кæфхъуындарты сфæлдисæг; хуыцау æй рæхыстæй бабаста мæймæ. Домбай, Тæрæзтæ- уыдон дæр стъалыгуппартæ; ам: сырд æмæ дзаумайы хуызы. Мæ чиныджы ныффысдзынæн бæстон.-Сирано 40-æм азты фыста чиныг «Иной свет, или Государства и империи Луны». Мыхуыргонд æрцыд 1656 азы. Регомонтан (1436-1476) - зындгонд немыцаг астроном. А р х и т, Тарентаг (мах эрæйы агъоммæ IV æнус) - зындгонд бердзенаг математик, астроном, Платоны хæлар. И н ф а н т - Испанийы принцы титул, къаролы фырт, йæ байзæддаг. Ахиллау цатырмæ цæуын. - Амоны: нал хæцын. «Илиадæ» - йы герой Ахиллæн (Ахиллесæн) йæ уацайраг чызг Брисеидæйы паддзах Агамемнон йæхи куы бакодта, уæд Ахилл нал хæцыд, йæ цард æрвыста йæ цатыры. И л и а д æ - бердзенты эпос. Гомеры поэмæ. Куртизан- уарзтæмхиц адæймаг.
Ц ,„/*,, г.*/*) (о/*>) 0*/<у С*Х«У «Фу **>*>) С«*> Д е к а р т (1596-1650) - стыр францусаг философ-математик æмæ физик. Къарол Генрих-ГенрихIV(1553-1610), францыкъарол (1594-1610). 1590 азы иу хæсты размæ йе ’фсæдтæн загъта: «Уæ рæнхъытæ ма фехæлæнт; уæ тырысатæ куынæуал уынат, уæд-иу кæсут мæ худы урс коцорамæ, уый уæ кæддæриддæр кæндзæн уæлахиз æмæ намысы фæндагмæ». Квартирмейстер- æфсадæн бынат æмæ æхсæвиуат рæвдзгæнæг хæстон. Интендант- æфсады хæлц æмæ дарæсæй рæвдзгæнæг. Золушкæ- адæмон аргъæутты сидзæр чызг, зындгонд у Шарль Перройы аргъаумæ гæсгæ. Сианойы заманы фыст нæма уыд. Идальго- испайнаг уæздан, æлдар. Кипридæ- бердзенаг мифты рæсугъддзинады бардуаг Афродитæ, ацы зæд тынг нымад уыд Кипры, - ардыгæй равзæрд йæ ном дæр. Артемидæ- цуаны бардуаг, зæд, Аполлоны фаззон хо. Рагон аивады йæ æвдыстой цуанон чызджы хуызы. Валтасары куывд- Библийы паддзах Набониды фырт Валтасар йæ цард æрвыста куывдты. Иу куывды заман къулыл фæзындысты зынг фыстытæ, - мард кæй æрцæудзæн, уый æвдисæн. П е н е л о п æ -Гомеры эпосы герой Одиссейы ус, æмбисондæн баззад, йæ моймæ æнхъæлмæ кæсын куыд фæрæзта, уымæй. Версаль- Францы паддзæхты резиденци. МарияМанчини- кардинал Мазаринийы хæрæфырт, къарол Людовик ХГУ-ы уарзон. «С к а п е н» - стыр францусаг драматург Мольеры (1622- 1673) пьесæ «Скапены фæлитой митæ», æвæрд æрцыд 1671 азы. Сирано нæ зыдтаид, Мольер ын йæ драмæйæ (науы тыххæй ныхас, сценæ) спайда кодта, уыцы хабар. Г а л и л е й, Галилео (1564-1642) - стыр италиаг физик, астроном, фыццаг хатт спайда кодта телескопæй. С о к р а т - рагон бердзенаг философ. Коперник, Николай (1473-1543) - стыр полыпæйаг астроном, дунейы центр хур у, уыцы системæ скæнæг. Сирано разы уыд уый ахуырадыл.
624 ф^&^№<'$*\ у>\ у»><';х»+<'#*^о Гюго Мари Виктор * * * Кæсы мæм хатгай цард æлгъаг æмæ æвиллон, Фæкалы ме стих уæд нæргæ мастæй цъæх пиллон, Мæхимæ уæд зынын Бæлас, цыма йæ уад ысрæдувы бындзарæй; Фыцы мæ риуы дур, æдзæм рыст æмæ сарæй Уæззау хъыгты хъæрзын. Рæстдзинад нæй! æфсарм кæны бынсæфт тыхмитæй, Чызгон дарæс, пæлæз - ыскæнæд сæ фæлитой, Рæмпæг у уый уæддæр. Æвдæрзы нæ тыхбар, хæрамæй аргъуан дары Фыдгæнджытыл йæ арм, хæрзгæнæг тæрхон тары Æмбæхсы арф йæ сæр. Коронæтæ - дзæвгар, куырм нæ кæнынц æрттывдæй, Цъæхсæртæ сты хæтæн, сæ хъаст æмæ сæ куывдтæй Нæ сæрмæ арв ныссау. Ысхауæггаг нæ уд, нæ зонд хъыгтæй ныррахæн, Æппæт динтæ - мæнгард, кæнынц фæлывдæй махæн Дæлимонтæй хуыцау. Фыцы мæ риуы маст. Кæм ыссарон ныхæстæ, Хъуырантыл, библитыл æд марг æмæ æд хъæстæ Цæмæй бандзарон арт?! Мæ зард, тымыгъау сыст, цырын æмæ æвзыгъдæй Софистты, залымты дæрæн æмæ бынсыгъдæй Ныссæрф нæ зæххæй дард! Мæ риуы судзы арт, мæ уд мын маст æхсыны, Æрбады арвыл мигъ, йæ тарæй дур нæ зыны, Мæ зæрдæ дзы ныддур. Сымæр у цард. Мæлæт ызгæ цæвæгæй хъазы... Уынын сырх розæ уæд, кæсын, æмæ йæ разы Ныккаст мæ риумæ хур. с^осооор^ороа^^^^^^^осоо^^ор^оо^^^
625 Иоганн Вольфганг фон Гете УАМТА8! УАМТАТЦМ УАМТА8! Мæн ницы рамбулын фæндыд, Гъей-гъой! Уыдтæн уæд амондæй рæвдыд! Гъей-гъой! Мæ хæлар, дзаг нуазæн æркæн, Дзæбæх ныххырхæм иумæ сæн, Нывыл нæ зарæг уæд цæудзæн. Æрфæндыд минтæ ссарын мæн, Гъей-гъой! Рæузондæй рог цинтыл зылдтæн, Гъей-гъой! Сыфтæртау тумантæ уыгътон, Рæдау сæ сæндæтты сыгътон, Нæ уыд сæ бафснайын мæ бон. Æрфæндыд сылтыл зилын мæн, Гъей-гъой! Зæххыл зындоны хай фæдæн, Гъей-гъой! Сæ иуы хин митæй сыгъдтæн, Æндæры узæлдæй тыхстæн, Сæ иуæй иннæмæ лыгъдтæн. Æрфæндыд абалц кæнын мæн, Гъей-гъой! Кæм и дзæгъæлдзуйæн цæрæн? Гъей-гъой! Хæтæнты никуы смарзтон сой, Нæ ардтон иу ран дæр æнцой, Зынты хæрз иунæг у хæтой. Æрфæндыд ном ыскæнын мæн, Гъей-гъой! Мæнæн уæд нал баззад лымæн, Гъей-уой! 40
Куы сдæн мæ хæлæрттæй хуыздæр, Уæд разылд накъæтæн сæ сæр, Мæ кад сын - ризæгæй фыддæр. Æрфæндыд хæст бавзарын мæн, Гъей-гъой! Фæкодтон бæстæтæ дæрæн, Гъей-гъой! Мæ куыстæй бирæты цард - хаст, Æрхастон хионтæн фыдмаст, Уыныс, мæхæдæг та - зæнгсаст. Ныр ма цы бавзарон, зæгъут? Гъей-гъой! Уæддæр - къуывввитт æмæ гаффутт, Гъей-гъой! Фæци нæ зарæг дæр нывæст. Æркæн, - кæд ма дæм аззад нуæзт, Уæд æй ныффу кæнæм æххæст! -=<Щ©>- сос^^^^^^.осо^о^гх?о^^осос^^ососос^^^^
Фридрих Шиллер НОГ ÆНУСЫ КЪÆСÆРЫЛ Нæй бынат æхцон цардæн нæ зæххыл, Нæй сæрибар арвы бын лæгæн! Ивгъуыд дуг нæ бафтыдта фыдæхыл, Ног æнус нæм тугвæдыл цæудзæн. Хорз æгъдæуттæй баззади сыгъдæттæ, Адæмы фарн - хæлд æмæ ыссæст; Тугæй фурды схъулон кодтой дæттæ, Иу хуыцау дæр нал уромы хæст. Бампылди дыууæ адæмыл бæстæ, Тохыл хъарынц хотыхтæй сæхи, Уарынц зæхх - ныккодтой йæ гæбæзтæ, Ныр кæнынц сæрибарæн тыхми. Калы дуне стыр хъалон сæ разы, Мулк сæ скодта хъал æмæ мæнгард. Тых - закъон, рæстæвзарæн тæразыл Бреннау франк æрæвæрдта йæ кард. Бриттæ стыхтой сау зæххыл бæндæнтæ, Фурд кæны сæ нау-дзыгуыртæй быр, - Бацахстой Донбеттырты хæтæнтæ, Дарынц сыл сæхи дуæрттау гуыдыр. Тар хъæд æмæ сакъадæхтæ сгарынц, Агурынц Æрфæныл дæр тæлæт; Арвгæрон хæтынц, фæлæ нæ арынц Арвы бын æнцой æмæ дзæнæт. Хуым æфсир кæм æфтауы æдзухдæр, Лæг кæм цæры буц æмæ фæрнæй, Цард кæм у зæрин дугæй рæсугъддæр, Ахæм бæстæ мах картæйыл нæй.
628 (*} ’ «фу '**&> '0*У^ «*Х';> '<<Ф'У ’(Ф$ ’ «Фу <ч) Сты æгæрон фурд дæр æмæ сур дæр, Чи скæндзæн сæ арæнтæм фæндаг! Зæхх - уæрæх, нæ йыл æххæссы хур дæр, Нæу уæддæр дæс амондджынæн фаг. Цæр æнцад, дæ сыгъдæг уд - дæ бæстæ, Уым нæ уыдзæн талф-тулф æмæ хæст. Фидауцыл кæнæм æрмæст ныхæстæ, Ис сæрибар рухс сæнтты æрмæст. -æ©>— о^оооо^^^^оооооо^^оооо^^^орор^^ооор^
о*^^^^Ф>^^^Ф>^ 629 (<у <}*/«>) а>Х*>) (^4 о*Х^ "с«»Х^ С«»У^ ("У^ <Ч> Грыммельсгаузен Ганс «СИМПЛИЦИССИМУС» (Скъуыддзаг романсей) Дуне, хæрзбон! Уымæн æмæ дæуæй нæй ныфс æвæрæн, нæй дыл зæрдæ дарæн; дæ быууаты бабын и знон, нæ къухæй хауы абон, фидæнæн та никуы и ’рцæуæн; иугъæдон цы у, уый дæр хæлы, æппæты фидардæр цы у, уый ныррыг вæййы, æнусондæр цы у, уымæн дæр æрцæуы кæрон; афтæ, ды мæрдты ’хсæн мард дæ, æндæр ницы дæ мур дæр, æнусты дæргъы нын нæ дæттыс сахаты бæрц цард дæр. Дуне, хæрзбон рау! Уымæн æмæ ды дæ уацары райсыс мах æмæ нæ сæрибар нæ уадзыс; ды нæ сбæттыс, фæлæ нæ халыс нæ баст; ды бацæуыс нæ хъыджы, рæвдыд дæ нæ зонæм; ды стигъыс нæ царм, фæстæмæ æрду дæр нæ дæттыс; ды мах зылын кæныс æнæ аххосæй, нæ хъусыс нæ рæстдзинадмæ, уæддæр дæ тæрхон хæссыс; марыс нæ рæстæй, ныгæныс нæ цæрдудæй. Нæй дæ мидæг иу цин æнæ хъыг, фидыд æнæ хæрам, уарзт æнæ гуырысхо, æнцой æнæ тас, бæркад æнæ хъуаг, намыс æнæ чъизи, исбон æнæ тыхтона, æхсæны фæлтæр æнæ тыхстæй, хæларад æнæ цæстмæмитæй. Дуне, хæрзбон рау! Уымæн æмæ дæ галуаны дзырд дæттынц, æххæст æй нæ кæнынц, - уый мæт сæ нæй; уым хорз куыстæн нæй аргъ æмæ кад; рæвдауынц нæ, цæмæй нæ ныммарой; бæрзонд нæ сисынц, цæмæй нæ равзилой; уæхск нæм бадарынц, цæмæй нæ асхойой; цыт нын кæнынц, цæмæй нæ цъыфы сæвдулой; исынц хæс, фидгæ - абабау; æфхæрынц æнæхатырæй. Дуне, Хуыцауы уазæг у! Уымæн æмæ дæ хæдзары къæхты бын кæнынц разагъды лæгты, сæ сæргъы æвæрынц æвзæрты, хорзæхтæ калынц гадзрахаттыл, æнувыдты дарынц фæсдуар; фыдгæнджыты уадзынц сæрибарæй, æназымты æфхæрынц карзæй; куырыхон æмæ арæхстджынты сурынц сæ куыстæй, готлеккæн та фидынц бæзджын мызд; уым æууæндынц дыдзæсгомыл, раст æмæ намысджын нымады нæу; æмæ алчи йæ
ООи (*>) <<М ОМ (М Ьр.) Мо) Оф) (<*{*>) (;) ф г^Х^ (^ с^Ь; е*А С'*Х*г> г*/у «*/*> с?) фæндон тæры, кæны, кæй цы фæнды, уый, цы хъæуы, уый та иу дæр нæ кæны. Дуне, хæрзбон рау! Уымæн æмæ ам иу дæр нæ хæссы æцæг ном; къæйныхы хонынц ныфсхаст, тæппуды - уæззаузонд, тæссонды - сабырдзинад уарзæг; бынхоры хонынц рæдау, æлгъины - хæдзардзин, фæлитой дзæгъæлдзыхы хонынц мæлгъæвзаг, мадзурайы та - къуытты ’мæ æдылы; сылваз æмæ къленцы ном - уарзаг, хæлд - уæздан, мæстыгæр - тæвдтуг, хæларзæрдæ - æнæсæр; афтæ, ды æвзыгъды æвдисыс магусайæ, магусайы - æвзыгъдæй. Дуне, хæрзбон рау! Уымæн æмæ ды цыбæл кæныс алкæй дæр: кадмондагæн ныфс æвæрыс цыт æмæ кадæй, тыхстæн ног хæрзтæй, хъалæн æлдары хорзæхæй, æнарæхстæн хорз бынатæй, чъындыйæн хæзнатæй, гуыбындзæлæн цæлминасæй, хъахбайæн æхцон цинтæй, туджджынтæн маст исынæй, къæрныхтæн æдас æмбæхсæнтæй, æрыгæттæн бирæ цардæй, кънйазы хъузæттæн иугæндзон аудынæй. Дуне, хæрзбон рау! Уымæн æмæ дæ галуаны бынат нæ арынц рæстдзинад æмæ æнувыддзинад. Демæ ныхасыл чи схæца, уый æрцæудзæн саст æмæ уыдзæн фидиссаг; чи дыл баууæнда, уый фæуыдзæн сайд; дæ уагыл чи ныххæца, уый бахаудзæн мондæгты уацары; чи дæ тæрсы, ууыл æрхаудзæн фыддæр цæфтæ; йæ зæрдæйы кæмæн ныххауай, уымæн фестдзынæ марг, йе ’ууæнк дыл тынгдæр чи бафтауа, уымæ худинаг æрхаудзæн фылдæр. Ды дæ ахаст нæ ивыс, - цы лæвæрттæ дын хæссынц, уыдонæй, цы лæггæдтæ дын кæнынц, уыдонæй, цы рæвдауæн ныхæстæ дын кæнынц, уыдонæй, цы æнувыд дыл сты, уымæй, цы хæлар зæрдæ дæм дарынц, уымæй; ды уæддæр сайыс, къæхты бын кæныс, хъахбай æмæ æнаккаг кæныс, æвзидыс, сафыс æмæ алкæй дæр рохуаты уадзыс; уыйадыл алчидæр кæуы, дзыназы, хъæрзы, разы нæу, йæ ныфс сæтты æмæ сæфтмæ цæуы. Дæ мидæг лæг цы фендзæн æмæ цæуыл сахуыр уыдзæн, уый - знæгтау кæрæдзийы удтæ хæрын, мæнгардæй мæнгтæ лæхурын, хъæддаг^мотщтæ уарзт æнхъæлын, базарæй кæрæдзи стигъын, фæлывдæй адгур курын, æлгъаг митæн кæрон нæ зонын. Дуне, Хуыцауы фæдзæхст у! Уымæн æмæ, дæ фæдыл чи
^&^^^^^^р*^*) 631 цæуа, уый йæ бонтæ батондзæн рохуаты, æвзонгад - рафт- бафты, гæпп кæндзæн кауы сæрты, уайдзæн фæндæгтыл æмæ фæсвæдты, кæмтты æмæ хæхты, хъæдты æмæ тыгъды, дæтты æмæ денджызты, уайдзæн къæвдайæ-хурæй, сæрдæй-зымæгæй. Йæ лæджы кар бадомдзæн, цæмæй къаха æмæ дон кæна æрзæт, фада æмæ кæрда дуртæ, фæлдаха хъæд æмæ дзы араза дзаумæттæ, садза халсар æмæ хор, йæхи сайа фæндтæ æмæ бæллицтæй, кæна тæрхæттæ æмæ уынаффæтæ, кæна талф-тулф æмæ хъаст, уæй æмæ базар, цæмæй æрвита йæ рæстæг загъд æмæ хъаугъаты, хæсты æмæ сайды. Зæрондæй мах бахус кæндзысты хъыгтæ æмæ гæвзыкдзинад, нæ уд нын скæндзæн æрдуйæ нарæгдæр, нæ комытæф кæндзæни смаг, нæ цæсгом - æнхъырдтæ, нæ астæу - къæдз, нæ цæстытæ - мынæг, нæ сæр - гæмæх, нæ уæнгтæ риздзысты, нæ фындз тæдздзæн, уыдзыстæм уæзхъус, къодахау нал æнкъардзыстæм узæлд æмæ ад, æрмæст хъæрздзыстæм, нæ тых сæтдзæн, уæлхъæдæй æмбийдзыстæм, иу ныхасæй, хъаймæты бонмæ нæ царды ницы уыдзæн фыдæбон, мæт æмæ хъыгтæй уæлдай. Дуне, хæрзбон рау! Уымæн æмæ ам рæстæй ничи цæры. Æрвылбон марынц фыдгæнджыты, скъуыдтæ кæнынц уæйгæнджыты, ауындзынц къæрныхты, стигъджыты æмæ фæлитойты, сæ сæртæ къуырынц лæгмартæн, судзынц кæлæнгæнджыты, æфхæрынц мæнгæрдты, хъоды кæнынц змæнтджытыл. Дуне, Хуыцау дæ хъахъхъæнæд! Уымæн æмæ дæ фæсдзæуинтæн сæ цин æмæ сæ хуыздæр куыст у магусайæ цæрын, кæрæдзийæ хынджылæг кæнын æмæ фидистæ калын, чызджыты рæдийын кæнын, сылгоймæгтимæ хи ирхæфсын, къамтæй хъазын æмæ хъултæ уилын, селфуткæтимæ сæн нуазын, сыхæгтимæ кæрæдзи тонын, дам-думтæ тауын, фыдвæндтæ мысын, хæсджынæй проценттæ стигъын, ног модæтæ скъæрын, ног хинтæ æвзарын, царды ног хъæнтæ уадзын. Дуне, хæрзбон рау! Уымæн æмæ дæуæй ничи_у^разы æмæ рæвдыд. Мæгуыр чи у, уый тырны мулкмæ; хъæздыг чи у, уый ссивы ноджы фылдæр; ныллæг чи лæууы, уый бæллы бæрзонд бынатмæ; æфхæрд чи у, уый архайы маст исыныл; хицауы хъузон
632 (*>) <<*Г«0 Ы& ('»№ Ы») Ы») ('>№ Ы*>) ("» (л> г.^ «Хъ (<*/*> ^ е*/у с</<у «*/**> {'V чи у, уый фæнды æлдариуæг кæнын; хæтаг чи у, уый хъæуы æрмæст нæрæмон тых. Дуне, хæрзбон рау! Уымæн æмæ дæ мидæг ницы ис иугæндзон. Арв æрцæвы бæрзонд мæсыг, ивылд дон аласы куырæйттæ, бæласы хæры калм, хор хæрынц мыстытæ, дыргъ - зулчъытæ, дарæс - рæмпæг; фос мæлынц рахæнæй, адæймаг - низтæй. <...> О дуне, дæ мидæг иу куыд кæны, иннæ афтæ нæ кæны; уымæн æмæ иу куы кæуы, уæд иннæ худы; иу нæты, иннæ райы; иу мархо дары, иннæ сойтæ сдæры; иу куывд хæры, иннæ сыдæй мæлы; иу бæхыл скъæры, иннæ фистæгæй хырхы; иу дзæнгæда цæгъды, иннæйы нæй дзурыны бон; иу хъазы, иннæ кусы; иу райгуыры, иннæ амæлы. Уыйадыл, иу куыд цæры, иннæ афтæ нæ цæры; иу сæргъы лæууы, иннæ лæггад кæны; иу амоны дин, иннæ хизы хуытæ; иу хицæутты раз æркъæдз, иннæ - гутоны хъæдыл; иу цæуы денджызты, иннæ хæты сур зæххыл армукъайæ армукъамæ; иу удхар кæны куырдадзы, иннæ змæнты зæхх; иу кæсаг ахсы доны, иннæ - цъиутæ уæлдæфы; иу сау куысты йæ хид калы, иннæ давы æмæ стигъы бæстæ. О дуне, Хуыцау -дæхъахъхъæнæг. Уымæн æмæ дæ хæдзары рæстæй нæ цæрынц, сæ удисæн дæр æнцон нæ вæййы. Иу амæлы авдæны, иннæ - æрыгонæй йæ хуыссæны, æртыккаг - ауындзæныл, цыппæрæм - карды бын, фæндзæм - марæн цалхыл, æхсæзæм - арты, æвдæм аныгъуылы сæны, æстæм - доны, фарæстæмы хæры йæ гуыбын, дæсæмæн дарынц марг, иуæндæсæм фæтæппæлæг вæййы æваст, дыууадæсæмы хæссы хæст, æртындæсæмы сафы хингæнæг, цыппæрдæсæм та йæ мæгуыр уд дæлдон кæны чернилæстоны. Дуне, Хуыцау - дæ ирвæзынгæнæг! Уымæн æмæ мæ зæрдæ фæцъæх и дæ ныхасæй! Цы цард нын дæттыс, уый у ницæйаг æмæ дзæгъæлы балц, уый у фæливаг, тæссонд, карз, гуымиры, тагъддзу æмæ мылазон уæвынад, уый дзаг у хъуæгтæй æмæ рæдыдтæй, уымæ гæсгæ йæ хъуамæ хониккам цард нæ, фæлæ мæлæт, - уым мах мæлæм æрвылуысм_рæстæгмæ уæвынады æвзæрдзинæдтæй, сæфæм мæлæты алы фæндæгтыл. Ды хъæстæ дæ мæлæтæй, уæддæр дæм фаг нæ кæсы, мæлæт цы хъыг хæссы, уый, фæлæ бирæ адæмты сайыс дæ узæлдæй, дæхи сын буц
(*>> «ф>) оф» <ф>) (фу (фу (<Фу (<»>->; г«*> кæныс мондæгтæй æмæ мæнг ныфсытæй; дæ къухы ис сызгъæрин нуазæн, уымæй сын нуазын кæныс маст æмæ сайд, уымæй сæ кæныс куырм, къуырма, æрра, къупри æмæ сæрзилæджджын. О, куыд фæрныг сты, дæуæй дард чи лидзы, йæхи ацы хин æмæ æдзæсгом фæлитойæ чи хизы, уыдон! Уымæн æмæ ды махæй скæныс тар ныккæнд, тæссаг сæрсæфæн, масты дзæкъул, æмбыд холы, бырæтты чи лæзæры, йæ мидæг тæфгæнаг чъизитæ кæмæн ис, ахæм чъиллон мигæнæн; уымæн æмæ нæ дæхимæ басайыс, нæ тых нын басæттыс фæлмæцынæй, рæвдауынæй, æртхъирæнтæй, цæфтæй, удхæрттæй æмæ залымы æфхæрдæй, стæй нын æваст нæ рыст буар бакæныс ингæны хай, нæ уд та баппарыс змисæй мæсыджы. Уымæн æмæ кæд адзалæн мадзал нæй, уæддæр лæг бæлвырдæй нæ зоны, кæд æмæ куыд амæлдзæн, уый, нæ зоны, мæгуырæг, йæ уд кæдæм атæхдзæн æмæ йæм цытæ кæсы, уый. Додой йæ къона кæны уæд мæгуыр удæн, фæлæ, о дуне, уый не ’ндавы дæу! Уый дын кодта лæггад, хатти дæ хъæзн æмæ дæ монцты фæдыл; ныр рæхджы æнæнхъæл тасæй куы фæхицæн уа мæнгæфсон буарæй, уæд ыл амбырд уыдзысты, удæгас буарæн цы хæлæрттæ æмæ фæсдзæуинтæ уыд, уыдон нæ, фæлæ цъаммар знæгты æрдонгтæ, уыдон æй тæрдзысты Чырыстийы æрвон Тæрхонмæ. Уыйадыл, о дуне, Хуыцауы фæдзæхст у, уымæн æмæ æз фидарæй зонын, ды мæныл гадзрахатæй рацæудзынæ, дæхи мыл атигъ кæндзынæ, мæ мæгуыр уд карз тæрхонгæнæджы раз куы ’рлæууа, канд уæд нæ, фæлæ æппæты тæссагдæр тæрхон «Судзут, хъодыгондтæ, æнусон арты!» куы ныннæра, уæд дæр. Хæрзбон у, дуне! æлгъаг, æлгъин дуне! О æмбийаг сæфты буар! Уымæн æмæ дæ фæрцы, дæуæн фæсдзæуин æмæ лæггадгæнæг кæй уыд, уый азарæй æнæхуыцау тæригъæдджын уд уыдзæн æнусон æлгъысты хай, уыйадыл уый æвзардзæн рæстæгмæ цинты бæсты иугæндзон хъизæмар, æфсæсты бæсты æнæфсис æххормаг, хъæздыгады бæсты кæуинаг мæгуырад, сгуыхт æмæ цыты бæсты æнæнцой хъæрзын, хъарæг æмæ дзыназын, сындзын артæмæ æгæронхъыгтæ. О дуне, Хуыцау дæ хъахъхъæнæд! Уымæн æмæ æлгъыст, æнæбарст уд нæ бахаудзæн дзæнæтон бæстæм, бахаудзæн дæлимонты дзæмбыты, уыдон æй цæстыфæныкъуылдмæ смидæг ооооооеоеоооо^оеэооеэе^ооооороеооэрэ^
634 ?^+«&+«&+ь#+%«+ь& Ър^ (($ с«Хгу о*Х*у с«*д^ с*л^ (ф^> аф>> ьф>> <*) кæндзысты зындоны тары; уым уындзæн æрмæст хæйрæджыты æмæ æлгъыстыты мукъутæ, хуыдалынг æмæ хуыдуггæнæн фæздæг, æнæрухс арт, хъусдзæн тарст хъæртæ, ниуд, дæндæгты къæс-къæс æмæ æнæуаг ныхас. Уыцы сахат зæрдæдарæн нал уыдзæн хатыр æмæ хорзæхыл, нымады нал уыдзæн зæххон кад æмæ намыс; царды уæлдæр чи схызти, уымæн фылдæр сты йæ тæригъæдтæ, уыйас æппæрст æрцæудзæн дæлдæр æмæ карздæр уыдзæни йæ удхар. Бирæ кæмæ ’рхауы, уымæн йæ хæстæ дæр - бирæ, бæрзонддæр чи схызт, о æлгъин, æлгъаг дуне, уымæ æрхаудзæн фылдæр æфхæрд æмæ хъизæмар; уымæн æмæ афтæ домы Хуыцауы рæстдзинад. Дуне, Хуыцау дæ хъахъхъæнæд! Уымæн æмæ кæд буар цасдæр рæстæг лæзæрдзæн æмæ æмбийдзæн дæ мидæг, уæддæр Тæрхоны бон схæцдзæн йæхиуыл æмæ фæстаг тæрхонæй сиу уыдзæн удимæ зындоны цæхæры. Æмæ уæд дзыназдзæн мæгуыр уд: «Æлгъыст фæу, дуне! Уымæн æмæ цыбæлтæй æз ферох кодтон Хуыцауы дæр æмæ мæхи дæр, мæ царды бонтæ радтон цинтæн, хæрамæн, æвзæр æмæ æгад митæн. Æлгъыст фæуæд, Хуыцау мæ цы сахат сфæлдыста, уый! Æлгъыст фæуæд, дæ мидæг цы бон райгуырдтæн, уый, о æлгъин дуне! О хæхтæ, сау къæдзæхтæ, рафæлдæхут мæныл æмæ бамбæхсут мæн нывонд Уæрыччы фыдæхæй, тæрхонгæнæджы тæрхæгыл чи бады, уый цæсгомæй! О сар æмæ додой, æнусон марой!» О дуне! Чъизитæй дзаг дуне! Æз тобæ зæгъын, лæгъстæ дын кæнын, дæ ныхмæ хæцын, цæмæй мæм ды мацæмæй дарай дæ бар. Уый нæ, фæлæ æз дæуæй нал æвæрын ныфс, уымæн æмæ ды зоныс мæ фæндон: «Æз кæрон скодтон мæт æмæ тыхстæн; хæрзбонтæ ут, ныфс æмæ амонд!» <.. .> ?^^^ж^^ц±^ж^жж%?.^^^^^%?^^^^^
0* (’ф) <<фЪ *ф ЬГ*д ЬГ-Ь <<фд ЪУ») Ъ) (*> <«>,; **/*) р*/*ч) (Фо (<Ф) (<Ф>; (Ф>) «>> 635 ХОДЫ КАМАЛ Франческо Петраркæ * * * Æз афтæ ’нхъæлдтон, кары уæзы бын Мæ уарзты цæхæр бацарæфтыд, бастъæлд, Мæ бæллицтыл уæлæхох систы азтæ... Фæлæ нæ зыдтон, норст цæхæрау раст, Мæ риуы уарзт рæдзæ-мæдзæ кæй кодта, Цæмæй та ногæй сабуха æваст, Æмæ та суадзой рох мондæгтæ ног тау... Мæхи куы ’хсон мæ цæссыгæй, уæддæр Ныр ног бæллæхтæ баййафдзæн мæ сæр; Æрцъыккæхсон - æмбæхст мæ риуы арф, Ныррухс уыдзæн йæ сонт цæхæртæй арв. Ныр ацы арт - уый рахатыдтон рагæй - Нал, нал бакомдзæн цæссыгтæн хуыссын... Зынг æмæ Дон - дыууæ цыфыддæр знагæн Бæрзонд Хуыцау нывондæн мæн хæссы. «О, фервæзтæн!» - мæ фæллад уд дзыназы... ... Фæлæ дæ сурæт слæууы ног мæ разы. * * * Æмхиц дæн тохмæ, афтæмæй æдых дæн. Цæрынц мæ риуы их æмæ сырх зынг, Ныфс æмæ тас, нæргæ цин æмæ хъыг. Нæ уырыд зæххыл сау цъыфы нынныхстæн, Мæ сæнтты та фæамайын мæсыг Уæлдунетæм. О, исты хос мæ рыстæн: Æхсæв уа, бон - кæны дæ кой, дæуыстæн Мæ фæллад зæрдæ, адæргæй нындзыг. ооооеооооороооёоеоеооос^оеоросо^
(й> ’ <<Ф>) <$*>) с«ХЪ "с^ <"«*Х^ V/*» '^Х^ » Мæхи æлгъитын, удисæгмæ сидын. Фæлæ та ног лæгъстæтæгæнгæ сисын Мæ къухтæ арвмæ: «Ме Скæнæг, ныббар!» Мæ куыд - мæ худын. Нал мæ хъæуы цард дæр, Нæдæр мæлæт. Хуыцауæй мын - лæвар: Æнусон рис. Цы зæд, цы зин дæ, цавæр! * * * Æруадзæд арв дæ галуантыл йæ фæттæ! Гыркъотæй дæр, цæугæдæттæй дæр хъалон Æрбассивыс. Кæд бирæгъ нæ дæ, баллон! - Æфсис дын нæй, нæ зоныс бæрц, æгъгъæдтæ. Бийыс æдзух гадзрахатæй фыдвæндтæ, Нæ зæххыл зилы халонау дæ аууон, Сæны цагъар, кæрæфгуыбын, хъахбайдон, Цæлмæ кафджытæн ривæддон - дæ уæттæ. Ам арвитынц, бæгъдулæггæнгæ, се ’хсæв Зæрин айдæнтæн, бур цырæгътæн се ’хсæн. Æвзонг чызджыты хъебыртæм æппарыс. Кæддæрты та æфхæрд уыдтæ, рыствæллад, Æнæкъона, бæгънæг æмæ бæгъæввад. Ныр сау фæздæгæй не Скæнæджы марыс. * * * Ызгъоры рæстæг - ахæм у йæ уаг. Мæ цард фæцæуыТнал ын ис ыздæхæн. Кæддæры бонтæ... Фесты мын мæ фаг, Нæ сæ мысын - мæ фаронмæ фыдæх дæн.
0» (<ф) <'фЪ СфЪ Мд (<ф>) ('ф>; (’фо Щ (гу (ф>} оф>) оф0 ефу (<ф0 (.ф0 (<фч (<*) Мæ абон дæр, мæ фидæн дæр - мæстаг. Йæ былмæ мæ бæргæ фæсайы къæхæн, - Цыдæр тых мын нæ фæдæтты фæндаг: Хуыцауы къух йæ уромæг бæллæхæн. Æрхæндæг дуне. Скадавар дзы рухс. Хæрæмттæ - хæрх, æхцон исдугтæ - цъус. Æз фурды астæу баззадтæн æд чема. У мачтæ цъæл, мæ фыййæгтæ дæр - пырх. Уад абухы. Æвзарынц мыл сæ тых Мылаз гуылфæнтæ - ницыхъом дæн семæ. * * * Мæ дудгæ хъарæг, курын дæ, фæцу мын Æгомыг дурмæ, ракæ йын мæ хъаст - Уый бамбæхста йæ дæлбазыр мæ Уарзт (Йæ уд та - арвыл, зæдтимæ). Фæдзур ын: Сæрсæфæнты ’хсæн нал фæразын, хур мын Ад нал кæны, мæ ныфс, мæ тыхтæ - саст. Æдзух вæййы йæ дунемæ мæ каст, Æмæ адзал мæхи дзыхæй фæкурын. Фæкæсынц мæм æдзард сыфтæртæ хъæды Йæ къахвæдтæ, - æнкъардæй сæм кæсын, Фæуидзын сæ, табутæ сын кæнын. Зæгъ ын, мæн дæр йæ бæстæмæ кæй фæнды, Кæй нал фæразын уый мысгæйæ ам. Æркæсæд мæм, æрдæттæд мæм йæ арм. соеорооосооооосоеоеососоеорэс
0;) («№ а*Х^ с**Х^ с«*а*> ^уэ <&*> (Ф$ ('0 * * * О Удисæг, о емынæ, мæ уæнгæл, Ды ауагътай мæ цырен артыл дон. Æмбойны баруад дидинæг, æрвон, Æрхауди дуртыл дзаг нуазæн, ныттæгæл. Фæсидзæр дуне, сау мастæй ныддæнгæл, - Ды демæ ’рхастай низ æмæ фыдбон. Æфсарм, æгъдау... Ыскодтай сын кæрон. Дзыназын æз - тыхсаст æмæ фыдæнхъæл. Йæ уынд, йæ конд - æмбал та сын кæм уыд! Бæсты фидыцтæ сиу ысты йæ нывы. Ныр къухдарæнæй асхъиудта налхъуыт. Æрвдидинæг йæ уæлвæзæй фæхъуыд. Ныр уыцы ныв æмбæхсы арв йæ къуырфы, Æмбæхсы йæ йæ рæбыны мæ уд. -<©8@>- сооососооососо^оорроо^ооо^ор^ор^орооо^^^^^
0* ЪГ«>) г<9Г*>> Ъф ?ф) <<М («,/*-, Сф» Щ 639 Г^ <-«»/*>) *»/«>) г»*/*») с*/^ (Ч*Ч> **У^ <<*Х^ <**> Джованни Боккаччо СОНЕТ ИТАЛИЙЫЛ Уыдтæ, Итали, бæстæтæн сæ паддзах. Цы фесты ныр дæ нæргæ кад, дæ цыт? Æвæццæгæн, дунейы сæфт æрцыд - Бæрзонд аивад къæхты бынмæ ’рхаудта. Куыдзæмгад систы хорзæхтæ. Нымад та Куыд уой лæгмæ, кæд сау дуджы фæрцы Нæ удты намыс бакодта мæрдцъынд, - Æрмæст æхца, кæй ма æндавы кад та?! Уæндон ныхас нын баззади фæткæн. Уæууæй, нæ иу дæр нал кæны йæ мæт. Ды дæр нын нал дæ ацы ран ныфсдæттæг. Уæдæ мæнимæ судзгæ марой кæн - Йæ базыры бын бакодта хъысмæт Дзырды фарнæн йæ цыфыддæр ызнæгты. -=<ш©>- сосососососоеосодососо^ососососососососососос^
640 ?лр^^^+%«+%«лр^ (у <.Фз о*&> с«*Х^ вд <"<*/^ ('*ХЬ; **/*> с«у КОКАЙТЫ ТОТРАДЗ Микеланджело Буонарроти СОНЕТТÆ 3 Уыдтæн зæрдæрай, - хин-кæлæнтæй - дард, Мæ мондæгтæн ныххæцыдтæн сæ хурхыл, Фæлæ та марынц мæн мæ монцтæ хурхæй, - Æвæндонæй та ссыгъд мæ риуы арт. Цæмæй дæ уарзтæй ма ’ййафон хъыгдард, Дæ тызмæг ахаст фаудтон æз æдзухæй. Дæ кæлæнтæ ныссæндын уыд мæ тухæн, Фæлæ мæхиуыл карз æфхæрд æруад. Лæппын маргъау æз алкæм рогæн тахтæн, Нæ бонты згъорды никæд зыдтон тыхст, Фæлæ дæ хызы смидæг дæн, о, Доннæ. Хæрзæбон ныр мæ рæсугъд цардæн загътон, Амуры къæппæг бакодта йæ куыст, - Сæрибар цард, нæй, нал уыдзынæн зонæг. 4 Йæ сызгъæрин дзыккутыл ын æнцадгай Æрбынат кодта дидинджыты быд. Ныр дидинджытæй алкæй дæр фæнды, Йæ урс ныхæн куы ба кæнид фыццагдæр. Тæхудиаг йæ къаба у æцæгдæр, Йæ къуыбыр риутæн чи ’мбæхсы сæ зыд, Кæнæ йæ пух рустæ кæмæй зонынц рæвдыд, Гъеуыцы аив хæрдгæбыд æфцæггот.
Г’У <'*&>) Ьб) *ф) Ь)Г*>) <'*Г*д Сф>> <ьГ<» Ь) («>) <<ф>) &/*>) о*Х*о ъ*У6>) Ш’о (Ф’) <$*>) («*) Бынтон диссаг у уыцы алдымбыд, Хæрдгæхуыдæй цæхæртæ чи фæкалы Æмæ йæ хъуырыл чи тыхсы æдзухдæр. Æнæзынгæ цы камари æрзылд Йæ синысæртыл, хурхæй мæн уый мары. Цы кусиккой йæ бæсты уым мæ къухтæ! 5 Синьор, дæ митыл æз фæкæнын дис. Æцæгæй дæр: кæй бон у, уый нæ фæнды. Козбау лæг дын рæсугъд тынтæ нывæнды, - Дæ рæдауæй йæм хорзæхтæ дæр ис. Дæ цагъайраг - мæ ис æмæ мæ бис Дæуæн нывондæн хастон æз кæдфæнды, Фæлæ дæ тызмæг не сразы мæ фæндыл, - Нæ банкъардтай мæ уды дудгæ рис. Æнхъæл уыдтæн: дæ бæрзонддзинад хондзæн Йæ галуантæм мæн - азæлды бæсты - Рæстаг тæрхонæн - хъамайыл хæссæгау. Уæлæрвты дæр нæй иу аргъгæнæг хорзæн, Гъеуый тыххæй мæ тухитæ куы сты Хуыскъ бæласмæ дыргъыхорзмæ кæсæгау. 27 - Зæгъ-ма, Амур, мæ сæнтты буц рæсугъды Ысуыдта уый æппынфæстаг мæ цæст, Æви, мыййаг, фæдсайынæн æрмæст Æбæрæг сурæт равзæрста мæ хъуыды?
Нæ йæ зоныс?! Уæ дыууæйы рæвдыдæй Фæдæн æгъуыссæг. Уадз! Фæлæ æмбæхст Фæлмæн фæхудт рæвдауын. У æфсæст Мæ уд цæхæрæй, - баззайа æвыдæй. - Æцæг рæсугъд дæ цуры ис дæуæн, Æрмæст йæ цæхæр анхъæвзы уæд дардыл, Куы йæ суына дæ цæсты фæрцы уд. Уым райсы уый æрвон рухсы кæлæн, Иæхи фæхъары сфæлдисæджы кадыл, - Гъеуымæй у дæ цæстæнгас рæвдыд. 30 Куы мæ ’рфæнды мæ хъуыдыты фæдисы Æгомыг дуры бавæрын мæ мæт, - Дзæбуджы фæрцы разыны мæ фæнд, Мæ курдиат вæййы мæ цæф-æвдисæн. Æвæццæгæн, кæддæр-кæддæр фæлдисæг Куы ’вæрдта ацы рухс дунейæн фæтк, Цæхæркал дзæбуг иста афтæ уæд, Æмæ ма нæ ныр дæр æфтауы дисы. Уæлæрвтæм цас бæрзонддæр исын æз Æвзыгъд къухæй мæ уæззау дзæбуг, уас Мæ хъуыдытæ æххæстдæрæй нывæндын. Зæрдæвæндон уæд разыны мæ куыст, Уæлæрвтимæ куы вæййын удæй баст, Куы разынын дзæбуг Хуыцауы къухы. ООС909СО?909^0С9СОр020е^9С^О?9С9^
(-.„ ад йдй «х?л «х» «/•*.«/•» «/«*«> 643 (*>) <«/ь) <*/*>) <}фо <»Х'у «»Х'г> ('*Х*у <&*>) г<1) 33 Куы вæййы уарзт æрвон æмæ сыгъдæг, Куы разынынц дыууæ зæрдæйы бастау, Куы ныббыхсынц сæ хъизæмайраг мастæн, Куынæ вæййы сæ миты мисхал мæнг, Бæрзондæй уæд æппæт хæрзтæ уынæг - АМУР - ныццæвы уарзæтты йæ фатæй, Цæмæй сæ дыууæйæн, æнустæм хастæй, Уæлæрвты уа сыгъдæг бынат бæрæг. Кæд с’ алчи дæр æгæрон уарзтæй уарзы, Кæд иу фæндæй æрцæуынц фидар баст, Кæд сæ æдзухæй иу бæллиц рæвдауы, Уæд ахæм уарзаг рухс зæрдæты разы Æндæр хæрзтæн æрбайсæфы сæ хъазт Æмæ ма сæ уæд чи бауæнды фауын! 36 Зынджы руаджы æндоны тых ныссæтты Æцæг дæсны, куы базоны йæ куыст. Æндон куы уа зынг-цæхæры æхсыст, - Æрмдæсны йæ йæ сæнттыл уæд ныббæтты. Цæхæркал артæн Феникс-маргъ нæ сæтты. Нæ кæрон та фæныкау у æгъуыз. Куынæ уа риуы зынг, уæд мард дæн æз, Фæлæ мæ уæгъды судзын дæр нæ фæнды. Дæн амондджын, мæ уд - зынгимæ баст, - Æхсиды мæн - æнцойад мын нæ дæтты, Мæ кæрон кæд æрхæццæ ис, уæддæр. СОрОО^0р9р^0СЗр0Р9р^ррСÆ^РрРРРР?Р^^^^0Р^
г («>) <<ф) (<М (’фо (’ф» Оф) (’ф) ('ф>) << ф Г<>,/^ (^ (?*Х^ С*Х^ (**/*) Г«/9 <**/*> С’ Мæнгæн нæ баззад арфæйаг ныхас: Тæвд балæууы æппæтæй дæр уæлæрвты. Уæлæрвты онг фæцæудзынæн æз дæр? 85 Уысмы бæрц ма мæ ивгъуыд амонд уæд, - Фырамондæй куы сыгъдтæн æз цырагъау, Йæ фенгæйæ мæм цард куы касти аргъау! Мæ зæдæнгæсы ахаста мæлæт. Æркъæдз мæ кодта царды уæзы мæт. Æбонæй ма куы кæнын рахау-бахау, Тæхуды, балхæн ныр цæссыджы аргъæй Кæддæры цин æмæ мæ сусæг фæнд! Дæуæн, Амур, фыстон æнæвгъау хъалон, Мæ ивгъуыдæн дæ ницы дарын мур. Æмæ мæ уадз: мæ ивгъуыд ма суæд койаг. Мæ уд æндæр былгæроны ис абон. Дæ фæндмæ дæр ыссардта уарт-цæлхдур. Хуыскъ бæласы, нæй, нал фæхъæуы сойаг. -<©$©>- соеэсорэроеоеосшосоеэоэсэсоеососососоеоо^
о» сф) ьг») ьх°> Щ** «’Х* ('*У*'> ЬХ» Ь) г ^ л- ■*. уу ъ- А. ^ л. -V <> V <> ^ 0- -V- <• Оь, с<»/^ «*/«>> ?*/*з е*>у («»Х^ Г"Х^ С«*Х*-5» <**> 645 Шекспир СОНЕТТÆ 1 Рæсугъд бæркад фæстагæттæн ныууадз, Цæмæй цæра рæсугъддзинад æнусмæ. Сырхмæтæгæн йæ сыфтæ згъæлæнт уадз, Æвзонг талатæ райдзысты йæ рухсмæ. Ды та æрмæст дæхи рæсугъд уыныс, Дæхи гуылы бын арт æдзух æндзарыс, Бæркæдты бæсты тугуарæн хæссыс, - Фыдызнагау дæхи дæхæдæг марыс. Ды - хæрзты хуыздæр - аив дæ, рæсугъд, Цъæх уалдзæгæй, дæуæй нæма ис хъауджы. Ды фидæнæн ныххурх кодтай йæ уд Дæ чъынды æмæ де ’нарæхсты руаджы. Фæтæригъæд кæн дунейæн - дæ мæт Дæ сомбоны рæсугъд тыллæгыл уæд. 14 Ыстъалытæм кæсгæйæ цард нæ хатын, Нæ зæгъдзæни уæлæрвты конд мæнæн, Кæцы стъалы у цинмæ, хæстмæ, артмæ, Кæнæ кæцы у сау рынты кæлæн. Нæ зонын æз, куыд ахæсдзæни рæстæг, Хъызт уыдзæни йе хурбонтæ кæндзæн, Нæ зæгъдзынæн бæрзонд уæлæрвтæм гæсгæ, Нæ кæцы паддзах растдæр лæг уыдзæн, Фæлæ уынын дæ цæстыты цæхæры, Æнæаипп ыстъалыты уынын, Дæ рæсугъдимæ растдзинад кæй цæры, - Дæ зæнæджы кæй базыдтай цæрын. Куынæ уа уый - дæ рæсугъд æмæ раст Æрцæудзысты æдзæм ингæнмæ хаст.
646 (<•>) <<>№ с<,Г*д ЬЫ «,*»> Сг,<«>) Ы«>> ОМ V» <_> г.*#у <?да Ф;) Ф:> Ф:) «Фэ Фэ (’!) 15 Куы базонай: рæсугъддзинад уысмы бæрц Кæй цæры, уый, - кæй баруайы йæ уынд, Кæй у нæ дуне хъазæн фæз, нæ нывæрц Æрмæст уæлæрвтæй аразгæ кæй у. Уæлæрвты фæрцы рацæуæм дунемæ, Сæ фæндæй мах цæрæм æмæ мæлæм. Цъæх уалдзæджы цы хъару вæййы немæ, Уый бонгай кайы удхайраг кæлæн. Æмæ кæсын нымдгæнгæ æз дæ фæстæ, Рæвдауы мæ дæ рæсугъд хуыз, дæ тых, Фæлæ цæуы дæ фæдыл карзæй рæстæг, Мæлæтимæ дæм сарæзтой сæ ных. Фыдрæстæгимæ тох кæндзæн мæ зарæг, Уыдзæни уый дæ номæй цинтæ уарæг. 25 Кæй сæрмæ калы йе стъалы тæмæн - Сæрыстыр у йæ кад, йæ тых, йæ исæй. Мæ хъысмæт у хуымæтæгдæр мæнæн, - Мæ сыгъдæг уарзт - мæ амонды æвдисæн. Паддзахæн уарзон базоны цæрын Æмæ фæхъазы хуры цур йæ сæрæй, Фæлæ куы ’рхуыссы худгæ хуры тын, - Фæцух вæййы уæд цинхæссæг цæхæрæй. Хæстон балхон, цыфæнды кадджын уæд, Куы фæхæрд вæййы иунæг хатт æрмæстдæр, - Æрцæуынц йе ’ппæт хæрзтæ дæр ныгæд, Æлгъысты азар баззайы йæ фæстæ. Дæн амондджын: æз уарзын, уарзынц мæн___ _ Мæ хорзæх ничи байсдзæни мæнæн. роо^ос^^^хоаооод^?>оо^^х^^ороо^^^зсц
('■'^Ф^'\^^'Х\/^\/Х\/Х'\/). (>,) Г»/Ч ’ («/*) <■•*/<">> ’ (.»/*) '(«/Ь/ ""(чХ*» <>•/*•) <"») 647 37 Зæронды бон куыд тынг фæбæллы фыд Йæ хъæбулы хæрзхорздзинадмæ, афтæ, Дæ кад æмæ дæ амондæй рæвдыд, Мæ цинтæн дæр нæ уыдзæн никæд рафтæн. Æвзонгдзинад цæуыл фæкæны дис: Уæздан, хъару, ныфс, зонд, кæнæ та кар уа - Цыдæридцæр дæм хорздзинадæй ис, Дæуæй сæ исын уарзонæй, хæларæй. Нæ дæн мæгуыр, æдых æмæ æгад, Дæ аууонæй дæр æз мæхи рæвдауын. Дæ кадимæ ысиу кодтон мæ кад, Дæ бæркадæй бæркад мæнмæ дæр хауы. Æппæт хæрзтæ дæр æз дæттын дæуæн, - Дæс хатты афтæмæй хъæздыгдæр дæн. 66 Фырадæргæй мæлæтмæ у мæ дзырд: Æгъдауы лæг мæгуыргурæй кæм хиты, Кæм у æлгъаг йæ бибитæй рæвдыд, Кæм бабын ис рæстаг зæрдæ йæ хинты, Кæм у тæрхон йæ бындурæй бынсайд, Кæм у чызджы кад фидиссаг, æлгъыстаг, Кæм у тæппуд хъæбатырыл нымад, Кæм у рæстдзинад къулбæрзæй йæ рысты, Кæм у рæудзырд æцæг ныхасыл тых, Кæм у æрра пахуымпарæй бæрзонддæр, Кæм у æхгæд уæлтæмæнады дзых, Кæм у фæлитой арфæгæнæг зондæн, Цæрын нæ фæнды уыцы зæххыл мæн, Фæлæ дæу дæр куыд ныууадзон? Кæмæн? о^^ж^^^^^^^^^^ц^^^^ър^^^^^ц
648 (р^^^^^^^^ (*> <Ф$ <я&> с*Х^ с«*Х^ С'*/^ г<з/у «Фо (г*) 77 Куыд тæхы рæстæг - сахат æй æвдисдзæн, Куыд зæронд кæныс - айдæн æй зæгъдзæн. Дæ фыст рæнхъытæ - зæрдæйы æвдисæн - Уындзæни исчи, исчи сæ кæсдзæн. Нæ ныхы ’нцъылдтæм айдæнмæ кæсгæйæ Фæкæнæм хъыг нæ сæфт рæстæгыл мах. Рæстæгамонæн, рог цъык-цъыкк кæнгæйæ, Иæ фæдыл ласы азты уæззау уаргъ. Дæ зæрдыл ды цы нæ бадарай, уыдон Ныууромдзæни гæххæтты фæлурс. Дæ зæнæгау сыл ку’амбæлай - сæ уындæй Кæлдзæн дæ риумæ удрæвдауæн рухс. Куыд диссаг уыдзæн уыцы адджын фембæлд, - Дæу мысинæгтæ ахондзысты семæ. —<щ©>~ соросососососососососоророс^ос^зрососороросос^
0» ь& сф* ад <г^> <ф> ^ ^, ^ 649 (’у «ф.) (ф>) 0.ф>) сф>) ьф} С'»>Л/ (’Ф) С«) ХАДЖЕТЫ ТАЙМУРАЗ Лорка Гарсиа ГИТАРÆ .. .Æмæ райдыдта Хъарæг гитарæ, Кæс, нызгъæлæн и Бонæн йæ урс кæхц. Æмæ райдыдта Хъарæг гитарæ, Уый нæ бамыр уыдзæни Никæд! Уый æнæнцой Кæуы гитарæ, Дон йæ цæуæнтыл куыд кæуа, афтæ, Дымгæ митрагъыл куыд кæуа, афтæ, Æмæ ма дом, Нæ бамыр уыдзæни! Афтæ рухс мæй фæкæуы хурыл, Афтæ ниуы тæхгæ фат дзæгъæлæй, Афтæ судзгæ ызмис фæкæуы Сырхмæтæджы ризгæ сыфтыл. Афтæ цардæй фæкæны хицæн Урс, рæсугъд бæлон Сау калмы маргæй... О, гитарæ, Сæ цагъар дæ абон Фондз кæлæйнаг хъамайæн. сосососоеорососорососорзеососососоросоеосоророро
650 и>) (ог«) (<*ы <'*г*ъ <г*ъ» ы<* ы*>) <«>№ °*) Оь) г^ с*>Я> №>> с<*Х*,, <м/у с*/<у г«»Х*> ф ИС АХÆМ ЗÆРДÆТÆ Ис ахæм зæрдæтæ, цы ран Сты æмбæхст Цъæх-цъæхид ыстъалытæ Æмæ рæстæджы сыфтæртæ: Ис ахæм зæрдæтæ, цы ран Æмбæхсынц Сæ рагбоны аууæттæ, - Сæ ивгъуыды хъизæмар Æмæ фыдфынтæ. Ис æндæр удтæ, уыдоны Æндæр монц, æндæр марг Цæры, Сау-сауид уаллонау, Æмæ фыд-заманы Ныййазæлы уым Сæ судзгæ хъæрахст. Нæ хъуыды кæнынц Сæ хъæрзынтæ Æмæ сæ пъатыл. Мæ уды зæронд та Уый рагæй дæр зоны, Кæй сæтты ныфсы рухс Цыдæр сусæг зæххыл. Æвзонгады дуртæ Фыдтæй ихсыд фесты, Мæ хъуыдыты коммæ Нызгъæлынц сæхæдæг «Ды дард дæ Хуыцауæй» - Фæзæгъы сæ алчи. сс^осдо9С9ррророерс?ж^9еос^рр9СОС^орчро(гос?^^
6» ъг«> ^Ф *>№ <ьХ*> <7*ХЬ ьр» *Ф> % г V Л -V Л- «V У> V <> -V <^ -V <> ^б^ < (^ сй/Ь) Г»*Х*>; <"«*/"») (м>/«у («»/«;> *»/^ С»/^ <Ч> Шандор ВЕНГЕРАГДÆН... Венгераг дæн! Зæххыл нæй ахæм къæс, Мæ бæстæимæ абарæн кæмæн уа... Æрдзы кондæй - хъæздыг, æмæ йæм кæс, - Алæмæтаг, рæсугъд æмæ кæлæн у. Ис алцы ам: нæ цъитиджын хæхтæ Фæкæсынц хъалæй фæзты сæрты Каспмæ; Нæ тыгъд быдыртæ дымгæтæн - уæрæх, Нæ сын кæрон, нæ райдайæн и, уастæн! Венгераг дæн! Нæ фæндырæн йæ зæлтау, Мæ уд - тызмæг, нæ дзуры уый йæ зынтыл, Æхсызгон уысм мæнæн кæнынц æвгъау, Ыстæм уазæг у мидбылхудт мæ былтыл. Фæрныджы бон мæ цæстысыг кæлы, Ныр нал æууæндын амондыл уа, хорзыл: Зынвадаты ныххуд, кæй фæнды, кæ, мæлын, Тæригъæд мын кæнай, - æз уый нæ уарзын. Венгераг дæн! Нæ ивгъуыды фæстæ Сæрыстыр - æз, уынын мæ къæс, мæ къона, Æмæ, мæ кадджын райгуырæн бæстæ, Дæ кæддæры ысгуыхтытæ, мæ боныл! Нæ уаз хъæлæс Европæйыл нæрыд Æмæ нын хъуамæ ма уыдаид рафтæн... Нæ карды комæй тарстысты, мæгуыр, Æрвæрттывдæй куыд тæрсы саби, афтæ. Венгераг дæн! Нæ бæстæмæ кæсын Мæнæн зын у... Нæргæ ивгъуыдæй - иппæрд, Æргомæй рухсмæ ракæса - тæрсы, Фæзыны æмæ айсæфы æвиппайд. Ныр а зæххыл нæ сæр ныллæг хæссæм Æгад æмæ дæлдзинæджы къæсæрыл,
652 (*>) <<М (’М (<фЬ (<ф>) Оф>) Оф>) Оф>) Ы (л> г^Х^ г<*Х*у с*Х^ с«*Х*-> е<*Ху Л»Х^ «*Хгу ('*) Æмæ кæйдæр цæстæнгасæй тæрсæм, Кæй ма цы хъæуы судзаджы æвзæртæй!? Венгераг дæн! Мæ ном зæгъын кæсы Æгад мæнмæ. Мæ удæгас - мæ зын у: Нæ дунетыл цæхæрцæст хур кæсы, Уæд махмæ та сæуæхсид дæр нæ зыны. Фæлæ мæнæн æгас дуне дæуыл Куы ивиккой дæ хъыджы бон, о, Венгри, Уæддæр зæгъин: «Мæн ницæмæн хъæуы, Мæ удæн ды - сæдæ хатты зынаргъдæр»!.. —<©$©>— гооооооососор. оооаоеоожзоорда^осзрооооосоросэсз
(<•>) <<>&) ч' «Фи ’ офо ^«Фо («*У^/ с"У*г/ <ч>4> сг> 653 ГУЫЦМÆЗТЫ АЛЕШ Хемингуэй Эрнест КИЛИМАНДЖАРОЙЫ МИТÆВÆРДТÆ Радзырд Килиманджаро - æнусон митæвæрдтæй æхгæд хæххон бынат 19710 футы бæрзæндыл, зæгъынц, зæгъгæ, у Африкæйы бæрзонддæр бынат. Масаийы знæмтæ йæ хонынц «Нгайэ-Нгайя», ома «Хуыцауы хæдзар». Йæ ныгуылæн цъуппыл ис, чи баруад, ахæм салд фæранчы мард. Ахæм бæрзæндыл фæранчы цы бахъуыд, уымæн ничи ницы зоны. - Æппæты диссагдæр та уый у, æмæ мын рисгæ кæй нæ кæны, - загъта лæг. - Гъе, æрмæст æй уымæй базонынц, йе ’мгъуыд кæй æрцыд. - Ау, æппындæр дын нæ риссы? - Мур дæр нæ. Æцæг у, æмæ йын йæ тæф æмбудын, фæлæ мын ды бахатыр кæн. Дæуæн, æвæццæгæн, уый тынг хъыг у. - Ма дзур афтæ, дæ хорзæхæй, ма дзур. - Акæс-ма сæм, - загъта лæг. - Диссаг у, цæмæ тæхынц ардæм? Тæфмæ æви ацы æнагъæддаджы фенддагмæ? Цы сынтæгыл хуыссыди, уый лæууыд мимозæйы бын аууоны æмæ цæхæр хуры тæмæнæй æмдзаг дæлвæзы фале уыдта, зæххыл хæлиувадæй чи лæууыд, ахæм æртæ егъау маргъы, цалдæрæй та ленчытæ кодтой арвыл æмæ сæ тагъдызмæлæг аууæттæ хаудысты зæхмæ. - Нæ уæзласæн машинæ куы асаст, уыцы бонæй нырмæ зилдух кæнынц амыты, - загъта лæг. - Абон фыццаг хатт æрбадтысты зæххыл. Райдианы сæм мæ хъус лæмбынæг дардтон, зæгъын, куы бахъæуа, уæд сæ искæцы радзырды спайда кæндзынæн. Фæлæ ныр ууыл хъуыды кæнын худæг дæр у. - Афтæ ма дзур, - загъта сылгоймаг. - Уый æз дзырдæн зæгъын, - загъта лæг. - Дзургæ-дзурын адæймагæн æнцондæр у. Æниу, дæ хъыг райсон, уый мæн бынтондæр нæ фæнды.
654 Ы <<ф) ЬГд (>М (<ф>) Сф) СъГо) Оф) Гг,\ Су ^да <?*А2> ('#Ъ <&';> сда с«Х^ <-«/*> с*) - Ды йæ тынг хорз зоныс, ныхас ууыл кæй нæу, - загъта сылгоймаг. - Баххуысхъом дын кæй нæ дæн, уый хатын, æмæ мæ нуæрттæ хæлынц. Мах хъуамæ нæ тыхтæ æрбамбырд кæнæм æмæ хæдтæхæгмæ банхъæлмæ кæсæм. - Кæнæ ма банхъæлмæ кæсæм хæдтæхæгмæ. - Омæ-ма йæ зæгъ, цы саразон? Ау, мæ бон дын æппындæр ницæмæй у баххуыс кæнын? - Дæ бон у, мæ къах мын алыг кæнай, уæд дарддæр нал æмбийдзæни. Æниу мæ нæ уырны. Науæд та дæ бон у, æмæ мæ ныггæрах кæнай. Ды дæр рæстдзæвин æхсæг дæ. Æз дæ нæ сахуыр кодтон æхсын? - Афтæ ма дзур. Кæд дæ фæнды, уæд дын хъæрæй бакæсон? - Цы? - Цы ма нæ кастыстæм, ахæм исты. - Нæ, мæ бон хъусын нæу, - загъта лæг. - Дзурын мын æнцондæр у. Мах хъуамæ хъаугъа кæнæм, æмæ уæд рæстæг тагъддæр ивгъуыйы. - Æз нæ загъд кæнын. Мæн нæ фæнды демæ хъаугъа кæнын. Цæй æмæ мауал хъаугъа кæнæм. Нæ нуæрттæ бынтон куы сыхæлой, уæд дæр. Чи зоны нæм абон уæзласæн машинæ æрæрвитой. Чи зоны, хæдтæхæг æртæха. - Мæн ардыгæй никуыдæм фæнды цæуын, - загъта лæг. - Цы пайда у? Æрмæстдæр уый тыххæй, æмæ дæуæн фенцондæр уа? - Уый тæппудцзинад у. - Лæджы-ма мæлын уæддæр бауадз, ау, æнæмæнг хъуыддаг у, æмæ загъд кæнай? Цы пайдайы охыл мæ хоныс тæппуд? - Ды нæ амæлдзынæ. - Ныууадз-ма дæ сæрхъæн ныхæстæ. Æз мæлын. Бафæрс-ма уæртæ уыцы змуйрæгты, - лæг акасти, æртæ егъау маргъы кæм бадтысты, уыцырдæм: уыдонæн сæ къубæлтты пыхцыл систы æхсæн нынныгъуылдысты сæ сæртæ. Цыппæрæм зæхмæ йæхи æруагъта, йæ къæхтæ дыууæрдæмгæнгæ, иучысыл адугъ кодта, стæй цадæггай, цæппиддыртæгæнгæ, йæхи иннæты цурмæ байста. - Уыдон алы æрлæууæн бынаты сæрмæ дæр фæзилдух кæнынц. Æрмæст сæ адæймаг нæ фæхаты. Дæхи куынæ ауадзай, уæд нæ амæлдзынæ!
Г^ «*/*>) <**/*> (■»»/*>> №>> с«»/«у (*Фо (’Ф-о «>) - Кæм æй бакастæ? Хуыцауыстæн, куыд сæрхъæн дæ! - Уæд та æндæр искæуыл ахъуыды кæн. - Æгъгъæд фод! - загъта лæг. - Фаг мын у фæдфæливæнтæ кæнынæн. Йæ сæр базыл æрæппаргæ, иу-цалдæр минуты хуыссыди æнæдзургæйæ, афтæмæй каст тæвд уæлдæфы уылæнтæм æмæ æддиауæйзынæг цъæх къутæрджын мæскъмæ. Уымыты змæлыдысты фыстæ, бур зæххыл зындысты хæрз чысылтæй, урс- урсидæй; уыдон фале та зынд зебрæты рæгъау - цъæх къутæрты цур ноджы урс-урсид хуыз æвдыстой. Æрлæууæн бынатæн иттæг хорз ран равзæрстой - стыр бæлæсты бын, тæккæ обауы рæбын, замманайы дон. Иу-цалдæр къахдзæфы æддæдæр уыд, чи фæцæйхуыскъ кодта, ахæм суадон, æмæ-иу алы райсом йæ сæрты хуыргæрчытæ пæррæстытæ систой. - Фæнды дæ, æмæ дын хъæрæй бакæсон? - ногæй та йæ бафарста сылгоймаг. Уый бадти сынтæджы цур тухгæ бандоныл. - Кæсыс, уддзæф дæр æрбадымдта. - Нæ, бузныг. - Чи зоны, уæзласæн машинæ тагъд æрцæуа. - Мæн бынтондæр не ’ндавы, æрцæудзæни æви не ’рцæудзæни, уый. - Мæнтаæндавы. - Уый нын кæддæриддæр афтæ у: дæу цы ’ндавы, уый мæн не’ндавы. - Нæ, уый алыхатт афтæ нæу, Гарри. - Исты аназын хъæуы. - Нозт дын æвзæр у. Блэк афтæ зæгъы - алкоголæй хи хизын хъæуы. Дæуæн нуазæн нæй. - Моло! - ахъæр кодта лæг. - Ам дæн, бвана. - Виски мын содæйы донимæ рахæсс. - Хорз, бвана. _ — Дæуæн нуазæн нæй, - сфæлхат кодта сылгоймаг. - Ды дæхи ауагътай, æз ма дын уый тыххæй куы дзырдтон. Чиныджы дæр афтæ фыст куы ис, нозт зиан кæны. Æз æй зонын, нозт дын зиан кæй кæны.
ОЭО (*>) (<ф) с«гГй> ^х^ (’Ф* (гФ> С'Ф> ('Ф~> °>) (<$ а#*э <г*Х^ (ф>) с«*ХЪ> «Ф> *Фэ Ф) <•*) - Нæ, - загъта лæг. - Уый мын пайда у. Уæдæ ныр ницыуал аразæн ис, æрцыди лæджы хъуыдымæ. Уæдæ ныр кæронмæ ницыуал саразын бафтдзæн йæ къухты. Уæдæ ныр мæнæ æппæтдæр ууыл фæуд кæны - вискийы тыххæй хъахъатыл. Йæ рахиз къахыл гангренæ куы фæзынд, уæдæй нырмæ йæ рыст айсæфт, рыстимæ айсæфт йæ тас дæр, æмæ йæ царды кæрон ахæм кæй рауад, уый адæргæй йыл æртæфсти, йæ бон басæттын кæйнæуал у, ахæм фæллад æмæ мæстыгæрдзинад. Тагъд цы бæллæх æрцæудзæн, уымæ бынтондæр нал цымыдис кодта. Уыцы бæллæх бирæ азты дæргъы йæ фæдыл зылд, фæлæ йæ уый ныр бынтондæр нал æндæвта. Диссаг у, фыдвæлладæй адæймагæн кæй фенцондæр вæййы. Ныр уый никуыуал ныффысдзæни, раздæр фæстауæрц кæуыл кодта, ома алцыдæр лæмбынæг куы базонон, уæд лыстæггай кæй ныффысдзынæн, уыдæтгæ. Æмæ цы? Боныфæстагмæ, ныр йæ фыстытæй фыдæнхъæл уæддæр нал фæуыдзæни. Чи зоны, аккаг исты ныффыссын йæ къухты æфтгæ дæр нæ бакодтаид, æмæ, бонæй-бонмæ дунейы æрмæджытæ æмбырдгæнгæ, йæ къухмæ фыссæн сис дæр уымæн никуыуал райста. Æниу, цы уыдаид, уымæн ныр сбæлвырдгæнæн нал и. - Ардæм рацæуын нæ нæ хъуыди, - загъта сылгоймаг. Лæджы къухы цы агуывзæ уыд, уымæ каст æмæ йæ былтæ æхсыдта. - Парижы дыл æппындæр ахæмæй ницы æрцыдаид. Париж кæй уарзыс, ды уый алыхатт дæр дзырдтай. Гæнæн уыд, æмæ баззадаиккам Парижы, кæнæ ацыдаиккам æндæр искуыдæм. Æз кæдæмфæнды дæр ацыдаин. Æз дын куы дзырдтон, кæдæмдæриддæр дæ бафæнда, уырдæм кæй ацæудзынæн, Кæд дæ цуан кæнын фæндыд, уæд нæ бон уыд, æмæ Венгримæ ацыдаиккам, уым ницæмæй фæтыхстаиккам. - Ай æппæтдæр де змуйраг æхцаты аххос у, - загъта лæг. - Уый раст нæу, - загъта сылгоймаг. - Уыцы æхцатæ мæн куыд сты, дæу дæр - афтæ. Æз æппæтдæр ныууагътон, æмæ, дæу кæдæм фæндыд, уырдæм алыранмæ дæр цыдтæн демæ; дæу цыдæриддæр фæндыд, уый арæзтон. Фæлæ нæ ардæм рацæуын нæ хъуыд. - Афтæ куы дзырдтай, ам мæ зæрдæмæ цæуы.
ъ^^^^’Х*^*» ^Х’^У’^ 657 - О, ды æнæниз куы уыдтæ, уæд. Ныр мæ удхæссæг фестад. Æз æй не ’мбарын, цæй тыххæй хъуамæ срыстаид дæ къах ам. Цы фыд ракодтам, цы сарæзтам ахæмæй? - Зоныс, цы сарæзтон æз: фыццаджыдæр мæ ферох мæ уæраджы цъæррæмыхст йодæй басудзын. Стæй йыл хъуыды дæр нал акодтон, уымæн æмæ мæ ныронг инфекци никуы батыхсын кодта. Уыйфæстæ мæ къах куы срыст, уæд уыцы чысыл хъæдгом сæрстон кадавар карболкæйы тад донæй, инфекци аиуварскæнынæн нæм хуыздæр фæрæзтæ кæй нæ уыд, уый тыххæй. Гъе, уый аххосæй лыстæг тугдадзинтæ сæхгæдтой æмæ гангренæ къахыл фергом. - Лæг бакасти сылгоймагмæ. - Исты базонын ма дæ фæнды? - Æз уый кой нæ кæнын. - Мах æцæг шофыр куы баххуырстаиккам цавæрдæр бынæттон сæлхæры бæсты, уæд уый маторы тæнгъæд басгæрстаид æмæ подшипник нæ басыгъдаид. - Æз уый кой нæ кæнын. - Ды дæ хæлæртты куынæ ныууагътаис, Уэстберы, Саратогы, Палм-Бичайы æрдонгтæй куынæ фæхицæн уыдаис, куынæ мæ смой кодтаис... - Раст нæ дæ. Æз дæ уарзгæ куы кодтон. Гъеныр дæр дæ уарзын. Æмæ дæ уарздзынæн алыхатт дæр. Ау, ды мæ нæ уарзыс? - Нæ, - загъта лæг. - Мæнмæ гæсгæ, нæ. Мæнмæ гæсгæ, æз дæу æппындæр никуы уарзтон. - Уый цытæ дзурыс, Гарри? Дæ зонд фесæфтай. - Нæ. Тынг мæ куы бафæнда, уæддæр ницыуал фесафдзынæн. - Ма нуаз виски, - загъта сылгоймаг, - дæ фæхъхъау фæуон, курын дæ, ма нуаз. Нæ хъару нæ цы амоны, уымæй æппæтдæр хъуамæ аразæм. - Ды араз, - загъта лæг. - Æз бафæлладтæн. Ныр уымæн йæ цæстныдзæвæны уыд Карагачы вагзал. Уæд уыйу æфсад фæстæмæ куы алæууыдысты, уæд цыди Фракийæ, йе ’ккой уыд йæ дзаумæтты голлаг, афтæмæй лæууыд æмæ каст, Симплон - Ориенты экспрессы фанар тары куыд фады. Ацы хабарыл дæр фæстауæрц кодта, искуы йæ фыссыны сæр куы 42
658 («>) <<*Ш ЬГ<>) ОМ (ф>) (ф>) (<ф>) (<ф>) (<,) ф '*/*> **&(&*> *#Ъ <&Ъ <Фэ <Ф* **) бахъæуа, уæдмæ. Ноджыма йæудмысæны æвæрдуыд, рудзынгæй куыд кастысты æмæ Болгарийы хæхтыл мит куыд федтой, æмæ Наисеновы миссийы ссекретаршæ шефы бафарста - ома, ау, уый мит у, æмæ зæронд лæг хæхтæм акаст, æмæ афтæ: нæ, уый мит нæу. Митæн нырма раджы у. Æмæ уæд секретаршæ, иннæ чызджыты ’рдæм азилгæ, афтæ фехъуыстат, уый мит нæу, æмæ уæд уыдон дæр æмдзыхæй зыгътой: уыймит нæу, мах фæрæдыдыстæм. Фæлæ уый мит уыд, æцæгмит цы вæййы, уый, æмæ шеф уырдæм, хæхтæм, арвыста бирæ адæм, уымæн æмæ адæмы раивын хъуыд. Адæмы цæуын хъуыд арф хъæпæнтыл, æмæ уыцы адæм гъеуæд зымæджы иууылдæр фæцагъды сты. Гауэрталы дæр уыцы аз цыппурсы къуыри мит уарыд. Иæ хатæны æмбис цыппæрдигъон уырынгтæ пец кæмæн ахста, уыцы хъæддзауы хæдзары куы цардысты, тæрсы сыфтæртæй над гобантыл куы хуыссыдысты, уыцы аз. Раст гъеуæд хæдзармæ батфыд иу дезертир æмæ йæ фæстæ йæ къахвæдтæ митыл зындысты тугхъулонæй. Загъта сын, фæстейæ йæ кæй сурынц, æмæ йын уæд уыдон радтой къуымбил цъындатæ, уыйфæстæ жандармты ныхæстыл фæкодтой, цалынмæ уымæн йæ фæдтæ мит нæ бамбæрзта, уæдмæ. Цыппурсы фыццаг бон Шрунсы мит афтæ тынг æрттывта, æмæ аргъуанæй фæстæмæздæхæг адæммæ духаны рудзынгæй ракæсæн нæуыд, митырухс цæстытæ къахта. Уымма, Шрунсы, уыдон хæрды цыдысты, дзоныгътæ кæй ныннадтой æмæ бæхты мицъырайæ чи сбур, ахæм фæндагыл: доны иувæрсты, назæйæхгæд æмуырдыг хæхты цурты хылыдысты фистæгæй, се }ккой - сæ уæззау лыжæтæ; æмæ стæй уыцы лыжæтыл æвæджиауы дзæбæхæй æрхызтысты Мадленер-Хаусы цъитийы рæбынмæ; мит, сæкæры мурау, уыд æмлæгъз, ссадау -рог, æмæ ныр дæр йæ зæрдыл лæууы, маргъау-иу бынмæ æмуырдыг куыд тахтысты. Тымыгъы аххосæй Мадленер-Хаусы æнæхъæн къуыри ныффæстиат сты, фæздæггæнæг фанары рухсмæ хъазыдысты къамтæй, æмæ герр Ленц куыд æмбылды кодта, афтæ æхца æрæвæрыны бæрц дæр уæлдæрæй уæлдæрмæ хызт. Æппынфæстаг, Ленц ихыл бадæгау аззад — фембылд лыжæты скъолайы æхцатæ иууылдæр, æнæхъæн сезоны æфтиаг, стæй
(^ («/*) <«/«,> («»/*») с»Х*> («>Х«г> ('»/«у с<*/^ С<*>> йе ’ппæт фæстауæрцтæ дæр. Ныр дæр ма удæгасау лæууы йæ цæсты раз — даргъфындзджын, фынгæй къам сисы æмæ æвæры «Сонс воир»*. Хъазт-иу адаргъ æнæхъæн суткæ. Мит уары - хъазынц. Тымыгъ банцад - хъазынц. Къамæй хъазтыл йæ рæстæгæй цас бахардз, ныр ууыл ахъуыды кодта. Фæлæ уый уыдæттыл иунæг рæнхъ дæр нæ ныффыста, нæдæр уыцы ирд цыппурсы боныл, дæлвæзы алывæрсты хæхтæ нывфыстау куы разындысты, æмæ Баркер, фронты хаххыл рахизгæйæ, сæ сæрты куы ратахт, цæмæй хæстæй хæдзармæздæхæг австриаг афщерты поездыл бомбæтæ æркалдтаид, æмæ уыдон алырдæмты куы апырх сты, уæд сыл нæмыгызгъалæй куыд нызгъæлста. Иæ зæрдыл æрлæууыд, уыйфæстæ Баркер афицерты хæрæндонмæ куыд бацыд æмæ уыцы хабар куыд дзырдта. Æмæ уæд æппæтдæр ныхъхъус, стæй чидæр загъта: «Сырд, ницæйаг æлгъаг уд». Гъеуæд цы австриæгты мардтой, уыдон уыдысты, фæстæдæр лыжæтимæ кæимæ цыд, уыдоны хуызæттæ. Нæ, уыдоны хуызæн нæ. Ганс, уыцы азы дæргъы лыжæтимæ кæимæ цыд, уый службæ кодта егерты полчъы, æмæ, хъæдфадæны иу чысыл дæлвæзы, тæрхъустыл иумæ цуангæнгæ, уыдон дзырдтой Пасубиойы цур æрцæуæг тохыл, Петрикæйы бынмæ ныббырстыл, Асалоныл, æмæуыйуыдæттыл иурæнхъ дæр нæ ныффыста. НæдæрМонте- Корнойыл, нæдæр Сьетте-Коммунийыл, нæдæр Арсиеройыл. Цал азы фæцарди Арлъберг æмæ Форарлъбергы? Цыппар, æмæ уæд йæ зæрдыл æрлæууыд, Блубенцмæ лæвæрттæ æлхæнынмæ куы цыдысты, уæд рувас чи уæй кодта, уыцы адæймаг, ноджы балы æппыты адхæссæг замманайы хирш; йæ зæрдыл æрлæууыд: митвæндагыл ссады хуызæн миты рог зилдухæн, æмуырдыджы сæр быцæуæй быргæ «хай - хо, мах Ролли!» - зарæг, стæй комкоммæ æмуырдыг атæх æмæ, æртæ хатты дæхи фесхойгæ, дыргъдоныл ахиз, дарддæр - къанау, уый æдде та уазæгдоны фæстæ — салдвæндаг. Ныр дæ ницыуал сæр хъæуы, дæ къæхтæй лыжæтæ арæцугъ æмæ сæ кауын къулыл бахъил кæн, фæрссагæй такæлырухс, æмæуым, хатæны, сæны тæфхæссæг фæздæгджын хъармы, цæгъдынц аккардеонæй. * «Сусæгæй».
(«>; (ьуГбд (<9)Г*>} (<*)№ (га^*>) (гэ{*>) ('>>Х*>) ('*(*>) '<») >~Ъ-~-'> -** -\> -**- ~\> ~Ъ ~\> -Ъ- -/• ~Ъ~ --> ~Ъ ^>-Ъ ’ (г.) «фу (фэ (.фо (<*Х<;) <<*}<$ <<ф>) <<ФЭ <!*) - Парижы-иу кæм æрлæууыдыстæм? - бафарста, ам, Африкæйы, йæ фарсмæ тухгæ бандоныл цы сылгоймаг бадт, уый. - Крийоны отелы. Дæхæдæг æй хорз куы зоныс. - Цæй тыххæй йæ хъуамæ зонон æз? - Мах-иу алыхатт дæр уым æрлæууыдыстæм. - Нæ, алыхатт нæ. - Уым æмæ Сен-Жерменгæрон «Генрих Цыппæрæмы Павильоны». Уыцы бынæттæ кæй уарзыс, уый-иу дæхæдæг дзырдтай. - Уарзт фаджысы рагъ у, - загъта Гарри. - Æз та5 йæ цъупмæ чи сбырыд æмæ уырдыгæй чи хъихъыритæ кæны, ахæм уасæг. - Кæд, æцæгдæр, мæлгæ кæныс, - загъта сылгоймаг, - уæд, ау, æнæмæнг хъуыддаг у, дæ фæстæ цы уадзыс, уыдон иууылдæр байсафай? Ау, алцыдæр демæ хъуамæ ахæссай? Ау, афтæ дæ фæнды - дæ бæхы дæр амарай æмæ дæ усы дæр, дæ саргъ дæр басудзай æмæ дæ хотыхтæ дæр? - О, - загъта лæг. - Де ’лгъыстаг æхцатæ мын уыдысты хотыхты бæсты, уыдоны фæрцы æрбадтæн саргъыл. - Банцай. - Хорз. Ницыуал дзурын. Нæ мæ фæнды дæ хъыг исын. - Æрæджиауы хорзæх дæ уæд. - Хорз. Уæдæ дыл фыдауыд кæндзынæн. Афтæ хъæлдзæгдæр у. Демæ цы иунæг иу хъуыддаг уарзтон аразын, уый мæ бон нал У- - Нæ, раст нæ дæ. Ды ма бирæ æндæр цыдæртæ уарзтай. Æмæ-иу дæ цыдæриддæр аразын бафæндыд, уый-иу арæзтон æз дæр. - Хуыцауыстæн, ныууадз дæхицæй æппæлын. Нæлгоймаг æм бакст æмæ федта, сылгоймаг кæугæ кæй кæны, уый. - Æрбайхъус-ма, - загъта йын. - Афтæ дæм кæсы, æмæ мæнæн æхсызгон у? Мæхæдæг дæр æй нæ зонын, цæмæн афтæ кæнын. _Мар, цæмæй хатай, дæхæдæг ма удæгас кæй дæ - æвæццæгæн, ахæм у не сконд. Ныхас кæнын куы райдыдтам, уæд æппæтдæр хорз уыди. Æз нæ зыдтон, ныхас цæмæ расайдзæн, фæлæ ныр мæ зонд æддæг-мидæг ауад, æмæ дæ удхарæй марын. Дæ зæрдæмæ соооооо^оооросососоеэрзеоооро^
Г<у <?Ф> Ь/»> «ф> *фЬ <<>/») <'ф> Ър» Ь) 661 (*> «*/«!> (•*/«>; С'*Д) (»/«у С’О^у С'»/«у с«*/^ <**> сæ ма ис, мæ удлæууæн. Æз уарзын дæу. Дæхæдæг æй зоныс - уарзын дæ. Æз дæ бæрц никуы никæй уарзтон. -Æвæлмон къæбæр æм цæй фæрцы хаудта, уыцы ахуыр гæды ныхæстыл та схæцыд. - Куыд хорз дæ. - Гадза, - загъта лæг. - Гадзайæн рæдау къухтæ вæййы. Уый поэзи у. Æз ныртæккæ поэзийæ мемыдзаг дæн. Æлгъыст æмæ поэзийæ. Æлгъыст поэзийæ. - Банцай-ма, Гарри. Цы абухыс, цы? - Æз уæлæуыл ницыуал ныууадздзынæн, - загъта лæг. - Мæн мæ фæстæ уæлæуыл ницы фæнды ныууадзын. Дыууæизæрастæу афон райхъал. Хур рагъы фæстæ ныттылд æмæ дæлвæзтыл тар аууон æрхауд. Гыццыл сырдвос ныр цатырты цурты зылдысты, æмæ лæг касти, уыдон къудзиджынæй куыд цæуынц, рæстæгæй-рæстæгмæ зыдæй куыд фæлæбурынц хизынмæ, сæ къæдзилтæ куыд тилынц. Мæргътæ зæххыл нал бадтысты холыæнхъæлцауæй, фæлæ бæласыл ныттыгуыр сты. Сæ нымæц ныр дзæвгар фылдæр уыд. Лæгæн йæ бой бадти йæ сынтæджы фарсмæ. - Мемсаиб цуанкæнынмæ ацыд, - загъта бой. - Бванайы исты хъæуы? - Нæ. Сылгоймаг сихорæн исты маргъ, йе, сырд амарынæнхъæл ацыд. Зыдта, йæ лæг цæрæгойты куыд бирæ уарзы, уый, æмæ, сынтæгæй фæлгæсгæ, лæгмæ дæлвæз хайæ цы гæппæл зынд, уым цуан кæнын йæ цæст нæ бауарзта, мидæгау баивгъуыдта. Алцыдæр йæ зæрдыл дары, ахъуыды кодта лæг, цы базыдта, цы бакаст, йе, цы фехъуыста - æппæтдæр дары йæ зæрдыл. Цы аххосджын у сылгоймаг, лæг æм йæхæдæг фæуд адæймагæй кæй æрцыд. Цæмæй зыдта сылгоймаг, цы ныхæстæ йын дзырдта, уыдон бынтон афтид кæй уыдысты, йæ иугъæдон ахуырæй йын сæ кæй дзуры, йæхи удæн æвæлмасты хос кæй сты. Мæнг æмæ сайд ныхæстыл куы фæцалх, уæд йæ фæлывд ныхæстæй тынг æлхæдта сылгоймæгты зæрдæ, йæ раст ныхасæн та йын аргъ нæ кодтой.
662 ^^^^Т*^^^/у (го> о*Х*>> ъХ’у е/^ с^Х^ с«*/у (<*/у «да с*) Мæгуырау уый нæ уыд, гæдыныхæстæ кæй кодта, мардæрцыд уый уыд, рæстдзинад афтиды ауыгъдæй кæй аззад. Цы цард æм æмбæлд, уый раджы рацард, уæддæр ма удæгас уыд, фæлæ ныр царди бынтон æндæр адæмы астæу, æхца дæр æм ныр бирæ уыд, йæ зонгæ бынæттæй-иу абæрæг кодта се ’ппæты хуыздæрты, ауад-иу ног рæттæм дæр. Сæйраг уыд - мацæуыл хъуыды кæн æмæ уæд æппæтдæр рæстмиаг уыдзæн. Æрдз дæ фидар удыхъæдæй схайджын кодта, æмæ, адæмæн сæ фылдæр куыд æруадзынц сæ фындз, ды уымæй дæхи бахызтай; ахæм хуыз æвдыстай, цыма, раздæр цы бынаты куыстай, ууыл дæ ныр нытту кæнын фæнды; афтæмæй та ныр дæуæн уыцы куыст бакæныны хъару нал ис. Фæлæ-иу ды дæхицæн дзырдтай, уыцы адæмы тыххæй æнæмæнг кæй ныффысдзынæ - æппæты хъæздыгдæр адæмыл; ды дæхи уыдонæй нæ нымадтай, се ’хсæн дæхи хуыдтай цæрдиппæрд; уыдонæй дæхи атондзынæ, ныффысдзынæ ацы хабæрттæ, æмæ цæрæнбонты фыццаг хатт адæттæ ныффысдзæни ахæм адæймаг, æппæтдæр йæхи удæй чи бавзæрста. Фæлæ уымæн стæй йæ бон нæ бацис уыцы куыстмæ æрæвналын, уымæн æмæ фæцайдагъ æрвылбоны æвæлмон цардыл, комфортыл, йæхи удыл æлгъ кæныныл, æппæт уыдæттæ йын мардтой йæ курдиат, иппæрд æй кодтой куыстмæ æмæ æппынфæстаг фыссыныл бынтондæр йæ къух ауыгъта. Иæ зонгæ адæмæн пайда уыд, цæмæй мацы куыстаид. Кæддæр Африкæйы арвыста йæ царды хуыздæр бонтæ, æмæ та мæнæ ныр дæр фæстæмæ æрыздæхт, цæмæй сæ сфæлхат кодтаид. Фæндæгтыл гуыпп-цард кæм кæндзынæ. Зындзинæдтæ не ’ййæфтой, фæлæ гъæйтты цардæн дæр фадат кæм уыд, æмæ йæм афтæ каст, ома та ме ’муд æрцæудзынæн. Йæ уды фиутæ ныллæмардзæни, боксер хохмæ куыд ацæуы, куысты æмæ тренировкæты йæ уды фиутæ куыд ныллæмары, афтæ. Йæ ус дæр бирæ уарзта амы цард. Йæхæдæг дзырдта, ам йæ зæрдæмæ кæй цæуы. Сылгоймаг уарзта бынативæнты рæстæджы удвæйлыды æхцон, уарзта ног зонгæты, хиирхæфсын. Æмæ йæм кусыны уæлмонц кæй æрцæудзæн, ахæм ныфс та бацыд лæджы зæрдæйы. Ныр кæд йæ царды кæрон æрхæццæ (зонгæ та йæ кæны - йæ царды кæрон æрхæццæ), уæд, йæ астæуыстæг кæмæн
^&^Ф* <*№+^Х» ^Х»^/»^/^ 663 6$ <&Х*>) е»/*>) Ц*Х*о*'&Х*>) **/'') ^ьФу С»/«н) г<*> ацъæлчындæуыд, ахæм калмау хъуамæ уырыхсны кæнай æмæ дæхи æхсынай? Ацы сылгоймаг мур аххосджын дæр нæу. Уый куынæ уыдаид, уæд æндæр уыдаид. Кæд йе ’ппæт царды дæргъы дæр фæливгæ кодта, уæд мæлгæ дæр ахæм уагæй хъуамæ акæна. Лæг фæсобауæй æрыхъуыста æхсты хъæр. Рæстдзæвин у ацы хæларзæрдæ гадза - рæдау къух кæмæн ис, йæ дарæг чи у æмæ йын йæ курдиат чи бабын кодта, уыцы сылгоймаг. Дзæгъæлы дзæнгæда, йæхæдæг ныммардта йæ курдиат. Хæрзвадат царды уавæртæ йын чи сарæзта æмæ æрмæст уымæй чи у аххосджын, уыцы сылгоймаджы алцæмæй азымы цæмæн дары. Йæ курдиат ныммардта, уымæн æмæ дзы никуы пайда кодта, йæхи уды æууæнкыл комдзог цыди, нозта æмæ йын нозт йе ’нкъарæнтæ къуырма кодта, сзивæггæнаг, скадмондаг, стыхлæг, сибаритства æмæ снобизмæй фæхъæстæ; фæхъæстæ ис, зæххыл цыдæриддæр раст æмæ зылынæй ис, уыдонæй. Цы зæгъæн ис йæ курдиатæй? Мæнг нæ зæгъдзынæ, курдиат æм уыд, фæлæ дзы искуы, спайда кæныны бæсты, базарыл схæцыд; никуы уыд афтæ: æз уый сарæзтон, фæлæ - æз уый сарæзтаин. Æмæ царды æфтиæгтæ сисæй нæ, фæлæ æндæр хъуыддæгтæй иста. Мыййаг уый дæр хуымæтæджы куынæ уыд - йæ фæстаг хæзгул-иу кæддæридцæр уыйразмæйы хæзгулæй хъæздыгдæр уыд. Фæлæ-иу йæ рæстæгмæйы уарзт куы ацыд, уæд-иу фæлывд ныхæстыл схæцыд, гъеныр ацы сылгоймаджы куыд фæливы, афтæ; ай се ’ппæтæй хъæздыгдæр уыд, дзæвгар æхцайы хицау, кæддæр ын лæг æмæ сывæллæтгæ дæр уыди, сæ фембæлды размæ йын уыдис хæзгултæ дæр, фæлæ сæ йæ зæрдæ нæ рухс кодта, афтæмæй уый, Гаррийы та. бирæ уарзта. Уарзта йæ куыд фыссæг, куыд лæг, куыд æмбал æмæ зынаргъ исбон. Диссаг та куыд нæ у, нæ уарзы ацы сылгоймаджы, гæдыныхæстæ йын кæны, афтæмæй, цы сылгоймæгты уарзта, уыдонæй йæ фылдæр рæвдауы - йе ’хцаты тыххæй. Йæ хъуыдымæ æрцыд, ома мах, чи зоны, иууылдæр нæхи хъуыддæгты тыххæй равзæрдыстæм.__Дæхицæн дæ къæбæр куыд амал кæныс, уый у дæ курдиат. Царды æрмæстдæр арæзта уый, æмæ алыгъуызты йæ тых уæй кодта, фæлæ æнкъарæнтæ куынæуал уой, уæд дæ райст æхцаты сæрмæ гъæдцжындæр товар
<*>«*&> <^/е*Х*, <*&> Ф* &/*>«<&> **) хъуамæ раттай. Ацы æцæгдзинадыл не ’ууæндыд, фæлæ ныр уый тыххæй дæр ницыуал ныффысдзæни. О, ницыуал ныффысдзæни уый тыххæй, фыссын та хъуыд. О, уæлæ фæсобауæй разынди, йæ ных дæлвæзы цатыртæм сарæзта. Йæ уæлæ - бриджи, йæ къухы - топп. Йæ фæстæ цæуынц бойтæ æмæ пыхсыл фысы мард ласынц. Нæ, нырма гъæйтт- мардзæ сылгоймаг у, ахъуыды кодта лæг, хорз буар ын ис. Уарзты хъуыддæгты иттæг курдиатджын у æмæ ам фæсте никæмæй зайы; бæстонхорз æй нæ рахондзынæ, фæлæ лæджы зæрдæмæ цыд йæ цæсгом, тынг бирæ каст чингуытæ, уарзта бæхыл бадын, цуан кæнын, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, нозтыл дæр нæ ауæрста. Нырма хæрз æвзонг сылгоймаг уыд, афтæ амард йæ мой, æмæ уæд цыбыр рæстæджы дæргъы аныгъуылд йæ сывæллæтты хъомыл кæныныл, уыдон та ныр æнахъомтæ нал уыдысты, нал сæ хъуыд йæ сæр, тыхстысты йын йæ бæхдон, йæ чингуытæ æмæ йæ сæнæй. Уый уарзта æхсæвæры размæ чиныг кæсын, æмæ- иу, чиныг кæсгæ, нозта виски содæйы донимæ. Æхсæвæрмæ-иу рацыд расыгæй æмæ-иу фынгыл цы иунæг сæны авг равдæлон кодта, уый йын фаг уыд, цæмæй ныффынæй уыдаид. Уæд ын хæзгултæ нæма уыд. Хæзгултæ куы скодта, уæд нозтыл дæр чысыл фæхæцыд, уымæн æмæ йæ ныр æнæнозтæй дæр ахста хуыссæг. Фæлæ йæ хæзгултимæ дæр зæрдæхъæлдзæг нæ уыд. Моймæ кæмæ æрцыд, уыимæ никуы æнкъард кодта, адонимæ та йæ æрхæндæг ахста. Стæй уæд йæ фырт уæлдæфон катастрофæйы фæмард æмæ уый фæстæ йæ хæзгултыл йæ къух ауыгъта, фæлæ йын виски йæ рыст нæ сырдта, хъуыдис æй æндæр цавæрдæр цардыл фæхæст уæвын. Æвиппайды банкъардта йæ иунæгдзинад, æмæ фæтарст. Фæлæ йæ лæг та ахæм хъуыди, æмæ аргъ кæмæн кодтаид. Сæ базынды хабар хæрз хуымæтæг у. Сылгоймаджы зæрдæмæ цыдысты йæ чингуытæ, æмæ-иу ын кæддæриддæр хæлæг кодта йæ цардыуагмæ. Афтæ йæм касти, цыма йæ цыдæридцæр фæнды, уый аразы. Сылгоймаджьцфæндыд йæ амонд ссарын, бауарзта йæ, æмæ йæ фæндыд ног цард саразын. Æппæт уыдæттæ ныхмæвæрд уыдысты лæгæн йæхи цардыуагмæ - уый та ныр йæ раздæры царды баззайæццæгтæ уæй кодта.
(^ («/у **/*> (.»/*> о*У«у сО^у («*Х^ ('*>; г<*> О, уæй кодта йæ цард, цæмæй йын уыдаид æвæлмон цард, уыдаид ын комфорт. О, æцæгдæр афтæ уыд. Æндæр ма цы? Чи йын цы зоны? Сылгоймаг æппæтдæр балхæдтаид, йæ алы фæндон дæр ын сæххæст кодтаид. Ууыл ничи дызæрдыг кæны. Стæй ма куыд сылгоймаг, афтæ дæр гъæйтт-мардзæ уыди. Сæ цард баиу кæныны ныхмæ æппындæр нæ уыд, уый нæ, фæлæ æндæр сылгоймæгты разæй дæр уый равзæрстаид: хъæздыгдæр уыд иннæтæй, зæрдæскъæф, стæй уарзты æхцонады ад зыдта æмæ загъд никуы кодта. Ныр цы ног цард сарæзта, уый та хъуамæ фехала, уымæн æмæ, дыууæ къуырийы размæ сындзытыл йæ уæраг куы фæцъæррæмыхст, уæд æй йодæй нæ басыгъта; уæд уыдон пыхсбыны фæцæйхъуызыдысты, цæмæй антилопæйы дзуджы нывтæ сисой; антилопæтæ, сæ сæртæ бæрзонд сисгæ, размæ нымдзаст сты, сæ фындзтæй зыдæй улæфыдысты уæлдæф, хъустæ - къæрцхъус, чысыл уынæр, æмæ къугæртæм сæхи аппардзысты. Æмæ лидзгæ дæр акодтой, аппарат æркъæрцц кæнын нæ бафтыд сæ къухы. Мæнæ, гъе, йæхæдæг дæр æрцыд. Базыл йæ сæр сылгоймаджы ’рдæм азылдта æмæ загъта: - Хелло! - Æз далыс амардтон, - загъта сылгоймаг. - Хæрзад бас дын сараздзынæн, стæй ма зæгъдзынæн, цæмæй дын саразон картофы пюре порошокы æхсырæй. Дæхи куыд хатыс? - Бирæхуыздæр. - Иттæг хорз! Зоныс, æз дæр афтæ хъуыды кодтон - фæхуыздæр уыдзынæ. Æз куы ацыдтæн, уæд ды фынæй кодтай. - Æз дзæбæх афынæй дæн. Дард ацыдтæ? - Нæ. Фæсобауы онг. Зоныс, хорз æй фехстон. - Ды иттæг хорз æхсыс. - Æз уарзын цуан кæнын. Уарзын Африкæ дæр. Æцæг зæгъын. Кæд фæдзæбæх уай, уæд афтæ нымайдзынæн, æмæ ацы балц мæ царды æппæты цымыдисагдæр хабар у. Куы йæ зоныс, демæ цуан кæнын мæм куыд диссаг кæсы. Æз Африкæ бауарзтон. - Æз дæр æй уарзын. - Мæ удлæууæн, куы йæ зонис, кæй фенцондæр дæ, уый куыд хорз у. Абон райсом цыхуызæн уыдтæ, ахæмæй уынын дæ мæ бон нæу. Ахæм ныхас мауал кæн мемæ. Дзырд мын дæттыс? ?оооо«^оеоооооеоаосоооа~орос ососороророооооеоеоез
ооо 0>) <«»/«> С<*У«0 <г*>(*Ъ СъГ*>) «,&>) (<ф>) (<*Г*>) 0,Л С<2) "^ сда С'*Х<У С*ХЪ> С'*Л **/*> й?ХЬ) С'*> - Хорз. Никуыуал, - загъта лæг. - Цы дзырдтон, уый мæ зæрдыл нæ лæууы. - Цæмæн мæ удхарæй марыс? Афтæ раст нæу. Æз æрмæстдæр дæн, дæу чи уарзы, уыцы ацæргæ сылгоймаг, æмæ дæу цы аразын фæнды, мæн дæр æрмæст уый аразын фæнды. Æнæуый дæр мæ удхарæй бирæ куы фæмардтай. Зæгъ, удхарæй мæ кæйнæуал мардзынæ. - Стыр æхсызгонæй дæ амарин удхарæй сынтæгыл, - загъта лæг. - Гъеуый æндæр хъуыддаг у. Гуыргæ дæр уый тыххæй ракодтам. Сом хæдтæхæг æртæхдзæни. - Цæмæй йæ зоныс? - Æз ууыл гуырысхо нæ кæнын. Æнæмæнг æртæхдзæни. Пыхс æмæ кæрдæг æрцæттæ кодтой бойтæ - фæздæггæнаг æртытæн. Абон та абæрæг кодтам уыцы бынат. Æрбадæн бынат дзы ис, æмæ мах дыууæрдыгæй æртытæ скæндзыстæм. - Цæмæн дæм афтæ кæсы, æмæ сом æртæхдзæнис? - Уырны мæ, кæй æртæхдзæни. Афон у. Горæты дын дæ къахæн схос кæндзысты, æмæ уæд, æцæгдæр, хуыссæны кæрæдзи удхарæй фæмардзыстæм. Абон мæ дæ ныхæстæй куыд мардтай удхарæй, афтæ - нæ. - Цæй, баназæм. Хур нынныгуылд. - Куы йæ уадзис. - Баназдзынæн. - Уæд иумæ баназæм. Моло, виски нын содæйы донимæ рахæсс, - фæхъæр кодта сылгоймаг. - Бæрзонд басмахъхъытæ куы скæнис, æндæра дæ къогъотæ бахæрдзысты, - загъта йын лæг. - Мæхи уал цæхсон... Цалынмæ изæрдалынгтæ кодта, уæдмæ нозтой, стæй тар куы фæбæзджындæр æмæ топпы хъавæн цæст куынæуал æвзæрста, уæд дæлвæзы гиенæ æрбасенк кодта æмæ фæсобау æрбайсæфт. - Ацы змуйраг алы æхсæв амыты зилы, - загъта лæг. - Дыууæ къуырийы дæргъы æрвылæхсæв. - Уый, æхсæвыгон чи фæниуы, уый у. Уадз æмæ уæд. Мæн ницы хъыгдары. Æцæг у, зæрдæйæн æнæуынон сты.
О.^^^^^Ь^фо^)^ 667 Ныр, сылгоймагимæ виски нуазгæ, йæ рыст куы айсæфт, - æцæг æнæрзилгæйæ зын у хуыссын, бойтæ та арт скодтой æмæ йæ аууон ныдзæвд цатырыл, - уæд та банкъардта, ногæй йæм кæй здæхы, æхцоны уацарау ын чи сси, уыцы куыдфæндыйы зæрдæйыуаг. Сылгоймаг ыл æнувыд у. Уый та райсом æгъатыр уыд, азымджын... Уый хорз сылгоймаг у, иттæг хорз сылгоймаг. Æмæ уыцы уысм æвиппайды бамбæрста, кæй мæлы. Уый уадау скуыси йæ сæры; дымгæ кæнæ къæвдайау нæ, фæлæ æнæнхъæлæджы уадау, йæ цæстныдзæвæн æдзæрæг быдыр ын æлгъаг тæф скодта; æппæты тæссагдæр та уый уыд, æмæ уыцы æдзæрæг ран гиенæ кæй æрбалыгъд. - Цы ’рцыди, Гарри? - бафарста сылгоймаг. - Ницы, - загъта лæг. - Иуырдæм куы абадис. Дымгæ де ’рдыгæй фарс куыд уа, афтæ. - Моло дын дæ къахы баст раивта? - О, борæйдзаг хæцъил ыл сæвæрдтон. - Дæхи куыд хатыс? - Чысыл ме онг æрлæмæгъ. - Цæуон æмæ уал мæхи цæхсон, - загъта сылгоймаг. - Тагъд уыдзынæн. Иумæ бахсæвæр кæнæм, стæй сынтæг мидæмæ бахæссын хъæуы. «Уæдæ, - загьта лæг йæхицæн, - мах хорз бакодгам, нæ хъаугьа кæй ныууагътам». Ацы сылгоймагимæ иттæг арæх нæ хыл кодта, кæй уарзта, уыдонимæ та-иу сæм афтæ арæх рауад загъд, æмæ, æппынфæстаг, уыцы хъаугъаты згæ бахордта, кæрæдзийыл сæ цы баста, уый. Йæ уарзт-иу æгæр тыхджын уыд, æгæр домаг, æмæ фæстагмæ сафтид и. Ныртæккæ хъуыды кодта, Парижы куы рахыл, уыйфæстæ Константинополы куы лсеууыд иунæгæй, арастæввонгæй. Уæд уый уыцы бонты дæргъы хсетыди йæ зæрдæйы фæндиаг, стæй йæхи куы æрæмбæрста æмæ йын иунæгдзинады æнкъарæн къаддæр нæ, фæлæ ноджы куы стыхджын, уæд ныффыста, фыццаг хатт дзы цы сылгоймаг алыгъд, уымæ; ныффыста йæм, йæ бон йæхимидæг амарын цы нæ баци, уыдæттæ... Ныффыста йæм, иухатт æм афтæ кæй фæкаст, цыма уый Регенсы цурты
668 (*о <<»№> <<*Х*й (<ф>) ьфъ (гф>) ('ф>) оф>) (',) Ол> <Фэ <№>> ('№> с<*Х*>> (<у*1) <<>/*> <Ф$ С’О рахызт, æмæуæд йæриукуыд срыст; иыффыста йæмуыйтыххæй дæр, æмсе-иу æм искæцы сылгоймагуыйхуызæн куы фæкаст, уæд- иу бульвары йæ фæстæ куыд цыд æмæ куыд тарсти, мыййаг, уый куыиæ разыиа; тарсти-иу, гьеуæд æм цы ’нкъарæн сæвзæрд, уый йын куы айсæфа. Ныффыста йсем, цыдæриддæр сылгоймæгты цур хуыссыд, уыдон ын æрмæстдæр уый тыхджыидæр кæй мысын кодтой. Æмæ йын йæ алыгъд йæ цæстмæ кæй нал дары — уымæн æмæ йæуарзтæй йæ бон иæу фервæзын... Фыстæг фыста клубы, зыбыты иунæгæй, æвронгæй, арвыста йæ Нью-Иоркмæ, æмæ дзы куырдта, цæмæй йын дзуапп æрæрвыстаид Парижмæ, редакцийы номыл. Афтæ зынд, цыма дзы тæссагæй ницы ис. Уыцы изæр йæ уд йæ хъуырмæ афтæ сси, æмæ Таксимы цур рацахста, йæ фæдыл чи фæцæуæг, ахæм сыл, æмæ иумæ æхсæвæр кæнынмæ ацыдысты. Стæй ацыдысты дансингмæ, сылгоймаг æвзæр кафыдис æмæ дзы уый дæр йæхи аиуварс кодта, кафтмæ рахуыдта цавæрдæр ронбæгъд сомихаг чызджы: ацы сыл ыл кафгæ-кафын йæ гуыбын афтæ хафта, æмæ-иу йæ сурхид акалд. Англисаг артиллеристæй йæ загъдæмхасæнтæй ратыдта. Артиллерист æмуынгмæ фæдзырдта, æмæуым тæккæ уынджы астæу схъуырмæ сты. Артиллеристы уфсæр дыууæ хатты ныффæртт кодта, уый нæ ахауд, æмæ уæд бамбæрста - фидар фæлæууын хъæуы. Артиллерист ын бацавта йæриу, стæй та йæ уадул. Уæд та йын уый дæр йæ тых-йæ бонæй бацавта йæ тæн. Артиллерист ын фæлæбурдта йæ пинджакмæ æмæ йын йæ дыс атыдта, уый та йын дыууæ цæфы фæкодта йæ фæсхъус, стæй йæ йæхицæй асхойгæ, рахизæй фæцæф кодта. Артиллерист æрхаудта, йæ сæр дурмæ ахаста, уый та йæ сылимæ лидзынмæ фесты, уымæн æмæ сæм æфсæддон патрул æрбацæйлыгъд. Такси рацахстой, ацыдысты Босфоры фæрсты Риммили-Хиссамæ, иу зылд æркодтой, стæй æхсæвы сатæг уæлдæфы фæстæмæ æрбаздæхтысты æмæ хуыссæиы абырыдысты; сыл, дарæсы куыд зыид, афтæ карджын уыд хуыссæны дæр, фæлæ, уардийы сыфау, зæлдагбуар, пумпуси, зæлдагбуар гуыбын, стыр риутæ. Куы ацыд, уæд мауый фынæй кодта æмæ йын сæумæрайсом дæр уыд бирæфæбыгъдулæггæнæджы хуыз. Уырдыгæй ацыд Пера-
Ц лу/^ г*/*) (,*/*,; («/«>, с«»/«У '">У^ («»)*; «*>> Паласмæ цъæхуадулæй, йæ пинджак - йæ дæларм, уымæн æмæ йыл иу дыс нал уыд. Уыцы изæр ацыди Анагполимæ, дыккаг бон поезд цыд, опиум кæмæй аразынц, ахæм сырхмæтæгæй тыд быдырты æхсæнты, æмæ ныр йæ зæрдыл æрлæууыд, уыцы бон ын суанг изæрмæ цыхуызæн æнахуыр зæрдæйы уаг уыди, йе йын фронты размæ фæндæгты дæргъ куыд æддæг-мидæг ауад; уæд, гъеуæд цы бердзенаг афицертæ æрцыд - се ’ппæт дæр зыбыты сæрхъæнтæ -уыдонимæ хъуамæ абырстаиккойразмæ, артиллери та цагъта сæхи хæстонты, æмæ англисаг æфсæддонхъусдарæг куыдта сывæллонау. Уыцы бон фыццаг хатт федта мард салдæтты - балеты урс юбкæты, здыхстфындз туфлиты, пампонтимæ. Туркæгтæ æрсдонау æфсæрстой, æмæ йæхæдæг федта, юбкæджын салдæттæ лидзынмæ куыд фесты, афицертæ сæ куыд æхстой, стæй сæхæдæг дæр сæ фæстæ куыд фæлидзæг сты; уый дæр англисаг цæстдарæджы фæдыл, сæ фæд-фæд йæхи айста, афтæ лыгъд, æмæ йæ уд сцæихауд, йæ дзых цыма æрхуыгæппæлтæй йедзаг уыд, ахæм æнуд тæф хаста, стæй къæдзæхты фæстæ бамбæхстысты, туркæгтæ та æфсæрстой æмæ æфсæрстой. Уыйфæстæ ма йын ахæм цыдæртæ фенын бантыст, æмæ сæ адæймаг мысгæ дæр не ’ркæндзæни; фæстæдæр ноджы æлгъагдæр митæ федта. Гъе, æмæ, Парижмæ куы æрыздæхт, уæд уыцы хабæрттæм нæдæр хъусын уыд йæ бон, нæдæр сыл дзургæ кодта. Æмæ Парижы иу кафейы цурты куы фæцæйцыд, уæдуым бадтуыцы америкæйаг поэт, йæразы фынг йедзагуыд тæбæгътæй, йæ цæсгомуыд æдылыгъуыз æмæ картофаухæмпус; поэт дадисты тыххæй дзырдта иурумынагимæ, Тристан Тцара, зæгъгæ, монокль чи дардта æмæ æдзух сæрнизæй чи хъæрзыдта. Стæй та ногæй - йæ фатер, кæй та æруарзта, уыцы усы фарсмæ, цыма хъаугъа дæр никуы фесты, фырмæстæй никуы схæркъуы сты, ома - де ’рыздæхт мын æхсызгон у; редакцийæ йын хæдзармæ æрвыстой йæ пост._Æмæ йæм иурайсом, аходæнафон, радтой, иухатт цы фыстæг ныффыста, уымæн дзуапп, æмæ, къухфыст базонгæйæ, йе уонг ауазал, хъуамæ йæ æндæр къонвертты бын амбæхстаид. Фæлæ йæ йæ ус афарста:
670 г<н> <<ф) (<*х<* **Х** ('*Р» (г>&> ('*№ ('*№ ''») (гу сфэ ^х-з <**х_, (<*Х_> г<*/_) с<*/_» «?/_> ("0 «Кæмæй дæму, мæ зæрдæ?» - æмæ та сын цалдæр боны цы цард сæндидзыдта, уый нызгъæлæнтæ. Семæ, се ’ппæтгшæ дæр цы хорз бонтæ арвыста æмæ цы хылтæ фесты, уый йæ зæрдыл æрлæууыд. Цыдæр диссагæн иууылдæр хылы рæстæгæн æвзæрстой, йæхи-иу амондджын цы уысмты фæхатыд, гъеуæд. Хорз-иу ын куы уыд, гъеуæд-иу цæй тыххæй хъуамæ схæцыдаиккой загъдыл? Уый уыдæттæ нæ ныффыста, уымæн æмæ йæ фыццаг никæй хъыг райсын фæндыди, стæй та йæм афтæ фæкаст, æмæ, цæуыл фысса, уый йæм кæй ис. Фæлæ дзы уæддæр рох нæ уыд, искуы ууыл дæр кæй ныффысдзæни. Фыссын æй цæуыл фæндыд, уыдон та цас уыдысты. Уый йæ хъус дардта, дуне куыд ивы; æрмæст цаутæм нæ - æниу, уыдон дæр фаг федта — цаутæм дæр æмæ адæммæ дæр; нæ, ноджы æнæрахатгæдæр ивæнтæ æвзæрста йæ цæст, æмæ йæ зæрдыл дардта — алгъуызон рæстæджыты адæм алыгъуызæтты сæхи куыд фæдарынц. Æппæт уыдæттæ йæ удæй бавзæрста, æппæтмæ дæр лæмбынæг каст æмæ уыдæттæ ныффыссын йæхæсу, фæлæ сæ ныр нал ныффысдзæни. - Дæхи куыд хатыс? - сылгоймаг йæхи цæхсадта æмæ цатырæй рахызт. - Дзæбæх. - Чи зоны, гъеныр исты ахæрис? - Сылгоймаджы фæстæ лæг федта Молойы тухгæ фынгимæ, иннæ боймæ та тæбæгътæ уыди. - Мæн фыссын фæнды, - загъта лæг. - Ды хъуамæ бас бацымай, цæмæй фæфидар уай. - Æз абон амæлдзынæн, - загъта лæг. - Цы ма фидар кæнон мæхи. - Цæмæн хъæуы мелодрамæ, Гарри, - загъта сылгоймаг. - Цы у, тæф нал хатыс? Мæ къах æрдæджы онг бамбыд. Тынг мæ бахъуыди ацы бас. Моло, æрхæсс-ма мын виски содæйы донимæ. - Бас-ма ацым, гъо, лæгъстæ_дын кæнын. - Хорз. Бас тынг тæвд уыд. Къусы йæ дзæвгар рæстæджы дæргъы уазал кодта, стæй йæ æнæферхæцгæ иу нозт акодта.
(«>) «&/*,) (ф,) (ф>) (фо) (ф0 (ф0 (,ф,) Г<*> - Цы диссаджы сылгоймаг дæ, - загъта лæг. - Мæ ныхæстæ мын мацæмæ дар. Сылгоймаг æм йе ’ргом раздæхта - «Сахар æмæ виллæ»-йы фæрстæй сыстæг зонгæ æмæ уарзон цæсгом, æрмæст нозтæй гæзæмæ фæфындуынд уарзты быгъдулæгæй, фæлæ «Сахар æмæ виллæ» - йы никуы æрцыди æвдыст ахæм рæсугъд риу, ахæм зæрдæмæдзог синтæ, ахæм узæлаг къухтæ. Æмæ, сылгоймаджы уыцы зонгæ мидбылхудтмæ кæсгæ, ногæй фæхатыд йæ адзал. Ацы хатт уад дæр нал сыстад. Дымдта рог дымгæ - цырагъы æвзаг кæмæй æрмынæг вæййы, йе спæртт кæны, ахæм уддзæф. - Чысыл фæстæдæр сын зæгъ æмæ хыз æрбахæссой, айтындзæнт æй сынтæгæй бæласмæ æмæ арт скæнæнт. Ахсæв мæ цатыры хуыссын нæ фæнды. Фыдæбойнагæй дзы ницы и. Ирд æхсæв у. Къæвда нæ уыдзæн. Гъе, мæнæ куыд мæлынц адæм - гæзæмæхъуысæг уынæры. Æмæ цы, боныфæстагмæ, хъаугъатæ фæуыдзысты. Уый тыххæй дзырд дæтты. Йæхи цармыл ма цы нæ бавзæрста, уыцы иунæг ног цыдæр нал смамм кæндзæн. Чи зоны йæ смамм кæнай. Алцыдæр куы смамм кодтай. Фæлæ гæнæн ис, æмæ йæ ма смамм кæнай. - Стенографийæ нæ арæхсыс? - Нæ, нæ арæхсын, - загъта сылгоймаг. - Ницы кæны, тынг ахсджиаг нæу. Раст у, рæстæг нал сфаг уыдзæни; æцæг, уыцы зæгъинæгтæ æддæг-мидæг афтæ ауадысты, æмæ, цыма иу абзацы дæр бацæудзысты, лæгмæ афтæ кæсы, æрмæст ма дæ бон бауæд. Хохы, цады был, лæууыд хъæдкъул хæдзар, йсе зыхъхъыртæ уыдысты чъырæй сæрст. Дуары цур хъгтыл уыд хъуытаз, æмæ-иу æй фынгмæ сидыны рæстæджы ныццагътой. Хæдзары фæстæуыд быдыр, быдыры фæстæ та айтынг хъæд. Хæдзарæй наулæууæнмæ уыд, йæ фæйнæфæрсты æвзист гæдыбæлæстæ кæмæн уыд, ахæм фæндаг. Хæхтæм хъæдгæрæтты цыд фæндаг æмæ-иу уыцы фæндаджы былтыл тыдта дзедыртæ.^Стæй уыцы хъæдын хæдзар басыгъд, басыгъдысты, тохынайы цур саджы къæхтыл цы хæцæнгæрзтæ уыд ауыгъд, уыдон дæр; æнæхъæд лулæтæ сæ магазинты батайæг здыимæ лæзæрдысты,
672 (*<х^ф*<'!Х*и «№^г№^'#*^№^!) сапонфыцæн æгтæн чи хъуыд, уыцы фæнычы обауы, æмæ ды бафарстай дæ дадайы, уыцы лулæтæй ахьазæн ис, зæгъгæ, æмæ дын уый загъта - нæ. Уымæн æмæ уыдон иууылдæр йæ топпытæ уыдысты, ногтæ та æлхæнгæ нал бакодта, æмæ уæдæй фæстæмæ йæ цуан кæнын ныууагъта. Хæдзар та ногæй уыцы бынаты сарæзтой, бамбæрзтой йæ зæронд хъуарийæ, рацагътой йæ чъырæй, æмæ та-иу террассæйæ разындысты гæдыбæлæстæ, уыдон æдде - цад. Фæлæ хæдзары хæцæнгæрзтæ никуыуал фæзынд. Кæддæр хъæдын хæдзары саджыкъæхтыл цы хæцæнгæрзтæ уыд ауыгъд, уыдон лулæтæ лæзæрдысты фæнычы рагъы æмæ сæм ныр æвналгæ дæр ничиуал кодта. Шварцвальды хæсты фæстæ хаццоны райстам цæугæдон, уым уыди къалмахи кæсаг æмæ йæм бацæуæн уыд дыууæ фæндагыл. Фыццаг фæндаг цыд дæлвæзтыл, Триберы цур-иу пæлæхсар бæлæстæй æхгæд фæндаг уырдыг ахаста, стæй та- иу къахвæндаг хохы ’рдæм фæтæссар, шварцвальдаг къæстæй арæзт чысыл фермæты цурты ахызтаид суангдæр цæугæдоны онг. Уыцы ранæй-иу райдыдтам кæсаг ахсын. Иннæ фæндаг та къардиуыл хызт хъæдгæронмæ, стæй назхъæды æхсæнты цæуын хъуыд хохыл, æрхиздзынæ уыгæрдæнмæ, уыгæрдæныл — хиды онг. Донбылгæрæтты задысты бæрзытæ, цæугæдон чысыл уыд, нарæг, змæстгомау, фæлæ тагъд цыди, бæрзыты бынты-иу зæхх кæм бахордта, уымыты уыд хуыдымтæ. Трибергы отелы хицау уыцы сезон хорз спайда кодта, уым иттæг хорз уыди, æмæ мах тагъд бахæлæрттæ стæм. Дыккаг азрайдыдта инфляци, æмæма йæм ивгъуыд азæй цы фæрæзтæ баззад, уыдон ын хæлцадон продукты фаг дæр нал систы, цæмæй отелы ног азы сезон байгом кодтаид, æмæ йæхи æрцауыгъта. Гъеуый стенографийæ ныффысдзынæ, фæлæ Контрескарпы фæзуаты тыххæй та куыд радзурдзынæ - уым-иу диди- нуæйгæнджытæ сæ дидинтæ комкоммæ уынджы ахуырстой, æмæ-иу сæ ахорæн тротуарыл автобусæрлæууæнмæ алæсæн кодта, кæнæ зæронд лæгтæ æмæ зæронд устытæ — æппынæдзух сæн æмæ сæнæфсиры лæмарæнтæй расыг чи уыд, кæнæ цы радзурдзынæ, хиды тæф, гæвзыкдзинад, нозтдзуан кæнын æмæ
о*^^^^^^^^) 673 6) («XV о,/*>> («/V <<<>у5>) с<»У^ ^ъФо <**/*>) с«*> «Вал Мусетте»-йы кæй сæрмæ цардысты, уыцы хьахбæйтты тыххæй. Ие та, йæ æнæбары хатæны республикæйон салдаты чи райста, уыцы сылы тыххæй — салдаты каскæ бæхы барцæй арæзт султаны ныеимæ лæууыд бандоныл. Кæнæ, къæлидоры иннæ кæрон цы сылгоймаг царди - велосипедтæрæджы ус - уый куыд тынг ныццин кодта, æхсырцымæны «Л’ Авто» куы рафæлдæхта æмæ, йæ лæг Париж — Туры ерысты фыццаг бынат кæй бацахста, уый куы бакаст, уæд: уый йæмойы фыццаг сгуыхтдзинадуыди. Усфæсырхи, схудт, скуыдта,стæйуæлæмæ слыгъд, йæ армы фидар хæцыд уыцы цъæх спортиеон газетыл. «Вал Муссете» - йы хицау сылгоймагæн йæ мой таксийы шофыр уыд, æмæуый, Гаррийы, аэродроммæ ацæуын куы хъуыд, уæд æм уыцы таксийы шофыр бахоста, райхъал æй кодта, æмæ бары цинк тæрхæджы цур йæ фæндаджы тыххæй фæйнæ агуывзæйы банызтой урс сæн. Уæд уый сæ кварталы йæ алы сыхаджы дæр зыдта, уымæн æмæ иууылдæр мæгуыртæ уыдысты. Фæзуаты алыварс цы адæм царди, уыдон дыууæ категорийыл дих кодтой: расыггæнджытæ æмæ спортсментæ. Расыггæнджытæ сæ гæвзыччы мæт сæфтой нозтæй, спортсментæ та сæхи рæвдыдтой тренажæй. Уыдон уыдысты коммунарты баизæддаг, политикæйы нæ къуыхцы кодтой. Зыдтой, чи сын фехста сæ фыдты, сæ хицонты, сæ хæлæртты, Коммунæйы фæстæ верзалаг æфсад кæд бацахста горæт, куыд скуынæг кодтой, уæзæгæвæрд къухджынты æмæ къепкæхудджынты, стæй ма, кусæг адæмы цы гаккытæй ис базонæн, уыдонæн се ’ппæты дæр. Æмæ ацы гæвзыкдзинады æхсæн, ацы кварталы «Бæхы фыдæй уæйгæнæн»-ы бакомкоммæ сæны духаны ныффыста йæ фыццаг рæнхъытæ, бындур æрæвæрдта, цæргæ-цæрæнбонты цы хъуамæ арæзтаид, уымæн. Уый Париж уарзта ахæмæй - пæлæхсар бæлæстæ, сæрст æмæ урсæйцагъд хæдзæрттæ игæргъуыз паннелимæ, тымбыл фæзуаты даргъ цъæх автобусты кæлдымтæ, гæххæтдидинты сиренхуызтæ тротуартыл, Кардинал Лемуаны уынджы æвишайды фæуырдыггæнæн, иннæрдыгæй та - Муфтары уынджы чысыл дуне. Ацыуынджы-иу схæрд кодтой Пантеонмæ. Иннæуынг та, йæхæдæг-иу велосипедыл кæуылты цыд, уый, ацы районы иунæг асфальтгонд уынгуыди, цæлхытæн — лæгъзвæндаг; 43
О / Ч- (*>) <<ф) сф) (>>х*ъ ьф» С’фо (<ф) (<<,(*» (<,\ (<->) офэ (ф>) (^ с*Х^ <«/<$ «Ф:> «Фэ «*) уыди дзы бæрзонд, уынгæгзылд хæдзæрттæ æмæ аслам уазæгдон - Полъ Верлен кæм амард. Сæ фатер дыууæ хатæнæй уыд} æмæ ма уый уыцы уазæгдоны уæллаг уæладзыджы ноджы иу хатæн баххуырста, иу мæйæн ын фыста æхсай франчы æмæ-иу фысгæ уым кодта, уырдыгæй йæм зындысты уæлхæдзæрттæ, тохынатæ, стæй Парижы къуылдымтæ се ’ппæт дæр. Фатеры рудзынгæй зынд æвзалыуæйгæнæджы духан. Æвзалыуæйгæнæг ма базар кодта сæнæй дæр, æезæр сæнæй. Рудзынгæй ма зындысты, «Богрсерс Гевалине»-мæ бахизæны сæрмæ æвæрд сыгъзæриндонытылд бæхы сæр, йæ бурзæрин - сырх нывæфтыд гом витринæтæ, стæй уæд сыфтæргъуыз ахуырст сæны духан. Ам æлхæдтой сæн — хорз æмæ аслам сæн. Дарддæр зындысты сæрсткъул хæдзæрттæ æмæ сыхæгты рудзгуытæ. Ацы сыхæгтæ-иу, изæрыгæтты искæцы расыггæнаг уынджы куы ахауд - алы францагæн дæр зындгонд чи у, ахæм расыджы зилахарæй-иу разылд йæ сæр (æниу дзурынц, ома уый бынтон гæдыныхас у), куы-иу нæтыди æмæ хъæрзыдта, уæд ацы сыхæгтæ та сæ рудзгуытæ байтыгътаиккой, æмæ дæм хъуыстаид сæ ныхас: - Пъæлицæйаг кæм и? Иæ сæр куынæ фæхъæуы,уæд уыцы æлгъыстдзыд алыран дæр февзæры. Æвæццæгæн, кæмдæр цыдæр сылы фарсмæ хуыссы. Ажары ссарын хъæуы. — Фæстагмæ-иу исчи доны бедра расæххæтт кодтаид, æмæ-иу уæд расыджы хъæрзын фенцад. — Уый цыу? Дон? Иттæграст. Хуыздæр ницы æрхъуыды кæндзынæ. — Æмæ-иу фæрссæгтæ сæхгæдтой. Иæхи хæдзарæй йæм кусынмæ цы лæггадгæнæг цыди, уый разы нæуыд, кусгæ бон аст сахаты кæйу, ууыл. - Мæ мой æхсæзмæ куы фæкусы, уæд, хæдзармæ цæугæйæ, кæд аназын йæ къухы бафты, уæддæр - цъус, æхца дзæгъæлы нæ хардз кæны. Фондз сахаты онг куы фæкусы, уæд та йæ зон - æрвылæхсæв дæр зыбыты расыг у, æмæ æхца дæ цæстæй дæр нæ фендзынæ. Кусгæ бон кæй фæцыбыр кодтой, уый зиан кæмæн у? МахæНуЛæгджын устытæн: - Бас ма ацымдзынæ? - фарста йæ сылгоймаг. - Нæ5 стыр бузныг. Замманайы бас у. ржжжж^жжжжжж^жоожг&ж^ж^ф^жъ
(*>) &/*>)"еф>) (»/*»*'фУъ '(<*&.) л<<Фу с«*Х^; «*> 675 - Цъус-ма дзы ацым. - Фæлтау мын виски содæйы донимæ ратт. - Уый дын зиан кæны. - О, уый мын зиан кæны. Ныхæстæ æмæ музыкæ Коул Портеры. Монцтæй дæ цæсгом куы вæййы фæлурс. - Зоныс æй ды, куы фæнуазыс, уæд мæ зæрдæмæ кæй цæуыс. - Кæй зæгъын æй хъæуы. Æрмæст мын зиан кæны. Кæд ацæудзæни, - хъуыды кодта лæг. - Цас мæ фæнды, уыйбæрц баназин. Цас мæ фæнды, уыйбæрц нæ, фæлæ дзы цас ис, уыйбæрц. Охх, ацы фæллад. Æнæхайыры фæллад. Чысыл афынæй хъæуы. Лæг æнæзмæлгæйæ хуыссыд, фæлæ мæлæт йæ цуры нæ уыди. Æвæццæгæн, æндæр уынджы ’рдæм фездæхт. Цæуы, хæты йæ велосипедыл, æмырæй фæндагыл фæхиты. О, уый Парижыл никуы фыста. Боныфæстагмæ, цы Париж уарзта, ууыл ницы ныффыста. О, æмæ ныр цы, æнæфыстæй дын баззадысты уæддæр. Уæд ранчо æмæ æвзистдонытылд мыдгæрдæг та, донхæр каналты тагьдуайæг рæсуг дон æмæ люцерны уæззау кæрдæг та? Къахвæндæгтæ ивæзтысты хæхты ’рдæм, æмæ хъуццытæ сæрды дæргъы сагтау стæрсаг сты. Фæззæг сæ хæхтæй хъæумæ куы фескъæрынц, уæд сабыргайцæуæг рæгъау рыг сыстын кæны, ноджы сæуаст æмæ иугъæдон къæхтыхъæр. Изæрдалынгты та хæхты чъылдыммæ разыны хохы цъупп, ды та мæйрухсмæ цæуыс къахвæндагыл æмæ уыцы мæйрухсæй байдзаг вæййы дæлвæз дæр. Ныр йæ зæрдыл æрлæууыд, иухатт, хъæд-хъæд фæстæмæ здæхгæ, талынджы бæхы къæдзилыл куыд ныззезелæг, уымæн æмæ цæст ницы æвзæрста; йæ зæрдыл æрлæууыдысты, ацы бынæтты тыххæй фыссынмæ кæйхъавыд, уыцы радзырдтæ се ’ппæт дæр. Æмæ æдылыдзæф лæппуйы хабар та - ранчойы кæй ныууагътой æмæ карзæй кæмæн бафæдзæхстой, цæмæй хос макæмæн раттаид. Уæд Форксаг зæронд сæлхæр, зондцух лæппу раздæркæмæ куыста æмæ-иу æй чи надта, уыйранчомæ холлаг ласынмæ æрбацыд. Лæппу йын нæ радта, æмæ йæм уæд зæронд бартхъирæн кодта, кæй та йæ снæмдзæн. Лæппу къæбицæй топпрахаста æмæ мæнгагъуысты цур зæронд лæджы амардта;
676 (*>) <<*№ (<ф) ом <'ф>> <<Ф> Ы»> <'Ф> г<») ф «ф<> фэ ф:) С*А <«/«! <Ф$ «Ф$ 01) уыдон иу къуырийы фæстæ ранчомæ куы æрыздæхгпысты, уæд марды салд буар лæууыд стурты кæрты æмæ уыд куыйты æхсыд. Цы ма дзы аззад, уый нымæты стыхтой, дзоныгъыл æй сæвæрдтай, зондцух лæппуйæн загътай, цæмæй дын баххуыс кодтаид, æмæ уæ дыууæ дæр лыжæтыл суанг горæты уонг æхсай милы фæудхар кодтат - горæты та лæппуйы хщауады къухмæ раттын хъуыди. Лæппу хъуыды дæр нæ акодта, кæй йæ æрцахсдзысты. Афтæ æнхъæлдта, ома мæ хæс сæххæст кодтон, ды таме ’рдхорд дæ, æмæмæ исты хорзæх фæуыдзæни. Зæронды хæррæгъ ласынмæ йын æххуыс кодта - уадз алчидæр зона, ацы зæронд куыд æвзæр лæгуыд, хос давынмæ куыд хъавыд. Æмæ йын шериф йæ къухтыл хъадамантæ куы бакодта, уæд æй нæ бауырныдта. Стæй скуыдта. Гъе, ацырадзырд дæр æвæрдта суинаг бонтæм. Уыцы бынæтты тыххæй йæм цы æрмæг и, уый йын ссæдз радзырды фаг дæр уыд, афтæмæй дзы иу дæр нæ ныффыста. Цæмæн? - Ацу æмæ сæ бафæрс, цæмæн, - загъта лæг. - Цы «цæмæн», мæ зæрдæ? - Ницы. Гарриимæ йæхи куы сбаста, уæдæй фæстæмæ сылгоймаг къаддæр нуæзта. Куы фервæза, уæддæр ууыл кæй ницыуал ныффысдзæни, ууыл дызæрдыг нæ кæны. Стæй иннæтыл дæр. Хъæздыджытæ хъыг æфтауынц удыл, æгæр бирæ нуазынц æмæ æгæр бирæ хъазынц трик-трикæй. Се ’ппæты цур дæр адæймаг æнкъард фæкæны. Æрымысыд Скотт Фицджеральды - уый, мæгуырæг, тынг аргъуц кодта хъæздыджытæй, иухатт сыл радзырд дæр ныффыста, радзырд райдыдта ахæм ныхæстæй: «Хъæздыджытæ мах æмæ сымах хуызæн не сты». Уæд Фицджеральдæн чидæр афтæ: «Раст у, уыдонмæ æхца фылдæр и». Фицджеральд ын нæ бамбæрста йæ хъазæн ныхас. Уый хъæздыджыты уæлбикъонтæ æнхъæлдта, æгъуыстаджы фæлмы норст ын уыдысты, стæй куы базыдта, уый афтæ кæй нæу, уæд ын уый йæ астæумагъз асаста. Царды скъæрæнты чи æркъæдз вæййы, уыдоныл æлгъ кодта. Уый уыдæттыл никуы фæцайдагъ, уымæн æмæ алцыдæр йæ фондз къухау зыдта. Алы ныхдур дæр басæтдзынæн, хъуыды о^оооеососоросоо^осэе^оососоео^
0» <"ф>) <'ф* ^ФУ Ь&д <'фд <'ф» Сф» Сп (ь, (ф.) оф>) (<ф*э с»Х'у Ш6') <Ф-; (Ф>) «0 677 кодта уый, уымæн æмæ мын мæ ныфс ничи асæтдзæн - искæцы цауæн исты стыр нысаниуæг дæттын никуы хъæуы. Хорз. Мæнæ ныр мæлæтæн ницы нысаниуæг дæтты. Æцæг алыхатт дæр цæмæй тарст, уый - рыстытæй. Лæг у, æмæ рыст бауромдзæни, æцæг æгæр-æгæр ма ныддаргъ уæд æмæ дзы йæ уд йæ хъуырмæ ма суæд; фæлæ йæ ныр ацы удхæрттæ афтæ схурх кодтой, æмæ афтæ куы загъта, ацы рыст нал бауромдзынæн, уæд рыст æрсабыр. Æрымысыд рагон хъуыддаг: артиллерийы афщер Уильямсон фæцæф къухæйæхсгæ гранатæй: Уильямсон æхсæвыгон фæцæйхызт теливæзт бынæтты, афтæмæй йыл æй немыцаг хъахъхъæнæн постæй æрбахстой; лæг хъæр кодта, лæгъстæ кодта, цæмæй йæ исич фервæзын кæна йæ удхарæй — амара йæ. Уильямсон уыд нарст лæг, тынг хъæбатыр æмæ хорз афицер. Фæлæ уыцы æхсæв цæфæй прожекторы рухсы бын бахауд, йæ хуылфыдзаумæттæ æддæмæ ракалдысты æмæ телтыл æрцауындзæг сты. Удæгасæй йын ракæнæн нæ уыд, кардæй сæ куынæ æрлыгтæ кодтаис, уæд. Фехс мæ, Гарри, стырхуыцауыстæн, фехс мæ! Иухатт кæддæр дзырд æрхаудта, ома Стыр Хуыцау адæймагæн схай кодта, æрмæстдæр цæмæн бафæраза, уый; æмæ чидæр ахæм ныхасы æвварс уыд, ома иу бæрæг-бæлвырд уысмрис адæимаджы амары. Фæлæ Уильямсоны уыцы æхсæвы хъизæмар цæрнбонтæм бахъуыды кодта. Рисæн йæ бон нæ уыд, æмæ Уильямсоны амардтаид, æмæ йын уый уæд йæ морфийы таблеткæтæ иууылдæр радта — бахъуаджы сахатмæ сæ йæхи тыххæй æвæрдта, фæлæ йын уыдон дæр уайтагъд нæ феххуыс сты. Фæлæ йыл мæнæ гъеныр цы хъуамæ æрцæуа, уый бынтондæр тæссаг нæу; кæд æвзæрырдæмдæр нæ асайа, уæд ницæуыл тыхсы. Æцæг у, æмæ стыр цинимæ ацæуид хуыздæр компанийы æхсæнмæ. Иучысыл ахъуыды кодта, ныртæккæ йæ кæй фенын бафæндид, уыцы адæмыл. Нæ, хъуыды кодта уый, алцыдæр æгæр бирæ æмæ æгæр фæстиат куы аразай, уæд макуы банхъæлмæ кæс, æмæ ма исчи дæ
О / о (») л*х*а ^Х^ <*Х** <*/*!> ^Х*» ^Х*'-> ^Х"-> г'») Оо) г^ (я^ о*У^ №' С«*/у г»*/^ ^Х^ <"0 цуры баззайа. Адæм ацыдысты. Никæйуал исыс дæхимæ - ныр иунæгæй дæ де ’фсинимæ. «Иннæтæй куыд схъыг дæн, афтæ схъыг дæн мæ уд исынæй дæр» - ахъуыды кодта лæг. - Сфæлмæцыдтæн, - загъта хъæрæй. - Цæмæй сфæлмæцыдтæ, мæ зæрдæ? - Æрæгмæ цыдæриддæр аразыс, уымæй. Лæг акаст сылгоймаджы ’рдæм. Уый бадти артæй лæджы æхсæн, бандоныл анцой кодта æмæ арты пиллонæй барухсдзыд йæ цæсгом - афтæ зынд, цыма, йæ рустыл цы стæм æнцъылдтытæ уыд, уыдон дæр æй фидауцджын кодтой; лæг федта, сылгоймаджы хуыссæг кæй ахсы. Гиенæ, арты рухсы зилакмæ æввахс бахъуызгæ, нынниудта. - Æз фысгæ кодтон, - загъта лæг. - Фæлæ удхайраг куыст у. - Куыд дæм кæсы, дæ бон суыдзæн бафынæй кæнын? - Æнæмæнг бафынæй уыдзынæн. Ды дæхæдæг цæмæннæ фынæй кæныс? - Мæн демæ абадын фæнды. - Ды, мыййаг, ахæмæй ницы хатыс? - Нæ. Хуыссæг мæ ахсы. - Æз та хатын, - загъта лæг. Уый ацы тæккæ æрыхъуыста, удхæссæг сынтæджы цурты куыд ахызт, уый. - Зоныс, иунæг иу ма цы нæ фесæфтон, уый - мæ цымыдисдзинад, - загъта сылгоймагæн. - Ды ницы фесæфтай. Æз цыдæриддæр адæмы зыдтон, уыдонæй ды дæ се ’ппæты лæджыгъæдджындæр. - О хуыцау, - загъта лæг. - Сылгоймаг куыд ницы æмбары. Уый цы у? Уæ интуици кæй фæхонут, уый? Уымæн æмæ уыцы рæстæджы удхæссæг æрбацыд, йæ сæр сынтæджы къæхтыл æрæвæрдта, æмæ йын лæг хъуыста йæ комулæфт. - Куыд æй ныв кæнынц, ууыл_ма ууæнд - сæры къуыдыр æмæ цæвæгимæ, - загъта лæг. - Удхæссæг, гæнæн ис, æмæ бацæуа дыууæ полисмен æмæ маргъы хуызы дæр. Кæнæ та йын уа гиенæйау фæтæн тъæпæн фындз. сооосоеосооооэаоеоеоеое^ое^
(*э <ф> оф>) («*/*») оОс^ (*У^ ("У^ оО^; ^^> Удхæссæг æм йæхи æввахсдæр байста, фæлæ уый ныр уыд æнæбуар, æрмæст цыдæр бынат ахста арвы бын. - Зæгъ ын, æмæ ацæуа. Удхæссæг нæ ацыд, йæхи йæм æввахсдæр байста. - Гъе, цы дæ тæф калыс, - загъта лæг. - Сымаггæнаг. Удхæссæг æм æввахсдæр бацыд, ныр йæ бон йемæ дзурын нал уыд. Удхæссæг уый куы базыдта, уæд æм ноджы æввахсдæр бацыд; лæг ахъавыд, цæмæй йæ цæстæнгасæй антъæра, фæлæ уый уæлдæрæй уæлдæр хылди æмæ йын уæз кодта йæ риуыл, стæй йæ риуыл куы ныххуыссыд æмæ йæ змæлын куынæуал суагъта, уæд æрыхъуыста сылгоймаджы ныхæстæ: - Бвана бафынæй. Сынтæг сисут, æрмæст арæхстгай æмæ йæ цатырмæ бахæссут. Уымæн та йæ бон уый зæгъын нал уыд, цæмæй удхæссæджы асырдтаиккой, æмæ йыл уый йе ’ппæт уæз æруагъта, ныххауд ыл, нал æй уагътаулæфын. Стæй æвиппайды, сынтæг куы систой, уæд алцыдæр æрнывыл, йæ риуыл цы уæз æрхауд, уый дæр айсæфт. Райсом уыд, раджы чи ныллæууыд, ахæм райсом, æмæ уый фехъуыста хæдтæхæджы хъæр. Хæдтæхæг нырма арвыл фæзынд стъæлфыйасæй, стæй сæ сæрмæ иу зылд æркодта, æмæ бойтæ йæ размæ азгъордтой, пыхсы къонатыл фæтæген ауагътой, арт сыл бафтыдтой, стæй сыл уæлейæ кæрдæг ныккалдтой; фæз- бынаты дыууæ кæрон уыд фæйнæ стыр арты, райсомы уддзæф фæздæг хаста лагермæ, хæдтæхæг та дыууæ зылды æркодта, ацы хатт быноздæр, стæй зулмæ йæхи рауагъта, сраст æмæ зæххыл цадæг æрбадт; гъе æмæ уæртæ цатыртæм æрбацæуы йæ рагон хæлар Комтон - уæрæх хæлафы, уæрæх пинджак æмæ игæргъуыз фæтæнсчъил шляпæйы. - Цы дыл æрцыд, мæ хъонагъ? - бафарста Комтон. - Мæнæ мæ къахмæ нæ кæсыс, - загъта уый. - Аходæн нæ кæныс? - Бузныг. Цай бацымин. Æз Глæбуйыл дæн. Мемсаибæн акæнæн нæй. Иу бынат мæм ис æрмæстдæр. Уæ уæзласæн машинæ æрдæгвæндагыл ис. Эллен Комтоны иуварс акодта æмæ йын цыдæртæ дзуры. Комтон фæстæмæ хъæлдзæгдæрæй æрбаздæхт.
(<,) ’ офу \Ф$ "с«*х^ "с<*Х^> '<■«*/*> ’**/^ ’л^ >; - Ныртæккæ дæ сбадын кæндзынæн, - загъта уый. - Мемсаибмæ фæстæмæ æрбаздæхдзынæн. Цæй, фæтагъд кæнæм. Чи зоны ма нæ Арушы артаджы тыххæй æрбадын дæр бахъæуа. - Æмæ цай та? - Раст зæгъгæйæ, нæ мæ хъæуы. Сынтæг бойтæ систой, цъæх цатырты фæрсты азылдысты æмæ йæ дарддæр ахастой къæдзæхты цурты, дæлвæзы æртыты иувæрсты - æртытæ ныр пиллон уагътой, уымæн æмæ сæ кæрдæг цъыбыртты сыгъд баци - æмæ чысыл хæдтæхæгмæ бахæццæ сты. Лæджы мидæмæ бахæссын æнцон хъуыддаг нæ уыд, фæлæ йæ æппынфæстаг куы бахастой, уæд сæрак къæлæтджыныл йæхи ауагъта æмæ йын йæ къах та æрæвæрдтой раззаг къæлæтджыныл - Комтоны бандоныл. Комтон матор скусын кодта æмæ кабинæмæ бахызт. Эллен æмæ бойтæм йæ къух фæтылдта, стæй куыддæр маторы къæр-къæр йæ иугъæдон рыхынмæ ахызт, афтæ Комтон разылдта, ахызт хъæддаг хуыты къахт уæрмыты иувæрсты æмæ, схъиудтытæгæнгæ, машинæ фæзуаты æртыты æхсæнты ауад, стæй, йæхи ариуыгъгæ, стахти уæлдæфы. Ныр дзæбæх уыдта, бынæй йæм сæ къухтæ куыд тилынц, обауы цур цатыртæ дæр зæххæмвæзы хуызæнæй зындысты, дæлвæз уæрæхæй уæрæхдæр кæны, бæлæсты къохтæ æмæ къутæртæ дæр зынынц зæххæмвæзы хуызæнæй, сырдты къахвæндæгтæ лыстæг æндæхтæй ивæзынц хуыскъ дондарæнтæм, æмæ ма далæ ноджы иу донуат - нырыонг æй никуыма федта. Зебрæтæ - уæлейæ зынынц æрмæст сæ тымбыл чъылдымтæ, æмæ гну-антилопæтæ - хъулон-мулонæй дæлвæзы цалдæр халæй ныррæгъытæ сты: цыма къухы пырх æнгуылдзтæ сты æмæ хохыл хилынц, афтæ зыны. Хæдтæхæджы аууон сыл куы ’рхауд, уæд алырдæмыты асхъиудтытæ кодтой, мурыйæстæ, сæпдугъ кæй кæнынц, уый нæ зыны, æмæ дæлвæз суанг æрвгæроны онг цъæх-бур адардта. Ам йæ цæстыты раз та - Комтийы твид чъылдым æмæ йæ фетр шляпæ. Стæй тахтысты, гну-антилопæтæ хæрдмæ, къахвæндæгтыл, кæм хылдысты, уыцы хохрæбынты_сæрты; уыйфæстæ - хохрæхысты сæрмæ: æнæнхъæлæджы-иу, цыма зæххы скъуыдæй сгæпп кодтой, афтæ фæзындысты цъæх-цъæхид хъæдтæ кæнæ та бамбукы пъазбын фæхстæ, стæй та ногæй тархъæдтæ, цыма сæ хæхты цъуппытимæ
№Х»ь/*е,м^.х*ф ь/* ь/-*^ 681 (<у <Ф>) <[»/*>) (*/*» сфу <<Хч <<>У") «*)% ’ <■*) кæрдгæнывау счындæуыд; æппынфæстаг разынд æфцæг, ныр хæхтæ ныллæгæй ныллæгдæр кæнынц, стæй разынд быдыр, фыртæвдæй дзы уæлдæф згæгъуыз исы, уыцы тæвд уылæнтæ хæдтæхæджы уæлæмæ сæхсынц, æмæ Комти фæстæмæ ракаст, ома йæхи куыд хаты. Разæй та саудалынгæй разындысты хæхтæ. Æмæ уæд, Ашуры ’рдæм азилыны бæсты, уыдон аздæхтысты галиуырдæм, æвæццæгæн, Комти загъта, ома артаг фаг у, æмæ бынмæ куы ’ркаст, уæд зæххы хæдсæрмæ федта уардигъуыз æврагъ - æнæнхъæлæджы тымыгъæй фыццаг мит фæлдзæгъдæн куыд сисы, афтæ уыцы æврагъ дæр алырдæмыты пирæнгæмттæй згъæлд, æмæ бамбæрста - уый хуссарæй æрбафсæрæг мæтыхтæ сты. Ныр та хæдтæхæг йæхи уæлоз систа, æмæ цыма скæсæнырдæмдæр азылдта, стæй æвиппайды асаудалынг - уый хæрæмигъы бахызтысты, къæвда къæртайæкалæгау кæны, цыма æхсæрдзæны æхсæн тæхыс, стæй уырдыгæй куы аирвæзтысты, уæд æм Комти фæстæмæ ракаст, бахудт, къухæй йын ацамыдта: уым йæ размæ сыстад, цæстыныдзæвæнтæ чи æхгæны, æнæхъæн дуне йæ фæсчъылдым чи бакодта, хохриуæй арвы гуыбыны чи сныхст, арвы бын æнахуыр урс-урсидæй чи æрттивы, уыцы Килиманджаройы цыппæрдигъон цъупп. Æмæ уæд уый бамбæрста - мæнæ уый у, кæдæм цыди, уыцы бынат. Тæккæ уыцы уысм тары гиенæйы ниуын фескъуыд, æмæ райхъуыст йе ’нахуыр æрдиаг, раст цыма адæймаг куыдта. Сылгоймаг æй æрыхъуыста æмæ йæ сынтæджы знæтæй стæлфыд. Фæлæ нæ райхъал. Фыны уыдта сæ хæдзар Лонг-Айленды, цыма, йæ чызг фыццаг хатт адæмы æхсæнмæ куы рацыд, раст уыйразмæйы æхсæв у. Цæмæдæр гæсгæ йæ фыд дæр уым уыд æмæ йæм йæхи тынг тызмæгæй æвдыста. Стæй гиенæ афтæ хъæрæй нынниудта, æмæ райхъал, фæлæ фыццаг нæ фæхатыд, кæм и, æмæ йæ сæрыхъуын арц сбадт. Дзыппыдаргæ фанар райста, æмæ рухс ныддардта дыккаг сынтæгмæ: уый уыд, Гарри _ куы бафынæй, уæд цы сынтæг æрбахастой, уый. Сылгоймаг федта, лæг уым кæй хуыссы, йæ уæлæ - къогъоты тыххæй хыз æмбæрзт, йæ къах та цæмæндæр уыд æдде æмæ йын сынтæгæй æрзæбул. Йæ баст райхæлд, æмæ йæм бакæсын нæ бауæндыд.
682 оо <<*&>) <<*т (чг*ъ (<»г*>) ы*>) ('*&>) <<*ы г<*) (*> «фэ а#*> с«*Х*» <чх^ с^Х’У «*Ху «ад ф - Моло, - фæдзырдта сылгоймаг. - Моло, Моло! - Стæй фæхъæр кодта: - Гарри, Гарри! - Стæй ноджы хъæрдæрæй: - Гарри! Дæ хорзæхæй, Гарри! Дзуапп ын ничи радга, сылгоймаг нæ хъуыста лæджы улæфт. Æрдæбон æй чи райхъал кодта, ахæм æнахуыр куыдæй ниудта гиенæ цатыры æддейæ. Фæлæ сылгоймаджы зæрдæ афтæ гæртг- гæртт кодта, æмæ нæ хъуыста уыцы æрдиаг. роооеороеоес^осососое^эроеосор
С*^/«^х» «ха «х»^«/.»6/.» «/«^ 683 ('•> '<!»/'■> ''■»/*>)' («X*»4 о»ХЧ> '<»Х*1 *»/<!> ("Х^ '<») СÆРГÆНДТÆ Разныхас.(Тедтойты Зинæ) 5 ÆМБАЛТЫ ЦОЦКО Фридрих Шиллер Вильгельм Телль. Фондзархайдон драмæ 17 ГÆДИАТЫ ЦОМАХЪ Виктор Гюго Хъазуат баррикадыл 125 Вильгельм Либкнехтæй Хæлуарджытæ æмæ бындзытæ 126 НМГЕР (ДЗАНАЙТЫ МВАН) Гораций Одæтæ1,23 132 Хафиз «Кæд алцыу æнусæй дæрнысан...» 133 «Искуы ’васт, æнæ бæрæгæфсон...» 133 И. В. Гете Фыййауы рахъаст 134 Г. Гейне Сылгоймаг 135 «Ныххизынц ингæнмæ фæлтæртæ...» 135 «Уый-иу цы зарджытæ зарыд...» 136 Лу Синь Куыдз 137 Зондахаст 137 ПАИТЫ ГРИС Шекспир Гамлет 139 Адам Мицкевич Фын 289 ророооооеосооооооосооороеор^оророооеороооро^
ЦÆРУКЪАТЫ АЛЫКСАНДР Джанни Родари Дардбалц 290 Цытджыннау 291 Уацхæссæг 292 ДЖУСОЙТЫ НАФИ Софокл Антигонæ 293 Шандор Петефи Фыдызæххыл 341 Ме стихтæ 342 Ныстуанхурмæ 342 Венгри 343 Мæ фыны федтон хæст 343 Хъысмæт, фæндаг мын ратт! 344 Лæгдæ, уæд у! 345 Фæззæг та æрцыд 346 Европæ бамыр 347 Мæ мад æмæ мæ фыды мæлæт 348 Омар Хайям Рубаитæ 350 ДЗАСОХТЫ МУЗАФЕР Омар Хайям Рубаи. Цыппаррæнхьонтæ 352 ХЪОДЗАТЫ ÆХСАР Альберти Рафаэль Федерико! 355 Æдзæттæ 355 Боцъо^^.. 357 «Булæмæргъ, иунæгæйзарыс...» 358 Петраркæйы зонды ныхæстæй 359 ро^ооеросоеооор^оросоешосор^ор^с^
Мериме Проспер Фидарыбайст 363 Меримейы зонды ныхæстæ 369 Эдгар Аллан По К*** 370 Катайыдæлвæз 370 Френсис Оскудмæ 371 Гимн 371 Еленæмæ 372 ДЖЫККАЙТЫ ШАМИА Эдмон Ростан Сирано де Бержерак. Фондзархайдон лæгæвзарæн комеди 374 Гюго Мари Виктор «Кæсы мæм хатгай цард æлгъаг æмæ æвиллон...» 624 Иоганн Вольфганг фон Гете УапИаз! УапкаШт УапИаз! 625 Фридрих Шиллер Ног æнусы къæсæрыл 627 Гриммельсгаузен Ганс «Симплициссимус». Скъуыддзаг романæй 629 ХОДЫ КАМАА Франческо Петраркæ Джованни Боккаччо Сонет Италийыл 639 сосооосооососооосооосоросососо>сососососооооосоео
°0° Ф^’Хй ф<) *#д <&» (’ф* ед■ о#*^ *,) С<2> <ТО С’^у №; (**Д^ С*А; (<*/^ «?Х^ («0 КОКАЙТЫ ТОТРАДЗ Микеланджело Буонарроти Сонеттæ 640 Шекспир Сонеттæ 645 ХАДЖЕТЫ ТАЙМУРАЗ Лорка Гарсиа Гитарæ 649 Ис ахæм зæрдæтæ 650 Шандор Петефи Венгерагдæн 651 ГУЫЦМÆЗТЫ ААЕШ Хемингуэй Эрнест Килиманджаройы митæвæрдтæ. Радзырд 653 р^оооеоеоеосэсш^^ор^оррсорое^ое
ГОРЯЩЕЕ ВЕЧНО СВЕТИЛО Произеедения мировых классиков на осетинском языке Составителъ Тедтоева Зинаида Хасанбековна Редактор и корректор И.Х Джанаева Технический редактор Е.Н Маслов Компьютерная верстка С.А. Булацевой Дизайн обложки Е.Н. Макаровой Подписано в печать 12.02.2018. Формат бумаги 70x108 716. Бум. офс. Печать цифровая. Гарнитура шрифта «Птез». Усл.-п.л. 39,8. Тираж 300 экз. Заказ №5. ФГБОУ ВО «Северо-Осетинский государственный университет имени Коста Левановича Хетагурова» 362025, РСО-Алания, г. Владикавказ, ул. Ватутина, 46