Автор: Гугкаты Ш.Л.  

Теги: художественная литература  

ISBN: Издательский №2

Год: 2005

Текст
                    Ш.Л. ГУГКАТЫ


яи.Г^УГХ^ГЫ
ШАМИЛЬ ГУГКАТЫ РУХСЫ ТЫН Радзырдтæ æмæ уацаутæ ЦХИНВАЛ «ХУССАРАЛАНИ» 2005
84 (Осет) 7-4 Гугклты Шамиль Луч света. - Цхинвал, «Южная Алания», 2005, 393 с. 15ВМ - Издатсльский №2 © Ш.Л. Гугкаев, 2005
НАМЫС Радзырд Президиумы алчи йæ бынат куы бацахста, уæд залы адæмы уынæр дæр батад. Чысыл фæстæдæр, уыцы иугъæ- дон мелодиау, райдыдта докладгæнæджы ныхас. Ацы за- лæй Зауырбег иу æмæ дыууæ хатты нæ аздæхт буц æмæ сæ- рыстырæй. Нымæцæй сæ нæ хъуыды кæны, фæлæ йын йæ царды нукмæ дон кæй аздæхта, уый иттæг хорз æмбары æмæ йæм алыхатт дæр фæтындзы кувæндонмæ цæуæгау. Ацы хатт нæ уыд йæ чемыл. Йæ зæрдæйы ахæм уавæр æм- бæхсыныл бæргæ архайдта, фæлæ уæддæр æддæмæ хъуы- зыд æмæ лæг бадт мадзура æмæ æрхæндæгæй, мардæр- цыдау. Иугæр доклад æгæр куы ныддаргъ, уæд ныхасгæнæгыл тых кæнын райдыдта адæмы уынæр. Зауырбеджы бæрзæйы нуæрттæ фæрыстысты. Йæ цæсгом, артау, сыгъди, сауда- лынг бæзджын æрфгуыты æхсæн къардиу ноджы фæарф- дæр. Залы къултæ йæм кастысты цахæмдæр æнтъыснæг. Царыл, стъалытау, цæхæртæ калдтой электроны рухсытæ. Никуы сæ сфæлмæцыд, фæлæ ацы хатт... Иуæй-иутæ дзы, къæйныхау, ныйирд кодтой сæ цæстытæ æмæ лæг, æмбæх- сæгау, йæ сæр куы иуæрдæм азилы куы - иннæрдæм. Зæгъ- гæ, æддейæ фæдисы хъæр фæцыд, æмæ ацы æмбырды адæм райхæлдысты, уæд, æвæццæгæн, Зауырбегæй æхсызгондæр никæмæн уыдаид. Уалынмæ цæмæй тарст, уый дæр фехъ- уыста æмæ, токæй цæфау, ныррызт сæрæй къæхтæм, йæ сурхид акалд. Раппæлыд та дзы ныхасгæнæг. Иугæр æм адæм куы ныккастысты, уæд йæ буар арт суагъта æмæ фыр- æфсæрмæй йæ цæстытæ атарытæ сты, зæххы скъуыды куы аирвæзтаид уый дæр æй бафæндыд. Йæ хæдоны уæллаг æгънæг рафтауыны тыххæй рахис къухыл бæргæ схæцыд фæлæ куыддæр галстучы ставд æлхынцъыл аныдзæвд, аф- тæ фæстæмæ риуыгуыдырыл æрбырыд ронбасты онг. Мæ- нæ, зæгъгæ, сæрæн искуы бамбæхсæн уыд, уæд бæргæ ир- 5
вæзт уыдаид ацы зындоны уавæрæй, фæлæ кæм, сæр куы ’мбæхсай, уæд намыс та худæгæй бакъæцæл уыдзæн. Сæр адæймагыл æрзад иууыл зынæндæр, иууыл бæрзонддæр бынаты æмæ йæм æмхиц сты кад дæр æмæ æгады ном дæр. Бæргæ-иу æй æмбæхсыны сæр куынæ хъæуид, фæлæ За- уырбеджы зæрдæ ацыхатт ахæм æгъатыр æмæ хивæнд ра- зынд, ахæм тызмæгæй равдыста йæхи æмæ абырста, хъуы- дыйы, намысæн домдта иууыл карздæр тæрхон. Цалынмæ æмбырд фæцис, уæдмæ Зауырбегæн нæ уыд йæ бынатæй фезмæлæн æмæ кæронмæ фæбадт, сындзытыл бадæгау. Афтæ бафæллад, æмæ йæ бон сыстын дæр нал уыд. Куыддæр залы къæсæрæй ахызт, афтæ, адæмæй тæрсæгау, æгады номæй лидзæгау, фæсуанг хибардæр уынгыл, фæ- зылд иу уынгæг фæзилæны, кæдæм тындзыдта, уымæн йæ- хæдæг дæр ницы зыдта, афтæмæй йæ фæндыд тагъддæр æмæ дарддæр ацæуын. Афтæмæй йæ йæ къæхтæ æнæнхъæ- лæджы бахастой горæты паркмæ. Куыддæр уæрæх дуарæй фæмидæг, афтæ, стыр уаргь аппарæгау, йæ уæнгтæ фæрог сты, æнцонæй сулæфыд, йæ къахдзæф фæсабыр, фæфидар- дæр, ракаст йæ цæстыдзаг æдæрсгæ. Хæдзардзин адæймаджы æрмдзæф зындис утæппæт цъæхдарæнтæ æмæ дидинджытыл. Алыгъуызон декорати- вон бæлæсты хæрздæфæй йемыдзаг уæлдæф адæймагæн лæвæрдта æнæкæрон æхцондзинад. Зауырбегмæ цыма ацы хæрзиуджытæй не ’мбæлы, уыйау фæзылд, паркмæ бахиз- гæйæ, галиуæрдæм нарæг асфальт фæндагыл, уайтагъд фæаууон бæрзонд къутæр бæлæсты ’хсæн æмæ æрбадт иу бæласы бын бандоныл. Зауырбег йæ цæст ахаста йæ алыварс æрдзыл. Йæ фæс- тæ - хъæд, йæ разæй - хъæд, цалдæр хатты арф ныуулæ- фыд. Тынг ныззæмбыдта, йæ цæнгтæ фæйнæрдæм ауагъта бандоны æнцойгæнæныл, йæ сæр аппæрста фæстæуæз æмæ сæхгæдта йæ цæстытæ, цыма йын абондæргъы йæ зæрдæ- мæ, дойнаг дурау, уазал чи хæссы, йæ удæй йын хъулау хъазæгау чи хъазы, уыцы æнтъыснæг хъуыдытæй фервæзт, уыйау. Мæргъты цъыбар-цъыбур, музыкæйы æхцон зæлтау, узæлыд йæ хъустыл æмæ дзы, цардамонды денджызы баленкгæнæгау, æрбайрох йæ уды катай. Йæ хæцъæфтæ, йæ нуæрттæ æрлæмæгь сты, æгас буар æрсæлæф, афтæмæй бадт æмæ кæд æмæ кæдмæ нал ракаст йæ цæстытæй. - Бахатыр кæн, хорз лæг, цал сахаты дæм у? Ацы дзырдтæ, фыны уынæгау, сæхи асæрфтой лæджы 6
хъустыл, æхсæв-бонмæ цæлы фынгыл фæбадæгау, йе змæст цæстытæ байгом сты, фæрсæджы цæсгомы конд рæстмæ дæр нæ раиртæста, афтæмæй æрбакъæдз йæ галиу армы- тъæпæн æмæ, дзырдтæ тыххæй ласæгау, дзуапп радта, саха- ты цалхмæ æдзынæг кæсгæйæ. Зауырбеджы сæр фæкъул размæ, йемæ рацæйхаста риуыгуыдыр дæр. Лæджы цæстытæ, донмыст фенæгау, ир- дæй баззадысты. Чысыл раздæр йæ бæллицтæ кæд æрдæг- фынæйæ ленк кодтой цъæх арвы æнæбын денджызы, уæд ныр та æнæнхъæлæджы æркалдысты зæхмæ. Лæгæй исдуг æрбайрох, кæм бады уый дæр, æмæ та йæ цæст ахаста ал- фæмблайыл, стæй пиджакы дзыппæй систа сигареты пач- кæ, иннæмæй артгæнæн, æмæ куыддæр тамакойы фæздæ- гæй цалдæр хатты сулæфыд, афтæ йæм фæзынд йæ бынат аивыны хъуыды. Ацы хатт йе ’мбæлттæй цæмæн фæхицæн, уымæн ницы базыдта Зауырбег. Ахæм рæстæджы-иу æнæмæнг сæ фæн- даг хъуамæ акодтаиккой цæлгæнæныл, фæлæ йæ сæры фæ- мидæг æндæр хъуыды, кæд æм æхца уыдис, уæддæр. Фермæ аразын æмæ мыггагджын сдуртæ балхæныны тыххæй банкæй цы æхца райста, уыдон æвæрд сты риуы дзыппыты. Лæг сыл аивæй æрхаста йæ армытъæпæнтæ. Ацыхатт сæм нæ уæндыд февналын, зын æм каст, æгæрстæмæй, дзыппы къух ауадзын дæр. Зауырбег рахызт къутæрты аууонæй, бацыд райдзаст фæзуатмæ, æрлæууыд стыр кады фæйнæджы раз. Иæ уæлæ конд уыдысты дыууæ рæгъæй егъаугомау хуызистытæ. Ра- дыгай сыл хæссы йæ цæст. Амæйразмæ сæ куы федта, ^æдæй фæстæмæ дзы цыма ницы ивындзинæдтæ æрцыд. Йæхи хуызистыл дæр андæгъдысты йæ цæсты тигътæ, фæ- лæ йæм лæмбынæг нæма бакаст. Иннæтæй бирæйы зыдта царды дæр. Иу-цалдæрыл дзы фембæлд тæккæ абон дæр æмбырды. Социалистон Куысты Хъайтар, Ленины орденд- жын. Сæ бонæй уæнт, хуызистæй дæр кастысты сæрысты- рæй. Сæ цæсгæмттыл сын ничи бафиппайдтаид фæсмон, кæнæ дызæрдыджы фæдтæ. Адæмы ’хсæн дæр уæдæ ницæ- мæй сты къæмдзæстыг, сæхи хидвæллойæ фæразынц цæ- рын, никæмæ сты æнхъæлмæгæсæг, сæ фæллойæ ма уæл- дайдæр баззайы, аннæ, иннæтау сæ къухтæм æмхасæнтæ нæ кæнынц. Зауырбеджы цæстытæ зилынц хуызистытыл. Ныр йæхи- мæ дæр бахæццæ, фæлæ йæм уæддæр лæмбынæг нæма ба- 7
каст, иннæтыл уал азылд кæронмæ. Хæрзæрæджы дзы кæй бакодтой, ахæмтæ дæр дзы разынд, фæлæ сæ бынæтты чи уыд, уыдон не ’рхъуыды кодта, стæй сæ æрымысыдаид, уый дæр æй тынг нæ бафæндыд. Кæройнаг хуызистыл йæ цæстытæ бирæ нал афæстиат сты. Лæг цалдæр къахдзæфы алæууыд фæстæмæ, йæ къухтæ исдуг ауыгъдæй аззадысты, стæй сæхи ауагьтой морæ хæлафы дзыппыты, фæлæ та уым дæр бирæ нæ афæстиат сты. Цалынмæ хуызистмæ хæрз æввахс хæццæ кодта, уæдмæ æнгуылдзтæ кæрæдзи здыхтой чъылдымырдыгæй. Хуызисты бын фыстытæ дæр ракаст. Чысыл цыма йæхицæй фæбузныг, фæлæ ацы хуызист рагæй нæ цæуы йæ зæрдæмæ. Æнæбайрайгæ фæуæд, фæди- сонау æм бахæццæ сты, науæд, дам, байрæджы уыдзæн. Бæргæ дзы авзæрстаид, фæлæ йын æй йæ къухæй скъæ- фæгау акодтой. Хæмпус рустæ уыдысты барæй дымсты хуызæн æмæ армыдзаг цæсгом ноджы фæтымбылдæр. За- уырбег хæрз æввахс балæууыд хуызистмæ, лæмбынæг ын ныккаст йæ цæстытæм. Цыдæр зæгъынмæ хъавыд, фæлæ йæхицæй фефсæрмы, æви хуызисты раз къæмдзæстыгæй фæтарст, уыйау йæ дзых иудзæвгар хæлиуæй аззад. Абон та дзы æмбырды кæй раппæлыдысты, уый йын асаста йæ астæумагъз. Кады фæйнæгæй йæм кæсы хуызист куы хио- ны, куы та - æцæгæлоны цæстæй. Мысты цæстытыйас дыу- уæ гагуыйы кастысты, - кæдæм æмæ цæмæн, уый сыл нæ зынди, фæлæ сæ цавæрдæр хиндзинад кæй æрныгъуылд, уый нæ уыд зын раиртасæн. Цыбыр хъуыр бынтондæр нал зынд сау галстучы ставд гомау æлхынцъæй. Йæ бурдзалыг сæрыхъуынтæн цы ныккодта фасынæй, фæлæ дзы уæддæр фæхъил цалдæр бындзыджы, æмæ цыма уыдон иннæтæй нæ уыдысты, уыйау нырраст сты. «Æнæбайрайгæ фæу дæ хæдзарæй, а æз сæ нал федтон, фæлæ хуызисæг дæ æмæ сæ æрныхæстаис иннæтыл». Нарæг ныхыл цæхгæрмæ цы цал- дæр хаххы фæзынд, уыдонæн хуызисты нæ уыди фенæн, лыстæг сæм куынæ ныккастаис, уæд. Зауырбег рахис къухы æнгуылдзтæй асгæрста йæ ныхы фæйнæг. Æнгуылдзтæ дзæбæх хатыдтой къардиутæ æмæ лæг катæйттæгæнгæ æр- уагъта йæ къух. Хуызистыл цалдæр азы рацыд æмæ уæдæй фæстæмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, бонтæ сæ фæд ныууадз- дзысты уæдæ цы. Рог уддзæфы базыртыл сæхи систой эстрадон музыкæйы зæлтæ, хæрз æввахс фæцæйцыдысты заргæ ногдзаутæ. Зауырбеджы зæрдæ фестъæлфыд, кæд скъоладзауты за- 8
]эæджы мыртæ, цины фидиуджытау, азæлыдысты, уæддæр. Иæ мидæнкъарæнты фæдис нæ дæр цæсгомыл фæзынд, нæ дæр йæ уагахастыл, фæлæ уæддæр йæ цæстытæ знæтæй зылдысты алфæмблайыл. Уалынмæ фæзындысты æндæр цымыдисгæнджытæ, хуызистытæм кастысты хъæлдзæг зæрдæйæ, кæрæдзи дæр-иу афарстой. Йæ тæккæ фарсмæ балæууыд бæрзондгомау, ацæргæ нæлгоймаг, йæ хъæбы- сы - къаннæг сывæллон. Уыдаид йæ хъæбулы хъæбул. «Кæсыс мæнæ ацы хуызистытæм. Ды дæр куы сырæзай æмæ хорз куы сахуыр кæнай, уæд дын дæ къам мæнæ ам ба- кæндзыстæм, - лæг йæ амонæн æнгуылдзæй ацамыдта фæйнæджы ’рдæм æмæ каст сывæллоны цæстытæм, ома кæддæра йæ зæрдæмæ куыд фæцыд, саби нырма йæ ныса- ниуæг дæр кæмæн не ’мбæрста, фæлæ адæймаджы кады ном кæмæй барынц, уыцы дзырдтæн, - кæннод - нæ». Лæг сывæллоны русæн апъа кодта æмæ, фæйнæгмæ хæстæгдæр балæугæйæ, хъæрæй каст фыстытæ, Зауырбег йæ ном нал фехъуыста, лæг уырдæм куы фæцæйхæццæ кодта, уæд фæцæуæг, цыма йæ ном зæгъыны аккаг дæр нæу, уыйау. Мæнæ йын, зæгъгæ, гæнæн уыдис, уæд йæ хуызист фæйнæ- гæй дæр рафтыдтаид, фæлæ кæм? Афтæмæй æнахуыр тыхст хъуыдытимæ фæлидзæг. Зауырбег бинонтæй хæдзары кæй никæйы баййæфта, уый йын æхсызгон уыд, ныртæккæ йæ æппындæр ничи хъуыд йæхицæй дарддæр. Йæхæдæг у фарстдæттæг дæр æмæ дзуаппдæттæг дæр, уынаффæгæнæг дæр æмæ зонда- монæг дæр. Дуарахæсты йæ цы сагъæстæ бакодтой, уыдон æрбæстон кæныныл фæлваргæйæ, ноджы фæкар-здæр æн- къарæнтæ æмæ хъуыдыйы быцæу. Йæ дзаумæттæ тагъд- тагъд раивта æмæ стыр тыхст уавæрæй фервæзын æнхъæл, царды вазыгджын фæндтæ нывæндгæйæ кæуыл фæбады, уыцы къæлæтджыныл æрбадт æмæ æнхъæлмæ каст цахæм- дæр удрæвдауæн уынаффæтæм. Йæхи фæстæ-дзæг ауадзы къæлæтджыны æнцойгæнæныл, куы та, йæ гуырыл размæ рахæцгæйæ, ныккæсы йæ къæхты бын гауызы хъулæттæм, фæлæ, марадз зæгъ, кæд йæ сæры мидæг базмæлыд иунæг уынаффæйы таг дæр, афтæмæй сæр, куысыфтæгау, сагъдæй лæууыд уæхсчыты астæу. Рæстæг цыд. Лæг цалдæр хатгы йæ бæрзæй аразил-базил кодта, ома, чизоны, йæ нуæрттæ æндзыг баисты, кæнæ та тугдадзинты цæуын нал фæразы, фæлæ афтæмæй та йæ цæстытæ атарытæ сты æмæ тарстгъуызæй фестад къæлæт- джынæй. Исдуг, зæхмæ кæсгæйæ, алæууыд джихæй, стæй 9
уæлгоммæ æрхуыссыд диваныл æмае ныр та цары ны- вæфтыдтыл зылдысты йæ цæстытæ. Йæ цалцæгыл афæдз дæр нæма сæххæст, фæлæ йæ зæрдæмæ нал цæуы. Бирæ æхца дзы аууылдта. Ноджы йæм совхозы кусджытæ фæ- кастысты, æндæра йын дывæр слæууыдаид. Æниу сæ йæ дзыппæй куынæ фыста мыййаг. Йæхиуыл ма дзуæрттæ дæр бафтыдта æмæ йæ бауырныдта æмбисонды рæстдзинад: «Цард дæ йæхæдæг куынæ сура, уæд æй ды нæ баййаф- дзынæ». Ирон æмбисæндтæ тынг цæуынц йæ зæрдæмæ. Арæх сæ дзуры, уæлдайдæр минасы фынгыл æмæ йыл фидаугæ дæр кæнынц, æмбисонд дзурын дæр алкæуыл нæ фидауы. Æппындæр ыл ничи тых кæны. Исчи, зæгъгæ, иу радзырдта, уæд сæ уый æнæмæнг цалдæр хъуамæ бакæна. Чи йæм фæхъусы, уыдон фырхудæгæй артæнхæлдтæ фæ- вæййынц. Ахæм рæстæджы йæм цард фæкæсы æмбисæн- дтыл амад аргъауы хуызæн. Фæлæ йæ зæрдæйы хатт куынæ бæзза, уæд æм дзурын дæр нæ фæцæуы. Ныртæккæ дын æмбисонд нæ, фæлæ х^ыцауы арфæйæн дæр нал ныууа- дзид, мард æмæ дзуар. Иæ сæры иунæг хъуыдыйы хал дæр билцъ кæй нæ уагъта, уый тыххæй йæ маст рæсыд æмæ дæнгæл кодта. Æниу æм хъуыдытæ та куыннæ уыд, фæлæ- иу æм фæцæйцыдысты тызмæг мæстыйæ æмæ та-иу сæ йæ- хицæй фæсырдта, тохы бацæуынæй тæрсгæйæ. Уæдмæ æрбацыдысты, сывæллæттæ æмæ семæ æрба- хастой цахæмдæр æхцон æнæнцойдзинад. Сæ фыды дива- ныл хуысгæйæ куы федтой, йæ мыдадзгъуыз тызмæг цæ- сгоммæ йын куы бакастысты, уæд сæ уынæр нал райхъуыст. Æвронгæй йæ ахæм хуызæй никуыма федтой æмæ сæм тынг диссаг фæкаст. Раст ма фæсминас вæййы ахæм мадзура æмæ æлхынцъæрфыг. Йе ’гады митæй ма йæ цæстытыл чи фæуайы, уыдон ын йæ уды ауындзæнмæ фæцæйласынц. Ахæм рæстæджы йæм сдзурæнтæ кæй нæ вæййы, уый зыд- той æмæ сæ къахфындзтыл, сусу-бусугæнгæ, бахызтысты иннæ хатæнмæ. Сæ фæстæ бахызт мад дæр, фæлæ уый дæр ницы сдзырдта. Лæг йæ мидбынаты дæр куынæ базмæлыд, йæ сæр дæр куынæ фæзылдта, уæд, æмæ бахызт сывæл- лæтгы фæстæ. Уайтагъд райхъуыст сæ сабыр ныхас: «Баба мæсты у», «Баба тызмæгæй хуыссы», «Ницы нæм сдзырдта». «Хорз, хорз, æрбадут æнцад, ныртæккæ уын хæ- ринаг ацæттæ кæндзынæн. Уый бæсты уал уæхи мæнæ ис- тæуылты аирхæфсут». Сылгоймаг йæхи бæргæ сабыр дардта, фæлæ уый зæрдæ- 10
мæ бакæсын уыд æнахуыр диссаг, фæивта^æнæнхъæлæджы æмæ та æгас буарыл ризæг бахæцыд. Йæ хъуыдытæ та кæдæмыты нæ ахæццæ сты афтæмæй скодта йæ халат. Цал- дæр хатты, хатæнмæ рахизгæйæ, аивæй бакаст Зауырбеджы ’рдæм, фæлæ уый, дурдзыртау йæ цæст дæр никуы æрны- къуылдта, цыма йæ дунейы мæт йæ хызы батыхта, уыйау. Сылгоймаг сывæллæттæн фынгыл æрæвæрдта хæринаг æмæ йын уæд фæцис сдзурыны фадат дæр: - Рацу, ницы хæрыс, - иннæ хатæнæй дуаргæронмæ ра- цыд æмæ, тарвазыл банцойгæнгæйæ, ныллæг хъæлæсæй загъта сылгоймаг. Лæг цыма æппындæр ницы фехъуыста, цыма уыцы «ра- цу» уымæ ницы бар дары, уыйау йæ цæстыхау дæр нæ фез- мæлыд, хуыссыд уæлгоммæ, йæ иу къух йæ сæры бын, иннæ та йæ риуыл æвæрдæй. Сылгоймаг, дзуапмæ æнхъæл-мæгæ- сгæйæ, алæууыд уысмы бæрц, стæй баздæхт сывæллæттæм: - Цу дæ фыдæн зæгь æмæ кæрдзын бахæра, - мад дзургæ-дзурын бакаст йæ хисдæр чызгмæ. Чызг, цингæнгæ, фестад, фæлæ фæстæмæ æрбаздæхт ты- змæгæй, тæргайгъуызæй, йæ бинаг был æрзæбул, афтæмæй. Мад дæр ницыуал загъта. Кæд æнады хæрд бакодтой, уæд- дæр сын нымад æрцыд сихорыл дæр æмæ æхсæвæрыл дæр. Сывæллæттæй уайтагъд æрбайрох сæ фыды уагахаст, фæлæ мады зæрдæмæ, тымыгъау, хаста уазал: «Цымæ та ныл цы мард æрцыд, цыма йæ род йæ х^ъшфы амард, уыйау та куы ныссаудалынг, мауал рабада». Иæ мидзæрдæйы тардзæгъ- дæн калдта сылгоймаг. - Зауырбег, уæ Зауырбег! - чидæр бадзырдта кæртæй. Зауырбег сонт стад фæкодта, базыдта Хиуайы хъæлæс æмæ рахæццæ асины сæрмæ: - 0, Хиуа куы дæ, Хиуа, уæлæмæ нæм рахиз, уым цæмæ лæууыс? - Уæлæмæ уæм фарн хизæд, фæлæ цы фæдæ æмбырды фæстæ, дæ агурынæй мæнæ мæ къæхтыл дæр нал лæууын. - Куыддæр мæ сæрæн нæ дæн æмæ комкоммæ хæдзармæ рацыдтæн. - Æз та, зæгъын, цы фæуыдаид, кæсын, агурын, нал дæр Зауырбег, нал дæр иу æмæ нал дæр иннæ. - Уæдæ цы фесты уым, - Зауырбег сæ уыд, номхуындæй нымаинаг, фæлæ йын Хиуа йæ дзырд айста. - Тымбылæй ацыдысты ресторанмæ, мæн дæр кæм уагъ- той, фæлæ уал зæгъын, æххæст дæу ссарод. Кæй сæ нæ фæ- 11
сайдзынæн, уый тыххæй мын сомы ракæнын кодтой. Цом, æнхъæлмæ нæм кæсдзысты æмæ худинаг у. - Нæй, Хиуа, æфсæрм дæ кæнын, фæлæ мын нæй цæуæн, мæхи тынг æвзæр хатын. - Цом, цом сыгъдæг уæлдæфмæ адзæбæх уыдзынæ, - Хиуайæн хъыг уыди Зауырбеджы уагахаст, мæсты дæр æм рацис, фæлæ йæ нæ равдыста, - афтæтæ куы никуы кодтай. - Бæргæ никуы кодтон, ныр дæр дæ тынг æфсæрмы кæ- нын, фæлæ мын æндæр гæнæн нæй. Стыр хатыр дæ курын. - Хатыр дын фæуæд, фæлæ раст нæ кæныс... Уæдæ æз дæр никуыдæм цæуын нæ хæдзарæй дарддæр, - Хиуа цæх- гæр фæзылд, йæ сæр фæгуыбыр æмæ, тæргайгæнæджы къахдзæфтæгæнгæ, фæаууон фæзилæны. Зауырбег ма асины сæр алæууыд иучысыл, æдзынæгæй каст, Хиуа кæм лæууыд, уыцы бынатмæ, стæй гуырысхо- гæнгæ банкъуыста йæ сæр æмæ баздæхт хæдзармæ. Хкуайæн дæр æнæ Зауырбег йæ бон нæу, цы бон æй нæ фены, уыцы бон ыл бæстæ гур-гуыр кæны. Чысылæй фæс- тæмæ зонынц кæрæдзи, иумæ схъомыл сты, фæлæ йыл ны- ры хуызæн æнувыд никуыма уыди. Совхозы директорæй йæ арвитыны фæнд дæр уый скодта, æндæра Зауырбегæн ахæм куыстытæ йæ фæсонæрхæджы дæр никуы уыдысты. Зауырбеджы сæрмæ ныр цадæггай ивылын райдыдтой царды нывтæ. Бæргæ сæ фæлмæцыд, бæргæ ма сæ сырдта йæхицæй, кæд сæ кой фесæфид, зæгъгæ, фæлæ кæм, йæ сæр райдыдта уæззау кæнын, цæстытæ фæлладысты, рафт-бафт кодта йæ мидбынаты. Йæхимæ йæ нылвæста диван. Бæргæ, иннæ хæтгытау, куы фæлæууыдаид йе ’мбæлттæм, фæлæ йæ цыдæр йæ фыдбылызы къæхтæ рахастой. Чизоны йæм уæд Хиуайы зæрдæ дæр нæ фæхъæбæр уыдаид. Цас диссаг уыд иу фынджы аргъ. Уый бæрц никуы бафыста æви цы? Æмæ ма йæм æхца куынæ уыдаид, уæддæр цынæ ис. Ныр дæр кредиты æхцайæ йæ дзыппытæ йедзаг сты. Уыдон Хиуайæн капеччы онг дæр нымад сты. Йæ къæсæрыл дæр уымæн балæууыд, æндæра йæ никуы федта, æви йын æнæнхъазлæ- джы хабар адзырдта. Æппындæр нæ, абадын æй фæндыд хъæлдзæг цардхæцин фæсивæдимæ, фæлæ йын ацы хатт нæ фæрæстмæ, йæ къæбицгæс йемæ нæ фæци æмæ йæ йæхи хардзæй бацæуын та фæкдгæ нæ кодта. Зауырбег иттæг хорз æмбæрста, Хиуайы раз зылынджын кæй у, уый æмæ, зындоны арты судзæгау, тыхст йæхимидæг. Уыцы зондамо- нæн иыхæстæ ныр дæр ма йæ зæрдыл лæууынц. Æниу уы- 12
донæн та рохгæнæн куыд ис, рæстæг, куыд цæуы, афтæ ногæй-ногдæр кæнын райдыдтой. - Зауырбег, мæ хæлар, адæймаг институт каст куы фæуа, уæд лæг У, лæг царды фæндтæ æмæ хъуыдыйы лæг, стæй падцзахады раз та стыр хæсджын. Банымай ма дæхæдæг, ныр бирæ зоныс, æмбаргæ дæ, о, о, ныр дæм лæджы номæй дзурæм, кæддæра дыл уал азы цас бахардз кодта. Уыдоныл дæ цæст куы ахæссай, уæд дард цæгатмæ ацæуыныл дæр «нæ» нæ зæгъдзынæ. - Хиуа, æмæ æз æнæкусгæйæ цæрынвæнд куынæ кæнын. Мæ гæххæттытæ министрады сты æмæ абон-сом æнхъæлмæ кæсын дзуаппмæ. - Арс цымы бын куыд баззад, афтæ фæнычы фарсмæ бадгæйæ баззайдзынæ, фæлæ ма мæнмæ æрбанхъус. Фадат аразæг кæй у, уый фехъуыстаис æмæ иугæр фæзынд, уæд дзы хъæуы спайда кæнын. Нæ сарæхстæ, сæрæндзинад дæм нæ разынд, уæд азымджын дæхæдæг. Цалынмæ дæхæдæг куыстагур къахихсыд нæ бадæ, уæдмæ нæ исты æрымысын хъæуы. - Ды, чизоны, раст зæгъыс, фæлæ цалынмæ мæ бæрæг базонон, уæдмæ кæмæй цы хъуамæ радомон, афтæ мын нл- чи зæгьдзæн, фондз азы дæ уый тыххæй ахуыр кодтам æмæ дæхи гуылы бын æндзарынæй хъуамæ райдайай. - Уыцы ныхæстæ-иу æндæр искæмæн кæн, мæнæн сæ ма дзур, æз æнæдæндаг нæ дæн, царды фæзилæнтыл мæ цæст ахæссын зонын, былæй ахауынæй тас мын иæу æмæ дæу дæр рæдыд фæндагыл нæ бафтаудзынæн. Мæ цæст уын уар- зы хорздзинад, дæ фыдимæ дзæбæхæй цардыстæм, рухсаг уæд, аДæймагмæ цы кæса уымæй йын аирвæзæн нæй, æндæра ма куырм гьангæй исчи мæлы, - Хиуа иуцасдæр ницы сдзырдта, фенкъард æмæ ныккаст йæ къæхты бын- мæ. - Рухсаг уæд, уый кæд не ’хсæн нал ис, уæдцæр мæ нæ фаёнды йæ зæрдæйы худт райсын. Уæд та уыцы бæсты исты ис, уæд мын афтæ нæ зæгьдзæн «Де ’гæр фæкалай, чысы- лæй фæстæмæ хæларæй куы фæцардыстут, уæд æй ныр иу- нæгæй цы фæуагътай. Фæлтау уадз æмæ мæ бон куыницы уа, æз дæр дæуæй бирæ хистæр нæ дæн, уæддæр мæ зæрдæ мæхиуыл хъуамæ ма худа. Ды намыс цы хоныс. Уый адæй- маджы цард зындон фестын кæндзæн, æппынæдзух æй сы- гъдæг куынæ дарай, уæд. Ды ныртæккæ ахуыр лæг дæ, аг- роном æмæ уыцы зонындзинæдтæй хъуамæ спайда кæнай, кæм æмбæлы, уым. Хуыры хъæуы совхозы нæй директор æмæ дын уым æнæ бакусгæ нæй». 13
- Цы загътай цы Хиуа? - Зауырбег цыма йæ фынæйæ фехъал, уыйау дисгæнгæ бакаст Хиуамæ. - Цы диссаг дæм фæкаст мæ фæндон, цавæр тарст фæкодтай директоры номæй, æви иннæтæ уæларв цæр- гæстæ ахсынц. - Мæнæй та цæй директор ис, - Зауырбег йæ мидбылты бахудт, аивæй бакаст Хиуамæ, ома хъазгæ кæны æви æцæг дзуры, йæ фæсонæрхæджы дæр никуы уыд, ахæм ныхас ын искæимæ рауайдзæн, уый, æмæ йæ æххæст уырнгæ дæр нæ бакодта. - Æз агроном дæн æмæ уал бафæлварон мæ хъару, стæй бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. - Фарн хæссы, фарн æмæ дын æз дæр уый дзурын, ахæм фадат фарн у, уæдæ йын æндæр цы схонæн ис дæумæ гæсгæ. Афтæ æнхъæлыс, директорæй йæ ныфс чи бахæсса, уый дзы нæй. Æй куыд дын амардтæн афтæ, фæлæ ма дзы цыдæртæ хъæуы, цыдæртæ, мæ хæлар... - Нæ дæ ’мбарын, Хиуа? - Нырма мæ не ’мбарыс, фæлæ чысыл куы акусай, уæд мæ æгæр дæр бамбардзынæ. Ды хъæууон лæгмæ хуымæтæг цæстæй ма кæс, уый йæ царды хъуыддæгтæ æз æмæ дæуæй хуыздæр зоны, ницы дзы аирвæздзæн æрхъуыдыйы фы- дæй. Директоры ном хæсгæ цы кæндзынæ, уый йедтæмæ дæ ницы æфсæрм уыдзæн. - ацы хъуыды зæгъыныл Хиуа рагæй фæлвæрдта æмæ йæ къухы кæй бафтыд уый йын мæ- лæты æхсызгон нæ уыд, стыр уаргъ аппарæгау ын фенцон- дæр, банымадта йæ афтæ, раст цыма йæ бæллиц сæххæст. - Уый та куыд, Хиуа? - Куыд, куы, куыд вæййы афтæ. Мæ хъуыды дæм нырма диссагау фæкаст, фæлæ иу аз куы акусай, уæд æй дæхæдæг фендзынæ. - Мæнмæ гæсгæ бирæ цыдæртæ зонын хъæуы, стæй æр- мæст зонындзинæдтæ дæр фаг не сты, цахæмдæр миниу- джытæ ма дзы хъæуынц адæймаджы, цæмæй разамонæджы хуызæиуа. - Ды кæм зæгъыс Зауырбег, уый дæр æмбарын, фæлæ мын иууылдæр хъуыдыгонд сты. Уыцы цыдæртæ дæр мæнæ ацы лæппу хорз зоны. - Хиуа йæ рахиз цонг йæ риуыл авæрдта, - кæд мыл азтæ уый бæрц нæма цæуы, уæддæр би- рæ къæбæртæ аууылдтон уый зон æмæ мын тæрсгæ ма кæн, хъæууон-хæдзарадон управленийы ма æндæр цы ми кæнын, кæд иу-дыууæ лæджы мæ базыры бын нæ бакæнон, уæд. Уæдмæ дæхæдæг дæр фæцалх уыдзынæ æмæ дын амонын ницыуал хъæудзæн. Дæумæ гæсгæ директоры ном аннæ, ин- 14
нæтæ сæ мады гуыбынæй рахæссынц. Æппындæр нæ. Уы- дон дæр мæнæ мах хуызæттæ сты æмæ сæ цард йæхæдæг са- хуыр кæны. Уый нæ, фæлæ ма æгæрдæр фæгæрз вæййынц, æгæр. Зауырбегæн Хиуа йæ уынаффæтæй ахæм мæсгуытæ са- мадта, ахæм, æмæ йæ фæндыл куыд сразы, уый зонгæ дæр нæ бакодта, совхозы директоры куыст æм фæкаст уидыгæй хæргæ, кады ном æмæ фæллойы суадон. Афтæмæй райдыд- та кусын. Хиуайы амындмæ гæсгæ йын æххуыс кодтой сов- хозы бухгалтер æмæ ма цалдæр бæрнон кусæджы. Хиуа-иу сæ бынаты дæр абæрæг кодта, фæлæ-иу æй уæлдай рæвдыд бакодта районы. Цыдысты бонтæ. Зауырбег тыхст, фæлæ куыста, сом ын фенцондæр уыдзæн, иннæбон, уый ныфсæй. Хиуайы алы уынаффæ дæр ын уыдис куырыхон лæджы зондамынды хуызæн. Бирæ хæттыты-иу ын сыл бæстон хъуыды дæр нæ акодта, фæлæ-иу сæ йæ зæрдæ бабуц. Бухгалтеры тыххæй йын цыдæриддæр фæдзырдта, уыцы миниуджытæ йæм иу- уылдæр разындысты æмæ йын фæстагмæ йæ арæзт доку- менттæ кæрæй-кæронмæ кæсгæ дæр нал кодта, æнæгуы- рысхойæ-иу сыл йæ къух бафыста. Иузаманы уыгæрдæнтæ бахсæдæггаг кусджытæн мызды тыххæй цы ведомостмæ æркаст, уымæ йæ зæрдæ фехсайдта, фаугæ йыл уæдцæр бух- галтеры æфсæрмæй йæ къух бафыста. Йæ зæрдæ йæм дзыр- дта, ома дзы ахæм куыст куътæ уыд, уæд æхца цæй тыххæй фидæм. Зауырбег уæд фыццаг хатт йæхицæн ныббарста, йæ намысæн æмбæлон аргъ кæй не скодта, уый: цæй, чи дæ бæрæг кæны, ацу æмæ сæ банымай, уыгæрдæнты цал дуры къæртты уыд æмæ ма дзы цал баззад, уыдон. Æнхъæл уы- дис, ацы хабар рæстæгимæ адымдзæн, фæлæ кæм, уидæгтæ- уадзæгау тынгæй-тынгдæр агайдта зæрдæ. Уæдæй фæстæ- мæ бæстондæр каст документтæм. Нырма кусджытæн мызд рафыссын иунæг бон дæр нæ бакъуылымпы æмæ уымæй бæргæ сæрыстыр уыди, фæлæ уыцы мызды ныхмæ сæхæ- дæг та æхсæнады къæбицмæ цы пайда хæссынц, ууыл рай- дианы никуы ахъуыды кодта, ома æмбæлгæ дæр афтæ кæ- ны. Цалдæр хатты йæ зæрды уыд Хиуаимæ ахæм ныхасæн бындур æрæвæрын, фæлæ йын уый йæ къух никуы сарæзта. «Ды документтæ нывыл араз, æндæр æз æмæ дæуыл ни- цы хæс ис. Бæрæггæнджытæ, адæймаг цал комдзаджы акод- та, уымæй нæ фæфæрсынц, фæлæ гæххæтты цы фыст вæй- йы, уымæ мадзурайæ æркæсынц». 15
Зауырбег диваныл хуыссы уæлгоммæ. Хатт йæ бинаг был ацахсы дæндæгтæй, æрылхъивы æфсæртæ, фæлæ рыст нæ бауромы, æмæ та масты æндыгъд нуæрттæ дæр æрлæ- мæгъ вæййынц. Йæ сæры бын цы къух уыди, уый æнгуыл- дзтæ, аркъæуттау, æрбалвæстой бæрзæйы, фæлæ уæддæр нæ фæлыгъдысты лæджы сагъæстæ æмæ та йын хъуыды йæ цæстыты размæ, фыдæнæнгæнæгау, æрбаласта æндæр нывтæ. Зауырбег æмæ Хиуа фæцæуынц совхозмæ «Виллис»-ыл. Хиуа скъæргæ кодта, Зауырбег та йæ фарсмæ бадт. Райдиа- ны йæхи фæстæдзæг ауагъта, фæлæ лæгъзвæндаг куы фæ- ци, уæд йæ гуырыл гæзæмæ размæ фæхæцыд, рахиз къух æрцауындзæг хæцæныл. - Ацы фæндаг дæр аразинаг бæргæ у, фæлæ йæм йæ хъус ничи дары, - Хиуа ныхасæн бын æрæвæрыны тыххæй спайда кодта уавæрæй. - Аразинæгтæ бирæ цыдæртæ ис, фæлæ хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ дзы чи кæмæ хауы, уый бæрæг нæй. Кæмæ- фæнды баулæфай, - алчи дæр дын æндæрмæ бацамондзæн. Амæй размæ та мын фæндæгты хайады гæс афтæ бафæ- рæзта: махмæ, дам, цæмæ кæсут, махмæ, адæм, дам, стут æмæ, дам, уæ хъæумæ фæндаг саразут, цæугæ, дам, ыл сы- мах кæнут. - Æмæ йын уæд ды цы дзуапп радтай? - Зæгъинæгтæ мæм бæргæ бирæ уыд, фæлæ фырмæстæй дзурын нал бафæрæзтон. Ноджы ма мын мæ мастыл цæхх айзæрста. - Цы, дам? - Чи, дам, тыхса, уый, дам, йæхæдæг араздзæн йæ фæн- даг. Цыхты муртæ, дам, уæм вæййы æмæ дам, сæ мах верто- летыл дæр рахæсдзыстæм. Хиуа ныххудт йæ хъæлæсыдзаг. Зауырбег æм зулмæ ба- каст æмæ уымæ дæр фæмидæг худæг. Нал æмæ нал æн- цадысты. - Махмæ худын фæкаст, фæлæ уый худын нæу. Ацы ныхæстæ хъуамæ хисдæртæй искæйы хъусты бацæгъдон,- Зауырбеджы цæсгом фæтызмæг, - адæмæй худинаг у, æф- сæрмы сæ хъæуы, æрвылбон фæндаг, фæндаг кæнынц æмæ сын мæ бон дзуапп раттын ницы у. - Тызмæгæй ницы рамбулдзыстæм, фæлæ дæм æз дæр фæкæсдзынæн. Афтæ ма банхъæл, ам ды фысым дæ, æз та - уазæг. Æз ацы хъæубæстæн сæ адæмы нæ, сæ мыстыты дæр 16
зонын... Мæ уд сæ рынтæ бахæрæд, кусæг адæм сты, зонынц фæллой кæнын, цæрын æмæ сын хуыцау ноджыдæр раттæд. - Мæнмæ дæр афтæ кæсы, Хиуа, нырма сæм нæ хатын фæлывд ныхас æмæ хинæйдзаг ми. "- Ацы хъæубæсты адæмимæ никæйы ис абарæн. Аннæ- иннæты хуызæн знæт не сты, нырма ардыгæй иунæг ха- хуыргæнæн фыстæг дæр нæ ацыд. Ахæм адæмимæ куы фем- бæлын, уæд та чысыл мæхиуыл фæхæцын, æндæра, ком- коммæ дын æй куы зæгъон, уæд тынг сфæлмæцыдтæн. Иу дыл иуæрдæм фыссы, иннæ - иннæрдæм æмæ ма мæ сæр чердæм фесафон, уымæн ницыуал зонын. - Адæм нæм бæргæ хорз ис, фæлæ нæ хъуыддæгтæй нæ дæн райгонд. - Нæдæ’мбарын. - Нырмæ дæр дын уыдтæн мæ хъуыды зæгъинаг, фæлæ куы цæй тыххæй бакъуылымпы вæййын, куы - цæй тых- хæй. Бонæй-бонмæ æнхъæлмæ кæсын, зæгъын, уавæр кæд чысылгай рараст уаид, фæлæ кæм, ноджы фыддæрæй фыд- дæр кæны. Зын мын у, Хиуа, афтæмæй кусын. - Æнцон та - хæрын, фæлæ уым дæр хид рауадзын хъæуы, - Хиуайы фæндыд ныхас хъазыны ’рдæм аздахын, æмæ худæндзастæй бакаст Зауырбегмæ. - Нæ мæ бамбæрстай. - Тынг хорз дæ бамбæрстон, æмæ дын цæмæй фенцон- дæр уа, уый хос дæр ссардзынæн. - Алырдæм барын нæ фадæттæ, нæ уавæр æмæ нæ ас- тæуыл, уæлтауау, куы афæдæм, уæддæр нын нæ бантысдзæн плæнттæ сæххæст кæнын быдырыкуыст, фосдард, алцæмæй дæр, алцæмæй. Афтæмæй хыгъды та бавдисæм, цыма нæм æппæт дæр нывыл у æмæ мæйæ-мæймæ исæм мызд цъи- уæи, бæдулæй. Хицæн хæдзарæдтæ цы продукци ауæй кæ- нынц, уый дæр совхозыл бафыссæм æмæ та Зауырбег хорз кусæгæй агæпп кодта. - Хорз, хорз, уыцы ныхæстæ мæнæн ма дзур, æз сæ дæ- уæй хуыздæр зонын, фæлæ-ма мæм æрбайхъус лæмбынæг- дæр, æрмæст та-иу хуыргаркау, ма фесхъиу, хъусгæ дæр-иу бакæн адæймагмæ, уæд та мæ дзыхæй сыгъзæринтæ кæлы, æз дæр фыдгæнæг нæ дæн, цардыл дзурын. Ардæм дæ æз хæхтæ æмæ къæдзæхтæ фæлдахынмæ не ’рбарвыстон, фæлæ пайда хæссынмæ. Плæнттæ æз ныллæууын кæндзынæн æм- бисыл, куыд æмæ цы хуызы, уый мæхи хъуыддаг у æмæ 2* 17
нæм уый тыххæй мауал уæд уæлдай ныхас. Адæм кусдзы- сты, ды сын æрвылмæй æнæкъуылымпыйæ фиддзынæ сæ куыстмызд æмæ дзы махмæ дæр кæд исты згьæлид. Амæй размæ дын цы фысты кой кодтон, уыдон фыййау æмæ нæ дыууæйæ дарддæр ничи зоны. Давæггаг не сты, фос хизынц сæрвæты, зымæг та Хъызлары вæййынц. Сæрвæттæ-йедтæ ма уыдзысты, фæлæ æз æмæ ды нал уыдзыстæм. Хъæдтæ æмæ дурты ’мбай нырма никуы ничи фæцард, уый дæр дæ зæрдыл дар. Къуымбил æлхæнын дæ нæ хъæуы, кусæрттаг дæхимæ, цыма дæ хъæуы. Ам, мæнмæ гæсгæ, æвзæрæй мур дæр ницы ис, фæлæ уый тыххæй дæхицæн ма маст кæн. Уæдæ зæхх, фос кæмæн нæй, уый цæмæй хъуамæ фæцæра, айдагъ мызды капеччытæй цæрæн ис. Цæвиттон мæнæ мæн райсæм, кæнæ мæ кæд нал уадзыс, уæд дæу дæр. Цæмæй хъуамæ фæцæрæм... Афтæ у, гье, уæдæ. Давгæ ма ракæн, гæртам ма радом, уый йедтæмæ иннæ фæзилæнтæ иууыл- дæр сæрæндзинадыл дзурæг сты æмæ мах дæр цæуылнæ хъуамæ фезмæлæм, кæмæй цауддæр стæм? Мæнæ дын ахæм дæр рæхджы ратдзыстæм, - Хиуа рахиз къухæй æрцавта руль, - сæрмагондæй дæхицæн, лæвары хуызы, æрмæст дæ- хæдæг зоныс... Зынгæ дæр дыл нæ фæкæндзысты уыцы ка- печчытæ. Дæуæн та уый цæугæ хæзна у. Цалынмæ совхозы директорæй кусай, уæдмæ дæ нæ дæр бензины мæт ис, нæ дæр йæ ифтонг кæныны мæт, стæй та бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы: дывæр, æртывæр аргъæй, табуафси, кæмдæ- риддæр. Цыд рæстæг. Совхоз йæ плæнггæ æххæст кодта уæлдай- джынтæй, фæлæ æфтиæгтæ уæддæр иикуыма бамбæрзтой хæрдзты. Бахъуыдис уæлдæйттæ фыссыны сæр. Ацы ран Зауырбег æппæт дæр бакодта Хиуайы бар. Хиуа алцы дæр арæзта æнæ рæдыдæй. Зауырбег райста машинæ. Æрвыл- бон ын фæцис горæтмæ цæуыны фадат. Фæразæй районы, областы соцерысты, райста районы цæугæ Сырх тырыса, йæ ныв фæзынд областы кады фæйнæгыл. Хиуаимæ кæрæ- дзийæ загътой æфсымæргæндтæ. Хиуа йæ цалдæр хатты фæхуыдта йæ хæдзармæ. Зауырбег хуыссы диваныл, удæгас мардау, йæ хъусты зæ- лынц Хиуайы дзырдтæ æмæ æндзыг кæны йæ буар.^Йæ бон нал уыд фезмæлын, афтæмæй ссис æмбисæхсæв. Йæ цар- дæмбал нæ уыд фынæй, тыхст йæхимидæг, фæлæ цы ’ры- мысыдаид, уымæн ницы зыдта, æрмæст-иу æм рæстæгæй- рæстæгмæ бакаст дуары зыхъхъырæй. Уæдмæ Зауырбеджы 18
уæнгтæ дæр райдыдтой уазал кæнын æмæ иузаманы сын- дæггай рахæцыд йæ гуырыл, хатæны къуымты йæ цæстытæ разылдысты фæлладгъуызæй. Уæртæ йын уыцы пианино йæ бухгалтер балæвар кодта йæ чызджы гуырæнбонмæ. Гауызыл дæр уæдæ йæ капеччытæ нæ бахардз сты. Йæ мызд цас у, уый рæстмæ зонгæ дæр нæ кæны, лæмбынæг никуыу- ал æркаст партийы уæнгон фиддоны ведомостмæ дæр. Æниу сæм цы кæса, нырма йæ дзыпп æнцонхæссæнтæй аф- тид никуы уыд. Æрвылбон горæтæй хъæумæ цæуы йæхи ма- шинæйыл. Æнæуый йæ бон кусын дæр нæ бауид. «Кусын? - йæхи афарста Зауырбег æмæ æркаст йæ къæхты бынмæ. - Зауырбег сæ кусынæн нæ хъæуы, фæлæ пайдайæн», - цыма йæ зæрдæ бауынгæг, афтæ йæм фæкаст. Абон иунæг капекк дæр нæ бахардз кодта, фæлæ йæ дзыппы цас æвæрд уыд, уый хорз зыдта Хиуа æмæ сæ фæстæ кæйонг æрбахæццæ. Чизоны йемæ ацæуын хъуыд. Уæд ахæм мидхъуырдухæнты нæ бахаудаид. Уый та мацы æрымысыдаид, уый гæнæн нæ уыд, адæймаджы ингæны къæсæрæй дæр раздахдзæн, ахæм лæджы мыггаг у. Адæймаг, дам, хъуамæ.йæ уды дарын зона, цæрын фæраза, хуыцау ын дыууæ боны йедтæмæ нæ радта цæрæнбон æмæ, дам, уымæй дæр хъæд æмæ дуртимæ бы- цæу кæны. Адæймаг, дам, æнамонд боны гуырд у. Исчи стырдæр комдзаг акодта, уæд йæ гæндзæхтæ фæцæйцæгъ- ды, йæ цæстытæ рацæйхауынц сæ къуырфытæй. Дæ хаймæ дын куы ничи æвнала, уæд цы дæ уæлфадыл галлæууы. Паддзахадæй райсын, дам, цас диссаг у, адæм дæр, дам, паддзахады сты, æнæ адæм паддзахад ма, дам, кæд федтат. Ахæм зондамонæн ныхæстæй Зауырбег ацы хатт æнæхай фæцис, фæлæ сæ уæддæр æрымысыд, æмæ йын цыма фен- цондæр, йæхиуыл схæцыд, слæууыд бандоны æнцой æмæ, фæцудынæй тæрсгæйæ, бандзыг йæ мидбынаты, йæ сины- сæртыл хæцгæйæ, ныккаст йæ сынтæгмæ. Ныртæккæ йæм зæгъгæ йæ цардæмбал исты сдзырдта, æгæрстæмæй, загъд дæр самадта, уæддæр æм тызмæг ныхас не скæнид, барæв- дауид æй, хатыр дзы ракурид, æнæмæнг ын бамбарын кæ- нид, фæллад кæй у, уый. Сылгоймаг дæр та, цин дын фенон, æмдзæвгæ æнæкæсгæйæ дзурæгау, йæ дзуринæгтæ ракалид. «Ныууадз ма уыцы куыст, нал нæ хъæуы совхозы директо- ры бынат, ды директоры лæг нæ дæ, уый æз куы зонын, уæд æй дæхæдæг цæуылнæ зоныс. Мæгуыр не сты, ды сæ царды уынаффæгæнæг кæмæн дæ, уыцы адæм. Æви дзы адæм нæй, æндæра дæумæ не ’рхаудтаиккой. Разамонæгæн алчи 19
нæ бæззы, фондз институты каст куы фæуа, уæддæр Уый бæсты мæнæ дæ хæдзармæ æркæс, мæнæ уыцы сывæллæтты хъомыл хъæуы. Дæумæ та кæсын, æмæ дæ «аххытæ» æмæ «оххытæй» дарддæр адæймаг ницы фехъусдзæн. Афтæмæй рæхджы, æвæццæгæн, æррадонмæ кæнинаг фæуыдзынæ». Нæ, ацы хатт ын нæ ратдзæн дзурыны фадат, фæлтау - фынæй. Зауырбег æнæкъæрццæй йæхи баласта хуыссæнмæ, ахуыссын кодта рухс æмæ, æмбæхсæгау, йæхи æрæмбæрзта хъæццулæй. Адæймаг ма искуы йæхицæй бамбæхст. Кæд йæхи хуыс- сæджы æвджид бакæны, уæддæр ын хатт алы фыдфынтæ йæ удæй схъазынц, дуарахæсты йæ бакæыынц. Зауырбег дæр хъæццулы бын йæ сæр бæргæ æрныуæрста, фæлæ афтæ кæй акæнынц, тæдзынæджы бынæй - цыхцырæджы бын- мæ, уыйау уымæн дæр хуыссæн нæ радта æнцойад. Йæ на- мысы зæрдæхудты æрмæст иунæг хатт чи бацыдис, уый йын зоны йæ карз тæрхон дæр, адæймагæн хъыцъыдæттæ куыд бадары, уый. Кæд карз тæрхон рахæссын зоны, уæддæр йæ- хæдæг авгæй уæлдай нæу, тæлусон, æрхауд æмæ саст. Нал æмæ нал баныхæсдзæн. Куы баныхæса, уæддæр ын мыз- гъуырæй æнæ баззайгæ нæй. Зауырбеджы уæнгтыл пъæззыйау йæ уæз æруагъта хуыссæг æмæ йæ бафтыдта, аргьæутты амондагур бæлццо- нау, æбæрæг фæндагыл. Цыма йæ сурæг ис, уыйау згъоры, тындзы, схæццæ къуылдымы сæрмæ æмæ та уырдыджы йæхи уромгæ ныххæццæ коммæ. Иу къахын хидыл ахызт хæххон фынккалгæ доны сæрты, бафтыд æгæндæг хъæдмæ, пыхсытæ ссæндгæ, къутæрты ’хсæн лæсгæ, ахызт къаннæг æрдузмæ. Тынг бафæллад, йæ хид лæсæнтæ кодта æгас буа- рыл, цуттытæгæнгæ ма бахæццæ иу бæрзонд цырты цурмæ æмæ уым гранит дурыл йæхи æруагъта. Куыддæр сыстад æмæ та йæ фæндагмæ акаст, афтæ хъусы дзурын: «Æрлæу- ма ам иучысыл æмæ мæм байхъус, дæуæн лидзгæйæ нæу. Ды зылынджын дæ дæ намысы раз æмæ хъуамæ дæхи сраст кæнай, науæд мæнæн дæр ам лæууæн нал ис æмæ ма уæд ивгъуыд дуджы хабæрттæ чи дзурдзæнис нæ фидæны фæл- тæртæн. Дæ кусæн хатæны скъаппы фæстæ тыхтæй цы ты- рыса лæууы, уый дæм не ’мбæлы. Дæхи зæрдæ де ’вдисæн, - нæ дæм æмбæлы. Ацы тырыса рухс царды фидиуæг уыди, адæймаджы зæрдæйы тæгтæ æмæ хуры тынтæй уæфт. Тохы фæдисонтæ æмæ фæллойы хъæбатырты нæмттæ фыст сты йæ уйелæ. Уыдон рухс нысæнттæ йæ уæлæ цæхæртæ калынц фæндагамонæг стъалыйау. Уыцы амонды стъалы, хурау, 20
куы нырттывта, уæд сыстадысты тымыгъы уылæнтæ æмæ амонд тырысайыл сыгъзæрин дамгъæтæй ныффыста «уæ- лахиз». Ныртæккæ йæ куынæ рахæссай æмæ йæ куынæ рат- тай, кæмæй йæ райстай, уымæ, уæд мæ бындур нынкъуыс- дзæн æмæ фæзгьæргай фæхаудзынæн фæйнæрдæм. Ратт æй фæстæмæ æмæ зæгъ: «Ацы тырыса мæнмæ нæма æмбæлы, рæдыдæй лæвæрд мын æрцыд, бавдыстон мæнг зонæытæ æмæ фæсайдтон сымах дæр æмæ мæхи дæр». Сыгъдæг зæрдæйæ рæдыдыл басæттын дæр сгуыхтдзинадыл нымад у, уый дæ зæрдыл бадар. Хатыр дын уыдзæн дæ рæдыд. Цæугæ æмæ сæххæст кæн мæ фæдзæхст. Уымæй уæлдай мæ мауал смæсты кæн. Мæ кард дæм не сласдзынæн, хотых райсыныл сомыгонд дæн, уымæн æмæ адæймаг царды ми- нæвар у æмæ ацы тырысайыл дæр хъуамæ тæмæнтæ калой хуры зæлдаг тынтæ, рог уддзæф æй фæйлауа йæ фæлмæн базыртæй æмæ рæвдауа адæймаджы æвæджиаг æнкъа- рæнтæ. Нæ зынгхуысг фæдисонтæ куы растиккой, уæд дæр сæ иууыл стырдæр бæллиц уаид адæймаджы амарын нæ, фæлæ царды тырыса ноджы бæрзонддæр сисын. Цæугæ æмæ дæ ныв рафтау уыцы кады фæйнæгæй, цалынмæ дын дæ намысы чъизи, дæ фæйнæфарсæй чи кæсы уыдон нæ федтой, уæдмæ. Уыцы тырысайæн бирæ хæттыты уыди æр- хауынæй тас, фæлæ йæ зæхмæ не ’руагътой, йæ бон лæджы ном хæссын кæмæн уыди, уыцы дзыллæтæ. Систой йæ нод- жы бæрзонддæр æмæ йæ ныффæдзæхстой сæ кæстæртæн. Ды дæр уыцы кæстæртæй бæргæ дæ, фæлæ дæ ферох тыры- сайы кад, афтæмæй фæлгæсыс кады фæйнæгæй дæр. Цæу- гæ, цæугæ дын зæгъын, - цырт зæхмæ æрхызт, йе ’ндон къæхтæ исы радыгай, йæ цæстытæй кæлы масты цæхæр- тæ. - Цæугæ мæ разæй, науæд дын сисдзынæн дæ сæры магьз, дæ зæрдæ, цæмæй ма, быдыргъау, баззайа æрмæст дæ буар æмæ мауал дæр хъуыды кæнынæн уай, мауал дæр æнкъарынæн æмæ-иу уæд дæ ном адæймаг хуыйнæд». Цырт цæуы Зауырбеджы фæстæ æлхынцъ æрфыгæй. Лæг цалдæр хатты андзыг йæ мидбынаты æмæ йæ стыр æн- дон цырыхъ фæцæйцъист кодта йæ быны. «Цæугæ, цæугæ, рафтау дæ ныв кады фæйнæгæй, æндæра дын æй мæхæдæг раппардзынæн æмæ дæ худинаг цæуæнты дæр нал бацæу- дзæн. Зауырбег цæуы, тындзы, йæ къæхтыл цыма къуыдыртæ баст уыд, уыйау сæ ласы йæ фæстæ, цæуы бæгъæмвадæй къæйтæ æмæ дуртыл. Йæ къæхты туг кæлы, ныннæрыд арв, райдыдта уарын къæртайæкалæгау. Цæуы Зауырбег, фæс- 21
тæмæ фæкæсын нæ уæнды, фæлæ æнкъары, бронзæйæ- арæзт егъау цырты маст, фурдау, кæй ивылы уый. Дзургæ йæм нал кæны, фæлæ йæ фæстæ цæуы гуырæй-гуырмæ. Лæджы буарыл хид лæсæнтæ кæны, къæвда уары æмæ уа- ры. Зауырбег бахæццæ паркмæ. Змæлæг дзы нæ зыны. Суд- зынц электроны рухсытæ. Хуызистытæ кæсынц кады фæй- нæгæй. Лæг тындзы, фæлæ йын не ’нтысы размæ. Æрæ- джиау бахæццæ донластæй, фæлладæй. Йæ буар рызт, тæф- сæгæй рынчынау. Йæ рахиз къухыл схæцыд, хъуамæ хуы- зист рафтауа, фæлæ йæм не сæххæст. Аивæй акаст фæстæ- мæ, йæ алфæмблай. Нал дæр цырт, налдæр æртхъирæн ны- хас. Уæд æрбамбырд кодта йæ тыхтæ, йæ цæст схæцыд чы- сыл фалдæр асиныл. Авæрдта йæ кады фæйнæгмæ быцæу. Фæлвары асины къæхтыл хæрдмæ хизыныл, фæлæ йын не ’нтысы. Уалынмæ йын йæ цонг, аркъауау, æрбалхъывтой кæйдæр фидар æнгуылдзтæ. Фæкаст æмæ йæ къæхтæ йæ быны бадзойдзой кодтой, милиционы формæйæ хъахъхъæ- нæджы тызмæг цæстытæм кæсгæйæ. Зауырбег, гуым-гуымгæнгæ, базмæлыд, архайдта фæдис ныхъхъæр кæныныл, фæлæ йæ хурхыуадындзтæ уыдысты æхгæд. Архайдта^ лидзыныл, фæлæ йæ къæхтæ нал касты- сты йæ коммæ. Йæ цардæмбал ын айста йæ хъæццул æмæ йын хæцыд йæ цонджы хъулыл, тыххæй йæ урæдта, аф- тæмæй тарстгъуызæй, лæгъстæгæнæгау, дзырдта: «Цы кæ- ныс, райхъал-ма у, дæ цæстытæ ма байгом кæн, исчи дæ æргæвдгæ кæны, цавæр утæхсæн у. Дæхимæ ма æркæс - донласты хуызæн». Зауырбеджы цæстытæ æрæджиау цадæггæй байгом сты, электроны рухс сæ цыма бандзыг кодта, уыйау уыдысты авгын гагуыты хуызæн, стæй сыл уæлтъыфылтæ æрхаудтой æмæ лæг, кæуæгау, ныууынæргьыдта. Йæ бон нæ бацис иунæг ныхас зæгъын дæр. Æрмæст йæ мидзæрдæйы сфæл- хатт кодта: «Мæ намыс, мæ намыс».
ХЪУЫДЫТÆ-УИДÆГТÆ Радзырд Бон дзир-дзур кæнын райдыдта, афтæ Калман æнæ- къæрццæй бакодга дуар, рахызт къæлидормæ, йæ цæст аха- ста арвыл. Рагьæнæй райста йæ цæвæг, йæ роныл бабаста, дысон кæй барæвдз кодта, уыцы дауæн æд агъуд, систа дзæбуг æмæ хъæсдарæг æмæ æрхызти кæртмæ. Калман афтæ раджы уымæн сыстад, æмæ йæ нæ фæндыд хосгæрдæны фыццаг бон искæуыл амбæлын æмæ уайтагъд фæраст йæ фæндагыл. Ахызт хъæуæй, фæхæрд кодта къуылдымыл. Уайтагъд æртæхæй бауымæл сты зæнгæйттæ, æрчъитæ. Йæ фыд ын сæ барæхсадта. Тынг хæрзвадат сты. Сæ бынтæ рæхсæнæй каубыд, цыфæнды къулы дæр дын ма фæбырой. Калман-иу уæдмæ хос бæгьæмвадæй карста, фæ- лæ ацы аз байхъуыста йæ фыды уынаффæмæ: Скæн-ма, скæн, лæппу, мæнæ уыдон, кæддæра ма сæ раласис. Фæса- лимæ замманайы фæлмæн сты, къах сæ нæ фæрисдзæн. Цæуынæн - æнцон. Лæппу йæ къæхтæ иста рог æмæ цырд. Сæумæрайсомы сатæг уæлдæф ын цыма йæ уæзы æмбис айста, уыйау лæгыл нал уæз кодтой йæ уæнгтæ. Цъитийы сæрмæ цы гæзæмæ мигъы фæзгъæртæ фæзынд, уыдоныл сныдзæвдысты хуры тынтæ æмæ æрттывтой сырхæй. Арв æнæхъæнæй цъæх-цъæхидæй, къусау, æрынцад рæгътыл. Уыцы афон адæймаджы цæст дарддæр æмæ хуыздæр уыны, уый ноджы тынгдæр бауырныдта Калманы. Йæ бакомкоммæ, фахсыл спырх сты сычъитæ. Цалдæр хатты сæ райдыдта нымайын, фæлæ уæддæр нæ базыдта, цал уыды- сты, уый. Чи не змæлыд, уый йæм сычъийы хуызæн нæ каст æмæ-иу æй нæ банымадта, фæлæ-иу куы фезмæлыд, уæд та- иу нымад фехæлд. Фæстагмæ сæ ныууагъта æнæнымадæй. Цæуы лæппу гакъон-макъон къахва ндагыл. Куы адагмæ бахизы, куы та къуылдымы сæрмæ сх^æццæ вæййы. Афтæ- мæй уæлæмæ-уæлæмæ цыд хосдзау. Йæ уыгæрдæн бæрæг уыд, кæрдын кæцæй райдайдзæн, уый дæр, цалдæр боны размæ йæ банысан кодта æмæ ныр йæ ных сарæзта уырдæм. Хъуамæ йæ фæлтæр рахæсса уæлейæ дæлæмæ. Уæд кусын æнцондæр у. Афтæ кодтой йæ фыд æмæ, хъæубæсты æцæг 23
, хосдзауыл нымад чи уыд, уыдон иууылдæр. Уымæн æмæ уæлейæ дæлæмæ кæрдгæйæ, адæймаджы хæрдмæ цæуын къаддæр хъæуы æмæ йын фылдæр æнтысы. Цæуы Калман уæлæмæ-уæлæмæ. Хæххон цæугæдон ма йæм зындис, далæ комы нарæджы, урс къæдзтæ æндахы хуызæн. Йæ хъæу дæр бирæ фæкъаддæр. Нывгæнджытæ уый тыххæй тынг раст фыссынц, зæгъгæ, хæххон хъæуы хæ- дзæрттæ, ахстæттау, баныхæстысты къуылдымы фахсыл. Бæрзондæй ракæсгæйæ, афтæ зынди Калманы хъæу дæр. Уыйхыгъд æм дардыл æмæ хуыздæр разындысты сæрвæттæ æмæ къуылдымтæ, бæрзонд уыгæрдæнтæ æмæ зад фæтæн- тæ, сыхаг хъæутæ. Алы хъæды къох, алы къуылдым, алы адагмæ кæсынæй йæ зæрдæйы æвзæрди цахæмдæр сæры- стырдзинад æмæ-иу хаттæй-хатт уæлдæф сулæфыд ноджы зæрдиагдæрæй. Афтæ йæм каст, цыма, дзæбидыры фæлгæ- сæн рындзæй кæсгæйæ, арвы горизонты бын цæст цæуыл- дæриддæр хæцы, уыцы æрдзы нывтæ æмæ хæзнатæ иууыл- дæр сты йæхи, ничи сæм ницы бар дары. Уыдонмæ ма бафтыд ноджыдæр иу хæзна, хъысмæт ын кæй балæвар кодта, уыцы хæзна. Нырма æрæджы сарæзта чындзæхсæв æмæ фæтыхджындæр сты йæ базыртæ, фæфылдæр сты йæ бæллицтæ, йæ сагьæстæ, йæ хъару æмæ йæ мæнæ ацы къуылдымыл дæр уый скъæфы хæрдмæ. Æвæцæгæн, ног царды бындур амайгæйæ, адæймаг фæл- лайын нæ зоны. Йæ туг фесты хæххон æхсæрдзæн, йæ тых æвидигæ, хæххон урсбæрц донау, æмæ йын ныфсы хос та вæййынц мæнæ уыцы фæтæнриу хæхтæ. Калман фæллайгæ нæ бакодта, цæуид æмæ цæуид, авд хохы сæрты дæр ахизид, фæлæ йе уæнгтæ батæвд сты, йæ хиды æртæхтæ æртылдысты фæсонтыл, уадултыл. Хатт æрбаулæфы сæумæрайсомы сатæг уддзæф, æмæ йæм Кал- ман бадары йæ цæсгом, стыр æхцондзинад æнкъарæгау. Ахæм рæстæджы йæ иу къах авæры саппы сæр, йе ’ргом аз- дахы дæлæмæ, кæмтты ’рдæм, æмæ бæрзондæй ныллæгмæ афæлгæсы. Уый иууылдæр, цæст кæуылты æххæссы, уыдон иууылдæр йæхи сты, йæ райгуырæн бæстæ, йæ райгуырæн хъæу, йæ райгуырæн уæзæг. Цымæ цахæм тæгтæй баст сты адæймаджы зæрдæимæ, дзурын куынæ зонынц, уæд? Нæ, нæ, уыдон дзурын дæр зонынц æмæ хъуыды кæнын^дæр, æнкъараг сты æмæ уыЦы миниуджытæ балæвар кæнынц адæймагæн йæ райгуырдæй фæстæмæ. Уыдон зонынц цин кæнЬш, маст æмæ цæссыг згъалын. Уыдон цæрдхъом сты адæймаджы уд æмæ зæрдæимæ. 24
Калманы цæстытæ, йе ’нкъарæнтæ æфсис нæ зыдтой райгуырæн уæзæгмæ кæсынæй. Цымæ райгуырæн бæс- тæйыл йæ къух чи сисы, дардмæ дзы чи фæлидзы, кæнæ йæ лæггад бæсты кæмæн нæ фæцæуы, уыдон цахæм адæм вæй- йынц? Нæ, уыдонæн зæрдæтæ нæ вæййы, вæййынц æрмæс- тдæр, роботтау, æнкъарæнтæ кæмæн нæй, ахæм æнæуд, æнæзæрдæтæ. Райгуырæн бæстæйыл фæлгæсгæйæ, Калма- ны цæстытæ нæ зыдтой æфсис. Уыцы уарзт ын ноджы фæ- дывæр, фертывæр. Хæрз æрæджы йæ уæзæгмæ фарны къах æрхаста, мæнæ йын ацы æрдзы нывтæ ноджы чи фæрæ- сугъддæр кодта, уæзæджы уарзондзинад чи фæтыхджын- дæр кодта, уыцы сылгоймаг. Калман ын йæ мид-зæрдæйы загъта йæ ном æмæ фефсæрмы, фестъæлфыд, цахæмдæр æхцондзинады малы бахауæгау, йæ цæсгом фæрухс æмæ йæ цыд фæтагъддæр кодта, цыма уымæй рæстæгыл дæр размæ ахæцыд, уыйау. Хосдзау схæццæ уыгæрдæны сæрмæ. Уым цъæнутыл æр- бадт æмæ йæ фæллад суагъта. Уый фæстæ йæ цæвæг тынг сцыргъ кодта æмæ йæм цыма Тутырдзан искуыцæй каст, уыйау кæронмæ бахæццæ кодта фæлтæры фыццаг бæзджын уис. Цæуын райдыдтой иннæ хосдзæуттæ дæр. Уыгæрдæнтæй айхъуыст хъæсдарæджы къæрцц-къæрцц. Калман сæ хъæуы хуыздæр хосдзæуттæй иу у. Карста йæ фыдимæ, хъæубæстимæ, фæлæ йæм уæддæр афтæ каст, цы- ма абон фыццаг хатт рацыд уыгæрдæнмæ, цыма нырæй фæстæмæ йæ куысты нысан æндæр у. Адæймаг хицæн онгыл йæхи куы банымайа, æндæр хатæнæй фæздæг куы суадза, уæд ын иуæй æхсызгон вæй- йы, иннæмæй та дзы цыма тæрсгæ дæр фæкæны. Æхсызгон ын уымæн вæййы, æмæ цахæмдæр æрыгон романтикон бæллицтæн фæвæййы сæхи аивазыны фадат, фæзынынц ног фæндтæ, ног хъуыдытæ. Тæрсгæ та уымæн фæкæны, æмæ хицæн арты фæздæджы къуыбылæйттæ нырма афтæ ныфсджынæй сæхи нæ фæивазынц хæрдмæ, се ’хсæн фæзы- нынц царды æххæлтæ, хæрдтæ æмæ уырдгуытæ, гакъон-ма- къон фæндæгтæ æмæ сæ уындæй гæзæмæ бакæрзы æвæл- тæрд адæймаджы зæрдæ. Нырмæ Калманы ницы мæт уыди бакусын æмæ рæстæг арвитынæй дарддæр, зылди куывдтæ, чындзæхсæвтыл, бæ- рæгбонтæ уыдысты йæ бæллиц, цард тыхджын æмæ фæл- тæрд базыры бын, ныййарджытæ уыдысты царды фæндтæ 25
нывæндæг, уый та - цумагæнæн. Никуы йæ батыхсын кодта хæдзары уынаффæ, уазæгæн лæггад. Хæдзармæ къуы- ригæйтты куынæ ’рцыдаид, уæддæр цæттæ уыдысты йæ дарæс, йæ хæринаг. Ныййарæг, æвæццæгæн, никуы баф- сæддзæн хъæбулæн лæггад кæнынæй, куы йын базæронд вæййы, уæддæр æм сывæллоны цæстæй фæкæсы. Калман йæ арт кæй ахицæн кодта, уый æнцон нæ уыди мадæн. Чы- сыл æм цыма зулцæстæй дæр ракаст, уый æмбæрста Кал- ман, фæлæ ахæм хъуыды никуы сæргом кодта. Æнæуи арæх бадт йæ ныййарджытимæ, фæлæ йæхæдæг дæр хатыд, чы- сылæй фæстæмæ кæм схъомыл, йæ сабийы бонтæ кæм ар- выста, уыцы къултæ æмæ йæм дзаумæттæ чысыл æцæгæлон кæй фæкастысты, уый. Уыцы буцгæнæг хæрзиуджытæ ныр та фесты йæ кæсдæр æфсымæры æмæ сын уый фысымиуæг кæны. Калман та уазæг у, кæм схъомыл, мад æмæ фыды рæвдыдæй буц æмæ сæрыстыр кæм уыд, уыцы хæдзары. «/Евæццæгæн цард афтæ у» - загъта йæхицæн Калман æмæ ферхæндæг, афтæмæй æрбадт хъæсдарæджы фæй- нæгыл. Ныййарæг мад у,,иунæг рафæлдисæг уæздан, æвæджиаг, сыгъдæг уды æнкъарæнтæй йæ зæрдæ кæмæн сбыдта, уыцы зæххон хуыцау æмæ йæм нæй тызмæгæй дзурæн, нæй йæм зулцæстæй бакæсæн, уымæн æмæ мад иууыл æдыхдæр у хьæбулы раз, нæ уромы хъæбулы маст, фæлтау йæ уд адза- лæн балæвар кæндзæн. Дæлæ сæ хæдзары сæрмæ здухгæ сыстад дыууæ ранæй фæздæг. Уый мадæн дæр æхсызгон у, æгайтма сæ хæдзар- вæндагыл кувæджы куывд цæуы, уæ мыггаг даргь æмæ уæ- рæх уæд, зæгьгæ, фæлæ йын йæ зæрдæ æндæр сагъæс æх- сыны. Йæ армæйдзаг, йæ цæхджын хойрагæй нырма никуы бахатыд хъæбулмæ, кæд æй хъæуа, уæд бахæрдзæн æмæ æнцад-æнцой уыд йæ зæрдæ. Фæлæ йæ ныр та æнæмæнг хъæуы балæгъзтæ кæнын дæр: Рацу, мæ хъæбул, æмæ мын фенут мæ хæбпзджынтæ. Афтæмæй уæд та йæ ныхасæй ни- цы рауад, уæд та йæ бæллиц не сæххæст, уæд ма куыд ба- хæцдзæн йæ фарсыл уыцы хæринаг, куыд ма цæрдзæн ахæм зæрдæимæ. Цард адæмы ’хсæн ахастытæй вазыгджын у. Калманы дæр бирæ лыстæг хъуыддæгтæ фæрсудзын кæй хъæудзæн, уый зыдта, хъуыста, фæлæ сæ æнкъаргæ нæма кодта. Ныр- ма йæ цардæмбал кæртытæ æмæ уынгтæ афснайынмæ цы рацыд, уый йеддæмæ хæдзарæй æддæмæ нæма акаст. Хъæу- 26
бæстæй нырма лæгæй-лæгмæ никæимæ базонгæ. Фæлæ иу- гæр бонтæ куы рацæуа, куы ’рбынæттон уа, кусынмæ, фæл- лой кæнынмæ куы бавнала, хæдзар скæнон æмæ мæхи, мæ сабиты сомбон саразон, куы зæгъа, уæд уый дæр фæцайдагъ уыдзæн царды сæрыл тох кæнын, мæнæ Калман цы уыгæр- дæн дасы, уый йæ ссивинаг у. Бонæй-бонмæ стырдæр кæн- дзысты йæ аудинæгтæ æмæ уый дæр уыдзæн ацы рагон уæ- зæджы астæуккаг цæджындз, цард дарддæргæнæг, йæ ног хæдзары бонæй-бонмæ фидар кæндзæн уæзæджы фарн æмæ йæм иугæр мады номæй чи сдзура, ахæмтæ куы фæзы- ной, уæд та Калманимæ уыдзысты æххæст барджын ныййарджытæ æмæ сын уыдзæн, мæнæ ныр Калманы ма- дæн цы бартæ ис, ахæм бартæ, уыдзысты, йæ ныййарджытæ сæ царды бонтæ кæм арвыстой, ахæм бынæтты фæрныг фысым. Фæлæ нырма сæ хæринаджы дæр ад нæй, курæгга- джы хуызæн у, æбæркад. Калман зилы йæ цæвæгмæ, кæрды, иу къуылдымæй иннæмæ хæссы фæтæн уистæ, тыхсы бирæ йын куынæ бан- тыса, хъæубæстæ йын йæ бонгуыстæй куынæ раппæлой, Ту- тырдзаны армæйдзаг зæрдæхудтæй куы бахæра, уымæй. Ног хæдзаргæнæгæй, дам, алчи дардмæ лидзы, уымæн æмæ зын у æппæт амал кæнын, хæдзары та алцыдæр хъæ- уы, алцыдæр дзы ахсджиаг у. Калманы дæр бирæ цыдæртæ хъæуы, цæмæй йæ уæзæг, йæ цард æрбæстон уа, уый тых- хæй, фæлæ сыл йæ цæст нæма ахаста, иуыл зынаргьдæр æмæ йæм æвæджиагдæр кæсы Тутырдзаны уарзондзинад æвдæ йын уый йе ’ппæт ныфсытæм лæууы быцæу. Цы чысыл папитæ йæм ис, уыдонæн уал æрцæттæ кæндзæн холлаг, стæй та бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. Йæ цæвæг дар- дыл айсы æмæ йæ зад кæрдæджы уисты уынд фæллайын нæ уадзы. Ацы уыгæрдæн иу æмæ дыууæ хатты нæ ныккарста, фæлæ йæм ацы аз кæсы ноджы хиондæр, заддæр, лæгъз- бындæр, æнцон кусæн. Кæд йæ кæрдæг иууылдæр сыста æмæ бынатмæ фæхæццæ уа, уæд æй уымæй фылдæр нæ бахъæудзæн азымæджы. Чизоны йæм Тутырдзан дæр афон- мæ искуыцæй кæсы æмæ цин дæр кæны æмæ маст дæр. Йæ ныхæстæ йын фæлхатт кæны Калман: «Уæд та иу чысыл дæ фæллад куы суадзис, цавæр карст у райсомæй аходæна- фонмæ æнæрулæфгæйæ, райсом ма та цы хъуамæ бакусай». Нырма Калман нæ бафсæст Тутырдзаны арæзт хæрина- гæй, нырма йæ цардæмбалы армæйдзаг нæ аййæфта ный- 27
йарæджы армæйдзаджы, фæлæ мæнæ йæхæдæг йæ къæ- бицы фæллой куы бафснайа, йе скъæтæй кæй рауадза, уы- цы нард кусæрттаг куы раргæвда æмæ ног бынæтты фарнæн куы скува, уæд æнæмæнг нанайы дæр фæхондзысты, цæ- мæй сахода йæ чындзы хæринагæй æмæ дзы раппæла: «Мæ чындзы хуызæн чындз ацы комбæстæм нæма ’рцыд». Диссаджы чындзæхсæв ын скодта. Адæм æй æмбисон- дæн фæхастой. Хъæбулы тыххæй та^ныййарæг кæд фæхæ- цыд фæстæмæ йæ хæрзиуджытыл. Йæхæдæг уыдис дзуап- пдæттæг æрхонгæ адæмæн. Йæ цæрæнбонты кафыны охыл йæ къах никуы айста, фæлæ уыцы бон æмбисонд фæци, адæм æндæр дзырд нал кодтой, кæд, дам, сахуыр кодта ка- фын. Йæхицæн дæр ын бæргæ ахæм кад куы скодтаиккой, фæлæ кæм, хæдзары цыппæркъахыл цæуæгæй гæдыйы еддæмæ ницы ’рыййæфта. Суанг судзины онг иууылдæр йæ- хи амал кæнинаг фесты æмæ уæдмæ йе ’взонджы бонтæ дæр фесты. Чындзæхсæв цæмæй скодтаиккой, уый дæр сæм нæ уыд æмæ йæ чындзыцыд хъуысгæ дæр нæ ракодта. Фæлæ уыйхыгъд цы фæллæйттæ фæкодта, уыдонæй алцыдæр ад- джын у йæ удæн. Афтæ дзы никæмæй зæгъдзæн мæнæ ууыл мæ тых нæ бахардз, кæнæ мæм кæмæйдæр æрбафтыд. Æм- бисондтæ раджы æрымы-сыдысты, цард сæ йæ сыхырнайы бирæ хæттыты баууæрста: Æвзæрæн, дам, бын ма ныууадз, хорзæн бын ма скæн. Адæймагæн йæ хид цы фæллæйттыл рацæуа, уыдон йæ зæрдæмæ æввахсдæр сты. Тутырдзан дæр кæд цæргæ хæдзæрттæ æмæ цæттæ фæл- лæйттæм не^рцыд, уæддæр уал æм ис, цæмæй нæ фæтыхса, уый бæрц. Йæ чындзæхсæвы кой дардыл айхъуыст æмæ уый дæр æгады хос нæу. Калманимæ куы базонгæ, уæдæй фæстæмæ сæм нырма ахæм ныхас никуы æрхауд. Чизоны фæстæдæр искуы йæ сæр сдара, бахъæуа сæ цæргæ хæдзар саразыны фæндтæ кæнын, фæлæ уал нырма райгонд сты æрмæст сæ кæрæдзийы уарзондзинадæй. Сылгоймагыл ныддаргъи бон. Иæ чындзæхсæвæй фæ- стæмæ Калман фыццаг хатт ацыд ахæм дæргъвæтин балцы, бон изæр’мæ кæм бафæстиат уа, ахæм куыстмæ. Хур цыма арвы астæу сæдзгæ ныккодта, уыйау ын нал æмæ нал æнты- сти размæ. Тутырдзаны цæстытæ йæм ныйирд сты. Йе ’фси- нимæ абады, фæлæ та, йæ митæн бафæстиатæй тæрсæгау, фесты, атындзы йæхи хатæнмæ. Цыма йæ куыстытæ, йæ зылдтытæ йæ сæрæй уæлдæр уыдысты, уыйау тыхст йæхи- мидæг. Нырма йæ царды фæндтæ, йæ хъуыдытæ, йæ бæл- 28
лицты дуар нæ байгом, æрмæст бонтæ æрвыста уарзондзи- нады æвæджиаг æнкъарæнты цинæй. Сывæллон ын кæй уыдзæн, уымæй сбуц Калман дæр, афтæ йæм фæкаст, цыма, ныр бирæ феввахсдæр йæ лæджы кармæ æмæ дзы цард дæр фылдæр домдзæн. Бон нал изæр кодта Калманыл дæр. Æмбисбон хур афтæ æрæндæвта, æмæ бæстæ уыд ныггуыппæввонг. Хаттæй-хатт хъарм уæлдæфы уылæн бакæлы йæ цæсгомыл, ног карст кæрдæджы тæфимæ æмæ, уæд йæ хиды æртæхтæ фæфыл- дæр вæййынц. Цъырцъырджытæ дæр, зиууæттау, цыма Калманæн æххуыс кодтой, уыйау нал æнцадысты сæ иугъæ- дон фæдисы хъæрæй. Цæвæгыл кæрдæджы сой райдыдта чъиу кæнын. Лæппу та скаст фæлтæры сæрмæ æмæ банысан кодта, цал уисы ма йæ бахæссын хъæуы, уый. Кæцæйдæр æм æрбайхъуыст зарын æмæ йæ зæрдæ бахъæлдзæг. Базыд- та Садулы. Уый æнæуи дæр хъæлдзæгзæрдæ лæппу у. Кал- манæн уыцы зарæг йæ тыхтæ фæфылдæр кодта, уайтагъд- иу бахæццæ йæ уисы кæронмæ. Арæх йæ цæст рахæссы кар- стыл, абары йæ иннæ хосдзæутты куыстыл æмæ та сæры- стырæй араст вæййы фæлтæры сæрмæ. Уалынмæ фæзындысты халаууæттæ. Уæлдæф гæзæмæ фæсатæг. Хур акъул ныгуылæны ’рдæм. Ныр цыма йæ цыд фæтагъддæр кодта, афтæ каст хосдзаумæ æмæ ма мын нод- жы фылдæр бантыса, зæгъгæ, йæ зæрды’нал уыд аулæфын. Цалдæр хосдзауы æрсагъдтой сæ цæвджытæ. Калман уæд- дæр нæ тагъд кодта цæуыныл, карста, цæмæн дзы исчи зæ- гъа, йæ ног усмæ фæтындзы, зæгьгæ. Æниу дзы куы зæгъа, уæд цы, бæгуыдæр æй фæнды ныртæккæ, йæ фарсмæ куы фестид, уый. Ацы хъуыдымæ фефсæрмы æмæ йын кæд нæ куымдта, уæддæр æй йæхицæй сырдта. Уыгæрдæнæй дæр æй фæндыд раздæр рацæуын, фæлæ уый та йæ цæсгом кæм бахъæцыдаид, æфсарм æмæ йæм æгъдау уæлдæр кæсынц йæ уды бæллицтæй. Куыддæр хур ныгуылæн рагъмæ фæцæйхæццæ кодта, æцæг уагуадзын афон æрхæццæ, афтæ Калман дæр уисы бын батъыста йæ цæвæг, йæ дарæс бадзæбæхтæ кодта æмæ йæхи рауагъта уырдыджы. Калман хъæумæ куыд æввахсдæр кодта, афтæ цадæггай тадысты йæ мид-зæрдæйы сагъæстæ, абондæргъы йæ уы- гæрдæны цы бæллицтæ тыхсын кодтой, уыдон. Цахæмдæр цины æнкъарæн, рухсы тынау, бахызт йæ зæрдæмæ æмæ хъазыд йæ цæсгомыл дæр. Цалдæр хатты ратыдта хоры æфсиртæ æмæ сæ аууæрста йæ армы дзыхъхъы. Йæ зæрдæ 29
сæ бахъæлдзæг. Хойраг иннæты хуызæн нæу. Уый æрзади, зæгъгæ, уæд адæймаг ницæуыл фæтыхсдзæн йæ царды. Калман дæндæгты ’хсæн æрсаста ног тыллæджы нæмгуытæ æмæ цыма чысыл йæ фæллад æрбайсæфт, уыйау фæфи- дардæр сты йæ уæрджытæ, йæ къахы айст. Хъæумæ ’ввахс йæ цыд фæсабырдæр. Бахæццæ кæртмæ. Схызт асинтыл, абæрæг кодта йæ мады, стæй фездæхт æмæ бахызт иннæ хатæнмæ. Бон изæрмæ уыгæрдæны, хæдзармæ цæугæйæ, йæ сæры, йæ зæрдæйы цы бирæ дзуринæгтæ фембырд, йæхи кæмæй рæвдыдта, уыдонæй иунæг дæр нал баззад йæ сæры. Тутырдзан бадт æмæ Калман куы бахызт, уæд цахæмдæр хиуылхæцгæ, къæмдзæстыггъуызæй йæхиуыл^схæцыд, нæ йæ фæндыд йæ хосдзауы фæлладæй фенын. Йе ’ппæт æн- къарæнтæ дæр амбырд сты дæргъæлвæст мыдгъуыз цæсты- тæм, цæсгомыл ахъазыд æхцондзинады уылæн, æнхъæлмæ каст Калманы фыццаг дзырдмæ, йе ’нкъарæнты знæт фез- мæлдмæ, стæй йæ былтæ базмæлыдысты: «Бафæлладтæ, æвæццæгæн?» - æмæ батыхст хосдзауы фæллад истæмæй фæсурыныл. - Нæ, ницы бафæлладтæн, фæлæ ды абондæргъы иунæ- гæй куыд æрвыстай дæ рæстæг? - Æз дæр-иу дæм скастæн, тынг бирæ ныккарстай, фыццаг бон афтæ бирæ кусын не ’мбæлы. Æз дын хæринаг æрывæрон, дæ къухтæ уал ныхс, - загъта Тутырдзан æмæ цыма зæххыл дæр нæ цыд, уыйа^атындзыдта. Калман лæууыди сагъдау. Йæ цæст ахаста æфснайд къуымты æмæ йæ абоны куыстимæ цахæмдæр тых фелвæ- ста, атыхта йæ йæ хъæбысы, хъæрæй йæ цыдæр зæгъын фæндыд, фæлæ йæ бон нæ бацис, æрмæст йæ цæстытæ фæ- цъынд сты æмæ дæлгоммæ ныххауд диваныл. Царды фæлварæн... Æнæмæнгдæр фæлварæн! Уый у ног бинонты цардаразæг, ног царды фæндтæ нывæндæг. Цард та вазыгджын у, кæдæй нырмæ йæ иртасынц дунейы иууыл зондджындæр адæймæгтæ, фæлæ йын бындурон уагæвæрд нырма никуы ничи æрымысыд, ничи йæ ныффыста æмæ йын, æвæццæгæн, ныффыссæн дæр нæй. Калманы уæгъд нал уагъта йæ бынаты фарн, фыды- уæзæджы фарн, æмæ сывæллонæй лæджы кармæ ныййар- джыты хæдзары цы бирæ аудинæгтæ, цинтæ æмæ хъыгтæ бадардта йæ зæрдыл, уыдон цадæггай уадысты йæ цæсты- тыл. Калман сбадт Тутырдзаны фарсмæ æмæ йын адджы- нæн бахордта йæ хæринагæй.
АХОДÆН Радзырд Æрдзы сабырдзинадæн цæугæдон цыма а-ло-лайы зарæг зарыд, уыйау уыцыиугъæдон хъуыст йæ сыбар-сыбур, фæлæ йæ ацы хатт нæ ахстой Саукуыдзы хъустæ. Бæстæ йæм каст бынтон æгуыппæг. Æгæрстæмæй сæ цуанон дæр никуы бай- гом кодта йæ дзых, нæ фезмæлыд йæ хуыссæнæй. Саукуыдз цалдæр хатты райхъал, фæлæ та-иу йæ цæсты- тæ андæгъдысты æрттивгæ стъалытыл æмæ та-иу сæ фæс- тæмæ æрæхгæдта. Иузаманы йын кæд æхгæнын нал æр- куымдтой, уæддæр хуыссыд уæлгоммæ æмæ рудзыигæй каст арвы къусмæ. Стъалыты цæхæр афтæ тынг куы зына, уæд уый зон æмæ нырма, æгæрстæмæй, уасджытæ дæр сры- нæй кæй сты. Саукуыдз иугæр бонмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ куы сфæлмæцыд, уæд мысьтд сыстыны æфсæнттæ: «Чизоны нал бон кæны, уæд хъуамæ мæ хуыссæны хуысгæйæ баззай- он» - загъта йæхииымæрьт æмæ.уыцы хъуыды йæ зæрдæмæ фæцыд. Йе ’фсæддон службæйы рæстæг Ленинграды арвы- ста æмæ йын уым та урс æхсæвтæ хæлдтой йæ ахуыр, цалы- нмæ фæцайдагъ, уæдмæ. Адæймаг ма рæсугъддæр цы хъуа- мæ фена. Уыцы æхсæвтæ йæ бафтауынц цахæмдæр бæллпц- тыл, æрдзы æнахуыр фæзындтыл хъуыдыкæнгæйæ. Афтæ сыл фæцайдагъ æмæ йæм уый фæстæ Ирыстоны æхсæвтæ кастысты раздæрæй мæйдардæр, цалынмæ-иу дзæбæх æр- бабон, уæдмæ. Фæлæ ма уыцы тæлмæнтæн баззад сæ фæд хъуыдыйы, зæрдæ та дзырдта, кæд сбон уыдзæн, уыи- мæ, фæлæ уæддæр саудалынг æмгæрæтты нæ уагъта боны рухсы. Саукуыдз йæхи иал баурæдта æмæ рахызт хуыссæнæй, бадт æрттæдæлармæй, афтæмæй йæ цæстытæ хаста къуым- ты, фæлæ йын æппындæр ницæуыл схæцыдысты. Рухс бæр- гæ ссудзид, фæлæ уæд æнæмæнг бинонтæ райхъал уыдзы- сты. Лæг сыстад уæззаугай, йæ дарæс æрысгæрста уырзæй, йæ армы сæ æрбамбырд кодта æмæ ахызт къæсæрæй. Саучызг бафиппайдта, йæ цардæмбалæн æгæр раджы йæ хуыссæг кæй фæлыгъд, уый, фæлæ йæм ницы сдзырдта. Æрмæст къæсæрæй куы ахызт, уæд йæ мидбылты бахудт 31
æмæ та æрæхгæдта йæ цæстытæ, кæд уымæн дæр йæ хуыс- сæг фæлыгъд, уæддæр. Арвы кæрæттæ гæзæмæ фæрухс сты. Стъалытæ иугай ны- гуылын райдыдтой цъæх арвы риуыл. Сылгоймаг рудзын- гæмбæрзæныл фæйнæрдæм ахæцыд æмæ хатæны къуымтæ фæрухс сты. Бандонæй систа лæджы ивæн дзаумæттæ. Йæ- хи æлхæд ын сты. Кæдæй нырмæ йын лæгъстæ кæны, бал- хæн исты, адæймаг дзаумайæ у зæгъгæ. Саукуыдз дæр-иу ахæм ныхасæй фервæзыны тыххæй йæхимæ æркæстытæ кодта: «Мæнæн мæнæ адон дæр мæ фаг сты, сауджын хъи- сыны дæр сауджын у». Фæлæ сæ йæ уæлæ куы абарста, уæд сразы, йæ зæрдæ бахъæлдзæг. Скæны сæ æнцойбон æмæ ба- лцы цæугæйæ. Йæ мад æмæ йын йæ фыды фарсмæ кæй æр- цауыгъта, уыцы хуызист исгæйæ дæр ыл ацы дзаумæттæ уыдысты. Саучызг йæ фыды не ’рыййæфта, фæлæ мады хорз хъуыды кæны. Ныр дæр æм хуызистæй кастысты уыцы фæлмæн рæвдаугæ цæстытæ. «Мæ хъæбул» - æндæр ницы сдзырдтаид йæ чындзмæ. Ныр дæр та Саучызг æнхъæлмæ каст ацы дзырдмæ, фæлæ йæм нал æмæ нал хъуыст æмæ йæ уадултыл цæстысыгтæ куыд æртылдысты, уый нæ фæхатыд. Тынг ын рог кодта йæ къух. Нырма канд хæдзары зылдты- тæ нæ, фæлæ æддæ куыстмæ дæр хаста йæ ныфс. Сылгоймаг къухмæрзæн рауагъта фæлгæтыл, стæй дзы асур кодта йæ уадултæ æмæ азылд цахæмдæр æнкъард сагъæстимæ, фæлæ йæм хæдзары алы дзаума æмæ мигæнæнæй дæр кастысты Саукуыдзы цæстытæ æмæ йын уыдон йæ зæрдæмæ хастой царды ныфс. Саучызг рахызт кæртмæ. Арвыл мигъы къæм нæ уыд, æрмæст скæсæны ’рдыгæй сырхæй зындис сæуæхсид. Гæзæ- мæ уддзæф уадулты хъыдзыгæнæгау кодта. Дыргъдонæй хъуыст мæргъты цъыбар-цъыбур. Æрдз тæлфыд хуры тын- тæм æнхъæлмæгæсæгау. Сылгоймаг цалынмæ сæ хъуццытæ дыгъта, уæдмæ каркæй, гогызæй рацыдысты кæртмæ æмæ йын йæ алы къахдзæф, йæ алы фезмæлдæй дæр уыдысты хæринаг раттыны æнхъæл. Куы-иу æм дардæй ныццавтой сæ цæстытæ, куы та-иу, фæдис цæуæгау, йæ фæстæ атынд- зыдтой. Уæдмæ уыдонæн дæр сæхион сæхирдыгæй фæцис æмæ уæд æрбайрох кодтой сылгоймаджы, фæлæ уæддæр зылдысты кæрты къуымты сæ дзыхы исты акæнынæнхъæл. Саучызг кæрты иу къуымы амад шифертæм куы иуæр- дыгæй бакæсы, куы иннæрдыгæй. Дысон ын нæ фæцис сæ феныны фадат. Æгæр æрæгмæ сæ æрбаластой, фæлæ сын уайтагъд фесты амад. Ныр сæм исдуг дардæй фæкаст, стæй 32
сæм бацыд хæстæгдæр, йæ цæст сыл куы уæлейæ дæлæмæ æрхæссы, куы та сæ цæстæй дæлейæ уæлæмæ анымайы, фæ- лæ йын нæ бантыст сæ нымæц базонын, уайтагъд-иу йæ ны- мад фæхæццæ, стæй йæ къух ауыгъта, ома цы уой, уый уыд- * зысты æмæ сæ фарсмæ æрбадт сугсæттæн къуыдырыл. Сыл- гоймаг уæддæр кæсы шиферты амадмæ æмæ та нымайы. «Уæлдайдæр ма дзы баззайдзæн», - æрæджиау загъта йæ- хицæн æмæ скаст дыууæуæладзыг æрдæгарæзт бæстыхай- мæ. Нырма дзы не ’рбынат кодта уæзæджы фарн, йæ къуы- мты нæма азылд фæздæг æмæ цæхджын хойраджы тæф, бынатыхицау ын йæ царды амонд æмæ бæркады бæрн нæ- ма айста йæхимæ, нæма йыл зындысты царды бæрджытæ, æрмæст цыппар къулы фæцыдысты хæрдмæ æмæ кастысты сæрыстырæй. Хæдзары фасад - сырх агуиридурæй амад, иннæтæ - саман дурæй. Иæ уæлхæдзар ын нырма цалдæр боны размæ снывæзтой. Шифер ма хъуыд æмæ ныр уыдон дæр - рæсугъдамад кæрты къуымы, хæдзары сæрыл æрæ- вæрынæввонг. «Йæ хъæбулты хурæй бафсæдæт йæ фыдæ- бонгæнæджы чи хъуыды кæны». Уый сылгоймаг йæ мид- зæрдæйы загъта арфæтæ совхозы директорæн. Цæмæ фæн- ды йæм баулæфæд, нырма’ сын «нæ» никуы загъта. Бæсты- хайыл цыма рыджы мур дæр нæма абадт, уыйау цæхæртæ калдтой йæ дур, йæ чъыр, йæ цемент, сæ цъар хæрзæрæджы кæмæн астыгътой, уыцы къауитæ æмæ сæ уæлæ хуыд фæй- нæджытæ. Ныридæгæн бæстыхай æнæврæрсон каст кодта, Саучызг чындзы кæдæм æрцыд, уыцы хæдзармæ. Уагæры ма йыл рудзгуытæ æмæ дуæрттæ куы уаид, уæд, æвæццæ- гæн, бынтон ныббуц уаид йæхицæй. Æниу уыцы бон дæр дард нал у. Сылгоймаг кæд буц уыди ног бæстыхайы уын- дæй, уæддæр йæ цæсгомыл фæзындысты æрхæндæджы фæ- дтæ, цæсты хаутыл цыма сагъæс æруæз кодта, уыйау сæхи æруагътой, нуарджын, хурсыгъд æнгуылдзты ’хсæн æрба- тымбылтæ раздарæны кæрон, йæ хъуыдыты фæстæ адзæ- гъæл вæййынц цæстытæ дæр. Саучызг тынг бæллы, ацы ног агъуысты фæстаг зæгæл кæд ныкъкъуырдзысты, уыцы бонмæ, фæлæ цас æввахсдæр кæны, уыйбæрц зæронд хæдзар та æгъуыз æмæ ныллæгдæр, сылгоймаджы зæрдæ та - æрхæндæгдæр. Исчи йæ куы ба- фæрсид,^цæмæн, зæгъгæ, уæд ын дзуапп раттын йæ бон нæ бауаид. Йæ къухылхæцæг æмæ æмдзуарджынимæ ацы кæр- тмæ йæ къах цы бон æрбавæрдта, уыцы бонæй абонмæ лæу- уы уæртæ уыцы каудуар. Асины сæр цæджындзыл хъамайæ з* 33
цæфтæм арæх фæкомкоммæ вæййы æмæ ма йæ зæрдыл æрлæууыд йæ амонды фæндаг мæнæ ацы уæзæгмæ. Йæ хи- цауы цæстæнгас, дзыхы ныхас нæ зоны, æфсины рæвдыдæй нæ бафсæст, фæлæ сын уыйхыгъд сæ фарнæй фæхайджын. Ацы къуымты фæуызта йæ сабиты авдæн. Ацы хæдзары фарн рæвдауы бинонты, уазæджы, йæ цæхх æмæ кæрдзын фынгæй никуы сисы, бинонтæн хæлар кæны «а» æмæ «о»йæ цæрыны хъару. Ныр ыл дæ къух сис æмæ фæцу æн- дæр ранмæ цæрынмæ. Бон царды фæндтæй æхцондзинад кæм истай, æхсæв тарффынæйæ дæ уæнпы фæллад кæм сысыд, уырдыгæй сыст æмæ фæцу æндæр уæзæгмæ. Сылгоймаг цыма дыууæ бынатыхицауæй дæр уайдзæ- фæй фæтарст, уыйау йæ цæст ахаста ног хæдзары къултыл, уырдыгæй æрзылдысты кæрты къуымты æмæ къæмдзæсты- гæй ныккастысты зæронд хæдзары рудзгуытæм, азылд суг- сæттæн къуыдыры алыварс, йæ раздарæны систа æхсныф- тæ, къæцæлтæ æмæ фæраст хæдзармæ. Пецы раз сæ æр- калдта, рудзынгæмбæрзæныл ахæцыд фæйнæрдæм æмæ ныллæг бандоныл æрбадт, бавнæлдта арт кæнынмæ. Сылгоймаг цалынмæ кæртæй фæстæмæ здæхт, уæдмæ хæдзары къуымтæ фæрайдзастсты. Райсомы хуры тынтæ сæхи асæрфтой бæлæстыл, царддæттæг зæххыл æмæ адæй- маджы ныфсытæн лæвæрдтой ног тыхтæ, ног хъару, ног бæллиццтæ гуырыдысты зæрдæйы. Уддзæф дæр цыма хуры тынты æмбæлццон уыд, уыйау тындзыдта йæ фæндагыл, фæмидæг æрдæгарæзт бæстыхайы гом рудзгуытæ æмæ дуæрттæй, æрзылд ын йæ афтид къуымты стæй, зæронд хæ- дзары сæрмæ цы фæздæджы уылæнтæ фæзынд, уыдонæй аскъæфта йемæ æмæ йæхи аиста быдыры ’рдæм. - Сыстут уазлæмæ, ныр æмбисбон у, - сылгоймаг фес- тъæлфæгау кодта æмæ куыддæр фестад, афтæ æппæты фыццаг райхъал кодта Иналы. - Сыстут, æндæра та ныф- фæстиат уыдзынæн. - Æз дæр демæ цæудзынæн, - йæ дза>мæттæ кæнгæ Инал алæууыд йæ мады фарсмæ. Абоны хуызæн сæрибар никуы вæййын скъолайæ. Хуыцаубон. - Хорз, хорз, дæхæдæг куы ацæуай, уæддæр дын ницы уыдзæн, ныр лæг дæ, хосдзау, дæ цахъхъæнтæ хæдзардар- джытæ вæййынц. - Лæппу ацы ныхæстæй бæргæ бабуц, фæ- лæ дызæрдыг кодта быдырмæ иунæгæй ацæуыныл, кæд зæгъгæ ницы кодта, уæддæр. 34
* * ■* Хуымгæнæны фидиуæг дзывылдар алæууы сыджыты къуыбарыл, йæ гыццыл фæрдыг цæстытæ акæсынц фæй- нæрдæм æмæ та асæпп-сæпп кæны. Трактор æмæ хуымгæ- нæг цыма йæ зиууæттæ сты, уыйау сæм йæхи æввахс ласы, куы сæ разæй фæвæййы, куы та сæ фæстæ аззайы хаххыл. Цалдæр хатты хуымгæнæджы ’рдæм скаст къулбæрзæйæ йæ иу цæстæй, ома дзы аулæфын дæр хъæуы æмæ та ныххизы гутоны хахмæ. Хур дзæвгар суади арвыл. Аходæнафонæй ахызт, афтæ ма Саукуыдз йæ тракторыл иу зылд æркодта быдыры бæс- тастæу, тулдзбæласы алыварс, стæй йæ баурæдта аууоны æмæ æрхызти зæхмæ. Ныр æртыккаг аз йæ фæнд никуыма фæмæнг. Аходæнафон хъуамæ тулдзы бын суадза йæ фæл- лад. Тракторы матор ахуыссын кодта, фæлæ ньщма тæвд уыд, артуадзæгау йæ алфæмблай рызти уæлдæф. Иæхæдæг лæууыд, къæмдзæстыгау, æгуыппæгæй, цыма чысыл раз- дæр йæ хъæрæй бæстæ чи хаста, мæнæ ацы гутæттæ йæ фæ- дыл ласгæ саумæр сыджыт чи фæлдæхта, уый нæ уыд, фæ- лæ, йæ бынатæй чи никуыма феггуырсти, ахæм æфсæйна- джы цæнд. Лæг йæ цæст хаста конд быдырыл æмæ йæ зæрдæйы цин цæсгомыл æфтыд, тугдадзинау, зылд бæгъатыр уæнгты æмæ уды бæллицтæ æмæ фæндтæн лæвæрдта æнæкæрон ныфс. Хуры тынтæ сæхи æркалдтой саумæр сыджытыл æмæ йæ хæрздæф, ’царды нысаны фæздæгау, тадис уæлдæфы. Саукуыдзæн æппæтдæр хъуыдыгонд уыди. Тракторы ка- бинæйæ райста рæтыд уæлæфтау, ацыд бæласы бынмæ æмæ йæ æрæппæрста нæууыл, йæ уæлæ æрбадт, æрхуыссыд ыл уæлгоммæ, йæ дыууæ армытъæпæны бабырыдысты къæ- буты бын, афтæмæй каст, гæзæмæ чи адымст, бæласы уыцы къуыпамæ. Рог уддзæфæй гæзæмæ змæлыдысты лыстæг къалиутæ. Хуры тынтæ хаттæй-хатт сæхи асæрфынц хуым- гæнæджы цæсгомыл æмæ йæ цæмæй ма хъыгдардтаиккой, уый тыххæй æрзылд дæлгоммæ æмæ ныр та уыцы нуард- жын хурсыгьд къухтыл æрæвæрдта хидæйдзаг фæтæн ных æмæ иудзæвгар фæкаст йæ тæккæ цæстыты раз кæрдæджы хæлттæм, сыджыты лыстæг змæлджытæм. Иууылдæр уы- дысты цахæмдæр æнæвдæлон, алчи дæр дзы тындзыдта кæ- дæмдæр, чи афтид армæй, чи та уаргъимæ. Уæдмæ йæ цæс- тытыл фæхæцыд хуыссæг æмæ абырста фæллад уæнгты. 35
Зæхх йæ цæдисоны нылхъывта йæхимæ æмæ йыл узæ- лыд алæмæты комулæфтæй, сырдта йын йе уæнгты фæл- лад. Фæтæн уæхсчытæн калд сæ фæздæг, фæсонтæ, куынцы уæллаг фарсау, цадæггай сæхиуыл схæцынц æмæ та ацæ- уынц сæ фыццаг бынатмæ. Цыма йе уæнгты Тлаттаты Чер- мены уæнгты хъару æрымбырд, уыйау фынæйæ дæр тæл- фыд æгас буар. Æвæццæгæн ын Чермены фарн срухс кодта йæ царды фæндаг, Чермен фыдгулы цæстыты раз йæ дзы- выр фæлмæндæр зæххы кæй ныссагъта, уыцы цардæгас таурæгъ ын йæ фæндагыл атылдта цыкурайы фæрдыг æмæ кæд Чермены къухы нæ бафтыд йæ хæрзиуæг, уæддæр йæ фæстæ ацыд Саукуыдз æмæ йын дуджы фарн схай кодта мæнæ ацы быдыр, мæнæ ацы æфсæн уæйыг æмæ семæ са- рæзта цæдис. Ныртæккæ та зæххы хъæбул сыстдзæн, трак- торы матор та ныннæрдзæн, цины фидиуæгау, æмæ та сæ фæстæ, гæпп-гæппгæнгæ, фæцæйцæудзæн хуымгæнæны фидиуæг дзывылдар дæр. - Нана, уæртæ уыныс бабайы тракторы? Мад йæ сæр разыйы æнкъуыст бакодта. Тракторы уынд ын бацагайдта йæ зæрдæйы уидæгтæ, йæ хурхыуадындзтæ адымстысты æмæ йæ бон ницы баци зæгъын. «Цымæ кæм уыдзæнис йæхæдæг, тракторы цур змæлæг куынæ зыны, кæдæм фæцыдаид, æви?». Сылгоймаджы зæрдæ чысыл ба- уынгæг. Йæ цыд фæтагъддæр конд хуымы. Умæл сыджыт йæ къæхты бын тасыд хыссæйау, хæзнайы къæбицау зæрдæ- мæ хаста æнахуыр ныфс æмæ сылгоймаджы хъуыдытыл хæ- цыд размæ. Саучызг æрбадт Саукуыдзы фарсмæ. Лæппу сгæпп кодта тракторы кабинæмæ æмæ йæхиуыл дуар бахгæдта. Сылгой- маг йæ цæст ахæссы быдырыл, йæ цардæмбалы ’рдæм бакæ- сы аивæй, нал æмæ нал æфсæст уыцы хидæйдзаг фæсонтæ, фæтæн уæхсчытæ æмæ пыхцыл сæры хъуынты уындæй. Иуæй йын йе ’нцойад бахъыгдарынæй тарст, иннæмæй та куы райхъал уаид, уый йæ фæндыд æмæ афтæмæй тыхст йæхимидæг. Къæбуты ’рдыгæй хъуырыл цы хиды лæсæнтæ æрцыд^ уыдон ахус сты, фæлæ уæддæр бæрæг дардта сæ фæд. Йæ буар æмæ зæхх тæлфыдысты иумæ, сæ улæфт адæймаджы зæрдæйæн лæвæрдта æхцондзинад. Сылгоймаг ын йæ фæсонтыл йæ цæст ахæссы куы сæрæй къæхтæм, куы та къæхтæй сæрмæ. Ацы быдыр Æхсаримæ нардуатæй куы истой, уæд сæ хъуамæ бакъуылымпы кодтаид. «Хæдзары дын дæхи уды къоппайы йеддæмæ фезмæлæг куынæ ис, 36
уæд æй цымæ кæй ныфсæй исыс?» «Кæй ныфсæй кæ мæнæ ацы къухтæ æмæ уæртæ уыцы æмбалы ныфсæй», - Сау- куыдз ацамыдта трактормæ æмæ ууыл сæ ныхас ахицæн. Цалдæр тоннæйы лæвар нартхор Саучызджы кæрты куы ’ркалд, уæд æй бауырныдта, Саукуыдзы фæнд æнæпайда кæй нæу, уый æмæ уæдæй фæстæмæ йæхæдæг дæр фæ- ныфсджын æмæ йæ дзыхæй никуыуал схауд къуы-лымпы- гæнæг дзырд. Уый нæ, фæлæ хæдзары нæлгоймагæн цы змæлд ис, уыдонæй дæр бирæ цыдæртæ айста йæхимæ. Саукуыдз фехъал тракторы хъæрмæ, йæ цæстытæ аууæр- ста, бакаст Саучызгмæ æмæ тызмæг, фæллад цæсгом фæ- райдзаст фæлмæн мидбылхудтæй. Лæг рабадт, бамбæрста, уыцы къæбæда та трактор кæй скусын кодта, уый æмæ йæм дзуры: «Æрмæстдæр иунæг зылд, куыд дын бацамыдтон, афтæ». Лæг бæргæ хъæр кодта, фæлæ йын лæппу уыдта æр- мæст, къухæй куыд амыдта, уый. Куыддæр трактор йæ мид- бынатæй фезмæлыд, гутæтты разæй сыджыт фæлдæхын райдыдта, афтæ Саукуыдз зæрдиагæй сулæфыд сатæг уæл- дæф, фестад, йæ къæхтыл алæууыд, фæндыдис æй маргъау стæхын. - Мыййаг исты фыдбылыз куы сараза? - загъта сылгой- маг æмæ фæдзæхсæгау бакаст Саукуыдзмæ. - Ма йын тæрс, фыццаг хатт нæ бады тракторыл. Саучызджы зæрдæ, хурварс абадæгау, бабуц ацы ны- хасæй. Йæ царды ныфсыты йын мæнæ ацы быдыры уынд æмæ тракторы уынæр фæдывæр кодтой, цырд февнæлдта хæринæгтæм æмæ сæ арæхстгай æрæвæрдта стъолæмбæр- зæныл. Лæг йæ цæст нæ иста тракторæй, афтæмæй хордта аходæн. - Мæнмæ гæсгæ дзы фаронæй къаддæр тыллæг нæ уы- дзæн. Донæй ма йæм фæкæсдзыстæм æмæ йæ æндæр ницы хъæуы. - Кæд æй таут? - Абон, æмæ йæ райсом конд фæуыдзынæн, стæй йыл Æхсар тауæн машинæимæ азилдзæн, исты нæ къухæй ку- сын хъæуы æви цы. Цалынмæ Саукуыдз аходæн хордта, уæдмæ лæппу дæр æрбахæццæ, кæцæй ацыд, уырдæм. Йæ зæрдæ бахъæлдзæг йæ куыстæй æмæ, æппæлæн ныхæстæм æнхъæлмæгæсæгау, æргæпп кодта тракторæй. Худгæ бахæццæ йæ мад æмæ йæ фыдмæ. - Хорз æрзылдтæ, ацы куысты тыххæй дæм мызд 37
æмбæлы, фæлæ ма тыллæг кæд, фаронау, знаггадæй бахи- зай, уæд дын æй фæфылдæр кæндзынæн. Саукуыдзы ныхасæй бабуц лæппуйы зæрдæ æмæ æрбадт йæ фарсмæ. Пакацонг тулдзы къалиутæ Гæзæмæ базмæлын кæны уæлхох тъæпæнæй расимæг уддзæф, зæххы комулæфт æмæ хуры тынтæ уыдысты адæймаджы рухс фæндтæгæнæг æмæ рæвдыдтой армыдзаг бинонты. Дард кæцæйдæр ма хъуыст æндæр тракторы уынæр æмæ сæм хæццæ кодта, фæллойы, зарæгау.
СЫХÆГТÆ Радзырд Хадо æмæ Ростом сыхæгтæ сты, хъæубæстæ сæ Тедо æмæ Симон хонынц, фæлæ сæ чи кæцы у, уый никуы сбæрæг. Сæ хæдзæрттæ кæрæдзимæ дæрддзæфгомау лæууынц, цæхæра- дæттæ - æмарæн. Се ’хсæн гæрæн дæр нæ уыд, фæлæ иурæс- тæджы сæ быцæу æгæр фæкарз æмæ, зæххы бынæй сæвзæ- рæгау, арæныл кæрæй-кæронмæ февзæрд цæджындзтæ, сæ уæлæ æндзæлмттæ хуыд, афтæмæй. Уæдæй фæстæмæ ра- цыд рæстæг, фæлæ гæрæнмæ ничиуал февнæлдта, баззад йæ бынаты. Дыууæ сыхагæн колхоз сæ бæрны бакодта хуыскъаг сдур- ты фæйнæ фермæйы æд кусджытæ. Хонгæ дæр сæ Хадо æмæ Ростомы фермæтæ кæнынц. Сæрдæй, зымæгæй иууыл- дæр уыдысты сæхи ’вджид. Хæдзары куыстытæ сæ бирæ хатт рохуаты кæй аззайынц, уый тыххæй сæм бинонты ’рдыгæй уайдзæф дæр æрхауы, фæлæ йæ ницæмæ дарынц. Сыхæгтæ кæд мæнæ-мæнæ карз хъæлæба никуы баисты, уæддæр хатт размæнты сæ доны был. Йæ зæрдæйы хорзæх сæ кæй нæ барæвдауы, уымæн бындзыйас аххосаг йæ цæс- тыты раз балæууы, пылау, æмæ уæд масты къуыбылой дæр йæхи рацæттæ кæны йæ тыппыртæ суадзынмæ, фæлæ, дам, хал сис æмæ йæ быны ницы, цæйау, фæзæгъынц æмæ ахæм рæстæджы сыхæгтæй алчи йæхи фæласы дæрдтыл, цæмæй сæ кæрæдзийæн ма бахъæуа салам раттын дæр. Иумæ нæ, фæлæ сын уынджырдыгæй цы бандæттæ ис, уыдоныл дæр нал абадынц æвдæлон рæстæджы. Хадо тæппалдæр у, фæлæ йæ æруромы Ростомы барон æмæ уæзбын зондахаст, æмæ уымæй нырма фæсмойнаг ни- куы фæцис. Хадо ацы хатт дæр йæхиуыл бæргæ хæцыд, æмæ кæд дзургæ ницы скодта, йæ фæйнæфарс адæмæй йын йæ зæр- дæйы уаг ничи бафиппаидта, уæддæр йæ бон нал бацис кæ- ронмæ фæбадын. Исдуг йæ мидбынаты райдыдта тæлфын, сындзытыл бадæгау, æмæ иурæстæджы сыстад, хатыр дæр нæ ракуырдта, афтæмæй рахызт къæсæрæй æмæ атындзы- дта хæдзармæ. Хадойы буар сыгъди артау, йæ къæмисæнты тугдадзин- 39
тæ рацæйтыдтой, зæрдæ йæхи риуы къултыл хоста, афтæ- мæй лæг хуыссыд къæлидоры къуымрæбын цæхгæрмæ æвæрд хъæдын сынтæгыл. Йæ къæхтæ баппæрста кæрæдзи уæлæ, галиу къух абырыд йæ сæры бын, рахис къухы хис- дæр æнгуылдз æрныхст аргъæвæджы тæккæ фарсмæ фæтæн роны, афтæмæй дыууæ бæзджын урсхæццæ æрфыджы æр- фæлдæхтысты мæстæй артуадзæг цæстытыл æмæ æгас цæсгомыл йæхи æрытыдта тызмæг хуыз. Лæджы хæрамдзинад лæбурдта æддæмæ. Ноджы-иу ын хъуыды, цæхх айзæрæгау, йæ уæлæ æрныхæста цырынгæ- нæг нывтæ æмæ-иу уæд лæг дæр фестъæлфыд йæ мидбына- ’ты. «Дæ карк нæ цæхæрадонмæ æрбатахт», «Уæ бæлас нæм аууон дары,» «Уе ’мбонд раст æвæрд нæу» - ахæм уайдзæ- фы дзырдтæ лæбурдтой хъустæм æмæ-иу уайтагъд сæхи ацауыгътой зæрдæйы тæгтыл. Йæхи цардæмбалæн дзы бы- нтон арт æмæ фæнык нал вæййы, чысыл æфсон æй фæуæд, уый йеддæмæ сифтындзы æмæ йын нал æмæ нал вæййы банцайæн. Афтæмæй ма нæлгоймæгты бацагайынæн æн- дæр цы хъæуы, фæлæ уæддæр иу амонд хорз, æмæ сæхиуыл фæхæцынц. Дыууæ сыхаджы зулдзых сты, уый уайтагъд базонынц хъæубæсты адæм, кæд сæхицæй ницы райхъуысы, уæддæр. Иугæр балцы, куывд кæнæ чындзæхсæвмæ иумæ нæ ацыды- сты, кæнæ фæстæмæ иумæ не ’рыздæхдысты, уæд уый зон, æмæ сæ чидæр иннæйы зæрдæхудты бацыд. Фæлæ афтæ арæх нæ вæййы. Ацы хатт Хадойы хъустыл бадавæггаг ныхас не ’рцыд, йæхæдæг бамбæрста æппæт дæр, æгæрыстæмæй йæ кæмæ цы цæстæй кæсын хъæуы, уый дæр. «Адæймаг хъуамæ æм- бара йæ хæрзгæнæджы, стæй йыл рæстмæ чи нæ ауды, уый дæр. Æхсæв, бон æрæнцой мæнæн нæй, дæллаг галы куыст æз кæнын æмæ дзы кад та æндæртæн ис» - йæ цæстытыл андæгьд Ростомы райдзаст цæсгом, фæлæ йын йæ ном нæ загъта йæ мидзæрдæйы дæр, йæ масты дзæкъул адымст, чысыл ма бахъæуа, хъæлæсыдзаг ныхъхъæр кæна, фæлæ æфсæртæ ныууадысты кæрæдзимæ æмæ знæт уылæнтæ арт уагътой æгас буарыл. «Ростомы фермæйы сдуртæ хæрзхаст- дæр кæй сты, уый тыххæй фосмæзил-джытæн лæвæрд æр- цæуæд премитæ». Колхозы сæрдар куыддæр ацы дзырдтæ загъта, афтæ Ха- дойы сæрмæ дæр æрбамбырд бирæ дзуринæгтæ, цыма ныр- тæккæ йæхи раныхасмæ цæттæ кодта, уыйау ын ныххал сты 40
кæрæдзи фæстæ. «Гæххæттыл сæ фæнысан кæнын мæгуы- рау нæ уыдаид, фæлæ уымæн æгæр байрæджы. Мæнæ сын, зæгъгæ, æмбырды размæ зыдта сæ хъуыды, уæд дзы алкæ- мæн дæр бæргæ загътаид йæ зæгъинæгтæ, фæлæ ма ныр цы, фæсхуымы ело, чи ма дæм хъусы. Æниу дын Хадо ахæм ран кæд арæхсти дзурынмæ, Ростомау дын куынæ ’рхойдзæн колхозы сæрдары стъол, куынæ дзы радомдзæн холлаг, да- рæс. Хадойæн та фылдæр быцæумæ ацæуы æмæ афтæмæй хъуыддаг баззайы йæхи ’вджид, æндæра цæмæн у Ростомы фермæйы скъæт хуыздæр цалцæг, искуыцæй уазджытæ куы ’рцæуы, уæд сын цæмæн фенын кæнынц уыцы фермæ, Хадо дзидза дæр къаддæр куыннæ дæтты, йе сдуртæ дæр мæл- лæгдæр куынæ сты, уæд? Амонд дæ куынæ хæсса, уæд рас- къæфгæйæ нæу. Адæймаг йæхи ’вдисын куынæ зона, уæд йæ куыст дæр никуыцæй разындзæн. Йæхæдæг цы змæлы, уый йеддæмæ йæ хъуыдыгæнæг нæ вæййы, цалынмæ сæ дзидза бахъæуы, уæдмæ. Кæнæ фермæ сцалцæг кæн, кæнæ кусджы- тæн дарæс, мигæнæнтæ балхæн, сæ уавæртæм сын æркæс, абабау, хъуыддаг дæ нæй, фермæйы бæрн дæ æмæ йын ал- цæмæй дæр дзуапп дæтт дæхæдæг, æмæ ма уæд уыдон та цы гæс сты, лæвæрттæгæнæг?.. Нæ, нæ, рагæй мын лæууы мæ фæндагыл, аууон мын дары мæ цардмæ æмæ йæ æз та мæ амондмæбæллæг хонын. Уый йеддæмæ дæ дзыхæй афтæ дæр схауæд, Хадомæ дæр æмбæлы ацы премитæй, фæлæ нæ, ахæм рæстæджы йæхи æнæзонæг, æнæхъусæг скæны, æххуыс æй куы бахъæуы, уæд та йын - дзæбæх сыхаг. Нæ, уыцы къæцæл асаст, адæймагмæ чи цы цæстæй кæсы, уыцы цæстæй йæм куынæ кæсай, уæд дæ æдылы æнхъæлы. Зонд базонынæн афон у». Хадо æрзылд йæ иу фарсыл, стæй йе ’ннæ фарсыл, акаст къæлидоры гæзæнхъæды сæрты æмæ та æрхуыссыд уæл- гоммæ. Ацы хатт æм Ростомы хæдзар фæкаст ноджы бæр- зонддæр, цæрдхъомдæр, йæ алы дур, йæ алы цæджындз дæр фидар æмæ аивдæр æвæрд. Ацы хатт йæ бинаг был фæ- мидæг дæндæгты ’хсæн æмæ та йæ буар арт суагъта сæрæй къæхтæм. Фæндыдис æй загъд ракъахын, йæ маст истæмæй суадзын. Амæй размæ Ростомæн гараж саразыны тыххæй йæ зæххæй иу гæппæл раттыныл кæй сразы, ууыл ныры хуызæн никуы фæфæсмон кодта. «Æдылы дæн æмæ æдылы лæвæрттæ кæнын, исчи йæ фырхъалæй машинæ æлхæны, æз та йын мæ зæххæй хуынтæ кæнын», - Хадо цыма искæ- мæй дæлæсиндæр у, уыйау йæ мидзæрдæйы йæхицæн схæ- 41
цыд уайдзæфтæ кæныныл, æгæрыстæмæй ма йæ галиу къу- хы æнгуылдзæй бахоста йæ къæмисæн дæр. Мæнæ ма, зæгъ- гæ, уыцы гæппæлæн фæстæмæ байсæн ис, уæд уыцы фæндыл дæр мисхалы бæрц нæ фæгуырысхо уаид, фæлæ ма ныр цы. Хадойы сæры зилдух кодтой маст æмæ фыдæхы хъуы- дытæ, сæхи царды алгъуызон нывтыл хойгæ. Хатт-иу æрса- быр сты æмæ-иу уæд хъуыдыты æхсæн, билцъау, базмæлыд намысы уидаг дæр. Ростомы бригадæн преми раттын кæй æмбæлы, уый зыдта, иуæй уымæн йæ куысты уавæртæ уы- дысты хуыздæр, иннæмæй та йын фосы продуктты хиаргъ рауад къаддæр, фæлæ Хадо уыцы нымадыл не ’ууæндыд йæ мастæй. Ныр цыма йæхи æмбарын райдыдта, чысылгай æрсабыр, цыма цæуылдæр фæгуырысхо, уыйау йæ цæстытæ нал куымдтой ныкъулын, нымдзаст сты дисгъуызæй, фæлæ кæдæм, уый зын рахатæн уыд. Æвæдза, адæймаг чысылæй цы фена, цы фехъуса, йæхæ- дæг цы бавзара, уыцы нывтæ арæзт вæййынц царды ахо- рæнтæй, æнæхин æнкъарæнтæй æмæ уыцы иугъæдон сыгъ- дæгæй баззайынц цæргæйæ туг æмæ зæрдæимæ. Адæймаг сыл йæ зæры бонты, тыхст æмæ уæззау сахаты ныфсæнхъæл арæх ахæссы йæ цæст, йæхи сыл фæирхæфсы, сывæллонау, вæййынц ын цин æмæ масты фаг дæр. Хадо йæхæдæг кæд къаннæг лæппу уыди, уæддæр абоны ’хуызæн лæууы йæ зæрдыл. Уыцы райсом йæ фыдимæ кусынмæ нал бавнæлдтой. Куыддæр хуыммæ бахæццæ сты, афтæ фыд йæ цæст ахаста ауæдзыл æмæ, цавдцурау, баззад лæугæйæ, стæй йæ зæнггæ йæ бынаты æрдыдæгьтæ сты æмæ æрбадт цæндыл, йæ сæрыл хæцыд дыууæ къухы армы- тъæпæнтæй. Ауæдз фехæлд, хуымæй ахауд æнæхъæн адæг- гом. Лæг фæтыхст йæ дзыгуыры æмæ æнæнхъæлæджы фев- зæрд амонд æмæ фыдбылыз, цин æмæ маст, уарзт æмæ æнæуынондзинад, кад æмæ æгады арæныл. Уый нæу йæ хуымы ауæдз, арæны хуызæн, конд хуымы дзывыры хаххы хуызæн, хъæуы йæм æрмæстдæр хæрз чысыл фæцагайын æмæ дæ балгъитæг афтæ - цæстыныкъуылдмæ æгьатыр хъысмæт акæндзæн йæхион. Хадойы фыд бадт йæ мидзæрдæйæ хъуырдухæнтимæ, раст цыма вулкан стоныныл фæлвæрдта, уыйау æнахуыр змæ/гд кодтой бæзæрхыг фæсонтæ, йæ фæтæн уæхсчытæй ма гæзæмæ зынд ногдаст сæр, хатгæй-хатт райхъуысы йæ 42
хъæрзын, уæззау низæфхæрд рынчынау, æмæ арæхæй- арэехдæр, арф ныуулæфгæйæ, баризы æнæхъæнæй. Хадо лæууыд йæ фыды уæлхъус æмæ йæм кæсæг, дзурæг куынæ уыд, уæд йæ зæрдæ суынгæг, иу зылд æркодта йæ алыварс, фæлæ йæм уæддæр нæ бауæндыд сдзурын. Лæппу бахауд стыр дисы, йæ фыды ахæм уавæры никуыма федта. Ма дæ масты дзырд схауа, ма дыл тызмæг цæстæнгас фæзы- на, афтæмæй æнæнхъæлæджы дæ мидбынаты æрдыдæгътæ у æмæ змæлгæ дæр мауал скæн. «Кæд дзы мыййаг исты срысти» — ахъуыды кодта лæппу, фæлæ уæддæр фæрсын нæ бауæндыд. Галтæ сæ сæрбосимæ аздæхтысты хизыныл, нал сæ уыд гутоны сифтындзæг. Лæппу дæр сæ ауагъта сæ- хи бар, асасти йæ ныфс, фæстагмæ йæ зæрдæ бауынгæг ца- хæмдæр фыдбылызы тасæй. Уыцы райсом нæ дæр хуры цæст ферттывта, нæ дæр сæ- уæхсидыл схæцыд цæст. Мигътæ уыцы иугъæдон саудалын- гæй лæууыдысты арвы риуыл тыгъдæй æмæ сатæг уддзæф тезгъо кодта хъугомы. Хуымгæнджыты дæр ма æндæр цы хъуыди, ахæм комæйкургæ бон вæййы сæ бæллиц æмæ тын- дзыдтой сæ куыстытыл. Рагацау чи сыстад, уыдонæн сау адардтой сæ хуымты кæрæттæ, бантысти уал сын дыгай, æр- тыгай адæггомтæ бакæнын. Дзывылдар, гутоны фæстæ хах- хыл згъоргæйæ, февналы сыджытмæ æмæ та, гæпп-гæпп- гæнгæ, азгъоры дарддæр, куы та фесхъиуы, йæ базыртæ цæ- гъдгæ, абады сыджыты къуыбарыл, акæсы фæйнæрдæм, фыдбылызæй тæрсæгау, æмæ та йæ бырынкъæй æрцæвы къуыбар. Хадоиты фæстæ хуым кæнынмæ чи ацыд, уыдон дæр ба- ифтыгътой сæ галтæ æмæ, сæхи сæумæрайсомы рухс дзу- æрттæн бзфæдзæхсгæйæ, бавнæлдтой кусынмæ. Æгас хъу- гомæй айхъуыст галтæскъæрджыты хъæр. Алчи фæлдæхта, зæххыты совет ын йæ бар кæй бакодта, уыцы хуымтæ. Хадойы фыдмæ дæр дзы дзæвгар æрхаудта, фæлæ йæ уыдон^уый бæрц не ’ндæвтой, йæ зæрдæ сæм уый бæрц нæ ради. Йæ зæрдæ дзырдта, цæрæнбонты йæ дарæг, йæ уромæг чи уыд, уыцы хуымимæ. Иæ алы къуыбар, йæ алы дур дæр йæ зæрдæйы тæгтимæ баст у, æндæр ад ын кæны йае бакаст, йæ уынд, йæ бæркад та - хæдзарыл хæцгæ. Нырма йæ фаджысцух никуы ныууагъта. Æрвылаз æй æх- сæды, æппынæдзух æй куы змæнтид, йæ фарсмæ куы бадид, уæддæр дзы не сфæлмæцид. Хуымгæнгæйæ, гутоны разæй цыма сыджыт нæ фезгъæлы, фæлæ цæттæ, æвидигæ бæр- 43
кад, афтæ йæм фæкæсы хуымгæнæнты, фæлæ дзы нырма нæ ныссагъта йæ гутон, иунæг хахх дæр дзы нæма акодта, афтæмæй бадт цæндыл дурдзавдау. Фарон фæззæгæй ныр- мæ æнхъæлмæ, кæсы мæнæ ацы бонмæ. Зæххыты совет ын цы хуымтæ схай кодта, уыдон дæр йе ’нæзонгæ нæ уыдысты, фылдæр сæ йæхæдæг куыста, фæлæ йæ нæ фæндыд уыдо- нæй райдайын. Хъуамæ уал ацы хуым баласа адæгæй. Хуымæй дæр, æвæдза, нæ уыд рахъастгæнæн. Цыма йын исчи йæ арæнтæ барæй æрхахх кодта, уыйау уыдис йе ’рдзон æвæрд. Хуссар дæр уыд æмæ цæгат дæр. Хурджын аз дæр зад æмæ къæвдаджын аз дæр. Тауинаджы охыл дзы цъæмæлтæ дæр акал - тугыл аскъуыйы йæ тыллæг. Бæрæг дардта хъугомы бæстыастæу. Уый йеддæмæ дын æм знаггад макуыцæй баирвæза. Хъæды кусгæйæ д^æр-иу æм каст Ха- дойы фыд æмæ-иу ныббуц йæ уындæй. Иæ тыллæг иннæты ’хсæн бæрæг фæдары, æфсир æфтауыны рæстæджы адæй- маджы зæрдæ абады хуры фарсмæ. «Омæ ацы хуымы æн- дæр сыджыт байзæрстæуыд, æви дæсныйы амынд у» - дзырдтой-иу хъæубæстæ хоры сæвзæрдæй суанг йæ бафс- найыны онг. Хадойы фыд дæр-иу дзы ныббуц æмæ-иу ын уыгъта йе ’фсиртæ. Хатт-иу æфсир æрæвæрдта йæ уæзæгæ- вæрд армытъæпæны, йæ дæргъ ын барæгау, æмæ-иу бирæ фæфидардæр йæ уæраг, хуымгæнæджы къабæзтæ-иу бан- къардтой ног тых, ног хъарутæ. Кæд ын дардыл фæзуат нæй, уæддæр æй бонгæндыл нæ баивид. Йæ иу кæронæй йе ’ннæ кæронмæ цæугæйæ, хуымыл лæугæйæ, сæрыстыр вæййы зæххы фарн æм хæлар кæй у, ацы сыджытæй йæ царды суадæттæ кæй абузынц, уымæй. Хадо дзæбæх хъуыды кæны уыцы боны хабæрттæ. Йæ фыд цæндыл фæбадт иудзæвгар, дурдзавдау, стæй сындæг- гай схæцыд йæ сæрыл. Цалдæр боны цыма хуыссæджы хъæ- стæ нæ фæцис, уыйау йæ цæстытæ зылдысты туджы, сæ уæ- лæ равæрдта цахæмдæр фæлм æмæ нал зынд сæ цæхæр. Лæг ныккаст хæлд ауæдзы ’рдæм. Йæ фæлурс цæсгомы ну- æрттæ базмæлынц, стъæлфæгау. Уæззау цæнгтæ æрзæбул сты уæхсчытыл. Лæг лæууыди, дурцыртау, йе 'ргом(ауæдзы ’рдæм, афтæмæй, стæй бæрзондхъуыр морæ хæдойы ирон æгънæджытæй суагъта цалдæр: «Лæппу, ды ам фæлæу, гал- ты рахиз, æз дæм ныртæккæ зындзынæн», — загъта æмæ зæххæй систа галтæскъæрæн уис, йæ къæдзтæ йын арæсты- тæ кодта, цæхгæр фæзылд æмæ фæуырдыг кодта конд хуы- мы дæлæмæ. Хадойы зæрдæ фæхатыд цахæмдæр фыдбылыз æмæ дзы 44
галтæ дæр ферох сты, афтæмæй атындзыдта йæ фыды фæ- стæ хъæуырдæм. Цæуынц фыд æмæ фырт кæрæдзи фæстæ. Лæг агуыбыр размæ, тындзыдта кæм æнæконд, кæм та конд хуымты даргъ къахдзæфтæй. Йæ зæвæт фидар æрсадзы фæлмæн сыджыты æмæ иннæ къах рог айсы размæ. Цъæх фæсмын галифейы хъустæ куы размæ фæтасынц, куы - фæстæмæ. Æрчъитæ-иу семæ фелвæстой фæлмæн сыджытæй æмæ-иу æй спырх кодтой суанг зæнгбæттæнты онг. Фæтæн уæхс- чытæ, зына-нæзына гуыбыргомау фæсонтæ, уæнгты тых æмбырдгæнæгау, базмæлынц сæхимидæг æмæ та уæд рахис къух дæр æд уис фæхъил вæййы, æртхъирæнгæнæгау, къахы фæдтæ конд хуымы фæарфдæр вæййынц. Лæг фæндаджы хъæбæрмæ куы бахызт, уæд йæ цыд ноджы фæтагъддæр, артуадзæг цæстытæ зæххы ныхæстæй тындзыдтой йæ разæй, хатт-иу фехъуыст дæндæгты хъыр- рыст æмæ-иу уæд фелхынцъ сты уадулты нуæрттæ дæр. Хуымгæнджытæй йыл амбæлд цалдæр, фæлæ сæм нæ фæкаст, нæ сын радта салам. Уыдон ын фæхатыдысты йе знæт зæрдæйы хатт, фæлæ сæ йæ бон афæрсын никæмæн баци комкоммæ, æрмæст кæрæдзи фарстой цæстæнгасæй, æргомæй. «Ацы лæг æнæнхъæлæджы тызмæгæй нæ фæ- цæуы». Хадойы дæр фарстой, дæ фыд цæуыл мæстыгъуыз у, зæгьгæ, фæлæ йæ дзыхæй дзуаппы хуызы иунæг сыбыртт дæр не схауд, æрмæст базмæлыдысты йæ уæхсчытæ, нæ зо- нын, зæгъгæ, æмæ дарддæр фæцæуæг. Лæг кæрты аппæрста йæ уис æмæ фæмидæг хæдзары, цæстыныкъуылдмæ фездæхт. Хадо йæ нал раййæфта, фæлæ чысыл фæстæдæр, хъæубæстæй бынаты чи уыд, уыдон фæдисы зръордтой дыууæ ’рдæм. Лæг мæлгæ нæ акодта уы- цы цæфæй, фæлæ кусынæн нал сбæззыд. Хадойы фыд уый адыл бахауд ахæстонмæ æмæ йæ мард дæр нал сæмбæлд хæ- дзарыл. Мад йæ хæдзæрттæ ауæй кодта æмæ æрцард мæнæ ам, Ростомты фарсмæ. Хадо, уыцы нывтæм кæсгæйæ, цыма æрсабыр, æрхызт кæртмæ изæры зылдтытæм, фæлæ æндæр йæ къах никуы- дæмуал авæрдта, æддæ куыстытæ ныууагъта йе ’мбæлтты бар. Уыцы æхсæв тарф рынчын æрбаци йæ кæсдæр чызг. Ме- дицинон хо йæхæдæг дæр фæтарст æмæ æргомæй бамбарын кодта, æвæстиатæй йæ дохтыры æххуыс кæй хъæуы, фæлæ куыд æмæ цы, уымæн йæ бон ницы бацис ссæрфат кæнын, æххуыс машинæимæ баст кæй уыд, уымæ гæсгæ. Иунæг ма- 45
шинæ ис сæ хъæуы, Ростоммæ æмæ уый дæр нæма ’рбаз- дæхт йæ балцæй. Хадо хæдзары къуымты рауай-бауай кæны адæргæй, ра- хизы уынгмæ. Æрæмбырд сты сыхæгтæ. Нывæндынц алыгъуызон фæндтæ. «Бæхтыл æй ахæссæм». «Ардыгæй йæм бонмæ банхъæлмæ кæсæм». «Уæд та нæм телефоны бастдзинад куы уаид». Алчи дзырдта йæ хъуыды, фæлæ дзы иу дæр уавæрæй фервæзынæн нæ уыд пайда. Хадо йæ цæст ахæссы сыхæгтыл, хъæубæстыл, фæлæ йæм дзы ныфсджынæй ничи бакаст, аххосджынтау, сæ сæр- тæ базилынц рынчыны ’рдæм. Иугæр рынчынæн йæ бон куынæуал уыд рыстытæ уро- мын, уæд ын медицинон хо сарæзта цалдæр судзины æмæ та бамбарын кодта, æвæстиатæй йæ рынчындонмæ аласын кæй хъæуы, уый. Хадо рауади уынгмæ, сонтау йæ цæстытæ азылдта мæй- дары, скаст стъалыджын арвы ’рдæм, йе ’ргом аздæхта дзуа- ры ’рдæм æмæ йæ мидзæрдæйы, лæгъстæгæнæгау, куырдта амонд, æххуыс. Йæ ныхыл фæзындысты хиды ’ртæхтæ, хур- хы нарæг ныххус. Бирæ нæ афæстиат уынджы, афтæ йæм фæкаст, цыма йæ рынчын хъæбулæй йæхи аласта æмæ уай- тагъд фездæхт фæстæмæ, фæлæ та æрхæндæг адæммæ кæсынæй йæ уынгæг зæрдæ ноджы тынгдæр фæталынг. «Машинæ, машинæ» — чидæр хæдзары фæмидæг цины хабаримæ. Хадойьг зæрдæ фестъæлфыд, рынчынфæрсæг адæм бахъæлдзæг сты, райдыдтой хæдзарæй кæртмæ æд- дæмæ-мидæмæ. «Ростом æрбахæццæ, Ростом æрбахæц-цæ». Чидæртæ ацыд йæ размæ хабар бамбарыны тыххæй. Хадо бахызт иннæ хатæнмæ æмæ йæхи æруагъта бандоныл, æп- пæт дæр ныууагъта адæмы бар. Ростом уайтагъд равдæлон кодта йæ машинæ, хæдзармæ дæр нал бацыд, афтæмæй йæ разылдта æмæ чысыл фæстæ- дæр йæ рухсы тынтæ фæаууон сты къуылдымы фæстæ. Хадойы хæдзар аззад хасты хуызæнæй. Æрсабыр кæрт, сых, хъæу. Лæг рахызт кæртмæ. Иæ хæдзарæй калди рухс, фæлæ йæ сыхаджы рудзгуытæ уыдысты, æдзæрæгау, талынг. Бахæц- цæ гаражы онг. Йæ дуæрттæ баззадысты гомæй, фыртагъд- тагъдæй сæ нал фæци æхгæнæг. Хадо сæм бацыд хæстæг, иуы дзы бахгæдта, баиу æм кодта иннæйы дæр æмæ сыл банцой кодта, афтæмæй æрæхгæдта йæ цæстытæ цахæмдæр стйр амонд æмæ хæрзиуæг æнкъарæгау.
КУСÆРТГАГ Радзырд Дзандорыл зымæгоц дæр никуы ацыд ахæм даргъ æхсæв, йæ цæстытыл цъынд нæ ахæцыд, кæд-иу сæ тыххæй æрæхгæдта, афынæй кæныны тыххæй, кæннод æхсæвы тар- мæ кастысты ирдæй. Лæг йе рагьы нуæрттыл ратул-бату- лæй тынг бафæллад, сыстад дыккаг кæркуасæнты æмæ, æх- сæвыгон хатæны сабырдзинад фехалынæй тæрсгæйæ, зæр- даивæй зылд къуымты, йæ дзаумæттæ агургæ. Рухс ссудзын æй бæргæ фæндыд, фæлæ дысон йæ цардæмбалимæ цы схуыст ныхасыл сифтыгътой, уымæн тарст сног кæнынæй. Æнæихъæлæджы бандоиы гыбар-гыбур, арвы нæрдау, æрзылд хатæны къуымты. Дзандор, цавд дурау, андзыг йæ мидбынаты, цæстытæ ахгæдта, æфсæртæ æддæг-мидæг ауа- дысты фырæндыгъдæй, æгас буар хъустæ фестад дыккаг хатт «арвы нæрды» тасæй, фæлæ дзы уæддæр нæ аирвæзт. - Пуй, мæ фыдбылызтæ дæ хай, кæд æхсæвидар нæ дæ, æппын дыл бон нал кæны æви... - сылгоймаг ма цыдæртæ зæгъинаг уыд, фæлæ йын не сæргом сты, афтæмæй æрзылд йæ мидбынаты æрдæгфынæйæ. - Бонмæ ма мæ цæмæ лæууын кæныс, - Дзандорæн цы- ма йе уæнгты баст феуæгъд, уыйау фæцис, ацы дзырдтæ зæ- гъын куы бафæрæзта, уæд æмæ иугæр суæндыд, уæд, хæдза- ры хицауæн куыддæриддæр æмбæлы, афтæ барджынæй адарддæр кодта йæ иыхас, - хъуамæ рагацау ныххæццæ уон, ’науæд мæхæдæг истытæ кæндзынæн, фæлæ ацы тæвды æгомыг фос тæригъæд у. - Афтæ цард дæ сæры, кæд дæу æгомыг фосы мæт нæй, уæд æй æргæвдæнмæ скъæрыны бæсты дæлæ йæ бынаты æруадзис, мах дæр адæм стæм, мæнæ мæ сывæллæттæн сæ уæлæ куыдз цы атона, уый куынæуал ис, цæй хуынта? æмæ нæ лæвæртты æфсарм ис, кæмæй цы дарæм? - Сывæллæттæн фæндаг хъæуы, фæндаг, цæмæй йыл цæуой æдæрсгæ, - ацы хъуыды Дзандор дысон цалдæр хат- ты сфæлхатт кодта æмæ-иу уæд сылгоймаг дæр чысыл фæсабыр. Ныр дæр та йæ зæрды уыдис уыцы къозырæй ны- хас балхынцъ кæнын æмæ ма йæм æфтаугæ дæр бакодта: 47
цæйнæфæлтау мæ кæстæр йе ’мгæртты ’хсæн ныхкъуырд уа, фæлтау сыгъд ссæуæд мæ фæллæйттыл, стæй мæ, раст зæ- гъгæйæ, нæ фæнды искæмæй хæс дарын дæр, фæлтау мын мæхицæй дарæд. Уæд мын æнцондæр уыдзæн. Дзандормæ афтæ каст, цыма сылгоймаджы уайдзæфтæй йæ зæрдæ нæ фæлмæцыд, фæлæ сæ цас арæхдæр хъуыста, уыйбæрц ын æнцондæр уыд намысы æвæрæнтæ агурын æмæ, кæд ацы æнкъарæнимæ фембæлынæй йæхи хызта, уæддæр йæ фæстæ зылди аууонау. «Æнхъæлмæ дæм кæсдзынæн раст фæсæмбисбон, кæд дæ фæнды, уæд мæхæдæг машинæйы искæйы онг бацæу- дзынæн дæ размæ. Æндæр никæимæ баныхас кодтон, уый дæ зæрдыл дар, стæй дын, раст куы зæгъон, уæд мын мæ царды механизмы арæзт алчи зона, уый мæ фæндгæ дæр нæ кæны, алкæуыл мæ зæрдæ нæ дарын хæларæй дæр æмæ хионæй дæр». Дзандоры хъустыл сæмбæлдысты ацы дзыр- дтæ æмæ йын, рохтау, йæ сæр азылдтой кæрты ’рдæм, баз- мæлыдысты йæ къухтæ, йæ къæхтæ, йæ буар. Лæг, къæр- ныхау, сабыргай байгом кодта кæрты дуар, къахфындзтыл цæуæгау, бахæццæ галы цурмæ æмæ йыл сæрæй къудимæ йæ цæст ахаста, йæ армытъæпæн ын æруагъта йе оныл. Га- лæн, ризæгау, базмæлыд йæ царм, фæлæ нæ ныууагъта сынæр цæгъдын, æнкъардта йæ хицауы къухты узæлд. - Бури, сыст уæлæмæ, - Дзандоры къахы бырынкъ гæзæмæ аныдзæвд галы фарсыл, фæлæ йæ уый мурмæ дæр не ’рдардта, нæ дæр ын йæ фæдзæхст фехъуыста. - Бури, сыст уæлæмæ, - ацы хатт æм фехъуыст лæджы бардзырд- дæттæг ныхас, банкъардта йæ фарсы цæф дæр, фæлæ æн- хъæл уыдис, хъуыддаг ууыл ахицæн уыдзæн æмæ та нæ сыс- тад, æрмæст ныууагъта сынæр цæгъдын, йæхицау æм фæ- каст æнахуыр тызмæг æмæ дзы, стырдæр уайдзæфæй тæр- сæгау, слæууыд æвæндонæй. Слæууыд, фæлæдцы хатт йæхи дæр нæ айвæзта, иннæ хæттытау, йæ астæу ,ск*ь,æлæт кæнын дæр нæ бауæндыд æмæ та æнхъæлмæ каст ног бардзырдмæ. Дзандор цæджындзыл ауыгъд сæрбос райста æмæ йын йæ иу кæрон æрбаста галы сыкъатыл, стæй йын фæкомком- мæ йæ агъды хъæдгоммæ. Кæд æмæ йын кæдмæ нæ байгас, бирæгъы дæндæгты фæдтæ баззадысты уæрмытæй. Хъæд- гомыл уый фæстæ рахæцыд урсхæццæ хъуын æмæ ма йæ адæймаг æвзæрста æрмæстдæр уырзæй. Йæхæдæг дæр бæр- гæ аккаг фæцис бирæгъæн, бæласмæ йæ бацъист кодта, фæ- лæ кæд æмæ кæдмæ нал ссæрæн йæхæдæг, æрæджы дæр ма 48
къуылых цыд, уæй кæнинаг дæр æй уыдысты, фæлæ йæ сæ цæст нæ бауарзта. Ныр дæр йæ хъæдгоммæ æвналын нæ уа- дзы, уайтагъд баризы æмæ, футтытæгæнгæ, йæхи рацæттæ кæны тохы бацæуынмæ, æвæццæгæн дзы нæ рох кæнынц уыцы тæссаг нывтæ. Дзандоры фæндыд хъæдгомыл йæ уырзтæ æруадзын, фæлæ йын æхсызгон кæй нæ уыдзæн, уый зыдта æмæ йыл узæлыд æрмæст цæстæнгасæй. Дзандоры цæстысыгтæ рахъуызыдысты æмæ сæ уынгæг зæрдæйæ æнгуылдзтæй куы асæрфта, аермæстдæр уæд фæ- хатыд, дзæбæх кæй æрбабон, уый æмæ фестъæлфыд, скаст арвы риумæ, афтæмæй ахæцыд галы сæрбосыл. «Æмбæл- джытæ уыдзæн, уыдон æнæмæнг фæрсдзысты, кæдæм æмæ цæмæн æмæ сын хъæудзæн дзуапп дæттын. Æниу кæй цы хъæуы, фæлæ хынцфарст, цымыдис адæм - бирæ, цалынмæ дын дæ фæндтæ, дæ хъуыдытæ нæ базоной, уæдмæ дæ нæ ныууадздзысты, дæхи куы амарай, уæддæр». Гал, цыма, æмбаргæ бакодта, ацы хатт æй йæ хицау фыд- былызы фæндагыл кæй кæны, уыйау тызмæг цæстæнгасæй, зивæггæнгæ, иста йæ къæхтæ. Лæг размæ ивæзта сæрбос. Фæцæуынц Дзандор æмæ гал. Дзандор разæй, гал - йæ фæстæ. Лæг, катæйттæгæнгæ, гал та йæ хицауы ныфсæй. Дзандор куыд фæллад, афтæ тынгæй-тынгдæр мæсты кодта йæ хъысмæтмæ, йæ куыствæллоймæ ма йын бардарджытæ кæй ис, йæ бон сæ йæхи ратонын кæй нæу, уый тыххæй. Горæты сын ис сæхи хæдзар, сæхи хъæтæфæй йæ сарæзтой, фæлæ йæ зæххы гæппæл бынтон æнцонæй нæ бафтыд къу- хы. Арæх æрымысы уыцы фыдæбæттæ. Зæххытæ дихгæ- нæгæн æхцайæ зæрдæ куы бавæрдта, уæд цалдæр боны йæ сæрæн нал ссис, йæ дзыхæй æгæр стыр нымæц схауд, фæлæ йæм уый уæдцæр хъуынтъызæрфыгæй куы ’рбакаст, уæд бынтон асаст йæ ахтибар. Ахæм капеччытæ, дам, дæумæ бирæ кæсынц, фæлæ, дам, махæн не ’мбисы фаг дæр не сты. Дзандор дзургæ ницы скодта, фæлæ дисы бахауд, ома, ау, цалдæр минæн куыннæ ис радихгæнæн цалдæр адæймагыл, фæлæ дзы алкæйы дæр фылдæр хъуыдис. Бæргæ ма сæм бафтыдтаид, тынг æй фæндыд йæ кæсдæртæн горæты иу къуымæн исты амал скæнын, фæлæ йæ йæ къух æндæр нæ амыдта. Уыцы капеччыты дæр рагæй фембырд кодта, йæ бинонты рагъæй тонгæ, сæ гуыбыны тæригъæды иу æмæ дыууæ хатты нæ бацыд мыййаг. Зæххытæуарæг куы бам- бæрста, фылдæр ратонæн дзы нал ис, уæд сразы, фæлæ ма бафтыдта йæ ныхасмæ: «Цæмæй нæ хæлардзинад ма фе- 4* 49
хæла, уый тыххæй м«; иу хъуджы рæуæд макуыуал уæд, æмæ дæ зæхх кæм фæнды, уым дæхицæн равзар. Уый тьтххæй дæ нæ батыхсьн кæндзьшæ.;, дæ фадат дæ куы самона, уæд-иу мын дæхæдæг фехъусын кæн, ам нæ уыдзыстæм, ддрдма^ куынæ лидзæм мылй&г», - загъта йæхицæи тыхмигæнæгау, бахудæнбыл æмæ ацыд, ^хестæмæ дæр нал фæкаст. Уæдæй рацыд цалдæр азы, фæлæ æмбæлггз дæр нал скодтой. Дзан- дор фьтлдæр хъæуы вæййы, уæлдайдæр йæ хæдзæрттæ цæ- рынæн куы сбæззыдыстт I, уæдæй фæстæмæ Ныр йæ сы- вæллæттæ бахъомыл сты, чызг институт фæци каст, фæлæ уæддæр Дзапдор фæстаг зæгал нæма Шлкъкъуырдта, афтæ- мæй аивгьуыдтой йæ царды хуыздæр бонтæ, семæ ахастой рæстæгæй иу гæбаз, ферох дзы ис, кусæрттаг хæсджын ма у, уый дæр, фæлæ йьш æй йæ зæрдыл æрлæууын кодта Хыдыр йа^хæдæг. Лæг иу бон балЕоууыд йæ дуармæ æмæ Дзаидорæн иунæг дзырды бар дæр нæ радта, афтæмæй кæрон нал уыд йæ ныхасæн: «Дæ бонæй у, ахæм галуантæ чи сыскъæра, уый ма йæ хæлæрттæй дг.:р цы кæны. Ирон æмбиоæндтæ иу- уылдæр раст сты, хæрзгæкæг, дам, хорз кæм ссардта, уыр- дæм, дам, мæ фæкæн. Ацал, ауал азы дыл æпяын иунæг хатт дæр не ’мбæлд мæ феиын. Уæд та афтæ зæгъ: гас ма у, æви - мард. Кæсыс, - Хыдыр у>æ цæст ахаста Дзандоры бæсты- хæйттыл, - ацы дардыл галуантæм. Уыдон хæзка сты, хæз- на, æвæрд хæзна. Ныртæккæ адæймаг къах кæм æрæвæра, уый дæр туджыйаргъ у, дæуа.л та сыл цæст дæр не ’ххæссы. Иннæахæм йæ цæхæрадон... Чысыл дын, æвæдза, зылд цух у, æндæра, ард дын хæрын, ацы зæххы гæппæлæй дæр ис фæцæрæн. Бæстыхайы æвæрд цæуы мæ зæрдæмæ, æрмæст ын йæ фыццаг уæладзыг чысыл фæбæрзонддæр хъуыд. Ды дæр, æвæдза, хæйрæджытæй дæ, цы бынат дзы бэцахстай, хурварс, адæймагмæ дзы } æлдай уынæр никуьщæй æрбай- хъуысдзæн. Фæллой, мæ хæдзар, фæллой, йæ аргъ азæй- азмæ фылдæр кæмæн кæны, ахæм фæллой Кæд дзы фыдæ- бон уыд, уæд ныр та фа^æттæаразæг у. У^ь чæ кæныс, зæ- гъгæ, уæд дыи йæ хæрдзтæ бамбæрзид æр "к: крæи. Æвæдза тынг æнцонæй бафтыд дæ къухы, аслам, бьытсн лæвар, аф- тæмæй мьйт фынгыл, æвæццæгæн, мæ цæрæнбонты тыххæй никуы ракуывтай. Адæймагæн иугæр йæхиуæттæ йæхир- дыгæй куы фæвæййынц, уæд никæйуал фæхъуыды кæны, æндæра афонмæ цас диссаг уыд, кæм æмæ цæмæй цæрын, уый бабæрæг кæнын. Уæдæ мæхæдæг афтæ куынæ дæн, ал- 50
кæйы дзæбæхдзинадмæ куы бэгллын, мæ зæрдæйы мисхалы бæрц хæрамдзинад куынæ ис, уæд цымæ цæуылнæ ахады мæ хорздзинад. Цард фæндонæй куы уаид, уæд, æвæц- цæгæн, мæ фæндиæгтæ, царвы зæйау, рацæуиккой адæмыл. Цæй, ницы кæны, æз афтæ иæ зæгьын, рох мæ фæкодтай, кæнæ хæрзиуæг бæсты кæмæн нæ цæуы, уыдонæй дæ. Нæ, хуыцау де уазæг, ахæмтæй дæм мæ зæрдæ не ’хсайы, стæй ахæм адæймæгтæн æз, салам раттынæй дарддæр, мæ зæр- дæйы дуæрттæ никуы байгом кæндзынæн, цыфæнды куы фæтыхсон, уæддæр. Мæнæн ды ’дæ канд хорз зонгæ нæ, фæлæ царды ныфс, мæнæ афтæ кæмæй фæзæгъынц лæджы тыххæй йæ уд дæр нæ бахæлæг кæндзæн, раст ахæм. Адæм кæрæдзи фæрцы цæрынц, æндæра æппæтæй æххæст чи у. Дæу кæддæр мæ сæр бахъуыд æмæ дæ мæхи нæ бамбæхстон, кæд дæ разы ницы зылынджын уыдтæн, уæддæр. Тыхст адæймаджы къух ацаразын хуымæтæг хæрзиуæг авæрыны хуызæн нæу, адæймагæй цæрæнбонтæм дæр нæ рох кæны. Мæн та, чизоны, искуы дæ сæр бахъæуа. Афтæ у цард, дыууæ ’рдæм, мах æй не ’рымысыдыстæм æмæ йæ ивгæ дæр нæ акæндзыстæм. Мæнæ ацы аз дæ чызг институт каст фæ- фæуы, хъæуы йын дзæбæх бынат ссарын, дæ лæппу дæр дæ- сæм къласы фæстæ уæдæ хæдзары кæм баддзæн, инсти- тутмæ бахауын та... дæхæдæг зоныс... бæх аудæгæй уайы, - Хыдыр бакаст комкоммæ Дзандоры цæстытæм, - чизоны та ацы ран дæр бахъæуа æххуысы сæр, æндæр гæнæн дзы нæй, ныййарæг йæ кæсдæрты тыххæй хъуамæ фæцырды фыдæй йæ зæрдæмæ мацы хæсса, науæд ын æй искуы уæддæр йæ цæстмæ дардзысты. Мæн дæр та ацы бонты сæр бахъуыд æмæ мæ зæрдæ тынгдæр дæуыл дарын. Йæ дардыл ныхас ницы пайда у, - Хыдыр та йæ цæст ахаста бæстыхæйттыл, цыма йæ ныхасæн æппындæр ницы нысаниуæг ис, уый хуы- зæн, - цавæр хъæдæрмæгæй арæзт дын сты, дæ хорзæхæй, æнгуз фæйиæгау, цæхæр куы калынц. Ацы туфæн дзы бæргæ æмбал нæй, фæлæ мæнæн мæ кьухы нæ бафтыд æмæ сæ æз дæр æддейæ-мидæгæй байсæрстон. Фæрнæй сæ цæр, фæрнæй, амондджынæй, чындзæхсæвтæ æмæ сæ куывдтæ фæкæн. Æз дæр дын уый дзырдтон, зæгъын, чындзæхсæв кæнын, мæ чызгæн æмæ, марадз зæгъ, кæд рæстмæ кусæрт- тагыл фæхæст дæн. Лæг зæрдæйы фæндиаг кусæрггаг база- ры дæр ссарид, фæлæ мæн уый мæт нæй, сымах сæрвæггы чи ’рхиза, уымæн дзы æмбал нæ вæййы, йæ фыдызгъæл бынтон æндæр ад фæкæны. Ацы хуыцаубон дæр азылдтæн 51
базарыл, фæлæ, марадз, зæгъ, уыцырдыгон змæлæгыл дзы мæ цæст не схæцыд. - Хыдыр расомы кæнынмæ хъавыд, фæлæ йæхиуыл фæхæцыд, фæтарст гæды сомыйæ, уæл- дайдæр чындзæхсæв кæныны рæстæджы. - Кæддæр мын дæхæдæг баныфсæвæрдтай, æндæра дæ нæ батыхсын кæ- нин, стæй мæ фынгыл исчи цæмæн хъуамæ бахæра æнад хæринаг, цæмæн хъуамæ бада былысчъилтæгæнгæ, дæхæ- дæг дæр мын фæтæригъæд кæнис, фæлтау дын йæ аргъ дæр бафиддзынæн, æрмæст мын æй иннæ сабаты æрхæццæ кæн. Æппындæр мæ не ’вдæлы, афтæмæй ныхасыл куыд схæ- цыдтæн, - Хыдыр фæцæйцыд, нæ йæ фæндыд Дзандорæй «о» дæр æмæ «нæ» дæр фехъусын. - Фæлæу-ма, фæлæу, - Хыдыр цæхгæр фæзылд, - æниу дæхæдæг хуынд адæмæн сæ тæккæ сæрæй фыст дæ. Ды дзы куынæ уай, уæд мын мæ цинаг ад дæр не скæндзаен. Æфсонгæнæн дын нæй, мæхи- цæй хуыздæр хонæг дыл нал сæмбæлдзæн, фæлæ дæм’мау- ал бахъæуæд дыккаг хатт æрвитын, æндæра æз дæр де ’мгæ- рæтты никуыуал ауайдзынæн. Мæнæ ацы дардыл галуаны дæр æппæты фыццаг æз хъуамæ скуывтаин, фæлæ уæхи ах- хос у, нæ мæм фæхабар кодтат. Мæн сымахæн цы фæнды, уый æппæты фыццаг мæхи уæд. Ахæм зæрдæ уæм куынæ дарин, уæд, чизоны, хъуыддæгтæ чердæм азылдаиккой, адæймагæн хæлæрттæ цас ис, уымæй йын знæгтæ къаддæр нæй. Сымах, чизоны, æппæт нæ зонут, фæлæ ацы зæххы гæппæлыл ныхас куы цыд, уæд цъус нæ уыдысты къуы- лымпыгæнджытæ, нæ, дам, æм æмбæлд горæты зæххы хай, афтæмæй, дам, райста æмæ цынæ ныхас цыд махы онг, фæ- лæ сæм иугæр хъусæг куынæ уыд, уæд мæ куыдзы хъус ныйисты. Дур æмæ, зæгъын, хъæды ’мбай фæцæрут, кæд ца- вæр æнæцæстуарзон стут. Рæстдзинад рæстдзинад ма код- той, фæлæ сæм чи хъуыста. Алчи уæ, зæгъын, цæрæд йæхи рæстдзинадимæ. Æмæ цы фæрæдыдтæн? Мæхимæ гæсгæ, æппындæр ницы. Хорздзинад саразын бæргæ удыбæстæ у, фæлæ адæмыл хур дæр не ’ххæссы, стæй мæм афтæ кæсы, цыма мæнæ дæ хуызæн хуыцауыконд адæймæгты йедтæмæ дæ хорздзинад бæсты дæр никæмæн фæцæудзæн. Æмдзæ- рæндæттæ, искæйы æххуырст къуымты рахау-бахауы бæсты мæнæ ацы хæдзæртты цæргæйæ, дæ кæстæртæ адæмы рæгъы рацыдысты æмæ уым сусæггагæй цы ис? Æниу æм- дзæрæндæтты дæр иу æмæ дыууæ адæймаджы нæ сахуыр, фæлæ дзы уæддæр хи къуымæн æмбал нæй. Цæйнæфæлтау уæртæ уыцы хæдзары паддзахы цард кæнон, - Хыдыр аца- 52
мыдта къухæй фарастуæладзыг бæстыхаймæ, - фæлтау мын мæхи къуымы афтид къæбæр адджындæр у. Цæй, æз цæуон, ныхасæй дæ хорз срæгъæд кодтон, афтæмæй бынтон æнæв- дæлон дæн, нырма мæ бирæ дæлæ-уæлæ хъæуы. Адæм мæ уынгæджы фæкодтой, æндæра мæ цæй дардыл чындзæх- сæвы æфсарм уыд. Иуæй раст дæр зæгъынц, ды дзы куынæ уай, кæнæ иннæ, уæд мæ чызджы сусæгæй дæр кæм арвитдзынæн. Цæй, хæрзбон уал рау. Æнхъæлмæ дæм кæс- дзынæн, кæд майрæмбоны æрцæуай, уæд хорз, кæннод та сабаты аходæн афонмæ. Ды мын æнæниз у, уый йедтæмæ мах уазджытæн фенын кæндзыстæм нæ фыдæлты ирон æгъдау. Иуæй-иутæ сæ фæзмгæ кæнынц, фæлæ сын мах, табу хуыцауæн, зонæм сæ алы фæзилæн дæр. - Хыдыр йæ мидбылты бахудт, рахис къухы армытъæпæн сæрæй фæ- уæлдæр, Дзандоры лæугæйæ фæуагъта æмæ уайтагъд ахызт уынгмæ. ■X- •* * Амырхан иунæгæй бахæццæ йæ фысымы кæртмæ. Бæр- гæ сæ дыууæйæ хуыдтой, фæлæ æнæуый дæр цæуаг нæу йæ цардæмбалимæ. Цыма никуы æмæ ницы, уыйау дæрдтыл азылд, стæй баиу йæ зонгæтæй иу къордимæ. Лæууы æнæ- дзургæйæ æмæ йæ цæст дары адæммæ. Иутæ - хиуылхæц- гæ, фæцин, фæминас кæныны едтæмæ кæуыл ницы хæс уыд, ахæмтæ, иннæтæ та - барджын, фысымы рахис цæнг- тæ, уæлдай хъæлдзæг æмæ сæрыстыр, лæггад кæныны амонд сæм кæй æрхаудта, уый тыххæй æмæ-иу æнæхъуыд- дагæй дæр рацу-бацу кодтой, сæхи ’вдисгæ. Амырхан дæр барджынæй лæууы йæ зонгæты фарсмæ. Чизоны сæ исчи ахъуыды кæна, афтид армæй æрбацыд чындзæхсæвмæ, зæ- гъгæ, фæлæ уымæй уыцы исчи тынг рæдийы. Амырханы дзыппы æнцонхæссæнтæй ис цæсгом скæныны фаг, уый йе- дтæмæ нырмæ дæр иу иннæмæн мæсгуытæ никуыма самад- та, стæй хуын цас бакæнын хъæуы, уый дæр зоны, фырдзыт æдзыт кæй у, уый дæр æрыхъуыста бирæ хæттыты, йæхиуыл дæр æрцыд ахæм æмбисæндтæ æмæ йын ныр афтæ ничиуал зæгъдзæн: гормон зæронд лæг куы дæ, уæд дын зонд базо- нынафон нæма у? Кæрты, дыууæддæгуæлæ дардыл бæстыхæйтты хатæнтæ æмæ къæлидоры базмæлæнтæ нал уыд адæмæй, сæ фылдæр - фæсивæд. Адæмы ’хсæн уылæнау цыд хъæлдзæг ныхас 53
æмæ худын. Хъæлæсджын фæндыры кæлæнгæнæг мыртæ бацагайынц адæймаджы зæрдæ æмæ йæ æрфæнды йæ ци- нæйдзаг базыртыл схæцын, зарын, кафын, цин кæнын, фе- рох дзы вæййынц царды зындзинæдтæ, маст æмæ хæрам, фæсмон æмæ гуырысхо. Кæрты къуымы къаннæг фынджы фарсмæ бадтысты дыууæ сылгоймаджы, астæуккаг карæй чысыл чи ахызт, ахæмтæ. Амырханы цæстытæ сыл андæгьдысты. Æппæт дæр базыдта æнæфæрсгæйæ. Иуæй-иу æнæуæздан у, бай- йардзæн дæ, уæгъд дæ нал суадздзæн, цалынмæ дын дæ зæрдæйы фæндтæ базона, уæдмæ. Афтæмæй, фæнды дæ æви нæ, уæддæр бирæ хæттыты мæнг ныхасы сæр дæр ба- хъæуы. Амырхан аивæй фæиппæрд йе ’мбæлттæй, бахæццæ дыууæ сылгоймаджы цурмæ æмæ сын хъæлдзæгæй раарфæ кодта. Уыдон дæр æм сæ дæндæгтæ фæзыхъхъыр кодтой, сæрæй къæхтæм ыл æрхастой сæ цæстытæ, æвдыстой ахæм хуыз, цыма ацы чындзæхсæвы куырой сæ донæй зилы æмæ иугæр Амырхан æгæр æрæгмæ куы ’внæлдта йæ дзыпмæ, уæд æй, рохуаты ’фæуадзæгау, сæ хъæлдзæг ныхас рахызт сусу-бусумæ, сæ хъуыддаггъуыз æнгасы бын фесты, чысыл раздæр сæ цæсгæмттыл цы цины фæдтæ фæзынд, уыдон. Амырхан йæ хæс ахицæн кодта æмæ раздæхт фæстæмæ, хъуамæ ахызтаид уынгмæ æмæ кулдуары тæккæ цур хæрхæмбæлд фæцис Дзандорыл. Тынг бацин кодтой кæрæ- дзийыл. Сæ дыууæмæ дæр цыдæр диссаг фæкаст, ахæм ран кæй фембæлдысты, уый. Дзандор æмæ Хыдыр зонгæтæ сты, уый Амырханæн йæ фæсонæрхæджы дæр никуы ’рцыдаид. Кæм хохаг кусæг лæг æмæ кæм, горæты хъæздыгдæртæй кæй хонынц, уый. Уæдæ се ’хсæн нæй хæстæгдзинад дæр. - Цы дæ ’рбахаста ардæм, - йæ зæрдæйы циндзинад цæсгомыл хъазыд, афтæмæй афарста Дзандор. - Æз мæнæ чысыл фалдæр цæрын, фæлæ дæу цы ’рхаста, дæу, - Амырханæн Дзандоры фенд тынг æхсызгон уыд, фæ- лæ ма уыцы æнкъарæнимæ бафтыд, ацы дыууæ адæймаджы царды фæндæгтæ кæм фæиу сты, уыцы цымыдис, афтæмæй æнхъæлмæ каст йæ алы фарстæн дæр дзуапмæ. - Горæттаг чындзæхсæв бахæрынмæ рагæй бæллын, фæлæ мын ацы хатты хуызæн фадат никуы фæцис. Сæ дыууæ дæр ныххудтысты. - Æгайтма дыл амбæлттæн, тынг æхсызгон мын уыд дæ уынд. Куыд цæрынц уым нæ хæхбæсты адæм, æниу ма дзы цæй адæм ис, фæлæ уæддæр. Кæд нæ тыхсынц. Æз дзы ра- 54
гæй нал уыдтæн. Арæх æй æрымысын, æппынæдзух мæ хъуыдытæ уыцы быкæтты цоппай кæнынц, марадз зæгъч кæд сæ ардæм æрæмбырд кæнын мæ бон у. - Цы сын у хæхбæсты адæмæн дæр, цард сын æрцыд æмæ ма хуыцауы дæр сæхицæй хокьтнц цы, æрмæст ма дæ уидыгыл хæцын фæраз, уый едтæмæ дæ æндæр ницыуал хъæуы, - дзырдта Дзачдор æппæлæгау, афтæ йæм каст, цы- ма ацы чындзæхсæвы барджын кæй у, сгыр хуынтимæ кæй æрцыд, уый тыххæй йт^н хъуамæ алчидæр сæрмагондæй райсид йæ къух æмг: ^æгьид йæ иууыл зæрдиагдæр ныхæстæ: «Лæг дæ, Дзандор, æмæ лæджы митæ кæныс». -.Бынтон афтæ нæ уыдзæн, фæлæ... Амырханы цæсгом фæрухс, - æцæг дæ фæрсын, æцæг. - Æз дæр хъазгæ нæ кæнын, фæрсыс мæ æмæ дын дзу- апп дæттын. - Æгайтма. Кæд афтæ у, уæд мæ уд дæ пывонд. - Нæ сæйраг тыхсинаг фæндаг уыдис, уæлдайдæр зымæ- гон, уый ды мæнæй хуызда:р зоныс, æмæ уал уымæй ирвæзт стæм, алы хъæумæ дæр фынджы хуызæн, æгæрыстæмæй сæрвæттæ æмæ уыгæрдæнтæм дæр, электроны рухс нæм судзы, зымæгон йедтæмæ ма дын адæм сугыл да^р æввæр- сынц. - Уæдæ? - Уæдæ æмæ газ, æппынæдзух архайæм газæй. Нырма нæм балонты ласынц, фæлæ рæхджы æрдзон газ дæр уы- дзæн, поселочы трассæ ууылты цæуы æмæ нын дзы куыннæ авæрдзысты, иу комбæстæ не стæм, - Дзандор бахъæлдзæг æмæ Амырханы уæхскыл йæ къух æрæвæрдта. Машинæты сигнал нал æмæ нал æнцад. Адæм баз- мæлыдысты сæхнмидæг. Чындзхæсджытæн къæсæрыл ба- дардтой фæйнæ дзæбидыры, стæй сын радтой се ’гъдау ара- зыны фадат. Амырхан æмæ Дзандор нап фæхицæл сты. Фынгыл дæр кæрæдзийы цинæй уыдысты уæлдай хъæлдзæг. Алы хæрд æмæ нозтæн бынат дæр нал уыд. Каньяктæ, арахъхъ, сæн, бæгæны сæхи нуазæн мигæнæнтимæ, шаглпайнаг сæиы æвг- тæгомнæмауыдысты æмæфынгыл æрт г.тойдардмæ. - Адон та чи байгом кæндзæн, - Дз^ндор амонæн æн- гуылдзæй ацамыд^’а æрттивагхъуыр авджы ’рдæм æмæ ба- каст Аглырханмæ. - Уыдон лæппу æмæ чызджы номыл слы, сæ цæрæн- бонты тыххæй сын куы ракувой, уæд та уыдон рад уыдзæн. 55
- Ног æгъдау? - Бынтон ног нæу, фæлæ йын рагон схонæн дæр нæй, - дзуапп радта Амырхан æмæ ма йæм бафтыдта: - Кæмæн ис, уый, дам, йæ рагон мæрдтæн дæр уадзы дугъ. Ацы æгъдау хъæзныджытæ æрымысыдысты, фæлæ нæма æрфидар. Дзандор хъуыста æмæ аивæй каст фынджы æгъдаумæ, адæмы уагахастмæ. Алгъуызон цæхджынтæ, салаттæ, иу- цалдæр хуызы кæсаджы фыд, тæнæг, стæй бæзджындæр кæрстытæй, æнæхъæнтæй, сау æмæ сырх еугæф, карчы фыд, хъыбылы дзидза фыхæй, физонæгæй, дзондзолийы цæх- джынтæ, иу-цалдæрæн дзы сæ нæмттæ зонгæ дæр нæ бакод- та, фæрсын та йæ сæрмæ нæ бахаста. Хастой уæливыхтæ, цæхæраджынтæ, фыдджынтæ, физонæг, дзидза къуыдыр- фыхæй. Амырханы тæбæгъы Дзандор æрæвæрдта нардхæц- цæ егъаугомау сины хай. - Фен-ма, фен, кæддæра ма иннæ хæринæгтæ дæ зæр- дæмæ фæцæуиккой, - хаты Дзандор æмæ æнхъæлмæ кæсы дзуапмæ. - Бузныг, - загъта Амырхан æмæ кардæй æрлыг кодта дзидзайы кæрдих æмæ йæ, фыхæй уынæгау, схаста йæ дзыхмæ, стæй зулмæ бакаст Дзандормæ. - Ахæм дзы никуыма федтон, цæмæй йын зоныс, цæ, йæ ад, дæ дзыхмæ куыницыма систай, уæд? - Æппын мацы зонæм, фæлæ та нæхимæ фыдызгъæлы ад дæр нал зонæм, - Дзандор дзуапп радта сæрыстырæй æмæ дзы йæхæдæг дæр систа иу кæрдих. - Нæ дæ ’мбарын, Дзандор, - Амырхан та хъуамæ иу кæрдих систаид йæ дзыхмæ, фæлæ йын, дзуапмæ æнхъæл- мæ кæсгæйæ, баззад тæбæгъы. Дзандор сæрæй кæронмæ радзырдта кусæрттаджы ха- бар, иучысыл сæ дыууæ дæр æнæдзургæйæ абадтысты æмæ та Дзандор адарддæр кодта ныхас. - Афтæ у, йе, ме ’рдхорд, хæдзар аразынæн астæу хъæуы, фæрæзтæ, уавæртæ, фадæттæ. Исчи ма мын афтæ куы зæ- гьид, мæнæ дын иу милуан æмæ дæхицæн хæдзар сараз, уæд ма йын сæ йæ сæрыл дæр фæхоин, афтæ сфæлмæцыд- тæн. Амырхан нал схæцыд йæ сæрыл, иудзæвгар дзы сыбыртт нал схауд, йæ къух нал фæкодта фынгмæ, йæ зæрдæ, дойнаг дурау, уазал хаста. Адæмы цины хъæлæба хуыдуг кодта ца- хæмцæр æнæсæрфат дзолгъо-молгъо уынæры, сæ цæс- гæмттыл цыма фæлм рахæцыд, уыйау æм дзы иу дæр нал 56
зынд, нал æм хъуыст фæндыры цагъд. Фынгыл цыдæрид- дæр хæринæгтæ уыд, аргъæутты фыдусы æлгъыстау, фе- сæфт сæ хуыз, кастысты йæм, адæймаджы фарсыл чи нæ ба- хæцдзæн, ахæм хойраг. Хыдырыл ма дардмæ йæ цæст схæ- цыд, фæлæ йæм ацы хатт фæкаст, йе ’рхытæ иууылдæр ми- дæмæ кæмæн сты, ахæм адæймаг æмæ йæм нал цыд йемæ фембæлын. Хистæр цы ракуывта, уый Амырханы хъустыл нал æр- цыд, фæлæ бадты адæмæй чи куыд фæраздæр, афтæ схъуырдухæн шампайнаг сæны авгимæ. - Дзандор, бахатыр кæн, æз ныртæккæ æрбаздæхдзы- нæн, афтæ мæм кæсы, цыма чысыл мæ сæрæн нæ дæн. - Æз дæр демæ ахизон? - Нæ, нæ, мæхæдæг. - Амырхан сыстад æмæ йæ ничи фæфиппайдта, афтæмæй, зындонæй фервæзæгау, атындзы- дта хæдзармæ.
ХЪÆУУАТ Радзырд Æрхы тæккæ фарсмæ, уæлвæзы, рагон гæнахы систæ дæр нал зындысты хæмпæлæй. Æниу цалынмæ хъæубæсты адæм сæ тæккæ цардыл уыдысты, уæдцæр сæ гæиахы ни- цыуал хъуыддаг уыд æмæ баззад рохуаты, æрмæст ма лæу- уыд æмæ дардыл фæлгæсыд фыдæлтыккон мæсыг фисын- калдæй. Лæугæ бæргæ кодта, йæ кæддæры кад æмæ хъæ- дгæмттæй сæрыстыр уæвгæйæ, фæлæ, таурæгьтæ кæньЫæй бафæллайæгау, бандзыг йæ мидбынаты æмæ нæ дæр цæстæй каст, нæ дæр йæ бон дзурын уыд, бакъуырма, йæ дæлвæдджи уæзгуытæй фæздæг куынæуал скалд, царды бæрджытæ сæ куы бамыр сты, уæдæй фæстæмæ. Зымæгон ын йæ хъуына фæрстæ хойынц карз тымыгътæ, къæвда рæс- тæджы та йæ тигътыл, цæссыгау, лæсæктæ кæнынц доны суадæттæ. Хур бон дæр вæййы æрхæндæг, æвæццæгæн æм нæ хъары хуры тынты узæлд, мæргъты цъыбар-цъыбур, æрдзы рæвдаугæ комулæфт æмæ лæууы æфхæрдгъуызæй. Фæлæ уæддæр лæууы, нæ цуды æмæ зыны дардмæ. Йæ сæр- мæ зилы хæххон цæргæс, хатт цъæх арвы риуыл нындзыг вæййы, афтæмæй йæ дардмæ уынæг цæстытæй ныккæсы, цалда^р азы фæздæг кæмæй нал скалд, уыцы хъæууаты хæдзары хæлдтытæм æмæ та, ленкгæнæгау, йæхи айсы зымбадæн къæдзæхты ’рдæм. Мæсыджы уæлæ уалдзæг дзы- лытæ æмæ æидæр къаннæг мæргътæ саразьшц ахстæттæ, сæ мыггаг бирæ кæкыны тыххæй сын æрдз цы хæрзиуджытæ балæвар кодта, уымæ гæсгæ, фæлæ та сын сæ фæззæджы æмæ зымæджы ныххæлæттаг кæнынц дымг.зетæ. Рæстæгæй- раестæгмæ сьлгьиты дзуг æрцæуы æрхмæ, дон нуазынмæ, æмæ та у&я кæрæдзи фекыкц æнусты щлртдзæвæн æмæ зæххои цæрæгойтæ. Афтæмæй а:;æй-азмæ бæзджын кæны, -^æсыджы кар бæрæггæнæг, цъæ>. хъуыиа. Мæсыг кæддæр йæ алыварс цы бæстыхэ^йттæн дзырдта йæ таура^тлæ, з^ыдонæй дьер бирæты къултæ фесты хæм- палы бык, Ахæм хæмшсл æрзайы æрмæеедæр Х7>æууаты. Нал дзы уьглг бæрæг вæййы, нал - сых, нал - æмбоид æмæ 58
арæнтæ. Уыцы хуызы йæм чи нæ бафтыд, йæхи цæстæй йæ чи нæ федта, æгæрстæмæй, хур бон дæр, уый, æвæццæгæн, нæ бауырндзысты мæ ныхæстæ, фæлæ дзы æрымысæггагæй мисхалмæ дæр ма фехсайæд зæрдæ. Адто бæргæ тындзыдта, фæлæ сæ хъæумæ къахырæй куы бакаст, уæд йæ цыд фæсабыр, хъæугæрон æрлæууыд æмæ байхъуыста йæхи зæрдæйы куыстмæ. Алфæмблай йæм каст æгуыппæг, æдзæрæг, кæд цъырцъырджыты хъыррыст æмæ мæргъты цъыбар-цъыбур хъуысти, уæддæр. Лæг цæуы зивæггæнгæ, бæргæ йæм зын каст хъæуы арæнтæй бахизын, фæлæ раздæхын йæ сæрмæ нæ бахаста, нæ йæ бауырныдта æххæст, ахæм зæрдæйы уаг æм кæй сæвзæрд, уый. Кæддæр цард кæм тæлфыд, кæм райгуырд, йæ цæрджыты стырæй- чысылæй кæмæн зыдта, куывдтæ æмæ чындзæхсæвтимæ йæ цард кæм æрвыста, уазæгæн нæртон фысымы лæггад кæм кодта, уый йæм каст фынфенæгау, æнахуыр æмæ тæссаг. Цалдæр азы æдзæрæг хæдзæрттæй чи кæлæддзаг у, чи - зылынтæ, чи - хæлд, кæмæн та дзы йæ ныв дæр рæст- мæ нал зынди. Ранæй-рæтты зындысты кауы михтæ, ду- рæйамад æмбæндтæ, æнæдуар, æнæрудзынг къултæ, къæй- дурæйарæзт асинтæ, дурдзæджындзтæ. Азæй-азмæ сыл хылди хæмпæлгæрдæг, фæлæ та-иу æй мит æрнадта æмæ хъæуы бæрджытæй бирæтæ нæ бакуымдтой æмбæхсын, фæ- лæ уæддæр уыдысты куырм æмæ къуырмайы хуызæн, раст цыма кæддæры нæргæ цæрæнуаты тугдадзин сысгæ бакод- та, уыйау. Адтойы цæстытæ андæгъдысты къаннæг сырхсæр мар- гъыл. Уый бадт калцæг кауы михыл, æдас уыд, исчи йæ бахъыгдара, уымæй. Лæг йæ цæстытæ цалдæр хатты ахгæ- дта æмæ та æдзынæг ныккаст маргъмæ. Чысыл цыма йæ зæрдæ йе ’муд æрцыд, фæныфсджын æмæ хъæуы астæуты нал, фæлæ йæ иувæрсты фæраст къуылдымырдæм, æрлæу- уыд мæсыгмæ’ дæрддзæфгомау æмæ уырдыгæй фæлгæсыд дæлæмæ. Уырдыгæй йæм дзæбæх зындысты хъæууат, ком- бæстæ, хъугом, сæрвæттæ. Иудзæвгар фæлæууыд, стæй йæ зæрдæ бынтон йе ’муд куы ’рцыд, уæд æрбадт цъæнуты гу- баккыл. Чысыл раздæр кауы михыл бадгæ цы рæсугъд мар- гъы федта, раст ахæм, фæкъæрт алгъуызон хъæлæсæй за- рынмæ. Адто ма йыл дис дæр бакодта, уый бæрц тых æм кæ- цæй разынд, уый бæрц уæлдæф дзы заргæйæ кæм бацæуы, уый тыххæй; йæ зæрдæ бахъæлдзæг, йæ мидбылты бахудт æмæ дзы йæ цæстытæ нал фæиппæрд сты, цалынмæ атахт, 59
уæдмæ. Афтæ йæм фæкаст, цыма ныр иунæг нал у ацы хъæууаты, фæлæ дзы фæзынд, чи йыл баузæла, чи йыл ба- цин кæна, ахæм фысымтæ. Адто цæстæй агуырдта, рæстмæ чинæуал зынд, уыцы хæдзæртты дæр. Йæхи хæдзары æмбæрзæн хъуаримæ æв- нæлд нæ уыд, фæлæ базæронд, ныссау, цалдæр раны фæцис цæрдхуынчъытæ. Дæргьæй-дæргъмæ скъæты сыджытдза- рыл баззад цалдæр азы кæрдæг æмæ зынд æнæкарст нæууы гæппæлы хуызæн. Лæджы цæстыты раз цадæггай тæлфын райдыдтой сæ хъæуы царды нывтæ. Раздæр уыдысты иу- уылдæр тъæпæнсæр агъуыстытæ, кæрæдзийæ бирæ ницæ- мæй хицæн кодтой, фæлæ дзы фæстагмæ фæзынд хъуари- сæртæ дæр. Мæнæ ма, зæгъгæ, адæмæн сæ райгуырæн уæз- гуытæм уарзондзинады æнкъарæнтыл рæстæджы уазал комулæфт нæ бакалд иу-цалдæр азы, уæд алчи дæр йæ зæ- ронд агъуыст раивтаид ногæй æмæ æрбæстон уыдаиккой сæ царды фæндтæ дæр. Зымæджы дыууæ бонæй дарддæр дзы хъаст дæр ничи кодта царды уавæртæй. Сæ бакомкоммæ, уæртæ уыцы къуылдымыл, кувæндон уыд. Адæймаг ма уæдæ уымæй дзæбæхдæр æмæ райдзастдæр кæм хъуамæ абада. Адто йæ худ йæ сæрæй куыд систа, уый нæ фæхатыд. Бирæ уарзта уырдæм куывды цæуын. Уæдæ-иу дзы куыннæ уыд хæрд, нозт, фæлæ дзы лæджы фырт нырма никуы фæ- расыг. Цъæх нæууыл бадынæй куы бафæлмæцай, уæд дзы дæхи чердæм аирхæфсай, уый нæй æви цы. Чысыл фалдæр уазал, цæстысыджы хуызæн сыгъдæг суадон, адæймаг дзы нуазынæй нæ бафсæддзæн, хæрзад æмæ тайæн, æниу, къæ- дзæхы фастæй чи æнхъизы, уыцы суар, бирæтæ йæм бахæ- лæг кæнынц катæйттæгæнгæ, ома, ахæм дзæгъæл ран æнæ- хъуаджы цæмæн сæфы æвдадзы хосы хуызæн æрдзы хæзна. Цæугæдоны фаллаг фарс наз æмæ нæзы хъæд, бæрз. Куыд сæ ныууагъта, афтæмæй лæууыдысты, кæй зæгъын æй хъæ- уы, уæдæй нырмæ тала дæр рæзы, фæлæ йæм уыдон дар- дмæ нæ зындысты, æрмæст стыр мит нæзы бæлæстæй бирæ афæлдæхта, уæлдайдæр, æмуырдыг æмæ хуырбынæтты чи зади, уыдонæй. Комбæсты æрдзон бынæттæн ис, адæмы ’хсæн чи баззад, ахæм нæмттæ. Адто сыл йæ цæст хаста æмæ сæ нымадта, хъуыды ма сæ кæны æви нæ, уый бæрæггæнæг. Алцы дæр дзы йæ зæрдыл мæлæты хорз бадардта, никуы ферхæцыд. Алы ном дæр ын хаста цахæмдæр æхцондзинад æмæ,-иу æй йæ мид-зæрдæйы, сфæлхатт кодта цалдæр хат- ты, куы та æргомæй дæр. Кæй никуы ферхæцыд, уый тых- 60
хæй фæбузныг йæхицæй æмæ та йæ цæстытæ, йæ хъуыдытæ æрыздæхтысты хъæумæ. Хæхбæсты цыдæриддæр куыстытæ ис, амы хуызæн æнцонвадат никуы сты. Хуымгæнд хъæуы тæккæ фарсмæ. Дæ аходæн хъæуы бахæр æмæ та дæ куы- стмæ аздæх. Сыхаг хъæуты цæрджытæ йын хæлæггæнгæ, феппæлынц йæ хосгæрстæй. Æмткæй æрдзы равæрд ныв- гæнæгæн - цæттæ хæзна, йæхæдæг цардæгас фантази. Æниу ын æвæдза йæхицæй аивдæр нæй ныннывгæнæн дæр. Сы- хаг хъæутæй йæм иуæй-иутæ дзæбæх зындысты. Иуæн дзы йæ тæккæ астæу лæууыд уæзласæн машинæ. Хæрз æрæджы йæм арæзт æрцыд фæндаг æмæ ма йæ цæрджытæй чи баз- зад, уыдонæй уæдæй фæстæмæ цом ничиуал загъта. Судзы сæм электроны рухс дæр. «Ахæм фадæттæ мæ рæстæджы куы уыдаиккой, уæд та кæдæм мæрттæм хауттæн», - мæ’с- тæйдзагæй йæ сæр банкъуыста Адто æмæ йæ фарсмæ цы бæрзонд хæтæл лæууыд, уымæ февнæлдта æмæ йæ сыс- къуыдта бындзарæй. Адто бады хъæуы сæрмæ цъæнуты губаккыл æмæ нал сæрибар кодта йæ мысинæгты уацарæй. Хаттæй-хатт йæ бæзджын сау æрфгуытæ æрфæлдæхынц гæзæмæ даргъæл- вæст стыр донгъуыз цæстытыл æмæ уæд маст, æви фæсмо- ны æнкъарæн аивы цæсгомы хуыз. Фæлæ иугæр уадулты хæцъæфтæ схъазыдысты хурсыгъд цармы бын, къухты став- дгомау æнгуылдзты ’хсæн бахауд хæтæл кæнæ цъæнутгæр- дæджы хал, уæд уый зон, æмæ йæ тæмæны бацыд мид- зæрдæйы тох. Фæстаг хатт ма зиуы куы карста, уæд уæлæ уыцы уыгæрдæны тæккæ цъуппæй ракаст раст аходæнафон. Ныртæккæ йæм афтæ каст, цыма йæ уырдæм тæсчъы дæр ничиуал схæсдзæн. Уæд иу уисæн цыппар хосдзауы рахи- зын кодта. Æниу æй цæвæг дæр арæзта, æндæра дзы уымæй тъæпæндæр лæппутæ та куыннæ уыд. Фосæн та сæ фыййау цæуын дæр никуы бахъуыд. Райсом раджы сæ хъæуæй ахи- зын кæн æмæ дæм изæры сæхæдæг фырæфсæстæй, лæф- лæфгæнгæ, æрцæудзысты. «Ехх, æвæ-дза, иууылдæр нæхи аххос уыд, нæ базыдтам цæрын, - лæджы къухты цы кæр- дæджы хæлттæ æмæ хæтæлты скъуыдтæ ныммур сты, уы- дон фехста æмæ фыццаг йæхи уæлгоммæ ауагъта, стæй æр- зылд йæ рахис фарсыл, рæмбыны къæдз зæхмæ фæбыцæу, æмæ, армы тъæпæныл уадул авæргæйæ, каст йæ алфæм- блай зонгæ æрдзы æвæрдмæ. - Цуанон, дам, цы хох нæ бас- гара, уый сырдджын фæхоны. Афтæ нæм каст, цыма искуы уидыгæй хæргæ у. Уый ма зонай, æмæ дзы алы ран дæр ку- 61
сын хъæуы, хид калын», - йæхиимæ ныхасгæнæгау дзырдта Дцто уайдзæфтæгæнгæ, æмæ ацы хатт цъæнутæй цы хал ра- тыдта, уый уайтагъд фæмидæг дæндæгты ’хсæн æмæ гæп- пæлгай схъиудтой йæ лыггæгтæ дзыхæй. «Ныры хуызæн, зæгъгæ, базайрагæн аргъ уыд^ уæд ма дæ уæдæ æндæр хæрзиуæг цы хъуыди, фæлæ... Йæ цæрæнбонты фос чи нæ федта, уый дæр-иу адæймагæн зондамоныныл схæцыд, мæ- нæ афтæ бакæн, мæнæ афтæ сараз, зæгъгæ. Сæ хъæуы ацæр- гæтæй алчи дæр фылдæр зыдта цыфæнды аграномæй. Хуым кæнынмæ кæд ацæуын хъæуы, кæцы зæххытæ сты раздæр хуымкæнинаг, байтауын сæ кæд хъæуы, адæгæй ла- сын, æмæ нæ мæнг кодта сæ хоры æрзад. Уæдмæ дзы фæ- зынд æндæр зондамонджытæ, æмæ бæркад цыдæр фæцис, раст æй цыма хæйрæджытæ фæхастой. Фæстаг хатт Адтоты хæдзары цы дыууæ галы уыд, уыдон хуызæн дзы нырма йе скъæтæй никуы ничи рауагъта. Зыдтой сæ æнæхъæн комбæсты цæрджытæ дæр. Чи нæ сæм батæхуды кодтаид, ахæм нæ уыд, сæ ас, сæ бакаст дæр уыдысты цасдæры аргъ. Иннæ ахæм æхсырдæттæг фос. Цыхт æмæ царвæн æф- снайæн дæр нæ уыд. Сæрдыгон хизæнты колхозы урссагæй къаддæр нæ уыд цæрджытæн сæхи фæллой. Адто цæрдæг фестад, йæ зæрдæ уыд хъæуы астæуты ази- лын, фæлæ та йæ ныфс нæ бахаста, æви æндæр фæндтыл фæхæст æмæ раздæхтис фæстæмæ. Дыккаг бон, æртæх æххæст нæма бахус, афтæ та Адто ба- хæццæ хъæууатмæ цæвæг æмæ хъæсдарæджимæ. Знон цы къуылдымыл бадт, уырдæм æй бахастой йæ зæрдæ, йæ къæ- хтæ æмæ чысыл йæ фæллад суагъта, цæвæджы ком хъæсда- рæгыл рарæстытæ кодта, йæ фæрстыл ын асæрфтытæ кодта цыргъгæнæн æмæ райдыдта кæрдын. Уыцы бæрзонд хæм- пæлгæрдæг куы афæрсылтæ, уæд чысылгай разындысты уынгтæ, хъæуы бæрджытæ, фæрайдзастдæр лæджы зæрдæ, фæныфсджын, æмæ йе ’нгуылдзты ’хсæн тынгдæр æрбал- хъывта цæвæджы хъæд. Кæрды Адто. Хатт йæ цæвæг сныдзæвы дурыл, куы та йæ бырынкъ фæсæдзы зæронд æмбонды, æмæ уæд куыст цас- дæр бакъуылымпы вæййы. Цæуы размæ Адто. Кæрды æр- мæстдæр, хъæуы астæуты цы сæйраг уынг уыдис, ууыл. Зæх- хы цъар кæм фæзыны, уырдыгæй йæм сдзурынæввонг вæй- йы хионы хъæлæс. Разындысты ныхасы бадæн хъæд æмæ дуртæ. Адтойы зæрдæ йæхи риуы къултыл бахоста. Иæ цæс- тытыл ауадысты, арæхдæр дзы чи бадт, уыцы ацæргæ лæг- 62
тæ. Афтæ йæм фæкаст, цыма та сæм ныр дæр æнхъæлмæ кæсынц сæ бадæнтæ, фæлæ хъæды бутьройы згъæлæнтæм куы ’ркаст, дуртыл дымгæ цы сыджыт февæрдта, ууыл йæ цæстытæ куы андæгъдысты, уæд йæ зæрдæ бауынгæг æмæ цæвæ^-хъæды æнцой лæугæйæ баззад, нал æй фæнднд ку- сын, фæлæ ма уæддæр бахæццæ йæхи хæдзары дурын сис- мæ, дурын асины онг. Уайтагьд базыдта йæхи æвæрд къæй- тæ. Уыдон æндæрхуызон дæр нæ баисты, пæ сын батых код- той къæвдатæ, мит æмæ тымыгъ. Дзæбуджы цæгатæй йæ ном æмæ йæ мыггаджы фыццаг дамгъæтæ кæуыл ныффы- ста, уыцы дур разынд. Адтойы æнгуылдзтæ йыл сæхи ра~ сæрфтой, зыр-зыргæнгæ. Ныр æм хъæу æдзæрæг нал кает. Цыма йе уæнгты баст феуæгъд, йæ хъару фæфылдæр быка- ты хицауы ныфсæй, уыйау та бавнæлдта кæрдынмæ. Хадаа- ры дуары онг бæргæ бахæццæ, къухæй йæм бавналинаг бæргæ уыд, фæлæ йыл цавæрдгер тых фæхæцыд æмæ фер- гъуыйау. Уæддæр ма иу цæстæй бакаст мидæмæ дуары зы~ хъ;-ьырæй æмæ уæц раздæхт ифхæндæг зæрдæйæ, нæ дзы федта æипыидæр царды бæрджытæ. Умцы рæстæджы Адтойы хъустыл ауад мащт*æйы уынæр æмæ фестъæлфыд, ;;æд йæхæдæг сыхаг хъæумæ \?а- шинæйы Ьацыд, )æддæр. Уаапгьд æрбайсæфт, чысьтд раз- дæр æй алы ’рдыгæй цы æрхæндæг æмæ æнæзоигæ тых æр- балвæста уый. Машинæ кæд æххæст ацы хъæууаты онг на: хæццæ кодта, уæддæр йемæ лаота царды ныфсытæ, 3;'ирæ фæрогдæр сты, тсомбæсты ма цæргæйæ чи буззад, фæстæмæ цæрынмæ чи æрыздæхт, уыдон царды уавæртæ. Хосæй йæ байдзаг кæк æмæ йæ балас дге тæккæ хæдзары фарсмæ. От дæр ыя æрбалас. Дæ зымæджы мæтæй дæ ф^рвæзын кæ л- дзæн æмæ ма дæ уымæй хæрзиуæгдæр цы хъæуы. Фæьдаг йæ мад амæла, фæндаг, æмбал ын нæй, æнæуи адæймаг 6и - рæ хатт баззайы бастау йæ хъуыдытæ æмæ йæ бæлъицтимæ. Фæндаг кæдæм цæуы, цард дæр уым тæлфы„ Уæдæ ма ацк хъæумæ æдæрсгæ уæрдон дæр тылдаид, кæддæра йæ цæр- джытæй исчи «цон», зæгъгæ, загътаид. Райгуыр^а уæзæ- гæй фæлидзын æнцон мыййаг пæу, цыфæнды зын уавæртæ дзы куы уа, уæддæр. Æниу скъуынын та кæд акуымттой. Уæд Адтойæ дæр ферох уыдаид йæ фыдыуæзæг æмæ ныр мæнæ, сæ дурын асиньт сæр лæугæйæ, æнкъард сагъæсты уæзæй нæ ризиккой йæ уæрджытæ, йе уæнгтæ, йæ хъæу- бæсты царды нывтæ йæ нæ батыхтаиккои фæсмоны хызы. Машинæ куыд æввахсдæр кодта, афтæ йæ маторы нæ- 63
рын тынгдæр арыдта кæмттæ, цыма æгомыг хæхтæ сæ фынæйæ райхъал сты, уыйау бæрзондæй ныллæгмæ касты- сты джихæй. Уæдмæ машинæ дæр бахæццæ сыхаг хъæумæ æмæ æрлæууыд йæ тæккæ астæу. Дзæбæх зынд Адтомæ. Лæг æрбадт дурын асины сæр æмæ, стыр æхцондзинад æн- къаргæйæ, нал æфсæст йæ райгуырæн комбæсты уындæй, йæ хъуыдытæ йааахастой æвзонджы бонтæм. Цыдæр фарн ис зæххыл, фæлæ дзы алчи æмхуызон хайджын нæ вæййы. Хъысмæт иутæн нæртондæр у, иннæтæн та æлгъиндæр æмæ йын уыцы хъулон ми йæ цæстмæ ничи бадардзæн, ничи дæр ын амонгæ исты бакæндзæн. Æниу хъусгæ та кæмæ кæны, йæхи цы фæнда, уымæй дарддæр дын ма фæчъил уа, ма дын фæтæригъæд кæна адæймагæн. Адто йæ фыды хорз хъуыды кæны. Ацы хъæуы райгуырд, мæлгæ дæр ам акодта. Ацы бæстыхæйттæ аразыныл бирæ хьару бахардз кодта йæ къобор галтимæ. Дур- ласгæ, хъæдæрмæг - ласгæ. Иу-цал- дæр хатты та хъæды баззад æхсæвæддæ. Утæппæт хъæдæр- мæг фадын ын бынтон асаста. йæ хъару. Хæдзæрттæ сцæттæ сты. Æмæ дын мæнæ адæймаджы фыдæбæттæ, йæ фæл- лæйттæ. Хæлæттаг фесты æнæхицауæй. Æвæццæгæн, цал- дæр азмæ йæ ныв дæр нал зындзæн æмæ ма йын искуы ног фæлтæртæ йæ цард бæрæг кæндзысты систæ æмæ дурты хъуынамæ гæсгæ. Адæймаг кæдæмфæнды аивæд, кæмфæн- ды цæрæд, алы ран дæр зæхх у йæ дарæг, уый йын аразы йæ къух, фæлæ адæймаг йæхæдæг у æнæнцой зæрдæйы хицау æмæ хатт бахауы цахæмдæр æнæнцой хъуыдыты уацары, ныссаджилтæ вæййы йæ зæрдæ. Адтойæн фæфидардæр сты йæ ныфсытæ. Йæхи чын- дзæхсæв дæр раст ацы хъæуы сарæзта, йæ ногарæзт хæдза- ры. Хъæууынгты адæмæй азмæлæнтæ нæ уыд, иу-цалдæр ранæй хъуыст фæндыры цагъд, æмдзæгъд. Дыууæ æхсæвы нæ бафынæй сты сабитæ дæр. Æнæхъæн къуыри хъæубæсты дзуринаг уыд Адтойы чындзæхсæв. Йæ хæдзар никуы рааф- тид^ уазæг сæм цы ’хсæв нæ бафысым кодтаид, уыцы бон æм цæрын дæр нæ цыд. Цымæ искуы уый æнхъæл уыд, æмæ ахæм хæдзары дуæрттæ зæгæлæй хуыинаг фæуыдаиккой. Ныр æм æввахс бацæуын йæ зæрдæ тæргæ дæр нæ кæны. Йæ цæвæг-иу цы аххæрæгыл æрцауыгъта, ууыл, æвæццæ- гæн, фæтагъд æмæ йыл рахæцыд урс хъуына, фæзындысты йыл тъæпæнгомау зокъотæ дæр. Æфсадмæ куы ацыд, уæд афæдзæй фылдæр йæ хъуыдытæ æппынæдзух уыдысты райгуырæн хъæуы. Æндæр зæххыл цæрæн бынат бацагуры- 64
ны тыххæй æфцæджы сæрты куы ахызт, уæдæй фæстæмæ та йæ сæ хъæуы уæлмæрд æмæ фисынкалд мæсыг бакодтой дуарахæсты. Цыдысты йæм фыныгъдауæй, азымы йæ дард- той, фæлæ цæй тыххæй, уый никуы сæргом. Уæлмæрд дæр хæмпæлы бын фæцис, адæймаг ма йæ скæнид рагон, неза- мантæй фæстæмæ чи лæууы, ахæм цыртдзæвæн, афтæмæй дзы йæ фыд Елмæрза хæрз æрæджы æрцыд ныгæд. Бирæ фыдæбон федта, бирæ мæстытæ бавзæрста. Адто арæх æры- мысы районы минæваримæ Елмæрзайы ныхас. Йæ зæрдæ- йы, хъамайау, ныссагъд æмæ ма риссы абон дæр. Уазджытæ дæр стыр хæйрæг ми сарæзтой, æндæра сæм ахæм цыт зынтæй æрхаудтаид. Елмæрза уазæгыл ахуыр уыд, куыддæр сæ хъæууынджы фæндаджы хъæбæрыл лæугæ федта, афтæ та йæ зæрдæ бахъæлдзæг æмæ сæм æрхызт, фæлæ уыдон уыдысты цыдæр æрхæндæг, мадзура, къæмдзæстыг, сæ цы- ды сæр цæй тыххæй уыд, уый сæргом кæнын уæндгæ нæ кодтой æви сæ ирон æфсæрм дзурын не суагъта æмæ хабар аргъæвтой дыккаг бонмæ. Бæргæ сын æндæр исчи куы фæзындаид рауай-ма зæгъæг, фæлæ Елмæрзайыл зæрдæ- даргæйæ алчи йæ хæдзармæ куы афардæг, уæд ма уыдонæн дæр цы гæнæн уыд æмæ сæхи бакодтой,«кулачы» уазæг. Фысым уазæджы кæдæм æмæ цæмæ цæуынæй никуы фæфæрсы, кæд йæхæдæг хабæрттæ дзурыныл фæцалх уа, кæннод. Ныхасы бар фылдæр фысым^ вæййы æмæ сын Ел- мæрза дæр фæдзырдта хæхбæсты царды зын уавæрты тыххæй. Сæрд - цыбыр, зымæг - даргъ, фæндаг нæй, фæлæ уæддæр, æрдзимæ хъæбысæй хæцгæ, фыдæбæттæ кæнæм æмæ уый цардыл нымайæм. Кусарт сцæттæ. Æхсæвæры фæстæ уазджытæ ацыдысты иннæ хатæнмæ фынæй кæнынмæ. Дыккаг бон уазджытæ тьщг раджы сыстадысты. - Уазæг раджы куы сыста, уæд фысым тыхсгæ кæны, - Елмæрза хъуамæ бахъæлдзæг кодтаид уазджыты. - Цæмæн? - цымыдисæй афарста уазджытæй иу. - Цæмæн куы зæгъай, уæд уазæджы ирхæфсын хъæуы æмæ райсомæй фысымы уыдæттæм кæм февдæлы йæ хæ- дзары куыстытæй, уазæгæн лæггадæй. - Елмæрза ныххудт зæрдиагæй, æнхъæл уыд, уазæг ын ацы ныхæстæ дæр сбуц кæнынæн айсдзæн, фæлæ уазæг ноджы куы ферхæндæг, уæд йæхæдæг хорзау нал фæцис. Уазджытæ куыд дæр сæхи ахсадтой, афтæ æрхызтысы кæртмæ, семæ Елмæрза дæр. - Елмæрза, бæргæ дæм цæсгом нæ хъæцы, хорз фысымы У 65
лæггад нын кæныс, фæлæ ныи хатырæй фæуæд, куыст уæд- дæр куыст у æмæ... - цыдæр зæгъынмæ ма хъавыд, хъуыддæгтæ иууылдæр йæхимæ чи айста, уыцы уазæг, фæ- лæ йæ бон нæ бацыд кæронмæ йæ хъуыдытæ сæргом кæ- нын. - Хъусын уæм, цы зæгъæг стут? - Кулæктæм хаст чи у, уыдоны номхыгъды ды дæр дæ æмæ дын дæ фосæй хъуамæ аскъæрæм, - уазæг цæмæй йæхицæй тагъддæр азым систаид, уый тыххæй йæ дзыппæй фелвæста гæххæтт æмæ йæ æвдисы Елмæрзайæн. - Кæс æй, кæс дæхæдæг, æууæндын дыл. - Мæнæ дыл фыст ис дæс æмæ ссæдз фысы, фондз сту- ры, дыууæ галы, бæх. - Æмæ уыдонæй исинаг та цы стут, хæхбæсты цæрæгмæ ма уымæй къадцæр куы уа, уæд нæ дæр удæгæстæй у, æмæ нæ дæр мæрттæй... Хатыр мын бакæнут ме ’нæуæздан ны- хас, фæлæ адæймаджы хатг йæ зонд дæр нал афæрсы. - Исинаг та... - фæтыхст уазæг, - мæнæ гæххæтты фыст цы ис, уыдон хъуамæ колхозмæ бацæуой. Елмæрза исдуг йæ хъустыл нæ бауугендыд, фæлæ цьша йæ зæрдæ йемуд æрцыд, уыйау æрæджиау бамбæрста, ам уæды онг дæр кæй æрыхъуыста, уыцы кулæкты ныхас дам- думтæ нæ, фæлæ æцæг хабар кæй у, уый, æмæ кæд æмбæлон ныхæстæ зæгъын йæ бон нæ бацис фырмæстæй, уæдцæр, йæ сæрыстырдзинадæн тæрсгæйæ, уайдзæфтæгæнæгау, йæ ны- хас здæхта хъазыны ’рдæм. - Уæ рынтæ бахæрон, мæ дзæбæх уазджытæ, æмæ ма мæм искуы куы ’рбафтат, уæд ма та уын цы аргæвддзынæн? Уазджытæ дæр тызмæг ныхасæй тæрсгæ, сæ мидбылты æнæбары бахудтысты æмæ цæмæй Елмæрзайы зæрдæ фæ- фидардæр уа, уый тыххæй сæ иу къухæй амоны гæххæтмæ. - Уæ хъæуæй ма дзы ис мæнæ ноджыдæр æртæ хæдзары. - Мæ дыууæ фысимæ æз йæ кулак кæмæн дæн, уымæн цымæ хдæ мæгуыр та цы хуызæн уыдзæн. - Елмæрзайы цæс- гом фæтызмæг, йæ лулæйы тамако æрнадта, афтæмæй азылд, хъæубæстæй сæ алыварс чи лæууыд, уыдоны ’рдæм, - уæртæ скъæты сты æмæ сын цыфæнды кæнут, уæд- дæр сæгъ æлвыдæй фидауы, фæлæ ма уын уый зæгъæг дæр дæн; хъыг уæм ма фæкæсæт мæ ныхас, æвæццæгæн, рæх- джы фос уынæг киномæ цæудзыстæм. - Лæг азылд æмæ фæцæуæг хæдзармæ. Парахатзæрдæ, кæрдзындæттон адæймаг кулак хуыйны, 66
уый фыццаг хатт фехъуыста Адто. Тынг фæбузныг йæ фы- дæй, хылыл кæй не схæцыд, уый тыххæй. Афтæ барон ни- куы уыд, фæлæ ацы хатт фыдæнæнгæнæгау, йæхи баурæдта, йæ бон бацис йæхи баиргьæвын, йæхицæй дæр, хъæубæ- стæн дæр ныфсытæ авæрдта: «Уæ рынтæ бахæрон, кæд мыл истæмæй уæ зæрдæ худы, уæд мын æй зæгъут комкоммæ. Ацы папитæ сты æмæ сæ давгæ никæмæй ракодтон, стæй дæ хорзæхæй, цас самал кæнинаг сты мах хуызæн лæгджын хæ- дзарæн, фæлæ дæ цы фæнды... Цæй, хæлар сын уæнт мæ- гуыртæн, æз та кусæг лæг дæн æмæ куыннæ ссардзынæн цæрыны амæлттæ». Елмæрза йæ кæстæртæн никуы бацамыдта рæдыд фæндаг, æгад æм нæ каст кулакы ном дæр, уымæн æмæ йæ зæрдæ йæхиуыл ницæмæй худти, йæ цæргæ-цæрæнбонты нырма «дон мын авæр» дæр никуы никæмæн загъта, мæ бæсты уæрыччытæ сæрвæтмæ аздах зæгъын йæ сæрмæ ни- куы бахаста, æрмæст æппынæдзух йæ кæстæртæн фæдзæх- ста: «Цард зæххæй у, уæ рынтæ бахæрон, иугæр зæххимæ нæ цæдис куы фехæла, уæд-иу мæм уынаффæмæ мачиуал æнхъæлмæ кæсæд, æз æндæр царды хос нæ зонын, æмæ уын цы бацамон дзынæн ». Ацы бæстыхæйттæ йæхи арæзт сты. Адто дæр ын уыдис æххуысхъом, фæлæ уæззау куыстытæ иууылдæр йæхимæ хаудтой. Бадт æрмæстдæр йæхиарæзт ньщæфтыд къæлæт- джыныл. Цы фæцис, уый Адто нæ хъуыды кæны. Ахæм хæ- знатæ кæй нæ бафснайдта, уый йæ цадæггай тыхсын кодта, æмæ сæ кæуыл куыд æмбæлд, афтæ æфснайдта. Йæ цæсты- тыл-иу арæх ауад йæ фыды фæлгонц къæлæтджыныл бад- гæ. Йæ ныхас уыд уæзбын æмæ барджын. Уыцы бирæ би- нонтæ йын æнхъæлмæ кастысты йæ уынаффæмæ, хуыцауы дзырдмæ æнхъæлмæ кæсæгау. Амард, фæлæ, дам, фыды фарн мæрттæм нæ цæуы фæзæгъынц æмæ Елмæрзайы кæс- тæртæ дæр дæлæмæ не ’руагътой хæдзары кад: «Цæмæн ис- чи хъуамæ зæгъа Елмæрзайы амæлæты фæстæ утæппæт би- нонтæй иу нал разынд, хæдзары æнцой йæ бон балæууын кæмæн бауыдаид, ахæм. Афтæмæй куыстой æхсæвæй-бо- нæй. ^æ цæхх æмæ сæ кæрдзын дих кодтой адæмимæ, уазæ- гимæ.^ Хæдзарвæндагæй сæ Елмæрзатæ хуыдтой. Елмæрзаты скъæтæй дзы чи рацæуа, уымæн дзы æмбал дæр нæ вæййы. Адæмы ’хсæн баззад ахæм ныхас. Сæ галтæ ма-иу сыхаг хъæутæн дæр фæцыдысты æххуыс кæнынмæ, уæлдайдæр та 67
хуымгæнæнты. Ацы кæртмæ-иу оæм кастысты адæм, ацы кæрты цагътой сынæр, кусынмæ, хизынмæ дæр-иу ацы кæртæй ацыдысты. Кæд сæ колхоз йæхи)ъш банымадта, уæддæр сæм Адто йæхæдæг зылд æмæ сæ йæхи куыст дæр кодта æмæ колхозы куыст дæр. Мæнæ зæгъгæ сæхи хæдза- ры æргæвдинаг фесты, уæд сын, æвæццæгæн, сæ фыдыз- гъæл фынгмæ дæр не ’рхастаид. Æгайтма цы фесты, уый йæхи цæстæй нал федта. Уæдæ цæрæнбонтæм уыдон кæм цардаиккой. Дыууæ хъæуы колхозы адæмæй фæстейæ бирæ ничиуал баззад, æрæмбырд сты цъиуæй-бæдулæй скъолайы залмæ. Ахæм æмбырд дзы никуыма уыд уартæ колхозтæ сара- зынæй фæстæмæ. Æмбырдтæ та дзы куыннæ уыд, фæлæ сæм æппындæр нал цыдысты, колхозы уæхскуæзæй чи куы- ста, уыцы сылгоймæгтæ дæр. Ацы хатт сæ фæстейæ ничиуал баззад. Залы бадæн кæй нæ фæцис, уыдон та кастысты рудзгуытæй, алчи дæр сæ цымыдис кодта, фарст цæуыл ахицæн уыдзæн, уымæ. Цалынмæ ацы залмæ æрæмбырд сты, уæдмæ уынафйæйы дымæг нæ аскъуыд бинонты æх- сæн, хъæубæстæн сæхи мидæг, дзырдтой йыл ныхасы, куы- сты, фæндагыл æмæ-иу алыхатг дæр сæ хъуыды балхынцъ: фæллой мах сты, æмæ сын цы кæнæм, уый дæр нæхи бар у. Ахæм зондимæ æрцыдысты æмбырдмæ дæр. Дыууæ колхозы æнæмæнг хъуамæ баиу уой. Ахæм дзыр- димæ адæмы æрæмбырд кодта районы æрвыст лæг. Уыдис ма йын æвварсхæцджытæ дæр æмæ кæд тарст састы бынаты баззайынæй, уæддæр сыстад ныфсджынæй, тызмæггъуы- зæй, фæлæ хиуылхæцгæ. Йæ цæст ахаста адæмыл: - Æмбæлттæ, цард размæ цæуы, знон цы уыд, уый дзуапп нал дæтты абоны домæнтæн, абоны ногдзииад та райсом базæронд уыдзæн æмæ йæ бахъæудзæн ивын. Уый уымæн дзурын, æмæ абоны домæнтæн дзуапп нал дæттынц нæ лыстæг хæдзарæдтæ, ома, къаннæг колхозтæ æмæ сæ хъæуы фестырдæр кæнын, фæхъомысджындæр кæнын. Уымæ гæсгæ хъуамæ уæллаг хъæуы колхоз баиу кæнæм мæнæ дæллаг хъæуы колхозимæ. Афтæ пайда кæй уыдзæн, ууыл æз дызæрдыг нæ кæнын. Алчи дæр уæ ахъуыды кæнæд æмæ зæгъæд йæ хъуыды æргом. Лæг нæма æрбадт, фæлæ адæмæн ныхасы бар кæй радта, ууыл фæсмонгæнæгау, йæ цæстытæ зылдысты адæмыл. Цалынмæ адæм кæрæдзимæ ракæс-бакæс кодтой, уæдмæ сыстад Дæллаг хъæуы колхозы сæрдар, бакаст президиумы 68
’рдæм, йæ мидбылты хинæйдзаг худт бакодта, ома кæсут нæ царды уынаффæгæнджытæм, уыдон нын куынæ уаиккой, куынæ-иу сæ афæрсиккам, уæд нæ дон нæ иуæрдæм ласид, нæ иннæ ’рдæм. Иæ худ йæ дыууæ къухы æхсæн стымбыл, афтæмæй райдыдта: - Æз бирæ нæ дзурдзынæн. фæлæ, æвæццæгæн, ацы фарст раздæр уыд рахæссинаг адæммæ. Хуымæтæг ныма- дæй дæр зыны йæ пайда. Дыууæ сæрдары, дыууæ бухгалте- ры, дыууæ бригадиры, дарддæр сæ нал нымайын, кæй хардз кæнынц, уыдонæн уыцы фæрæзтæ æмбисыл куы ныллæу- уой, уæд, мæнмæ гæсгæ, колхозæн дæр пайда у æмæ колхо- зонтæн дæр. Ахъуыды-ма кæнут уæхæдæг, - адæмыл ма иу хатт йæ цæст ахаста, æмæ цыма йæ дзыхæй сыгъзæринтæ калд, уыйау æрбадт буц æмæ сæрыстырæй. Районы æрвыст лæгæн йæ зæрдæ йе ’муд æрцыд, афтæ йæм фæкаст, цыма ныр фарст алыг зæрдæйы фæндиаг æмæ колхозонтæй ныхасы бар райсыны тыххæй йæ къух чи дардта, уыдон кæд æгæр бабирæ сты, уæддæр æй уыдис йæ хъуыдытæ æмæ йæ фæкдты фæуæлахизы ныфс. Йæ цæст ахаста адæмыл æмæ ныхасы бар радта иу ацæргæ нæлгой- магæн, ома ныр чифæнды дзурæд. Лæг сыстад уæззаугай, æвæндонæй, иудзæвгар алæууыд сæргуыбырæй, йæ цъæх нымæтхуд ноджы тынгдæр сыздых- та уæзæгæвæрд хурсыгъд къухты ’хсæн, стæй нымæтхудимæ рахис цонг æрзæбул, галиу къухы хистæр æнгуылдз æрсагъд æвзагджын роны. - Мах стæм иу хъæубæстæ, иу колхоз æмæ иууылдæр ивæм нæ цæрæн бынат. Мæнæ нæм цы чысыл муртæ ис, æз зæгъын æрмæстдæр къахылцæуджыты тыххæй, уыдон дæр хъуамæ немæ аскъæрæм, иннæтæ кæйфæнды уæнт. Мах дæр дзы дзæгьæлы ницы фесафдзыстæм, стæй сæ фæса- рæнтæм дæр не скъæрæм, кæдæм цæуæм, уый дæр дард нæу, Советон Цæдисы территоримæ хауы. Адæм базмæлыдысты, сæ фылдæр нымдзæгьд кодтой, бахъæлдзæг сты, æхсызгон сын уыд, ныхасгæнæг сын сæ хъуыды кæй æргом кодта, уый æмæ фæныфсджын сты. Районæй æрвыст лæджы цæсгом фæтызмæг, тарæрфыгæй йæ цæст ахаста адæмыл æмæ ма кæд ныхасы рацæуыны тыххæй къухдарджытæ уыд, уæддæр дзы никæмæнуал рад- та ахæм уавæрæй спайда кæныны бар, уымæн æмæ бамбæр- ста, Уæллаг хъæуы цæрджыты фæндон, Дæллаг хъæуы цæр- джытæн та уæлдай нæ уыд, гал амæла - дзидза, уæрдон асæтта - суг. 69
Адто зæгъгæ кæд ницы кодта, уæддæр æмбæрста, дыууæ колхозы баиукæныны фæстиуæг цæмæ æрцæудзæц, уый æмæ тыхст йæхимидæг. - Кæй фæнды дыууæ колхозæй иу хæдзарад арæзт æрцæуа, уый, уыдон сæ къухтыл схæцæнт, - районы æрвыст лæг, залы адæмы хæццæ ныхасæй спайда кæныны æнхъæл æрæвæрдта фарст æмæ йæ цæстытæ згъордтой хæрдмæ хъил къухтыл. Схæцыдысты сыл æрмæст Дæллаг хъæуы цæрджытæ иустæмты йеддæмæ. Бирæтæн дзы йæ циндзи- над бауромын дæр йæ бон нал баци: «Утæппæт цæттæ фæл- лой мæнæ нæй», «Фæрныг куыста æмæ сауджынæн». Лæг кæронмæ нымад дæр нæ фæцис, афтæмæй нылхынцъ кодта æмбырды æмæ расидт, дыууæ колхозæй иу хæдзарад адæмы фæндонмæ гæсгæ арæзт кæй æрцыд, уый. Уæллаг хъæуы цæрджытæ ныууагьтой утæппæт фæллой, сыстадысты æмæ фæцыдысты быдырмæ. Цалынмæ зымæг йæхи фенын кодта, уæдмæ фосы рæ- гъæуттæ хызтысты сæрвæтты, сæ бакастæй рухс кодта адæй- маджы зæрдæ, фæлæ сын холлаг æвæрынафон куы ралæу- уыд, уæд катайы бахауд колхозы сæрдар. Ацы хатты хуызæн æм никуы бахъардта иумæйаг фæллойы бæрн-дзинад. Рад- зур-бадзур æмæ уынаффæтæн байрæджы, фæлæ иубон схæцыд æмæ фосы æмбис нытæлæт кодта районы æргæв- дæнмæ. Дзидза ауæй кæныны план дывæрæй кæй сæххæст, уый тыххæй никуыуал баззад æппæлæн ныхас, сæрдар йæ хатæны къуымы буцæй æрæвæрдта цæугæ Сырх тырыса. Колхоз фыццаг скъæрд кæй акодта, уыдонимæ фесты Адтойы галтæ дæр. Чидæртæ ма бæргæ дзырдтой, зæгъгæ, уыдон хæдзарылхæцгæ фос сты, æмæ сæ æруадзут, фæлæ ма чи хъуыды кодта ахæмтыл. Æгæр фæдæрдджын сты, стæй сын зымæджы бирæ холлаг бахъæудзæн, зæгъгæ, æмæ сæ фæдæлейæ кодтой. Афтæмæй зымæгмæ фос скъæрд фесты, баззад ма дзы æрмæстдæр, уалдзæгмæ чи аирвæстаид уый бæрц. Æрвылрайсом Адтойы хъæуы сæрты хæдтæхæг фæтæхы уыцы иу афон. Адтойы дæр фæиппæрд кодта йæ хъуы- дытæй. Лæг хæрдмæ скаст, йæ цæстытæ аууæрста, сыстад æмæ та хъынцъымгæнæгау, йæ цæст ахаста хъæууатыл. «Абон уал æгьгъæд фæуæд, райсом та адарддæр кæн- дзынæн ацы куыст», - загъта йæхицæн æмæ сабыр къах- дзæфтæй æрхызт кæртмæ, араст Дæллаг хъæумæ йæ фы- сымтæм. Уынджы кæд цалдæр адæймаджы баййæфта, уæд- 70
дæр семæ нæ баиу, фæлæ сын, дардæй салам ратгæйæ, ацыд иннæ уынгыл хæдзармæ. Ныхсадта йæхи æмæ æнхъæлмæ каст Садулы æрбацыдмæ. Ацы хатт йæ ныхас уыдзæн, кар- ды карстау, æнæ дæлæ-уæлæ. Уæдмæ æрбацыд Садул. - Цæй, куыд у, Адто, дæ хъæубæстæ дæ хорз не суазæг кодтой, æви дын мидæмæ рауай дæр ничи загъта? Адто бахудт йæ мидбылты, æмбæрста, Садул æй мæстæй- марæгау кæй кæны, уый. - Хъал дæ æмæ хъал ныхæстæ кæныс, Садул, фæлæ ницы кæны, кæд та искуы мах хъæуæй дæр ныууасид уасæг. Дыууæ лæджы дæр ныххудтысты зæрдиагæй. - Ахæм цæрæн бынат æвгъау уыди бæргæ хъæууатæн, - дзырдта Садул зæхмæ кæсгæйæ. - Æз никуы уыдтæн æнхъæл, æмæ уæ хъæуы цæрджытæ æмхуызонæй сæ къух сисой сæ уæзæгыл. Бирæ хъæутæй фæлыгъд адæм, фæлæ ма уæддæр кæм дыууæ цæрæджы аззад, кæм фылдæр æмæ уы- дон дæр хъæуты ном хæссынц. Акæс-ма йын йæ хуымзæхх, йæ сæрвæттæ, йæ уыгæрдæнтæм, цыма сæ сой иууылдæр хъæуы ’рдæм лæдæрсы, афтæ сæ нæ равæрдта æрдз. Иннæ- ахæм хъæд, алгъуызон суадæттæ, суæрттæ. - Уæдæ ма, Садул, мæнæ ацы фæндаг арæзт нæ, фæлæ йæ кой дæр уыдаид, кæддæра нæ иу дæр йæ бынатæй фез- мæлыдаид, стæй дæхи зæрдыл нал лæууынц уыцы дуджы мæстæймарæн цæрдтытæ. Нормæйæ фылдæр, дам, дæм хъуамæ ма уа цыппаркъахыг змæлæг, цыма иу хъуджы бæс- ты дыууæ хъуджы чи ’рдыгътаид, уымæн дзы йæ гуыбын фæрыстаид. Дыууæ лæджы дæр, зæхмæ кæсгæйæ, лæууыдысты æдзынæг. - Уыдис дзы, уыдис, Садул, цыдæртæ, æндæра ничи сæр- ра, æнæаххос ницы вæййы. Дæ зæрдыл нал лæууы дыууæ колхоз баиу кæныны æмбырд? - Куыннæ, абоны хуызæн. - Дæумæ гæсгæ цы фесты нæ хъæуы фос? Стыр пайда æрхастой уæ колхозæн? Æппындæр нипы. Дæлæмæдæр ка- печчытæ æмæ уæлæмæдæр. Фос иу афæдзмæ уæй фесты. Мæ галты куы ’рбаймысын, уæд мæ цæстытæ цæхæртæ ака- лынц. Кæд фæзæронд сты, уæддæр сæ иу цалдæр азмæ нæ- ма рауæлдай кодтаин. Афтæ дзы ничи ахъуыды кодта алæ- ма род цæмæй схъуг кæнæ сгал уа, уый тыххæй йæм цалдæр азы зилын хъæуы. Æниу уыцы лыстæджытæ нæ адæмæн амонын нæ хъæуы, фæлæ чи фыддæрадæн ныхгæдта йæ 71
дзых, кæй та нæ фæндыд уæлдай фыдæбон, æмæ бирæ азты фæллой æнæхицау, æнæмæты аххосæй доны бакалд. Адто, фæсмонгæнæгау, йе ’ргом аздæхта йæ хъæуы ’рдæм, йæ цæс- тытæ та æрзылдысты уыцы уыгæрдæнтæ æмæ сæрвæтты. - Адто, ды мын уыцы хъæуæй фæздæг суадз, уый еддæ- мæ дын мах мæймæ дæ хæдзар, дæ мустæ, де скъæт сæ гач- чы сæвæрдзыстæм. Иууылдæр нæ къухы не сты. Афтæ æн- хъæлыс, уæ фæллæйттæ дзæгъæлы фесты? Нæ, нæ, хорзд- зинад никуы сæфы. - Мæ фæндтæ æмæ та мын мæ хъуыдытæ хъазыны ’рдæм аздæхтай, Садул, и, фæлæ цы саразон, æз кæддæр дæуæй хъалдæр уыдтæн, бæргæ... - Æз хъазаг дæн, фæлæ ацы хатт хъазгæ нæ кæнын, фæ- лæ дын æцæг дзурын. Цы дæ хъæуы, къултæ - амад, агъ- уыст дæр бирæ цалцæгкæнинаг нæу. Хъæд мæнæ нæ уæл- хъус. Лæппутæ сæхи февдæлон кæндзысты æмæ, - Садул ахъуыды кодта. - Ныр дын æз ам царды фæндтыл схæцыд- тæн, фæлæ бинонтæ та, бинонтæ, цы зæгъдзысты ус, кæс- тæртæ? - Мæ сæр кæй хъæуа, уый мæ йæхæдæг агурдзæн... Мæхи дæр куыннæ фæндыд, фаглæ мæ тынг дæр уыдон ныхас ба- саста, уыдон мæ рабалц кодтой. - Уæдæ кæд иугæр афтæ у, уæд дзы фæстæмæ здæхæн нал ис, æнæхъæн хъæубæсты фарн дæ бавæрын куыннæ ба- фæраздзæн. Кæд дæ фыдæлты зæххыл фæстæмæ æрцæрын- вæнд кæныс, уæд дын амонын ницы хъæуы, куыддæр хæ- дзар æмæ скъæт сцæттæ уой, афтæ дын дæ фыццаг скæн- дзынæн фос, цасдæриддæр дæ хъæуы, уый бæрц æмæ пай- дайыл та баныхас кæндзысдæм фæстæдæр, дæ зæрдæмæ дæр фæцæудзæн æмæ мах зæрдæмæ дæр. Дæ цæст ма ахæсс уæ уыгæрдæнтыл. Ацы аз ма цы, фæлæ нырæй фæстæмæ уыдон иууылдæр дæхи не сты? Хосгæрдæны-иу дæм мах дæр фæкæсдзысдæм. Афтæ ма банхъæл, æмæ дæ нæхицæй нал хонæм. Адто фæкъæмдзæстыг, йæ мид-зæрдæйы йæхи азымы дæр бадардта, йæ райгуырæн хъæуыл йæ къух кæй систа, уый тыххæй, фæлæ райгонд уыд Садулы уынаффæтæй, йæ ныфсы ныхæстæй. Дыууæ лæджы кæрæдзи хъуыды бамбæрстой. Адто æрæвнæлдта ног царды фæндтæм йæ фыдæлты уæзæ- гыл. Дыккаг бон карст фæцис уынгтæ, хæдзæртты бынæтты хæмпæлгæрдæг. Цыма хъæууаты цард цадæггай йæ фы- 72
нæйæ хъал кæнын райдыдта, уыйау барухс Адтойы зæрдæ. Арæзтадон бригады, æцæгæйдæр, мæйæ фылдæр нæ ба- хъуыд. Адтойы хæдзарæй ракалд фæтæгены лампæйы рухс. Пец, фынг æмæ æндæр дзаумæттæ уæзæгæн радтой царды хуыз. Дысон ын фыййæуттæ цы кусарты æвдасарм ныууагъ- той, уымæй ныккалдта аджы æмæ фыхти. Ныр цалдæр азы ацы уæзæгæй нал скалд фæздæг, ничиуал дзы скуывта бынæтты фарнæн, никуыуал дзы сбон кодтой уазæг æмæ фысым. Ныр Адто бады æмæ хъусы арты гуыр-гуырмæ, йæ мидзæрдæйы тæлфынмæ. Дæ фыдзæрдæ иунæгæй арвитæд йæ царды бонтæ. Бирæ бинонтæн æрвылбон дæр бæрæгбон у. Ацы хъæубæсты ахæм хæдзар нæ уыд, йæ бинонтæ фæдисы фаг кæмæн нæ уыдысты. Чындзæхсæв кæнæ-иу куывды рæстæджы хъæу- бæстæ иу ранмæ куы ’рымбырд сты, уæд-иу Адто йæхи æн- хъæлдта бæсты бикъ æмæ комы дæгъæл. Уæртæ уыцы къ)Ъ1- мы хиарæзт къæлæтджыныл йæ фыд Елмæрза бадт. Йæ уæлейæ, къулрæбын, та-иу рабадтысты æрхонгæ адæм. Сæ зарынæй-иу згъæлдысты цары сæгтæ. Ныр та æгуыппæг къултæ кастысты Адтомæ уайдзæфгæнæгау. Сыхаг хъæуæй рухс æрбауадзын афтæ зын нæу. Уæд бирæ цыдæртæ æрбæ- стон кæндзæн. Раздæр дæр сын ахæм фадæттæ куы уыдаид, уæд кæдæм мæрттæм хаудтой. Цæрæнуат ивын дæр фæлва- рæгау у: кæнæ дын фæрæстмæ уыдзæн, кæнæ - нæ. Адтойы цæстытæ, царды алгъуызон нывтæ мысгæйæ бирæ хæттыты бауымæл сты, фæлæ йæ хъусты зæлыд Садуллæимæ йæ ны- хас æмæ йын сæ уый та сур кодта. - Адто,- сдзырдта Садул, куы Адтомæ бакæсы, куы, йæ алыварс цы адæм бадтысты къанторæйы, уыдоныл ахæссы йæ цæст, афтæмæй æмæ йæ разы сыгъдæг гæххæттыл хат- тæй-хатт æрфыссы цыдæртæ, - ратдзыстæм дын иу цæд равзаргæ галтæ, кæддæр нын ды кæй балæвар кодтай, уыдо- нæй цауддæр не сты, дзоныгъ дæр нæм ис æмæ де скъæты фарсмæ лас цъеритæ, уæддæр саузымыл кусын æнцондæр у. Уымæй дарддæр аскъæрдзынæ дæс æмæ ссæдз хуыскъад- жы, де скъæты сæрибарæй бацæудзысты æмæ де ’вджид фæуæд азымæджы, фидæн фæззæгмæ, фæлæ не ’хсæн цы бадзырд арæзт æрцæуа, уый та уыдзæн дæуæн дæр æмæ ма- хæн дæр закъоны хуызæн, стæй куы фæхæцай, уæд ма нæм дæхæдæг цæудзынæ, - раттут мæм ноджы, зæгъгæ. Рат- дзыстæм ма дын дыууæ дуцгæ хъуджы, сæ пайдайæ азы- мæджы мах ницы хъæуы. Мæнмæ гæсгæ, æвзæр нæ дзурын. 73
- Тынг хорз дзурыс, Садул, - чидæр баппæрста йæ ны- хас, - ахæм дзырдимæ сæ æз дæр райсин. - Райс, дæ фаг дæр нæм ис, - дзурæгмæ бакаст Садул, - уæддæр сæм уæхæдæг зилут, фæлæ уал Адтойы къух саразæм, ногæрлидзæг лæг у æмæ йын алы уынаффæ, алы цæстуарзон æххуыс дæр стыр ныфс у. . Адтойы скъæт арæзт фæцис, фæлæ хъарм фæззæг ахаста æмæ стуртæ нырма æхсæв дæр уыдысты кæрты. Æрцыд Ад- тойы цардæмбал Уардо дæр. Тынг раджы сыстадысты уыцы райсом дыууæ цар- дæмбалы. Адто ссыгъта фæтæгены цырагъ. Кæддæр сын сæ чындзæхсæвыл цы бынатыхицау бацин кодта, уый та сыл ныр дæр баузæлыд. Кæд дзы змæлæг рагæй нал уыд, уæд- дæр райдзаст къуымтæ æмæ къултæ рæвдыдтой зæрдæйы. Уардо йæ къухмæ райста ведра, бакаст Адтомæ худæнбылæй æмæ, йæ мидзæрдæйы йæхи бынæттон зæдтæн фæдзæх- сæгау, арф ныуулæфыд æмæ ахызт къæсæрæй. Адто раджы ныууагъта тамако дымын, фæлæ знон сыхаг хъæуы магази- ны цы пачкæ балхæдта, уымæй сласта иу бапъироз, йæ кæроныл ын адардта судзгæ спичкæ, сулæфыди дзы цалдæр хатты æмæ уый дæр рахызти дурын асины сæрмæ. Уардо дыгъта йæ дыууæ хъуджы. Иннæ стуртæй чи сыстад, чи та ма хуыссыд æмæ æнæмæтæй цагътой сынæр, цыма ацы кæрты бахсæвиуат кæнынмæ рагæй бæллыдысты, уыйау. Адто лæууы æмæ фæлгæсы дурын асины сæрæй. Афтæ йæм каст, цыма скуыста кæддæры нæргæ хъæуы зæрдæ. Уæ- дмæ барухс сты уæлхох быдыртæ, арф кæмттæ; сæууон уд- дзæф, царды фидиуæгау, зылди æмæ йемæ хаста, хъарм бæстæм цæуинаг чи нæ уыд, уыцы мæргъты цъыбар-цъы- бур, æвæццæгæи, цин кодтой, ацы хъæууаты царды бæр- джытæ кæй фæзынд, ууыл, æмæ сæхи æввахсæй-æввахсдæр ластой Адтойы уæзæгмæ. Уæдмæ сæумæрайсомы хуры тын- тæ дæр сныдзæвдысты рагон мæсыгы фарсыл æмæ уый дæр, цыма йе ’рфыгыл бæрзонддæр схæцыд, цыма йæ мид- бынаты базмæлыд, афтæ фæкаст Адтомæ æмæ йæм бацыд хæстæгдæр, йæ разы æрзоныгуыл кодта æмæ йæхиуыл дзуæрттæ бафтыдта. Уæд æм мæсыг дæр æрдзырдта: «Тых- сгæ мын ма фæкæн, мæ кæстæр, æз дæр дын мæнæ дæн, фы- дæлты фарнæн сæфæн нæй».
КУЫРДИАТ Уацау Саламы цæсгом, хурау, худт, йæ уадултæ туджы зылды- сты, афтæмæй рахызт хатæнæй. Мæнæ чысыл раздæр зæр- диагæй кæуыл нæ баузæлыд, уыцы чызджы хъуамæ атых- таид йæ хъæбысы, фæлæ йæхиуыл фæхæцыд: - Рæхджы-иу мæ фæхон дæ чындзæхсæвмæ æмæ дзы цъæх-цъæхид расыг фæуон, - зæрдиагæй ныххудт æмæ атындзыдта. Автобус йæ тæккæ дзаг уыд адæмæй. Зонгæтæ ныхас код- той, чи та дзы йæ фæндаджы тæлмæнтимæ схъуырдухæн æмæ йæ нæдæр хъæлдзæг ныхас æндæвта, нæ дæр æй йæ зæрдæ дзурын хаста. Саламæн дзы зонгæ ничи разынд æмæ йын нæ уыд йæ зæрдæйы æнкъарæнтæ æргомæй зæгъыны фадат, æрмæст тæргайгæнæджы бадт кодта æмæ бæлц- цæтты сæрты каст комкоммæ йæ фæндагмæ. Хатт-иу йæхи рацæттæ кодта искæйы ныхасы хайад райсынмæ дæр, фæлæ йын не ’нтыст. Уалынмæ шофыр фæиу кодта радиоисæн æмæ машинæ айдзаг ирон музыкæйы зæлтæй. Бæлццæттыл цыма æнæкæрон æхцондзинад, уылæнау ацыд, уыйау сæ цæсгæмттæ фæрайдзаст сты, чи дзы йæ хъуыдытæ, йæ са- гъæстæй фæиппæрд, кæмæн та йæ ныхас фескъуыд, афтæ- мæй сæхи æрцæттæ кодтой хъусынмæ. Салам дæр базмæ- лыд йæ мидбынаты, сæрыстырæй йæ цæст ахаста бæлц- цæттыл, йæхи фæстæдзæг ауагъта бандоныл æмæ цæттæ уыд хъусынмæ. Афтæ йæм каст, цыма ныртæккæ фæцæй- цæудзæн хъæуы уынгты æмæ йыл баузæлдзысты сыхæгтæ, хъæубæстæ, хæлар ын кæндзысты сæ мидбылхудт, сæ зæр- диаг арфæ. Афтæмæй бахæццæ йæ фæндаджы кæронмæ. Машинæ æрлæууыд. Бæлццæттæ базмæлыдысты. Салам æрхызт автобусæй, акаст фæйнæрдæм. Хур арвыл бæрзонд нæма суади, фæлæ чысыл фæстæдæр тынг æнтæф кæй уыдзæн, уый зындис боныхъæдыл. Бæстæ афтæ æгуып- пæг уыд æмæ бæласы сыфтæр дæр не змæлыд. Уыдис ма ацы хъæуы, фæлæ уæдæй фæстæмæ тынг аивта, сырæзти дзы ног бæстыхæйттæ, уынгтæ, кæцæйдæр хъуыст, æртагаей чи судзы, ахæм электростанцы нæрын, хаттæй-хатт æрбай- 75
хъуысы тракторы уынæр æмæ, æнахуыр бæстæм бахауæгау, тынгæй-тынгдæр кодта йæ цымыдис. Салам машинæйы цы бæлццæттимæ цыд, уыдон уай- тагъд апырх сты, йæ фарсмæ дзы иу дæр нал уыд. Фæнда- гыл чи цыд, уыдонæй дæр алчи машинæйы бацахста йæ бы- нат æмæ æнхъæлмæ кастысты шофырмæ. Лæппу иунæгæй кæй аззад, уый йæм цыдæр хардзау фæкаст æмæ уый дæр хъæуы ’рдæм фæцæуæг сосæвæндагыл. Скъола хорз лæууы йæ зæрдыл, автостанцæй йæм бирæ бауайын нал хъуыд. Хъæдæй арæзт рагон бæстыхай, уæрæх кæрт, йæ тæккæ ас- тæу цалдæр бæласы. Йæ хъуыдыты^ фæстæ тындзыдта раз- мæ. Уаитагъд йæ цыд фæсабыр. Йæ тæккæ размæ иннæ фæндагæй æрбахызт бæрзондгомау сылгоймаг, йе уæхс- кыл - къæрæмисы дыууæ кæрон донæй йедзаг ведратæ ауы- гъд, афтæмæй. Фæлурс сырхбын нывæфтыдтытæ халат æн- гом хæцыд къæсхуыргомау уæнгтыл. Мæкъуыламад мыд- гъуыз сæрыхъуынтæ разæй гæзæмæ фæпыхцыл сты æмæ сæ рог уддзæф куы иуæрдæм атасын кæны, куы - иннæрдæм. Цæстыты ’рдæм дзы чи фæтасы уыдон сылгоймаг æвдæлон къухæй æрныхасы сæрыхъуынтыл. Хаттæй-хатт цæстытæ сæхиуыл схæцынц, фæзилæнмæ ма цас ис, уый бæрæг- гæнæг. Саламы нæ фæндыд сылгоймаджы баййафын, йæ разæй ахизын æмæ йæ къæхтæ иста уæззаугай. Афтæ йæм фæкаст, цыма йæ цыд барæй кæй фæсабыр кодта, уый фæхатыд сылгоймаг æмæ йæхимидæг райдыдта тыхсын. Сылгоймаг бамбæрста, чидæр æм æввахсæй-æввахсдæр кæй кæны, йæ къахдзæфтæм гæсгæ разæй ахизынвæнд кæй нæ кæны, уый, æмæ цадæггай ахызт фæндаджы кæронмæ, афтæмæй аивæй йæ цæст дардта цæуæгмæ. Салам уæддæр баввахс сылгоймагмæ, æрмæст йæ къæх- тæ нал кастысты коммæ, куы-ку сæ, фыдæнæн-гæнæгау, зæрдаивæй æрæвæрдта, нырма машинæтæ кæй не ’рнадтой, уыцы ногкалд хуырсыджыты дзыхъхъытæ æмæ къуыппы- ты, куы та-иу сæхи æнæнхъæлæджы бацавтой къаннæг уæ- гъд дурыл дæр, фæлæ гуыр уæддæр никуы фæтасыд, цæсты- тæ никуы азгьордтой фæндаджы хъæбæрыл развæдсгарæ- гау, бæрзæй нал куымдта фæзилын, сæр сагьды хуызæнæй баззад фæтæн уæхсчыты ’хсæн, æрмæст ма цæсты гагуытæ рауай-бауай кодтой сæ къуырфыты. Лæппу куыддæр сылгоймаджы иувæрсты фæцæйхызт, афтæ, зындоны артæй лидзæгау, йæ цыд фæтагъддæр кодта 76
æмæ уайтагъд аразæй. Салам ратгинаг дæр бæргæ уыд, фæлæ йын нæ бантыст йæ былтæ базмæлын кæнын дæр, мыцъæйæ ныхæстау, кæрæдзимæ сæхи нылхъывтой, æнды- гъд ныуæрттæ æфсæрты нал суагътой змæлын. Хатг ахæм рæстæджы иунæг дзырд дæр аскъуыддзаг кæны адæй- маджы хъысмæт, фæлæ уый та тынг стæм хатт абады адæй- маджы æвзаджы цъуппыл, стæй куы абады, уæдцæр тынг стæм хатт сæмбæлы йæ нысаныл. Бæргæ йын куы банты- стаид исты сдзурын, æфсæнттæй фылдæр цы ис, фæлæ йæм иутæр йæ цæсгом куы разынд, уæд ын цыма дымгæ йæ сæры магъз фæхаста, уыйау æм хуымæтæджы хъуыды дæр æмгæрæтты нал æрцыд. Чысыл раздæр æм сæхи чи нæ рав- дыста, уыцы цæстытæ ныр йæ чъылдымы ныссагъдысты æрцытау, хуры тынтау ын иындæвтой йæ буармæ æмæ фæ- сонтæ арт уагътой, афтæмæй тындзыдта, фæлæ йын нал æмæ нал æнтыст размæ. Куыддæр скъолайы кулдуармæ бахæццæ, афтæ йæ зæрдæ йе ’муд æрцыд, бахызт кæртмæ æмæ йæхи æруагъта бæласы бын бандоныл. Иурæстæджы æмбæхсынмæ дæр рахъавыд, фæлæ йæ нæ ауагъта йæ цы- тлыдис, афтæмæй æнæрхъæцæй каст фæндаджы ’рдæм аныр æрбазындзæн, аныр æй фендзæнийы ныфсæй. Бады Салам, бады цахæмдæр стыр æхцондзинад банкъа- рынмæ æнхъæлмæгæсæгау, бады, фæлæ рæстæг куыд цæуы, афтæ йæ цымыдис ноджы тынгдæр байдыдта знæт кæнын, зæххæй систа, бæласæй чи æрхауд, ахæм хус къæцæл æмæ йæ се ’хсæн скодтой æнгуылдзтæ. Уайтагъд цъæлтæ æмæ муртæй æрызгъæлд зæхмæ, фæлæ уæддæр фæндагыл змæ- лæг нæ разынд. Йæхи цæуыл аирхæфстаид, ахæм исты æп- хъæлцауæй йæ алфæмблай ахаста йæ цæст, йæ къух сивæзта бæласщ къалиумæ дæр, фæлæ йæм не сæххæст æмæ уæд йæ бынатæй фестад, цалдæр къахдзæфы сарæзта фæндаджы ’рдæм, бахæццæ æмбонды цурмæ, кæсы иуæрдæм, иннæр- дæм, фæлæ цæст ницæуыл схæцыд. Лæппу бафтыд стыр цы- мыдисыл, кауы уисæй куыд расаста, уый йæхæдæг дæр нæ фæхатыд, афтæмæй раздæхт æмæ та æрбадт йæ бынаты. Уæдмæ рацыд иу уæзласæн машинæ, йæ уæлæ бадт цалдæр адæймаджы, æвæццæгæн, бынæттон цæрджытæ, Саламы ’рдæм бакастысты æцæгæлоны цæстæй æмæ уайтагъд фæау- уон сты бæстыхайы фæстæ. Хъуамæ та сыстадаид, фæлæ ацы хатт йæхиуыл фæхæцыд: «Уæдмæ æдæймаг хъæуы ин- нæ кæронмæ дæр ахæццæ уыдаид» - загъта йæхицæн æмæ ацы хатт фестад фыдæнæнгæнæгау. Ацы хатт æргомдæр 77
æмæ уæндондæрæй каст фæндагмæ, стæй йæ мид-зæрдæйы йæхиуыл дзуæрггæ бафтыдта: «Хуыцау мацы мын кæн», - æмæ та баздæхт йæ бынатмæ, цахæмдæр уæззау зæрдæ ба- хаста йемæ æмæ та æрбадт, чысыл раздæр æй йæ тыхст уавæрæй чи фервæзын кодта, уыцы бæласы бын. Ныр ца- дæггай йæ зæрдæ йе ’муд æрцыд, дзæбæхдæр æм разынды- сты хъæуы фæззыгон нывтæ: дыргъдоны бæлæстæм, зæгъ- гæ, быцæутæ æвæрд нæ уыд, уæд сыл, æвæццæгæн, къалиу нал баззадаид. Скъолайы дæр, æвæццæгæн, нæма фесты цалцæггæнæн куыстытæ, рудзгуыты æвгтæй цалдæр - цъæлтæ, чъырдоны фæдтæ зындысты кæрты, асинтыл, кæ- ронмæ сæрст нæма ’рцыдысты ахорæнæй агъуысты дуæрт- тæ, рудзгуытæ, иудзырдæй - агъуысты алфæмблайы нæма уыд царды бæрджытæ. Æнæнхъæлæджы хатæнæй рахызт, астæуккаг карæй чы- сыл чи ахызт, ахæм бæзæрхыг, тъæпæнгомау лæг æмæ уæз- зау къахдзæфтæй араст комкоммæ Саламы ’рдæм. Нæма йæм бахæццæ, афтæ фæраздæр йæ ныхас æмæ йæм уыцы рæстæджы фæдаргъ кодта йæ къух дæр. - Æгас нæм цу, уазæг, мæ къухтæ чъизи сты æмæ мын бахатыр кæн. - Уымæн мур дæр нæу, - Салам ын йæ къухыл ных- хæцыд зæрдиагæй, - ацафон сыгъдæг къух фидаугæ дæр нæ кæны. - Уымæй раст зæгъыс, мæ ном Хату. - Мæ ном та Салам. Æвæццæгæн, ам кусыс, - Салам цæстæй ацамыдта скъолайы ’рдæм. -Ам бæргæ кусын, йæ хæдзарад иууылдæр мæнмæ хауы, фæлæ дзы мæ бон нал у, мæнæ дзы уый онг дæн, - лæг ра- хис къухæй ацамыдта йæ хъуырмæ. - Цæмæн уæд? - Цæмæн куы зæгъай, уæд ахуыры аз нæма фæцис, афтæ бавнæлдтам цалцæг кæнынмæ æмæ дын мæнæ нæ митæ, нырма йæ нæ нылхынцъ кодтам, афтæмæй къуырийы фæс- тæ та ахуыры аз райдайдзæн. -Æвæццæгæн дын кусджытæ нæ фаг кæны, кæнæ æрмæг? - Уыдон дæр куыннæ, фæлæ иуæй скъолайæн арæзт бæс- тыхай нæу, иннæмæй та базæронд æмæ йыл зынгæ дæр нал кæны йæ цалцæг. Æрвылаз мах ауыл цы фæрæзтæ бахардз кæнæм, уымæй афонмæ цалдæр скъолайы дæр сарæзтаик- кам, фæлæ... 78
- Æмæ уæ цы хъыгдары? -Хъыгдаргæ дæр - ничи, фæлæ нын æнтысгæ дæр нæ кæны. Æрвылаз уынаффæ бæргæ рахæссынц, фæлæ та гæххæттыл фыстæй баззайы. Иудзырдæй, уыцы ныхæстæ дардыл сты, фæлæ ды æнæхъуыддаг не ’рбауадаис. Ардæм дæ ма ’рбарвитой кусынмæ? - 0, ардæм, - зивæггæнæгау дзуапп радта Салам æмæ та йæ цæст ахаста скъолайы агъуыстыл, - мæнæ, дам, ацы скъолайы бакус, загътой, кæд дзы исты бакæнон, уæд. - Цæуылнæ дзы бакæндзынæ, уæдæ дзы иннæтæ куыд фæкусынц, - Хату цыма Саламимæ рагæй зонгæ у, уыйау ын йæ зæрды уыд ныфсытæ авæрын, - æвæццæгæи, дирек- торæй, - лæг зулмæ бакаст Саламмæ æмæ йæхи рацæттæ кодта, хабар ын тынг æхсызгон кæй у, уый равдисынмæ. - Афтæ зæгъынц, - зæхмæ кæсгæйæ дзуапп радта Салам. - Тынг хорз, æгайтма дæ ардæм рарвыстой, фæсмойиаг дзы ницæмæй фæуыдзынæ. - Нæ зонын, фендзыстæм. Раст зæгъгæйæ, мæ ныфс дæр тынг нæ хастон, фæлæ мын уынаффæгæнджытæ фæцис æмæ мыл уыдон базыртæ басагьтой. - Мæк дæр уæдæ уыцы уынаффæгæнджытимæ банымай, кæд махæн дæр нæ хъуыддæгтæ исчердæм феккуырсиккой æмæ ныхасы сæр нал уаиккам алы æмбырды. - Цæмæн афтæ зæгъыс, Хату, нæ дæ ’мбарын. - Зынæмбарæн нæ дæн, дæлгоммæ ныхæстæ нæ зоиын, фæлæ кæд ацы хатт нæ хъуыддæгтæ фæрæстмæ уаик- кой. Науæд-ма бакæс, алкæмæн йе скъолайы агъуыст цæ- хæртæ калы, махæн та сцæттæ уыдзæн æви нæ, уый дæр дыууæйыл у.и - Уæ директор кæм и? - Кæм и?.. Æз та дæу фæрсын... Куыддæр йæ бон базыд- та, афтæ ма йæ скъолайы мæт уыд. Кæд уæдæй абоны онг ды не скъолайы кæрты уыдтæ, уæд уый дæр, куыдцæр ахуыры аз фæцис, афтæ, тæргайау, не ’мгæрон нал ауад. - Æз дæ уый тыххæй фæрсын, æмæ скъола сцалцæг кæнын йæ хæс уыд. Æрыгон у? - Афтæ æрыгон дæр нæу, фæлæ йын ацæргæ схонæн дæр нæй, иу дзырдæй, астæуккаг кары адæймаг. Куыд ахуыргæ- нæг, афтæ йæхицæй мачи раппæлæд, æрмæст директорæй йæ хъуыддаг цæмæннæ фæрæстмæ, уымæн ницы базыдтон, мæ бон дзы зæгъын ницы у. - Цæуылнæ? 79
- Цæуылнæ куы зæгъай, уæд,- Хату, зæхмæ кæсгæйæ, хъуыдыты адзæгъæл фарстæн æнæмбæлон дзуапп ратты- нæй тæрсгæйæ, стæй та йæ сæрыл æрæджиау схæцыд, йæ цæст скъолайы агъуыстыл ахаста æмæ, иннæ ’рдæм кæсгæ- йæ, адарддæр кодта йæ ныхас: - Æз сын бæлвырдæй ницы зонын, мæнæн мæ куыст уыдонимæ хæццæ дæр нæ кæны, фæлæ йæм цыдæр фаутæ æрхастой æмæ уый дæр быцæутыл нал схæцыд, куырдиат балæвæрдта. - Куырдиат зæгъыс? - О, тынг зæндджын мæм фæкаст йæ уынаффæ, фæлæ цыма ам ахуыргæнæджы куыст дæр ныууагъта, афтæ фехъ- уыстон. - Коллективы дзы афæрсæг нæ фæцис? - Ахуыргæнджытæй зæгъыс? - 0, мæнæ ацы скъолайы кæимæ куыста, уыдон. Хату та ныккасти зæхмæ, йæ рахис къухы æнгуылдзты ’хсæн здыхта галиу къухы амонæн æнгуылдз, зын бамбарæн нæ уыд, дзуапп раттыныл кæй тыхсы, уый. Æрæджиау та иннæ ’рдæм азылдта йæ сæр, афтæмæй, йæхи растгæнæгау, дзырдта ивазгæ хъæлæсыуагæй:- - Уыдон тыххæй дæр мæ бон ницы у зæгъын, фæлæ цы- ма уыдон дæр къордтæ æмæ дихтæ сты, афтæ мæм кæсы. - Цæй, хорз, цы уа, уый уæд. Ды мын бацархай скъола барæвдз кæныныл, стæй рæстæг йæхæдæг йæхи æвдисдзæн. Саламы ма фæндыд Хатуйы бæлвырддæр хабæрттæй афæрсын, фæлæ йæ цæсгом нал бахъæцыд стæй йæм бын- тон аив дæр нæ каст хынцфарст кæнын æмæ уый дæр ма- дзурайæ хъуыдыты адзæгъæл. - Нæ дæ фæнды скъолайы азилын? - Цы дзы зилон, мæнæ йæ цалцæг куы фæуай, уæд дзы азилдзыстæм. - Куыстытæ иууылдæр фесты, иу дыууæ-æртæ бонмæ. æвæццæгæн, алцыдæр йæ бынаты сæвæрдзыстæм. Ахуыр- гæнджытæ дæр здæ^ын райдыдтой. Иу цалдæрæй чысыл раздæр ам уыдысты. Алыбон дæр мæ абæрæг кæнынц. - Уый хорз у, фæлæ дæуæн цы ’ххуыс сты? - Мæнæн та цы ,'ххуыс сты, фæлæ уыдонимæ хъæлдзæг- дæр у, адæймагæй кæм æппæлгæ ракæнынц, кæм та йæ ’лхыскъ дæр фæкæнынц æмæ уый дæр аппаринаг нæу. - Уый дæр мæг^ырау нæу, - йæ мидбылты бахудт Салам æмæ уæззаугай сыстад, - цæй ныр æз цæуон, нырма, куыд кæсын, афтæмæй ам мæ сæр уый бæрц нæ хъæуы, фæлæ та дæм фæстæдæр зындзынæн. Æгайтма базонгæ стæм. Æз та 80
уал мæ хъуыддæгтæ æрбæстон кæнон, уæдцæр дæхæдæг зо- ныс - иу ранæй иннæ ранмæ цæуын дæр зын у, хæссинагæй мæм уый бæрц ницы ис, фæлæ дзы уæддæр цыдæртæ разы- ны. Иннæ цыдæн фатер дæр ссардзынæн, кæд дын зын нæ уыдзæн, уæд-иу ды дæр дæ хъус бадар, - лæппу цалдæр къахдзæфы алæууыд фæстæмæ. - Фатеры тыххæй нæ фæтыхсдзыстæм, фæлæ æххор- магæй цæуыс æмæ... Цом, чысыл нæм абад, мæнæ æввахс цæрæм. - Бузныг, нырæй фæстæмæ ам нæ уыдзыстæм, бадгæ дæр кæндзыстæм, кусгæ дæр æмæ минас дæр. Хæрз бонтæ уал рау. •* *• # Фæззыгон нывтыл тынгæй-тынгдæр ныдзæвдысты адæймаджы цæстытæ. Хъулон æрдзы хъæбысы адæм уыды- сты тынг æнæвдæлон. Скъоладзаутæн-иу хатт се ’мбис дæр не ’рцыд скъоламæ. Рæстæг кæд йемæ хаста бирæ аудинæг- тæ, тыхстдзинад, уæддæр хъæубæсты ныфсытæ уыдысты цæрдхъом ног тыллæджы бæркады уындæй æмæ иунæг уысм дæр нæ сæфтой дзæгъæлы кæд-иу сæ мæгуырау боны- гъæд чысыл батыхсын кодта, уæддæр. Уыцы изæр Саламимæ колхозы сæрдарæн уыдис ахс- джиаг ныхас. Уæды онг лæгæй-лæгмæ никуыма фембæл- дысты, фæлæ уæддæр фæсаууонмæ зыдтой кæрæдзи. - Кæд нæ исты амонд уа, уæд нын дæ къах фæхорз уы- дзæн, - Дзапар хæларзæрдæйæ бацин кодта Саламыл æмæ йын зæрдиагæй райста йæ къух. - Афонмæ дæр ныл æм- бæлди фембæлын, фæлæ уый дæ аххос нæу, фысым æнæсæ- рæн куы вæййы, уæд уазæджы æрæгмæ æрфæрсы. Цæй, кæд нырæй фæстæмæ рараст кæниккам уыцы рæдыд. - Къахæн та цы нысаниуæг ис? - Æвæццæгæн ын ис, æндæра нæм директор цæуылнæ фидар кæны. Ам куы ’рцардыстæм, уæдæй фæстæмæ мæ хъус дарын, æмæ нæм иу-дыууæ азы фагы йедтæмæ не свæййы. - Æвæццæгæн йæ фысымтæй йæ зæрдæ нæ барухс вæййы, кæнæ та йæ йæ фадæттæ нæ самонынц, - Салам ба- худт йæ мибылты, фæндыдис æй хъазæнæмхасæнты кæй дзуры, уый æргомдæр равдисын. 6- 81
- Фысымтæй дæр мæ бон раппæлын нæу, фæлæ, дам, иу аххосæй аххос нæ вæййы, фæзæгъынц. - Мæ бон дын ницы у дзуапп раттын, - загъта Салам æмæ, йæ мид-зæрдæйы аххосæгтыл хъуыдыгæнæгау, нык- каст къулыл ауыгъд диаграммæмæ. Чизоны, йæ цыдæртæ зæгъын фæндыд, фæлæ йæм хорз нæ каст адæмы ’хсæн ахæм ныхас ныддаргъ кæнын. Салам иугæр дзуаппдæттыныл зивæг кæнын куы рай- дыдта, уæд Дзапар дæр аивта йæ хъæлæсыуаг. - Хъуамæ нын баххуыс кæнат æппынкъаддæр иу-дыууæ къуырийы бæрц. Районы хистæры афарстон. Ахуыргæни- нæгтæ скъолайæ цы фæиппæрд уой, уымæн баххæст-гæнæн ис, фæлæ нæ фæллæйттæ быдыры куы баззайой, уæд адæ- мы фыдæбон æнæпайда фæуыдзæн. Саламæн æхсызгон уыд, ахæм æхсæнадон куысты йын йæхи равдисыны фадат кæй фæуыдзæн, уый, æмæ карзæй бафæдзæхста ахуыргæнджыты, скъоладзаутьь Уыцы райсом иннæ бонтæй раздæр ацыд скъоламæ. Фæззыгон рог уддзæф, райдзаст боны цинæй, зылдис бы- дырты æмæ дыргъдæтты. Бæлæсты уæлæ ма цы бурбын сыфтæртæ аззад, уыдонæй фæфылдæр сты, зæхмæ дзы чи азгъæлд, уыдон. Сатæг удцзæф хъыдзы кодта цæсгом, уа- дултæ зымæджы фидиуæгау, йемæ хаста æнæкæрон сагъæ- стæ. Нырма скъолайы змæлæг дæр нæ уыд. Салам æрбадт кæрты пакацонг бæласы бын бандоныл. Цыдæр хицон æм фæкаст ацы бандон. Скъолауынæг куы ’рбацыд, уæд дæр æй æппæты фыццаг уый суазæг кодта. Нырма ахуыргæнджыты хорз нæ зоны. Чи сæ цæмæй улæфы, уый раиртасынæн фылдæр рæстæг хъæуы, фæлæ йын уæддæр фыццаг педсо- веты бантыст æмткæй коллективы зондахаст раиртасын. Ныр та хъуыди цæуын æнæцудгæ, æнæфæтасгæ. Уæртæ æр- бахæццæ ахуыры хайы гæс Аминæт. Астæуккаг кары сыл- гоймаг. Иумæйаг ныхæстæ бирæ фæкодта æмбырды, фæлæ сæ, æвæццæгæн, куыстыл ницы бафтдзæн. Директоры кой йæм æппындæр нæ уыд æмæ уый хорздзинад у. Иугæр ацыд, уæд йæ кой кæнын дæр нал хъæуы, фæлæ коллекти- вæй кæмæй æппæлыд, кæй куыст фаудта, уыдонæй дæр ни- кæйы ном сдзырдта, уайсадæг чындзау. Цыма искæйы цæс- тынгасæй тарст, уыйау тыхласæгау ласта йæ дзырдтæ. Кæ- рæдзийæн салам радтой. Аминæт иучысыл алæууыд Сала- мы фарсмæ æмæ ацыд йæ кусæн хатæнмæ. Уæртæ уый та Дзандор у, ацæргæ, уæздан адæймаг, æфсæрмдзæстыг, био- 82
логийы ахуыргæнæг. Цыма искæмæй исты зылынджын у, афтæ йæхи дары скъолайы. Стыр зæрдиагæй æппæлы ис- кæй хъуыдытæй. Уарзы хъусын, скъолайы куыстмæ чи нæ хауы, ахæм фарстытыл ныхас кæнгæйæ. Уæдмæ æрбацыд Зауырбег, профцæдисон организацийы секретарь, матема- тикæйы ахуыргæнæг. Æрбадт Саламы фарсмæ æмæ рай- дыдтой ныхас кæнын, рагон хæлæрттау, æгæрстæмæй сæ зæрдæты сусæгдзинæдтæн дæр нæ тарстысты кæрæдзийæ. - Цæмæн æрæгмæ цæуынц нæ адæм, - цæстуарзон уынаффæйы æнхъæл, афарста Салам æмæ æнхъæлмæ каст дзуапмæ. - Ныртæккæ сæ ардæм хъæуы, нырма уæддæр раджы у, - Зауырбег йæ цæст ахаста арвыл æмæ йæхи рацæттæ кодта Заремæйы арфæйæн двуапп раттынмæ. - Уæ райсом хорз. - Заремæ худæндзастæй иу каст фæ- кодта лæппуты ’рдæм стæй зæхмæ кæсгæйæ, фæкæлынæй тæрсæгау йæ къæхтæ иста* хъавгæ, афтæмæй схызт асины къæхтыл æмæ бахызт ахуыргæнджыты хатæнмæ. Дыууæ лæппуйы дæр аивæй кастысты чызджы фæстæ цалынмæ фæаууон, уæдмæ. Уый фæстæ дæр дзæвгар абад- тысты æнæдзургæйæ, фæлæ Салам йæхимæ фæкаст цахæм- дæр азымджын æмæ фехæлдта сабырдзинад: - Кæцон у ацы чызг, - афарста, фæлæ æрæджиау фæха- тыд, ацы фарст дзы æнæнхъæлæджы кæй сирвæзт, уый æмæ зулмæ фæрсæджы каст бакодта Зауырбегмæ. - Уый горæттаг у, фарон нæм æрбацыд кусынмæ. Уы- рыссаг æвзаг æмæ литературæйæ хуыздæр ахуыргæнæгæн скæнæн нæй, кæд нырма æрыгон у, уæддæр. Салам ницы сдзырдта. Ныхас кæнын дæр æм нал цыд. Бирæ скъоладзаутæ æрæмбырд, фæлæ ахуыргæнджытæн се ’мбис дæр не ’рцыд æмæ тыхст йæхимидæг, сыстад, Зауыр- беджы бадгæ ныууагъта æмæ ацыд фæндаджы онг, кæсы иуæрдæм, иннæрдæм, фæстæмæ раздæхт йæ бынатмæ, фæ- лæ бадгæ нал æркодта. - Цæуынафон у, мæнмæ гæсгæ, фæлæ нæ адæмæн се ’мбис дæр ам нæма сты, - Саламы цæсгомыл зындысты са- гъæсы фæдтæ, фæлæ, йæ тыхстдзинад æмбæхсгæйæ, æн- хъæлмæ каст Зауырбеджы дзуаппмæ. - Амæй уæлдай нæм ничиуал æрцæудзæн, фæлæ ма- шинæмæ арвитæм, - Зауырбег дæр сыстад, цалдæр зылды æркодта йæ мидбынаты, стæй фæраст фæндаджы ’рдæм. Саламæн хъыг уыд Зауырбеджы æнæмæт дзуапп. Афтæ 83
йæм фæкаст, цыма Зауырбеджы æппындæр не ’ндавы нæ дæр скъола æмæ нæ дæр директоры кад, цыма æддæмæ куыд хæларзæрдæ зыны, ахæм нæу йæ удыконд, æмæ дзы цæмæй, уыцы æнкъарæнтæ уацары уæвгæйæ, æнæууылд ныхас ма сирвæза, уый тыххæй йæхи айста хибар ранмæ. Нæ йæ фæндыд йæ мид-зæрдæйы тыхст уавæр сæргом кæ- нын. «Хæйрæг йæ дæсны, дæ уæздан ахаст, стæй дæ уай- дзæф дæр кæмæ куыд фæкæсдзысты æмæ дзырдтæ та топ- пы нæмыгæй уæлдай не сты, иугæр атахт, уæд ма йæ ацу æмæ агур адæмы ’хсæн». Салам, чизоны, ууыл дæр тынг нæ батыхстаид, нырма йæ ахастытæ коллективимæ не ’рбæстон сты, фæлæ колхозы сæрдарæн ахæм ныфсы ныхæстæ фæкодта, æмæ дзы уый дæр сбуц, кæдæй-уæдæй, дам, лæгау-лæджимæ ныхас кæнын. Дыууæ уæзласæн машинæйы æрлæууыд скъолайы раз. Сбадтысты ахуыргæнджытæ, скъоладзаутæ. Зауырбег лæу- уыд Саламы фарсмæ, фæлæ æнæнхъæлæджы атындзыдта æмæ уайтагъд февзæрд иннæ машинæйыл. Заремæ иннæ машинæмæ кæй схызт, уый Саламы зæрдæ гæзæмæ фæрæхуыста. Райсомæй нырмæ йæ зæрдæйы цы маст райдыдта æмбырд кæнын, уый ноджы йæхиуыл тыхта æнæнхъæлæджы сагъæстæ, æмæ суанг быдырмæ лæппуйы дзыхæй сыбыртт нал схауд. Скъоладзаутæ сæ зарынæй нæ банцадысты, фæлæ йын нæ фæтых сты йе ’рхæндæгыл. Нартхоры быдыры апырх сты фæсивæд, ахуыргæнджы- тæ. Зауырбег æмæ Заремæ цыдысты фæрсæй-фæрсмæ рæнхъытыл. Цадæггай сæм йæхи баласта Салам дæр. - Ахæм нартхор æрзайгæ ма дзы уыдзæн, - Салам дзыр- дта хъæлдзæгæй æмæ цæмæй йæ ныхас æб.æрæг сæфт ма фæуыдаид, уый тыххæй æрмæриныдæргъæн æфсирыл схæ- цыд бæрзонд, алчидæр^æй куыд федтаид, афтæ, æмæ йæ ныппæрста чыргъæды. Йæ ныхас ын чи фехъуыста, уыдон ма ноджы æнхъæлмæ кастысты цыдæртæ зæгъынмæ, æмæ йын цæмæй йæ хъуыдытæ ма бахъыгдардтаиккой, уый тых- хæй цæттæ уыдысты æрмæст хъусынмæ, фæлæ йæхæдæг, цæуылдæр фæсмонгæнæгау, фæивта йæ ныхасы темæ. - Зауырбег, дæумæ куыд кæсы, уый зæгъын мæ бон нæу, фæлæ абоны зиугуыстæй мæ зæрдæ нæ рухс кæны. - Цæуылнæ? - Зауырбег кæд Саламы зæрдæйыуаг рагæй хатыд, уæдцæр æй афарста. - Нæ адæмæн се ’мбис дæр ам нæй. 84
Зауырбег ницы загьта, нæ йæ фæндыд ам, быдыры, куы- сты уæлхъус онгмарæн ныхæстæ кæнын. Заремæйæн æфсон фæцис æмæ йæ цæсты тигътæ сæхи асæрфтой Саламыл, стæй комкоммæ бакастысты Зауырбегмæ: - Мæлæты хорз нæ арæхсыс нартхоры куыстмæ, - чызг куыддæр йæ зæгъинагæй фервæзт, афтæ йе ’внæлд фæ- цырддæр æмæ фæхибар йе ’мбæлттæй. Зауырбег каст æрмæстдæр йæ къухты змæлдмæ, нартхо- ры æфсирты уындæй йæ зæрдæ афтæ барухс, æмæ йæ уыцы æнкъарæн тындзын кодта размæ, йæ архайд фæрæвдз æмæ аразæй йе ’мбæлттæй. - Уæддæр Зауыр махæй кусаг дæр у, фылдæр ын æн- тысы, кæс-ма йæм, куыд аразæй, - ныхас кæимæ уыд, уый йæхæдæг дæр нæ зыдта, фæлæ Заремæйы хъустыл кæй æрцыдаид, уый æмбæрста æмæ æнхъæлмæ каст исты дзуап- мæ. Чызг дзургæ ницы скодта, фæлæ ацы хатт комкоммæ бакаст Саламы цæстытæм æмæ бахудт йæ мидбылты. Ацы хатт Саламы æрхæндæг æмæ змæст хъуыдытæ атадысты чызджы мидбылхудтæй æмæ йæм фæзынд ныхас адарддæр кæныны ныфс. -Уазæг, дам, дзæгъæлдзых нæ вæййы, фæлæ абоны зиу мæ зæрдæмæ нæ цæуы. - Цæуылнæ? - Цæуылнæ куы зæгъай, уæд нæ адæмæн се ’мбис дæр ам нæй. Æвæццæгæн мæ... - хъуамæ загьтаид «ницæйаг дирек- торыл банымадтой», фæлæ йе ’взагыл дæндæгтæй фæхæ- цыд, - ды уæддæр фысым дæ æмæ адæмы хуыздæр зоныс, чизоны сæ ахуыр афтæ у. - Æз дæр сæ дæуæй уæлдай нæ зонын. - Ам рагæй кусыс? - Иу афæдз. - Æвæццæгæн, горæттаг дæ? - Горæттаг нартхор тонынмæ афтæ арæхсы? - чызг та бахудт йæ мидбылты, йæ цæс’гомыл зынд, Саламимæ ныха- сæй æхцондзинад кæй исы, уый, æмæ уыцы зæрдæйыуаг æмбарын кодта лæппуйæн. - Уæдæ? - Фарныхъæуккаг... Нæхимæ мæ бæргæ фæндыд кусын- мæ, фæлæ нæй, абон райсом мын кæнынц, фадат, дам, нын нæма ис. - Ам, æвæццæгæн, дæ зæрдæмæ нæ фæцыд? - Ам дæр цæуылнæ, тынг хорз у, фæлæ дзы хи хæдзарæн уæддæр æмбал нæй. 85
- Ахуыры фæстæ алчи йæхи хæдзармæ куы цæуа ку- сынмæ, уæд... - Уæд цы? - Уæд мæнæ мах кæм фембæлдаиккам, фæлæ афтæ ш гæнæн нæй, - Салам бакаст Заремæмæ, йæ хъуыды йын бамбæрста æви нæ, уый бæрæггæнæг. Чызг куыннæ фæхатыд ахæм дæлгоммæ ныхас, фæлæ йæ цыма нæ фехъуыста, уыйау бараст кодта йæ сæрбæттæн, гæ- зæмæ фæсырх сты йæ уадултæ, æрæджиау цахæмдæр æхсы- згон æнкъарæн апырх æгас буарыл æмæ фæкомкоммæ, йæ зæрдæйы æнцойдзинад ын чи базмæлын кодта, ахæм цæс- тытæм... Æмбисбонæй раджы ахызт. Колхозы бригадир азылд æмæ фехъусын кодта ахуыргæнджытæн, уагуадзынафон кæй у, уый тыххæй. «Райсом та уæм æнхъæлмæ кæсдзы- стæм», - загъта æмæ нартхæртты хус хæтæлты ’хсæн сыбар- сыбургæнгæ фæаууон. # *• •* Салам бадт хатæны иунæгæй. Йæ сæры зилдух кодтой алгъуызон хъуыдытæ. Алы бон дæр ын йемæ æрхæссы цахæмдæр æнæнхъæлæджы цаутæ æмæ йæ уыдон куы ка- тайыл бафтауынц, куы та йын йæ зæрдæмæ бахæссынц ног царды ныфсытæ. Ацы хатт æй тынг хъуыдысты уыцы ныф- сытæ, фæлæ уыдон, тæргайау, нырма æмгæрæтты нæ цыды- сты, æмæ цахæмдæр катай хъуыдыты нæ уагъта æмбырд кæнын. Кæд бон дыууæ, æртæ баиъирозæй фылдæр никуы бадымдта, уæд ын аходæнафонмæ цалдæр баисты, фæздæг хатæны мигьау ныббадти. Сыстад, æрбацæуæгмæ æнхъæл- мæгæсæгау, акаст рудзынгæй. Нырма дыууæ мæйы дæр нæ рацыд ацы скъоламæ йе ’рбацыдæй фæстæмæ, фæлæ йæ бон дзуапп раттын кæмæн нæу, рæстæг кæмæн хъæуы, уы- цы фарстытæ йын афтæ бабирæ сты æмæ кæцæй райдайа, фæрссаг æмæ дзы сæйраг чи у, уыдон иртасгæйæ, бахауы алгъуызон хъуырдухæнтæ æмæ зындзинæдты. Фыццаг пед- совет мæлæты рæвдз ацыд. Ахуыргæнджытæ дæр дзы тынг фæбузныг сты, равдыста, цы зонындзннæдтæ йæм уыдис, уыдон. Йæ ныхас уыд карды карстау, йæ ныфсытæ афтæ фæфидар сты æмæ йæм афтæ фæкаст, цыма иу афæдзмæ скъола сбаддзæн йæ бынаты, бацахсдзæн кады бынат. 86
Утæппæт адæмы раз ралæууынæн æмæ зондамонæн ныхæ- стæн бирæ цыдæртæ хъæуы. Йæхæдæг дæр стыр ныхасæй тынг хизы йæхи. Æрмæстдæр разамонæгмæ чи хауы, уыдон уыдысты йæ мæт, йæ катай, иннæ аудинæгты уал бакодта коллективы бар. Афтæ йæм каст, цыма дзы дæхи доны бап- пар дæр кæмæн зæгъай, уый нæ фæфæстиат уыдзæн, фæлæ йæ уыцы фын фæсайдзæн, уый йæ бауырныдта быдырмæ кусынмæ цæугæйæ. Саламы цæстытæ фæиппæрд сты рудзынгæй, йæ къух- тæ - йæ хæлафы дзыппты, афтæмæй лæууыд цавдцурау, зæхмæ кæсгæйæ, стæй бацыд диваны цурмæ æмæ йыл йæхи æруагъта. Йæ хъусты зæлыд сабиты хъæлæба, ахуыргæн- джыты ныхас, дзæнгæрæджы зæлланг, йæ цæстытыл ауа- дысты, сæ бæрны кæмæн бацыд, уыцы рæзинаг фæсивæды алыгъуызон цæсгæмттæ.^Æппынæдзух йæ хъуыдыты зилдух кодта Заремæйы хуыз. Йæ цæстытæй нал æмæ нал фæхи- цæн кæнынц, æппындæр аипп æрхæссæн кæмæ нæй, уыцы фæлмæн мидбылхудт, æрдынзылд сау æрфгуытæ, сæ тын- тæй адæймаджы æнкъарæнтæ чи базмæлын кæны, уыцы æрвгъуыз даргъæлвæст цæстытæ, аив уæздан уæнгты конд, рог къæхты айст. Ныр дæр та йæ дуарахæсты бакодтой. Тынг ын сбуц кæнынц йæ зæрдæ, фæлæ сæ цыма ацы хатт тæрсгæ дæр фæкодта, уыйау йæхицæн нал ары бынат, куы диваныл йæхи уæлгоммæ ауадзы, куы та хатæны къуымты тезгъо кæныныл бафты. Разамонæг... Цымæ цы ныфсæй бацыд утæппæт адæмы бæрны? Уыдонæй фылдæр зоны, æви ахуырдæр у? Чизоны, арæхсы, фаглæ йын уыцы æвзыгъддзинæдтæ равдисыны фадат нæма фæци. Институты тынг хорз ахуыр кодта, уæдæ факультеты фæскомцæдисон организацийы секретарæй дæр йæ сæрмæ никуы бахаста æгады ном, бирæ хæттыты дзы æппæлыдысты. Уыдон уыдысты йæ фыццаг ныфсы къахдзæфтæ, сомбон разамонæгæн кæй бабæздзæн, уый бæрджытæ. Ныр сæ хъæуы фæфидар кæнын. Ацы бонты уал ын кæй нæ фæрæстмæ сты, уый йæхæдæг дæр хаты æмæ агуры уавæр рараст кæныны фæрæз. Искæйы дзы лæгæй- лæгмæ бафæрса - æмæ æфсæнттæй фылдæр цы ис?. На- мысджынтæ дæр дзы куыннæ уыдзæн, фæлæ уыдон фæр- сын нæ хъæуы, адæймаг сæ цæстæнгасæй дæр бамбардзæн. Разамонæгыл æмбæлы, цæмæй йæ цæст уына къæбуты ’рдыгæй дæр. Æвæццæгæн, уынаффæйыл дæр тагъд кæнын нæ хъæуы: цард, рæстæг йæхæдæг /*æр зондамонæг у. Уымæ 87
гæсгæ сын фыццаг сæхимæ бакæсын хъæуы. Нырма дзы иу дæр хатыр нæ ракуырдта, быдырмæ скъоладзаутимæ кæй нæ ацыд, уый тыххæй. Æниу дзырд иу кæнæ дыууæ боныл нæ цæуы, се ’скойы аккаг дæр не сты, фæлæ къуыригæйтты дæхи мауал равдис, уый, æвæццæгæн, ныббаринаг нæу. Цыдысты бонтæ. Цыма æппындæр никуы æмæ ницы, цыма æмбæлгæ дæр афтæ кодта, уыйау рохуаты баззад, куыстмæ чи нæ цыд, уыдон хабар. Фæлæ дзы Саламæй ни- цы ферох, кæд йæхи хорз чи равдыста, уыдоны кой дæр не скодта, уæддæр. Салам цалдæр хатты кæй уроктыл нæ абадт, ахуыргæн- джытæй кæмæ нæ байхъуыста, ахæм ын дзы нал баззад. Къодах, дам, йæ фыццаг цæфæй бæрæг у фæзæгъынц. Ныр æй афтæ тынг нал хъæуы уынаффæгæнæджы сæр, табу хуыцауæн, чи дзы цæмæй улæфы, уый райдыдта хатын æмæ фæфидардæр сты йæ ныфсытæ. Салам ацы райсом сыстад иннæ бонтæй раздæр. Йæ дзыхы къæбæр дæр нæ акодта, афтæмæй фæцæуæг. Фысым-| ты сылгоймаг фынгмæ куы фæкомкоммæ, уæд дисы бахауд! нырма нæ хъуыды кæны ахæм бон, æмæ Салам æххормагæи ацæуа скъоламæ. Скъолайы йæхи йедтæмæ змæлæг нæма уыд. Бацыд йæ кабинетмæ æмæ дысон секретарæй цы хисæрмагонд хъуыд[- даджы гæххæттытæ райста, уыдон йæ разы æрæвæрдта. ’ Фæззыгон хуры тынтæ сæхи гæзæмæ асæрфтой рагъсæр-) тыл, бæлæсты сыфтæртæ æрттывтой сыгъзæринау, уынгæй хъуыст адæмы уынæр, машинæты хъæр. Цъæх арвы быды- рæй алкæй зæрдæмæ дæр каст хуры тын, кусынæн комæй кургæ бонтæ кæй кодта, уый тыххæй. Мæдинæты документтæ каст фесты. Мæдинæт æм арæх бауайы хъæстмæ. Уайтагъд дзырд фæвæййынц йæ зæгъи- нæгтæ. Æрвылхатт дæр сæ фæлхатт кæны уыцы иугъуызон. Нæ дæр сæм дзырд бафтауы, нæ дæр дзы ивгæ акæны, уы- цы-иу хъæлæсыуагæй. «Адонæй æгæнондæр мæ цæрæнбон- ты сывæллæттæ никуыма федтон. Скъолайы базæронд дæн, мæ дæндаг дзы рафтыдтон, куыниæ мæм уыд галиу, зын- хъомылгæнæн сывæллæттæ, ахуыр кæнын æнцон кæмæн нæ уыд, ахæмтæ, фæлæ сæ никуы фæлмæцыдтæн, адæй- маджы ныхас æмбæрстой. Ныр та?.. Ахуыргæнæджы цæс- тæй дæр мæм нæ кæсынц, ды сын иу дзурыс, уыдон та æн- дæр хъуыддæгтыл сбæндæн вæййынц. Ацы ран директоры аххос дæр бирæ уыд, нæ дзы тарстысты». 88
Салам Мæдинæты фæстаг ныхæстæ сфæлхатт кодта цалдæр хатты, бахудт йæ мидбылты æмæ бахгæдта хъуыд- даджы гæххæттыты папкæ. Дзандоры хъуыддагон гæххæттытæ фылдæр уыдысты, иутæ дзы сбур сты, сæ фыст кæмæн нал зынд, ахæмтæ дæр дзы дзæвгар уыд. Цалдæр хатты йын йæхи фæдзæхсæгау, радзырдта йæ царды уæззау хабæрттæ. Æппынæдзух йæ хъасты сæр уыд скъоладзауты мæгуырау уагахаст, сæ хъус ахуырмæ кæй нæ уал дарынц æмæ скъолайы цæстуынгæ æрмæг кæй нæ фаг кæны, уый. Салам уыдон хæдзары дæр бахордта адджын цæхх æмæ кæрдзын. Тынг цингæнæг би- нонтæ сты, цæхх æмæ кæрдзыныл - рæдау, сæ уд дæр дын нæ бахæлæг кæндзысты, фæлæ... Салам алы гæххæтт дæр бавæрдта йæ бынаты æмæ папкæ æрæвæрдта иннæйы сæрыл. Зарæйæн йæ хъуыддаджы гæххæттытæ бæстон арæзт уыдысты, фæлæ ахæм зонындзинæдтимæ фæндзæм къла- сæй уæлæмæ кусæн нæ уыд. Уый та уроктæ лæвæрдта æстæм къласы онг. Цалдæр хатты йын йæ урокмæ хъуыста Салам æмæ-иу йæхæдæг ныссуйтæ. Æнæуи та йæм байхъус æмæ зæгъдзынæ: уал дæ баззайæд, кæд ацы адæймаджимæ математикæйæ ничи ахæца. Аминæты документтыл цæст рахæсгæйæ, Салам цæхгæр балхынцъ кодта: бынæттон адæймаг, йæхи хизы быцæуаг фарстытæй æмæ æппæт дæр бакæны директоры бар. Æвæц- цæгæн, Саламы размæ чи куыста, уыдонæн дæр тынг ратых кодта ахæм хиндзинад. Салам ма тагъд-тагъд рафæлдæхта иу-цалдæр папкæйы, фæлæ сæ лæмбынæг никæмæуал æркаст. Иууылдæр сæ æрæвæрдта кæрæдзи сæрыл, афтæмæй сыл йæ цæст хæссы куы уæлейæ дæлæмæ, куы та дæлейæ уæлæмæ. Афтæ йæм каст, цыма йын дзы цыдæр аирвæст зæрдæхсаинагæй, фæ- лæ йæ хъыг дардтой хатæны къултæ, дуар, рудзгуытæ. Иурæстæджы сыстад, цалдæр хатты ахæццæ дуары онг, акаст рудзынгæй, æмæ куыддæр фæстæмæ йæ бынаты æрбадт, афтæ гæххæттыты ’хсæнæй раласта Заремæйы пап- кæ. Цахæмдæр тыхстгъуызæй йын уæззаугай рафæлдæхта йæ фыццаг цъар. Уайтагъд æм хуызистæй скастысты, йæ цæсгомы хуыз ын чи аивын кодта, уыцы артуадзæг цæс- тытæ, бæрзонд æрдынзылд æрфгуытæ ныртæккæ дæр сты цæсгомы фидыц, фæлæ хуызист, æвæццæгæн, егудентæй ист уыд æмæ къæсхуыр рустæ æмæ цæсгомыл зындысты бæзджындæрæй. Салам цыма хуызистæй æфсæрмы фæцис, 89
уыйау æй бахгæдта фæстæмæ, æрæвæрдта йæ иннæты сæрыл. «Цыдæриддæр уа абон мын мæ фæндонæн æнæзæгъгæ нæй», - Салам сейфы дæгъæл ныппæрста стъолы лагъзы. - Æрмæст фæскуыст, фæсурокты, - загъта цæхгæр æмæ та хъуыддаггъуызæй æрбадт йæ фыссæн стъолы фарсмæ. * -X- * Салам, хуымæтæг кърандасæй сыгъдæг гæххæттыл цы- дæртæ хъулæттæгæнгæйæ, каст уырдыгмæ, Зауырбег æмæ Аминæт йæ ныхмæ стьолы фæйнæфарс бадтысты æнæн- хъæлæджы хабармæ æнхъæлмæкæсæгау. - Афтæ нæ зæгъын, директоры куыст æнæмæнг хъуамæ ахæм ныхасæй райдайа, фæлæ мæ хъуамæ бамбарат, уавæрæн дарддæр быхсæн нал ис, нал ын ис иунæг бон дæр фæстæмæ æргъæвæн, ныр дæр æгæр байрæджы кодтам, æгæр арф фæд ныууагъта æмæ нын сомбон нæ къух ничи райсдзæн, фæлтау... - Салам бакаст Зауырбегмæ, стæй Ами- нæтмæ. - Ды, Зауырбег, хъуамæ зæгъай дæ хъуыды, куыд профцæдисон комитеты сæрдар, афтæ, ды та Аминæт - куыд ахуыры хайады гæс æмæ райдиан партион организа- цийы секретарь, афтæ. Зауырбег æмæ Аминæт кæд райдианы уырдыгмæ касты- сты, уæд ныр та, кæрæдзи фæзмæгау, схæцыдысты сæ сæр- тыл, ома хорз уаид, хъуыддаг цæй мидæг ис, уый нын тагъд- дæр куы бамбарын кæнис, уæд. - Æз нырма ног кусæг дæн, - уавæр тынг ахсджиаг у, уый равдисыны тыххæй Салам зылдис дæрдтыл, афтæмæй дзырдта æнæрлæугæйæ, - стæй мæм сымахыйас фæлтæрд- дзинад дæр нæй, фæлæ уын уæддæр хъуамæ зæгъон мæ хъуыды, кæд рæдийын æмæ мыл уæ зæрдæ истæмæй фæ- худдзæн, уæддæр. Æз ацы скъолайы ахуыргæнджытæй дыу- уæ, æртæ хатты кæй урокыл нæ абадтæн, ахæм дзы нал ис æмæ мæм сæвзæрд цахæмдæр хъуыдытæ. Сымах мæнæй хуыздæр зонут ныры дуджы ахуыры стыр æмæ бæрнон фарст, ахуыргæнæджы раз цы бæрнон хæстæ лæууы, уыдон, стæй фæсивæды æвзыгъддзинæдтæ. Фæсивæд бирæ зо- нынц, чингуытæ куынæ кæсой, уæддæр исынц уæрæх ин- формаци æмæ, мах рæстæджимæ абаргæйæ, зындæр у семæ ныхас кæнын. Уæхæдæг мæ бамбарут, ацы ран адæймаджы удыхъæды миниуджытыл æппындæр дзырд нæ цæуы, 90
фæлæ дуджы домæнтæ æмæ скъолайы куысты ног метод- тыл. Ацы ран сæйраг бынат ахсы сфæлдыстад æмæ ноджы- дæр сфæлдыстад. Уый та хауы канд ахуыргæнджытæм нæ, фæлæ скъоладзаутæн сæхимæ, стæй ныййарджытæм дæр. Иугæр скъоладзаутæн сæрибарæй хъуыды кæныны фадат радтай, уæд ахæм денджызы махæй алчи дæр хъуамæ сæрибарæй зона ленк кæнын, цæмæй фæсивæдæн уæм фæ- ндагамонæг. Махæй та иуæй-иутæ сабийы урокыл ссыбыртт кæнын дæр нæ уадзынц, æнæуаг, дам, у, фыдуаг. Ахæм куыст та махæн нырмæ дæр нæ лæвæрдта къух, уæлдайдæр та - ныртæккæ. Зауырбег, ды бацæттæ кæндзынæ Мæдинæт æмæ Дзандоры документтæ æмæ сæ бавдисæм пенси рай- сынмæ. Фæйнæ цалдæргай сахаты ма сын ратдзыстæм æмæ нымад уыдзысты нæ коллективыл. Аминæт, ды та Зарæйæн бамбарын кæн цæмæй æвдæм æмæ æстæм кълæсты уроктæ ныууадза рæстæгмæ, цалынмæ диплом райса, уæдмæ, на- уæд уымæ дæр æрхаудзæн маст æмæ махмæ дæр. Æмæ ма уыцы маст дæр дымды фæуæд, адæймаджы тыххæй адæй- маг маст дæр хъуамæ урома æмæ уайдзæф дæр, фæлæ саби- тæ та, сабитæ, уыдон тæригъæд сты. Ацы рæдыд нын ничи ныббардзæн, уæлдайдæр та нæ намыс. Æндæр мæм ницы ныхас кæнинаг ис нырма. Кæд уæ искæй исты зæгьын фæн- ды, уæд табуафси. Чизоны, æз рæдийын, уæд мын æй бам- барын кæнут, бузныг дæр ма уын зæгъдзынæн. Чизоны ма сæ хъару сæхимæ куы уаид, уæд сæ æрдомиккам, фæлæ иу- æй фæллайгæ бакодтой, иннæмæй та азтæ, азтæ... Куыд æн- хъæл стут - зæрдæ нæ зæронд кæны, æндæра азтæ сæ кæнон кæнынц. Салам иунæгæй аззад хатæны. Йæ роцъомæ быцæу бавæрдта галиу къухы армытъæпæн æмæ æнхъæлмæ каст цахæмдæр фыдæхы уылæнмæ. Афтæ йæм каст, цыма ныр- тæккæ ахуыргæнджыты хатæн фестдзæн сыбар-сыбур, цы- ма ныртæккæ ныххал уыдзысты æртхъирæнтæ, æртхъирæн- тæ, фæлæ нæ дæр иу æмæ нæ дæр иннæ, сабиты хъæлæбайæ дарддæр нырма йæ хъустыл нæ аныдзæвд зæрдæхсайгæ ны- хас. Æппæт дæр уыд сабыр. * * * Дзандорæн ма йе уæхсчытыл сæр ис æви нæ, уый хатгæ дæр нал кодта. Хатт йæ цæстытæ азгъорынц фæндагыл, ахизынц фæсфæд æмæ та сæ тъæпп фæцæуы къæхты раз, 91
нæ урæдтой æрфгуыты уæз æмæ тыхстæй цъæх арт уагьтой. Къæбуты нуæртты дыз-дыз рахызт фæлурс ныхы ’рдæм æмæ йын фæфылдæр кодта йе ’нцъылдтытæ, бандзыг сæры магъз. Лæг тындзыдта, зонгæ адæймагыл фембæлынæй тæрсгæйæ. Æниу ныртæккæ йæ разы чифæнды февзæрæд, уæддæр йæ иувæрсты ахиздзæн сæргуыбырæй. Адæймаг хатт вæййы ахæм зæрдæйыуагыл æмæ йын æнцондæр вæй- йы иунæгæй йæ фæндтæ, йæ хъуыдыты æвджид аззайын. Тындзы Дзандор. Нал æмæ йын нал æнтысы размæ. Æниу йæ фæыдаг скъолайæ хæдзармæ дыууæ къахдзæфы йедтæмæ нæу, фæлæ кæдæй-нырмæ цæуы, афтæмæй æр- дæгвæндагыл дæр нæма ис. Зауыры аххос та дзы цы уыд, фæлæ уымæ дæр тынг фæхъæбæр зæрдæ. Куыд бауарзта йæ цæст, адæймагæн, карды рæхуыстау, зын чи уа, ахæм хабар æнæзæрдæрисгæйæ зæгъын. Цалдæр азы кусынц иумæ, æгæрстæмæй, хæстæджытæ дæр сты, фæлæ йæм йæ ахаст ахæм æцæгæлон, æнæцæстуарзон никуы фæкаст. Сæрыл ра- хæцын дæр ыл бæргæ ’мбæлди, фæлæ иу иннæйы мæт кæд кодта ахæм рæстæджы. Йæхæдæг сæм бæргæ ныхмæ фæлæууид, фæлæ цы йæ бон у æргомæй, тох кæнынæн дæр цыдæртæ хъæуы. Дзандор бахызт хæдзармæ, йæ чингуытæ æрæвæрдта фынгыл, æмæ бакаст иннæ хатæнмæ, исчи дзы ис æви нæ, уый бæрæггæнæг. Иунæгæй кæй аззад, уый йын æхсызгон уыд, йæхи æрæппæрста диваныл æмæ уавæрæй фервæзыны æнхъæл йæ цæстытæ авæрдта кæрæдзийыл. Лæг иудзæвгар фæхуыссыд æнæзмæлгæйæ. Чысыл цыма йæ зæрдæ æрсабыр æмæ, тарф фынæйæ райхъалау, байгом кодта йæ цæстытæ. Кæсы йæ хæдзары къуымты, цыдæр æцæгæлон æм фæкастысты хæдзары дзаумæттæ, мигæнæн- тæ. Цыма раздæр цардæгас уыдысты æмæ ныр та сæ удтæ атахтысты, уыйау лæууыдысты цъынд цæст æмæ æгомыгæй. Сыстад, стъолыл, бандæттыл рауагъта йæ уырзтæ, фæлæ йæм дзы иу дæр не сдзырдта, иунæг дæр ыл дзы нæ баузæ- лыд, иууылдæр уыдысты уазал æмæ æгомыг. Хæдзармæ кæй тагъд кодта, ууыл фæсмонгæнгау, рахызт кæртмæ. Ныр та йæ фæндыд фæстæмæ скъоламæ аздæхын, чи цы зæгъы, цы хъуыды кæны, уый базоныны тыххæй. Ис- дуг йæхи рацæттæ кодта, фæлæ та йæхиуыл фæхæцыд, раст æм нæ фæкаст ацы хъуыды æмæ баздæхт фæстæмæ. Хуыссы диваныл уæлгоммæ. Бæргæ йæ хъуыд иу цæстуарзон, зæрдæхæлар уынаффæгæнæг, фæлæ кæм? Цардæмбалы 92
хуызæн дзы ничи у бæргæ ахæм рæстæджы, фæлæ хабæрт- тæ куы базона, уæд уый бынтон саззнæт уыдзæн. Кæстæртæ дæр ныр сæ цард аразыныл сты, алкæмæн дæр дзы ис йæхи сагъæстæ, стæй сын ахæм хабæртгæ дзурын дæр нæу аив, ардауыны хуызæн цæуы æмæ сæ хатт сæ зонд дæр нæ афæр- сы. Фæлтау цардæмбал, æрмæстдæр уымæн, адæймаджы уый хуызæн ничи бамбардзæн, уымæй растдæр уынаффæ йын ничи бацамондзæн. Уымæ та суанг изæрмæ хъуыд æнхъæлмæ кæсын, сывæллæтты цæхæрадоны кусы æмæ цы ми кæндзæн уæдмæ. Адæймаджы зæрдæ аскъуыйынæн би- рæ куынæ хъæуы. Нырма йын Зауырбег хабар йæ хъусты абон бацагъта, ныхас та йыл кæд æмæ кæд цыд. Дзандор хъуамæ сонт стад фæкодтаид, фæлæ йын нæ бантыст æмæ йæхимæ рамæсты. Дыууæ къухы диванмæ фæбыцæу сты, афтæмæй йæхиуыл схæцыд æмæ йæ царды дæргьы иу- нæгæй фыццаг хатт банызта сыкъайыдзаг арахъхъ. . Лæг ныккæрзыдта, сыкъайыл дыууæ къухæй хæцгæйæ, дурдзавдау, баззад лæугæйæ. Æрæджыйау йæ зæрдæ ба- дзæбæх, цыма йын фенцондæр, цыма йæ уæнгтæ æрлæмæгь сты æмæ йæ маст сысынæрдæм фæцис, уыйау бацыбæл æмæ та сыкъайы æркодта арахъхъ. Уый куыддæр банызта, афтæ ма кæсæны раз апæууыд иучысыл, йæ сæры тынны- вæндæгау райдыдтой бынтон æндæргъуызон хъуыдытæ, йæ цæстыхаутыл ацауындзæг хуыссæг. Дзандор куы райхъал, уæд йе уæнгтæ, фæхты хостау, кæрæдзийыл нæ хæцыдысты, цæсгомыл, арт сирвæзæгау, сыгъдысты йæ уадултæ. «Цымæ цæмæннæ ис хъуыдыгæнæг адæймаджы хъысмæтыл. Хæдзаргæнæджы бынат, дам, фæсдуармæ хауы. Сыгъзæрин фестæд уе ’рымысæг. Уастæн уæ мард макуы фесæфа нæ фыдæлтæ, кæд уæм цы хъуыды æмæ цы зонд уыд». Афтæ у, цард тæбæгъы донæй уазлдай нæу. Абон ды, рай- сом та - иннæ. Кæддæры нæргæ номæн йæ фæндаг фæс- дуармæ фæцæуы. Нал ын ис раздахæн, бауромæн. Йæ разы партæйыл чи бадт, уыдон сæхæдæг ныр зондамонджытæ сты. Сæ уæздан ахастæй буц вæййы Дзандоры зæрдæ æмæ уыцы миниуæгæй хайджын вæййынц бинонтæ дæр, фæлæ сæм ацы хатт ахæм хуынимæ нæ бацыд. Афинейы æрбацы- дмæ бæргæ æнхъæлмæ каст, фæлæ дзы æфсæрмы дæр код- та, афтæмæй не скъуыд йæ мидзæрдæйы хъуырдухæнты хал, зæрдæ та лæууыд æхгæдæй. Æхсæвы дæр Дзандор нæ уыд тарф фынæй, фæлæ кæй 93
æрбабон, уый дæр ын нæ уыд æхсызгон. Йæхæдæг нæ бацин кодта райсомы хуры тынтыл, мæргъты хъæлдзæг цъыбар- цъыбурыл æмæ йæ цыма уыдон дæр рохуаты фæуагътой, уыйау фæцис йæ зæрдæмæ хъусыныл. Бæргæ йæ уынгмæ рахизын куынæ хъуыдаид, уæлдайдæр та скъоламæ ацæ- уын, фæлæ йын æндæр гæнæн нæ уыд. * * # Скъолайы кæртæй ахизгæйæ, Мæдинæты зæрдæ афтæ нытталынг, афтæ нырхæндæг æмæ ма хæдзармæ бахæццæ уыдзæн, уый ныфс дæр æм нал уыд. Æвæццæгæн афтæ куы ахæсса, уæд дзы дыккаг бон дæр пайда нæй. Арæх афэёстиат вæййы уынджы, уæлдайдæр куыстæй здæхгæйæ. Иæ зæр- дæйы дзæбæхыл ис, зæгьгæ, уæд уынджы дæр хæстæгæй, зонгæйæ кæуылфæнды амбæлæд, нал æмæ нал фæфæуд кæны йæ ныхас; уæлдайдæр ыл иу йæхи хуызæн .цзурæг куы амбæлы уæд дзы хæдзар бынтон ферох вæййы. Йе скъола- дзауты ныййарджытæй кæуылфæнды амбæлæд, йæ ныхасы сæр иууылдæр вæййы уагахастыл. Фыдуаг у, нæ хъусы, нæ ахуыр кæны, æндæр дзы ничи ницы фехъусдзæн æмæ та уыдон дæр сæ маст ныккалынц сæ сабитыл, аххосджын сты æви нæ, уый та хæйрæг сбæрæг кæнæд. Ацы хатт сæ цыма зулмæ дæр никæмæ фæкæсид, ахæм зæрдæимæ фæцæйцыд хæдзармæ. Иунæг сыбыртт дæр дзы не схауид хæснагыл. Мæдинæт, стыр уаргъхæссæгау, бахæццæ хæдзармæ. Æцæгæлон хæдзармæ уазæгуаты бахауæгау, æрбадт къæ- лæтджын бандоныл æмæ зынæввæрсон каст кодта къуым- ты. Æппындæр æй нæ фæндыд исты мимæ бавналын. Аца- фон-иу фæцис бинонтæн хæринаг арæзт, фæлæ йын ацы хатт хус къæбæры æвджид кæй баззайдзысты, уый дæр æй не ’ндæвта æмæ, фыдæнæнгæнæгау, йæ къух уазал доны дæр нæ атылдта. Мæдинæт кæдæй нырмæ кусы ахуыргæнæгæй æмæ йын нырма дæ цæст сау дæр никуы ничи загъта æппæлынæй дарддæр. Афтæмæй рацæй-рабон æмæ кæмæндæр нал бæз- зы, æгъгъæд, дам, дын фæуæд, баулæф, дам. Мæнгæй нæ акæнынц - хæдзаргæнæджы мард дам фæсдуармæ хауы, мæрдтæ сыл æрцæуа, ахæм хъуыды æппæты фыццаг кæй сæры фæмидæг æмæ кæй æвзаджы цъуппыл абадт, уыдо- ныл. Мæ царды фылдæр рæстæг скъолайы арвыстон, скъо- лайы базæронд дæн, мæ дæндаг дзы рафтыдтон, сæ дæн- 94
дæгтæй фæхъæрзой, адæймагæн æнæхъуаджы маст чидæ- риддæр кæны, уыДон æмæ, дам, ныр фæндаджы дзæбæхтæ дæ хай, афтæмæй дзы мæ разæй чи ацæуа, ахæмтæ иу æмæ дыууæ нæй. Уæдæ æмæ алцыдæр æнхъæлцауы фæдыл у, фæхæцæг хион дыы нæй, уæд дзы коммæ кæсынæй хуыздæр ницы ис, науæд ма зылынджыны бандоныл дæр æрбад- дзынæ, фæлæ дын искæйы цæст дардæй дæр куы ’рттива, уæд пенсийы койæ ма тæрс, уый нæ, фæлæ ма æрщгонæй- æрыгондæр кæндзынæ. Куы ничи дын уа, уæд нæ дæр ди- динæг рафтаудзынæ, нæ дæр дæ куыст разындзæн, æрмæст цæрæнбонты хырхдзынæ, дæллаг галау. Фæлæ ницы кæны, кæд та æз дæр афтæ æнæхицау нæ разынии. Салам мын цæмæй зоны мæ къабæзты. Цалынмæ та уымæн дæр йæ сыкъа асæтта, уæдмæ зонд нæ базондзæн, æфсæрмы хорз у, фæлæ дæуæй дæр хъуамæ исчи аргъуц кæна, кæд ды дæхи- мæ хох кæсыс, уæд æппын иннæ къуыбар дæр нал у? А чызг дын иннæты хуызæн нæ фæуыдзæн. Кæд дæ амонд уа, уæд дæ дзуринæгтæ иууылдæр уыдзысты мемæ, æмæ дзы цы пайда смæрзай, уый дæр фендзыстæм. Ды кæуыл амбæл- дтæ, æз дын уыдонæй нæ дæн. Ничи йæм кæсы, кæцæй рай- дыдта, нырма йæ хъуымыз йæ былтыл нæ басур, афтæмæй мын зæндтæ амоны, пенсийы, дам, ацу; афтæмæй, дам, дæхицæн дæр хуыздæр уыдзæн æмæ махæн дæр. Уый бæсты алчидæр хъуыды кæнæд, йæхицæн куыд хуыздæр у, ууыл, иу иннæйы цардæн йæхи дæсны ма кæнæд, нырма искæйы зондæй никуы ничи фæцард. Баулæфынафон, дам, дын у... Фæзæрдыйæ мыл ис, мæ царды маэтæй йæ æхсæв хуыссæг дæр нал ахсы, мæгуыр. Уадзæбæх фæуæд, кæд мын уый мæ цардыл нæ тыхсы. Æнæуи дæр ацы фæсивæд æгæр уæлæн- гай цæстæй кæсынц цардмæ, адæймаджы хъысмæтмæ, фæлæ кæдмæ афтæ уыдзæн, уымæн ницы мæ сæрæн зонын. Мæдинæт сыстад, йæхиимæ кæй аныхас кодта, уымæй йын цыма чысыл фенцондæр æмæ бавнæлдта хæдзары зыл- дтытæм. Хуыцау де уазæг æмæ ацы хабар æрцæуа кæстæрты хъустыл. Афтæ йæм каст, цыма уыдон нæ ныббардзысты ныййарæджы маст æмæ æфхæрд, дыууæ ныхасы зæгъ- дзысты Саламæн æмæ уый дæр фаг у цæстæнгас аивынæн, фæлæ хъуыддаг мыййаг æрмæст ныхасыл куынæ ахицæн уа, уæд та? Цæрæмбонтæм, æвæццæгæн, исты зæрдæмæ хæссынæй маст бауромын æнцондæр у. Чизоны, Саламмæ дæр афтæ нæ фæхъæбæрзæрдæ уыдаид, фæлæ Зауырбеджы кæй баминæвар кодта, уымæй йыл тынг фæхудт йæ зæрдæ. Адæймаджимæ лæгæй-лæгмæ ныхас кæнын дæр лæгдзинад 95
у, рæстдзинад афтæмæй æнцондæр бæрæггæнæн у, дам- думтæн дзы нал баззайы бынат. Мæдинæты стыр ныфс уыд Иларæй. Уый мацы æры- мыса, уый гæнæн нæй. Уæзбындæр зондыл хæст у, стæй йæ бынат та - æфсæрмы аккаг. Цардыфых адæймагæн йæ алы фæнд, йæ алы архайд дæр бæстондæр вæййынц. Сылгоймаджы зæрдæ чысыл бахъæлдзæг, йæ цæсгом фæрайдзастдæр æмæ та уæд банкъардта йæ къуымты рæв- дыд æмæ цæрдхъом хуыз. Фæлæ цалынмæ йæ мадыфсымæ- рæн йæ зæрдиаг хабæрттæ фæдзура, уæдмæ йæ æнæмæнг хъæуы Дзандоримæ аныхас кæнын, стæй йын ацы ран Зарæ кæй феххуыс уыдзæн, уый дæр æм нæ фæкаст дызæрдыггаг, Аминæтимæ та хоты хуызæттæ сты, кæд ма цардыл æууæнк ис, уæд, æмæ йæхи райдыдта цæттæ кæнын канд ныхасмæ нæ, фæлæ цæмæй ныхасæй исты рацæуа, уымæ дæр. * * -X- Хуыцаубонмæ йæ цæстытæ ныуурс сты Мæдинæтæн. Цыма никуы æмæ ницы, уыйау, мæстджын уæвгæйæ, йæхи хъæлдзæг дардта скъолайы, уынджы. Зæрдиаг салам лæ- вæрдта Саламæн, æрмæст йæхи хызта йемæ ныхасæй, ома кæд æй хъæуон, уæд мæм йæхæдæг дзурдзæн. Æргом бы- цæуæй кæй ницы рамбулдзæн, уый æмбæрста. «Дыууæ бо- ны нæ барæвдыдтат адæймаджы», - ахæм æмæ бирæ æн- дæр хъуыдытæ фæзындзæн адæмы ’хсæн æмæ ахæм рæ- стæджы цыфæнды Чырыстийы хуызæн адæймагæн дæр фæзын уыдзæн йæ рæстдзинадыл æмæ уæд дæ къух хъуамæ æркъæдз кæнай. Фæлтау... Ацы дзырд ын ноджы скусын кодта йæ хъуыды, йæ зæрдæ, йæ нуæрттæ. Мæдинæт иннæ бонтæй раздæр сыстад. Кæд фæззыгон сатæг уддзæф хаста, уæддæр райсомы хуры тынтæ узæлы- дысты æрдзыл. Сæ рæвдыд сын не ’нкъардта сылгоймаджы зæрдæ, æрмæст хæдзары, кæрты къуымты, æнæсæрфат ра- цу-бацуйæ æрвыста йæ рæстæг. Лæг æмæ кæстæртæй уыцы афон хæдзары ничиуал вæййы. Уыдон хуыцаубонмæ нæ кæсынц, фæлæ сæ кæд фæнды, уæд баулæфынц. Мæдинæт та арæх баззайы хæдзары иунæгæй, уæлдайдæр хуыцаубо- ны, фæлæ ныры хуызæн никуы тыхст йæхицæй дæр æмæ йæ кусинæгтæй дæр. Иу дзы кæронмæ нæма ахæццæ кæны, афтæ иннæмæ бавналы. Иутæр ахæм зæрдæйы хаттæй фер- 96
вæзынæн куыницыуал фæрæзта, уæд, фыдæнæнгæнæгау, йæ дзаумæттæ дæр нæ раивта, афтæмæй фæраст Дзандор- тæм. Афтæ тындзыдта, йæ къæхтæ йæ афтæ скъæфтой æмæ йæ бон йæхи бауромын нæ бацис кæртмæ бахизгæйæ дæр, афтæмæй бахæццæ хæдзары артдзæсты онг. Тызмæг, тæр- гайгъуызæй радта æнæбары салам æмæ æрбадт пецы фарс- мæ ныллæггомау бандоныл. - Цы дæ ’рбахаста афтæ раджы... Ды æнæхъуыддаг не ’рбауадаис. - Мæдинæт, мадзурайæ куы бадт, уæд æй Афине афарста. - Цы мæ ’рбахаста, цы, мæ къæхтæ, стæй уæм цыма фыц- цаг хатт æрбацыдтæн, уый фæрстытæ мæ цы кæныс? - Нæ, цæмæн... Фæлæ дæ нырма нæ хæдзары ахæм æлхынцъæрфыгæй никуыма федтон. Адæймаг ахæм рæстæ- джы йæхиуыл дæр фенæууæнк вæййы. Æз ныртæккæ... Æддæ куыстытыл фæдæн æмæ мæ къуымтæ дæр нæма бафснайдтон. Лæг нæм ис æмæ цыма йæ род йæ гуыбыны амард, уыйау йæ къух уазал доны дæр нæ атулдзæн. Ацы фæстаг рæстæджы бынтон смадзура, мардæрцыдау, аххытæ æмæ оххытæ кæны æмæ йæ фæрсын дæр нæ уæндын. Адæй- маг йæ сæрæн исты куы зонид, уæд та цы нæ ис, фæлæ дæ хæринаг - цæттæ, дæ дзаума - сыгъдæг, табу хуыцауæн уæдæ нæм æрæджыты маст дæр никуыцæй æрбахауд, афтæ- мæй нæ хæдзар у зындоны хуызæн. - Æппын æй никуы æрфарстай, цы кæны, уымæй? - ны- хас ахæм нучы цæуын кæй райдыдта, уый æхсызгон уыд Мæдинæтæн æмæ йæ сæрыл схæцыд, йæ астæу сраст кодта. - Фæрсгæ-та цы хоныс, фæрсгæ, алывыдтæ дæр ма йын фæкалдтон, фæлæ, марадз зæгъ, кæд йæ дзыхæй иунæг сы- быртт дæр схауд, йæ цæст дæр нæ фæныкъуылдта, йæ цæст, цыма йæм мæ уайдзæфтæй иунæг дæр нæ фехъуыст, уыйау. Ацу, зæгъын, мæ фыдбылызтæ ахæсс, кæд хæйрæджыты сайд нæ фæдæ, æмæ йæ æз дæр рохуаты ныууагътон. Æр- вылбон ын дзурын, Мæдинæт, æмæ, марадз зæгъ, кæд мæм хъусы. - Цы йын дзурыс? - Цы йын дзурын, цы, зæгъын, базæронд дæ, зноныккон лæппу мын нал дæ æмæ дæ куыст ныууадз, уал азы скъола- йы адæмы сывæллæттимæ тых æмæ нуæрттæ нæ хъæуы. Ницы цух стæм æппындæр, пенси дын дæтты паддзахад, райс æй, æмæ мæнæ дæ хæдзары истытæ хыбыр-хыбыр кæн. - Уый та цы фæзæгъы?
- Йеуæд райдайы, гъе йæ загъд æмæ йæ заммана дæр. Æз цы кæноы æмæ куыд кæнон, уый мæхи йеддæмæ никæмæ хауы æмæ-иу мып зонд мачи амонæд. Алчи йæхи- цæн зонæд, мæн никæйы уынаффæ хъæуы. Никæй арфæйæ райгуырдтæн æмæ никæй æлгъыстæй дæр тæрсгæ кæнын. Хуыцау æмæ мæ хицауады хорзæх уæд, уый йеддæмæ мын мæ хъуын дæр ничи фæтасьн кæндзæн. Тæккæ абон мын ракалдта ахæм алывыдтæ æмæ фыдбылызты хай фæцис. Дзургæ дæр æм ницы кодтон, зæгьын, цæуылдæр тыхсыс æмæ уыйадыл фесхъиудга. Æниу мæ цы нæ уагьта, фæлтау ме ’взаг куы ’ахус уыдаид. Афтæ æдылы дæн æмæ мæхицæн æдылы мæстытæ кæныг. - Маст дзурьш кæны, дзурын, Афине. Ды йæ мæнæй хуыздæр зоныс, уæлдайдæр та - æнæхъуаджы маст. Уымæн та дзы бынтон æмбал дæр нæй, адæймаджы зцæхæраджы- нтæ кæны. Хъыгдарæгæн барын нæ хъæуы, йæ хъулмæ йын тохси куынæ бауилай, уæд дыл къахæй дæр балæгæрддзæн. - Мæдинæт, хъыг дæм ма фæкæсæд, фæлæ ды дæр раст нæ лæджы ныхæстæ кæныс, æмдзырд бакæнæгау. Дзурæд, цасдæриддæр æй фæнды, уый бæрц, фæлæ æз хъуамæ ма зонон, загъды сæр цы вæййы, уый, æз ацы хæдзары æцæ~ гæлон дæн, æви дзы мæ хъæлæсы бартæ ист сты? Мæдинæт, бахатыр мын кæн, уæдæ ма адæймаг йæ хъæстытæ хуыздæр кæмæн хъуамæ ракæна, нæхи бинонты цæстæй дæм кæсын, кæрæдзи абон мыййаг нæ базыдтам. Уæдæ йæм бинонты æрдыгæй дæр ницы маст хауы. Нырмæ йын куыстмæ цæ- уын уыд бæрæгбоны хуызæн. Ахуыры аз-иу куы ’рбалæу- уыд, уæд-иу бирæ февзонгдæр, фæлæ йыл ныр та, мæр- дтæмцæуæгау, сау хуыз бахæцы. Уæдæ нырма нæлгойма- джы куыстæй дæр мæхи никуы аластон, фæлæ нал æмæ нал лæгъз кæны йе ’рфгуыты æлхынцъ, хингондау. - Кæдæй нырмæ афтæ у? -Дæ зæрдийæ рагæй? Мæнæ хæрз æрæджыйæ фæс- тæмæ. Ацы ахуыры аз ын иннæтæй хъауджыдæр цы фыд- былыз æрхаста, уымæн ницы мæ сæрæн зоиын, кæд-ма йын дæсны бафæрсон, уый йеддæмæ. Æз та ма дæу афæрсынмæ хъавыдтæн, зæгъын, кæд скъолайы искæимæ фæзулдзых, фæлæ йæм ахæмæй дæр мæ зæрдæ не ’хсайы. Уæдæ хуыцау уæлейæ, зæхх - быиæй, хæдзары йын маст чи скæна, ахæм дæр дзы ничи ис. Кæстæртæ сты æмæ дзы алчи йæ царды кой кæны, мах дзы хъыгдарæг никæцы ’рдыгæй ис, ницы цух сты, иннæтау нæм нырма быцæу ныхас никуы рауад, 98
фæлæ кæсыс, æнæмаст цард, дам, никæмæн ис, фæзæ- гьынц, æмæ мæ бауырныдта. - Уæдæ йын æз зонын йæ аххосаг, - Мæдинæт сугты ’хсæнæй систа къаннæг къæцæл æмæ йæ цалдæр састы ’рко- дта йе ’нгуылдзты ’хсæн. Афинейæн йе уæнгтæ ауазал сты, йæ мидбынаты андзыг, нырма бæстон ницы базыдта, афтæмæй бадис кæнынмæ хъавыд, фæлæ йæ галиу къухы армытъæпæн авæрдта йæ дзыхыл, æфтæмæй æрбадт сылгоймаджы фарсмæ æмæ æнхъæлмæ каст бæстондæр хабæрттæм. - Дæ мæрдтыстæн, æцæг зæгъыс? - Æцæг зæгъын, уæдæ сывæллон дæн. - Уæдæ ма мæ къахæджы фæрстытæ. цы кæныс абондæр- гъы. Хæдзарæй йæ рæстæг скъолайы фылдæр æрвиты æмæ йын ды дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, зондзынæ йæ ха- бæрттæ. Мæдинæт, стыр масты денджызы хуыдуггæнæгау, скæ- уынхъæлæс, афтæмæй йæ сæр арфдæр ныббырыд уæхсчыты ’хсæн, сугты ’хсæнæй фелвæста æндæр къæцæл æмæ та йæ цалдæр састы акодта, стæй сæ пецы дуары хуынкъæй цæхæ- рмæ бакалдта. - Мах стæм хæйрæгæй æлгъыст коллектив æмæ нын, æвæццæгæн, цыфæнды дæсны дæр нал схос кæндзæн, - Мæдинæты цæсгом ноджы фæтызмæг, æмæ цыма йæ бон дзурын нал уыд, уæлдæф ын нал фаг кодта, уыйау цалдæр хатты арф ныуулæфыд æмæ уайдзæфгæнæджы цæстæй ба- каст Афинемæ, - Ды дæр æвæдза хæсджын дæ, цæмæй дæ цæст сау зæгъай, уæлейæ дæм дæлæмæ чи кæса, уыцы адæй- магæн. Нырма йæ бынат дæр не ’рхъарм кодта, йæ хъуымыз йæ былтыл нæ ма басур, коллективæй чи цы у, чи дзы цæмæй улæфы, уый нæма раиртæста, афтæмæй нæ йæ ныхтæ фæсагъта. - Уæддæр, дам, цы? - Афине æввахсдæр бабадт сыл- гоймагмæ, йæ бон нал уыд быхсын, фæндыдис æй æппæт дæр тагьддæр базонын. - Цы, дам, цы - къуыри, дам, авд боны. - Нæ дæ ’мбарын, - Афине комкоммæ каст Мæдинæты цæстытæм, афтæмæй йæ фарста дисгъуызæй. - Нырма мæ не ’мбарыс, фæлæ дæм куы бахъара, уæд æй бамбардзынæ, фæлæ, чизоны, уæд байрæджы кæнæм. - Цы, дам, уæддæр, дæ мæрдты стæн? - Цы, дам, куы зæгъай, уæд, дам, не скъолайы иуæй-иу 99
ахуыргæнджытæ сæ куыст куы ныууадзиккой, уæд, дам, нæ хъуыддæгтæ нывылдæр цæуиккой. - Æмæ уыцы ныхасыл ды цы мæсты кæныс, дæхимæ йæ цæмæн æмбарыс, фыццаг аз кусыс скъолайы, æви знонык- кон саби дæ. - Хъуыддаг дæр уый мидæг ис æмæ зноныккон кæй нæ дæн, скъолайы фыццаг аз кæй нæ кусын. Ныр, дам, уын пенсийы цæуын афон у. - Комкоммæ уын афтæ загъта? - Комкоммæ уал загъта æз æмæ Дзандоры нæмттæ, стæй ма дзы, æвæццæгæн, ноджыдæр разындзæн уыцы сау ном- хыгъдмæ бахæссинаг нæмттæ. Æниу пенсийы никуы ничи ацыд, фæлæ нæм цы минæвæрттæ æрвиты? Лæг дæ æмæ мын дæ хъуыды зæгь комкоммæ, кæд дзы æндæр гæнæн нал ис, уæд. - Уымæн та цы нысаниуæг.ис, æвæццæгæн уæм йæхи цæсгом нæ бахъæцыд? - Ау, æмæ махæй цæмæн райдыдта, æви нæ æнæхицæут- тæ æнхъæлы? А чызг ын ахæм ми бакæндзæн, ахæм æмæ дзы йæ цæрæнбонтæ иууылдæр ферох уыдзысты, куыд мæ ’нхъæлы! Афине дзургæ ницы скодта, фæлæ хъуыдыты адзæгъæл. Кæд Дзандорæн бирæ хæттыты загъта йæ куыст ныууадзын æмæ пенсийы ацæуыны тыххæй, уæд æм ныр та хардзау æркаст æмæ ма йæхицæн йæ мид-зæрдæйы схæцыд ныф- сытæ æвæрыныл: чизоны, директор ацы хъуыддаг хæрамы фæдыл нæ аразы, фæлæ Мæдинæтæн æргом ницы загъта. Мæдинæт йæ дзуринæгтæ куы фæцис, уæд чысыл йæ зæрдæ йе ’муд æрцыд, æрсабыр, йæ маст фæкъаддæр æмæ цæуынмæ фæцис. # # •* Скъолайы агъуыст уыди æдзæрæджы хуызæн, æрмæст- иу рæстæгæй-рæстæгмæ æрмадзæй райхъуыст æфсæйна- джы зæлланг æмæ дзæбуджы къупп-къупп, фæлæ уыдон дæр фæстагмæ ныссабыр сты. Салам йæ хатæны кæй бады, уый зыдта Хату æмæ нæ тагъд кодта хæдзармæ цæуыныл, зылди агъуысты, йæ цæст ыл хаста æддейæ-мидæгæй, хæдзардзин адæймагыл куыд æмбæлы, афтæ, æмæ кæм æмбонд барæстытæ кæны, кæм 100
зæххæй гæххæтты гæбаз фелвасы, куы та йæхи æруадзы бæ- ласы бын бандоныл. Хуыцаубоны скъоламæ йе ’рбацыдæй фæстæмæ хъуыды кодта, ацæуыны фадат ын кæд фæуы- дзæн, ууыл. Зауырбег сабыр къахдзæфтæй бахызт скъолайы кæртмæ. - Дæ изæр хорз. Хату, хуыцаубоны дæр ам вæййыс? - Æгас цу, - Зауырбег, мæнæн та сæрибар рæстæг кæд вæййы, стæй мæ куыстæн йæ фылдæр хуыцаубонмæ хауы. - Хатуйæн фæцис йæ службæйы хæстæ дардыл æмæ вазыгд- жын кæй сты, уый радзурыны фадат æмæ дзы пайда кодта. - Æмбарын, æмбарын, - Зауырбег куыннæ зыдта, Хату хуыцаубонты арæх райсомæй изæрмæ скъолайы кæй вæййы, уый, æмæ, иудзæвгар ницыуал сдзырдта, ныккаст йæ къæхты бын зæхмæ. - Салам ам ис’? - къухæй ацамыдта агъуысты ’рдæм æмæ бакаст Хатуйы цæстытæм. - Ам ис, йæхи хатæны. - Уæдæ йæм æз бакæсон, - фæрухс Зауырбеджы цæсгом æмæ фæраст агъуысты ’рдæм. - Бакæс, бакæс, дæ бон у, - йæ фæстæ ма уынаффæгæ- нæджы дзырд акодта Хату æмæ та йæ цæст ахаста кæртыл, — адон ныр æмбисæхсæвмæ дæр нал равдæлдзысты фæлæ цæугæ дæ хæдзармæ, мæнæуый, - загъта йæхицæн Хату æмæ фæраст иннæ дуары ’рдæм. Зауырбег бахоста директоры хатæны дуар, фæлæ дзуап- мæ нæ фенхъæлмæ каст, афтæмæй йæ гæзæмæ базыхъхъыр кодта. - Ам дæ цы? - Ам дæн, ам, мидæмæ рахиз. Æз дæр чысыл раздæр æр- бацыдтæн, - Салам къухæй ацамыдта бандонмæ, - æвæц- цæгæн дыл мæ минæвар амбæлд? - О, хæдзармæ мæм бауад иу къаннæг лæппу, Салам, дам, дæм дзуры æмæ æз дæр фæраст дæн. - Кæд мыййаг æнæвдæлон уыдтæ? - Нæ, уый бæрц ницы. Хæдзары цы лыстæг куыстытæ вæййы, уыдонæн фæуæн дæр никуы ис. - Нæ дæр мын хæдзары ис кусыны фадат, нæ дæр скъо- лайы æмæ афтæмæй бирæ ахсджиаг фарстытæ зайынц бо- нæй-бонмæ. Æз дæр та бахъавыдтæн хуыцаубонмæ. Дæумæ та тынгдæр уымæн арвыстон æмæ, - Салам аивта йæ хъæлæсыуаг, - чизоны. йæ дæхæдæг дæр хатыс, фæлæ дын æй уæддæр хъуамæ зæгъон. Коллективимæ цас хуыздæр зонгæ кæнын, уый бæрц фылдæрæй-фылдæр кæнынц мæ 101
мид-зæрдæйы сагъæстæ. - Салам æнхъæл уыд, зæгъгæ йын Зауырбег куыддæр йæ хъуыдыйыл фæхæст уа, афтæ йæ- хæдæг дзурдзæн æнæфæрсгæйæ æмæ йæхи æрцæттæ кодта хъусынмæ, æгæрстæмæй фыссынмæ дæр. - Æз нырма нæ базыдтон, мæ размæ директоры цæй тыххæй аивтой, уый, æмæ мæ уымæ гæсгæ хъæуы де ’ххуысы сæр, цæмæй адæй- маджы базонай, уый тыххæй дыгай, æртыгай бонтæ ницы сты, науæд рæдийын æнцон у æмæ адæймагæн аргъ кæн- гæйæ та рæдийыны бар кæй нæй, уый ды мæнæй хуыздæр зоныс. Ардæм куы цыдтæн, уæд мын районы рухсады хайа- ды гæс дæр ницы уадиссаг зонæнтæ радта, æрмæст йæ иууыл стырдæр фæдзæхст уыдис: скъолайы куыст сæвæрын хъæуы йæ къахыл. Куыд æмæ цы хуызы, уый тыххæй иунæг ныхас дæр нæ загъта. Æз дæр, дæ зæрдæ мæ зæрдæ, фæса- рæнтæм куынæ цыдтæн, мыййаг, куыннæ зæгъын базон- дзынæн кусын нæхи адæмы ’хсæн, скъолайы куыст цас сæвæринаг у йæ къахыл æмæ фæраст дæн мæлæты лæгау, - сæ дыууæ дæр бахудтысты, — æцæгæй та хъуыдытæ æмæ фæндтæ кæнынæй аразын бирæ вазыгджындæр æмæ зын- дæр у, иунæгæй цыма адæймагæн æнтысгæ дæр ницы ба- кæндзæн, афтæ мæм кæсы, кæсгæ нæ, фæлæ афтæ у, æмæ мæ уымæ гæсгæ фæнды дæ хъуыды базонын. Ахуыргæн- джытæй алкæйы урокыл дæр абадтæн, базыдтон сын сæ хъару, фæлæ мæм уæддæр уый фаг нæ кæсы. Дæхи ма мæ бынаты æрæвæр, кæдцæра дæ куыд æхсызгон бахъæуид æххуысы сæр. Зауырбег исдуг комкоммæ каст Саламы цæстытæм, фæлæ йæ ахæм зын фарстæн дзуапп дæттын куы бахъуыд, уæд йæ сæр æруагъта, бæрæг уыд, мид-зæрдæйы хъуырду- хæнты кæй бахауд. - Æз афтæ нæ зæгъын æмæ мын алцы лыстæггай радзу- рай, - Салам фæхатыд Зауырбеджы уавæр æмæ йын йæ хæс фæрогдæр кæныны тыххæй адарддæр кодта йæ ныхас, — адæймаджы зæрдæйы хатт базонынæн чысыл амынд дæр пайда у. Скъолайы куыст ахæм уавæрмæ цæмæн æрцыд, цы йын разиан кодта, уый, æвæццæгæп, æнæмæнг райхалинаг фарст у, кæнæ та булкъау скъахинаг, науæд афтæ азæй-азмæ немæ хæсдзыстæм дæлæсины ном æмæ цæй тыххæй? - Са- лам дзырд фæци, фæлæ ма дыууæ къухы æнгуылдзты ’хсæн зылдта сдавдгомау сырх кърандас, афтæмæй æнхъæлмæ каст Зауырбеджы дзуапмæ, ацы хатт йæ зæрдæ дардта, ны- хасы хайад кæй райсдзæн, ууыл. 102
\ Зауырбегæн та ацы хатт дæр йæ зæрды нæ уыд дзурын, 1йæ хъуыды куыд сæргом кодтанд, уый та йæм каст ноджы \зындæр, фæлæ йын ацы хатт нал уыд г æнæп. - Салам, - Зауырбег схæцыд йæ сæрыл, - дæхæдæг фе- нæг адæймаг дæ, ахуыр лæг, бирæ æмбарыс æмæ мæм афтæ кæсы, цыма дзы алкæй дæр базыдтай æмæ сæ нырæй фæс- тæмæ дæр базондзынæ æнæ мæн. Цæмæн афтæ зæгъын, ^ый та дæхæдæг хорз æмбарыс. Нырма адæймаджы зæрдæ- худты никуы кицæмæй бацыдтæн, никуы йын райстон йæ хъыг, кæд-иу мæ сæр хъуыдис, уæддæр. Нæ мæ фæнды, сомбон мыл дæ зæрдæ фæхуда, уый дæр. Мæхицæй не ’ппæ- лын, фæлæ кусынæй нæ фæлмæцын, цыдæриддæр мын ба- хæс кæнай, табуафси, æрмæст мæ... Иудзырдæй, бамбар мæ. - Цæй, хорз, афтæ мæм кæсы, цыма мæ ды дæр бамбар- дзынæ, æмæ дын уымæн дзурын мæ зæрдиаг ныхæстæ. Хæдæгай, амæй размæ цы фарстыл дзырдтам, уымæй цы бадæ, нæма сын бамбарын кодтат нæ хъуыды? - Куыннæ, се ’ртæйæн дæр. - Кæд дæ масты хай нæ фæкодтой? - Æз мæхæдæг иугай семæ аныхас кодтон, иуæн дæр дзы, кæй зæгьын æй хъæуы, æхсызгон нæ уыд ацы æнæн- хъæлæджы хабар, фæлæ сæ уæдæй фæстæмæ ничи ницы сулæфыд, никæмæн сæ аивта канд йæ ахаст нæ, фæлæ йæ цæстæнгас дæр; афтæ мæм фæкаст, цыма уæдæй фæстæмæ сæ куыст фæхуыздæр кодтой. - Уырны мæ, æз афтæ нæ зæгъын, куыстмæ уазал цæс- тæй кæсынц, фæлæ сын ноджы хуыздæр базыдтон сæ зо- нындзинæдтæ, сæ тых, сæ хъару æмæ, раст дын куы зæгъон, уæд мæ бон нæ бауыдзæн мæхи ницыфенæг скæнын, мæ ма- дызæнæг куы феста, уæддæр. Ахъуыды-ма кæн, ахуыргæ- нæджы сывселлæттимæ цас хъæуы физикон тых хардз кæ- нын, стæй уыдон рæстæг æмæ абоны домæнтæ кæрæдзимæ тынг дард лæууынц. Ныры фæсивæд тынг домаг сты, бирæ зонынц æмæ ахуыргæнæг канд се ’мсæр нæ, фæлæ цъус уæлдæр куынæ лæууа, уæд... Æгæр хуымæтæг, фæлахс хъуыдытæ дын дзурын, фæлæ бахатыр кæн, хатт дзы æндæр гæнæн нал вæййы. Кæддæр, чизоны, хорз ахуыргæнджытæ уыдысты, фæлæ абон та? Ды загътай, зæгъгæ сæ йæ ахаст, йæ цæстæнгас ничи аивта, фæлæ мæнмæ та афтæ кæсы... Зауырбег хорз æмбæрста, иннæ директортæ дæр раст ацы ран кæй фæкалдысты, уый, фæлæ цы хъуамæ загътаид? Салам уавæрæн æмб»æлон аргь скодта. Æхсызгон ын уыд, рагацау æй кæй раиртæста æмæ йæ уæлдай сагъæстыл кæй 103
нæ бафтыдта, уый. Хъуыддаг цæуыл ахицæн уыдзæн, уый / йын зын базонæн уыд, фгелæ дзы бирæ загъта - багътатæ кæй уыдзæн, бирæ дæлæ-уæлæтæ дзы кæй фæзындзæн, уый / дæр æмбæрста æмæ тыхст йæхи мидæг. / - Иугæр ацы фарст куы ’рбæстон уа, уæд мах алы’ ахуыргæнæгæй дæр æрдомдзыстæм, йæ хъару йæ цæй бæрп’ амоны, уый бæрц куыст, æмæ уæд чысыл кæй базмæл- дзыстæм, уый мæм дызæрдыггаг нæ кæсы. Амæйразмæ хъуыстон Мæдинæты урокмæ. Саби иуæрдæм фæзылд, уæд дæр уайдзæф, исчи сæ уæлдай сыбыртт скодта, уæддæр та загъд æмæ заммана, æмæ цахæмдæр тарстгъуыз нал æмæ нал хицæн кодта сæ цæсгæмттæй, уайдзæфмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, афтæмæй урокæн йæ фылдæр æнæпайда фæци. Уый мæ цуры, фæлæ йæ сывæллæттимæ лæгæй-лæгмæ иу- нæгæй куы вæййы, уæд та? Афтæ мæм кæсы, цыма ацы къласы иунæг урок дæр нæ ацæуы рæстмæ. Уый бæрæг у скъоладзауты тетрæдтæй, сæ зонындзинæдтæй, фæлæ дзы æз иунæг сыбыртт дæр никуы фехъуыстон йæхи истæмæй азымы бадарыны тыххæй, иууылдæр ын аххосджын вæййынц сывæллæттæ, ныййарджытæ, дирекци, куысты уавæртæ. Мæнæ дæхæдæг æвдисæн, цас таблицæтæ æмæ нæм цæстуынгæ æрмæг ис, сæ уындæй дæр адæймаджы зæрдæ бахъæлдзæг вæййы, фæлæ сæ нæ ахуыргæнджытæ цы сæ удхæссæг федтой, уымæн ницы зонын. - Чи сæм зивæг кæны, чи та семæ архайын нæ зоны æмæ æнæпайдайæ лæзæрынц къуымты. - Уымæй раст зæгъыс. Ацы ран Аминæты аххос бирæ ис. Уый сæ нæ домы æмæ сæ уыдон дæр ныхъхъуыдты уагътой. Цæстуынгæ æрмæг скъоладзаутæ сæхæдæг хъуамæ цæттæ кæниккой фылдæр, цæмæй рæза се сфæлдыстадон фантази. Артау хурбон географийы уроктæ цæмæн хъуамæ уагъд цæуой къласы, кæд æмæ æрдзы хъæбысы пайдадæр у, уæд? Фæлæ кæсыс, æрдзы хъæбысы фылдæр фарстытæн хъæуы дзуапп дæттын, фылдæр кусын, фылдæр зонын хъæуы æмæ сæхи хизынц уæлдай фыдæбонæй. Дзандорæй та бынтон уынгæджы фæдæн. Бон мæм хъæстмæ дыууæ, æртæ хатты ма ’рбацæуа, уый гæнæн нæй. - Цы, дам? - Цы, дам, куы зæгъай, уæд ын сывæллæттæ иууылдæр сты æнæгъдау, æнæмбаргæтæ, иуы дæр сæ нæ фæнды ахуыр кæнын. Зарæ дæр афтæ. Æстæм къласы, дам, иунæг рæстмæ ахуыргæнинаг дæр нæй, райдиан кълæсты, дам, фæкъ- уырма сты, афтæмæй йæхæдæг программæ дæр рæстмæ нæ 104
зоны. Амæйразмæ йæм бадтæн геометрийы урокыл æмæ, æз математик нæ дæн, фæлæ æфсæрмæй цы фæуыдаин, уы- мæн ницыуал зыдтон. Урок ын схæццæ æмæ йæ стæй скъо- ладзаутæн сæхи ’вджид ныууагъта. Æз ын зæгъгæ ницы кодтон, уымæн æмæ йæ рæдыдтытæ йæхæдæг зыдта. Уæ- дæй фæстæмæ мын урокмæ рауай дæр никуыуал загъта. Фæндзæм æмæ æхсæзæм кълæсты ныфсджындæр у, уымæн æмæ зоны программæ, мæ бон дзы ницы у зæгъын. Адæй- маг йæхæдæг йæхи куыд зоны, афтæ йæ ничи базондзæн, фæлæ уымæн та стыр намыс хъæуы. - Æхца афтæ зоны. - Æхца бæргæ хорз у, алкæй дæр хъæуы, ничи сæ аппардзæн, фæлæ ма дзы иу та цæсгом хуыйны, фæсивæды сомбоны хъысмæтыл хъуыды хъæуы, сæ царды фæндаг сын ахуыргæнæг аразы, - Салам йæ мидбылты бахудт, - зонда- монæн ныхæстыл та дын куыд схæцыдтæн, цыма сæ ды мæнæй æвзæрдæр зоныс, фæлæ дæ цы фæнды. Абон уа, æви сом, уæддæр хъуа^йе уавæр æрбæстон уа, цас тагъддæр, уый бæрц хуыздæр, фæстæмæ йын нал ис æргъæвæн. - О, фæлæ уымæн дæр рæстæг хъæуы, - Зауырбег ма хъуамæ загъдаид «тох кæнын», фæлæ уыцы дзырдтæ нал рауагъта зæрдæйæ. - Рæстæг - æнæмæнг, æрмæст уыцы рæстæг æгæр хъуа- мæ ма ныддаргъ уа, спайда дзы хъæуы. Чи нын баххуыс кæ- на, ахæмтæ нæм бирæ ис, - Салам сæ ранымадта. Заремæйы ном зæгъгæйæ, цыма йæ уадултæ фæсырх сты, йæ хъæлæ- сыуаг фендæр, афтæ йæм фæкаст, кæд æддейæкæсæгæн зын бафиппайæн уыдис, уæддæр, - æз уал сæм уæлæнгæйтты æркастæн, фæлæ тæккæ райсом хъуамæ рафæлдахæм ахуыргæнджыты документтæ æмæ сæ суанг дамгъæйы онг æркæнæм фæткмæ. Афтæмæй нын ныхас кæнын æнцондæр уыдзæн. Хуыцау мын ныббарæд ацы хъуыды, фæлæ цыма Аминæт дæр нæ уæрдоны нæ бады, афтæ мæм кæсы, æндæра ахуыры хайы гæс дæ æмæ æрæвнал, куыст куыд до- мы, афтæ. Нæ дæр - методикон куыст, нæ дæр - контрол, афтæ куыст ауагъта хæддзуйæ, ома ды дæр хорз æмæ æз дæр. Амæйразмæ йын педсоветы йæ раныхасмæ лæмбынæг байхъуыстон, мæнæ йæ текст ныр дæр мæхимæ ис, - Салам азмæста стъолы кæрон æвæрд гæххæттытæ, фæлæ куыницы ссардта, уæд та адарддæр кодта йæ ныхас, - уæд мæм ахæм хъуыды сæвзæрд æмæ ахæм зондахастæй уый нæ сараздзæн коллективы сфæлдыстадон архайд. Ахуыргæнджытæй иуæй-иутæ тæрсынц скъоладзауты сæрмагонд хъуыдыкæ- 105
нынады рохтæ суадзынæй, абоны онг иунæг къласы дæр арæзт нæма ’рцыд уынаффæгæнæг советтæ.4 Афтæмæй уы- дон сæхæдæг активон хайад хъуамæ исой ахуыр-хъомы- ладон куысты æппæт мадзæлтты, æгæрстæмæй хъуамæ сæ- хицæи æвзарой ахуыргæнæг дæр, æмæ нын зындæр уы- дзæн, искæуыл дзы æргомæй сæхи куы атигъ кæной, уæд, Зауырбег, бахатыр кæн, фæлæ ацы ныхас уымæн æрыф- тыдтон æмæ нæ бирæ кусын бахъæудзæн. Ды та дзы куыд бынæткомы сæрдар, афтæ исдзынæ активон хайад. Æз аф- тæ нæ зæгъын, æмæ сын тæккæ райсом сæ разы ултимати- вон домындзинæдтæ æрæвæрæм, фæлæ ардыгæй ахуыры азы кæронмæ сараздзыстæм бæстон анализ æмткæй скъо- лайы куыстæн æмæ уый бындурыл бакусдзыстæм мадзæлт- тæ. Мæ ныхас æмбырды ныхасгæнæгау рауад, фæлæ дзы æндæр гæнæн дæр нæй. Кæд нæ исчи цæвиттонтæ æрдома, уæд сын дзуапп дæттынмæ дæр хъуамæ цæттæ уæм æмæ ацы ран фантазитæ нæ атулдзысты. Иудзырдæй, куыст мæ- нæ уый онг, - Салам ацамыдта йæ сæрмæ, - фæлæ дæ хъару æмæ дæхæдæг. Зауырбег æмбæрста, ахæм фæндтæ æххæст кæнгæйæ цы зындзинæдтæ фæзындзæн, уый, æгæрстæмæй дзы бирæ нывтæ йæ цæстытыл дæр ауадысты, фæлæ сæ Саламæн ра- хабар кæнын йæ цæсгом нæ бахъæцыд. «Уæд та йæм исты хъыг фæкаст», «Уæд та мыл йæ зæрдæ фæхудт», уæд цæмæн хъуамæ он йæ разы къæмдзæстыг, кæд æмæ йæхæдæг дæр ахæм зондыл хæст у, уæд. Саламы уынаффæтæ уыдысты, бирæ къæбæртæ чи ау- уылдта, адæймаджы зæрдæйы хуызтæ йæхи цæстæй чи уы- ны, ахæм куырыхон адæймаджы хъуыдытæ. Фæлæ Салам, мыййаг, уыдонæй куынæ разына, царды цæхгæр фæзи- лæиты куы фæкъуыхцы уа, уалдзыгон ихау, йæ фæндтæ куы атайой, уæд ма цы ныфсæй агурдзæн йæ дарддæры амонды фæндаг. Салам Зауырбеджимæ ныхас кодта зæрдæйæ-зæрдæмæ, фæлæ йæ иунæг хатт дæр нæ афарста йæхи хъуыды, йæхи цæстæнгасæй, дæумæ та куыд кæсы, зæгъгæ, ды та куыд хъуыды кæныс? Æрмæст йæ алы фæнд, йæ алы цæстæнгас дæр дзырдта ныфсджынæй, карды карстау. Зауырбег та ра- зыйы охыл йæ сæр дæр никуы банкъуыста, разыйы цæстæн- гасæй йæм комкоммæ никуы бакаст. Саламы фæндтæй куы йæ ныфсытыл базыртæ базайы, куы та катайыл бафты æмæ уымæ гæсгæ нæ дæр о дзырдта, æмæ нæ дæр нæ. то
# * * Салам никуыуал абадт, йæ зæрдæ цы ахуыргæнджыты куыстæй нæ барухс, уыдон уроктыл, фæлæ йæ бонæй-бонмæ тыхсын кодта ахæм уавæрæй фервæзыны сагъæс. Ахуыр- гæнджыты æхсæн æрбынат кодта цахæмдæр тас æмæ дызæрдыгдзинад. Алчи йæхи хызта Саламимæ фембæлы- нæй, сæхи бакодтой Аминæты уазæг. «Салам нырма æры- гон, æвæлтæрд директор у, нæма зоны коллективы, фæлæ ды та мæнæ ацы скъолайы базæронд дæ, алкæй дæр нæ дæхи хуызæн зоныс æмæ йæ цурон ныхасмæ ма бамбар, фæлæ æнæ дæу нæ зонын скъола цæмæ ’рцæуид». Ахæм ны- хæстæ Аминæты хъусты арæхæй-арæхдæр сыф-сыф кодтой æмæ йын хастой цахæмдæр æхцондзинад, куыдфæс-тагмæ сæм тынгæй-тынгдæр æнхъæлмæ касти. Стыр æхсызгон ха- бар фехъусæгау-иу гæзæмæ фæсырх цæсгомы цъар, цъæх цæстытæ-иу цины цæхæртимæ ныккастысты дзурæгмæ, ома мæ къахгæ кæны, æви уыцы зæлдагуадзæгау ныхасы хал зæрдæйæ æлвисы. Иугæр ын сæ цалдæрæй куы бахуын код- той, уæд йæхæдæг дæр бабуц æмæ-иу æм хатт афтæ дæр фæкаст, цыма скъола æнæ директорæй дæр ницы фесафид. Тынг хардзау æм фæкаст тæккæ знон дæр йæ фæдзæхст, цыма сывæллон у, кæнæ знон райдыдта кусын æмæ нæ зо- ны, цæмæй йæ райдайын хъæуы, уый. Цалдæр хатты йын сфæлхатт кодта йæ дзырдтæ хæрамзæрдæйæ: «Аминæт, ха- тыр бакæн, фæлæ æркæс ахуыры фарстытæм, дæ хорзæхæй, мацы нын баззайæд рохуаты, æндæра нæм искуыцæй уайдзæф куы ’рбахауа, уæд худинаг у. Æгæр бирæ хæстæ дын бакодтон дæ бæрны, фæлæ æндæр гæнæн нæй, рæс- тæгмæ дзы афтæ дæр вæййы. Æз та уал æххæст æрбæстон кæнон хæдзарады фарстытæ æмæ уый фæстæ иумæ бæс- тондæр бавналдзыстæм». Саламы ацы фæдзæхсæн дзырдтæ йын цыма йæ кадмæ аууон бадардтой, уыйау дзы нал рох кодтой. Адæймаг алы- хатт йæ дзæбæх зæрдæйыл кæм вæййы, æмæ уæд йæ цæст бауарзы ралгъитын дæр: « - Уæд мын дæ хæдзарыл мауал сæмбæл, кæд уал азы дæ зондæй нæ кусын, зондамонæн ны- хæстыл мын чи нæ схæцдзæн! Афтæ ма зæгъ, ды мæнæй хъуыддæгтæ хуыздæр зоныс, амонын дын ницы хъæуы, фæ- лæ, мæнæ афтæ сараз, уфтæ сараз. Уæд ма дзы æз та кæцы дæн, кæд æнæ искæйы зондæй мæ бон кусын нæу, уæд». Аминæт мæстæйдзагæй амбырд кодта тетрæдтæ, фы- дæнæнгæнæгау сæ баппæрста скъаппы къуымы «Цас фæн- 107
ды кус, уæдцæр дæ ничи фæбузныг уыдзæн» загъта хъæрæй æмæ рахызт хатæнæй. Хæрхæмбæлд фæцис Мæдинæтыл. - Ам ма дæ ды дæр? - дæгъæлтимæ архайгæйæ, афарста Аминæт. - Уæдæ кæм дæн, кæм? Æниу цасфæнды кус, уæддæр нæй æмæ нæй. Иуæй-иу цыдæр фарн рахæссы мады гуы- бынæй æмæ уæлгоммæ куы хуысса, уæддæр æм амонд цæу- дзæн йæхи къахæй. Иннæ та йæ гуырæнбонæй амæлæты бонмæ, зæрæстон хуымау, вæййы дурæппарæн, йæ сæрæн ницы фæзоны, афтæмæй. - Чидæр дæ, æвæццæгæн, бамæстджын кодта, - Аминæт сабыр къахдзæфтæй дзургæ хызт дæлæмæ асины къæхтыл. Мæдинæт йæ фæстæ. - Æрвылизæр æз ацы сывæллæттæн цы кæнын, семæ цас кусын, уымæй æндæртæ афонмæ ахуыр зæдтæ фестада- иккой, фæлæ дын чи зоны дæ фыдæбон, - цæуынц дыу- уæ сылгоймаджы, Мæдинæт аивæй басхуыста Аминæты цонг, - Уæртæ уыдон мæ фыдæбоны мæт ис. Аминæт йæ сæрыл бæрзонддæр схæцыд æмæ Салам æмæ Заремæйы иумæ лæугæ куы федта, уæд бахудт йæ мидбыл- ты, фæрсæджы каст бакодта йе ’мбалмæ. - Афтæ мæм кæсы, цыма та нæ хъуыддæгтæ ныссуйтæ уыдзысты. - Цæмæн? - хынцфарст акодта Аминæт æмæ цымы- дисæй æнхъæлмæ каст дзуапмæ. - Цæмæн, уый та дæхи цæстæй фендзынæ. Ам горæт нæу. Нырма хъæу æмæ горæты ’хсæн бирæ хицæндзинæдтæ ис. Хатт адæймаг йæхæдæгдæр нæма фæзоны йæ зæрдæйы фæндтæ, йæ бæллицтæ, афтæмæй сæ адæмæй æрыхъусы. Ды уый зоныс, æмæ сусу-бусугæнджытæ ныр дæр кæй фæ- зынд. Дæуæн æппын дæ хъуыстыл ницыма ’рцыд, æви ды ацы бæстаг нæ дæ? - Мæдинæт цыма Аминæты азымы дар- дта, уыйау æм йæ сæр æртхъирæнгæнæджы тылд кæнгæйæ бакаст зулмæ. - Æмæ цы хъуамæ æрцæуа мæ хъустыл, - Аминæты фæндыд фылдæр хабæрттæ базонын æмæ цæмæй сæ фæн- даг ныддаргъ уыдаид, уый тыххæй йæ цыд фæсабырдæр кодта. - Уæдæ кæд ницыма фехъуыстай, уæд æй уадзæм æндæр хатмæ. - Цæмæн æй уадзыс æндæр хатмæ, иугæр ныхас æр- хаудта, уæд æй уадз æмæ æз дæр зонон, кæд мæм хауы, уæд. 108
- Аминæт цыма йæ намысы раз къæмдзæстыгæй тарст, уыйау фефсæрмы, фæлæ уæддæр дзырдта худæнбылæй, цæмæй Мæдинæт ма фæтæргай уа æмæ ма аива йæ ныхасы темæ. - Афтæ у, гъе, адæмæй ницы басусæг кæндзынæ, сæ цæст уынаг у æмæ къуырма вæййынц, цалынмæ сæ фæхъыгда- рай, уæдмæ, стæй, куы фезнæт уой, уæд та дæ гуырæй рай- гонд у, дæ хæйрæджы ном дæр дын зæгъын кæндзысты. Цæмæн æй бахъуыд артау хурбон æцæгæлон чызджы йæ тæккæ къæсæрмæ бахæццæ кæныны сæр? Абон, чизоны, уырдыгæй раздæха, фæлæ райсом артдзæстмæ нæ бахæццæ уыдзæн, уый цæмæй зоныс? - Ой, цас диссаг у, Мæдинæт, дæхи загъдау, дыууæ адæй- маджы артау хурбон ныхас кæнынц, уый, - ацы хъуыды зæгъын кæд Аминæты нæ фæндыд, уæддæр ын æй сæргом кæнын кодта йæ намыс æмæ дзы куы фервæзт, уæд та йæхи æрцæттæ кодта хъусынмæ. Салам сæ иумæ фæцæйцæугæ куы ауыдта, уæд фефсæр- мы, фæлæ цæмæн, уый йæхæдæг дæр нæ бамбæрста, йæ зæрдæ йæхи бахоста риуы къултыл, нал æмæ нал æнцад йæ тæлфынæй. - Цыма цæуылдæр тыхсыс, афтæ мæм кæсы, - Заремæ фæхатыд Саламы уавæр æмæ бахудт йæ мидбылты. - На, ницæуыл, - æнæбары бакодта Салам, йæ хæлафы дзыппæй систа аив дыдæгътæ къухмæрзæн æмæ йæ нæ рай- хæлдта, афтæмæй æруагъта йæ фæтæн ныхыл, стæй йæ батымбылтæ кодта йæ армы дзы’хъхъы æмæ æлхыцъæр- фыгæй ныккаст йæ къæхты бынмæ. Куыддæр дыууæ сылгоймаджы фæаууон сты, афтæ йьш бæрæг фенцондæр, фæлæ уæддæр йæ зæрдæ йе ’муд нал æр- цыд æмæ хæрзизæр загъта чызгæн. ■* * * Хъæуы иу кæронæй иннæмæ цы фæтæнгомау уынг ацыд, уымæн йæ фæйнæфарс хæдзæртты æмбæндтæ иууылдæр уыдысты кауæй. Сæ уис скалдцæг æмæ бонæй-бонмæ фыл- дæр кодтой æддейæ-мидæгæй сæ быцæутæ. Уынгæй алы хæдзармæ дæр уыд нарæг фездæхæн æмæ уыдон уыдысты хæдзæртты арæнтæ бæрæггæнæг. Хусрæстæджы йын ницы у, фæлæ гæзæмæ рапырх кæнæд, уый йеддæмæ дзы цъы- 109
фæй азмæлæнтæ нал вæййы. Дысоны къæвдайæ дæр зæхх бауымæл, фæлæ изæрмæ ахус, ранæй-рæтты ма цы цад- бадæнтæ æмæ донвæдтæ баззад, уыдоны йеддæмæ. Дзандор уæддæр цыд хъавгæ, къахдзæфæй-къахдзæф- мæ-иу цæстæй банысан кодта, йæ къах та кæцы ран æрæ- вæрдзæн, уый, афтæмæй бахæццæ. Уынгыл ма дыууæ ’рдæм йæ цæст ахаста, стæй фæзылд æмæ æрлæууыд кауы фарсмæ. Бæргæ йæ фысымтæй исчи куы фенид æмæ йын мидæмæ рахиз куы зæгъид, фæлæ цъиузмæлæгыл нæ хæцыд цæст. Иузаманы йæхи, уаллонау, сивæзта æмæ кауы сæрты каст кæртмæ. «Дæ хорзæхæй ацы адæм кæм сты», — загъта йæ- хицæн æмæ ракаст, кæуылты ’рбацыд, уыцы нарæг фæзи- лæнмæ. Уæдæ каудуар бакæнон æмæ мидæгдæр бацæуон куыд загъта, афтæ кæсы, æмæ йæ тæккæ фарсмæ слæууыд, йæ фист йæ уæлæ кæмæн ныхъхъæбæр, ахæм бурхъулон куыдз. Куыддæр Дзандоры федта, афтæ æнæсыбырттæй ра- бырыд нартхоры æфсиртæ хусгæнæн къутуйы бынæй, æр- лæууыд Дзандоры тæккæ фарсмæ, хионау æм басмыстытæ кодта æмæ цыма никуы æмæ ницы, афтæ араст хæдзары фаллагфарс æрхы ’рдæм. Дзандор æнхъæл уыдис, фысым æй куы фена, уæд ыл зæрдиагæй кæй бацин кæндзæн æмæ йæ фæндыд уыцы æхцондзинад тагъддæр бавзарын. Хæдзары хицауы номыл бахъæр кæнын æм фæкаст, фæдисмæсидæгау, æмæ бахæ- цыд каудуарыл. Фæцæуы кæрты астæуты, фысымау, бар- джынæй, цуанон ыл кæй це срæйдта, уымæй дæр баззад райгондæй, йæ къахы айст уыди ныфсджын, цæстытæ рау- ай-бауай кодтой кæрты къуымты, цалдæр хатгы ацауын- дзæг сты дыргъдоны бæлæстыл, ног ахуырст дуарыл æмæ йæм комкоммæ сарæзта йæ ных. Къæсæргæрон, цæвæгхъæд аныхъхъуырæгау, андзыг, стæй сæрыстырæй бахоста дуар æмæ иу къахдзæф алæууыд фæстæмæ. Дуар байгом. Дзандор куыддæр Мæдинæты ауыдта, аф- тæ йæ цæсгом фæрухс, фæндыдис æй, ацы бацыдæй стыр райгонд кæй у, уый тыххæй Мæдинæты зæрдæйы хатт фе- нын æмæ нæ фæрæдыд. - Дзандор, - фæрухс сылгоймаджы зæрдæ ацы æнæн- хъæлæджы фембæлдæй, чысыл фæтыхсæгау æмæ афæстиат йæ салам дæр, - æгас нæм цу, цы хур, цы къæвда дæ æр- бахаста? - Дæ бон хорз, цыма уæм никуы вæййын, ахæм ныхæстæ мын куы кæныс, - Дзандор лæууыд йæ мидбынаты, дыккаг 110
хатт «мидæмæ рахиз»-мæ æнхъæлмæ кæсгæйæ. - Мидæмæ, мидæмæ, ам уазæджы лæуд цы скодтай, ды уый зоныс æмæ мын ныртæккæ дæ фенд хуры фендау у. Дзандор бабуц фысымы зæрдæйы хаттæй æмæ сæм, стыр фарн æмæ амонд хæссæгау, йæ къах бавæрдта къæсæры сæрты. Йæ дондзæст цæстытæ азылдысты хæдзары къуым- ты, стæй комкоммæ фæраст, арæх цы къæлæтджыныл фæ- бады, уымæ. - Ацы къæлæтджыныл бирæ уарзын бадын. Уайтагъд адæймаджы фæллад айсафы. Куыд диссаджы адæм уыды- сты нæ фыдæлтæ. Алцы дæр сын уыд бæстон хъуыдыгонд. Ныр дæр дзы ацаразæм дзаумæттæ æмæ мигазнæнтæ, кæр- чыты сынтæджыты хуызæттæ, - Дзандор къæлæтджыны æнцойгæнæныл расæрф-басæрф кæны йæ армытъæпæнтæ, æнгуылдзтæй йын æрысгары йæ кардæйкъахт шлвæф- тыдтытæ. - Сæ фарн стыр уыд, стыр, Дзандор. Ацы къазлæтджы- ныл бадгæйæ, фыдæлтæ иу æмæ дыууæ туджджын хъуыддаджы нæ аскъуыддзаг кодтой. Кæмдæр стыр дзырд- дзæугæ уыд йæ саразæг. Канд дыууæ адæймаджы нæ, фæ- лæ-иу мыггæгтæ дæр куы фæбыцæу сты, туджджынты ба- фидауынæн-иу куыиицыуал фæрæзтой, уæд-иу æм минæ- вæрттæ къахихсыд баисты. Иунæг хатт дæр никуы фæмæкг йæ ацыд, йæ ныхас. Æз дæр ма йæ хъуыды кæнын. Урсбо- цъо, къæсхуыр, бæрзонд, уæзбын, куы-иу фæцæйцыд, уæд- иу æм фарнхæссæгау алчи дæр æрвыста йæ салам. Мæрдты дзæнæты бадæд. Йæ номыл цы фæллæйттæ баззад, уыдо- нæй мæ зæрдæмæ иууыл æввахсдæр мæнæ ацы къæлæт- джын лæууы. Мæхæдæг дæр ыл хатт абадын. Æдзæсгом æмæ йыл мæнгард лæг куы фæбады, уæд мæ нæ дæр йæ ны- хас уырны, нæ дæр йæ сомы, хъусон æм, уый дæр мæ нæ фæфæнды. - Уæдæ йыл æз бадон, æви сыстон? - Цытæ дзурыс, Дзандор, ды йыл хъуамæ бадай, уæдæ чи? - Нæ зонын, ахæм æвæджиаг æй рахуыдтай æмæ мæ- хиуыл сæнæууæнк дæн. - Уæд дын æй а чызг зæгъид, мæ цæсгом дæм бахъæцид, фæлæ æнцад бад, тынг дзы фидауыс. - Хорз уæдæ, дæ дзырд фæуæд, - Дзандор йæхи фæс- тæуæз ауагъта, - кæд хуыцауы фæнда, уæд дзы минас къо- бор кæны, - лæг æппыныдзух архайдта, цæмæй йæ алы ны- ш
хас, йæ алы сулæфт дæр уа, хионау, барджын, фæлæ уæддæр аивæй йæ цæст дардта фысымы цæстæнгасмæ. - Диссаг дæм нæ кæсынц нæ колхозы хабæрттæ, - Дзан- дор пиджакы дзыппæй рахис къухы æнгуылдзтæй сласта сигареты пачкæ. - Цавæр хабæрттæ? - иугæр лæгæн йæ ныхас адарддæр кæнын куынæуал æнтыст, уæд æй афарста Мæдинæт. - Цахæм куы зæгъай, уæд, - Дзандоры бинаг æфсæр, зиллæттыл зилæгау, азылын иуæрдæм, бинаг был фæхицæн уæллаг былæй æмæ исдуг зæбулæй аззад, галиу къухы æнгуылдзтæ се ’хсæн здыхтой бапъироз, хатт-иу февзæрд рахис къухы дæр æмæ-иу уæд спичкæйы къопп та иннæ ар- мытъæпæнмæ бахæццæ, - фæллой быдыры лæзæры æмæ йыл иу мæтгæнæг нæй. - Фæззæг тыхст вæййы Дзандор, уæдæ уый нæ зоныс, зæронд куы бадæ. - Цы хуызæн фæззæг ма у, мæнæ зымæг куы ралæууыд, ома нын мит нæ уары. Иу амонд хорз æмæ нын дзæбæх рæстæг ахаста, æндæра декабрь цы у, уый менæзонгæ нæу. Дзандор дзургæ бæргæ кодта, фæлæ йын зæронды кой- мæ цыма Мæдинæт йе стыр мастыл цæхх айзæрста, уыйау акалд йæ сурхид, цалдæр хатты фыдæнæнгæнæгау, зæр- диагæй сулæфыд тамакойы хъыхъхъаг фæздæг æмæ хъуы- ды кодта йæ дарддæры дзуринæгтыл. - Зæронд хæцгæ низ кæй у, уый хатт иуæй-иутæй ферох вæййы, стæй мæнмæ зæронды номæй чи ’рбадзуры дæуы йеддæмæ, уый мæ хуызæн зæрæтты... - дарддæр нал загъта йæ хъуыды, фæлæ йæ уыйхыгъд йæ мид-зæрдæйы ахæццæ кодта кæронмæ. - Кæронмæ йæ загътаис, кæронмæ, ды рагæй дæр фæлмæн зæрдæйы хицау дæ, хъамалвæстæй алæбурыс дæ туджджынмæ, фæлæ йын йæ хатыркурæг цæстытæм куы фæкомкоммæ вæййыс, уæд дæ хæцæнгарз дæ къухæй æр- цæйхауы. Уый хорз миниуæг нæу. Адæймаг хъуамæ фидар лæууа ацы сау зæххыл æмæ цудын ма кома цыфæнды тыхы раз дæр. Цард дæр тох у. Уый æз æмæ ды не ’рымы- сыдыстæм. Тохы та иугæр фидыдад нæй, уæд дзы хъуамæ уа, састы бынаты чи баззайа, ахæмтæ, стæй уæд чи фæуæ- лахиз уа, ахæмтæ дæр. Дæумæ гæсгæ чи хъуамæ фæуæлахиз уа. - Мæдинæт, хыссæимæ архайгæйæ, арынгхафæн цалдæр хатты тыххафт ракодта арынджы быныл. - Цæуылнæ дæттыс дзуапп, æви та ды ницыуал зоныс, дæ зæрдæ та фæ- 112
сæлæф. Уый нæлгоймаджы миниуæг нæу. Ехх дæ бæсты æз... Дæ разы ма пецы сугтæ бапчар. Дзандор сыстад æмæ ныллæг бандоныл æрбадт пецы раз. Иæ тамако цалдæр хатты сцъырдта, фæлæ йæ йæ дзы- хæй нæ райста, афтæмæй фæздæг цæсТытæм цыд лæбу- рæгау. Лæг йæ сæр куы иуæрдæм азилы, куы - иннæрдæм, æвзаг бапъирозы радав-бадав кæны былтыл дыууæрдæм, къухæй йæ бæргæ райсид, фæлæ уыдон та, сугтимæ архайгæйæ, уыдысты бынтон æнæвдæлон. - Ехх, Мæди, Мæди, афтæ дæр дæм ма кæсæд, æз æппæт дæр æмбарын, фæлæ цы зæгъон, цы дæ фæнды, йæ иу цон- гæй иннæйы чи лыг кæны. - Уый та цæй тыххæй зæгъыс? - Уæдæ афтæ æнхъæлыс, æз æрра сдæн. Хæстæг мын баххæссы, æндæра йын æз афонмæ дæр загътаин цалдæр ныхасы. - Кæцæй кæдæм, цы хæстæг дын у? - Цы хæстæг мын у куы зæгъай, уæд йæ фыдымады æфсымæры лæппу нæ хæдзарвæндаджы хæрæфырт уыд. - Иу афæдз æй куы^фæцахуыр кæнон, уæддæр æй нæ бахъуыды кæндзынæн. Йæхæдæг дæр зоны уыцы хабар? - Дзырдтон ын æй, фæлæ ныхас хъазыны ’рдæм аздæхта. - Цы, дам? - Афтæ дæрдтыл, дам, куы нымайæм, уæд, дам, адæм иууылдæр хæстæджытæ сты æмæ, дам, æнæ лæгтæ æмæ æнæ устытæ баззайдзысты. Æз ма йын æй ноджы бæстон- дæр нымадтон, фæлæ мæм уый нал хъуыста. Æз æмæ, дам, ды хæлар æмæ уарзонæй куы цæрæм, уæд, дам, уый йæ хæс- тæгдзинад. Нæ кæстæртæн баззайдзæн уыцы хæлар ахаст æмæ нæ сомбон уыдзысты бузныг, чи нæ бафæзма, ахæмтæ дæр дзы æнæмæнг разындзæн. Æниу, дам, хæстæджытæ кæй разындыстæм, уый та, дам, ноджы хуыздæр. - Уæдæ дын арфæ кæнын, æгайтма дын ахæм цæстуар- зон хæстæг разынд. Дзандор галиу къухæй райста бапъироз, æркæстытæ йæм кодта йæ уырзы ’хсæнмæ, сцъырдта ма йæ цалдæр хаты фæд-фæдыл, стæй йæ пецы хуынкъæй баппæрста цæхæрмæ æмæ сбадт стъолы фарсмæ йæ бынаты. - Ахæм хæстæгæй куыд фæзæгъынц, хæрæджы хæрæг, дам, мудырыджи. Адæймагмæ хæстæг дæр æмæ æцæгæлон дæр цы зæрдæ дарой, ахæм зæрдæ сæм хъуамæ дарай ды дæр, науæд дæ æдылыйыл дæр банымайдзысты. Хæстæг 113
дæр зонæм æмæ æцæгæлоны дагр. Разамонæг дын афтæ куы зæгъа, уæртæ уыцы адæймагæн йæ сæр акъуыр, уæд дæ кард хъуамæ афтæ рариуыгъай, цæмæй дæ амæттаджы сæры- хъуынтæй иу æрду дæр ма ахауа. Ау, районы кæнæ йын об- ласты афтæ загътой Дзандор æмæ-иу Мæдиыæты дæ ныхтæ ныссадз, лидзæг сæ фæкæн. Мæнмæ гæсгæ нæ. Йæ размæ нæм цы директор куыста, уый дзы æнæсæрæндæр нæ уыд, фæлæ... Адæмы ныхмæ хæцæнтæ нæй. Махæй уæлдай ин- нæтæ уæларвæй цæргæстæ нæ ахсынц. Реформæ, реформæ кæнынц, фæлæ сæ бафæрс, уæд ын махæй уæлдай, уыдон дæр нæ раттиккой дзуапп. Ацы фæсивæдæн æз хорз зонын сæ царды хиндзинад. Райдианы дæхи равдис исты хуызы æмæ дæ цæрæнбонты уыцы ном хæсдзæн. Хи равдисынæн та цыдæртæ хъæуы, кусын, намыс. Уыдонимæ та иуæй-иу- тæн зын вæййы æмæ уæд сусæгæй, æргомæй тохы бацæ- уынц мæнæ æз æмæ дæ хуызæттимæ, цæмæй сæ къухы æн- цонæй бафта уæлахиз. Кад сисынæн, хи равдисынæн уыцы æнтыст цæсты ахадæн у, фæлæ дзы бирæтæл сæ фарсæй фæвæййы. Æз дæр цыма æнцонæй мæ гæрзтæ не ’рывæр- дзынæн, афтæ мæм кæсы. - Æмæ мæнæй цæуылнæ исты зæгъыс? - Дæуæй дæр зæгъын, дæуæй, фæлæ ныл уæддæр дзы- хæй фæтых уыдзысты, - Мæдинæт кæрдзын баппæрста духовкæйы æмæ бакаст Дзандоры цæстытæм. - Дзыхæй цин дæ удæн фенон. Цыма адвокаты скъола дæр каст фæвæййынц, уыйау сын бафсис нæй дзурынæй, адæймагмæ рад дæр нал æмæ нал фæхауы, дæу ма цыдæртæ зæгъын фæндцзæн, фæлæ кæм, æппындæр хъусын нæ зо- нынц. Амæй размæ биологийы урокыл бадт æмæ мæм уый фæстæ фæдзырдта йæ кабинетмæ. - Дæ сурхид дзы кæд нæ акалд, - ныххудт Мæдинæт. - Мæ сурхид дзы нæ акалд, фæлæ мæ иу дзырды бон дæр нæ фæцис, афтæмæй дзы фæбадтæн сахатæй фк /дæр. - Уæдæ дын уый бæрц цæуыл дзырдта? - Ды, дам, биологийы ахуыргæнæг дæ æнæ дын стыр фадæттæ ис практикон куыстæн, экскурситæн. Чингуыты, дам, цыдæриддæр фыст ис, уыдон, дам, иууылдæр цардæй ист сты æмæ, дам, сабитæн уыцы цард хъæуы æвдисын, сур ныхæстæй сын ыл дзурыны бæсты. Ахуыргæнæг, дам, йæ сабиты хъуамæ баввахс кæна царды гуылфæнмæ, уымæн æмæ, дам, рæхджы йæ фæндаг уырдæм цæуы æмæ, дам, дзы хъуамæ зона ленк кæнын. Уый тыххæй та, дам, ахуыргæнæг 114
йæхæдæг хъуамæ зона бирæ, фысса æмдзæвгæтæ, арæхса за- рынмæ, кафынмæ, цæгъда алгъуызон музыкалон инстру- менттыл, скъæра машинæ, трактор, агроном уа, нывгæнæг, иудзырдæй, цыдæриддæр æрдз адæймагæн балæвар кодта, уыдон нымадта æмæ нымадта. Мæдинæт йæхи нал баурæдта æмæ худæгæй бакъæцæл, нал æмæ нал улæфыд. - Ахæм таурæгъ та дын кæд радзырдта? - Дзургæ бирæ фæкодта, фæлæ се ’ппæт бахъуыды кæнын кæй бон бауыдзæн. Фæстаг хатт ма мын скъолайы цæстуынгæ æрмæджыты ’хсæнæй сласта цавæрдæр табли- цæтæ, æз сæ мæ цæсты кæронæй дæр никуы федтон. АДон- мæ, дам, æркæс æмæ, дам-иу сæ урокмæ демæ ахæсс. Мæхи- мæ ахæм æгад æркастæн, æмæ мын уыцы ран зæххы скъуы- ды аирвæзын æнцондæр уыдаид. Уæд дæр ын бамбæрстон йе ’мбарæн ныхæстæ. - Цы, дам? - Дæ цахъхъæнæн, дам, зын у ныры фæсивæдимæ кусын. Ацы хъуыды цы нысан кæны, уый та дæхæдæг бамбар. - Ам æмбаринагæй ницы ис. Дæ дымджытæ, дам, æрбамбырд кæн æмæ, дам, æллæ. - Кæсыс, æз æмæ дæу иу æргъомы абаста. Мæнмæ дæр раздæры цæстæй нал кæсы, уый æмбарын. Уый афтæ æн- хъæлы, фæлæ мæнæй ницы бамбæхсдзæн, йæ ныхас нæма баууилы, афтæ йын æй а чызг фæзоны. Æз ма йын афтæ дæр бакодтон, зæгъын мын æххæст сгуыхт ахуыргæнæджы ном ратт æмæ персоналон пенсии райсон. - Æмæ дын цы дзуапп радта? Æз ацы хабарæн куыницы зонын. - Цы дзуапп мын хъуамæ радта дæумæ гæсгæ? Йæхи ныззылын-мылынтæ кодта, цыма мын æй йæхи хардзæй лæвæрдта, хæлæг æмæ æнæцæстуарзон адæймагæн йæ зæрдæйы хатт йæ цæстытæ æмæ йæ цæсгомы хуызæн ницы равдисдзæн. - Уæддæр дын цы дзуапп радта? - Нæй, дам, гæнæн. Ахæм номæн, дам... Кæронмæ нал загъта йæ хъуыды, фæлæ ма йæ мæнæн цы ’мбарын хъуыд. Уæдæй фæстæмæ нал дæр мæ урокмæ æрбацыд, нал дæр ныхасмæ фембæлдыстæм. Зауырбег дæр мын амæйразмæ цы ской кодта, уый йедтæмæ дзы ницыуал фехъуыстон, фæ- лæ цыма документтæ аразыныл сбукъ сты, афтæ мæм кæсы. - Искуы уый æнхъæл уыдтæн, æмæ мæ разы йæ фындз 115
сæрфын дæр чи чæ зыдта, уъ\у* дæр дыл былысчъилтæ кæна, - Дзандор сыстад мæстæидзагæй æмæ цалдæр суджы баппæрста пецы. Пецы дуар бахгæдта гемæ джихæй ныккаст йæ къæхты бынмæ. Ацы хатт Мæдршæтæй дæр фефсæрмы, æгад æм æркаст йæ уавæр, цæ:'’сп æм исчи хъуамæ æрхæсса фау, цæмæк ын исчи хъуамæ зæгъа дæлдяер абад. Дуджы домæнтæ кæй рæзынц, уый йæхæдæг хорз куы ’мбары, уæ- дæ кусынмæ дæр нæ кæны зивæг, фæсæмбисæхсæвтæм нæ сысты йæ фыссæн стъолы цурæй, урочы плæнттæ уымæй бæстондæр ничи ныффыссы. Ау, уазд дзгд цæсгом дæр иал ис, ирон æфсæрм,хæстæгдзинад. Æниу хион чи нæ зоны. уый дурзæрдæ адæймаг у æмæ йын алцы дæр баятыс- дзæн. - Мæдинæт, уæдæ ма дыч \\ы зæгъон, уый зоныс? - Зæгъ-ма, зæгъ. - Ам хатыртæ æмæ æфсæрмытæй ницы рамбулдзыстæм. Мæ сæрæн чи нæ аргь кæны, æз уый сæрæй цы кæнын, цæ- мæн мæ бахъуыд. А лæппу дæр базондзæн хъулмæ тохси ба~ уигъын. Æз уый хуызæтты бирæ сахуыр кодтон, мæ сы- вæллæтты дæр мын уый схьомыл кодта? Чи дзы баззад æнæахуырæй, кæцы дзы ацыд рæдыд фæндагыл, - Дзандор йæхи æрæппæрста бандоньтл. - Уый бæсты мæ куы ныууа- дзид мæхи адыл, мæхæдæг зондзынæн, пенсийы цæуын мæ кæд хъæуы, уый дæр, нырма никæйы уынаффæмæ æрхау- дтæн, алчи йæхицæн зонæд, - Дзандор та йæ дзыппæй скс- та иу сигарет æмæ йæ ацы хатт æнгуылдзты ’хсæн нал рай- дыдта ратул-батул кæнын, фæлæ йæ ацахста йæ уымæл былтæй æмæ йыл фыдæнæнгæнæгау арт андзæрста дыууæ спичкæйæ, - ды та мæ искуы мæ царды хабæрттæй афæрс, уал азы ахуыргæнæгæй фæкуыстон æмæ искуы афтæ зæгъ, мæнæ уый та куыд саразон, куыд хуыздæр уыдзæн. Фæлæ нæ, хъуыддаг дæ нæй, цыма æз ам фæрссаг лæг дæк, кæнæ зноныккон сывæллон. Æппьш кæд ницы, уæддæр ахуыр- гæнæджы ном хæссын, адæм мæ ахуыргæнæг хонынц. Ды уый зоныс æмæ мын, раздæрау, салам д/ер нал дæтты. Æниу мæ йæ салам цæмæн бахъуыд, фæ/ г æаам ахаст зын вæййы адæймагæн. Дæ сæрæн мацы зое афгæмæй дыл исчи æнæввæрсонтæ кæна, уый, мæнмæ гæсгæ, сæрмæхæссинаг нæу. Хъуамæ йæ комкоммæ афæрсон. - Куыд æй фæрсыс комкоммæ, йæ цæстмæ йын цы бадардзынæ, кæм равдыста ахæм ахаст? - Мæ хъуыды цы кæрды æмæ мæ зæрдæ цы хаты, уый тыххæй мæ ба^лвырдгæнæнтæ цæмæн бахъуыд. Иубон ын 116
бацæудзынæн йæ хатæимæ æмæ йын сабырæй бамбарын кæндзынæн, цæмæн мæм ахæм цæстæй кæсы, уый. Чизоны ардыд у, кæнæ мæм йæхæдæг исты маст хæссы, фæлæ мæ сæрæн ницы зонын, уæлейæ арв, бынæй зæхх, - Дзандор йæ иу къах иннæуыл бавæрдта, тамакойæ ахъаззаг сулæфыд. - Афтæ кæд нæу, уæд мæм цы ныкомкоммæ. - Æмæ йын æз та цы ракодтон, мæн та цы фæсагъта йæ ныхтæ. Сгуыхт ахуыргæнæджы нæмттæ, дам, ныртæккæ тынг зынæй дæттынц, раздæры хуызæн, дам, нал у, цыма сæ раздæр тыххæй хъардтой. Фæуæд афтæ, нал мæ хъæуы йæ сгуыхт ахуыргæнæджы ном, фæлæ мыл æддæмæ та кæдæм хæцыс, дæ хуымы кæрон æрзадтæн æви дæ фыды скъола у. нырмæ бæззыдтæн æмæ ныр уымæн нал бæззын. Уынгæджы фестæм нæ директорæй. Æхсæвæй-бонæй хъуы- ды кæн, йæ зæрдæмæ фæцæудзынæн æви нæ, ууыл. Мах адæймаджы номæн æмбæлон аргъ кæд æрцæудзæн, уымæ æнхъæлмæ кæсæм, цард та нын, фыдæнæнгæнæгау, нæ цæстмæ æхсидав куы дары. Уæдæ мæ дын цы зæгъон, уый зоныс: ацы ран нæ дæр цард у аххосджын æмæ нæ дæр рæс- тæг, фæлæ ныры фæсивæдæн сæ зондахаст бынтон æндæр у, сæ удхæссæг уынынц хистæр фæлтæрæй æмæ сæ раза- монæг чи бахауы, уый сыл ахæцы сынæгæй, цæмæй йæхи- уæтты æрбамбырд кæна йæ алыварс. - Кæд æм ахæм фæнд нæй? - Уæдæ ныл йæ хъалæй æддæмæхæцы. - Йæ хъалæй ныл нæ хæцы, фæлæ нæ фервæзынмæ хъавы. - Чи кæмæй фервæздзæн нырма, уый бæрæг нæу, фæлæ йæм ахæм зоыд кæй ис, ууыл дызæрдыг кæнын нæ хъæуы, - Мæдинæт дзырдта арынджы ’рдæм, хыссæимæ архайгæйæ, куы та цæхгæр фæзилы Дзандоры ’рдæм æмæ уæд бшнтон скарз вæййы, - ахæм рæстæджы, зæгъгæ, фидар нæ фæлæу- уыдтæ, сæ коммæ бакастæ, кæнæ фæтарстæ, уый дæ бафип- пайдтой, уæд дæ гуырæй - райгæ, тæригъæд дын ничи ба- кæндзæн, алчидæр дыл къахæй бал^гæрддзæн. Райдиан кълæсты, дам, ахуыр дзæбæх æвæрд луы уаид, уæд, дам, хистæр кълæсты дæр хорз ахуыр кæнк кой. Афтæ цард мын йæ сæры, кæд æз сабитæй искæйы хъулон нæ кæнын. Хорз чи ахуыр кæны, уымæн куыд амонын, иннæмæн дæр афтæ, йæ хъусты къæрмæджытæ нæ вæййы, фæлæ лæмæгъ уымæи вæййы æмæ йæ бои фылдæр ахуыр кæнын нæ вæййы. Адæ- мæн сæ хуыз иу куыд нæу, афтæ сæ хъару дæр, чи сæ æвзы- 117
гъддæр вæййы, чи та - лæмæгъдæр. Уыцы закъон æз нæ рауагътон, æрдзон лæвар у. адæмæн чи цæмæ вæййы æв- зыгъд, чи - цæмæ, - Мæдинæт æрбассывта иннæ уæливыхы ком æмæ йæ тагъд-тагъд æртъæпæн кодта, стæй йæ духов- кæйы бавæрдта æмæ йæ фæллад уадзæгау æрбадт стъолы фарсмæ, - Æнцад куынæ уа, уæд æз дæумæ дæр нæ фæкæс- дзынæн æмæ Аминæтмæ дæр, уый нырма скъоладзауты раз абон балæууыд, фæлæ а чызг та дыууиссæдз азы размæ, æмæ уæдæй абоны онг удисæджы куыст кæнын. Баныма- йæм ма, кæддæра мæ ахуыргæнинæгтæй зынгæ лæгтæ цас рацыд. Абон дæр ма мæ æрымысынц. Иу цалдæрæй та Мæс- куыйы кусынц. Афтæ у, гъе, йæ хъару кæй хæссы, уымæн фæндаг амонын нæ хъæуы. Дзандор, æгæр дæ сфæлмæцын кодтон ныхасæй, æмæ хæрзаг зæгъыс, дæ фынджы кой уал куы бакæнис. Мæ кæрдзын дæр афыхт, - Мæдинæт тæбæгъ æртæ кæрдзынимæ æрæвæрдта фынгыл, къаннæг дурыны арахъхъ, сыкъа, - Дзандор æркæн дæхæдæг æз дæр ныртæк- кæ æрæвдæлдзынæн, мæнæ ма ацы кæрдзын æххæст духов- кæйы баппарон, адæймаджы фыдæбонæн цыдæриддæр лæг аргъ кæнын нæ зоны, уый хъуамæ разамонæгæй нæ, фæлæ хуыгæсæй дæр ма уромиккой. Адæймаг хъуамæ йæхи сæрæй куса, уый йеддæмæ бадавæггаг дзырд æмæ ардауæн ныхасмæ хъусынæй нырма фос никуы ничи скодта. - Æз дæр раст афтæ зæгъын, Мæдинæт, - Дзандор сыкъ- айы æркодта арахъхъ æмæ æнхъæлмæ каст, Мæдинæт фын- гыл кæд æрбаддзæн, уымæ. Йæ цæст ахæссы къуымты, кæд мыййаг хæдзары дзаумæттæ æмæ мигæнæнтæй искæуыл хъустæ æмæ цæстытæ ис, уый бæрæггæнæгау. Цæхджын хойраджы уынд ын ноджы тынгдæр райхæлдта йæ дзури- нæгты баст æмæ, аргъуаны бадæгау, æнхъæлмæ каст, зæр- дæйы фæндиаг кæд байдайдзæн, уымæ. Мæдинæт дæр æрбадт фынджы фарсмæ. Дзандор ра- куывта Хуыцау æмæ Уастырджийæн, фысымæн. Цалдæр сыкъайы дзы анызта фæд-фæдыл æмæ чысыл батæвд. Сы- къа æрæвæрдта дурыны фарсмæ æмæ хæбизджыны кæрдих айста дыууæ къухæй. - Хуыцауардыстæн ахæм хæбизджын æрæджыты ни- куыуал бахордтон. - Сæ ад уал сын фен, стæй сæ æппæлдзынæ, - Мæдинæт бакаст Дзандормæ æмæ йын æнхъæлмæ каст йæ дзуапмæ, комдзаг аныхъуырыны фæстæ. - Æнæуый дæр сыл зыны, цы сты, уый, æнæзонгæ мын 118
нæу де ’рмдзæф, - Дзандор йæ дзыхы баппæрста хæбиз- джыны кæрдих æмæ йæ цæстытæ ныйирд сты, æппæлæн ныхæстæагурæгау. - Кæрдзын пецы нæ фыцы, пецы, арын- джы фыцы. Хыссæ уым куынæ рнæмай, уæд дзы хæрзад кæрдзын нæ цæуы. Цæхджын хойрагæн зæрдæ æмæ къухтæ хъæуы, ард дæр дзы уымæн хæрынц. - Мæ цæхджын хойрагæй цал æнæцæстуарзоны фæ- хъæстæ, уал хорзæхы дæу дæр уæд æмæ мæн дæр, фæлæ æз нырма никæйы федтон, никæмæй фехъуыстон фыдæхы аза- рæй басудзгæ. - Уый æртхъирæнтæ нæ кæны, цы аразы, ууыл дæр нæ тагъд кæны, фæлæ абон уа, æви сом, уæдцæр йæ кæнон бакæны, мах æй фиппайгæ дæр нæ бакæнæм, афтæмæй. - Нæ зонын, фæлæ уæллаг дæр, æвæццæгæн, бакуырм, æндæра хуыздæр кæмæн балæггад кæнын, уый мæм уый фæстæ фæкæсы æвзæрдæр цæстæй. Салам дæр не ’хсæн кæд дыууæ боны йедтæмæ нæ кусы, уæддæр æй нæхи бинонтæй нæ хицæн кæнын, йæхæдæг дæр нæм мæнæ ацы фæстаг рæ- стæджы онг тынг æнæзивæг цыд, фæлæ, æвæццæгæн, йæ зæрдæ йæхиуыл истæмæй худын райдыдта æмæ нæ тæфтыл нал ауад. - Кæй зæгъын æй хъæуы, адæймагæн афтæ куы зæгъай, дæ куыстæй ацу, уæд ма йын йæ цæхджын хойраг та куыд хъуамæ бахæрай, - Дзандор ахæм хуыз равдыста, цыма ныртæккæ уый Мæдинæты цæхджын хойраг хæры барджы- нæй, æмбæлы йæм, афтæмæй æмæ та систа хæбизджыны кæрдих. - Ды та иучысыл нæ лæгæй фефсæрмы у, ау, ирæттæ ма уæддæр стæм. Уый дæр йæ дзыхыл хæцы, марадз зæгъ, кæд ын дыууæ ныхасы зæгъын фæразы. Ноджы цыма йæ дарæг, йæ уромæг уый у, уыйау йæ быны бабырыд. Хатт æм ахæм мæсты равæййын, æмæ дын куыд зæгъон... Æркæн Дзан- дор, дзæбæх арахъхъ у æмæ дзы аназ. Дзандор та цалдæр сыкъайы анызта æмæ йæ хид фенкъ- уыст, йæ уадултæ фæсырх сты, ныхас иууылдæр йæхимæ айста. - Нæ коллективæй уæддæр Зауырбегæй хæлардæр никæимæ у, иу хæдон дæр сын уæрæх у. / - Фæстагмæ уыцы хæлардзинад цæмæ расайдзæн, ды уый нæ зоныс, иу хæдон ма сын æгæр дæр суынгæг уыдзæн. - Уæдæ мæнмæ афтæ нæ кæсы. - Дæумæ нæ кæсы, фæлæ йæ æз зонын. Куыд æры- хъуыстон, афтæмæх мах фæстæ та уый рад у, фæлæ йæ уый 119
нæма ’мбары. Йемæ цæуы, хъазы, худы, фæлæ мæм ахæм лæг кæсы, æмæ йæ хорз хæлары дæр ауæй кæндзæн. Цæмæн афтæ хъуыды кæнын, уый та дын æндæр хатг зæгъдзынæн... Дзандор, æркæн арахъхъ. - Нæ, нæ Мæдинæт, ахæм арахъхъ нæу æмæ дзы фæд- фæдыл уый бæрц аназон, æрбарасыг мæ кодта ныридæгæн. - Мæ нуазæн дын куынæ авæрон, уæд мæ зæрдæ йемæ дзурдзæн, - Мæдинæт сыкъайы æркодта арахъхъ æмæ йæ дæтты Дзандормæ. - Иууылдæр дæ нуазæнтæ не сты, æз дзы мемæ цы ’рба- хастон, - Дзандор фæзыхъхъыр кодтæ йæ дæндæгтæ æмæ стыр æхсызгонæй айста сыкъа, галиу къухæй сласта хæла- фы дзыппæй къухмæрзæн æмæ дзы асæрфта йæ ных, йæ уадултæ, стæй, нуазæны аккаг арфæйы дзырдтыл хъуыды кæнгæйæ, дыууæ къухы æнгуылдзæй æрбатыхта сыкъа, ис- дуг абадт мадзура æмæ æлхынцъæрфыгæй, стæй сындæггай схæцыд йæ сæрыл, - ацы нуазæны кадæй хайджын у кæд- дæриддæр, æгъдауджын сылгоймаг дæ, адæмы уарзон æмæ дын дæ бинонтимæ цæрын бантысæд. - Бузныг, Дзандор, æз адæмы уарзон куы уаин, уæд æй Салам дæр зонид. - Цы дын зæгъон, уый зоныс, Мæдинæт, æнцад йæхи- цæн куынæ бада, уæд ын а лæппу... - Дарддæр ма йæ цы зæ- гъын хъуыд, уый Дзандор йæхæдæг дæр нæ зыдта æмæ фер- хæцыд, йæ зæрдæ ма дардта, ныхас Мæдинæг кæй айсдзæн, ууыл дæр, фæлæ сылгоймаг та цымыдис кодта, хъуыды цæмæй балхынцъ уыдзæн, уымæ æмæ иудзæвгар кæрæ- дзимæ гæсгæ бахаудтой сæ мидсагъæсты хъуырдухæны. Уæдмæ Дзандоры зæрдæ чысыл фæфæлмæн, афтæмæй адарддæр кодта йæ ныхас. Сау æмæ, дам, урс хинайæны бæ- рæг кæнынц, цард æй йæхæдæг равдисдзæн, раздæр æрт- хъирæнтæ ницы пайда сты, фæлæ кæд ахæм фæндтæ æмæ зондыахастæй исты сфос кæна, уæд феыдзыстæм. Сывæл- лæттимæ, дам, иу æвзаг ссарын дæ къухы не ’фты, дæ урок- тæ, дам, не сты цымыдисон, зын хъусæн сæм у, цард сæ нæ тæлфы æмæ мын цынæтæ адзуры урокмæ байхъусыны фæ- стæ. Ды та иу æппæлæн ныхас рæдигæ фæкæн. Уымæ гæс- гæ, раст дын куы зæгъон, уæд куыстмæ мæ зæрдæ райгæ дæр нал кæны. Куыд бамбара адæймаг ахæм ахаст, цы зæр- дæйæ ма цæуон скъоламæ? ,- Ахæм ахаст мæнмæ гæсгæ зынæмбарæн нæу. Ныууадз, дам, дæ куыст æмæ, дам, нæ ма хъыгдар. - Уый бæсты йæхицæн æнцад куы ’рбадид, уæд м&м 120
хуыздæр кæсы, æз ахæмтыл бирæ хæттыты амбæлдтæн. Мæ сывæллæтты цахъхъæн у æмæ йæм мæ къух нæ тасы, æндæра йын афонмæ дæр загътаин иу-дыууæ ныхасы. - Зæгъынæй йыл нæ фæтых уыдзынæ, уый дæуæй æвза- джджындæр у, - Мæдинæты фæндыд, цæмæй Дзандор йæ дзырдтæ ласа æхсидгæ масты цæджджинагæй æмæ уымæ гæсгæ хаттæй-хатт баппары йæ ардауæн дзырдтæ. - Ахæм ми йын бакæндзынæн, æмæ ардщгæй лидзинаг фæуыдзæн, - йæ цæстытæ фæирд сты, йæ мустучъийæ æр- цавта стъолы тигъ, афтæмæй, æртхъирæнтæгæнгæ, сирвæзт Дзандорæй, фæлæ цы саразинаг у, уымæй йæ, зæ-гъгæ, бафæрс, уæд, æвæццæгæн, йæхиуыл дæр æрхудтаид. Ныр дæр цыма йæхæдæг йе ’ртхъирæнтæй фæтарст, уыйау хæ- бизджыны кæрдих йæ дзыхы баппæрста, цæмæй йын дык- каг хатт ахæм рæдыдæн фадат мауал фæуа. - Уый ды нæ сараздзынæ, фæлæ æз. Ды та мын æххуыс кæндзынæ. Дæуыл ницы хæс уыдзæн, æрмæст дын æз цы зæгъон, уый араздзынæ. Æмбарыс мæ. Мæнæ ма йæм чы- сыл банхъæлмæ кæсæм, æмæ дзы куыддæр пенсийы ацæуыны кой фехъусон, афтæ-иу мæм фæкæсæд. Ничи йæм кæсы, бамæт мын кодта скъолайыл, фæсивæдыл, махыл. Афтæ цард йæ сæры, кæд уый махыл нæ хъуыды кæны, мах хорздзинадыл. Кæмæндæр æй бынæттæ хъæуы æмæ агуры, уæдæ цы. Дæхæдæг нæ зоныс кæцыфæнды разамонæг дæр æппæты фыццаг йæхи хъуамæ æрфидар кæна, йæ зæрдæ кæуыл дары, уыдон хъуамæ æрбамбырд кæна йæ алыварс, Ома мæнæ бæстон æрывнæлдтон ахуыр-хъомыладон куыст- мæ, фæлæ дзы æз нырма ницы уынын гыццыл чызджыти- мæ чыр-чыр æмæ мыр-мыр йедтæмæ. Бонцухæй та Заре- мæмæ згъоры. Зауырбеджы дæндæгты къæс-къæс дæр æм цæуы, фæлæ йæ зондджын лæг йæ сæрмæ нæ хæссы, афтæ- мæй йæм чызг дæр йæ чъылдым здахын райдыдта... Аназ- ма, Дзандор, дæ сыкъа, ныхасæй дæ срæгъæд кодтон. - Ныхас дæр дзы хъæуы, уæдæ цы, хъуыддаг ныхасæй рæзы. Æз ма уый фехъуыстон æмæ йын бæрæг сты, нæ бы- нæттæм кæй фæнд кæны, уыдон. - Æгайтма йæ зоныс, æз та афтæ æнхъæлдтон, алцы дын дзурын хъæуы. Цымæ чи уыдзысты уыцы маркафатæ, æр- цæуæггаг, æви ардыгон? - Ацы аз институт каст чи’фæцис, ахæмтæ. - Уæдæ еныр нæ раны стæм. Кæсыс æм, йæхи къорд саразынмæ куыд æрæвнæлдта. Цалынмæ йын нæ бантыст, цалынмæ ам не ’рфидар, цалынмæ уидæгтæ нæ аскъæрдта, 121
уæдмæ мах дæр хъуамæ цырд фæлæууæм. Хъуамæ иннæ аз уый ам директор мауал уа... Аназ-ма дæ сыкъа цæй, дæ къу- хы схъарм уыдзæн. Дзандормæ цыма ацы сыкъа нал æмбæлд, уыйау ыл уæззаугай схæцыд. - Еныр иунæг хуыпп дæр нал, æндæра хæдзар нал ссар- дзынæн. - Уый бæрц нозт та кæм ис, Дзандор, дæ разы дзæбæх арахъхъ у æмæ дзы дæхи хорз фен. - Раст йæ кæнæджы хуызæн карз у. - Йæ кæнæг карз куы уаид, уæд æм æнæхъуаджы зулмæ фæкæсын дæр ничи уæндид. Æниу мæ адвокаты сæр дæр нырма никуы бахъуыд. Иугæр хъуыддаг уырдæм куы ’рцæуа, уæд æз дæр мæ мад æмæ мæ фыдæн чызгæн рай- гуырдтæн. - Аминæтимæ дæр цыма йæ хъуыддæгтæ бынтон лæгьз нæ цæуынц, афтæ мæм кæсы. - Æз ын Аминæтæй куы уаин, уæд мæ разы йæ къахы фындзтыл цæуид. Пенсийы тыххæй æз Аминæтимæ дæр ныхас кодтон, фæлæ не ’хсæн цæстуарзон ныхасæй дарддæр ницы уыд. Уымæн æмæ адæймагæн аргъ кæнын хъæуы, ал- цæмæн дæр ис æрбæстонгæнæн. Уый та? Хуызæй дæр нæ нæма базыдта, афтæмæй нæ, шахмæтты фигурæтау, æрæ- вæрдтытæ кодта, куыд æй фæндыд, афтæ... Дзандор иу сы- къайыдзаг ма дæм æмбæлы. Ды мæ хорз зоныс, ахæмтæ мæ цуры рыг кæй не скалдзысты. Æрмæст мæм-иу кæсгæ кæн, кæсгæ. - Загьдыл-иу ма сифтындз, æндæра нын æй иууылдæр нæхи аххос фæкæндзысты. - Иу загъды сæр дæр мæ нæ хъæуы æмæ иннæ загьды сæр дæр, афтæмæй æмæхсæвæджы лидзинаг фæуыдзæн... Дзандор, бæркадæн дын æнæ баназгæ нæй. Дзандор Мæдинæты хæдзарæй куы рахызт, уæд уынгты змæлæг нал уыд. Уынджы телхъæдтыл ауыгъд электроны лампæтæ дæр кæрæдзимæ афтæ дæрдты ауыгъд уыдысты, æмæ сæ цæст цы æвзæрста, уый йеддæмæ сæ рухс кæрæдзи- мæ нæ хæццæ кодта. Дзандор цалдæр хаты адзæгъæл æмæ йæ бон нал уыд хæдзармæ фæндаг ссарын. Иу рæстæджы йæ къухтæ фæхæст сты бæласы зæнгыл, æмæ йæ нал суагъ- та, цалынмæ йæхи æрæмбæрста, фæсæмбисæхсæв майрухс не скаст, уæдмæ. Иугæр куы суазал, уæд райхъал æмæ ца- 122
дæггай йæ хъуыдытæ райдыдтой æмбырд кæнын. Уайтагъд фæраст хæдзары ’рдæм. Райсомы сатæг уæлдæф, хъыдзыгæнæгау, узæлыд рустыл æмæ адæймаг æнкъардта цахæмдæр æхцондзинад. Колхозы правленийы раз æрæмбырд бирæ адæм æмæ, машинæмæ æнхъæлмæгæсгæйæ, лæууыдысты къордгæйттæй, чи та дзы, тезгъогæнæгау, йæ къæхты бын надта, кæрты цалдæр боны размæ цы лыстæг хуыр ныккалдтой, уый. Хаттæй-хатт сæ цæст ахæссынц арвы тыгъдадыл, фæлæ сæ «къæвда уы- дзæн» ничи загъта, кæд хуры цæст нæ зынди, уæддæр. Машинæ хæрз æввахс бацыд адæмы цурмæ, се ’хсæн фæ- лæууыд æмæ дзы æрхызтысты райæххæсткомы сæрдары хæдивæг æмæ райкомы секретарь. Адæмæй сæм æввахсдæр лæуд чи фæцис, уыдон сын райстой сæ къухтæ. Уæдмæ сæ Илар фæмидæг кодта правленийы агъуысты æмæ йæхæдæг уыдис дзуаппдæттæг. Иугæр колхозы хъуыддæгтæй куы фервæзтысты, уæд ма райкомы секретарь бацымыдис кодта скъолайы хабæрттæм дæр. Иæ хъуыды бамбарын кодта Иларæн. - Æгайтма мын æй æрымысыдтæ, - цыма дзы рох фæ- цис, уыйау Илары цæстытæ ферттывтой, ахæм фадат ын кæй фæцис, уый цинæй æмæ тындзыдта цæмæй йæ дзури- нæгтæй иу дæр рохуаты ма баззайа, - нæ колхоз нын бæргæ абæрæг кæнут, фæлæ æндæр хъуыддæгтæ хатт рохуаты аз- зайынц,' - ацы фæстаг дзырдтæ загъта хъазынæмхасæнты æмæ ныххудт зæрдиагæй, ома мæнæн дæр мæ бон у мæхи фиппаинæгтæ зæгъын. Йæхæдæг исты æрымысыдаид, уый сæр æй нæ хъуыд. Мæдинæты ныхæстæ афтæ хорз бадардта йæ зæрдыл æмæ йын ныххал сты кæрæдзи фæдыл, дзырдта сæ æнæкæсгæйæ, æмдзæвгæтæ дзурæгау, - скъола нæм бæр- гæ ис, фæлæ йæм нæ иуæрдыгæй ис хъусдарæг, нæ - иннæр- дыгæй æмæ æнæхицауæй æдзæллаг уавæрмæ æрцыд. Ди- ректор та нæм, хингондау, æппын нæ фидар кæны æмæ æр- вылаз скъола къухæй-къухмæ хизгæйæ, бынтон раууатмæ æрцыд. - Чи дзы кусы ныртæккæ директорæй? - райкомы сек- ретарь зыдта Саламы (кæд лæгæй-лæгмæ йемæ никуыма аныхас кодта, уæддæр ын фæсаууонмæ фехъуыста йæ ном), фæлæ уæддæр афарста. - Салам цыдæр æй хонынц, æз æй нырма дзæбæх зонгæ дæр нæ кæнын, фæлæ мæм афтæ кæсы, цыма йын йæ хæ- дзары оммен кæныны бар дæр нæй, - Илар стъолыл йæ 123
амонæн æнгуылдз рауагьта, рыг ыл æрбадт æви нæ, уый бæ- рæггæнæгау, стæй акаст иннæ ’рдæм, йæ цæст ахаста йæ ал- фæмблайбадæг адæмыл, ома мæ хъазæн ныхас уыдоны зæрдæмæ та куыд фæцыд, стæй йæ тæнæг бурдзалыг æрф- гуытæ фелхынцъ сты йæ ныхы цармыл. Йæ ныхас кæй хъу- стыл æрцыд, уыдонæй иутæ сæ мидбылты бахудтысты, ин- нæтæ та йæ цыма хъусгæ дæр нæ фæкодтой, уыйау сæ цæс- гомыл нæ фæзынд иунæг æнкъарæны фæд дæр. - Кæм куыста раздæр? - сагъæсгьуызæй афарста рай- комы секретарь. - Нырма никуы, фыццаг аз райдыдта, - Илары зæрдæ- мæ тынг фæцыд ацы фарст æмæ йын цингæнгæ радта дзу- апп, стæй, йе ’ннæ зæгъинæгтæн дæр хорз фадат кæй фæ- цис, уымæй пайда кæнгæйæ, дзырдта дарддæр æнæ фæрс- гæйæ: - Æниу ахæм æрыгон адæймаг цы зоны директоры куыстæн, цы ’взагæй хъуамæ дзура ссæдзгай, дæс æмæ ссæ- дзгай азтæ чи кусы: скъолайы йæ дæндаг чи рафтыдта, уы- цы ахуыргæнджытимæ. Афтæмæй сын уайтагъд быцæумæ ацæуы æмæ сабитæ та рохуаты аззайынц. Ныр цалдæр азы фæдфæдыл нæ бон нæу не скъола иу директоры бæри ба- кæнын. - Стаж дæр цæуылнæ, фæлæ алыхатг уый нæу директо- ры фарст скъуыддзаггæнæг, - чидæр баппæрста йæ ныхас, Илар ма йæ цæстæнгасæй агуырдта, фæлæ йын дзуаппдæт- тæг куынæуал фæцис, уæд, уайдзæфгæнæгау, тызмæгдæрæй йæ цæст ахаста адæмыл: - Уыцы ныхæстæ æз дæр зонын, фæлæ директорæй кусыкæн уæддæр ахуыргæнæджы стаж хъæуы, заг^та æмæ бакаст райкомы секретармæ. - Илар, Салам мæм ахæм лæппу нæ кæсы, институт дæр тынг хорз бæрæггæнæнтимæ фæци каст, æхсæнадон куыс- тмæ дæр арæхсы, райæххæсткомы сæрдары хæдивæг дисгъ- уызæй бакаст Илармæ, стæй ма цыдæртæ зæгъынмæ хъа- выд, фæлæ йын Илар айста йæ ныхас: -Æз дæр афтæ нæ зæгъын - æнæсæрæн у, ницæмæ арæ- хсы, хуыцау ын йæ хъуыддæгтæ рæстмæ ауадзæд, уый мæ- нæн дæр хъыг нæ уыдзæн, дзырд стажыл цæуы æрмæстдæр, фæлтæрддзинадыл, æниу ын æз нырма нæ дæр йæ хорз ми- ниуджытæ зонын æмæ нæ дæр йæ цухдзинæдтæ, фæлæ цард чи зоны, царды фæндтæм дæр уый арæхсы хуыздæр. Æнæнхъæлæджы пæ фæзæгъынц чи цас фена, уый бæрц зоны, æмæ куынæ рацæрай, куынæ акусай, уæд авдæныккон цы хъ^амæ сараза. Ныридæгæн дæр дзы цыма коллектив 124
райгонд нæу, афтæ мæм кæсы. Æгæр сæрыстыр æмæ йæ хиуылæввæрсон адæймаг хонынц. - Гæнæн нæй æмæ йæм ардæм фæдзурæм, - райкомы секретарь йæ галиу къухы æнгуылдзтæй, æмдзæгъдгæнæ- гау, æрхоста фынг æмæ йæ цæст ахаста адæмыл, стæй фæ- комкоммæ телефоны аппаратмæ, - скъоламæ телефон ис, уæд æм фæдзурæм. - Телефонтæ дæр уыдзысты æмæ радиотæ дæр, мæнæ колхоз йæ къахыл куы слæууа æмæ йæхи дарынхъом куы фæуа, уæд, - Илар дзургæ сыстад, ахызт къæсæрæй æмæ уайтагъд фæстæмæ фездæхт, - ныртæккæ йæ ардæм хъæуы. Бæргæ нæм телефонтæ, радио куы уаид, уæд махæн дæр æнцондæр уаид, фæлæ кæм, æвæццæгæн, нæм рад тынг æрæгмæ æрхаудзæн. - Телефон дæр цæуылнæ, хорз у, уæдæ йæ цæмæн аразæм, фа^лæ уе скъолайы агъуыстæй дæр зæрдæ нæ рухс кæны. Нырмæ дæр уыл æмбæлд ног агьуыст саразын, фæлæ уæхæдæг дæр, æвæццæгæн, скъолаимæ зулдзых сггут? - рай- комы сокретарь акаст Илармæ. Зулдзых та уанцон нæу, фæлæ нæ нæ фад.штæ нæма аргзьшг,, кæд нын паддзахад исты аххуыс кæны, кæннод скъолаты фаг нæ астæу нæма амоны. - Уæдæ уын æз афтæ зæгъын æмæ паддзахзды æххуыс- мæ мачиуал æнхъ&шмæ кæсæд, паддзахадмæ ницы ис, цард зæххæй у æмæ уый та уæхи къухы ис. Уæдмæ æрбацыд Салам, райста уазджыты къухтæ зсмæ æрбадт дардгомау бандоныл. Æнхъæлмæ каст, сæ счдты сæр цы уыдзæн, уымæ. - Директор ды дæ? - афарста йæ райкомы сехсретарь. - 0, æз, - Саламæн исдуг йæ зæрды сыстын уыд, фæлæ аивта йæ фæнд æмæ ныллæг хъæлæсæй дзуапп радта. - Кæм куыстай раздæр? - Нырма никуы, ацы аз каст фæдæн университет æмæ... - Ацы аз зæгьыс? - райкомы секретарь, ног хаЬар фехъу- сæгау, бадис кодта, стæй йæ мид-зæрдæйы æнкъарæлты æвджид аззайæгау, йæ галиу къухы æнгуылдзазй фынг æр- хойæгау кодта, ома иугæр фыццаг аз кусыс, уый дæр дирек- торæй, уæд дзы хорзæй ницæмæ ис æнхъæлмæгæсæн æмæ йæм йæхи тыххæй нал радта иунæг фарст дæр. - Райæххæсткомы сæрдар æмæ мæм районы ахуыры хайы гæс бахатыдысты, цæмæй ардæм директорæй сразы уыдаин. - Цал скъоладзауы уæм ис? 125
- Иу-æртæфондзæссæдзы уыдзысты. - Æвæццæгæн сæ бæлвырдæй нæ зоныс, кæнæ та скъоламæ чи нæ цæуы, ахæмтæ дæр уæм ис? - Бæлвырдæй та сæ куыннæ зонын, уый мæ куыст у, фæлæ дыууæ адæймагæй хыгъдмæ хаст не ’рцыдысты. - Уый та куыд, - фæтызмæг райкомы секретарь, - сæ ахуыр ныууагътой? - йæ цæстытæй фыдæхы цæхæр ракалд æмæ Салам хорзау нал фæцис. Исдуг фергъуыйау, йæ бон нал уыд дыууæ дзырды кæрæдзийыл абæттын. Æрæджиау фервæзт йæ зындзинадæй: - Аттестаци не ’рцыдысты. - Æмæ ма искуы афтæ дæр фенди? - райкомы секретарь хъуыды кодта æрыгон директорæн йæ бархъомыс фенын кæныныл, се ’хсæн цы стыр дæрддзæг ис, уымæй йæ ныд- дæлдзиныг кæнын. - Хорз фæуæд, æппæт дæр æмбæрст- гонд у, загъта ма æмæ йе ’ргом аздæхта Илары ’рдæм, ома мын ды кæй фæдзырдтай, уыдонæй аппаринаг мисхал дæр нæй, - зæгъæн ис афтæ æмæ дыууæ адæймаджы хъысмæт баззад æнæхицауæй! - Афтæ зæгъæн дæр нæй, скъоламæ цæугæ кæнынц, фæ- лæ бирæ фæцух кодтой æмæ сын нысæнттæ æвæрд не ’рцыд. - Саламы фæндыд йæ хъуыды кæронмæ ахæццæ кæ- нын, йæ рæстдзинад йæхæдæг куыд зоны æмæ уыны, афтæ- мæй йæ уазæджы раз авæрын, фæлæ йæм уый куынæуал хъуыста, уæд азылд йæ фарсмæбадæджы ’рдæм, æмæ, дзыр- дта адæмимæ, уазджытимæ. - Æрвылбон дæр сæм вæййы хæдзары, фезмæлæг сын нæй, сывæллæттæ бирæ, сæ ныййарджытæ кусынц фосдарды фермæйы æмæ сæ кæрк- куасæнтæй изæрдалынгмæ удисынмæ дæр не ’вдæлы. Мæ- нæ ма иучысыл æмæ та уæд æдæрсгæ цæу-дзысты. Æххæст ма сæ куыстытæ фæуой. Уæд сæм мах дæр фæкæсдзыстæм, цæмæй фæстейæ ма баззайой. Æндæр гæнæн дзы нэей. Чи- зоны нæм сывæллæтты рæвдауæндон куы уыдаид, уæд афтæ тыхст нæ уаиккой, фæлæ... - Фадæттæ мах дæр хорз зонæм... Дарддæр мæм ницыу- ал дзуринаг ис... Скъоладзауты дарæс дæр мæ зæрдæмæ нæ фæцыд, нæй сыл иугьуызон формæ, æмæ куадзæны бæхау, хъулæттæй фæцæйцæуынц. - Гæнæн нæй æмæ нын бынаты фенай нæ куысты уавæртæ. Базонгæ дæ кæндзыстæм нæ дарддæры фæнд- тимæ дæр, науæд кæсагæн доны бынмæ аргъгæнæгау цæуы. Ацы фæстаг дзырд арцау фæныхст Дзапары зæрдæйы, 126
йæ цæстыты туг абадт æмæ исдуг дзурын ницыуал сфæ- рæзта. Салам райкомы секретармæ уæндон ныхас кæй скод- та, уый адæмæй иуæй-иутæн афтæ æхсызгон уыд, æмæ дзы галы бузныг фесты, чи та йæм дызæрдыджы цæстæй ба- каст, ома куыд уæнды ахæм ныхæстæ райкомы секретармæ. - Дæ дарддæры фæндтыл дын æндæр хатт аныхас кæндзыстæм, ныртæккæ нæ уыдæттæм не ’вдæлы, - Дзапар загьта æртхъирæнгæнæгау æмæ балхынцъ кодта Саламимæ йæ ныхас, азылд иннæ ’рдæм, аивта йæ хъæлæсы уаг, йæ дзуринæгты темæ, цыма йæ тых, йæ бартæй цъырцъыра- джы æрцъист кодта, уыйау, æмæ сæрыстырæй æнхъæлмæ каст, дарддæр кæй рад уыдзæн, уымæ. Уæддæр йæ зæрдæйæ нæ цух кодта Саламы сæрибар æмæ уæндон ахаст, йæхицæн æй нымадта стыр æфхæрдыл. Салам уæдмæ дæр куыннæ тыхст ахæм ныхасыуагæй, фæлæ йæм фæстагмæ ноджы хардзау æркаст æмæ йæ маст райдыдта æхсидын, йæ цæсгом ныффæлурс цикъæйау, стæй сырх афæлдæхт æмæ артау сыгъд, Дзапар ын цæмæй зоны йæ удыхъæды миниуджытæ, йе ’взыгъддзинæдтæ, æндæра, чизоны, ахæм хъæлæсыуагæй нæ дзырдтаид йемæ. Инсги- туты фæскомцæдисон организацийы бгоройы секретарæн къаддæр бæрнон куыст нæ уыди, фæлæ-иу дзы æппæлы- дысты, тынг хорз бæрæггæнæнтимæ райста диплом, бав- нæлдта скъолайы куыст йæ къахыл сæвæрынмæ. Ацы ран та йын хъæуы æххуыс, хъæуы ма рæстæг, тох кæнын. Уæдæ ма хæйрæг феста. Ахæм адæймагæн ма саргъ кæн, ма йæ бам- бар, уый стыр тæригъæд у. Ау куыд ис гæнæн æмæ дын исчи дæ дзуринæгтæ ныццауаза, ма дын дæтта дзырды бар - йæ уавæрæй пайда кæнгæйæ. Æндæр уый бынаты афтæ нæ ба- кодтаид, фæлæ байхъуыстаид бæстон, лæмбынæг æмæ уый фæстæ тæрхон рахастаид адæймаджы хъысмæтæн. Саламы сæры тугдадзинтæ фесты дымсыны ’рдæм, къæмисæнтæ рацæйтыдтой сæры тенка, йæхиуыл схæцæгау кодта. Адæм æм ахæм каст кодтой, цыма се ’хсæн сæ сабиты хъомылгæнæг, се скъолайы директор нæ бады, фæлæ ца- хæмдæр æбæркад адæймаг. Дзапарыл бæргæ æмбæлд скъо- ла фенын, Саламимæ лæгæй-лæгмæ аныхас кæнын, цæмæй сын ма уыдаид æвдисæн, науæд дæ утæппæт адæмæй чи куыд бамбардзæн, уый зын зæгъæн у æмæ дæ æрвылбон та семæ æмбæлын хъæуы, семæ цæрын. Æниу кæд Салам нырма се ’хсæн дыууæ боны йеддæмæ нæма кусы, уæддæр æй базыдтой æмæ дзы алкæмæ дæр ис йæхи хъуыды. Уæд- 127
мæ йæ сæры ферттывта иунæг раст уынаффæ. Хатыр бæргæ ракуырдта, фæлæ йын никæмæ фехъуыст, афтæмæй уæз- заугай сыстад, æмæ, зындоны артæй фервæзæгау, ахызт къæсæрæй. Талынг агъуыстæй раирвæзæгау, йæ цæстытæ тарытæ кодтой, зылд йæ сæр, къæхтæ дæр цыма рæстмæ нал касты- сты коммæ, хъавгæ сæ æвæрдта зæххыл. Æппындæр æй ни- кæй фенын фæндыд Зауырбегæй дарддæр. Скъоламæ хæ- стæг йæ цыд фæтагъддæр кодта æмæ бахызт йæ кусæн ха- тæнмæ. *• ■* # Саламы зæрдæйы цыма халæттæ æрæмбырд сты, уыйау тыхст йæхимидæг, рацу-бацу кодта адæмы ’хсæн. Хатт-иу зонгæтæн сæ зæрды уыд йемæ аныхас кæнын, йæ ног бына- ты тыххæй йын арфæ ракæнын, фæлæ-иу сæ уайтагъд фæхицæн, нæ йæм цыд æппындæр ныхас кæнын, æрмæст йæхи бакодта йæ мид-зæрдæйы сагъæсты æвджид æмæ йæхи ласта хибардæр ранмæ. Хатг-иу йæхимæ рамæсты, ахæм æнтъыснæг хъуыдыты уацары кæй бахауд, уый тых- хæй, цалдæр хатгы сыл йæ къух дæр ауыгъта, фæлæ сæ уæд- дæр йæ^бон нæ уыд фæсурын æмæ йыл уæз кодтой пъæз- зыйау. Йæ цæстытыл-иу ауадысты йæ ахуыры бонтæ, æнæ- мæт, хъæлдзæг цард. Кад æмæ рад æмгæрдты ’хсæн. Йæ зонд æмæ йын йæ хъуыдытæ, йæ уагахастæй^сæрыстыр уы- дысты амæй-^ай хуыздæр ахуыргæнджытæ. Йæ ныхас аха- дæн, уæзгæ. Йæ фенд, хуры фендау, зонгæтæн, æмгæрттæн. Се ’хсæн - уынаффæгæнæг. Нырма студент уыд, афтæмæй практикон ахуыртæ уагъта фыццаг курсы студенттæн. Аспи- рантурæмæ у йæ хъавд, фæлæ хъуамæ иучысыл акуса æмæ фыццаг фадатæй пайдагæнгæйæ фæраст, фæрсгæ дæр нæ акодта - кæдæм. Хъæууон лæппу у, хъæуы райгуырд, хъæуы схъомыл, каст дæр хъæууон скъола фæцис. Ахуырмæ, ку- сынмæ дзы йæхицæй сæрæндæртæ бирæ нæ уыд, алцæмæ дæр арæхст. Йæ царды фæндтыл никуы фæгуырысхо æмæ афтæмæй уыд парахат зæрдæ. Цымæ цы фесты Саламы удыхъæды миниуджытæ? Æр- гъæфсгæ бакодтой æви æмпылынмæ фесты? Нырма йыл чи амбæлд, салам ын чи радта æмæ йæ йæ хабæрттæй бæстон чи фарста, уыдонæй иуæн дæр нæ радта рæстмæ дзуапп. 128
Иуæй-иутæ йын хатыдысты йæ зæрдæйы уаг, фæлæ уыдон дæр сæ ныфс нæ хастой хынц фæрстытæм. Адæймаг цæуыл хъуыды кæны, йæ зæрдæйы хатт цахæм у, уый ничи базон- дзæн, цалынмæ йæхæдæг ахæм фадæттæ нæ сараза, уæдмæ. Салам, адæмæй æмбæхсæгау, бацыд залмæ æмæ æрбадт æппæты фæстаг рæнхъыл, къуымы, кæд разæй бирæ бы- нæттæ уыдис, уæддæр. Адæм тыннывæндæгау кодтой, сæ гуым-гуым фæйнæр- дæм хæцыд агъуысты къултыл. «Уæд та дзы тагъддæр куы фервæзид, æнæбайрайгæ фæуæд сæ активæй, æрвылбон адæймаджы хъустæ сфæлмæцыдысты дзæгъæлы дзæнгæ- дайæ», - Салам сфæлхатт кодта йæ мид-зæрдæйы æмæ, адæммæ кæсынæй сфæлмæцæгау, ныккасти йæ разы къаннæг фæйнæггонд стъолмæ. Президиуммæ чи схызт, уыдонæй æппæты фыццаг йæ цæстытæ андæгъдысты Дзапарыл. Уый, йæ цыбыр къæхтæ тагъд-тагъд исгæ бахæццæ йæ бынатмæ, стыр зæндджын сæр хæссынæй бафæллайæгау, йæхи æруагъта уæззаугай æмæ йæ тымбыл дурдзавды хуызæн цæсгом сыздæхта залы ’рдæм, ома кæсут, кæмæ цы бынат æмбæлы, уым бады. «Æвæццæгæн, адонæй иунæгмæ дæр нæй адæймаджы миддунемæ бакæсын, йæ зæрдæйы хатт ын раиртасыны æв- зыгъддзинад», - хъуыды кодта Салам æмæ æнæв-вæрсонæй каст размæ йæ алфæмблаймæ, йæ зæрдæ йын тыхсын кодта цахæмдæр æнæнцой æнкъарæн. Рæстæг йæ бынаты бандзыгау, нал æмæ нал цыд размæ Салам арæх æркæсы сахатмæ. Иннæ хæттыты-иу ацафонмæ æмбискуыст уыдысты, ныр сын нал æмæ нал æнтысы рай- дайын. Нырма йыл сабийæ абоны онг ахæм гуымир ныхас никуы сæмбæлд, хæрæг æй уаргъæн нæ ахæсдзæн. Институ- ты куыннæ бахауд ссæндæнты, утæппæт равзаргæ фæси- вæдимæ кусгæйæ дзы куыннæ уыд хивæнд адæймæг-тæ, æргомдзырд æмæ æнæбарон хъæбæрсæрстытæ, комкоммæ иу ын загътой йæ рæдыд, йæ хъæндзинад, фæлæ йæхимæ ныры хуызæн дæлæсин никуы фæкаст, æргъæфст маргьау, нынныгъуылд кæйдæр æнæхсæст уайдзæфы бын, æмæ ма уый дæр дымды фæуæд, лæгæй-лæгмæ адæймаг кæмæн цы хъуамæ ауадза, фæлæ утæппæт адæмы ’хсæн, чысыл ма бахъæуа, йæ сæры магъзмæ туг ма ныттæдза. Уæд та скъо- ладзауты ныййарджытæ куынæ уыдаиккой, æниу уымæн та цы нысаниуæг ис? Æнæхсæст ныхас уæддæр уаргъау уæз кæны зæрдæйыл, фæлæ ахæм хъуыды кæм æрцæудзæн уæр- 9Ф 129
тæ уыцы куысыфтæгмæ. Саламхл дæндæгтæ цыма æддæг- мидæг ауадысты, уыйау сæ хъыррыст фæцыд, йе ’нгуыл- дзты нуæрттæ фæхъæдцых сты æмæ рахис къухы мустучъи æрхаудта къаннæг стъолы фæйнæгмæ. Æниу æй фидардæр фæлæууын хъуыд, алыхатт барын дæр хорз нæу, фæлæ ма ныр цы. Иннæ хатт ыл ахæм рæдыд нал æрцæудзæн, дæуæй чи нал ’фсæрмы кæна, уымæн ды цæуылнæ хъуамæ радтай дзуапп, уадз æмæ алчидæр йæ бынат зона. Чифæнды фес- тæнт, ацы хатт ын ахæм барст нал уыдзæн, арæхсгæ нæ кæ- ны, æви йæ дзырдтæ æлхæнын хъæуы, ды мын цæсгом æмæ намыс зæгъ уый еддæмæ. Адæймаджы ма зсч, макуы йæ фен, афтæмæй йын зондамонæн иыхæстыл схæц. Ахæм лæджы фылдæр йæ къæлæтджын фæдзурын кæны, æн- дæра-иу йæ дзыхыл хæцид. Дзапары хуызæттæм та цæй дзуринæгтæ вæййы. Ныр та йын бакъуырдта йæ зæрдæ æмæ бадт, сындзытыл бадæгау, йæхи хызта комкоммæ ба- кæсынæй, ома мæм куы фемдзаст уа, ацы бæрзонд трибу- нæйæ пайда кæнгæйæ, дзурыныл куы схæца, уæд ма дзы чи ферох, уыдон дæр æрымысдзæн, æмæ ацу хъус ахæм æнæ- хъуыды дзæнгæдамæ. Докладгæнæг балхынцъ кодта йæ ныхас. Ныхасы бар райста Дзапар æмæ ма йæм исты дзуринаг дæр куы уыдаид, фæлæ, резинæ ивазæгау, æууылдта йæ дзырдтæ, йæ нарæг ныхыл, хаххау, фæрсмæ цы адаг ацыд, уый ноджы фæарф- дæр, тар бурбын æрфгуытæ-иу кæрæдзимæ лæбурæгау ныз- зылынтæ сты, афтæмæй лæг йæ гыццыл цъæх цæстытæ ныйирд кодта залы ’рдæм, ома сымахæн уæ бон раиртасын цы нæ бавæййы, уый æз иу бакастæй дæр фенын. Салам иунæг хатт схæцыд йæ сæрыл æмæ цыма уыцы су- дзæнæй хуынчъыты хуызæн цæстытимæ хæрхæмбæлд фæ- цис, уыйау йе уæнгтæ ауазал сты, стæй акалд йæ сурхид. Бауырныдта йæ, йæ фыдгой кæныныл кæй нæ бацауæрд- дзæн, уый. Ныхмæ фæллæуын æмæ хи раст кæныныл хъуы- дыгæнæн дæр нæ уыд. Ныхасы бар райсдзьшæ æмæ дæ дзыхæй сыгъзæринтæ куы хауа, уæддæр дьш «с сахаддзы- сты, гæнæн ис æмæ ма дæ исчи хахуыргæнæг дæр рахона. Лæг Саламы ном нæ загъта, фæлæ йæ ныхас уымæй рай- дыдта æмæ йæ уымæй балхынцъ кодта. Æвæццæгæн æм дзуринаг дæр æндæр ницы уыд, æндæра, чизоны, ныхасы дæр нæ рацыдаид. Цыма адæймагæн æрдз цæмæн балæвар кодта намыс, хъуыды æмæ зонд? Кæд дæ хæрзиуджытæ дæттыс, уæд дзы 130
алкæмæн дæр фæхай кæн зæрдæйы фæндиаг æмæ кæрæдзич ма мæстæймарой, науæд иутæн цæстуарзон хуын, иннæтæн та æнæбары хай æмæ кæрæдзи мæстæй марынц. Æниу цас æмæ цас сты уыцы иннæтæ, фæлæ сæ иу дæр нæ зоны, æрдзæй йæм æнæбары хай кæй æрхаудта, уый, фæлæ йæ уæддæр азымы нæ дары, иунæг хатт дæр нæ бауайдзæф кодта йæ гуырæн бонæн. Уæртæ аслам ныхасыл чи бафтыд, уый цымæ цы хъуыды кæны? Иугæр ахæм зондимæ рахызт сæрыстырæй йæ барты фæрцы, уæд ын йæ уынаффæтæм чи ’нхъæлмæ кæсы, уыцы адæм та дзы цæмæй уыдзысты рай- гонд? Саламы зæрдæ, фæдисы хъæргæнæгау, йæхи къултыл хоста. Цы цæсгомæй ма хъуамæ æрлæууа йе ’мгæртты раз, Йæ зонгæтæ, скъоладзауты раз. Цымæ йын исчи хъусы йе ’нæрхъуыды дзæнгæдамæ, æви афтæ ’нхъæл сты, æмæ æхсæ- вæй-бонæй æрынцой нæ зоны адæмы мæтæй? Йæ алы дзырд дæр, гæрчъыздухæнау, здыхта Саламы зæрдæйы тæг- тæ æмæ сæ æвдыста залы адæмæн. Кæсут нæ кадртæм! Уый нæхи аххос у, хъæуы сын æххуыс кæнын, хъæуы сæ домын. Уый куынæ уа, уæд фылдæр дзурдзыстæм цухдзинæдтыл. Нырма æвæлтæрд, афтæмæй коллективæн ’та хъæуы æйт- мардзæ разамонæг. Фæтк æмæ дисциплинæ нæй. Уыдон та сæйраг рахæцæн сты не ’хсæнадон царды, уæлдайдæр та скьолайы. Нырæй фæстæмæ ахæм рæдыдтытæй хи хизын хъæуы, æмбæлтгæ, науæд... Дзапар алгъуызон фауæн ныхæстæй басаста йæ дойны, фæлæ уыцы «науæды» фæстæ цы хъуыды лæууыд, уый нæ раиртæста Салам æмæ цуркау ныффидар сæры магъзы. Уæдмæ фескъуыд Дзапары ныхас. Цыма абондæргъы сыгьзæринтæ фæкалдта, уыйау тæргай- гъуызæй фæуагъта трибунæ æмæ, адæмæн лæггадæй ба- фæллайæгау, æрбадт йæ бынаты, йæ сæр фæзылдта иуы ’рдæм æмæ йæ дурдзавд цæсгом сыздæхта адæммæ. Ацы хатг ын уыд фæлладгъуыз. * * * Салам æмæ Зауырбег бадынц директоры кабинеты. Са- ламы æрфгуыты æлхынцъ нал æмæ нал райхæлд цалдæр боны. Ахуыргæнджытæ сæхæдæг дæр бафиппайдтой, стæй сæ хъустыл дæр æрцыд алыгъуызон ныхæстæ æмæ сусу- бусуйыл бафтыдысты. Иутæ йе ’вварс хæцыдысты, иннæтæн та æхсызгон уыд йе ’фхæрд. Куыд æмæ цæмæн? Ацы 131
дызæодыггаг фарстытæ дуараха.спг’ кæй бакодтой æмæ сын дзуапп раттын сæ бон кæмæн нæ уид. ахæмтæ дæр уыд адæ- мæй. Зауырбеджы лъуиътл дæр æрцыд ныхæстæ, фæлæ нæ тагъд кодта афæрсыныл, кæд ын йæ мæгуырау зæрдæйы хатт æмбæрста, уæддæр, æнхъæлмæ йын каст йæхимæ. Саламы мæт та ногæй-шч’дæр кодта, фæндыдис æй æппæт дæр Зауырбегæн радзурын. фæлæ йæ фыртыхстæй нæ зьтдта, цæмæй рай^айа, уый, æмæ рæстæг æнæдзургæйæ куы ныддаргъ, уæ/ц цахæмдæр тых фергом кодта йæ хъуыды æмæ йын уæд фенцондæр. - Ды уый зоныс æмæ мæ уыцы дæлæмæдзыд ацы æмбы- рды фæндырты фæцагъта. - Зауырбег дзургæ ницы скодта, фæлæ фæрсæджы каст бакодта Саламмæ, ома дæм хъусын. - Хъуыды-мя кæныс ^мячйразмæ мæм райкомы секре- тарь колхозы ьанторамæ куы фæдзырдтл, уый. Дзырдтон дын уыцы хабар. Уым цы æфхæрæн ныхæстæ фæкодта, уыдоныл ма бафттлдта æмæ а^нæхъæн сахат мæ сурхид фæ- калд, æвæццæгæн ын æядæр нпцы дзуринаг уыд æмæ уыцы æбæркад ныхас скъæрдта хосбæндæн здухæгау, - Салам иу- дзæвгар ницыуал сдзырдта, йæ русты хæцъæфтæ базмæ- лыдысты, былтæ сæхи нылхъьгегой кæрæдзимæ, йе ’нгуыл- дзты ’хсæн нырмæ цы кърандас здыхта, уый мæстыйæ æр- цавта стъолыл - дæумæ гæсгæ ныр ахæм адæймагæн цы хъæуы, цы ми йын бакæнон, ныффыссин ыл йæ мæнг зо- нæнтæ æмæ хахуыр ныхæсты тыххæй, мæнæ скъола цахæм æдзæллаг уавæрмæ æрцыд, уый тыххæй æмæ цы ми бакæнон? Зауырбег, дьт мæ раст бамбар, ацы ран нæ дæр дæуыл цæуы дзырд æмæ нæ дæр коллективыл, фæлæ æр- мæст директорыл. Уый йæ бынаты куынæ уа, йæ зæрдæ куынæ рисса куыстыл, сктэолайыл, куынæ йæ ’ндавой саби- ты сомбон æмæ хъысмæт, намыс тæрхонгæнæг куынæ уа, уæд нæ хуымгæнд канд скгъдæг нæ рауыдзæн, фæлæ нод- жы хæмпæлы бын фæуыдзыстæм. Зондджын ’щæймаджи- мæ ныхас гæнæн ис, æнæдзургæйæ дæр дæ Самбардзæн, фæлæ уыдон дæр мæлæты арæх не сты æ:*æ ад;?ймаг кæд- мæ бардзæн, кæдмæ йæ дзыхыл хæцдзæн. - Ахæмтæм алыхатг афтæ куы мæсты кæ, тай, ’уæд дæ сæр бахъуыди. Цы ’мбары уый та скъолайы куыстæн. Æниу нæм кæд уыд, кæд нæ афарста нæ хабæрттæй. Æз ма йыл фембæлдтæн, колхозмæ арæх фæцæуы. Иу æвзæрстыты рæстёеджы махмæ дæр рауад раст ахæм ныхас. Цыдæрид- дæр дзы къуылымпытæ уыд, иууылдæр сæ кæд кодта скъо- 132
лайы аххос. Мæнæ йын, зæгьгæ, æмбæлон дзуапп радтон, уæд нын æнæмæнг быцæумæ ацыдаид. Ахæм адæймæггæ абонæй соммæ бæрнон кусджытæ сты, сххт^ сæрмагонд цар- ды нысæнттæ сæ цы ’ндавынц, згый йеддæмæ сæм цы хæстæ хауы, уый дæр рæстмæ не ’мбарыиц æмæ алы ран сæхи скæ- нынц адæмыл мæтгæнджытæ. Махæн та нæ хъуыддаг æндæр у. - Æз ын йæ ныхæстæ мурмæ дæр не ’рдарин, фæлæ мæ цæсты кæй бафтыдта, уый мын асаста мæ астæумагьз. Сæ разы ма^ мæхи куыд сраст кæкон, згымæн дæр ницыуал зонын. Йæхим^з мæм уæддæр куы фæдзырдтаид раздæр, уæд ын æппæт дæр куыннæ фæдзырдтаин, кæрæдзи бам- бæрстаиккам, фæлæ кæсыс, афтæ йæм кæсы, цыма уый махæй фылдæр æмбары, тынгдæр тыхсы адæмыл. А лæппу йын фенын кæндзæн, скъола цы у æмæ дзы кусын куыд хъæуы, уый, - Саламы маст та æхсидынмæ фæци, цыдæртæ ма хъуамæ загътаид, фæлæ йæхиуыл фæхæцыд, Зауыр- беджы уæзбын ахаст æй тынг нæ уагьта йæ масты цæуын. - Æнхъæл дæн, йæхæдæг зоотехник у? - 0, зоотехник, - Зауырбеджы цæсгом фæрухс, афтæмæй баипæрста йæ ныхас, - зоотехник у, фæлæ институт каст нæма фæци, фæсаууонмæ ахуыр кæны. Кæмдæр цыма кусгæ дæр акодта, афтæ мæм кæсы æмæ йæ уырдыгæй ракодтой райкоммæ инструкторæй, стæй дæ хæдæг зоныс - чидæр дзы фæзынд æмæ уæд уæлæмæ цатын фенцон вæййы, адæймагæн йæ ныхасы гъæдыл дæр фаззыны. - Иичи йæм кæсы, - Салам йæ сæр нынкъуыста, чысыл цыма йæ зæрдæ йе ’муд æрцыд, - афтæмæй мын хъомыла- ды фарстытæ амоны. - Æниу нын нæ куыстмæ лæмбынæг æркæс, зæгъгæ, уæд нæм къухбакæнæнтæ та куыннæ ис, - Салам райдыдта фæдзæхсæгау, - Дзапары хуызæттæй нæ тæрсын, уымæн йæ ныхæстæ дымгæ ахæсдзæн, фæлæ... Амæйразмæ кæй тыххæй ныхас кодтам, уыдонæн куыницы æрымысæм, уæд нæ фыдæбæггæ иууыл дæр æнæхъуаджы сты, нæ ныл бантысдзæн нæ дæр уавæр рараст кæнын, нæ дæр нæхи равдисын. Скъола ахуыргæн ^æй скъола у, фæлæ мах ахуыргæнджытæй не стæм æххæс. - Æмбарын дæ бæргæ. - Æмбарыс мæ бæргæ, фæлæ уый фаг нæу. Нæ хæс тынг вазыгджын у æмæ ныртæккæ фидар куынæ фæлæууæм, фа- дат кьухæй куы аирвæза, уæд та мах дæр азымаг фæуы- дзыстæм, - Салам йæ мидбылты бахудт æмæ ныхас аздæхта 133
хъазыны ’рдæм, стæй та фæтызмæг, йе ’рфгуытæ фелхынцъ сты, - Уæдæ æндæр цы ми хъуамæ бакæнон дæумæ гæсгæ? Æви та æз дæр мæ размæ чи кусы, уыдон фæдыл ацæ- уон? Скъолайы уал азы кус æмæ иу фысгæ рард макуы са- раз, иу химион фæлтæрæн скъоладзаутæн ма равдис, æрдзы хьæбысмæ макуы ацу æмæ уым макуы фæныхас кæн сывæл- лæттимæ зæрдæйы фæндиаг. Æз фаугæ никæй кæнын, фæлæ фæсивæды сомбоныл хьуыды хъæуы. Куырды кард куынæ фæрæстмæ уа, уæд ног рацæгьддзæн, фæлæ сабийы хъомылады рæдыдтытæ куы ’рцæуа, уæд сæ фæд æнæмæнг баззайдзæн цæрæнбонты æмæ уымæ гæсгæ у зын ахуыр- гæнæджы куыст, уымæн у бæрнон æмæ вазыгджын. Ныр кæдæй нырмæ ласæм цæстуынгæ æрмæг æмæ ма дæ хъус дар. Афтæ мæм кæсы, цыма иуæй-иутæн нæ фыдæбон æхсызгоны бæсты хъыг у. Цæмæн бафыдæбон кæна, цæмæн хъуамæ фæвазыгджындæр уа йæ куыст. Иуцалдæрæн нæ зонын, уый йеддæмæ сæм иннæтæ цымыдис дæр нæ кæ- нынц. Ахæм нывтæ, ахæм таблицæтæ къулыл æрцауындз, уæд ма дæ уымæй хæрзиуæг дæр цы хъæуы? Урок йæхæдæг йæхи амондзæн. Чифæнды мæм хæрам кæнæд, кæйфæнды зæрдæ мыл бахудæд, уæддæр, мæ цæст æрттивгæйæ, иунæг ахуыргæнæджы дæр æдзæттæ, æнæцæстуынгæ æрмæг нæ бауадздзынæн урокмæ. Сæхи куынæ фæнда, уæддæр сын сæ мæхæдæг æвзардзынæн. Ахъуыды-ма кæн, цы мын дзурыс, уый мын фенын кæн - фæнды быдыры, фæнды заводы æмæ мæ бауырна, алчи дæр дæ уыдзæн райгонд, алчи дæр дæм хъусдзæн цымыдисæй. - Афтæ кусын алкæйы бон нæу. - Æз дæр ууыл дзурын йе Зауырбег æмæ алкæйы бон дæр хъуамæ уа афтæ кусын, науæд цы пайда сты аргъæуттæ. Махæн рæдийыны бар нæй - уымæн æмæ аразæм сомбоны фæлтæры цард. Хъуамæ алы сабийы туджимæ дæр сфыца ахæм уагахаст æмæ æвзара хорз æмæ æвзæр, раст æмæ зы- лын, зиан æмæ пайда. Уый та баст у æрмæстдæр нæ арæх- стдзинадыл. Уый у нæ намысы айдæн. Цæйнæфæлтау ма мæм Дзапары хуызæттæй уайдзæф æрбахауа, фæлтау мæ нæ дæр директоры куыст хъæуы, нæ дæр ахуыргæнæджы куыст, фæлтау фыййауы лæдзæг райсдзынæн æмæ фос хиз- дзынæн. Мæнмæ гæсгæ, алчи дæр йæ хæс куы ’ххæст кæна, куыд æмбæла, афтæ, уæд уайдзæф иу лæджы фыртмæ дæр не ’рхаудзæн. Æнæсæрфат уайдзæфтыл та мæт дæр ничи бакæндзæн. - Дзургæ раст кæныс, фæлæ уæд та йæ бон нæу йæ хæс 134
æххæст кæнын? - Зауырбегæн ацы фарст уыд, цæмæй Са- ламы дарддæр дзурыяыл бафтауа. - Исты дзы вæййы, исты, Зауырбег. Тынг раст æй за- гътай. Мæн дæр æндæр ницы хъæуы. Æниу скъолайы куыст ды мæнæй хуыздæр зоныс, фæлæ алцы дæр ныхасæй рæзы. Адæймаг æппæты фыццаг хъуамæ йæ намысы раз уа сыгъдæг, стæй йæ царды цы аразын хъæуа, уый та йын амондзæн йæ зæрдæ, йæ зонд. Фæнды мæ, цæмæй мæ раст бамбарæй. Ацы скъолайы куыстæн рацаразæн ис æрмæст- дæр кадрты фарст æрбæстон кæнын фæрцы. Æхца хорз у, алчи дæр æй уарзы, нырма афтæ никуы ничи загъта, нал мæ дзы хъæуы, стæй уалазы цы куыстыл сахуыр уай, цы коллективимæ кусай, уыдонæй фæхицæн дæр æнцон нæу, фæлæ адæмыл, фæсивæдыл дæр хъуыды хъæуы. Паддзахад дын аразы дæ цард æмæ уыцы лæггад дæр нæ хъæуы рох кæнын. Бирæ сæ нæ домы, æрмæст ын бацу иунæг хорзы æмæ зæгъ: хæлар уын уæд мæ фыдæбон, ныр та кæстæрты рад у. Фæсивæдæй та мах куыннæ æрдомдзыстæм. Куыд дæм кæсы, ацы ран æз исты рæдийын, ’уæд мын æй зæгь комкоммæ. Ды мæ бынаты куы уаис, уæд æй ды дæр ардыгæй райдаис. Æз ууыл дызæрдыг нæ кæнын. - Æз дæр æй афтæ райдаин æмæ дын дæ хъуыды дæр хорзыл уымæн нымайын, канд нымайгæ нæ, фгелæ дзы мæнмæ цы хауы, уый тыххæй дзуапп дæр ратдзынæн, æз никæмæй тæрсын. Амæй размæ мæ куы бафæдзæхстай, уæд дæр сын бамбарын кодтон сабырæй, с^æй та сын ноджыдæр ской кодтон, фæлæ мын сæ бæстон дзуапп ничима радта. - Ахæм лæг нæй, йæ хъару чи нæ зоны, фæлæ ма искæ- мæн зæгъ, ды иннæмæй цауддæр дæ, кæддæра дын цытæ фæдзурид. Уыцы загъта-бахтатæй куы тæрсæм, уæд нæм фæстæдæр стырдæр азым кæй æрхаудзæн, уый дæр дæ рох ма уæд. Ныр дæр мæм кæд худгæбылæй сдзурынц, уæддæр сын æмбарын сæ ахаст, сæ риуты цахæм зæрдæтæ хæссынц, уый. Райкомы секретарь дæр мæм колхозы правленийы агъуыстмæ æнæнхъæлæджы | нæ фæдзырдта, фæлæ мæн ахæмтæй ничи фæтæрсын кæндзæн, мæ фæндтæ æмæ мæ хъуыдытæ никæйы зондæй аивдзынæп; Районы æртыккаг лæг дæ, æмæ дыл дæ бынат, ’дæ уавæрмæ гæсгæ куыд æм- бæлы, афтæ æрбацу скъолама} дæр, дæ цæст ахæсс æмæ кол- лективæн дыууæ фæлмæн ныхасы зæгъ. Кæд нæ æппын ни- цæуыл нымайыс, уæддæр ацы хъæуы мах стæм интеллиген- цийы цæсгомæвдисæг, науæд (секретарь фест, фæлæ хуыцау 135
дæр дæ? Адæмæн зонд куы амонай, уæд семæ хъуамæ ныхас кæнын дæр зонай. Искæй зæрдæ куы скъахай, уæд ахæм æфхæрд нæ рох кæны, дзæбæхгæнæн дæр ын нæй. - Уый алчи не ’мбары. - Алчи йæ куы ’мбарид, уæд цæрын æнцондæр уаид бæр- гæ, фæлæ цы гæнæн ис, адæймаджы æрдзыкондæн, æвæц- цæгæн, ивæн нæй, æндæра ахæм зондимæ уды знаг дæр нæ уаид. Зауырбег, æгæр та дæ срæгъæд кодтон ныхасæй, фæ- лæ, дам, маст дзурын кæны. Уæдæ ма æндæр кæмæн радзу- рон мæ хъæстытæ. - Æмбарын дæ, бæргæ, нæ уавæр зын у, фæлæ дзы æн- дæр гæнæн нал ис, æвæццæгæн сæм уæддæр афæдзы кæ- ронмæ æвналæн нæй, стæй кæд сæхæдæг исты æрымы- сиккой. - Æз дæр афтæ нæ зæгъын, æмæ сæ тæккæ райсом ар- витæм. Æрмæст дæр фæтк æмæ æгъдау куыд æмбæлы, аф- тæ. Ноджыдæр ма сын бамбарын кæн, хорздзинад йеддæмæ нæм кæй ницы фæнд ис, уый. Зауырбег, катæйттæгæнгæ, рахызт директоры хатæнæй. Бæргæ йæ фæндыд, Салам семæ йæхæдæг дæр куы аныхас кæнид, фæлæ йæ хъуыды сæргом кæнын йæ цæсгом нæ бахъæцыд. Ацы хатт дæр та сæххæст кодта йæ хæс. Ацы хатт дæр та сæ ничи ницы загъта æргомæй, цыма никуы æмæ ницы, уыйау ноджы фæхъæлдзæгдæр сты, цыма ахæм фæн- дтæ сæхи зæрдæмæ дæр цæуынц, уыйау аивтой сæ уагахаст. Цыди рæстæг. Салам ног ахуыргæнджыты тыххæй заяв- кæ кæй ныффыста, уый сын бынтон фесæфта се ’нцойдзи- над, тынгдæр бафтыдысты мидсагъæстыл. Кæд ма-иу уæды онг фæгуырысхо сты директоры фæндтыл, æххæстæй сæ нæ уырныдта йæ уынаффæ, уæд ыл уый фæстæ нал кодтой гуы- рысхо. \ Саламы сæрæй æппындæр нæ хицæн кодта скъолайы сомбон, æгады номæй йæ цы хуызы фервæзын кæна, уыцы хьуыды. Боныхъæд бæззыдаи^, уый йеддæмæ йæ уроктæ фылдæр уагьта æрдзы хъæбыс^л. Цыдысты быдырмæ, хъæд- мæ, арæзтой картæтæ, сæ алфæмблайы цæст цæуыл хæцыд, уыцы бæстыгъæдæн. Ахæм уроктыл афтæ фæцайдагъ сты æмæ сæм географийы урокыл къласы бадын нал цыд, сæ картæтæ дæр иу семæ ахастой. Салам каст сабиты уагахас- тмæ æмæ сын хатыдта сæ активон хъуыдыйы рæзт. Цалдæр экскурсийы фæстæ географи тынг бауарзтой. Саламæн æнцой нæ лæвæрДтой сабиты сомбоныл хъуы- I 136
ды кæнгæйæ, йæ мид-зæрдæйы сагъæстæ. Ныййарджытæ, æхсæв-бон нæ зонгæйæ, сæ къухтæм æмхасæнтæ кæнгæйæ, бæллынц, цæмæй сæ саби фæгæрз уа ахуырмæ, йæ сомбон уа амондджын, рæсугъд, æмæ йæ цингæнгæ æрвитынц скъоламæ, йæ хъысмæт ын бакодтой ахуыргæнæджы бар. Ацы бæрндзинад хъуамæ хата алы ахуыргæнæг дæр æмæ фыццаджыдæр дзуапп дæтта ахуырады органты раз нæ, ди- ректоры раз нæ, коллектив æм& ныййарджыты раз нæ, фæлæ йæ намысы раз. Саби æрвылбон дæр згъоры, тындзы скъоламæ, йæ зæрдæ дары ахуыргæнæгыл, ахуыргæнæг æм кæсы иууыл намысджындæр, царды фæзилæнтæ, хæрдтæ æмæ уырдгуытæ хорз чи зоны æмæ сыл чи нæ фæкæлдзæн, ахæм адæймаг, афтæ йæм кæсы, цыма ахуыргæнæджы зонд æмæ хъуыдыйæн нæй кæрон æмæ йын йæ алы дзырд дæр йæ зæрдæмæ хæссы, йæ алы дзырд дæр æм кæсы цахæмдæр æвæджиаг, фæнды раст уæд, фæнды зылын, æмæ йын йæ æвæлтæрд зондыл æмхуызон ныууадзынц сæ фæд. Уæд та сын исты аппарат куы уаид зондамонæг, уæд хызт уаиккой адæймаджы арвистон хъуыдытæ æмæ дзæнгæдайæ. * * * Уалдзæджы комулæфт узæлыд адæймаджы æнкъарæн- тыл æмæ йын базыртæ сагъта йæ царды ныфсытыл. Зæхх куыд сур кодта, афтæ цырынæй-цырындæр кодтой уалдзы- гон куыстытæ. Зæхх улæфыд йæ риуыдзаг, æмæ, къада- дæттау, ивылдысты ног фæндтæ, ног бæллицтæ. Салам йæхицæн фидар ныхас бæргæ загъта карз нуази- нæгтыл къух сисыны тыххæй, фæлæ йæ нырма иунæг хатт дæр нæ сæххæст кодта. Ныр дæр та бадт фæцис ахæм адæ- мимæ. Ахуыргæнджытæй дзы уыдысты æрмæстдæр Салам, Дзандор æмæ Аминæт. Фынгæн дзуаппдæттæг уыд Мæди- нæты мады ’фсымæр Илар. Фынг цадæггай уæззауæй-уæз- заудæр кодта. Арахъхъ, сæн, хи арæзт бæгæны. Нæ дæр хатгæ, нæ дæр тыхныхас, афтæмæй æз хуыздæр зæгъоныл уыдысты. - Фæбадут уæ зæрдæйы дзæбæхæн, нырма мæ армæй- дзагæй никуы ничи фæрыст, тыххатыд мачи макæмæ бакæ- нæд, мæхæдæг дæр нæ уарзын искæмæ бахатын. Хонынæн цыдæртæ хъæуы, фæлæ, зæгъын, уæддæр абадæм, уæдæ æндæр цы фæкæнæм нæ сæрибар рæстæг. Кæмæндæрты ма 137
мæ зæгъын хъуыд, фæлæ мæ къухы нæ бафтыдысты, кæй дзы æвдæлгæ нæ ракодта, чи та дзы балцы ацыд. Илар куывта, иу рæгъ æййæфта иннæйы, сарæх сты нуазæнтæ, цæрæнбонты рæгъытæ. Æмдзырд бакæнæгау, алчи дæр йæ нуазæн лæвæрдта Саламæн. Кæй зæрдæхудты дзы хъуамæ бацыдаид, иугæр дзы иуы нуазæн банызта, уæд æфсæрмæй нал аздæхта иунæг нуазæн дæр. Иугæр куы батæвд, уæд æм афтæ каст, цыма ацы ран равдисæн ис стыр лæджыхъæд æмæ сæрæндзинад. Фæстагмæ йыл йæ сæр рай- дыдта уæз кæнын æмæ ма-иу кæд уæхсчытæ сæхиуыл схæцыдысты, уæддæр-иу æй нал сфæрæзтой. - Саламы цæрæнбонты тыххæй, науæд афтæ зæгъдзæн, мæ ном мын дзы ничи ссардта. - Цæмæн афтæ зæгъыс, Илар, нуазæнтæ ма йын уæддæр авæрдтам, - Дзандор йæ дыууæ мустучъийы дæр æрæвæр- дта фынгыл æмæ барджынæй ныккаст комкоммæ Илары цæстытæм. - Нуазæн дæр хорз у, фæлæ дзы алкæмæн дæр йæхи нысаниуæг ис, - Илар сыстад нуазæнимæ. - Ацы куывд чи нæ баназа, уый нæ дæр йæхи уарзы, нæ дæр Саламы æмæ нæ дæр фысымы. Нырма æрыгон адæймаг у æмæ йын бирæ бантысæд. Йæ фыццаг къахдзæф директорæй райдыдта æмæ йын амондджын кьахдзæф фæуæд, мæнæ мах дæр мæгуыр адæм стæм æмæ нæм фарны къах æрбахæссæд. Æнæ адæм директорæй кусæн нæй, æнæ адæм цæрæн нæй, Саламыхьо, адæмы хорзæх дæ куынæ уа, уæд иннæтæн ни- цы нысаниуæг ис. Кадгæнæг дæр адæм сты æмæ æгадгæнæг дæр. Ацы дзырдтæ æз не ’рымысыдтæн, адæм сæ æрымысы- дысты, цард та сын сæ рæстдзинад æвдисы. Уæхи зæрдæ уе ’вдисæн, дардмæ цæуын нæ нæ хъæуы, амæйразмæ дæр нæм уыд директортæ, фæлæ... Илар къух æмæ сæрæй ацамыдта, ома уыдысты æмæ нал сты. - Ды нын уыдон амондæй хызт у, - ацамыдта Саламмæ, æмæ мæнæ ацы нуазæны дæ рынтæ ныххауæд. - Илар лæугæйæ банызта йæ сыкъа. Иннæтæ дæр фæкуывтой радыгай æмæ Саламы тыххæй банызтой сылгоймагæй, нæлгоймагæй. - Ныр та Саламæн йæхион æркæнут. Кæимæ йæ фæнды, уыимæ йын бар ис. Райс, Салам, афтæ æмбæлы, - дзуры Илар, кæд æй Салам нæ хъусы, уæддæр. Саламæн, фынæйау, размæ æрзæбул йæ сæр, æмæ, цыма хъусгæ дæр никæйы кæны, уыйау йæ цæстытæ сæхгæдта æмæ ныссабыр. Хаттæй-хагг цыдæр зæгьынмæ фæхъавы, 138
фæлæ, йæхиимæ ныхасгæнæгау, дзырдтæ æххæст нæ сæр- гом вæййынц. - Мæнæ ацы цæхх æмæ кæрдзыны ардыстæн, - Илар фынгæй систа кæрдзыны къæбæр æмæ йæ фæстæмæ æрæ- вæрдта уæззаугай, - мах цыдæр хуыцауæлгъыст фестæм, æндæра цавæр у, æппын нын директор куынæ сгуыхы. - Цы, дам, цы, цы загътай, - ацы хатт Саламæн бантыст йæ хъуыды зæгъын æмæ архайдта йæ сæрыл схæцыныл, цæстытæ байгом кæныныл. Фæндыдис æй, йæ ном цæй тыххæй æрхауд, уый бамбарын. - Цы, дам, цы, къуыри, дам, авд боны, - Илар загьта бæрзонддæр хъæлæсы уагæй æмæ, хинæйдзаг худт бакæн- гæйæ, йæ цæст фæныкъуылдта Дзандормæ. - Директор хъуамæ зона фынгыл бадын, кувын, арфæ ракæнын, дзуапп раттын, нуазæн райсын, нуазæн авæрын, стæй нуазын, науæд уымæй цæй директор ис. Директорæй хъуамæ кусид мæнæ Дзандоры хуызæн лæг. Фынг ахæмтæй фидауы, боц- къайы йæ куы ныппарай, уæддæр дын æндæрхуызон нæ бауыдзæн. Уæдæ кувынмæ зæгъай, арфæ ракæнынмæ - йæхæдæг иу хъæуы аргь лæг у. Нæ фароны директор та? Уый бынтон тæнтъихæг разынд. Æрмæст ын дзы йæ ных айсæрд æмæ сæрибар у, йæ сæр, йæ фат нал фембары. .- Салам та дæм куыд кæсы? - Дзандор йæ гуырыл размæ фæхæцыд, афтæмæй бакаст Илармæ, ома мæнæ дæхæдæг уыныс, фæлæ дзы уæддæр раппæлын хъæуы, науæд дæхæдæг зоныс, уазæг уæддæр уазæг у. - Салам уыимæ баринаг нæу, фидардæр мæм кæсы, нырма æнцад бады фынгыл, аннæ-иннæтау аслам ныхасыл нæ бафтыд, стæй дзы цыма знæт дæр нæ кæны. - Афтæ, афтæ... - Салам цыдæр зæгъынмæ хъавыд, йæ къухтæ фынгыл авæрдта æмæ хъуамæ йæ сæрыл схæ- цыдаид, фæлæ йæ не сфæрæзта. - Цæй, уæдæ нæ бæркады хорзæх уæд, - Илар та скуыв- та, фæндыдис ма йæ Саламæн иу сыкъайыдзаг бадарын æмæ ма куывтытæй чи баззад, уыдон дæр баиу кодта, сыс- тад, сыстын кодта Саламы дæр æмæ йæм дæтты сыкъа. - Рæгъытæ дын хицæнтæй нæ дарын, фæлæ ма уæддæр иу нуазæнæй фысымæн хъуамæ раарфæ кæнай. Абондæргъы дын хорз фæбарстон, мæны йеддæмæ иууылдæр дæ сæрыл- хæцæг уыдысты, фæлæ дзы ныр гæнæн нал ис, - уайтагьд Саламы къухы февзæрд сыкъа, - стæй ма дæм кæд исчи ба- хата, уæд ам лæппу ма уæд. 139
Саламы цыдæртæ зæгъын фæндыд, хатт-иу йæ сыкъа дæр азылын, кæлгæ дæр ын дзы акодта, иузаманы зарыныл дæр афæлвæрдта, фæлæ йын дзы ницы рауад æмæ йæ къух ауыгъта, ома ацы ран дæр та нæ фесгуыхтæн æмæ, фыдæ- нæнгæнæгау, йæ дзыхыл сыкъа сдардта. Кæд æмæ йæ кæд- мæ нæ фæци нозт. Иууылдæр æм кастысты цымыдисæй. Куыддæр сыкъа æриста, афтæ нымдзæгъд кодтой, йæхæдæг та цъынд цæстæй сыкъа нылхъывта дыууæ къухы ’хеæн æмæ бандзыг цавддурау. Æрæджиау базмæлыдысты йæ былтæ, сыкъа æрæвæрдта фынгыл. - Æз цæуон, - разылд йæ мидбынаты æмæ, йæхи цуды- нæй хъахъхъæнæгау, ахæццæ къæсæры онг. Кæй фæрасыг, уый хатыд æмæ тындзыдга хæдзармæ. - Хæдзарæй фæндараст кæныс æмæ къæсæргæрон Уа- стырджийы тыххæй нæ банызтай, уæд дзы рæствæндаг нæй, - йæ фæстæ дуаргæронмæ рахæццæ Илар дыууæ сы- къаимæ æмæ дзы иу дæтты Саламмæ. Салам хæрзизæр дæр нал загъта, афтæмæй ахызт къæ- сæрæй, ничиуал æм бахатыд. Куыддæр Салам къæсæрæй ахызт, афтæ Мæдинæты цæсгом фæрухс, йæ цъæх цæстытæ цырагъы рухсмæ ферт- тывтой, фæйнæ нуазæны фæсагъта Дзандор æмæ Аминæты къухты. Илар æй цыма рох фæцис, уыйау æм нал бахатыд, афтæмæй йæ ауагъта: - Хъусыс, сабыргай-иу ацу, кæд дæ фæнды, уæд мæнæ Дзандор демæ ацæудзæн. - Дæ зæрдæ мазм ма ’хсайæд, афтæ мæ нæ фæрасыг код- тай, - Илар загьта хъазынæмхасæнтæ æмæ уый дæр ахызт къæсæрæй. - Цæй, уæхæдæг зонут, - загъта Мæдинæт æмæ йæ был- тæ авæрдта Аминæты хъусыл. Сæ дыууæ дæр ныххудтысты. - Дзандор, кæд сылгоймæгты, гусу-бусу нæ фехъуыста, уæддæр хатыд ныхасы мидис, фæдæ æнцад лæууыд, Мæ- динæт уый хъусы та кæд баулæфдзæн, уымæ æнхъæлмæгæ- са?гау, фæлæ фыдæнхъазл фæци. - Аназ-ма йæ цæй, Дзан- дор, дæ къухы схъарм уыдзæн. Афонмæ дæм дæ бинонты цæстытæ ныуурс сты æнхъæлмæ кæсынæй. Дзандор анызта йæ нуазæн æмæ сыкъа æрæвæрдта фын- ) ыл, загъта хæрз.:гхсæв æмæ уый дæр ахызт къæсæрæй. Бæстæ уыд æгуыппæг. Электроны рухсытæ бæргæ сыгъ- дысты, фаелæ-иу лампæйæ ада;ймаг куы адард, уæд-иу мæй- дары ленкгæнæга> яал æвзæрста, чердæм цæуы, уый. мо
Салам Мæдинæты кæртæй куыддæр рахызт, афтæ кауы михтыл хæцгæ æрбæрджытæ кодта йæ фæндаг. Ыæ фæрæ- 7т,ыд, базыдта, чердæм æй цæуын хъæуы, уый. Уæдмæ хохы фæскъæбутæй фæзынд цалхыдзаг мæй æмæ тынг нал хъуыд уыцы æнæбары электроны лампæты сæр. Салам æмбæрста, расыг кæй у, уый, йæ къæхгæ нал касты- сты коммæ, сæр дæр цыма тынгдæр зилын райдыдта. Иу- цалдæр хатты фæцудыдта, фæлæ уæддæр нæ ахауд. Цæуы смндæггай, сæр тынгæй-тынгдæр зилы, рæстмæ нал уыдта йæ развæндаг. Заремæйы уынджы фæзилæнмæ кæй бахæц- цæ, уый ма хорз хъуыды кæны. Уым фæзынд бæлæстæ дæр æмæ дзы йæ къухгæ иуыл куы аныдзæвдысты, уад æн уæ- гъд нал суагъта, хъæбысгæназгау ыл æрбатыхта йæ цæнгтæ æмæ йæ ныфс фæфидар, цæстытæ ;:æрæдзийыл андæгт - дысты æмæ ма уæдмæ йæ сæры цы хъуыдытæ ферттич- ферттив кодтой, уыдон дæр банымæг сты. Салам дзæвгар фæлæууыд бæласы æнцсй æмæ та уæдмæ ракаст йæ цæстытæй. Нæ дзы ферох, хæдзармæ цæуын æй кæй хъæуы, уый, æмæ та йæ ных сарæзта иннæ бæласы ’рдæм. Ацы хап #æ сæр шл^ куыройы цалхау, æг*æ нал бамбæрста, чердæм цæуы, уь;й, фæлæ куыддæр бæласы о:п бахæццæ, афтæ йæ уæрджытæ фæдыдагь сты, æрлæманъ сты йæ хæцъæфтæ, æнæхъæи буар, йæ уæз иууылдæр æръш цад зæххыл. Иæ расыджы зæрдæ кæ бахаста Заремæйы уынджы фæзилæнмæ, фæлæ кæртмæ нал бахæццæ. Дзандор йæ фæстæ цыд гуырæй-гуырмæ. Уый дæр фæ- зылд уынджы. Саламы ахæм уагæй куы федта, уæд фыццах йæ зæрды уыд æххуысмæ фæдзурын, фæлæ уыцы фæндыл нæ батагъд кодта, лæппумæ æрывнæлдта æмæ йын рахæ- цыд йæ гуырыл, Салам куыддæр фезмæлыд, афтæ омынмæ фæци. Уыцы рæстæджы срæйдта куыдз, цалдæр баисты, афтæмæй зылдысты сæ алыварс. Сæ рæйынæй куынæуал æнцадыеты, уæд æввахсдæр хæдзары ссыгъди рухс, стæк иннæ хæдзары. Заремæ ма бадгæ кодта, æмæ уый дæр уы- нæрмæ рахызт къæлидормæ. Уалынмæ сæм чидæр фана- римæ бахæццæ. Адæм фылдæрæй-фылдæр кодтой. Сæ ны- хасмæ хъусгæйæ, Заремæйы хъустæ ацахстой Салам æмæ Дзандоры нæмттæ. Исдуг фæтыхст, стæй уый дæр æрхызт кæртмæ æмæ баиу адæмимæ. Салам цæст^й дæр нал каст. Цалдæрæй йыл схæцы- дысты. Уæддæр йæ къæхтыл не слæууыд. Æппындæр æм йæхи хуызæнæй ницыуал уыд. Заремæ йæм цалдæр хатты 141
лæмбынæг бакаст, кæд уый нæу зæгъгæ, фæлæ йæ уæддæр -’нæ базыдта, адæм ын йæ ном цы дзырдтой, уый йеддæмæ. Дзандор бацыд йæ дæларм, фæцис ма йын æххуысгæнджы- тæ æмæ йæ хæссæгау акодтой хæдзармæ. Адæмæй ма уым чи аззад, уыдон ныхасмæ байхъуыста Заремæ, фæлæ цы æмæ куыд æрцыд, уый уæддæр нæ рахатыд æмæ æрхæндæг зæрдæимæ ацыд хæдзармæ. Салам раджы райхъал, фæлæ сыстыныл нæ тагъд кодта. Рудзынгæй йæм бæргæ бакастысты хуры тынтæ, мæргъты цъыбар-цъыбур æм бæргæ хъуыст, фæлæ йыл нæ баузæлы- дысты, нæ йæ барæвдыдтой, æппынæдзух йæ зæрдæ дзыр- дта, цалынмæ Мæдинæттæй мæнæ ацы хæдзармæ æрба- хæццæ æмæ мæнæ ацы хуыссæныл сæмбæлд, уæдмæ цы ’рцыд, уыимæ, алы фæзилæн, алы къахдзæфæн дæр агуыр- дта йæ фæд. Къæсæргæрон ма иу сыкъа банызта, уый хорз хъуыды кæны, фæлæ уæдæй фæстæмæ æппæт нывты хал фескъуыд, рæстæгæй-рæстæгмæ ма-иу дзы фæллад хъуы- дытæ фæхæст сты цавæрдæр æндæргтыл, йæ хъустыл-иу ауадысты, сæ мидис кæмæн нæ ахста, ахæм иугай дзырдтæ. Иæ цæстытыл уадысты Мæдинæт, Дзандор, Аминæт, Илары цæсгæмттæ, фæлæ дзы цыма Заремæйы дæр кæмдæр ауыд- та, афтæ йæм каст, фæлæ уый хуынды кæй нæ уыд, уый тых- хæй йæ цахæмдæр тæссаг дызæрдыг дуарахæсты бакодта. Салам æвæндонæй, цахæмдæр тæссаг ныв фенынæй тæр- сæгау, кæсы хæдзары къуымты. Йæ дзаумæтгæ сæ бынаты куынæ разындысты, уæд ын йæ зæрдæмæ фæлæбурдта ца- хæмдæр фæдисмæсидæг хъуъщы, æмæ цыма йæ зонд фæхæццæ, уыйау фестад хуыссæнæй æмæ æппæт дæр сгары уырзæй. Знон ыл цы хæдон æмæ хæлаф уыд, уыдон бæсты бандоныл итувæрдæй лæууыдысты æндæртæ. Кæй афæрса? Цыфæнды худинаг уа, уæддæр æй ныртæккæ æндавы, æр- мæстдæр цы ’рцыд, уый сæрæй кæронмæ базонын. Фысымы къаннæг лæппуйы арвыста Зауырбегмæ. Зауырбег бах- хæццæ, худт йæ мидбылты, афтæмæй хъазæнæмхасæнты дзырдта ныфсæвæрæн ныхæстæ, фæлæ дзы иунæг дзырд дæр нæ сæмбæлд Саламы зæрдæйыл, лæппу ноджы нырхæ- ндæг, афтæмæй æнхъæлмæ каст бæлвырддæр хабæрттæм. - Æнæ мæн дын нæ фидауы хуынды цæуын, фæлæ та уæддæр фæраст вæййыс. - Сæр куы бахъæуы, уæд ды дæр фæтары вæййыс. Агуырдтам дæ фæлæ кæм дæ уый тыххæй нын бæлвырд ни- чи ницы загъта. 142
Зауырбег æрбадт. Дыууæ лæппуйы иудзæвгар кæрæ- дзимæ кастысты æнæдзургæйæ. Саламы фæндыд, цæмæй Зауырбег райдыдтаид дзурын, йæ зæрдæ йын чи нæ фæрис- сын кодтаид, ахæм хабæрттæ. Зауырбег хъуыды кодта, Са- ламыл ахæм рæдыд кæй æрцыд, ууыл, æмæ йын йæ ха- бæрттæ бæстон радзура æви ныфсытимæ. «Уæддæр сæ адæ- мæй æрыхъусдзæн,» - загъта йæхицæн. - Омæ мæ къухæй иу сыкъа куы никуы айстай, уæд дыл ацы хатт базыртæ цы базад, стæй ма Заремайы кæртмæ та цæмæ бахæццæ дæ, æвæццæгæн, дзæгъæл фæдæ. Уырдыгæй та дæ хæсгæ акодтой, - Зауырбег тагъд-тагьд фервæзт йæ дзуринæгтæй æмæ йæ ныр та фæндыд ныхас æндæры ’рдæм аздахын. Цæй, уымæн ницы у, афтæтæ дæр дзы вæййы, æз ахæм расгуытæ фæдæн, ахæм... Нæлгоймаг ахæм расгуытæ куынæ фæуа, уæд нуазын нæ базондзæн. Нозт расыгæн у, расыг дзы чи нæ кæны, ахæм адæймаг нæй. - Ис ахæмтае дæр, - ныхасы хайад райсыны тыххæй Са- лам дæр баппæрста йæ ныхас. - Уыдон мæм нормалон адæймæгтæ нæ кæсынц. - Дысон дзы мæнæн æгæр антыст. - Цæй, уымæн ницы у, афтæтæ дæр вæййы, фæлæ ныр- тæккæ дæхи куыд хатыс. Сыст æмæ дæ адзæбæх кæнон. - Хъал дæ æмæ хъал ныхæстæ кæныс. Адæм та цы дзу- рынц? Исчи мæ федта мыййаг? - Адæм та цы хъуамæ зæгъой, расыг лæг никуы федтой. Æвæццæгæн, дам, Заремæмæ фæрасыг æмæ цæуын нал афæрæзта. Саламы цыфсытæ ма ныры онг хæцыдысты цахæмдæр мæнг хæлттыл, фæлæ Зауырбегæй ацы фæстаг ныхас куы фехъуыста, уæд йæ буар ауазал, йæ сурхид акалд, йæ цæсгом асау, афтæмæй йæ къухтæ бавæрдта йæ къæбуты бын æмæ нымдзаст кæдæмдæр. - Ам мæн чи сдзæбæх кæна, ахæм хос нал разындзæн, - загъта йæхинымæр æмæ адарддæр кодта йæ хъуыды. - Æхсæвæй райсоммæ уыйбæрц дам-думтæ кæм фæзынд, уы- дон ардыгæй изæрмæ цымæ цас уыдзысты? * * * Автобус азылд фæндагæй æмæ æрлæууыд районы цен- тры фæзуаты астæу. Байгом сты йæ дуæрттæ, фæлæ бæлц- 143
цæттæй йæ бынатæй ничи фезмæлыд Саламы йедтæмæ. Уый æрхызт зæхмæ, растдæр зæгъгæйæ та, æхсæвы къæвда йæ рыгтæ кæмæн ныхсадта, уыцы асфалтъмæ, цалдæр къах- дзæфы иуварс алæууыд æмæ, йæ рыгтæ цæгъдæгау, йæ ар- мытъæпæнтæ æруагъта йæ морæ пласы фæрстыл, адаудта йын йæ уæхсчытæ æмæ иу зылд æркодта йæ мидбынаты. Лæппу, фыццаг хатт ардæм æрбахауæгау, йæ цæстытæ аха- ста фæзуаты кæрæттыл, кæм æрхызт æмæ йæ чердæм цæ- уын хъæуы, уый бæрæггæнæгау, ^стæй зивæггæнгæ араст райæххæсткомы агъуысты ’рдæм. Йæ сæры ма зилдух код- той алыгъуызон фæндтæ, фæлæ зонд æмæ зæрдæйæ кæй ас- къуыддзаг кодта, уый йыл хæцыд размæ, нал æй уагъта фæстæмæ фæкæсын дæр. Салам рахис къух авæрдта йæ зæрдæсæрыл æмæ уæд уæндондæрæй сарæзта йæ фыццаг къахдзæфтæ. Уыцы блокноты йын ис æвæрд, ныртæккæ йын йæ цардмæ ивындзинæдтæ чи хъуамæ бахæсса, уыцы гæххæтт. Фыццаг дуарыл бахизгæйæ, Салам йæ сæрæй акуывта йæ зонгæ чызгæн, фæлæ, иннæ хæттытау, нæ райхæлд йæ хъазæн ныхасы къуыбылой. Чызг бæргæ архайдта лæппуйы былтæ базыхъыр кæныныл, йæ мидбылты бахудын кæны- ныл, фæлæ Салам лæууыд æнцад, æнхъæлмæ каст, цалын- мæ чызг йæ ныхасæй банцадаид, цалынмæ æрсабыр уыда- ид, уæдмæ. Иугæр ын Салам дзуапп куынæ лæвæрдта, уæд йæ хъæлдзæг зæрдæйы хаттыл, фæсмон фæкæнæгау, йæ цæсгомæй фæлыгъд худæндзаст, йæ цæсты уæлтъыфалтæ фæуæззаудæр сты, æрбадт йæ кусæн стъолы фарсмæ æмæ хъуамæ бавнæлдтаид кусынмæ. - Ам и? - Салам цæстæй ацамыдта дуары ’рдæм. - Йæ сæр гаезæмæ разыйы æнкъуыст бакодта чызг æмæ ныккаст йæ фыссæн машинкæмæ. Салам фæраст уыцы дуары ’рдæм, фæлæ йæ фæурæдтой чызджы барджын дзырдтæ: - Ам и, фæлæ йæм чидæр бады, - чызг фæуагъта йæ гæххæттытæ змæнтын æмæ аивæй дисгьуызæй каст лæп- пумæ, йæ цæстытæ йыл æрхаста сæрæй къæхтæм, стæй йæм уæддæр бауæндыд. - Цыма цæуылдæр æнкъард дæ, афтæ мæм кæсы? - На, ницæуыл. - Æрбад уал, уыцы лæг тагъд рацæудзæн. - Нæ, ницы кæны, абондæргъы бадгæ кæнын, - загъта Салам æмæ каст, цы дуарыл æй бахæцын хъæудзæн, уымæ, нæ йæ фæндыд, чызг æй истæмæйты фарстаид, уый, æмæ 144
йæ цæсгом ноджы фæтызмæгдæр. Иунæг сыбыртт дæр нал скодтой сылгоймагимæ. Уæдмæ дуар фегом. Салам нæ фæхатыд, чи рахызт, уый дæр, афтæмæй йæ цæсгом ссыгъд артау, цыдæриддæр æм хъуыдытæ æмæ фæндтæ уыдис, уыдон цыдæр фесты æмæ ма йе уæхсчытыл æнкъардта æрмæстдæр куысыфтæджы хуызæн афтид сæр, афтæмæй бахызт хатæнмæ. - Дæ бон хорз, - Салам йæ къух балæвæрдта стъолы сæрты. - Æгас цу, цы хур, цы къæвда дæ æрбахаста, - Цæра æр- бадт æмæ къухæй ацамыдта Саламæн бандонмæ, - æрбад æмæ дзур истытæ. Салам исдуг абадт æнæдзургæйæ, æмæ цæмæй ирвæзт уыдаид, æппындæр æй чи нæ ’чдæвта, ахæм фарстытæй, уый тыххæй йæ дзыппæй сласта блокнот, йæ мидæг Цыппар дыдагьæй æвæрд гæххæтты гæбаз æмæ йæ халгæ дæр нæ ра- кодта, афтæмæй йæ æрæвæрдта Цæрайы раз фынгыл, йæ- хæдæг блокнот нывæрдта фæстæмæ æмæ ныккаст æддæг- мидæгауайæг къухты æнгуылдзтæм, кæд сæ уынгæ нæ код- та, уæддæр. Цæра йæ цæст рахаста куырдиатыл. Æппындæр æм цы- ма ницы æнкъарæн равзæрын кодта, уыйау йæ цæсгомы хуыз уыдис уыцы иугъæдон, нæ аивта, йæ цæсгомыл иу нуар дæр нæ фезмæлыд, æрмæст йæ сæрыл не схæцыд, афтæмæй уый дæр каст, йе ’нгуылдзты ’хсæн кърандас куыд зылд, уымæ. - Нæ дæ æмбарын, цымæ дæм æнæнхъæлæджы ахæм зонд цæмæн фæзынд. Афтæ ныхасгонд куынæ уыдыстæм, фæлæ афтæ дæр рауайы, цы гæнæн ис, цард алыхатт зæрдæйы фæндиаг кæм фæцæуы. - Уый раст у, фæлæ дæ уæддæр цæмæн афтæ бафæн- дыдис. Аххосаг хъуамæ ма-зонон? Салам ахъуыды кодта ацы фарстæн дзуапп раттыныл, фæлæ цы зæгъа, цæмæй райдайа, уый нæ ахста йæ зонд. «Нал мæ фæнды» зæгьа, æмæ йæ уый дæр нæ фæндыд, уы- мæн æмæ зыдта, уæлæнгæйтты кæй нæ аирвæздзæн, уый. Æрæджиау ын бантыст райдайын: - Афтæ мæм кæсы, цыма йын радзурæн нæй, стæй адæй- маг йæхæдæг цы нæ фена, цы нæ бавзара, уый нæ банкъар- дзæн зæрдæйæ. - Дæумæ гæсгæ мæнæн зæрдæйы хъустæ нæй, кæнæ дæуæй къаддæр федтон, æви къаддæр бавзæрстон. ю* 145
- Хатыр бакæн, Цæра, фæлæ мæнæн ахæм хъуыды зæгъын мæ фæсонæрхæджы дæр нæй, фæлæ мæ зæгъын æндæр цыдæр фæнды, - Салам та ныккаст, йæ рахис къухы æнгуылдз стъолыл дыууæ ’рдæм куыд бырыдис, уымæ. - Хъусын дæм, Салам, - Цæра дæр бамбæрста, хабар бæллиццаг кæй нæу, уый, æмæ уый дæр цыма фæтызмæг- дæр, афтæ йæхиуыл фæхæцыд æмæ æнхъæлмæ каст, дарддæр цы уыдзæн, уымæ. - Ацы куырдиат мын ныффыссын кодта цард, æр- мæстдæр цалдæр мæйы цард. Хъуамæ йæ быитондæр ахахх кæнон, цæмæй йыл лыстæггай дзурын макуы бахъæуа. - Æй дæ бонæй уай, Салам, цардæн афтæ хахгæнæнтæ куы уаид, уæд та цæрын цы хъæуы, адæймаг-иу йæ бирæ ду- дгæбæттæ йæ зæрдæйæ сисид æмæ цæрид æнæмастæй. Алы цæсты ныкъуылд дæр ыл ныууадзы йæ фæд, арф хуым- гæндау. Ахæм хъысмæт та нæ дæр дæу хъæуы æмæ нæ дæр дæ хорзмæбæллæджы. Фæлæ мæм уæддæр диссаг кæсы, ацы куырдиат ныффыссыны тыххæй дын дæ къухмæ фыс- сæн сис цы райсын кодта, уый базонын. Æз æй уæддæр ба- зондзынæн, фæлæ мæ фæнды, цæмæй йæ дæхи дзыхæй фехъусон. Салам ацы хатт тынг æрæгмæ радта дзуапп Цæрайы фарстæн. - Цæрай, стыр хатыр бакæн, фаглæ цæмæй райдайон, уымæн ницы зонын, æндæр хатт. Салам сыстад, йæхи хызта Цæрайы цæстытæм ком- коммæ бакæсынæй; -Дæ къух дын нæ исын, - разылд æмæ ахызт къæсæрæй. Нæ фæкаст йæ зонгæ чызджы ’рдæм дæр, афтæмæй районы ахуыры хайадæн ныууагъта цахæмдæр æбæрæг, иртасинаг царды сусæгдзинæдтæ.
ДУР ÆМÆ ДИДИНÆГ Хъæдгæройнаг Гугкаты Тамарæйы рухс ном дзы арын Хъæугæрон иу уæлвонг райдзаст бынаты лæууы хъуа- рийæ агъуыст дыууæуæладзыгон бæстыхай. Йæ фыццаг уæладзыг æмæ фæсагæн къул* кæрæй-кæронмæ сты къæй- дурæй амад, иннæ иууылдæр нæзыхъæдæй арæзт. Йе ’ргом, йæ рудзгуытæ хурыскæсæны ’рдæм, афтæмæй ’фæлгæсы æрдзы алæмæты риумæ, рухс дунемæ. Бæстыхайы уæрæх цынабын кæрты, хуры тынтæ сæрдæй-зымæгæй кæдæм хæццæ кæнынц, ахæм райдзаст бынаты къулрæбын фæй- нæгæй арæзт бандоныл бадынц дыууæ ацæргæ сылгой- маджы æмæ сæ алчидæр тындзы йæ ми кæнинагыл. - Сæлимæт, бирæ ма ис де ’лвисинагæй? - Мæнæ ма ацы цонг** фæуыдзынæн æмæ уал абон æгьгъæд фæуæд, - загъта Сæлимæт æмæ æлвисинаг бадард- та Залиханмæ, стæй йын ныккаст йæхи къухтæм, — дæуæн дæр æвæдза хорз æнтысы, афтæмæй, нæ зонын, никуы, дам, быдтон цъында, - раппæлыд ын йе ’нгуылдзты змæлдæй æмæ та йæ уæрджытыл æмбæрзт кæттаг раздарæныл армы тъæпæнæй æрбатылдта æлхуый. Залихан йæ мидбылты бахудт, фæлæ дзургæ ницы скод- та, йæ уæхсчытыл æппæрст, егъау, чырынтæ бæзджын ша- лийы кæрæттæй бæстондæр æрымбæрзта йæ цæнгтæ рæмбыныкъæдзты онг æмæ дарддæр кодта йæ куыст. Йæ цыбырæлвыд сæрыхъуынтæ уыдысты миты хъæпæны хуы- зæн. Æрдынзылд æрфгуытæн нæ аивта се ’взонджы хуыз æмæ цæсты хаутимæ зындысты тарбын. Сылгоймаг хаттæй- хатт ракæсы йæ кæсæнцæстыты сæрты æмæ уæд фæфылдæр вæййынц йæ ныхы æнцъылдтæ, фæлæ уый хыгъд гæзæмæ ферттивы стыр тымбыл цæстыты кæддæры кæлæнгæнæг зынг æмæ та сыл фæллад уæлтъыфæлттæ сæхи куы ’руа- дзынц, уæд та уыцы зынгæн дæр æрнымæг вæййы йе ’ртти- ваг. Къæсхуыргомау даргъ Æнгуылдзтæ змæлыдысты уæз- *Фæсагæн къул - Хæдзары фæстаг, æнæфæрсаг сие. *«Цонг» - фæхонынц æлвисæджы цонгыл конд къуымбилы тыхтоне. 147
бын æмæ арæхстгай. Сылгоймагæн, æвæццæгæн, фæрис- сынц йæ фæсонтæ æмæ хаттæй-хатг схæцы йæ гуырыл, арф сулæфгæйæ йæ цæстытæ дæр фæиппæрд вæййынц цъын- дайы къæбæлтæй æмæ уьтсмы бæрц абады, æндзыгау, къулбæрзæйæ, стæй та ногæй йæ астæу æркъæлæт вæййы æмæ та ныккæсы амонæн æигуылдзыл тыхт тæбынмæ, - цъындайы къæбæл дзы цæст кæм фелвасы, уырдæм. Сæлимæт йæ тар морæ сæрбæттæн хъæдцых æрбатыхта йæ сæрыл æмæ йын йæ кæрæттæ балхынцъ кодта æрф- гуыты хæдсæрмæ ныхыл, фæлæ ма уæддæр ранæй-рæтты зындысты халасгъуыз сæрыхъуынтæ. Йæ хурсыгьд цæсго- мыл нæ зындысты азты бæрджытæ, нæ йæ хъуыд кæсæн- цæстыты сæр, фæлæ-иу уæддæр, æлхуыйыл æй атухыны фæстæ, арæх лыстæг ныккаст тæбыны халмæ. Æмбисбонæй раджы ахызт. Фæззыгон хуры тынтæм æр- дзы гауыз æрттывтытæ кодта. Бæласы бур сыфтæр куыддæр къалиуæй рахауы, афтæ ма, тæхыныл фæлварæгау, æрзилы уæлдæфы æмæ стæй æрныхæсы уымæл зæххыл. Хуссæртты кæрдæг фæхус, фæхъæбæр. Хъугæмтгы бæркад цадæггай ацыд къæбицтæм, хордæттæм æмæ, лулæ дымæгау, хæ- дзæртты фæздæг ныфсджындæрæй йæхи ивæзта арвы ’рдæм. Хъæды зарæг цадæггай тади. Мæргътæ ивтой сæ цæ- рæн бынат, фæлæ ахæм аудинæгтæй сæрибар уьтдысты сырддон цъиутæ. Уыдон та сæхи хæстæгæй-хæстæгдæр лас- той хъæуы ’рдæм, хæдзæртгæм, адæммæ. Уæртæ дзы ныр дæр иудзæвгар сæхи æруагътой кæртмæ æмæ баиу сты кæр- чытимæ, уидзынц цыдæртæ, фæлæ тæрсгæ-ризгæ сæ цæст дарынц алырдæм. - Кæс ма, кæс, ацы фæлитойтæм, сæхи та нын куыд фæдзæхсынц рагацау, - Залихан ныууагъта цъында бийын, йæ къухтæ æрывæрдта йæ уæрджытыл æмæ та акаст йæ кæ- сæнцæстыты сæрты. - Нæ сæр та сæ бахъуыд æмæ та нæм сæхи æввахсæй- æввахсдæр ласынц. Уыдон, æвæццæгæн, иннæтс*у, нæ фæ- цайдагъ сты цæутæ цардыл, кæнæ та сæ сæ къах нæ хæс- сы сæ уæзæгæй, - йе ’лвисын ныууагъта Сæлимæт дæр æмæ хъæлдзæг зæрдæйæ каст сырддон цъиутæм. - Сывæллæттæн зæгъын хъæуы æмæ та сын рагацау бацæттæ кæной бынæттæ, науæд та нæ зымæгон зымæджы дæргъы уынгæджы фæкæндзысты. -т- Мæ зæрдыл мын æй æрбалæууын кодтай, Залихан. Ды уал абад хуры хъæрммæ æз сывæллæттæн хæринаг ацæттæ кæнон, науæд сæ мад дæр, мыййаг, куыстæй æрæгмæ куы 148
’рбацæуа, уæд та, ацы сырддон цъиутау, сæхи махыл ныц- цæвдзысты, - Сæлимæт цыма тынг ферæджы кодта, уыйау дзургæ сыстад æмæ атындзыдта. - Ацу, æз дæр ма æххæст мæнæ кæртыл уисой рауадзок æмæ дæ феййафын, Залихан дæр къуыбылойы атъыста цъындайы къæбæлтæ æмæ йæхи æррæвдз кодта сыстыимæ. - Æнцад æрбад, мæнæ æрбацæудзысты æмæ та йæ уыдон афснайдзысты. - Мæнæн дæр ницы уыдзæн, нырма афтæ нæ базæронд дæн æмæ ахæм куыстытæм базивæг кæнон. Сæлимæт ницыуал загъта æмæ ацыд хæдзармæ. Залихан сыстад æмæ бæрз уисæй арæзт даргъхъæдджын уисойæ райдыдта мæрзын. Цалдæр кæрдзыны къæбæры систа зæххæй æмæ сæ, ныхасгæнгæ, нывæрдта йæ разда- рæны дзыппы: - сымах чи аппæрста, уый цалдæр боны хор доны хъæстæ ма фæкæн æмæ уæд бамбардзæн, хойраг цы у, уый! Адон ныртæккæ мæ удыбæстæйы тыххæй аудайдзы- нæн мæнæ ацы сырддон цъиутæн æмæ сæ мæтæй амарæд. Уæдмæ сывæллæттæ дæр æрбахæццæ сты скъолайæ, тагъд кæнынц хæдзармæ, лæппу фæхæрд кодта асинтыл. Сæлимæт кæсы къæлидорæй æмæ сæ фæдзæхсы: - Уæртæ уал Залиханы бæсты кæрт амæрзут, нырма уæддæр хæринаг цæттæ нæу. - Æппындæр нын рæстæг нæй, Æна, фæстæмæ нæ цæуын хъæуы, абон нын бирæ куыст ис, - лæппу ныхас- гæнгæ схæццæ асины сæрмæ. Залихан, ма фыдæбон кæн, цас мæрзинаг у, æз куы’рбаздæхон, уæд афснайдзынæн кæрт дæр æмæ уынг дæр, - загъта чызг æмæ ма йæ мидбы- наты лæугæйæ æнхъæлмæ каст Залиханы дзуаппмæ. - Цу, цу, дæ нывонд фæуон, дæхи загъдау цас мæрзинаг у, исты дын мæ хид куынæ рацыд мыййаг, - загъта сылгой- маг фæлмæн хъæлæсæй æмæ йæм зæгъгæ æввахсдæр лæуд фæцйс, уæд ын æнæмæнг йæ русæн акодтаид зæрдиаг пъа. Чызг ацыд, фæлæ уæддæр Залихан ныхас кодта йæ- хиимæ: «Æз дæр мæхи истæунлты хъуамæ ирхæфсон, уæдæ цы. Афтæ зæронд дæр кæма дæн, нæ, ома пенси исын æмæ... Мæ цахъæнтæ нырма хæдзардарджытæ сты, сæ сæрмæ «цу- ма» зæгъын дæр нæ хæссынц. Сылгоймаг зыдта, скъоладзаутæ æрвылбон дæр урокты фæс^гæ цырт аразыныл кæй кусынц, уый æмæ сæ ыырма ни- куы (бакъуылымпы кодта. Фæлтау йæхи бафæлмæцын кæн- дзæн. 149
Залихан бырæттæ батымбыл кодта кæрты къуыммæ æмæ та æрбадт, чысыл раздæр кæцæй сыстад, уыцы бына- ты, йæ чындзимæ арæх иумæ кæуыл фæбадынц, уыцы фæй- нæгæй арæзт бандоныл. Хæларæй цæрынц рагæй фæстæ- мæ. Уал азы дæргьы сæ иу иннæмæн дæ цæст сау никуы загъта. Адæмæн уыдысты тæхудиаг. Залихан та раиста йæ къуыбылрй, фæлæ йын нал фæцис бийынмæ бавналыны фадат, цины уацхæссæг æм бахæццæ æмæ йын фехъусын кодта Таймуразы æрцыды хабар. Сыл- гоймаг исдуг джихæй аззад, йæ зæрдæ фæуæззау, уæнгтыл цыма тымыгъы зæй бакалд, уыйау æрсæлæф сты, стæй йæ цины уылæн атыхта йæ хъæбысы æмæ уæззаугай ахæцыд йæхиуыл, рухсдзæсгомæй бакаст комкоммæ уацхæссæджы цæстытæм, стæй йæ къæсхуыр армы тъæпæнтæ æрывæрдта лæппуйы уæхсчытыл. Чысыл зæгъгæ йæ зæрдæмæ æнæн- хъæлæджы баирвæзт цины, кæнæ масты æнкъарæн, уæд йæ хъуыды фæиртæсы æмæ къахæй къухмæ райдайы ризын, фæлæ йæм ацы хатт нæ фæзынд ахæм æууæлтæ, æрмæст æрæджиау базмæлыдысты йæ роцъо æмæ йæ былтæ. - Мæ уд дæ рæзгæ царды нывонд, - загъта ныллæг ризгæ хъæлæсæй Залихан æмæ ма йæ фæндыд ноджы дæр цахæмдæр æнкъарæнтæ сæргом кæнын, фæлæ йе ’взаг нал бакаст йæ коммæ, æрмæст ма зæрдæ æмæ хъуыды æгас хæдзары фарн æмæ амонды фæдзæхстой цард рафæлдисæ- гæн, хæхбæсты зæдтæн, быдыры дзуæрттæн, лæгты дзуарæн æмæ уалынмæ йæ зæрдæ йемуд æрцыд. Уæдмæ йæм бахæццæ бæлццон йæхæдæг дæр. Иугæр æй Таймураз йæ хъæбысы куы атыхта, уæд сылгоймаджы уæнгтæй æнæ- нхъæлæджы фæлыгъд амондыл гуырысхойы фæд æмæ йе ’фсымæры хъæбулы хъæбулы æвзонг, тыхджын цæнгты ’хсæн йæ фæллад зæрдæйы базмæлыд царды ныфс. Уæдмæ æрбамбырд сты сыхæгтæ, фæсивæд, хъæубæстæ æмæ иууылдæр бацыдысты хæдзармæ. | Залихан бадт Таймуразы фарсмæ æмæ йын æппынæ^зух каст йæ худæнбыл, æрттиваг цæстытæм. Лæппу æрæджы райдыдта йæхи дасын, гæзæмæ хурсыгъд цæсгомы цъар æрттывта, лакæй ахуырстау, æрмæст æй йæ тæнæг сау|бын рихитæ хастой лæгты номхыгъдмæ. ’ Залихан ма иучысыл абадт Таймуразы фарсмæ, утæй фæсивæды ныууагъта æмæ ацыд йæхи хатæнмæ. Афтæ 1фæ- цайдагъ æвзонджы бонтæй фæстæмæ, иунæгæй, хибарæй йæ зæрдæйы бæллицтæн радты сæрибардзинад, нæдæр’сын сæ рæвдыдæй æфсæды, нæдæр сын сæ уайдзæф æмæ тыз- 150
мæг æнгасæй фæлмæцы. Ныртæккæ дæр æнкъардта æнæ- кæрон циндзинад, фæлæ йæ уыцыиу рæстæджы уæгьд нæ уагъта цахæмдæр æрхæндæг æнкъарæн, афтæмæй хатæны къуымты зылд æрттæдæлармæй, къултыл конд хуызисты- тыл цæст хæсгæйæ, æмæ куы йæ цæсты хаутæ баумæл вæййынц, куы та цины нысæнттæ дæр фæзынынц йæ цæс- гомыл. Залихан æрбадт диваныл. Ныр та стьолæй райста хуы- зистыты альбом æмæ йæ æрывæрдта йæ уæрджытыл, ад- жих, - фæлдаха йæ æви нæ, ууыл дызæрдыггæнæгау. Хатæн уыдис, æрхæндæгау, сабыр, фæлæ-иу æм хатт байхъуыст фæсивæды ныхас æмæ худын æмæ-иу уæд айдзаг царды ныфсæй. Сылгоймаджы зæрдæ агуырдта циндзинад, фæлæ йæ тынгдæр ласта æнкъард сагъæсты гуылфæнмæ æмæ йæ ра- хиз къух |рахæцыд альбомы фыцц’аг цъарыл. Ууыл æрыппары цины æмæ масты цæссыг дæр. Уый йын ракæны ивгъуыд дуджы таурæгътæ, уый йын æрымысын кæны, фынфенæгау, йе ’взонджы бонтæ æмæ сæм Залихан дæр фæкæсы куы сæрыстырæй, куы къæмдзæстыгæй. Альбомы фыццаг цъарыл йæ мад æмæ йæ фыд Машо æмæ Амырханы хуызистытæ. Æрмæст дæр уыдон раз хоны йæхи къæмдзæстыг. Дфтæ йæм фæкæсы цыма йæ уыдон мæрдты бæстæй дæр д!арынц азымы. Цæмæн сæ ныууагъта сæ уæзæгыл æнæдарæл, æнæфæкæсæг. Фæлæ йæ уыдон ни- куы дардтой азымы, æрмæст æй фæдгæхстой алы фыстæ- джы дæр: нæ хъæбул, махмæ дæ зæрдæ ма ’хсайæд, истытæ кæндзыстæм, нæ фарсмæ ис нæ дарæг, нæ ныфс - нæ чындз Сæлимæт. Уый Асæхмæты цардæмбал у, Залиханæй цалдæр азы хистæр, фæлæ нырма хТредзары зылдтытæ искæйы бар бакæ- нын йæ сæрмæ хæсгæ дæр нæ кæны. Ныртæккæ дæр бæлц- цоныл бацин кæнынæч цыдæриддæр хъæуы, уыдон иууыл- дæр айста йæхимæ, щъ азты уæз дæр нал æнкъары, аф- тæмæй. Асæхмæты фæзындкæ ис мыггагмæ æнхъæлмæ кæсæн: Хæсты фыццаг бонты фæци æбæрæг сæфт æмæ йæ хойы цæстыты дæр баззад раст мæнæ ацы хуызисты кары, йæ иу- нæг бындар Мухтар та афонмæ йæ фосы дзугтимæ фæхæц- цæ кæны Хъызлармæ. Бæргæ йæ фæндыд йæ бæлццоны фе- нын, йæ хъæбулыл бац; ян кæнын (æрæджы дзы цы фыстæг райста, уым фыста, рфхджы кæй ацæудзæн, уый тыххæй) 151
фæлæ йын нал уыдис гæнæн, иугæр арв хъуынтъыз кæнын куы райдыдта, уæд æфцæгыл мит рауарыны тасæй æнæн- хъæлæджы фæраст сты фæндагыл. Мæнæ йын зæгъгæ иу- нæг афæдз дæр нæ фæцис Хъызлармæ ацæуыны фадат, уæд æй, æвæццæгæн, йæхицæн цæрæнбонылдæр нæ банымаит. Мæнæ уый та, Мухтар йæ зæды хай кæй хоны, уый - Косер. Нырма йæ хъæбулы къух дæр нæ райста, фæлæ ма йын исчи бакæсæт йæ зæрдæмæ, кæддæра йæхи куыд найы цины ма- лы. Йе ’рыгон цардбæллон цæсгом тæмæнтæ калы уалдзы- гон райдзаст бонау, лыстæг, тæнæг æрфгуыты бын даргъæл- вæст сатæгсау цæстытæ тæмæнкалгæ куы иуырдыгæй бакæ- сынц зæрдæйы уидагмæ куы иннæ ’рдыгæй. Йæ фезмæл- дыл цæст дæр нæ хæцы. Кæддæр æрхæндæг æмæ сау маст йæ къуымы кæмæн бацарди, уыцы уæзæгæн нæ фесæфти йе стыр фарн æмæ та дзы æрфысым кодта царды амрнд. Залихан йæ цæст рахаста сæ бинонты царды фæндагыл. Райдианы йыл бæргæ дзæбæх цыдис цинæйдзаг зæрдæимæ, фæлæ иугæр куы фæсаджилтæ, цæлхдуртæ йыл куы фæ- зынд, уæд фæкадавар сты æвзонгады’ хæрзиуджытæ, фæ- уæззаудæр хъысмæты æргъом. ,' Залихан тындзыдта хæдзармæ, (цæмæй райдайдзæн, куыд ныхас кæндзæн йæ мад æмæ йæ фыдимæ, уыцы фæн- дтæ æмæ хъуыдытимæ. Фæлмæн удд{зæф атыхсы йæ дæл- лагхъуырыл, йæхи асæрфы фæлурс| цыбыр æлвыд сæрыхъуынтæм æмæ цæсгомыл, февналы сæ азмæнты, чызджы мæстæимарæгау, куы иыл размæ ахæцы, куы та иæ разы фæцæхгæрмæ вæййы цъилау зилгæ. астæумæ. Уым чысыл йæхиуыл фæ| арф сулæфгæйæ йæ цæст ахаста, чы1 схъомыл, уыцы кæрты къуымты, уыш йæм дзы алы къутæр, алы бæлас дæр ацы хатт фæкаст цахæмдæр æцæгæлон, æрхæндæг, æгæрыстæмæй сæ цуанон йæ бынатæй дæр нæ фезмæлыд. Агъуысты дæлбазыр хуыс- сыд тымбылтæй. Залиханы къæхты къæрмæ ракаст йæ иу Чызг бахæццæ кæрты кæцыд, цалдæр хатты сылæй фæстæмæ кæм ш цæхæрадоныл æмæ цæстæи, стæи иннæмæи æмæ сæ стæ гъуызæй, цыма искæй азымы дард| фынæй кæй нæ уыдтæн, уый хъуамæ бинонтæй алчи дæр æмбарит æмæ зæгъит иу дыууæ рæвд; 152 и æрыхгæдта тæргаи- |га, ома дысон-бонмæ ауæн ныхасы. Залихан
æм х^уамæ æввахс бацыдаит, фæлæ, къуылымпыгæнæг æн- къарæнтæй тæрсæгау, атындзыдта асинтыл уæлæмæ. Уым, аивæй, фæдзырдта Сæлимæтмæ, йæ цонгыл ын ахæцыд æнæдзургæйæ æмæ йæ акодта йæхи хатæнмæ. Сæлимæт гуырысхойы бахауд. Залиханæн йæ бон нæма уыд дзурын. Донгарзæй агуывзæйы æркодта дон æмæ йæ цалдæр хатты сдардта йæ дзыхыл. Иузаманы ныккаст Сæлимæты цæстытæм æмæ сын сæ мидæг агуырдта йæхи зæрдæйы фæндиаг уынаффæтæ. Æрæджиау ын йе ’фцæджы йæхи ацауыгъта, йæ цæстытæ фестадысты суадæттæ, куыдта хæкъуырццæй, йæ уæхсджытæ змæлыдысты ризæгау, афтæмæй нал æмæ нал æнцад. Сæлимæт тыхсгæ дæр фæкодта æмæ тæрсгæ дæр, исдуг йæ бон нæ уыд сдзурын, афæрсын, фæлæ иугæр Залихан, йе ’фцæгыл ауыгъдæй, йæ кæуын куыннæуал урæдта, уæд ын æрæджиау уайдзæфгæнæгау бакодта: - Дæ кæуын ма ныууадз фæлæ ныл цы ’рцыд, уый мæ- нæн дæр бамбарын кæн. Фæскъæвда, хуры цæсты ферттывдау, Залиханы сырх- бын уадултæ æмæ уымæл цæстытыл фæзындысты цины фæдтæ æмæ та ныккаст Сæлимæты цæстытæм. - Кæд мæ бамбарай, уæд дæ уыдзынæн æнæкæрон буз- ныг. Амырхан æмæ Машойæн мæ хъуыды сæ хъусты куы бацæгьдай, уæд-иу дæхæдæг та ме ’вварс фæу. Мæнæ зæгъгæ чысыл дæр фæгуырысхо дæ, мисхалы бæрц дæр мæ азымы бадардтой , уæд, æвæццæгæн... - Залихан кæронмæ нал загьта йæ хъуыды, фæлæ ацы хатт тызмæгдæр цæстæй скаст Сæлимæтмæ. - Иугæр ды, ныфсы цæджындзау, сæ фарсмæ куы балæууай, уæд дæу нал бахъæудзæн дзурыны сæр, мæхæдæг ныхас кæндзынæн семæ, - Залиханы хурхы уадындзтæ ахгæдтой, фæлæ æрæджиау сæргом кодта йæ хъуыды, - цалдæр чызгæй цæуæм æфсадмæ. Сæлимæт фестъæлфыд, йæ цæсгом фæтызмæг, зæгъын- мæ хъавыд зæгъгæ æз ацы ныхасы хайад нæ райсдзынæн, фæлæ йын Залихан фембæрста йæ хъуыды: >\' - Фæлтæу чысыл, кæронмæ мæ дзурын бауадз. Нæ фаг кæнынц медицинон хотæ æмæ мæм æгад кæсы ам фæнычы фарсмæ бадын. Фæлтау зæгъын, - йæ ныхас фæфидардæр Залиханæн, - ме ’фсымæр Асæхмæт æмæ нæ разагъта фæси- вæд кæм фæразынц, уым уадз æмæ æз дæр он, чизоны сæ искæмæн мæ бон бауа баххуыс кæнын, æппын ницы, фæлæ цæф хæстоны дзыхыл дон уæддæр сдардзынæн. Цæй куыд 153
дæм кæсы мæ хъуыды, æвæццæгæн мæ бамбæрстай? Æз афтæ зæгъæг нæ дæн æмæ дæуæн æнцон уыдзæн. Дæу, æвæццæгæн, бахъæудзæн фидардæр фæлæууын. Адæймаг йæ сомбоны ныфсытæй цæры æмæ мах дæр фенæм, чизоны нæм цы фарн кæсы, цы амонд, арв, дам, куыд нæры, афтæ нæ цæвы. Æбæрæг сæфты гæххæттытæ ма райстой нæ комбæстæй чидæртæ мæ уал дзы цалдæр разындис. Уæдæ бынтон нæхи ауадзæм, уый дæр раст кæцæй уыдзæн, зæгъ ма! Тыхст заманы-иу зæрæттæн фидар ныфс авæр. Уыцы изæр Сæлимæт рахабар кодта Амырханæн æмæ Машойæн. Мад æмæ фыдæн цыма сæ зонд фæцыд, уыйау джихтæгæнгæ дыууæрдæм кодтой хæдзары къуымты, афтæ сæм каст цыма та сæ чызг йæ хъазæн ныхæстæм бахæццæ, фæлæ хабæрттæ бæстондæр базоныны тыххæй зылдысты йæ алыварс, комкоммæ афæрсын та сæ йæ ныфс ничи хаста, цæмæй тарстысты, ахæм уац æнæнхъæлæджы фехъусынæй тæрсгæйæ. Залихан æмбæрста, æргом ныхас дзы кæй домынц, уый, цы фехъуыстой, уый сæм фынфенæгау кæй кæсы æмæ сын уæд къæмдзæстыгæй, зæхмæ кæсгæйæ рахабар кодта: - Сымах æстут мæ мад æмæ мæ фыд, Сæлимæт та мæ чындз æмæ уæ хорзæй дæр æмæ æвзæрæй дæр мæ бон басу- сæг кæнын ницы у. Цалдæр чызгæй цæуæм æфсадмæ, куыд медицинон хотæ, афтæ. Æххуыс кæндзыстæм цæф хæстон- тæн. Дарддæр цы уыдзæн, куыд уыдзæн, уымæн ничи ницы зоны. Æппæт дæр уæм фысдзынæн мæ фыстæджыты. Мад æмæ фыд тарстгьуызæй бакастысты кæрæдзимæ, стæй фыд йæ къух ауыгьта æмæ ацыд иннæ хатæнмæ ны- хасгæнгæ: -Кæнæ мæ зонд фæцыд, кæнæ мæ хæйрæджытæ сайынц. Мад йæ цæстысыгтæ лæмаргæ тæргайгъуызæй йæхи æруагьта бандоныл æмæ уый дæр, чызг æй куыд хъуыстаид, афтæ дзырдта уайдзæфгæнæгау: - Æвæццæгæн ма мын цæрын куы бацайдагь уа, уæд ма истытæ хъусдзынæн æмæ уындзынæн, кæд ма фехъуыстай фыдæлтæй фæстæмæ дæ цахъхъæн чызджы æфсадмæ цæу- гæ, уæлдайдæр айхуызæн заманы, кæд не сæфт не ’рцыдис, уæд? - Нана, æндæр гæнæн нæй, афтæ домы рæстæг, фæлæ мæ къуылымпы кæнынвæнд ма скæн, уæддæр мæ фæндæн ивæн нал ис. Уæ зæрдæ мæм ма ’хсайæд, сымахæн дæр æн- цон нæ уыдзæн, фæлæ фæразын хъæуы. 154
Мады зæрдæ рацæйтыдта фыртыхстæй, йæ бон нал уыд иунæг къуылымпы ныхас зæгъын дæр, афтæмæй бадт, цавд дурау, стæй йæ Сæлимæт акодта хуыссæнуатмæ. # # * Æфсадмæ Залиханы ацыды хабар хъæубæсты адæмы хъустыл куыддæр æрцыд, афтæ, куыройы нукмæ дон ауадзæгау, цалдæр боны се ’хсæн нал уыд æндæр ныхас: «Кæд æй агурæг нæ уыд, уæд цымæ кæдæм цыдис, немыцы уый аздахынмæ хъавы», «Сылгоймаг уым цы хъуамæ сара- за», «Æниу йæ хæдзар, йæ зæронд мад æмæ фыды кæй æв- джид ныууагъта, чындз у æмæ кæдмæ æнхъæлмæ кæсдзæн, иугæр йæ бон куы базона, куы афæлмæца, уæд æй бæтгæйæ дæр ничиуал бауромдзæн». Фæстагмæ уыцы ныхæстæ рай- дыдтой кадавар кæнын, уæлдайдæр Залихан цалдæр фыс- тæджы куы æрырвыста, уæд. Æппæлыд йæ камандирæй, йе ’мбæлттæй, йæ службæйæ, иунæг фæсмоны дзырд дæр ни- куы ныффыста... Цыдис рæстæг. Хæсты быдырæй хъуыст алыгъуызон хабæрттæ. Сæ райгуырæн уæзгуытæм здæхтысты, йæ бон хæцæнгарз райсын кæмæн нал уыд, уыцы цæф хæстонтæ. Уасилы æрыздæхынæй мæй дæр нæма рацыд æххæст, йæ цонджы бæстытæ нæма райхæлдта, афтæ йæ хъæубæстæ равзæрстой колхозы сæрдарæй. Бæргæ ма дзырдта: «Рын- чын адæймаг дæн, æфхæрд лæг, нæ бауыдзæн мæ бон æмæ азымаг фæуыдзынæн, стæй мæ мæхи мæт уый бæрц нæй, фæлæ колхоз æдзæллаг уавæрмæ куы ’рцæуа, уæд ма ацы уæззау рæстæджы кæд слæудзæн йæ къахыл, кæд ма дзы ба- вæрдзæн адæймаг царды ныфс, æмæ æлгъыстаг фæуы- дзыстæм». Уасил - иуæрдæм, адæм та - иннæрдæм. Иу сылгоймаг æм бынтон бауырдыг, нæ, дам, нæ хъæуы дæ куыст, æрмæст нын ном хæсс, уый йеттæмæ нæхæдæг зонæм. Афтæмæй акарста адæмы ныхас. Уасилæн дæр нал уыд гæнæн æмæ загъта: «Цы уа, уый уæт, иугæр тох, уæд кæронмæ!..». Æмæ æцæгдæр, адæмæн ницы хъуыд амонын, нæ сын уыди æрынцой æхсæвæй-бонæй. Гæппæл дæр нал уагътой æнæ куыст, цыдысты бегара, сывæллонæй, зæрондæй кар- стой хос, найгæнæнты сын нæ уыд æрхуыст. Уасил йæ хъус дардта æфсæддонтщ бинонтæм. Æххуысы 155
рæстæджы-иу фæдзырдта скъоладзаутæм дæр, рæвдыдта сæ ныхасæй, гæнæн уæвгæйæ дарæсæй, хæринагæй. Рæстæгæй- рæстæгмæ-иу азылд хæдзæрттыл дæр. Иухатт Амырханты къæсæрæй куы бахызт, уæд бинонтæ исдуг фергъуыйау сты, афтæ сæм фæкаст, цыма сæ бæлццон æрбалæууыд къæсæрыл. Тынг ыл бацин кодтой æмæ бабуц сты. Сывæллоны къухы авæрдта къаффеттæ. Æхсæвæрмæ дæр сæм æрулæфыд, афтæмæй сын ацайдагъ дæргъвæтин ныхас. - Æз дæм, Амырхан, сæйраджы дæр уынаффæмæ æрба- цыдтæн. Уынгмæ нал цæуыс, адæмимæ нал хæццæ кæныс, æгæр фæдæ дæ зæрдæмæ хъусыныл æмæ дын зонд нæ бацамондзæн, дæхæдæг æппæт дæр æмбарыс, фæлæ афтæ дæхи ауадзай, уый дыл не ’мбæлы, стæй уыцы кары дæр нæма дæ. Адæм махмæ кæсынц æмæ сæркъулæй куы лæу- уæм сæ разы, уæд ма нæлгоймаг рацæуæг кæмæй нал ис, уыдон та цы хъуамæ кæной? - Уасил, дæ рынтæ бахæрон, уыдоныл дæр хорз бон нæй, фæлæ æз мæхицæй зæгъын, иугæр хæдзар куы фæцуда, уæд ын уромæн нал ис, нал. - Уый бæсты ма мæнмæ æрбайхъус. Сæрдыгон хизæнты хорз хæдзар сарæзтам, ис дзы æхсæв бынат, цыхтахсæн, фæлладуадзæн, иудзырдæй кусыны фадæттæ, адæймаг дзы нæ фæтыхсдзæн. Уырдæм ацæудзынæ фыййауæй, зынæй дзы кæй кицы ис, уый ды мæнæй хуыздæр зоныс. Сæумæ- райсом стурты галуанæй ахизын кæн æмæ сæ изæры баны- май. Кæд дæ фæнды, уæд Машойы дæр демæ акæн. Уый та- иу хъуццытæ радуцдзæн. Ардыгæй фæззæгмæ Сæлимæт иунæгæй дæр хæдзарыл ницы зиан æруадздзæн, стæй-иу æм сымах дæр рæстæгæй-рæстæгмæ æруайдзыстут, мæлæты дард куынæ сты мыййаг нæ сæрвæттæ. Ацы уынаффæ фæцыд бинонты зæрдæмæ. Амырхан æмæ Машо ацыдысты стуртимæ сæрдыгон сæрвæтмæ. Сæлимæт баззад хæдзары æмæ, æгас хъæубæсты ныфсæй, )ъш да:р хъæцыд йæ фыдæбойнаг хъысмæтыл... Уыцы изæр дæр та Амырхан банымадта йе стуртæ. Хъуг- дунджытæ райдыдтой дуцын, афтæ бахæццæ, райсомæй кæрдзын хæссыкмæ кæй арвыстой, уыцы лæппу æмæ Амырханæн ракодта, фæсхохæй сæм сæ чындзы æфсымæр кæй æрцыд, уыцы хабар. Лæгæн лæппуйы ныхас бакъуырд- та йæ зæрдæ, алгъуызон хъуыдытæ æддæг-мидæг ауадысты йæ сæры, фæлæ йæ дзы иу уæддæр дуарахæсты бакодта, нал 136
æмæ нал куымдта сæрæй. «Уый æнæнхъæлæджы не ’рцыд, кæндзæн йæ хойы, куынæ кома, уæддæр æй сразы кæндзæн. Цæуын хъæуы æвæстиатæй». Лæг йæ фæнд загъта йæ усæн. Уый ма йæ дыккаг бонмæ бæргæ урæдта, фæлæ Амырхан райста йæ лæдзæг, мæйдар уыдзæн, æви къæвда, ууыл дæр нæ ахъуыды кодта, афтæ- мæй фæраст. Цæуы, тагъд кæны, катайаг хъуыдытæ йæ схойынц размæ: «Мыййаг æм цæуыны фæнд куы фæзына, уæд ма цы ми кæндзыстæм ацы мæнг дунейыл, нæ къахыл ма уый ныфсæй куы лæууæм». Арв нырттывта æмæ ныннæрыд. Амырханы зæрдæ бауынгæг, йæ цæсгомыл æрхауд цалдæр æртахы: «Дæлæмæ ’рхау ды дæр, кæд æй мæ рæстæгмæ не ’рхастай... Нæ, нæ, уымæн уæвæн нæй, цæйнæфæлтау уый мæ уæзæгæй сыста, фæлтау мæ цард дæр нæ хъæуы æмæ бон дæр. Æниу ма дзы уæд цæй цард æмæ цæй бок ис сыгъд æмæ уырыды йеттæ- мæ. Лæг цас тынгдæр катай кодта, уый бæрц йæ къахы айст уыд тагъддæр æмæ фидардæр. Иугæр, зæгъгæ, Саглимæты цæст иал æрттивы, уæд де знаг гæды зæгъæт, нæ фæздæг яал скæлдзæн æмæ нæ къонайы арт баззайдзæн норстæй». Уæдмæ байдыдта талынгкæнын. Чысыл раздæр ма йазм йæ развæндаг дзæбæх зынди, фæлæ йыл æхсæвы тар æры- тыдта йæ пæлæз, æрдз йæхи æрныуæрста æмæ цадæггай æрфынæй. Уæддæр уыцы иугъæдон нæрыд æмæ æрттывта арв, хъуыст къæвдайы сæх-сæх. Амырхан’ныр йæ къах иста зæрдæаивæй æмæ ма уыцы зындзинадыл дæр хъæцыдаид, - фæндагæн зыдта йæ алы фæзилæн, йæ хæрдтæ æмæ йæ уырдгуытæ, æгæрстæмæй къах æрывæрынæн хуыздæр кæм у, уыцы лæгьздæр бы- нæттæ, - фæлæ уарын кæй райдыдта, уый йын асаста йæ хъару. Лæг уайтагъд ныххуылыдз, йæ къæхтæ бырыдысты дуртыл æмæ-иу йæхи дæр нал баурæдта. Уæддæр ма иу хуыцау хорз æмæ арвæрттывта тынг арæх æмæ йын-иу уый рæстæгæй-рæстæгмæ фæрухс кодта йæ фæндаг, æпдæра, æвæццæгæн, фыдфæндæгты хай фæуыдаид. Дон лæсæнтæ кодта Амырхакы дзаумæггыл, буарыл, ду- дыдтой йæ къухтæ, йæ къæхты цæфтæ, афтæмæй боны ’рдæм бахæццæ хæдзармæ. Куыддæр æй Сæлимæт ахæм хуызы федта, афтæ стыр дисы бахаудта. Фæрсгæ дæр æй нæ- ма бакодта, афтæ йын фæрсаг хатæны хус дзаумæттæ авæр- дта бандоныл. Амырхан уырдæм бахызт йæ чындзы ’фсы- мæримæ æмæ ныхасгæнгæ раивта йæ дарæс. 157
Уыцы бон уазæг æмæ фысым фæцин кодтой ка&рæ- дзийыл. Сæлимæты акæныны кой нæдæр уазæгмæ уыд, нæ- дæр фысым исты сулæфыд æмæ йæ цыды сæр цæй тыххæй уыд, уый дæр нал сæргом кодта. Дыккаг бон уазæг ацыд æмæ та æрсабыр Амырханы зæрдæ дæр. Уыцы æхсæв дзы, æвæццæгæн, уазал бацыд æмæ нал ссæрæн, æппынæдзух æй йæхимæ ласта лыстæн. Хосгæр- дæны-иу дзы хиды ’ртах ма ратагъдаид, фæлæ уыцы ’хсæ- вæй фæстæмæ йæ тых райдыдта сысын, чысыл зæгъгæ истæмæ февнæлдта, уæд-иу дон фестад йæ буар. Йæ хъару йæ нал хаста æмæ ма йæхи ирхæфста хæдзары рог змæли- нæгтыл. Дохтыртæн йæхи бæргæ фенын кодта, фæлæ уыдон дæр ницы уабæрæг ныхас загътой, æвæццæгæн сæ бон нæ бацис низы хатт бæстон раиртасын, æмæ-иу ын йæхимæ байхъусгæйæ бауынаффæ кодтой: Организм уазалдзыд у, рæуджытæ чысыл фæхъыгдард сты, фæлæ æнæмæнг хъæуы хи бавæрын. Амырханыл искуы низ фæтых уыдзæн, уый йæ никуы бауырныдтаит, фæлæ йе уæнгтæ куы ’руæззау сты, йæ бон зæрдæйы фæндиаг куынæуал уыд фезмæлын, куыстмæ раз- дæрау хæлæфæй февналын, уæд арæхæй-арæхдæр йæ цæс- тытыл уадысты йе ’взонджы бонтæ, йæ хъуыдытæ-иу æй ахастой сонты бонтæм дæр æмæ-иу уæд фæцис йæ зæрдæмæ хъусынтыл. Машо дæр ма уыцы фæззæгмæ баззад сæрдыгон хизæн- ты, хъугдуцæгæй, фæлæ уый дæр иннæ аз йæ ныфс нал аха- ста, стæй йæ йæ хæдзары фадæттæ дæр нал амыдтой, æрмæст ма-иу фермæмæ бауад йæ чындзæн аххуыс кæныны тыххæй. Бинонтæ Асæхмæтæй кæд фыстæг нал истой, (æбæрæг сæфт кæй фæцис, уыцы хабар сыл раджы сæмбæлдис) уæд- дæр нæ састысты сæ ныфсытæ, уæлдайдæр та Сæлимæтæн. Ног хабармæ, бæлццонмæ æнхъæлмæкæсгæйæ сæ йæ хуыссæнв1 тарф фынæй ничиуал бацис, - тарстысты дым- гæйы унæрæй дæр. < Уæддæр ма иу хуыцау хорз æмæ Залиханæй арæх истой фыстæг, Сæлимæт-иу сыл тынг бацин кодта, кæд-иу сæ хатт зæрдæриссæн хабæрттæ уыдис, уæддæр, фæлæ сæ мад æмæ фыдæн никуы схъæр кодта, уыцы рæнхъытæ-иу нæ бакаст уыдонæн. Тынг ын фæдзæхста йæ мад æмæ йæ фыды. Рæх- джы кæрæдзи кæй фендзысты, уыцы хъуыдыйæ фæуд кодта йæ алы фыстæг дæр. 158
Уыцы боны хуызæн никуы схъæЛдзæг Машойы зæрдæ, Асæхмæт, стæй Залиханы балцы ацыдæй фæстæмæ. Зали- ханы фыстæгмæ тынг зæрдиагæй каст Сæлимæт. Ацы хат- тæй æрæгмæдæр дзы никуы райстой æмæ сын йæ алы дзырд дæр уыдис йæхи фендау. Сæ хæдзары къуымтæ дæр цыма фæрайдзастдæр сты. Чындз фыстæг кæронмæ дæр нæма фæци каст, афтæ Машо фестад æмæ ныхасгæнгæ ра- зылди къуымты: - Кæд нæ хуыцау бынтон нæ сынамонд кæнит. Лæгты дзуар, мæ уд дæ къæхты бынты фæхъау, сыгъзæрин кувæн- дæтты уын фæкуывдæуæд æмæ нæ бæлццæттæ де уазæг. Мæ хъæбул... Мæ хъæбул!.. Дæумæ дзурын, дæумæ, чындз, ныр- тæккæ дын ацæттæ кæндзынæн хуын æмæ нæ хæдзары но- мæй хъуамæ ацæуай дæлæсыхмæ, Тотыры чындзæхсæвмæ. Сæлимæтмæ йе ’фсин хъæбулы номæй кæй сдзырдта, уый, фарны дзырдау, атад йæ зæрдæйыл æмæ йæ цæсгомы рухсæй ноджы фæрайдзастдæр сты хæдзары къултæ. Чындзы зæрдæмæ фæцыд æфсины фæнд æмæ бахъæл- дзæг, рагæй нал уыд чындзæхсæвы. Æниу ма уыдон кæй æндæвтой, фæлæ уæддæр адæмæн нæ асастысты сæ царды ныфсытæ æмæ, амондмæ бæлгæйæ, нæ цудыдтой дуджы зындзинæдты раз. Нырма хæрз æрæджы æрцыд æфсадæй уæззау цæфæй, фæлæ чысыл куы фæсæрæн, уæд ын цард йæ разы æрывæрдта бинонты кой бакæныны хæс. Хъæу- бæстæ уæззау дуджы фыдæнæн балæууыдысты йæ фарсмæ æмæ куывтой цард дарддæргæнæг амондæн. Сæлимæты хъусты рагæй нал азæлыдысты фæндыры æхцон зæлтæ, хъазты, зарæджы мыртæ йын бацагайдтой йæ зæрдæйы тæгтæ, сæ хъæбысы йæ атыхтой циндзинады уылæнтæ æмæ дзы цыма чысыл йæ уæззау хъысмæт æрбай- ^ох, уыйау та йе уæнгты базмæлыдысты царды суадæттæ. Иæ къах æй’нал хаста æмæ æгæр афæстиат чындзæхсæв- гæнджыты хæдзары. Рæстæг афтæ тагъд кæй атахт, уый йын фехæлдта йæ бæллиццаг зæрдæйы уаг æмæ афтæмæй фæцæуæг сæхимæ. Дардмæ цæуын æй нæ хъуыд, æгасæй дæр дæлæсыхæй-уæлæсыхмæ æмæ фæраст, кæд мæйдары иунæгæй йæ ныфс нæ хаста, уæддæр. Цæуы, тындзы Сæлимæт æгуыппæг мæйдары, фæлæ хатт йæ хъустыл ауайы фæндыры цагъд, æмдзæгъдгæнджыты фæйнæджы къæрцц-къæрцц æмæ уæд йæ хъус бæстондæр адары фæйнæрдæм, цавæрдæр хъæлæба ссыд, фæкаст æм ныхасы хуызæн, фæлæ йæ ницæмæ ’рдардта, æрмæст йæ 159
къахы айст фæцырддæр, йæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп æм сæ- хъуыст, нал ын æнтыст размæ, нал æй хастой йæ уæрджы- тæ, æрхауынмæ йæ бирæ нал хъуыд. Иу хуыцау хорз æмæ та йæм уыцы цæуæг сдзырдта, ацы хатт нал фæгуырысхо адæймаджы хъæлæсыл, фæлæ чи у, уый нæ базыдта, цалын- мæ йæхи нæ бацамыдта, уæдмæ. - Сæлимæт, æз дæн, Дола, тæрсгæ ма фæкæн, бахизын дæ кæндзынæн дæ хæдзармæ, æрмæст мæм байхъус иу чы- сыл ныхасмæ. Уæддæр Сæлимæт не ’ууæндыд йæ хъустыл æмæ æнæ- дзургæйæ тындзыдта размæ а-ныр мæ чидæр æрбаййаф- дзæн, а-ныр мæм къухæй бавналдзæны тасæй. Иугæр æм цæуæг куы баввахс, йæ фарсмæ куы балæууыд, уæд акалд йæ сурхид, чысыл ма бахъæуа йæ зæрдæ бахъарм уа, æгас буар зыр-зыр кодта, уæддæр сылгоймаг тындзыдта размæ. - Сæлимæт, æрмæст дæр иунæг ныхас, - Дола фæлвары сылгоймаджы дзырдæй басæттыныл, фæцæйхизы йæ раз- вæндагмæ, цæмæй йæ чысыл æрурома. Сæлимæты зæрдæ чысыл фæфидар, Долайы куы ба- зыдта, уæд, фæлæ йын къадцæр зын нæ уыд уыцы афон йе- мæ кæй баиу, уый. - Кæд дæ мемæ исты ныхасаг ис, уæд дыл райсом бон нал кæны, æви цы, хæдзармæ-иу нæм рацу, ам нæ лæугæ чи фена, уый цы хъуамæ зæгъа? - Æз адæмы зæгътытæй нæ тæрсын. - Ды нæ тæрсыс, фæлæ æз тæрсын. - Рагæй дæм хъавын ныхасмæ, фæлæ мæ къухы не ’фтыс, хæдзармæ та, раст дын куы зæгъон, уæд мæ ныфс нæ хæссын. - Цы дæ хъæуы уæддæр, цыбырæй йын нæй зæгъæн? - Æнæ зæгъгæйæ’дæр ын ис бамбарæн. - Уæдæ йæ æндæр хаттмæ аргъæвæм. - Нæ, Сæлимæт, æрмæст дæр ахсæв, ныртæккæ, æндæра мын ацы мæнг дуне фестдзæни зындон, райсом мыл хур нал ракæсдзæн. Дæхæдæг зоныс, хæст цы у, уый, нæ фæси- вæд чындзæхсæвмæ нæ ацыдысты, кæмæндæр дзы царда- монд нал барæвдаудзæн йе ’дзард уды... Асæхмæтыл дæр кæд искуы хур кæсы, уæд ын иунæг рафæлдисæг бирæ амонд раттæт... Фæлæ... - Цы дæ хъæуы мæнæй?! - Нæ мæ фæнды æрыгон уæвгæйæ ды дæ царды бонтæ афтæмæй арвитай... Зын мæм кæсы... Идæдзæй сылгойма- 160
гæн царды фæндтыл хъуыды кæнын æнцон нæу. Мæнæн та брон ’лæвæрд ис, æппынæдзух уаин дæ фарсмæ. (Дола къуылых æрдзæй рахаста, чиудта йæ галиу синæй). - Дæ цæсгом ахæм ныхæстæ куыд хъæцы! Сырх кæныс æви нæ, уый уæддæр куы уынин. - Чизоны дæм куы зынид, уæд дæм мæ ныфс, æвæц- цæгæн, хæсгæ дæр нæ бакодтаин. - Кæд дын цæсгом ис, уæд мæм афтæ кæсы цыма æфсæр- мæй цъæх арт уадзы. Дæ зæрдыл бадар, ацы фембæлд, ацы ныхас баззайдзæн æрмæст нæ дыууæйы ’хсæн, мæнæ ма дæ зæгъгæ искуы исты æрыхъуыстон, уæд дæм мæ къух сис- дзынæн, хъоды дыл бакæндзынæн, - Сæлимæт цæхгæр фæ- лыг кодта æмæ атад æхсæвы мæйдары. Дола дурдзавдау лæугæйæ баззад йæ мидбынаты. Сæлимæт кæд æмæ кæдмæ нæ бафынæй уыцы ’хсæв. Йæ цæсты сыгтæ лæдæрстысты базмæ. Иæ хъусты зæлыдысты фæндыры зæлтæ, зарæджы мыртæ, йæ цæстытыл уадысты, Асæхмæтимæ фыццаг хатт куы базонгæ, уыцы æвæджиаг фембæлды нывтæ, йæ чындзæхсæв, æфсадмæ йæ фæнда- раст кæнгæйæ хъуызгæ судзаг цæссыгтæ. «Цæйнæ-фæлтау дæлæсин лæгимæ цæрон, фæлтау хорз лæджы номыл бад- дзынæн» - загьта йæхицæн, масты æнкъарæнтимæ тохы ба- цæугæйæ, æмæ йæ цæстытæ æрывæрдта’ кæрæдзийыл. Сæлимæтыл гадзрахатæй никуы разылд йæ зæрдæйы хорзæх, дардта гутон, карста хос, зылди фосмæ, хатт-иу йæ амонд фыдæлгъысты хай дæр фæциС, фæлæ йæм уæддæр йæхи уды æнцойдзинады хъуыды никуы æрцыди. Долаимæ цы ’хсæв фембæлд, уæдæй фæстæмæ та изæрдалынгты дæр иунæгæй йæ къах никуыдæмуал авæрдта. * * # Залихан, службæ кæнгæйæ, цалдæр мæйы ахуыр кодта курсыты, стæй æрвыст æрцыд фронтмæ хæстæг быдырон госпиталмæ. Не ’фсад размæ куыд бырстой, афтæ уыдон дæр цыдысты сæ фæстæ тохы фæдтыл. Бирæ хатт-иу, цæф хæстонтæн æххуыс кæнгæйæ, афтæ бафæллад æмæ-иу йæ- хæдæг фæцис æххуыс кæнинаг. Бирæ тæссаг цаутæ йын бах- *Брон - бынат бахъахъхъæныны, фидары дзырды гæххæт. 11* 161
сыстой йæ зæрдæ, йæ зонд, йæ хъуыдытæ, фæлæ, æвæц-цæ- гæн, адæймагæн йæ гуырæн бон цы фыст фæуа, уымæй йын нæй фæиппæрд амондæй дæр æмæ фыдбылызæй дæр. Цалдæр сахаты нæ банцад хотыхты нæрын, стæй цадæг- гай æрсабыр бæстæ, æрмæст ма-иу хаттæй-хатт райхъуыст иугай æхстытæ, хæдтæхджыты гуыр-гуыр. Цыд размæ мед- службæ, семæ Залихан дæр, афтæмæй. Знаджы хъахъхъæ- нæн къуылдымæн калд йæ фæздæг. Уый онг цы æдзæгвæз бахаста къаннæг лæнчытæ æмæ къардиутимæ, уымæн ма ранæй-рæтты сыгъдысты йæ нæууытæ, йæ кæрдæг, калди сæ фæздæг. Хур мигъты ’хсæнæй гæзæмæ йæ цæст радардта, йæ тын- тæ асæрфта хæцæныл, фæлæ фестьæлфыд, амбæхст фæстæ- мæ æмæ нал равдыста йæхи. Мигътæ цадæггай æрбахгæд- той арвы риу æмæ сæхи, кæуынмæ цæттæгæнæгау, ныллæг æруагьтой зæхмæ. Залихан тагъд кæны, зилы цæф хæстонтыл, ныккæсы акъоппмæ. Бирæ хæггыты ма бахауд ахæм уавæрты æмæ æппæт дæр ахста йæхи хъуыды. Кæмæн йæ уæлæнгай цæф абæтты кæуыл ныхасæй баузæлы, кæй та плаштæй æрым- бæрзы, фæлæ йæхицæн дæр байсысти йæ хъару, ныры хуы- зæн æгоммæгæс никуы разындысты йæ уæнгтæ. Уæддæр ма иу хуыцау хорз æмæ сæ хъыгдарæг нал уыд, нæдæр уæл- дæфы ’рдыгæй, нæдæр зæххыл æмæ архайдта сæрибарæй. Уæдмæ сæм бахæццæ тагъд æххуысы машинæ æмæ уал госпиталмæ арвыстой цалдæр уæззаудæр цæф хæстоны. Залихан зилы, агуры дзыхъхъыты, къутæрты ’хсæнты, адард йе мбæлттæй æмæ бахæццæ иу пыхсджын къохмæ. Æвæццæгæн дзы æрхауди бомбæ æмæ зæхх ысфæйлыдта, къутæртæн калд сæ фæздæг. Къутæрты фарсмæ, хъуынайæ æмбæрзт дуры фæстæ, хаудæй лæууыдысты дыууæ хæстоны. Иуы дзы, хъынцъымгæнгæ, æрхæндæг зæрдæйæ æрым- бæрзта цинелæй. Иннæ нырма улæфыд, фæлæ нæдæр цæс- тæй каст, нæдæр дзурынæн уыд. Залихан æй æрысгæрста къухæй, фæлæ цæф лæджы буар ницыуал æнкъардта. Айхæлдта йын йæ рон, суагъта хæдоны æгънæджытæ æмæ та йын сгары йæ цæфтæ. Туг лæдæрсти цалдæр ранæй, фæ- лæ цæфтæй чи тæссагдæр уыд, уый нæма раиртæста, æр- мæст сыл æвæрдта бæмбæг æмæ сæ тыхта бинтæй туг уро- мыны тыххæй. Æххуысæнхъæл акаст йæ алфæмблаймæ, фæлæ йæм æгæр дард уыдысты йе ’мбæлттæ. Ногæй та куы ’ргуыбыр, хæстоны зæрдæйы куыст бæрæггæнæг, уæд ца- 162
дæггай байгом сты лæппуйы фæлмæвæрд цæстытæ. Фæстаг- мæ ракаст æдæрсгæ æмæ чызджы куы федта, уæд æй фæн- дыд мидбылты бахудын, цыдæр сдзурын. Бынтон æрыгон лæппу. Йæ бурдзалыг сæрыхъуынтæ ма æлвыды фæстæ иу чысыл рауадысты. Уæнгты кондæй уыд фидæрттæ, бæзæр- хыг æмæ нуарджын. Залиханы фæнд уыд лæппуйы лæгъз- дæр бынатмæ цинелыл раласын, фæлæ йæм иуæй йæ ныфс нæ бахаста, иннæмæй та йын-йæ цæфты бахъыгдарынæй тарст æмæ аивта йæ хъуыды: «Æз ныртæккæ, - ныккаст лæппуйы цæстытæм æмæ фестад, - æз фæдзурон иннæ- тæм...» «Фæлæу!», - сдзырдта-ма лæппу æмæ донæйдзаг цæстытæй скаст чызгмæ. Залихан фестъæлфыд, ацы иунæг дзырд ын чысыл цыма йæ зæрдæ барухс кодта æмæ æрбадт фæстæмæ лæппуйы фарсмæ. - Мæ ирвæзынгæнæг, - ацы хатт тынгдæр базмæлыды- сты лæппуйы бæзджынгомау, сатæгсау, рыгæйдзаг былтæ æмæ лæгъстæгæнæджы каст скодта Залиханы цæстытæм. - Ма тæрс, ныртæккæ дæ бахæццæ кæндзыстæм гос- питалмæ. Залихан ын бæмбæджы тулайæ асæрфта йæ цæс- тытæ, былтæ, уадултæ, стæй йын айста йæ цонг æмæ йын сгары йæ зæрдæйы цæф. - Æз госпиталмæ нал бахæццæ уыдзынæн, æмæ хъуыд- даг дæр уый мидæг ис. Афтæ ма банхъæл æмæ мæлæтæй тæрсын. Нæ... Лæппу йæ сæр азылдта иннæрдæм æмæ дзырдта хъынцъымгæнгæ, сындæггай, ныллæг хъæлæсæй. Залихан æм ныллæг æруагъта йæ сæр. Байхъуыста йæм. - Хъыгаг уый у, мæ куыдз ын фæлдыст фæуа, æмæ мæ æрыгонæй кæй рацахста. Нæ мæ фæндыд ацы кары амæ- лын. - Ахæм ныхæстæ ма кæн, нæ дыл фидауынц, æз дæ ныр- тæккæ адзæбæх кæндзынæн, - Залихан та сцæйстад æх- хуысгæнджытæм фæхабар кæныны тыххæй. - Фæлæу, ма ацу, иунæгæй мæ ма ныууадз! Кæд мæ дзæбæх кæныс, уæд мын сæххæст кæн мæ фæндон, стыр ха- тыр дæ курын, дæ зæрдæ мыл ма бахудæт, - лæппу та йæ сæр разылдта Залиханы ’рдæм æмæ йæ сурхид акалд, афтæ- мæй та фæлвæрдта дзурыныл. - Нæ мæ фæнды ацы кары амæлын, æз нырма пъа дæр никуы никæмæн акодтон æмæ дæ курын апъа мын кæн, - загъта лæппу æмæ, пъамæ æн- хъæлмæгæсæгау, æрыхгæдта йæ цæстытæ. Залиханы цæстысыгтæ фемæхстысты лæппуйы ныхæ- 163
стæм, здыхтой йын йæ зæрдæйы уидæгтæ, ихау асалди, хъуыды андзыг, æнæхъæн буарыл фæзындысты уазал хиды æртæхтæ. Чызг æрæджиау йæхи æрæмбæрста, цыма тарф фынæйæ райхъал, уыйау ныккаст лæппуйы цæсгоммæ, сындæггай йæм æркъул кодта, йæ сæр æмæ йæ былтæ авæрдта лæп- пуйы былтыл. Былтæ уыдысты уазал... Залихан сындæггай схæцыд йæ гуырыл. Йæ фарсмæ фæздæгæй арыд бæрзытæ сæ сæртæ æркъул кодтой æмæ сæ хъæдгæмттæй, цæстысыгау, лæдæрсти, сæ уарзон зæхх сын нæртонæй кæй хæлар кодта, уыцы сой. Рог уддзæф, фæстаг хæрзбонгæнæгау, йæхи асæрфта лæппуйы мæрдвæлурс цæсгомыл. Цæнгæт мигътæ сæхи ныллæг æруагътой æмæ сæ цæссыг калди тохвæллад зæхмæ, хъæрзыдта хæсты бы- дыр æмæ уæззау æрхæндæг нындзыг кодта Залиханы æн- къарæнтæ дæр. Залихан лæппуйы дзыппæй систа тугæй ахуырст фæс- комцæдисон билет, стæй йын йæ цæсгом æрæмбæрзта ци- нелæй. Уыцы бонæй фæстæмæ фæлыгъд Залиханы хуыссæг, хъуыдыйы коммæ нал кастысты зæрдæ, æнкъарæнтæ æмæ йæ медицинон къамис арвыста фæсчъылдым госпиталмæ... Хæсты фæстæ Залихан æрыздæхт йæ хъæумæ. Йæ фыды нал æрыййæфта удæгасæй. Мад дæр бирæ нал ахаста. Баныгæдтой йæ йæ мойы ингæнæй Асæхмæты афтид ингæ- ны ’хсæн. Йæхæдæг Залихан исы пенси, фæлæ кусы хъæуы рынчындоны, йæ лæггады хай кæны йе ’мбæстаг адæмæн. Пионертæ æмæ йæ скъоладзаутæ арæх фæхонынц цытджын изæртæм. Ныр та йæ цæуын хъæуы, сæ хъæубæстæй хæсты быдырæй чи нæ уал æрыздæхт, уыдон цырт гом кæнынмæ. Ацы хатт йæхимæ кæсы æвзонгдæр, фæлæ уый хыгъд йæ зæрдæ тыхсы йæхимид. Цыртæй уæззау кæттаг зæхмæ куы ’рбырыд, уæд Зали- ханы цæстытæ андæгъдысты сæрбæрзонд æрыгон салдаты ц’ыртыл æмæ нал æркуымдтой ныкъулын. Пионертæ æмæ скъоладзаутæ хастой æмæ хастой цардæгас дидинджытæ æмæ сæ æвæрдтой цырты бын гранитын подстаментыл. Адæм цыдысты æрхæндæгæй, бирæтæн дзы йе уæнгтæм уазал хастой рагон хъæдгæмггæ, йæ цæстытыл уадысты карз тохы бонтæ, рæстæгæн рох кæнын чи нæ комы, уыцы нывтæ æмæ æрхæндæг зæрдæ, фæлæ сæрыстырæй кастысты æрыгон салдаты цыртмæ. 164
Залихан та ногæй, сæрæй къæхтæм, йæ цæст æрхаста цыртыл, акаст адæммæ, йæ хъустыл ауад хъайтары зарæ- джы мелоди, фемдзаст цардæгас дидинджытæм æмæ фес- тъæлфыд. Афтæ йæм фæкаст цыма уыдон уд бауагътой дур- цырты æмæ ныртæккæ базмæлдзæн, уæззау къахдзæфтæй æрхиздзæн зæхмæ æмæ, йæ цард фæдзæхсæгау, ныллæгъз- тæ кæндзæн: «Мæ ирвæзынгæнæг, æгайтма афоныл фæ- зындтæ, нырма мæ нæ фæнды амæлын... Мæлæтæй тæрсгæ мыййаг нæ кæнын, фæлæ нырма æгæр æрыгон дæн, æгæрыстæмæй пъа дæр никæмæн ма акодтон. Стыр хатыр дæ курын æмæ мын апъа кæн. Уый уыдзæн мæ фыццаг æмæ мæ фæстаг пъа...». Залиханы цæстытæ цадæггай æрцъынд сты, йæ уæнгтыл бахæцыд ризæг, акалд йæ сурхид, ницыуал æм хъуыст, ни- цыуал æнкъардта, æрмæст ма йæ хъусты уыцы иугъæдон зæлыд адæмы гуым-гуым æмæ æрыгон салдаты фæдзæхст. Сæлимæт ын йæ дæлармы йæ къух куы бавæрдта, уæд, тарф фынæйæ райхъалау, фестъæлфыд, ракаст йæ цæстытæй, йæхи æрæмбæрста æмæ æнæсыбырттæй фæлæууыд митин- джы кæронмæ. Адæм цадæггай апырх сты фæйнæрдæм цыдысты иу- гæйттæй, къордгæйттæй ныхасгæнгæ. Залихан æмæ Сæли- мæт дæр чысыл ауадысты, фæлæ сæ сæ къах нæма хаста æмæ та дæрддзæфæй ныккастысты цыртмæ. - Залихан, дзæбæх ма бакæс ацы цыртмæ... Афтæ дæм кæсы цыма кæйдæр хуызæн у. Залиханæн йæ цæстытæ доны азылдысты. - Мæнмæ дæр афтæ кæсы, стæй цыма Асæхмæты хуызæн дæру... Сæлимæт ницы сдзырдта, фæлæ æрхæндæг зæрдæйæ ахæцыд йæ ходыгъды цонгыл. Фæзилæнмæ сæ бирæ нал хъуыд æмæ та æрлæууыдысты. Дардæй кæсынц цыртмæ. Уалдзыгон хуры тынтæ йыл сæхи æруагътой, алыгъуызон æрттывд кодтой дидинджытæ. Цардæгас хæстонау, салдат фæлгæсыд дурдзыртæй. Дур æмæ дидинæг, дидинæг æмæ дур - æрттивгæ царды æнусондзинад.
РУХСЫ ТЫН Уацау Фахсы тæккæ рæбын дæргъæй-дæргъмæ нарæг алæвæр- дта, йæ иу кæронæй уасæджы уасын кæмæн нæ хъуысы, ахæм хъæу. Йæ тæккæ астæуты фæтæнгомау сосæвæндаджы тæккæ фæрсты цæуы къаннæг цæугæдон. Фæндаджы цæр- джытæ Машинæвæндаг хоны’нц. Иннæ уынгтæ сты нарæг æмæ цыбырдæр, сыхæй-сыхмæ, хæдзарæй-хæдзармæ. Доны сæрты сосæвæндагмæ хизын цы цæрджыты хъæуы, уыдо- нæй алы хæдзарæн дæр ис бетон, кæнæ хъæдæй арæзт йæхи фæтæнгомау хид, машинæтæ дæр ыл куыд хизой, ахæм. Сыфтæрафон дыргъбæлæстæ æмæ сæнæфсиры хейвани- тæй зынгæ дæр нæ кæнынц бæстыхæйттæ. Æгас хъæу дар- дæй бакæсгæйæ у иу дыргъдоны хуызæн. Сæумæрайсом, царды нысанæн, хæдзæрттæй фæздæг кæлын куы райдайы, уæд адæймаг æнæмæнг зæгъдзæн, æвæццæгæн амыты-уы- мыты хъæуы арт счындæуыд. Хъæуы тæккæ фæскъæбут хæрдаив алæвæрдтой сæрвæттæ - уæлхох тъæпæнтæ, адгуы- тæ, лæнчытæ. Куыд уæлæмæ сæ фæзынд иугай къутæртæ æмæ бæлæстæ. Уыдон хъæдмæ æввахс сты фылдæрæй-фыл- дæр æмæ баиу сты хъæдимæ. Цæст не ’ххæссы алгъуызон мыггаг бæлæстæй æхгæд фæхстыл. Ис дзы тулдз, тæрс, хъæддаг кæрдо, фæткъуы... Халсарæй та дзы цы нæ ссарай, ахæм, æвæццæгæн, зæххыл дæр нæй, хъæуы цæрджытæ йæ сæ къæбиц хонынц æмæ уымæй нæ рæдийынц. Æрдзы цæт- тæ хæрзиуджытæ сæхимæ ласынц адæймаджы æмæ йын рæвдауынц йе ’нкъарæнтæ, базыртæ йын садзынц йе ’вæ- джиаг бæллицтæ æмæ хъуыдытыл, зæрдæйы цардбæллон ныфсытыл. Уыцы райсом дæр та царддæттæг хур нæма стылди, хохы фæскъæбутæй нæма сдардта йæ цæст, фæлæ йæ тынтæ сны- дзæвдысты хуссарварс бæлæстыл æмæ тыбар-тыбургæнгæ æрттывтой дардмæ. Мæргътæ, райдзаст боныл цингæнгæ, зарыдысты быцæуæй æмæ адæймаджы зæрдæмæ хастой царды уарзондзинад, рогдæр ын кодтой йæ сагъæсты уаргъ. Косер ма кæд чысыл раздæр, йæ фæндтæ æмæ алыхуы- зон хъуыдытимæ зæрдæдзургæйæ, джихтæ кодта йæ хуыс- 166
сæны, уæд æм ныр боны комулæфтимæ хатæнмæ бакал- дысты царды^фæндтæ æмæ йæхи рацæттæ кодта райсомы зылдтытæм. Йæ мыдгъуыз сæрыхъуынты ставд быд амбырд кодта къæбутыл æмæ сыл хтæддых æрбабаста тар цъæх сæрбæттæн, стæй балæууыд къулыл ауыгъд стыр тымбыл кæсæны раз. Йæ къæсхуыр даргъæлвæст цæсгом кæд хурмæ фæтардæр, уæддæр ыл нæма зындысты æнцъылды фæдтæ. Уый тыххæй бирæ уарзта кæсæны раз алæууын. Тæнæг хъуымацæй йæхи хуыд цыбырдыс къаба æнгом хæцыд æлвæст уæнгтыл æмæ йын лæвæрдта йæ азтæй æрыгондæр хуыз. Ацы къаба бирæ уарзта æмæ йæ зæрды уыд, цалынмæ бынтон базæронд уа, уæдмæ йæ фæдарын, стæй та раст уы- цы карстыл æндæр хъуымацæй ахæм ног къаба бахуыйын. Фæлæ йыл æддейæ чырынтæ фланелæй халат куы ’рбакод- та, стæй йыл раздарæн куы рбабаста, уæд бамбæхст йе ’взо- нгад, æрмæст ма йæ тых, йæ хъару йе уæнгты кæй тæлфыд, уыцы æнкъарæн, быцæуау, лæууыд зæрдæйы ныфсытæн. Сылгоймаг ма цалдæр хатты æрзылд кæсæны раз, стæй йæ къух ауыгъта, ома цы уа уый уыдзæн æмæ ныллæгхъус резинæ цырыхъыты атъыста йæ къæхтæ, йæ цæст ма иу хатт ахаста къуымтыл, дард балцы цæуæгау, æмæ ахызт къæ- сæрæй. Косер куыдцæр кæртмæ æрхызт, афтæ Силæм дæр сыс- тад æмæ йæхи ахъаззаг аивæзта, стæй йæ куыстæн бафауы- нæй тæрсæгау, къæмдзæстыгæй скасг сылгоймагмæ, цал- дæр хатты йæ зæрды уыд срæйын, фæлæ йын нæ бантыст æмæ фæкæс-фæкæсгæнгæ уæззаугай араст кæрты иннæ къуыммæ. «Силæм, Силæм! ардæм ма рацу, ардæм, ам дæуæй бар- джындæр куы ничи ис, ацы хæдзар æхсæвæй-бонæй де ’вджид куы вæййы, уæд ын йæ кæрты дæхи æцæгæлонау цы дарыс. Рацу Силæм рацу ардæм, дæумæ æмбæлы иууыл хуыздæр аходæн», - Косер цуаноны къусы æркодта холлаг æмæ цалынмæ «ахæр» загъта, уæдмæ цуанон йæ былтæ стæргæ каст, йæ къуди тымбыл зилагау тылдта, афтæмæй. Кæркдонæй уæдмæ дæр хъуыст хъазты хъийау-хъийау, фæлæ куыддæр йæ дуар байгом, афтæ каркæй, хъазæй, ба- бызæй бæстæ сæ сæрыл систой æмæ нал æнцадысты сæ хъæрæй, цалынмæ аходæн сæхи ’рдыгæй фæцис, уæдмæ. Сылгоймаг сын кæрты лæгъз æмæ сыгъдæг ран æркалдта нартхор æмæ фæрачы муртæ. Уæддæр ма йæм дзы иутæ цæ- мæдæр æнхъæлмæ кастысты, сæ зæрды уыд йæ къухтæм 167
фæлæбурын дæр, цалынмæ сын нæ бауайдзæф кодта æмæ сæ афтæмæй нæ фæсырдта, уæдмæ. «Кæсæт ма сæм исчи, кæсæт кæддæра куыд зыд кæнынц, бахæрут, цы уын дæт- тын, уый, кæд уæ хъæуы уæд, кæннод мæм æндæр мацæмæ æнхъæлмæ кæсут, нырма бæстæ иууылдæр хизæн у æмæ уæхæдæг дæр исты амæлттæ кæнут, мæныл цы ’рцауындзæг стут». Сылгоймаг ма йæ къухтæ асæрфта кæрæдзийыл, æр- цагъта йæ раздарæн æмæ араст скъæты ’рдæм. Уайтагъд, хъæбæр ихсыд уисойы хыртт-хыртт ссыд ас- тæрдыл. Косер цыбырхъис щеткæйæ ныссæрфта стурты бу- ар, стæй чысыл раздæр асины къæпхæныл цы ведра æрæ- вæрдта, уыимæ баздæхт скъæтмæ æмæ æрбадт дуцыныл. - «Ды мын бæргæ æхсыры цад дæ, хæдзардарæг, - сылгоймаг йæ армытъæпæнæй сæрфы хъуджы фæздон, - дысон изæр ведра йæ былтæй хорз акалдтай фынккалгæ æхсырæй фæлæ йæ абон дæр цыма бирæ нæ фæцух кæндзынæ, афтæ. мæм кæсы». - Косер йæ бандон бараст кодта æмæ бæстон- дæр æрбадт, уайтагъд дымст фæздонæй дыууæ ставд урс æндахы уырдыг ныллæууыдысты æмæ фыццаг ведрайы зæлланг айхъуыст скъæты къуымты, стæй хуыдуггæнæгау батад фынчыты бын, æрмæст ма иугъæдон хъуыст æхсыры сæххæтт-сæххæтт. «Æвæццæгæн та знон дзæбæх хизæны фæхызтыстут, æндæра атагъатæ æмæ хъæугæрæтты хъуг йæ гуыбын нæ байдзаг кæндзæн æмæ дзы стыр фæздон кæцæй хъуамæ æрхæсса», - сылгоймаг дзырдта æмæ дзырдта, цы- ма кæимæ ныхас кодта, уый йæм хъуыста, уыйау. - Уас йæ хъæбулты хурæй бафсæдæт Темсыр æмæ йын фосы Фæлвæра, хоры Уацилла йæ хæдзар байдзаг кæнæнт фæл- лойæ. Акæс ма, дæ хорзæхæй, - Косер сыстад æмæ хъуджы бынæй райста ведра, - цыма дысон дыгъд дæр нæ уыд афтæмæй дзы фæстейæ иу хуыпп дæр нал фæуагъта. - Алæ- ма ды та, - ведра бавæрдта дыгæрдыджы бын, - кæд дæ ма- ды хуызæн нæ рацæуай, уæд дæ фæндаг уæймæ фæцæуы, уый зон. Нырма фыццаг зæддаг дæ æмæ йæ нæ баййаф- дзынæ, кæй зæгъын æй хъæуы... Сабыр лæу, сабыр, мæ вед- ра мын калыс æмæ мын æй куынæ айдзаг кæндзынæ мыййаг. Нырма æгæр схъæл уæраг дæ æмæ дын æппæ- лынæн æгæр раджы у. Чысыл дæм банхъæлмæ кæсон æмæ стæй бæрæг уыдзæн. Æртыккаг задмæ, дам, стуры хорз нæ бæрæг кæны æмæ уал дæм банхъæлмæ кæсон. Дæ род дын чизоны колхозæн балæвар кæнон, уыдон æй хуыздæр схъо- мыл кæндзысты, науæд мæнæн фæкæсæджы фыдæй искæ- 168
цы хæрæндоны куы бамидæг уа, уæд æй уым нал æрфæр- сдзысты, цахæм мыггаг хъуджы рæуæд у, уымæй». - Сыл- гоймаг сыстад æмæ ведрайыдзаг æхсыр ахаста хæдзармæ. - Косер, уæ Косер, рауадз ма де стуртæ! - Темсыр ныхас- гæнгæ банцой кодта кауыл æмæ йæ цæстытæ азылдысты кæрты къуымты. Уыцы рæстæджы та сылгоймаг рахызт хæдзарæй æд доны ведратæ. - Дæ райсом хорз, Косер! - Дзæбæх райсомтæ дыл цæуæд, дзæбæх, Темсыр! - Кæд æгæр нæ ферæджы кодтон? - Нæ, нæ, Темсыр, ды цы сæрвæттæм бахæццæ вæййыс, уым стуртæн аходæнафонмæ дæр фаг у афсæдынæн. - Уымæй раст зæгъыс, Косер, фæлæ æгæр дард сты ардæм, мæнæ зæгьгæ дыууæрдæм фæндагыл нæ хардз кæ- нынц сæ рæстæг, уæд сæ бон хъæуид æртæ дыгьд кæнын. Дæхи зæрдæ де ’вдисæн, колхозы стуртæй æмбисбон цы ’рдуцынц, уый изæры дыгъдæй бирæ къаддæр нæ вæййы. - Раст зæгъыс Темсыр, бæргæ, фæлæ дзы колхозæн хорз фадæттæ ис, завод, цыхтахсæн, фосдарджытæн æхсæвбынат æмæ фæлладуадзæн, кæд стыр загъд æмæ заманаимæ арæзт æрцыдысты, уæддæр. Хъуыды ма кæныс, бирæты уырнгæ дæр нæ кодта, куыд, дам, ис уый гæнæн æмæ хъуджы бон æртæ хатты æрдуцай! - Ныр сæ æгæр дæр бауырныдта, фæлæ ма мæнæ адонæн дæр исты куы ’рымысиггам? - Нырма уал фæндаджы кой кæнын хъæуы. Рæхджы арæзт фæуыдзæн æмæ уæд æхсыры иу хай ласдзыстæм комкоммæ æхсыры заводмæ. Хисæрмагонд стуртæн та, æвæццæгæн, уырдæм скъæрæн нæма ис, æндæра уыдонæн дæр сæ пайда фæдывæр уаид. Дуцгæ фос сæрдыгон хизæн- ты дарын бæргæ мæгуырау нæу, фæлæ дзы алчи йæхицæн фермæ кæм сараздзæн, йæ иу, дыууæ стуры номыл ардыгæй уырдæм æрвылбон дыууæрдæм кæм кæндзæн, стæй ам дæр хъæуы, ам, æрвылбон урсаг, æндæра фосæн, уæлдайдæр та дуцгæ стуртæн скъæт æмæ сæрвæт иу не сты. Чи зоны уы- донæн дæр исты æрымысæм, фæлæ уал абоны фадæттæй пайда кæндзыстæм. Мæ дыууæ стуры искæйы ’вджид бакæ- нин хъугдуцджытæй, фæлæ æнæ уыдон дæр мæ бон нæ бауыдзæн. Иунæг сылгоймаг дæн, фæлæ мæм мæ цард цард нæ кæсдзæн, мæ папитæ мæ кæрты куынæ уой, уæд, - Косер йæ цæст ахаста кæрты къуымты. - Кæс ма, Темсыр, ныхæ- стыл дæ куыд ныддардтон. Ед у, заманайы бæгæны мæм ис 169
æмæ дзы иу къусыдзаг куынæ аназай, фæнды хæдзармæ ра- цу, фæнды дын дзы ардæм радавдзынæн. - Бæгæны зæгъыс, - бадис кодта Темсыр. - О, о, бæгæны, мæхи арæзт бæгæны. - Кæд дзы æндæр гæнæн нал ис, уæд дзы иу аназдзынæн ам, фæлæ нырма æгæр раджы у æмæ... - Бæгæныйæ та цæмæй тæрсыс, расыг дæ фæкæндзæн, - загъта Косер æмæ атындзыдта хæдзармæ. Темсыр хæрдмæ фæхæцыд йæ нымæтхудыл, йæ кæрон ын гæзæмæ фесхъæл кодта, йæ къæсхуыр цæсгомыл ахъа- зыд худындзаст, йæ хурсыгъд ныхыл фæзындысты лыстæг угæрдтæ, йæ даргъ уисæй февзыста стуртæм æмæ йæ æрæ- вæрдта кауы æнцой, йæхæдæг лæмбынæг ныккаст зæронд арæзт кæрты дуармæ. Уæдмæ асинтыл æрхызт Косер дæр æмæ кæхцæн акæ- лынæй тæрсгæйæ уæззаугай цыди кæрты. - Ацы дуар дын, æвæдза, ивинаг у, Косер. - Ивинæгтæ мын бирæ цыдæртæ ис, Темсыр, фæлæ нæ нырма уыдæттæм кæм æвдæлы, - Косер бæгæны дæтты лæгмæ, - фен ма йæ, фен мæ лæппуйы гуырæнбонмæ йæ ацарæзтон. - Ам и дæ лæппу, æрцыди? - афарста Темсыр æмæ сылгоймаджы къухæй хъавгæ айста кæхц. - Нæ, цæугæ нæма ’ркодта, фæлæ йын зæгъын уæд дæр йæ номыл ракæнон æртæ кæрдзыны, знон мын йæ гуы- рæнбон уыди, бæгæны бирæ уарзы. Аназ дæ хорзæхæй, ны- хасыл дæ фæкодтон, акув ын ды дæр, фæрнджын лæджы куывд, дам, цæуаг у, фæзæгъынц. - Фæрнджын хуыцау куы зæгъит, - Темсыр дыууæ къухæй дзæбæхдæр æрхæцыд кæхцыл, йæ къæхтæ аивтытæ кодта æмæ бæстон æрлæууыд, йæ сæр азылдта хурскæсæны ’рдæм. - Сæумазрайсомы рухс дзуæрттæй фæдзæхст уæд ацы хæдзарæн йæ бынæттон дæр æмæ йæ фæндаггон дæр! - загъта æмæ ныккаст бæгæнымæ, йæ фынчытыл ын бафу кодта æмæ кæхц уæззаугай сдардта йæ дзыхыл. Косер фездæхт æмæ скъæтæй рауагъта йæ дыууæ стуры. Уыдон цалынмæ сосæвæндагмæ хæццæ кодтой, уæдмæ Тем- сыр дæр ност фæци йæ бæгæны. - Бай, бай, бай, ахæм бæгæны æрæджыты никуыуал банызтон, раст æлутонау æндæгъд былтыл. - Мæнæ уый та кæрдзыны къæбæр æмæ йæ демæ айс, - Косер кауы михыл цы хызын ацауыгъта, уый дæтты Тем- 170
сырмæ. - Айс, айс æфсæрмы ма кæн, дысон сымахмæ хæ- бизджынтæ нæ уыдаит, фæнды йæ афтæ ахæсс, фæнды йæ дæхи хызыны нывæр, - сылгоймаг кæрдзын нывæрдта лæ- джы хызыны. - Мæн дæр ничердæм æвдæлы, Темсыр, ныр кæдæй нырмæ нал уыдтæн уыцы хъугдуцджытæм дæр æмæ хæрзаг ма зæгъой йæ хъус, зæгъ, нæм нал дары, ферох нæ кодта. - Дохтыры сæр сæ куы бахъæуа, уæд дæм хабар кæн- дзысты. - Нæ, нæ, Темсыр, æз дæр хъуамæ арæхдæр уаин сæ фарсмæ? фæлæ мын кæсыс мæнæ мæ уавæртæм. - Косер ацамыдта саст дуар, зæронд æмбондмæ, - адон мын иууыл дæр бацалцæгкæнинæгтæ сты. - Уыдонмæ дæм æз дæр фæкæсдзынæн. - Дæу дæр чи хъыгдары алы хатт, фæлæ дын уæддæр æндæр гæнæн нæй, уæдæ ма адæймаг æндæр кæмæй авæра ныфс. Адоныл ма хъæцдзынæн, фæлæ мын уæд, иу æв- дæлон рæстæджы, уæртæ ме скъæты сæр бацалцæг кæн- дзынæ. А-зымæджы дæр мæ тухæнæй амардта, йæ цар тæ- дзы цалдæр ран æмæ æз та уæлæмæ схизынмæ мæ ныфс нæ хæссын, стæй кæд нæ лæппу дæр искуыцæй зынид. - Ау æмæ кæд афтæ тæдзы, уæд мын нырмæ цæуылнæ искуы загътай? -Тæдзгæ дæр тæдзыны хуызæн вæййы, митдон цыхцырæгау фæкæлы уыцы зыхъыртæй. - Уæдæ мын уый тыххæй тыхсгæ ма кæн, мæхицæн дæр цыдæр кусинæгтæ ис хæдзары æмæ иу бон лæппуйы арвитдзынæн стуртимæ, - Темсыр систа йæ уис æмæ цал- дæр къахдзæфы алæууыд фæстæдæр, стæй дардæй февзыс- та стуртæм «чердæм, чердæм, ацы фæндагыл фыццаг хатт цæут, æви!» - æмæ атындзыдта сæ фæстæ. Косер лæууыд кауы михыл хæцгæ æмæ сосæвæндагыл куы иуæрдæм хаста йæ цæст, куы иннæрдæм, стæй йе ’ргом аздæхта хæдзары ’рдæм: «Йæ цæрæнбон бирæ Темсырæн, нырма мын никуы базивæг кодта, цæмæ фæнды йæм бау- лæфон - хионау мын мæ къух ацаразы. Мæнæ ма мын ме скъæты сæр куы бацалцæджытæ кæнид, уæд æй æввахс рæс- тæджы ницæмæй уал бахъыгдарин. Дыргъдон сывæллæт- тæй исчи ракæрддзæн. Мæхæдæг дæр ын аххуыс кæндзы- нæн. Мæ уд сæ нывонд, мæ лыстæг цуматæм мын æп- пындæр зив&г нæ фæкæнынц». Сылгоймаг зылд сугсæттæн къуыдыры алыварс æмæ æм- 171
бырд кодта къæцæлтæ. Йæ галиу цонгыл дзы дзæвгар æрца- мадта, фæлæ ма рахиз къухы кæй систа, уый иннæтыл нал æрæвæрдта, афтæмæй сраст йæ астæу. Автобус йæ тæккæ кæрты рахизæны фæлæууыд æмæ йæ маторы хъæрæй хъус- тæ къуырма кодтой. Косер æд суггæ разылд æмæ акаст бæлццæттæм: «Цымæ кæм уыдысты афтæ раджы?» - хъæу- бæстæй дзы цалдæрæй куы ’рхызтысты, уæд йæхинымæр йæхимæ радта фарст æмæ рахиз къухы армытъæпæн æрæ- вæрдта сугтыл. Автобус анкъуыст, цадæггай батад йæ маторы хъæр. Ко- сер ма æр^уыбыр кодта зæххмæ, йæ хъæбысæй чи ’рхауд, уыцы суджы лыггагмæ æмæ цалынмæ йæ астæу сраст кодта, уæдмæ та уыцы бынаты лæууыд рог автомашинæ. Йæ цæст дзы андæгъд æрмæст иунæг адæймагыл, шофырыл. Лæджы цæсгом иууылдæр уыд хъуынæй æхгæд, цалдæр касты фæ- кодта кæрты ’рдæм, стæй та уый дæр цадæггай араст æмæ фæаууон. Косеры цæстытыл ныхæстæй аззад шофыры фæл- гонц, йæ цæстæнгас, æнæнхъæлæджы хъуыдытæ ферттыв- той сæры, каугæронмæ йæ йæ къæхтæ куыд ахастой, уый зонгæ дæр нæ бакодта, аивæй акаст машинæйы фæстæ, иннæрдæм, йæ зæрдæ цыма уайдзæф ракæнинаг дæр уыд дзæбæхдæр æм цæуылнæ бакастæн зæгъгæ, фæлæ уæдмæ æрсабыр: «Иуæй-иу хатт сын анкъуысын нал фентысы, фæ- лæ ныр цымæ фыдæнæнгæнæгау цæмæн фæраст» - хъуыды кодта Косер цæуылдæр фæсмонгæнгæ, азылд æрхæндæг, фæлладгъуызæй æмæ, йæ сугтæ дæр йæ хъæбысы, афтæмæй ’рбадт бæласы бын бандоныл. Уыцы адæймаг нæ уыд æцæ- гæлон, цалдæр хатты ма фæкаст фæстæмæ дæр, стæй кæд хион уыд, уæд цæуылнæ фæлæууыд, цæуылнæ йын радта салам? Æниу ын йæ зæрдæ та цæмæн бакъуырдта, цæмæн ын азмæста йæ хъуыдытæ, цæмæн ризынц йе уæнгтæ, сыл- гоймаг катæйттæгæнгæ æдзынæг ныккаст зæхмæ, нæ йæм хъуыст сылгоймæгты хъæлдзæг ныхас дæр, цалынмæ йæм бахæццæ сты, уæдмæ. - Дæ райсом хорз, Косер, цыма дæ дзул лæвæрд фæцис, уый бадт куы кæныс дæ сугтимæ. - Æвæццæгæн та йе ’взонджы бонтæ æрбалæууыдысты йæ зæрдыл æмæ йæ размæ акъахдзæф кæнын нал ауагътой. Сылгоймæгтæ кæрæдзи дзыхæй истой ныхас æмæ рæс- тæгæй-рæстæгмæ худтысты зæрдиагæй. - Цæй ма салам нын уæддæр ратт, æви де ’взаг аны- хъуырдтай? 172
- Уæ хъал мыл куынæ каликкат, - Косер йæхиуыл схæцыд æмæ æд сугтæ сындæг къахдзæфтæй бахæццæ кау- рæбынмæ, йæ рахиз къухы æнгуылдзтæ æрбатыхта кауы михыл æмæ комкоммæ ныккаст, йæ тæккæ раз кауæн ин- нæрдыгæй чи лæууыд, уыцы сылгоймæгтæм. Иу рæстæджы йæ цæсгом ноджы фæтардæр, - æвæццæгæн уын абон мæ- нæй пайда нæй, мæхи тынг æвзæр хатын æмæ зæгьын абон аулæфон, стæй та райсом кæд фæсæрæн уаин. - Дæ низы хаттæн æппын базонæн нæй? - Сымахæй кæй бамбæхсон, ахæм сусæгдзинадæй мæм ницы ис, стæй йын, раст зæгъгæйæ, мæхæдæг дæр ницы зонын, ме уæнгтæ кæрæдзийыл нæ хæцынц... Райсомæй бæргæ дзæбæх уыдтæн, фæлæ хингондау, мæнæ чысыл раз- дæр æрбасулæ-мулæ дæн, мæ къæхтæ мæ нал урæдтой, æр- хауынмæ мæ бирæ нал хъуыд. Æз дæр ма бандоныл мæхи æруагьтон æмæ уæдмæ сымах дæр æрбахæццæ стут. Сылгоймæгтæ истуг фæхъус сты, къахæй-къухмæ цæс- тæнгасæй абарстой Косеры. - Цæй цы уæ былтæ æруагътат, æви афтæ æнæмбаргæ стут, кæнæ никуы ницы федтат. Тæрсгæ йын ма кæнут, æз уын дзырд дæттын, тæссагæй дзы кæй ницы ис, махæн нæ зæрдæйы хатт, нæ организм, нæ цард иууылдæр æрдзи- мæ баст у, æрдзы цагъартæ стæм æмæ æрдзау ивæнтæ кæнæм... - Сдзырдта чызджытæй иу. - Цæй, стæй та ды дæр дæ аргъæуттæм бахæццæ у. - Сбустæ йыл кодта иннæ. - Аргъæуттæ нæ, фæлæ æцæг хабæрттæ, кæннод æй уæхæдæг нæ зонут?! Уæдæ кæсдзыстут кæддæра ацы чызг æмбисбонмæ йæ гаччы нæ абада. Адæймаг йæ царды ныв- тæй цынæ æрбаймысдзæн æмæ йыл дзы иутæ узæлгæ бакæ- нынц, иннæтæ та йын йæ зæрдæ бакъуырынц æмæ уæд дон- зоныг кæны. - Хъазын уадзут, фæлæ-иу фæскуыст уæ фæндаг ауылты ракæнут, замманайы бæгæны мæм ис æмæ дзы сымах ’рдыгæй чи нæ баназа... - Уый цы уыдзæн?.. - Уый смой кæндзæн, стæй мæнæ мæнау иунæгæй баз- зайдзæн, - загъта Косер хъæлдзæгæй æмæ дзурæджы русыл æруагъта йæ къух, ома тæрсгæ ма кæн дæумæ мæ амонды хуызæн æмгæрæтты дæр не ’рцæудзæн. - Куы ницы бæрæгбон у, Косер, уæд бæгæны аразын дæ зæрдыл цы ’рбалæууыд? 173
- Знон мæ лæппуйы гуырæнбон уыд æмæ йæ уый номыл ацарæзтон, ссадæхсид бирæ уарзы. - Кæм ис дæ лæппу, æрцыди? Сылгоймæгтæ иууылдæр цымыдисæй ныккастысты Ко- сермæ. - Цæугæ нæ... Иууылдæр сæ цæсгæмттыл фæзындис тыхст æмæ дызæрдыг. - Фысгæ та цы кæны, æппын ацырдæм нæ фæнд кæны? - Фысгæ дæр... Цы зæгъон, нæ зонын, æрæджы дзы ни- цы райстон. Сылгоймæгтæн сæ хъæлдзæгдзинад цыма тайгæ акодта, уыйау цадæггай банымæг сæ ныхас, æмæ сæ хъус адардтой цæуынмæ. - Уæд та уын дзы ныр дæр авæрин, куыд уæ фæнды. - Изæры, изæры, фæскуыст. - Кæд ма нæ бон минас кæнын уа, уæд дæм фездæх- дзыстæм, кæннод-иу нæм ма ’нхъæлмæ кæс. Мæнæ йæхæ- дæг куы ’рцæуа, уæд ма нæ сурдзынæ, фæлæ нал акомдзы- стæм, цалынмæ сæ куывдæй, чындзæхсæвæй иумæ бахæ- рæм, уæдмæ. Сылгоймæгтæ, Косермæ сæ чъылдым фездахынæй æф- сæрмы кæнæгау, цыдысты иугай, кæрæдзи фæстæ, фæкæс- фæкæсгæнгæ, чи йæ рувæн йæ уæхскыл баппæрста, чи йæ къахдзæфæй-къахдзæфмæ зæххыл ныхæста, кæмæн та йæ къухыл æрцауындзæг, афтæмæй. Косер каст сылгоймæгты фæстæ æмæ куыд дардæй-дард- дæр цыдысты, афтæ та йыл уыцы гуырысхо æртыхст цахæм- дæр æрхæндæгимæ: Чи уыдаид уыцы бæлццон? Цæмæн ын бацагайдта йæ зæрдæ. Хъæубæстæй ничи уыд. Алкæйы дæр сæ зоны, - семæ схъомыл. Уæдæ сыхаг хъæуккаг уа æмæ дзы уыцы кары адæмæй йæ зæрдæ никæмæ ’хсайы, кæд сеппæтимæ зонгæ нæу, уæддæр сæ хъуыды кæны хуызæй. Косер лæууыд, сылгоймæгтæ йæ кæм ныууагътой, уыцы бынаты æмæ, цахæмдæр æхцонхæссæг хъуыдыйæн сæфы- нæй тæрсæгау, нал уæндыд йæ бынатæй фезмæлын. Æцæ- гæлон адæймаг æй уыцы иу фæкастæй йæ цæстæнгасы уа- цары бакæна, уыцы кары дæр уæдæ нал ис. Æниу ахæм æнкъарæнтæн азтæ æмæ царды фæлтæрддзинад къуылым- пыгæнæг никуы уыдысты, фæлæ уæддæр Косеры ивгъуыд дуджы нывтыл, æвæццæгæн, фæлм авæрын сæ бон нæ ба- уыдзæн. Ахмæты цæсгомы æвæрд æмæ цæстæнгасмæ ахсай- 174
дта йæ зæрдæ. Уыцы хъуыды тæлфыди сæры, лæбурдта зæрдæмæ, йæхи ныхæста цæстытыл, буарыл. Сылгоймаг сæ фæлмæцгæ нæ кодта, фæлæ сæ архайдта йæхицæй суры- ныл. Уыдон ыл тынгæй-тынгдæр куы тыхстысты, уæд хъа- выд лидзынмæ, йе ’нгуылдзтæ райхæлдысты кауы михæй æмæ йæ къæхтæ сæхигъæдæй ацыдысты кæрты ’рдæм. Сылгоймаг лыгъди, фæлæ йæ рæвдыдтой уыцы хъуы- дытæ, рæвдыдтой æмæ йын йæ сæрæй сырдтой гуырысхо, «Уый уыдзæн. Ау æмæ йæ цы хур, цы къæвда æрхаста ардæм? Кæцæй? Цæмæн? Ныр фынддæс азы кæми? Цы у, куыд у, уымæн куы ницы зоны, сæ царды фæндæггæ раджы куы фæхицæн сты?.. Нæ, уый гæнæн нæй! Кæд уый у, уæд дæр ардæм æз нæ дæн йæ цыды сæр, ис ын зонгæтæ, хæ- лæрттæ, сыхаг хъæуы - дард хæстæджытæ. - Ацы хъуыды нæ фæцыд Косеры зæрдæмæ, цыма дзы тæрсгæ фæкодта, уыйау сугтæ авæрдта бандоныл æмæ æрбадт сæ фарсмæ. - Æниу уыдонмæ дæр цæмæ цæуы? Уæдæ цы ми кæны ам?» Косеры зæрдæ кодта æнкъуысæгау, афтæмæй та сыстад, иу зылд ракодта кæрты къуымты æмæ ахызт дыргъдоны ’рдæм, тезгъогæнæгау. Уым бирæ кусинæгтæ уыд, фæлæ истæмæ февнала, ахæм хъуыды йæм æмгæрæтты дæр пе ’рцыд, æрмæст йæ цæст ахаста бæлæстыл, халсæрттыл, афтæмæй бахæццæ йæ кæронмæ, стæй цыма уым йæ зæрдæ йе ’муд æрцыд, уыйау раздæхт фæстæмæ æмæ та æрбадт кæрты астæу бæласы бын бандоныл, йæ сугты фарсмæ. Бады Косер. Силæм сылгоймаджы раз цалдæр хатты æр- зылд йæ мидбынаты, стæй йæм, бар курæгау, къуди здухгæ, хæрдмæ скаст цалдæр хатты æмæ æрхуыссыд йæ разы. Ко- сер, стыр хæзнамæ æвналæгау, расаста бæласы лыстæг къа- лиу цалдæр сыфтæримæ æмæ йæ аздыхта æнгуылдзты ’хсæн. Йæ къах æй нал хаста хæдзармæ. Машинæйы хъæр- мæ-иу йæ цæстытæ сосæвæндаджы ’рдæм куы азгъордтой, уæд-иу хатгæ дæр нæ фæкодта, афтæмæй стыхст йæхими- дæг, фæлæ уыцы уавæрæй фервæза, ууыл æм хъуыды кæ- нын дæр нæ цыд, ныккасти æнгуылдзты ’хсæн бæласы сыф- тæртæм æмæ гæзæмæ бахудт йæ мидбылты, æхцондзинады æнкъарæн нал асæрфта йæхи. Мæнæ йæ быны кæмæн бады, уыцы бæлас æм ныллæг æруагъта йæ къабæзтæ æмæ йыл уыд баузæлинаг, йæ тæккæ размæ йын æрыппæрста цалдæр сыфтæры, фидиуджытау, фæлæ сæ сылгоймаг нæ федта, йе ’нгуылдзты ’хсæн лыстæг къалиу здухгæ ныхъхъуыста йæ мид-зæрдæйы мидныхасмæ. 175
Ацы бæлас Ахмæты сагъд у. Къаннæг уыдис. Уисы лыгга- джы хуызæн. Уидаг бæрæг дæр ыл нæ зынд. Лæппу куыд- дæр кæрты астæу уæрм къахт фæцис, афтæ фæдзырдта Ко- сермæ: - Кæм дæ, кæ, ардæм ма рацу. - Мæнæ дæн, цы та мын сцæттæ кодтай? - балкъонæй ракаст Косер. - Уый та цы ’рымысыдтæ? - Цыма дын нырмæ бирæ диссæгтæ сарæзтон, уыйау ма йæм «та» дæр хорз бафтыдтай. - Стыр диссæгтæ аразынæн дæр дын нæ байрæджы, кæд дæ зæрды исты ис, уæд, - Косер бæстон ранцой кодта гæзæнхъæдыл æмæ каст Ахмæты куыстмæ. - Цымæ зæххыл бæласæй рæсугъддæр зайæгой ис. Уый рæзы хæрдмæ, фæйнæрдæм, ногæй-ногмæ ивы йæ хуыз, цæры сæдæгай азтæ, адæймагæн хæссы æнæкæрон æхцон- дзинад, фидар ын кæны йæ царды ныфсытæ. Зондцжын адæймаг æнæнхъæлæджы нæ загъта, зæгъгæ, алы адæймаг дæр хъуамæ ныссадза бæлас... - Бæлас зæгъыс, - зæрдиагæй ныххудт Косер, - æмæ ууыл хъуамæ фæуа йæ хорздзинад? - Цæмæн ууыл, ардæм рацу æмæ дын æй бамбарын кæнон. Косер æрхызт кæртмæ æмæ æрлæууыд Ахмæты цур. - Мæнæ ацы талайыл раст хæц, æз ын йæ алыварс сы- джыт æрнæмон. - Ай мæнæ суджы лыггаг куы у, цæй тала дзы ис, амæй хуыздæр дзы нæ уыдис? - Хæц, хæц, ацы тала куыд тагъд айрæза, афтæ уыцы зондджын адæймаджы иннæ фæдзæхстытæ дæр куы сæх- хæст уаиккой! - Ахмæт белæй сыджыт бассывта дзыхъмæ æмæ йæ æрнадта йæ къахæй. - Йæ иннæ фæдзæхстытæ та цы сты уыцы зондджын лæгæн? - Уыдон дæр куыд æххæст цæуой, афтæ дын сæ дзурдзы- нæн, науæд мын дзы исты аразын куынæ бантыса, уæд йæ разы, стæй дæ разы дæр, цæмæн хъуамæ уон къæмдзæстыг. - Зондджын адæймаджы фæдзæхстытæ æххæст кæнын хъæуы, фæлæ мæ разы куы фæкъæмдзæстыг уай, уымæн дæр исты нысаниуæг ис? Тынг дзы тæрсыс, нæ мæ уырны, - къахæджы ныхас баппæрста Косер, фæлæ йæхæдæг йæхи- уыд комдзог рацыд, - æниу ныхас хæйрæджы нæ уырны. - Дæхæдæг æй бамбар. 176
- Мæ бон уæлдай ницы æрымысын у. - Мысын дзы ницы хъæуы, куыддæриддæр у, афтæ йæ зæгъ. - Дæхæдæг дæр æй хорз æмбарыс, фæлæ дын æй уæддæр дæ зæрдыл лæууын кæнын. Уыцы зондджын адæймæгтæй иу уыд Белинский æмæ уый та афтæ загъта: «Иууыл стыр- дæр тæрхон у намысы тæрхон». - Уæдæ ацы бæлас та уыдзæн намысы цардæгас æв- дисæн. ,; Косеры хъустæ асыгътой ацы ныхæстæ. Скаст бæлас’ы пака цæнгтæм. Йæ зæнг - ставд, бæрзонд фæцыд æмæ дар- дыл аивæзта йæ къабæзтæ, бацахста æнæхъæн мусыйас кæрт. Адæймаг стыр æхцондзинад райсы йæ быны абад- гæйæ, уæлдайдæр та - сæрдыгон æнтæф рæстæджы. Бадти Косер. Афтæ йæм каст, цыма уыцы царды фæн- дагыл рахæцыд кæрдæг, схæмпæл, нал зыны йæ фæд дæр, бонты аууон фесты ивгъуыд дуджы нывтæ æмæ сæ йæхицæй асæрфта зæрдæ дæр, æрмæст ма хаттæй-хатт, ды- дзы рухсау, ферттивынц сæры, сæхи асæрфынц æнкъарæн- тыл æмæ та уæд боны фæндтæ дæр-ныссуйтæ вæййынц. Косерæй рох ницы у, фæлæ йыл ивгъуыд бонты хъæл- дзæг, рæсугъд нывтæ куыннæуал узæлынц, афтæ йæм нал хъары сæ маст æмæ се ’фхæрд дæр. Фæлæ ныр афтæ нæ зæгъид. Уыцы бæлццон ын бынтондæр ахаста йе ’нцойад. Сæ фы- нæйæ райхъалау базмæлыдысты, рох æнхъæл кæмæн уыд, уыцы сæнттæ æмæ бæллицтæ æмæ сылгоймаджы нып- пæрстой сагъæсты хуыдымы... Уый уыдзæн, æви нæ? Ацы фарст бæстон æрбадт йæ сæры æмæ нал куымдта сурын, домдта дзуапп æвæстиатæй. Сылгоймаг дæр бæргæ архай- дта, фæлæ нæ уыд йæ бон, нæ уыд æххуысгæнæг æмæ адæр- гæй йæхи радав-бадав кодта. Косер сыстад, иу хатг ма æркаст йæ къухы цы лыстæг къалиу æмæ сыфтæрты згъæлæнтæ уыдис, уыдонмæ, æр- калдта сæ бандоныл, систа йæ сугтæ æмæ, зæрдæсæттæн нывтæй лидзæгау, ацыд хæдзармæ. Ахмæты ацыдæй фæстæмæ Косер хæдзары дзаумæттæй иумæ дæр нæ февнæлдта, иунæджы дæр дзы йæ бынатæй нæ фæзылдта, æрмæст арф нывæрдта, уæлæ йæ мад æмæ йæ фыды хуызисты фарсмæ ауыгъд чи уыд, уыцы къам. Фæстаг курсы ист æрцыд. Уый дæр æнæнхъæлæджы. Никуы уарзта йæ ныв исын, фæлæ йæм Ахмæт æгæр куы ’рхатыд, уæд сра- 12* 177
’зы. Фæсмон ыл нæ кæны, фæлæ къулыл ауыгьдæй лæууа, уый дæр æм аив нæ кæсы, æндæра йæ йæ сæфт амонды тых- хæй уæддæр нæ райстаид. Ныртæккæ йæм æнæмæнг бакæсит лæмбынæг. Йæ цæстыты раз тыбар-тыбур кæны уыцы хуызист. «Кæд ма исты зонын, уæд æнæмæнг уый уыд, - Косеры цæсгом артау ыссыгъд, йе ’нгуылдзтæ æрхас- та уадултыл æмæ уыцы рæстæджы æрбадт къæлæтджыныл. Исдуг фæкаст тарæрфыгæй, стæй йæ ных æрывæрдта йæ армытъæпæныл, йæ быны бамбæхстысты сагъæсгъуыз цæс- тытæ. - Æниу кæд уый уыд, уæд цæмæн хъуамæ баурæдтаид ам йæ машинæ, цæмæн хъуамæ рахызтаид мæ кæрты раз, кæй ныфсæй? Цæй чифæнды фесдæт, - йæ хъуыдытæ фæ- суринаг уыд Косер, фæлæ уыдон фыдæнæнгæнæгау ноджы тынгдæр знæт кодтой сылгоймаджы зæрдæ. Цалдæр хатты аивта йæ бынат, бавнæлдта хæдзары зылдтытæм, фæлæ йын алы къахдзæф, алы фезмæлд, алы дзаума ноджы тынг- дæр мысын кодта йæ царды нывтæ. Куы-иу йæхимæ рамæ- сты, куы та-иу джихæй аззад æмæ-иу уæд ныккаст цахæм- дæр стьæлфмæ, йæ царды кæцыдæр фæзилæнмæ. «Æниу, цæй тыххæй хъуамæ æрцæуа? Цы ма йын дзы ферох? Куы нæ йын дзы хæдзар ис, куы нæ æввахс хæстæджытæ? Нæ зо- нын, фæлæ... Æниу, дам, æнгæсæй-æнгæсмæ лæг амардтой фæзæгъынц, - сылгоймаг фыдæнæнгæнæгау азылд хæдза- ры къуымты, цыма йæ æппындæр уыцы адæймагимæ ни- цыуал хъуыддаг ис, уыйау, фæлæ ацы хатт йæхимæ фæкаст цахæмдæр дурзæрдæ æмæ та йæ хъуыдытæ, йæ ныхæстыл хъуыдыгæнæгау, цæуылдæр фæсмонгæнæгау йæхи æруагъ- та къæлæтджыны. - Ам чизоны ахæмæй ницы уыд, фæлæ йын уæдæ йæ зæрдæ цæмæн бакъуырдта? Ау ацы фæндагыл бæлццæттæ цæугæ ныры йедтæмæ никуы федта?» Сылгоймаг тынг сдызæрдыг. Æппындæр нал æууæндыд йæ хъуыдытыл, йæ цæстытыл. Ныр уыцы хуызист сисит æмæ сæ æрымных кæнит, фæлæ тæрсы йæ намысæй. «Кæд мыййаг уый уыд?!» - Ацы дзырдтæ йæ æфтыдтой катайыл æмæ сын æнкъардта сæ узæлд дæр. Æмæ уæд та уый нæу, чидæр мæм уый æнгæс фæкаст? Ацы фарстæй сабыр кодта йæхи, фæлæ йæ æргом загътаид, уый хъару йæм нæ разынд, стæй йæ фæндгæ дæр кæй нæ кодта, уый йæхæдæг дæр æмбæрста. Цалдæр хатты сыстад йæ бынатæй, фæлæ та-иу æрбадт куы йæ раздæры бынаты, куы та æндæр ран. Хæ- дзары дзаумæттæ йæм куы цардæгасау сæ цæстытæ ныццæ- вынц, куы та вæййынц йемæ зæрдæйы сусæгдзинæдтыл ны- 178
хас кæнинаг æмæ уæд сылгоймаг фестъæлфы, йæхицæй фæлмæцæгау. Косеры зæрдыл æнæнхъæлæджы æрбалæууыд Ахмæ- тимæ фыццаг куы базонгæ сты, уыцы цау. Цалдæр боны цыдысты ахуырмæ. Кæрæдзи рæстмæ нæма зыдтой. Уыцы бон иу сгьолы фарсмæ бадт фесты. Ко- сер тыхст йæхимидæг, фæлæ дзы нæ уыд быхсынæй дард- дæр æндæр гæнæн. Æниу лекцийы рæстæджы æнæзонгæ адæймаджы фарсмæ абадын цас диссаг у, фæлæ уæдцæр чызг æнкъардта, йæ зæрдæ кæй тыхсы, уый. Иæ фыссæнтæ иуварс азылдта. Цавæрдæр чиныг фæцис йæ разы æмæ уый æнæрхъуыдыйæ фæлдæхта сыфгай. Ахуыргæнæджы ныхас не ’мбæлд зæрдæйыл. Йæхиуыл тынг бадис кодта. Лæппуйы фарсмæ та куынникуы бадт скъолайы, кинойы, театры, фæлæ ахæм уавæры никуыма бахауд. Тæккæ знон дæр базонгæ йæ къласы лæппутæй цалдæримæ, цалдæр азы сæ иумæ ахуыр кæнын кæй хъæудзæн, уый зæрдылдаргæйæ, рагон хæлæрттау, кæрæдзи хынц фарст кодтой, фæлæ нæ- дæр йæ дзырд фæкъуылымпы, нæдæр йæ уадултæ фæсырх сты, кæд сын бирæ нæ хъæуы, уæддæр, зæрдæ йæхицæн куыста æнцад-æнцой. Фæлæ ныр та? Ничи дæр дзырд- æппарæн, никæимæ дæр ныхас, афтæмæй йе уæнгтæ сыгъ- дысты артау. Дзæнгæрæгмæ æнхъæлмæ каст, фæлæ уымæ дæр тынг нæ бæллыд. Хаттæй-хатт йæ цæсты тигътæ аны- дзæвынц лæппуйы къухтыл, фыссæнтæ æмæ чингуытыл, мыдгъуыз пыхцылгомау сæрыхъуынтæ æмæ даргъгомау къæсхуыр цæсгомыл. Иу рæстæджы #бахгæдта чиныг æмæ йыл тетрæдтимæ ахæцыд стьолы кæронмæ, фыссæн сис ныппæрста хызыны, цыма йын æппæт тыхстдзинæдты ах- хосаг дæр уыдон уыдысты. - Бахатыр кæн, фæлварæнтæ ам лæвæрдтай æви уæхи горæты? - лæппу ацы фарст раттыныл бирæ фæцархайдта, фæлæ йын дзæнгæрæджы фæстæ фадат кæй нæ уал фæуыдзæн, уый хатгæйæ йæхи фæхъæбæр кодта. Косер исдуг фæтыхст, цыма йæ хъустыл цыдæр ауад, стæй йæм фарст дæр цыма нæ хаудта, уыйау йæ цæстытыл фæлм абадт, уæнгтæ æнæнхъæлæджы андзыг сты, фæлæ, фадатæн аирвæзынæй тæрсæгау, уæдцæр знæт зæрдæ æмæ змæст хъуыдытæ базмæлын кодтой былтæ: - Ам, æз дæ чысылтæ хъуыды кæнын, - загъта æмæ, стыр уаргъ аппарæгау, ныккаст комкоммæ ахуыргæнæгмæ. Лæппу ницыуал загъта, цыдæр æхсызгон ын уыд, Косер 179
æй бацæуыны фселварæнтæй фæстæмæ йæ зæрдыл кæй ба- дардта, уый, фæндыдис ма йæ йæ фарстытæм ноджы дæр бафтауын, фæлæ ницыуал æрымысыд, иунæг дзырд ссарын дæр нал бацис йæ бон, зæрдæ æмæ хъуыды сæхи бæргæ рап- пар-баппар кодтой, фæлæ былтæ лæууыдысты ныхæстау. Чизоны Ахмæты зæрдæмæ куынæ фæцыдаид ахæм дзуапп, уæд се ’хсæн ахастытæ уыдаиккой бынтон æндæр хуызон. Кæд хицæн факультетты ахуыр кодтой, уæдцæр сын иуæй-иу лекцитæ кастысты иумæ æмæ-иу уæд аивæй кæрæ- дзи æрцагуырдтой цæстæнгасæй. * * * Бонтæ цыдысты. Ацы хатты хуызæн Косерыл никуы ныддаргъи каникулты рæстæг. Хæдзары зылдтытæ-иу ын фесты аходæнафонмæ. Фермæмæ дæр-иу бауад йæ мадимæ, акуыста-иу уæдæ быдыры дæр. Нырма йæ афæдз хъуыд ахуыр кæнын, фæлæ уæддæр хъусын райдыдта арфæтæ, фæндиæгтæ. Зæрдæхæларæй йæ чи рæвдыдта, уыдон дзы нæ рох к&нынц абон дæр, стæй сын рохгæнæн дæр нæй, сæ ныхас-иу уæнгты ахъардта æхцондзинады уылæнау. Ахæм адæймагимæ, æвæццæгæн, царды цыфæнды зындзинæдты дæр нæй сфæлмæцæн, бæллыс ын йæ уындмæ, йæ мидбыл- худт, æвдадзы хосау, тайы дæ зæрдæйыл, дæ удыл æмæ аф- тæмæй кæрон нал вæййы хæрзиуджытæ саразыны бæллиц- тæн дæр. Фæлæ йæм уыцы арфæтæй иутæ та кастысты уæ- лæнгай, æвзаджы цъуппыл æнæнхъæлæджы чи абады, ахæмтæ æмæ-иу уæд йæхæдæг фæсырх фырæфсæрмæй. Куыд фæстагмæ бæстондæр хатын райдыдта сæ ахæм фæн- диæгтæ, цъæмæлтау, билцъ рауадзынæн кæй нæ бæззынц, уый, æмæ-иу уæд, йæ сæрыстырдзинады уд бацæуæгау, сом- боны цæстæй акаст цардмæ дæр: «Фæлæуут, фæлæуут, ныр- ма мæ фосы дохтыр мæстæймаргæйæ хонут, фæлæ уын а-чызг уæ хъазæн ныхæстæ фецæг кæндзæн». Ацы фæстаг дзырдтæ Косер арæхдæр фæлхатт кодта йæ мид-зæрдæйы, нæма йæм уыд сæ сæргом кæныны фæнд. Афтæмæй фылдæрæй-фылдæр кодтой зæрдæйæ æддæмæ чи бырста, фæлæ фæндаг кæмæн нæма уыдис, уыцы бæл- лицтæ æмæ сагъæстæ. Уæлдай тынгдæр сæ фæлмæцыд ацы каникулты рæстæджы. Фæлмæцыди сæ, нырма йæхи ’вджид кæй уыдысты, адæмы тæрхоны раз æрлæууыны хъару сæм 180
кæй нæма уыдис, уый тыххæй, кæд сын се стыр нысан æмæ бæрндзинад æнкъардта, уæддæр. Фæстаг курсы хъуамæ скаенæм чындзæхсæв. Ахæм ныхас рагæй хъуыста, Ахмæтæй, фæлæ искуы уыцы рæстæг æр- хæццæ уыдзæн, чысылæй фæстæмæ йæхи кæмæ цæттæ кæ- ны, уыцы царды фæндагыл йæ къах ныфсджынæй авæр- дзæн, аргьæутты хъайтартае йын зæххон адæм фестдзысты æмæ сын сæ цæстытæм комкоммæ бакæсдзæн, ууыл хъуыды кæнын æй нæма уагътой фьщцаг уарзты æнкъарæнтæ æмæ базырджын æвзонгад. Фæлæ æнæнхъæлæджы æрхæццæ уыцы рæстæг. Бинонты цард саразыны фæндтæ æмæ хъуы- дытæ сæхи ластой Косеры зæрдæмæ, цыдысты хъуызæгау, стæй дзы бацардысты фысымау æмæ йын рæвдыдтой йæ сыгъдæг æнкъарæнтæ, куы та-иу ын цахæмдæр тызмæг, æгъатыр гуырысхо азмæста йæ хъуыдытæ æмæ-иу, катайы хызы бахаугæйæ, разылд йае сæр. Ныййарæджы амондæй, дам, хайджын вæййы чызг дæр. Йæ мады хъысмæт нæ уыд тæхудыйаг, æнæцæстуарзон хъысмæт ын хæрз æрыгонаей йё* ’вджид ныууагьта хæдзар æмæ æнахъом саби. Бæргæ йын фыды уынаффæ уд бауа- дзид йæ ныфсыты, - хъæубæсты æмудгæнæг уыд, хылгæн- джыты фидауынгæнæг, уый йæ уæндондæрæй ракæсын кæнид царды хъулæттæм, фæлæ кæм, ацы хатг та фыды- бæстæйы бахъуыд йæ цард авмæ йын æй радта. Косер ын йæ сау гæххæтт куы раиста, уæддæр ма не ууæндыд сау хабарыл æмæ фыста æфсæдцон хаймæ, командакæнынадмæ. Уалын- мæ æнæнхъæлæджы фембаелд, йæхи къухæй йыл сыджыт чи бакалдта, уыцы адæймагыл æмæ уæд зæрдæйы хъæдгом нал банцад йæ риссынæй. Маст æмæ фыдæбон ныууагъта бинонтæн - йæ цардæмбал æмæ йæ чызгæн. Уый адыл сыл- гоймаг дæр ныхгæдта йæ заердæйы дуæрттæ æмæ сæ никæ- мæн уал байгом кодта адзалы бонмæ. Ие ’ппæт уарзт æмæ рæвдыдæй арæзта хъæбулы амонд. «Æвдæлон адæймаджы бадт ма кæн, фæлæ уæлæмæ сыст æмæ нын исты бантыса, науæд рæстæг махмæ нæ кæсы, а- дыууæ боны та дæ цæуын кæй хъæуы, уый дæ, æвæццæгæн, рох у æмæ нæ фæллой та нырма уынджы сты» - дзырдта мад фæдзæхсæгау- æмæ куы хæдзары къуымты зылд, куы кæртмæ хызт, куы та-иу цæхæрадонæй райхъуыст йæ ныхас. Косер бадт рудзынджы фарсмæ æмæ цыма мады ныхæс- тæн æппындæр ницы нысаниуæг ис, уымæ æппындæр нæ хауынц, уыйау йæ роцъо æрывæрдта æддæгуæлæ æвæрд ар- 181
мытъæпæнтыл, афтæмæй каст, фæлæ кæдæм, уымæн йæхæдæг дæр ницы дзуапп радтид. Институтмæ цæуыны рæстæг кæй ралæууыд, уый дзы бæргæ рох нæ уыд, æгæр дæр ма фæлмæцыд бонтæ нымай- гæйæ, фæлæ йæ æмбæхст хъуыдытимæ цæуын кæй хъæуы, уыцы уавæр ын æхсыдта йæ зæрдæ. Мæнæ йын зæгъгæ сæр- гом кодта йæ зæрдæйы фæндтæ, уæд чизоны дис нæ бакод- таид, фæлæ æмгъуыд фæстæдæрмæ кæй аргъæвдзæн, уый дызæрдыггаг нæ уыд. Косер йæ ныфс хаста мадæн æппæт дæр лыстæггай радзурынмæ, лæппуимæ цы бон базонгæ, уæдæй’ абоны онг^’уымæн æмæ кæрæдзи фæлваргæйæ зæрдæ кæуыл фæгуырысхо уа, кæмæй бакæрза, иунæг ахæм дзырд, иунæг ахæм цау дæр нæ хъуыды кæны. Æгæрстæмæй йæ Ахмæт хæдзармæ кæй акодта, йæ мадимæ йæ кæй базон- гæ кодта, уымæй дæр цыма нæ фæрæдыд, кæд æм иуæй-иу хатт рог ми фæкæсы, уæддæр. Арæх рахæссы йæ цæст уыцы ныфсджын къахдзæфыл. Ныр дæр та йæ йæ фæстæ асайдта уыцы фæндаг. Бирæ йыл уарзы цæуын. Цæуид æмæ йыл цæуид. Ацы хабар йæ мид-зæрдæйы дæр никуы сфæлхатт кодта. Ныр та йæ уыд йæхицæй фæсуринаг, фæлæ марадз зæгъ, намысы уайдзæф дæр æм фæкаст рæвдауæгау æмæ зæрдæйы æнкъарæнтæ къуырма кодтой хъуыдыйы. # # * Демонстрацийы фæстæ адæм тыннывæндæгау кодтой уынгты, фæзуæтты. Сæ хъæлдзæг ныхас æмæ райдзаст цæс- тæнгасæй ивылд амонды фурд æмæ йæ уылæнтыл хъазы- дысты царды ныфсытæ. Фæзуаты астæу лæууыдысты Ахмæт æмæ Косер дæр. Чызг-иу хаттæй-хатт, кæйдæр агурæгау, йæ цæст ахаста адæмыл. АрЁыроны æнгæс хъуырбæттæныл рæстæгæй-р&с- тæгмæ сæхи асæрфынц хурсыгъд æнгуылдзтæ. Иугæр йæ тымбыл цæстытæ фæуынгæгдæр сты, йæ гæзæмæ ахуырст тæнæг бьглты ’хсæнæй ферттывта сыгъзæрин дæндаг, йæ уадултæ фæсырх сты, уæд уый зон æмæ йын чидæр дардæй салам радта. - Цом ма уæртæ уыцы бандоныл абадæм, - загъта Косер æмæ дзуаппмæ дæр нæ банхъæлмæ каст, афтæмæй фæраст Ахмæты разæй. Бадынц æнæдзургæйæ. Адæм тыннывæндæгау кæнынц. Фæзуаты. Уыдон фæдыл хаттæй-хатт адзæгьæл вæййынц сæ 182
цæстытæ, фæлæ уæддæр мид-зæрдæйы æнкъарæнтæ æн- хъæлмæ кæсынц цахæмдæр æвæджиаг дзырд, æвæджиаг цæстæнгасмæ. Ахмæт арæхæй-арæхдæр базмæлы йæ мидбынаты, йæ фæндтæ, йæ хъуыдытимæ схъуырдухæн сты: «Ацæудзæн, æви нæ?». Ацы фарст ныффидар йæ сæры, фæлæ дзы цы хуызы фервæза, уымæн ницы амал ардта. Мадæн бæргæ фидар дзырд радта, фæлæ йæ сæххæст кæндзæн, уый ныфс æй нал уыд æмæ рафт-бафт кодта. Иу рæстæджы цыма тынг бафæллад, уыйау йæхи аивæзта, сыстад æмæ та фæстæмæ æрбадт. -’Ц’ыма цæуылдæр тыхсыс, афтæ мæм кæсы? - Æз?.. Мæнæй зæгъыс? - æнæнхъæлæджы фарстæй фæтыхст Ахмæт. - Дæуæй зæгъын, уæдæ мæ æндæр кæмæ цы хъуыд- даг ис. Ацы фæстаг дзырдтæ, царвау, атадысты Ахмæтыл. - Æз æппындæр ницæуыл тыхсын... Цæмæн дæм афтæ фæкаст? - Бирæ ма баддзыстæм ам? - чызг йæ морæ къаннæг хызынæй систа хъулон къухмæрзæн æмæ йæ куы йæ армы- дзыхъхъы амбырд кæны, куы та йæ йе ’нгуылдзтыл æртухы. - Искуыдæм тагъд кæныс, мыййаг? - Тагъд никуыдæм кæнын, фæлæ ам бадын дæр аив нæу. - Æз иу фæнд æрымысыдтæн, кæд дæ зæрдæмæ фæ- цæуа, уæд. - Цымæ цы фæнд æрымысыдтæ, зæгъ ма йæ. - Абон бæрæгбон у æмæ цом махмæ, - ацы дзырдтæй Ахмæт райдианы фæтарст, фæлæ йæ зæрдæ йе ’муд куы ’рцыд, уæд æхсызгонæй сулæфыд. Косеры цæсгом кæй нæ фæтызмæг, кæй йын не сбустæ кодта, уымæй йæ ныфсытæ фæфылдæр сты æмæ ма ноджыдæр цыдæртæ зæгъынмæ хъавыд, фæлæ йæ Косеры фарст фæурæдта. - Кæдæм? - чызг цымыдисæй бакаст Ахмæтмæ. - Махмæ, - фæуæндондæр лæппу. - Косер хъуамæ зæрдиагæй ныххудтаид, фæлæ йæхиуыл фæхæЦыд, рахйз къук æд къухмæрзæн айæрдта йæ былтйл æмæ иннæрдæм акаст. - Адæймаг цынæ фехъусдзæн, - чызг ацы дзырдтæ загъта йæ мид-зæрдæйы дзурæгау, дзуапп радтыны тыххæй, фæлæ йæ лæппу фехъуыстаид, уый йæ тынг фæндгæ дæр нæ кодта. 183
- Æцæг дын зæгъын, æцæг, цы диссаг дæм фæкаст, - Ахмæт зулмæ бакаст чызгмæ, йæ зæрды уыд цахæмдæр зæ- ронд æгъдæутты кой ракæнын, фæлæ йæ ныфс нæ бахаста, ахæм ныхасмæ цæттæ кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ. - Æз дæр æй диссаг куынæ хонын... - Уæдæ цом, мæ мад нæм æнхъæлмæ кæсы. Ацы хатт Косер дзурын ницыуал сфæрæзта, фæлæ ком- коммæ бакаст Ахмæты цæстытæм, стæй, йæ хъысмæт хуы- цауы бар бакæнæгау, æнхъæлмæ каст, лæппу дарддæр цы дзурдзæн, уымæ. Йæхи хъуыды нал ахста, ахæм фæндонæн цы дзуапп æрымыса, уый, æмæ назы цырагъау сыгъдис йæ буар. Цалдæр хатты аивæй асгæрста йæ уадултæ, йæ цæсты- тыл аныхæста къухмæрзæн, стæй къаннæг хызынæй систа чысыл кæсæн æмæ йыл, армытъæпæны æмбæхсæгау, ных- хæцыд цæсгомы комкоммæ. Бадынц æнæдзургæйæ лæппу æмæ чызг. Ахмæт агуры зæрдæйы дæгъæлтæ. Чызг æнхъæлмæ кæсы ног ныхасмæ. Афтæмæй рæстæг цæуы. Косер сыстид, фæлæ йæ нæ фæнды ацы ныхас æрдæгыл ныууадзын, кæд цæуыл ахицæн уы- дзæн, уый нæма зоны, уæддæр. Æнæмæнг дзуапп раттит Ах- мæтæн. Ацы хатт ссарит уæздандæр дзырдтæ. - Ницы ма æрымысыдтæ? Косер кæд дзуаппмæ цæттæ уыд, уæддæр æй бахъуыд бæстон ахъуыды кæнын, цæмæй хызт уыдаид фæсмойнаг скъуыдз дзагæй. - Æмæ цы хъуамæ æрымысон æз? - Мæ фæнд дæ зæрдæмæ цæуы, æви нæ? - Дæ фæнд зæгъыс, - Косерæн зын уыди разыйы дзуапп радтын, цæхгæр «нæ» зæгьын та йæ фæндгæ нæ кодта æмæ та дзуринæгтæ бакодта лæппуйæн йæхи бар. - ^ызæрдыг æппындæр мацæуыл кæн, абон у бæрæгбон æмæ дæ хонын нæ хæдзармæ, хоныны бгф алкæмæн дæр йс, стæй уазæгуаты цæуыны бар дæр. Хонын дæ куыд ме ’мбал, афтæ, æмæ дæ бон нæ зæгъын нæу. Æппын æмгары къæ- сæрæй никуы бакастæ? Ныр дæр афтæ. Ды мæ куы хонис, уæд ма дæ æз бузныг дæр фæуаин, фæлæ уал абон хъуамæ мæ коммæ бакæсай. Ахмæт сындæггай йæхиуыл схæцыд, фæлæ Косер нæ фезлгёёйыд йæ бынат&й, аедзыйæг касгйае къаехты бынмæг. л - Цæй, сыст уæлæмæ, - лæппу, цæуынмæ йæхи рацæт- тæгæнæгау, æрраст кодта йæ пиджак, акаст фæйнæрдæм, иуырдæм, стæй иннæрдæм сарæзта цалдæр къахдзæфы 184
æмæ æрлæууыд чызджы раз, - цæй ма сыст, дæумæ æнхъæ- лмæ кæсын, нæ фыдæлтæ дæр цыфæнды кадцжын уазæгмæ æртæ хатты йеттæмæ не ’рвыстой хонæг, æз та дын кæдæй нырмæ лæгьстæ кæнын, - Ахмæт æргуыбыр кодта æмæ йын ныххæцыд йæ галиу цонджы хъулыл. Косер ссæрибар кодта йæ цонг, чысыл ма абадт æмæ сы- стад. Йæ бон æппындæр ницы уыд зæгъын, цахæмдæр æф- сарм ыл хæцыд фæстæмæ, фæлæ йыл йæ зæрдæ та размæ хæцыд æмæ йæ уый фæцæйкодта йæ фæстæ, æрмæст кæ- ронмæ нæма аскъуыддзаг кодта, - ацæудзæнис æви нæ. Ал- гъуызон фарстытæ сæры ивтой кæрæдзи, фæлæ дзы дзуапп раттын иуæн дæр йæ бон нæ уыд. Афтæмæй цыдис, цыдис Ахмæты фæстæ. Хатт-иу дзы лæппу адард, фæлæ та-иу æм æрлæууыд. Цыдис Косер йæ зæрдæйы тæлфынмæ хъус- гæйæ, цыдис йе ’нкъарæнты уацайрагау, цыдис Ахмæты ныфсæй, амонд фæлварæгау, хъысмæты ницæмæ даргæйæ, цыдйс барвæндæй, цыдис æвæндонæй, цыдис асфальтыл йæ бæрзонд зæвæтджын туфлиты къупп-къуппæй, адæмы цæстæнгасæй тæрсгæйæ, цыдис, фæстæмæ йыл чи хъуамæ фæхйецыдаид, уыцы хъуыды цыма сæлгæ ныккодта, цыма æнусон фынæй бацис, уыйау. Фæндыдис æй тагъддæр цæуын, фæндыдис æй ацы фæндагыл æппынæдзух цæуын. Уæдмæ разынд Ахмæты хæдзар. Дардæй йын æй бирæ хæттыты бацамыдта, фæлæ йæм ныр фæкаст бынтон æн- дæргъуызон, цахæмдæр хион æмæ æцæгæлон, йæ алыфарс хæдзæрттæй бирæ цæмæйдæрты чи хицæн кæны, ахæм. Чызджы нал хастой йæ къæхтæ, нал ын æнтыст размæ, зæххæн фæцудынæй тæрсæгау ма змæлыд йæ мидбынаты, цыдæр фесты йæ ныфс, йæ хъару, йæ сæрыстырдзинад. Лæппу бахæццæ кулдуарыонг. Фæстæмæ фæкаст æмæ дисгъуызæй, уайдзæфгæнæгау, къухтæ фæпака кодта: -'Ц&й ма рацу... - Ахмæт ма дарддæр цы загътаид, уый нал базыдта афтæмæй лæууыд, йæ галиу къух чызгмæ амо- нæгау уæлдæфы баззад, рахизæй та дуары æвдузæныл хæ- цыд. - Хæрзаг мачи зæгъа кæйдæр чызджы тыхæй ласæгау кæны йæ хæдзармæ. Косерæн цыдæр дзурæгау базмæлыдысты йæ былтæ, афтæмæй бахæццæ уый дæр кулдуары онг. Æгæр хатын æм кйй*&а^ЕЭДууьтй ацы хатт йæмш&’’д&р расгйæгф&каст: Æфсæрм æмæ хъыгæмхæццæ мидбылхудт фæзынд йæ фæс- тæ, афтæмæй схæццæ сты асины сæрмæ. Чызг къæлидоры аззад иунæгæй. Ахмæты мад æм рауад, хыссæкъухæй, цин- 185
гæнгæ: «Мæнæ цыкурайы хуызæн чызг». Йæ русæн ын апъа кодта. «Мæнæ уал ацы хатæнмæ ахиз, - ацамыдта сыл- гоймаг, - æз дæр тагъд ацæттæ уыдзынæн». Косер бахызт, сылгоймаг ын кæдæм ацамыдта, уыцы хатæцмæ. Ныр ын бирæ фенцондæр. Цыма уæззау уаргъ æриста, уыйау уæнгтæ фæрог сты. Хатæны къуымты ахаста йæ цæст. Дзуарбадæны хуызæн. Къултыл ранæй-рæтты конд цы хуызистытæ уыд, уыдоныл цадæггай хаста йæ цæст, фæлæ йæм дзы зонгæ иу дæр нæ фæкаст, æгæрæстæ- мæй Ахмæты мады дæр нæ базыдта, хуыз æрыгонæй ист кæй уыд, уымæ гæсгæ. Ахмæт бахызт хатæнмæ. - Æнкъард ма кæн. Мæнæ уал дæхи аирхæфс, - загъта æмæ йын ацамыдта стъолыл альбоммæ, - йæхæдæг фез- дæхт фæстæмæ. Косер æрбадт къæлæтджыныл æмæ альбом æрæвæрдта йæ уæрджытыл. Фæлдахы. Цалдæр раны дзы федта Ах- мæты, йæ мад, йе ’фсымæры. Ам дæр æндæр зонгæйыл йæ цæст не схæцыд. Альбом кæронмæ фæлдæхт нæ фæци. Иу ран Ахмæт лæууыд чызджыты астæу. Æвæццæгæн дæсæм къласы ахуыр кодта. Иу æм дзы лæууыд хæрз æввахс, йæ дæлармы йын бавæрдта йæ къух. Косер уымæй дарддæр нал æркаст хуызистытæм. Чысыл цыма йæ зæрдæйыл цахæм- дæр хъыгдзинад атыхст æмæ йын йæ цæсгомыл дæр аны- хæста йæ фæдтæ. Йæ цымыдис фæкъуырма, фæлæ уæддæр йæхи дардта хъæлдзæг, цæмæй йын уыцы æнкъарæн баз- задаид æмбæхстæй. - Иунæгæй дæ ныууагътон, - Ахмæт бахызт æмæ фынгыл айтыгъта стъолæмбæрзæн. - Адон дæ куыстæгтæ сты бæргæ, - цыма æмбазлгæ дæр афтæ кæны, уыйау ма хъуыддаггъуызæй бафтыдта йæ дзырдтæм æмæ та фездæхт фæстæмæ. Косер дзургæ ницы скодта, фæлæ йæ мид-зæрдæйы тынг бабуц, нал æм зындысты альбомы нывтæ, ныууагъта фæл- дахын. Алыгъуызон фæрнæйдзаг хъуыдытæ нымбырд сты й^сæрьгаймæ’й’ай’ДЫма ныртæккæ цавæрдæр амонд ^арæв- даудзæн, уыйау джихæй ныккаст стъолæмбæрзæны нывæф- тыдтытæм. 186
* * * - Дæ хорзæхæй æндзыг бадæ æви, дæ бынатæй ма фег- гуырс, бадынмæ нæ не вдæлы, - мад зилдух кодта хæдзары къуымты, афтæмæй йæ дзырд баппæрста чызгмæ. Чызг фестъæлфыд, цыма фынæйæ райхъал, уыйау йæхи аивæзта, йæхиуыл схæцыд уæззаугай, арф ныуулæфыд æмæ хъеллæуттæгæнгæ ахызт кæртмæ, æххуыс кодта йæ мадæн. - Нана, тыхсгæ мын ма кæн, мæнæ ма иу аз у æмæ уæд бæстон æр>ывналд;зыстæм нæ хæдзары хъуыддæгтæм. ’ ^-^ыкæй’^æдзары хъуыддæгтæм æрывналДзынæ, уый нырма зын зæгъæн у, фæлæ дæ кæд дæ хъару хæсса, уæд дын мæнæ хæдзар дæр æмæ фæллой дæр, кæннæуæд дæр дæ бар дæхи, куыд дæ фæнды, афтæ-иу бакæн, æрмæст-иу сомбон мæнæй ма рахъаст кæн, ничи мын ницы бауынаф- фæ кодта, зæгъгæ. Косер цалдæр хатты уыд йæ мидзæрдæйы сагъæстæ мадæн раргомкæнинаг, фæлæ йæ ныфс никуы бахаста, йæ фæндтæн бакъуылымпыйæ тæрсгæйæ æмæ иннæмæй та Ахмæты ахастытыл хаттæй-хатт кæй фæгуырысхо вæййы, уымæ гæсгæ. Æниу йæ зæрдæ дардта, лæппу ахæм цардыл кæй сразы уыдзæн, ууыл, фæлæ уый фæдыл се ’хсæн нæма рауад ныхас æмæ уымæ гæсгæ йæ катайаг хъуыдытæ уы- дысты дывæр. Рæстæг цыдис, фæлæ Косерæн нæ бантыст йæ фæндтæ йæ мадæн сæргом кæнын, цалынмæ Ахмæты минæвæрттæ къæсæрыл не ’рбалæууыдысты, уæдмæ. * # * Чидæр дуар бахоста, фæлæ Косер нæ фезмæлыд, тарф фынты уацарæй фервæзæгау, йæ рахиз къухы æнгуылдзтæ рауагЬта гæзæмæ угæрдтæ ныхыл æмæ ма бæргæ архайдта уыцы нывтæ æмбырд кæныныл, фæлæ кæм... Уыдон лыгъ- дысты фæйнæрдæм сæ дидинджытимæ, сæ уæздан рæвдыд йМгэё ^йгдбьтлхуд*ггймæ, сонты бонты ныфсытимæ. ■ Дыккаг хатт бахостæуыд дуар. Косер фестъæлфыд. Фес- тад. Цыма уыцы дидинджытæ, уæздан ахаст æмæ мидбыл- худт, цардбæллон ныфсытæ тымбылæй къæсæрыл æрба- лæууыдысты, уыйау тындзыдта дуары ’рдæм, тындзыдта, фæлæ йын нал æмæ нал æнтыст, тындзыдта, мыййаг ын тæргай куы фæлидзой, уымæй тæрсГæйæ, тындзыдта ца- 187
хæмдæр амондимæ фембæлыны ныфсæй æмæ стыр хæз- намæ æвналæгау, февнæлдта дуары хæцæнмæ. - О, уый ды куы дæ, Муссæ, мæ удæй мæ мидæг ницыуал аззад, зæгъын ма чи у, - сылгоймаг фæтыхст æмæ цы дзуапп радтаид, уымæн дæр ницыуал зыдта. - Дæ бон хорз, - йæ мидбылты бахудт, афтæмæй йын раарфæ кодта Муссæ æмæ æнхъæлмæ каст дзуаппмæ. - Æгас цу, Муссæ, мидæмæ нæм рахиз. - Мидæмæ дæр цæуылнæ, фæлæ мæм цыдæр фæл- ладгъуыз кæсыс, æвæццæгæн исты куыстай. Ды дæр мæнæй уæлдай дæхиуыл нæ ауæрдыс, дæ уды знаг дæ æмæ афтæ- мæй кæдмæйы фаг стæм нæ зонын, - Муссæ дзуры афтæ- мæй архайы хызынимæ, - цы мын фæцис, цы, чысыл раз- дæр æй мæнæ ам куы ’ртъыстон. - Цы у, цы Муссæ, цы мын æрбахастай? - Тел у, тел, æвæццæгæн, - дæ лæппуйæ. -Тел зæгъыс?! - О, тел, цы диссаг дæм фæкаст? - Мæ лæппуйæ? - Æвæццæгæн, фæлæ хæрзæггурæгаг ахъуыды кæн, - иугæр сылгоймаджы цымыдис куы стыхджын, уæд æй Мус- сæ дæр фæкарздæр кодта. - Хæрзæггурæггагыл мын дæ сæр дæр ма сриссæд, Мус- сæ, - сылгоймаг тарстгъуызæй хæстæгдæр балæууыд лæ- джы хъуырыл ауыгъд хызынмæ æмæ дыууæйæ газетгæ, гæххæттыты ’хсæн агуырдтой тел. - Мæнæ кæм ис, мæнæ, - зæрдиагæй сулæфыд Муссæ æмæ йæ цæсгом фæрухс. Сылгоймаг тагъд-тагъд ракаст телы фыстытæ иу хатт, дыккаг хатт, стæй йæ цæнгтæ æрхаудтой, бæрзæй иуæрдæм фæкъул, афтæмæй фæрсæджы каст бакодтой Муссæмæ. - Муссæ, мидæмæ нæм рахиз, замманайы бæгæны мæм ис æмæ дзы иу баназ, - лæг сразы уыдзæн æви нæ, уымæ дæр нæ банхъæлмæ каст, афтæмæй хæдзары ’рдæм фæзылд Косер. - Бæгæны зæгъыс? - О, бæгæны, цы диссаг дæм фæкаст. - Диссаг мæм нæ фæкает, фæлæ æнæнхъæлæджы хабар. ÆвæцЦæгæн æи искæмæн алхæдтай? - Æлхæнгæ та цæмæн, Муссæ, мæхи арæзт у. Мæнæ тел кæмæй æрбахастай, уымæн знон йæ гуырæнбон уыд æмæ йæ уый тыххæй афыхтон, бæгæны бирæ уарзы. Ды та мæм )88
куыд хорз хабар хæссæг, афтæ йын акув æмæ дзы аназ, фæрнджын лæгæн, дам, йæ куывд цæуаг у. - Куыннæ, куыннæ, æмбæлы, æгайтма цвды хабæрттæ хæссын, - лæг дзургæ цыд Косеры фæстæ. - Фарн ацы хæ- дзары, - йæ хызын æрæвæрдта фæсду^р æмæ цыма йæ къухтæ уазал систы, уыйау сæ кæрæдзййыл сæрфгæ, аербадт стъолы фарсмæ бандоныл. . - Ныртæккæ, Муссæ, бирæ дæ нæ бафæстцат кæн- дзынæн. - Дæуæн дæр зын у, зын, Косер, - л^вг 1щ ц^стытæ аха- ста къуымты. - Цæй тыххæй зæгъыс, Муссæ? - Иунæгæй дын зæгъын зын у... Лæппу æппын ардæм æрцæуынæй ницы фыссы? - А-дыууæ боны, дам, мæ уырдæм хъæуы, фæлæ цы цыд уыдзæн, уымæн нырма цы бæрæг ис. Цыфæнды куы феста, уæддæр æй нал ауадэдзынæн. - Раст бакæнйс бæргæ, Косер, рахау-бахауæй дæр нæй цард аразæн. Нæ фыдæлтæ æдылы нæ уыдысты: тулгæ ду- рыл, дам, хъуына нæ хæцы. Мæнæ мæнмæ нæ кæсыс. Ме ’взонджы бонтæн фæуынæнхъæл никуы уыдтæн, мæ бынат никуы æрхъарм кодтон, цæугæцардæй арвыстон мæ рæстæг æмæ мæм кæсыс. - Цæуыл фæсмон кæныс? - Бирæ цæуылдæрты. Мæ цахъхъæнæн хъуамæ ныр кæстæры кæстæртæ дæр уаид, мæнæн та мæ кæстæр йæхи дæр рæстмæ нæма базыдта. .- Базондзæн, Муссæ, дæхи загьдау, рæстæг кæуылты атæхдзæн, уый зонгæ дæр нæ бакæндзынæ. - Уый афтæ у, фæлæ уæддæр кæд цы уыдзæн нæ зонын, цалынмæ уый йæ лæджы кармæ хæццæ кæна, зонд бамбара, уæдмæ мæнæн ме стæгдар дæр нал уыдзæн. Ацыран ды дæр стыр азымджын дæ, уый зон. - Цæмæй æз та? - Цæмæй куы зæгъай, уæд мæм де ’ргом нæ раздæхтай æмæ мæ уæд ускурын дæр фёрох. Сæ дыууæ дæр зæрдиагæй ныххудтысты. - Адæймагæн йæ хъуыраны цы фыст æрцæуа, уымæй йын нæй фæиппæрд, хорзæй дæр æмæ æвзæрæй дæр. - Ома лæгæн йæ амонд йемæ райгуыры? - Æнæмæнг дæр афтæ, ды йæ мæнæй хуыздæр загътай." Иу арахъ уал аназис. 189
- Арахъ дæр гæнæн ис, фæлæ уæд кусынæн нал сбæз- дзынæн. - Иунæг дын ницы кæндзæн. - Цæй уæд та дзы иу баназон, цы уа, уый уæд, мæнæ ма мæ дыууæ хæдзармæ бауайын хъæуы æмæ та сæрибар дæн абоны куыстæй. Косер фынгыл æрæвæрдта хæринæгтæ, арахъ, бæгæны æмæ æрбадт Муссæйы ныхмæ. Муссæ акуывта, анызта арахъ, бæгæны æмæ йæ комдзаг æууилгæ дзырдта: - Уæдцæр дзы дæ армæйдзагæн æмбал нæй, никæимæ хæццæ кæны, фæлæ иуæй-иутæ цæмæй фæхъуыды кæнынц, уымæн ницы зонын. - Нæ дæ бамбæрстон Муссæ, афтæ цæй тыххæй зæгъыс? - Цæй тыххæй куы зæгъай, уæд бирæ хуыцауысконд адæймæгтæн сæ цард фæвæййы амонд агургæйæ, фæлæ йыл уæддæр нæ фæхæст вæййынц, иуæй-иутыл та йæхæдæг ныхæсы, фæлæ уæддæр нæ вæййынц лæджы ном хæссыны аккаг. - Уæдæй нырмæ бирæ рæстæг рацыди, Муссæ, нал æй хъæуы мысын, цы ’рцыд, уый æрцыд, мæ зæрдæ фæцъæх йæ койæ дæр. Дæхи загьдау, алцæмæн дæр амонд хъæуы, уый дæ куыннæ хæсса, уæд тыхмийæ ми нæй. - Косеры цæсгом фæтызмæг, йæ цæстæнгас æруагъта фынгмæ, цы кæрдзыны муртæ йыл æрхауд, уыдон кæрæдзийыл ныхасгæ уыгъта æнгуылдзтæй. - Кæд ма мæ исты амонд уа, уæд мæ кæстæр фæхæст уыдзæн хуыздæр царды фæндагыл, кæннод дæр ын цы кæнон. Мæнæн мæ бон цы уыд, уый сарæзтон, схъомыл æй кодтон, сахуыр... - Косер, хъыг дæм ма фæкæсæд мæ ныхас, æвзæрæн æй нæ зæгъын, фæлæ ныры фæсивæд хивæнд сты. Уыимæ сæ алцы дæр цæттæйæ хъæуы, нард фыхæй уарзынц. - Раст зæгъыс, фæлæ махон ахæм нæ уыд, кæд дыууæ бонмæ къæссавæлдæхт фæци, уымæн ницы зонын. - Æз ма дын-иу фæнд амонын. -? - Кæд гæнæн ис, уæд ын бинонтæ ’ркæн æмæ йæ кæд би- нонты бæрн йæ гаччы æрбадын кæнид. - Сывæллон дæр ма сын ис, сывæллон, ды та мын би- нонты кой кæныс, мæнæн æй хъæр дæр не скодта мæнæ хæрз æрæджыйы онг. - Чи у, кæцон у? 190
- Æз дæр æй нæма зонын, фæлæ цыма йемæ ахуыр кодта. - Муссæ цæуылдæр ахъуыды кодта мæтгæнæгау, стæй дзырдтæ арæхстгай кæрæдзийыл ныхасгæ, ныккаст бæ- гæныйæ йедзаг агуывзæмæ: - Ныййарджытæй дард чи лидзы, уыдонæй ма уæд, уый йеттæмæ, - Муссæ ныр та каст сылгоймаджы цæсгоммæ. - Адæймагæн йæ сæр йе уæхсджытыл куы уа, уæд ын йæ зонд ничи аивдзæн. - Нывæрзæн, дам, здахаг у’фæзæгъынц. Мæ ныхас дæм хъыг ма фæкæсæд, мæхи хойы цæстæй дæм кæсын. - Цæй уыдон уадзæм, фæлæ ма дæ разы иу бæгæны аназ, кæмæ цы амонд кæсы, уыимæ цæрдзæн, мах никæмæй ни- цы домæм. - Раст зæгьыс, Косер, уыдон дæр сывæллæттæ нал сты, кæд сæ сæ хъару хæсса, уæд... Æниу ныййарæджы зæрдæ уый нæ зæгъы, зæрондæй дæр йæ хъæбулмæ сывæллоны цæстæй кæсы, фæлæ-иу сæ хатт сæхи бар дæр ауадзын хъæ- уы, цæмæй цадæггай фæлтæрой, науæд сæ цард æнæнхъæ- лæджы куы ахсойы, уæд æй хъысмæты ’фсон фæкæнынц, цыма иннæ дугты фæлтæрæн хæрзиуджытæ, хорзæхтау, лæвар цыдысты... Ныхасыл дæ æгæр ныддардтон, стæй мæ- хи дæр тынг не ’вдæлы... Мæнæ ма ацы нуазæн аназон æмæ цæуон, мæ минас мæхи ’рдыгæй фæцис. - Минас хуыцау куы зæгьид... Иу ма дзы анызтаис. - Хъæздыг æмæ бæркадджын уæд ацы бынæттæ, сæ бынæттон дæр æмæ сæ фæндаггон дæр фæдзæхст уæд Уас- тырджийæ, - Муссæ сыстад, йæ хызыны бæттæн акодта йæ уæхскыл æмæ фæстæмæ дæр нал фæкаст, афтæмæй ахызт къæсæрæй. Косер фынг сæфснайдта æмæ рахызт кæртмæ, йæхи та аирхæфста цæхæрадоны ’рдæм. Уыцы боны хабæрттæ йæм фæкастысты æгæр бирæ, тынг сæ бафæллад, йæ сæр æруæз- зау, йе уæнгтæ нал хæцыдысты кæрæдзийыл. Уæддæр ма йын лæппуйы тел рухс бауагъта йæ зæрдæмæ æмæ аф- тæмæй йæ хъуыдытæ цадæггай здæхтысты хæдзары митæм. Ног ныфсытимæ сæ нымадта йæ мид-зæрдæйы. Иæ цæсты- тыл уадысты, куыддæр æрцæуа, афтæ æппæты фыццаг цæмæй райдайдзæн, уыдон. Амæй размæ куы ’руад Будзи, уæд бæргæ бирæ бакуыста, æнтысгæ дæр ын дзæвгар бакодта, фæдисонау уыд йæ фез- мæлд, иунæг бон йæхицæн улæфт нæ радта. Æмбонды æм- 191
бис раивта, зæронд бæлæсты бæсты фæсагъта тал^тæ, бæс- тыхай æмæ скъæты сæр ивынæн æрцæттæ кодта æрмæг. Кæрт ралæгъз кæныны тыххæй ма уыд иу машинæйыдзаг асфальт самал кæнинаг дæр, фæлæ йын нал бантыСт. Куы- рыхон лæгау уыдысты йæ фæндтæ æмæ сæм йæ зæрдæ дæр мæлæты хорз ради. Йæ улæфты рæстæгМæ дæр сæй барт- хъирæн кодта, фæлæ сын иууыл стырдæр æмгъуыд уыдис æфсады рæнхъытæй æрыздæхынмæ. Сылгоймаджы зæрдæйы та бацыд стыр ныфс æмæ нал тарст, нæлгоймаджы фердæхт æмæ хъару кæм хъæуынц, уыцы куыстытæй. Темсыр дæр æй нæ фæсайдта, æрбауад æм йе скъæты сæр цалцæг кæнын æмæ кæрты дуар ивын- мæ, фæлæ йæ æвналын ницæмæ бауагъта: «Дæ хъару дæхи фæндиаг, дæ тых макуы байсысæт, Темсыр, мæнæ мæ лæп- пуйæ тел райстон, а-дыууæ боны, дам, зындзынæн æмæ сæ уый кæд йæхæдæг бадзæбæхтæ кæнид. Æндæр бон мæ нæ вæййы, æндæра ацафон алчи йæхи къухтæм æмхасæнтæ фæкæны». Косер ма йæхæдæг дæр цæмæдæрты бавналинаг уыд мæнгагъуысты, скъæты, фæлæ уыдон дæр ныууагъта лæп- пуйы æрцыдмæ, афтæмæй æнхъæлмæ каст иу бон, дыууæ, æртæ... Фæстагмæ та йæ мид-зæрдæйы хъуырдухæнтæй рай- дыдта фæлмæцын. Йæ цæстытыл-иу ауад, уыцы рог ма- шинæйы цы гуырысхойаг бæлццоны федта, уый дæр, фæлæ уый цадæггай тади æмæ йæ раздæрау нал тыхсын кодта. * * # Телхъæдтыл ауыгъд электроны лампæтæ мæйрухсы уы- дысты фæлурсдæр æмæ сæм кæд комкоммæ бакæсгæйæ цæстытæ нæ лæууыдысты, уæддæр сæ рухс уый бæрц нæ ахадыдта. Уынгты ма уыд иугай цæуджытæ. Хæдзæртты раз фæлладуадзæн бандæттæ дæр цадæггай сæрибар кодтой. Хаттæй-хатт радымы рог уддзæф æмæ, сусæг хабархæс- сæгау, йæ сыбар-сыбур ссæуы цæхæрадæтгы, дыргъдæтты. Ахмæт йæ цыд фæсабыр кодта, цахæмдæр тых ыл хæцыд фæстæмæ, фæлæ йæ нæ урæдта, цыдысты къæхтæ, кæд зæх- хæн сæ быны лæбырынæй тарстысты, уæддæр. «Цыфæнды куы феста, уæддæр дзы абон афтæмаей здæхæн нал ис!» Цалдæр хатты йæ ныфс кæй нæ бахаста, уый дæр æм ацы фæстаг рæстæджы хардзау æркаст æмæ фыдæнæнгæнæгау 192
размæ иста йæ къæхтæ, афтæмæй бахæццæ къаннæг хиды былмæ. Хъæубæстæй йыл æппындæр ничи амбæлд. Æниу ыл куы амбæлдаид, уæддæр ын базонæн нæ уыд. Саудалынг хъуынæй æхгæд уыдис цæсгом иууылдæр. Бæзджын боцъо- ты кæрæттæ гæзæмæ фесхъæл сты. Лæппу бахызт хидыл. Афтид разындис æмбонд рæбын бандон дæр æмæ каудуары цур нæ фæлæууыд, фæлæ йæ фегом кодта- барджынау æмæ бахызт кæртмæ. Цуанон ыл кæй не срæйдта, уый йæм фæкаст стыр диссаг. Цин дæр ыл нæ бакодта, фæлæ йæ размæ рацыд æмæ йæм каст æнæссы- бырттæй. Ахмæт исдуг фергъуыйау, стæй йæм сдзырдта ныллæг хъæлæсæй æмæ уæд цуанон батылдта йæ къуди, фæлæ йæм уæддæр æввахс нæ бацыд. Дзæбæх зындысты зонгæ бынæттæ. Бæлас бирæ фæбæрзондцæр, фæпæлæхсар- дæр. Хæстæг æм бацыд. Бавнæлдта йæм. Цингæнæгау баз- мæлыдысты йæ къабæзтæ, райхъуыст йæ сыфтæрты сыбар- сыбур. Ахмæт ыл баузæлыд, - æруагьта йæ уырзтæ. Бандон дæр бæласæй бирæ кæстæр нæу, фæлæ уымæн йæ фæйнæг скалццæг, цалдæр раны фæхуынчъытæ. Хæдзар дæр куыд ныууагъта, афтæмæй лæууыд, цыппар рудзынгæй каст кæрты 'рдæм> се ’хсæн дуар, асины тæккæ сæрмæ. Иугæр хæдзарæй рухс куынæ калд, уæд Ахмæт, царды нысæнттæм æнхъæлмæгæсæгау æрбадт бæласы бын бандо- ныл. Нырыонг никуы ахъуыды кодта Косеримæ ныхасыл. Афтæ йæм каст, цыма кæддæры æнкъарæнтæ сæ уацары ба- кæндзысты сылгоймаджы æфхæрд зæрдæйы æмæ фыццаг фембæлдæй сисдзæн æппæт азым хатыр кургæйæ. Фæлæ йæм ацы хатт æгæр стыр фæкаст йæ азым. Уый йын къуын- дæг кодта йæ дзуринæгты. Æниу ын дзуринæгтæ та цас хъуамæ уыдаид. «Æнæбайрайгæ фæуæд йæ хæдзарæй, кæд æй цы фыдбылызтæ æрбахастой ацы хъæуы клубмæ кусын- мæ, цыма æндæр кæм æрбынат кодтаид, уый йын нал уыд», - йæ мид-зæрдæйы ахъуыды кодта Ахмæт æмæ та уыд раздæхинаг. Чысылæй фæстæмæ зыдтой кæрæдзи. Скъолайы дæр иу рæстæджы ахуыр кодтой, фæлæ дзы уый цалдæр къласы дæлдæр уыд. Лæппу арæх цыд горæтмæ йæ ныййарджыты бæрæггæнæг æмæ-иу уый дæр æнæмæнг йемæ хъуамæ фæ- раст уыдаид. Ахæм æмбæлццон Косеры зæрдæмæ бæргæ нæ цыд, фæлæ уый тыххæй сыбыртт дæр никуы скодта, цалын- мæ лæппуйы уагахаст ивын нæ райдыдта, уæдмæ. 13* 193
Уыцы изæр æппæт дæр алыг. Ахмæт æрбацыд æлхын- цъæрфыгæй. Иæ дзыхæй иунæг сыбырт дæр не схауд. Лæп- пу йæм йæхи бæргæ ласта, хæрдмæ йыл хылди, фæлæ дзы уый дæр фæстагмæ, тæргайау, йæхи дарддæр айста. Ахмæт æрхуыссыд диваныл æмæ сагъæсгъуызæй йæ цæстытæ ныццавта цармæ. - Кæд мыййаг нæ фæзулдзых стут?.. Æз æппæт дæр зо- нын, мæнæй мацы сусæг кæн. Лæг йæ цæст дæр нæ фæныкъуылдта, цыма йæм уыцы ныхæстæ æппындæр нæ хауынц, уыйау, фæлæ уый хыгъд йæ масты дзæкъул дымсти æмæ дымсти, фæндыдис æй тагъддæр куы атонид æмæ йын цалдæр дзырды æргомæй зæгьыны фадат куы фæуаид, кæд сын сæ азарæй йæхæ- дæгдæр нæ ирвæзтис, уæддæр. Иугæр Ахмæт куы ницы дзырдта, уæд Косеры маст дæр фыхти æмæ йæ уый бафтыдта загъдкъахæн ныхасыл. Æниу дзы загъдкъахыны мæт уый бæрц нæ уыд, лæджы мид- зæрдæйы æнкъарæнтæ йæ цæй бæрц æндæвтой, фæлæ зы- дта, ахæм зæрдæмæ бакæсын æнцон кæй нæу, уый æмæ-иу хатт йæхи дзырдтæй дæр фæтарст, æрмæст сыл йæ бон нал уыд фæстæмæ фæхæцын. - Æз цыфæнды дæр фæон, никуы ничи фенамонд мæны йеттæмæ, фæлæ ахæм хъизæмæрттæ чи ’взары, уый уын- гæджыДæр нæу? - Нал мæ ныууадзай, иучысыл ма дæ дзыхыл бахæц! - цæхæрау ракалдысты Ахмæты дзырдтæ, стæй сонтау фестад æмæ ахызт иннæ хатæнмæ. - Æз дæ цынæ бахъыгдарон, хуыцау дæр дæ æндæр куынæ бахъыгдарид, мæ сæры сæ не ’вæрдтон, уый йеттæмæ дын рагæй зонын дæ хъуыддæгтæ, - дзырдта Косер, Ахмæт æй дзæбæх куыд хъуысдаид, афтæ. - Уæдæ кæд æппæтдæр зоныс, уæд ма мæ цы баййар- дтай? - Ахмæтæн дæр фæцис дзурыны фадат æмæ нал ауæрста. - Кæд зæгъын, мыййаг, дæ сæр разылд, уæд дын дæ цæстытæ байгом кæнон. - Мæ зæрдæ фæцъæх ацы хæдзары, ацы дуртæ æмæ хъæдтæм кæсынæй. - Уæдæ дзы мæ зæрдæ цæуылнæ цъæх кæны? - Ныууадз мæ, дæ хорзæхæй, дзурын мæм нæ цæуы æмæ мæм ма дзур, дæу ницы мæт ис... - Науæд дæу адæмы мæт бадомдта, кæнæ мæнæ дæ цард, дæ бинонты мæт. Тыхсыс нæ æмæ дæ сæрæн цы хуыздæр 194
хос ис, уый йын сараз. Мах хъысмæтæй дæр схуыст адæм стæм æмæ нæ ныууадз нæ мæгуырыл. - Ома дын ам ницы ис æмæ дæхи айс!.. Æмбарын, æмбарын, рагæй дæ æмбарын. Дæ сины сæртыл дæр дæ барты тыххæй’ хæцыс. Æгайтма мын æппæтдæр æргомæй загьтай. Йæхи нæлгоймаг чи хоны, уый хъуамæ мæ цардæй цæра? Раст æй бахахх кодтай. Мæнæн афонмæ дæр ацæуын æмбæлд. - Æз никуы ахъуыды кодтаин, ды ах^ем уагмæ æр- хаудзынæ, мæнæ ныртæккæ дæ дзыхæй чи хауы, уыцы ны- хæстæ зæгъын дæ сæрмæ бахæсдзынæ, ууыл æмæ кæд афтæ у, кæд дæм æндæр зонд, æндæр лæгдзинад нал ис, уæд дæ бар дæхи, тыххæй дыл ничи хæцы. Æз дæ мæхицæн мурдæр ницы æрдомдзынæн. Мæнмæ æндæр дзуринаг нал ис. -Косер йæхи бæргæ бафæдзæхста, йæ ныхас ныццауа- зинаг бæргæ уыд, фæлæ дзуринæгтæ куыд фæстагмæ тын- гæй-тынгдæр ивылдысты. - Цæйнæфæлтау æз искæмæн балæгъзтæ кæнон, искæйы раз мæхи саслам кæнон, фæлтау мæ цард дæр нæ хъæуы æмæ бон дæр. Бæстæ - уæлгоммæ, алчи дæр йæхи дарынхъом у... Уæдæ иу иннæмæй тæрсгæ дæр нæ кæны. Фæлæ кæд афтæ у, уæд мæм ис иунæг уы- наффæ: Уæ дыууæйæн дæр бынат нæй ацы хъæуы, ацы рай- оны. Уый æз мæхи тыххæй нæ зæгъын, мæнæн уæлдай нæу, чи кæм фæнды цæрæд, фæлæ-мæ иунæджы цард æмæ сом- боны тыххæй. Цæмæн хъуамæ уа йе ’мгæртты ’хсæн къæм- дзæстыг, ныхкъуырд ис мад, ис фыдæй, цæмæн хъуамæ ныссаджилтæ уа æвæлтæрдæй йæ зæрдæ? Уымæй дарддæр уæ амонд - уæхи фæндиаг. Æлгьитгæ уæ никуы ракæндзы- нæн. Уый мæм сау лæджы, цъаммар адæймаджы ми кæсы. Ахмæт та ацы ныхæстæм хъусгæйæ хъавыд йæ фæнд аивынмæ. Косермæ бæргæ мисхалы бæрц азым куы ссард- таид, уый йæ тынг фæндыд, æппынæдзух ын æй йæ цæстмæ дардтаид, фæлæ ницæуыл хæст кодта æмæ та-иу фæцис йæ зæрдæмæ хъусынтыл. Иузаманы та хæдзæрттæ ауæй кæныныл сбæндæн, æрмæст Косеры мадæн æргомæй ницы бауæндыд зæгъын, фæлæ цадæггай фæндаг агуырдта сæ дыууæйы зæрдæтæм дæр: «Цы ми кæнæм ам, ис нын фадæттæ æмæ сæ рагацау спайда кæнæм. Хъæу æмæ горæт иу не сты. Ацы бæсты- хæйтты аргъæй иу къуым кæнæ æлхæнгæ бакæнæм, кæнæ аразгæ. Сымах дæр ирвæзт уыдзыстут æнæхъуаджы фыдæ- бонæй, кæсдæртæн та - уæрæх фæндаг ахуырмæ». 195
Ацы дзырдтæ йæ зæрдыл куы ’рбалæууыдысты, уæд йæхимæ фæкаст, нæлгоймагыл чи не ’мбæлы, ахæм рог- зонд, рогзæрдæ адæймаг. Фæлæ уыдон рагон хабæрттæ сты, кæд сæ фæд ныууагътой, уæддæр. Ныр дзы ахæм ныхæстæ тыххæй ласæгау дæр ничиуал раласид бæргæ, ахæм хъуы- дытæ йæ фæсонæрхæджы дæр нал фæзындысты. Уыцы ми- ниуæгæй бæргæ уыди сæрыстыр, фæлæ йæ хъуыд равдисын, хъуамæ дын искæйы зæрдæмæ дæр фæцæуа, фæлæ кæй æндæвта йæхи æмæ Косеры йеттæмæ. Нырæй хуыздæр фа- датыл нæ дардта йæ зæрдæ æмæ фæныфсджындæр, Кæд ма йæм уæды онг цалдæр хатгы фæзынд æрдæг фæндагæй аз- дæхыны зонд, уæд ныр бынтондæр фервæзт уыцы хъуы- дыйæ. Бады Ахмæт, æнхъæлмæ кæсы, хæдзарæй рухс кæд ракæлдзæн, царды нысæнттæ дзы кæд фæзындзысты, уы- мæ. «Чизоны сыхæгтæм ауад. Уæддæр ын ныр фæстæмæ æрбаздæхын афон у. Афтæ цæуаг никуы уыд. Цæй, каем фæнды уæд, уæддæр æй ардæм хъæуы. Ацы фембæлдæн фæстæдæрмæ аргьæвæн нал ис. Æппын дзы куы ницы рацæуа, уæддæр бон базонын хорз у. Нæ, нæ! - Ахмæт фæтарст ацы фæстаг дзырдтæй æмæ фестад, йе ’ргом фез- дæхта хæдзары рудзгуыты ’рдæм æмæ сæ йæ цæстытæ нал хицæн кодтой, афтæмæй та йæхи æруагъта фæстæмæ. - Уы- мæн уæвæн нæй. - Ацы дзырдтæ дзы сирвæзтысты бынтон æнæнхъæлæджы. Ацы ран дыккаг уынаффæйæн бынат дæр нæ разындзæн. Афтæмæй йын дарддæр цæрæн нæй æмæ цы ми кæндзæн». Лæг сыстад, йæ пиджакы æгънæджытæ асгæрста рахиз къухы уырзтæй, асины ’рдæм сарæзта цал- дæр къахдзæфы. Бахæццæ. Æрлæууыд. Цæстытæ нал куымдтой ратонын саудалынг рудзгуытæй. Хъустæ ахстой æрмæстдæр бæласы сыфтæрты сыбар-сыбур. Асины тæккæ рæбынæй раздæхт фæстæмæ. Бандоныл та æрбадт. Сыгьдæг арвыл стъалытæ бабирæ сты, тыбар-тыбур код- той æнæнцой зæрдæйы ирхæфсæгау. Бæстæ иннæрдæм куы фæзила, уæддæр нæ фесæфдзысты Ахмæты хъуыдытæ, æгæр æй систой сæ уæлныхты, бахауд сæ уацары. Фынддæс азы цардæй иунæг бон дæр нæ бахæцыд йæ фарсыл, иунæг уысм дæр дзы нæ узæлы йæ зæрдæйыл. Иннæахæм, сфæл- мæцыд æмдзæрæндæтты рахау-бахауæй, кæйдæр дæлба- зырты æмбæхсгæ цардæй. Фыццаг аз Сыбыры батæлфыды- сты, фæлæ сылгоймагæн нæ фæхорз уазал цæгаты климæт æмæ аивтой Астæуккаг Азимæ. Уым Ахмæт куыста агроно- 196
мæй, сылгоймаг - клубы. Цардысты уал æххуырст хæдзары. Фатерæй дæр сын ныфс бавæрдтой, фæлæ йæм хъуыд банхъæлмæ кæсын. Афтæмæй цыдысты бонтæ. Улæфты рæстæджы дæр сын никуыуал бантыст райгуырæн къуым абæрæг кæнын. Ах- мæт-иу бæргæ рахъавыд, фæлæ йæ сылгоймаг кой дæр ни- куы суагьта: «Цæмæ дзы хауыс, цы дын дзы баззад. Мад æмæ фыдæн ис хицæуттæ, дæумæ не ’нхъæлмæ кæсынц. Цард алыран дæр æмхуызон у». «Цард алыран дæр æмхуызон кæй у, хъуыддаг дæр уый мидæг ис», - Ахмæт арæх фæзæгьы ацы дзырдтæ æрымыс- гæйæ æмæ уæд мæтгæнгæ нынкъусы йæ сæр, - æмæ ма дзы уæд рахау-бахау та цæмæн хъуыдис». Косеры мады тыххæй, æгæрстæмæй, тæфæрфæсы тел дæр не ’рырвыста, афтæмæй дзы цас рæвдыд, цас лæггад зоны, се ’рымысгæйæ æфсæр-. мæй фæцæйсудзы. Цард цыфæнды ныссуйтæ уа, уæддæр уыдон зæрдæйы сæхицæн скæнынц арф бынат æмæ сын нал вæййы уырдыгæй сисæн. Цадæггай тæфсынц Ахмæтыл дæр. «Мæ хъæбултæ, уæ сæрыл хаст фæуон, мацæмæй мын фæтыхсут, ницы сæр уæ хъæуы, алцы дæр уын уыдзæн, кæрæдзи зæрдæхудты ма бацæут, уый йеттæмæ. Æз дæр уæ ницы бахъыгдардзынæн. Цалынмæ змæлынхъом он, уæдмæ мæ уадзут мæхи бар». Ацы ныхæстæ Ахмæт арæхæй-арæх- дæр æрымысы фæстаг рæстæджы, цахæмдæр ныфс ын бауа- дзынц йе уæнгты, цыма йын йæ цард ногæй йæ къахыл уы- дон сывæрдзысты. Æгæрæстæмæй йæ сугсæттынмæ дæр ни- куы ауагъта. Уæдæ Ахмæтæн - хъулон хæринаг, дарæсы хуыздæр... Цæмæн хъуамæ уа йе ’мгæрттæй дæлдæр? Уадз æмæ се ’хсæн цæуа кад æмæ радæй. Ахмæты номæй йæ хæдзары дуæрттæ кæддæриддæр уыдысты гом. Фæлæ йын Ахмæт йæ ингæн чердыгæй ис, уый зонгæ дæр нæ кæны. Ныры хуызæн æй никуы бамæстджын кодта ацы хъуыды. Йæхицæн æй ныббаринагыл дæр нæ нымайы. «Æз та кæмæйдæр цыдæртæ домын». Йæхи ныхмæ æгæр карзæй кæй сдзырдта, уымæй фæтарст æмæ ма уый цыфæнды фод, фæлæ та мыййаг йæ фæндтæ, йæ хъуыдытæ куы ныддæлæ- уæлæ уой æмæ уайтагъд йæ ныфсытæ фæфылдæр сты. Ацы хæс цытимæ кæй сæххæст кæндзæн, уый тыххæй уал йæхи нымæры ард бахордта йæ намысы раз. Косер дурзæрдæ, æгьатыр адæймаг куы уаид, уæд ыл балæвæрдтаид тæрхондонмæ алименттæ фидыны тыххæй, фæлæ йæ иуæй йæ сæрмæ нæ бахаста, иннæмæй та йын йæ 197
зæрдæ бар нæ радта. Никуы дзы ничи фехъуыста. Ахмæты бафауын, азымы йæ бадарыны дзырд. Æрмæст-иу, хаттæй- хатт, æвдæлон рæстæджы абадт æнцад, иунæгæй, фыццаг бонты, ныхъуыста-иу йæ зæрдæмæ, адзæгъæл-иу йæ сагъæ- стæ, йæ фæндтимæ, фæлæ та-иу алыхатт дæр баззад иу хъуыдыимæ: «Алкæмæн дæр йæ амонд хорз. Алкæмæн дæр цард фенын кæны йæ рæдыд æмæ уый дæр фаг у, кæд ын рарастгæнæн нал вæййы, уæддæр. Кæмæн йæ зæрдæ барухс вæййы, чи та фæсмойнаг фæвæййы». Фынддæс азы чысыл не сты адæймаджы царды, бирæ ивындзинæдтæ дзы æрцæуы. Ахмæты царды дæр, æддейæ бакæсгæйæ æрцыд ивындзинæдтæ, фæлæ уый хыгъд хъуы- дыйы коммæ нæ кастысты зæрдæйы æнкъарæнтæ æмæ ни- куы банымæг се ’хсæн быцæу, уый нæ, фæлæ карздæр кодта бонæй-бонмæ. Афтæмæй йæ уды æнцойдзинад æппынæ- дзух лæууыд тæрæзтыл. Аварийы бахауыны фæстæ æнæхъæн афæдз нал рахызт хуыссæнæй. Косеры лæггадыл адæм сæ цæст æрывæрдтой. Уый дæр цыма æндæр ницы тыхсинаг уыд, уыйау, кæнæ зивæг бакæн, кæнæ искуы æлхынцъæрфыгæй ракæс, афтæ- мæй та йæ уд, æрдуйау, снарæг хæдзары змæлд, сывæлло- нимæ архайын, клубы куыстæй. Уæддæр ма хуыцау хорз æмæ Ахмæты уайтагъд рафыстой горæты рынчындонæй хъæуы рынчындонмæ, сæхимæ, æмæ йын уæд фенцондæр, æндæра фæндагыл дыууæрдæм рацу-бацуйæ бынтон сфæл- мæцыд. Уæдмæ йæ æрбакодта хæдзармæ дæр æмæ уæд бын- тон æрæнцад. * # * Ахмæт базмæлыд йæхимидæг, йæхицæй та фефсæрмы. Ацы хатт ын Заремæйы зарæджы мыртæ айвæзтой йæ зæр- дæйы хъустæ. Мæлæты хорз ыл фидыдта зарын. Æнæуый дæр тынг бакастджын сылгоймаг, хæрзконд, фæлæ ма уый æддейæ заргæ-зарын кæй фæнды дæр бакодтаид йæ уаца- ры. Разылд Ахмæты сæр дæр. Чызджы сыгъзæрин дæндаг- иу ферттывта электроны рухсмæ... Адæмы æмдзæгъдæн-иу нал уыд уромæн. Тынг фидыдта сценæйыл. Хæдархайгæ къордимæ фыццаг куы азарыд, уæдæй фæстæмæ ныхæстæй аззад Ахмæты цæстытыл, цыма йæ уæды онг никуы федта, уыйау. Уыцы изæр дзы æппæлыд Косерæн. Дыккаг хатт 198
дæр ма скодта йæ кой, стæй йын æргомæй никуыуал загьта йæ ном. Лæппу арæхæй-арæхдæр цæуын райдыдта клубмæ. Рай- дианы ныфсджынæй, уæндон æмæ æргомæй, фæстагмæ аивæй, хъуызæгау, адæмы цæстæй тæрсгæйæ. Æппæт дæр сонты бонты аххос фæкæна æмæ бинонты бæрны чи бацæ- уы, уымæн ма ахæм сонт схонæн дæр ис? Уæдæ алцæмæн ферохгæнæн дæр нæй. Уæд хъуамæ æндæр Ахмæт уыдаид. Уæддæр ма йæ зæрдæ дардта цæуылдæрты æмæ сæ арæх дзырдта йæхицæн ныфсытæ æвæргæйæ: «Сонт рæдыдæн барст вæййы», «Рæдыд адæймагæн зондзонæн вæййы», «Чи ницы аразы, уый нæ рæдийы», «Рæдигæ алчи дæр кæны»... ...Хæдзары рудзгуытæй ферттывта рухс. Йæ тынтæ аца- уындзæг сты, Ахмæт цы бæласы бын бадт, ууыл. Йæ сыф- тæртæ ферттывтой æвзистау. Нырмæ сын Ахмæт нæ хъуы- ста сæ сыбар-сыбур, сæ сусæг ныхас æмæ иууылдæр уыдис йæхи зæрдæимæ хъуырдухæныл. Рухсы тынтæ йын фæлæ- бурдтой йæ цæстытæм, йæ хъуыдытæм, йе ’нкъарæнтæм. Цыма йæ сусæг фæндтæн фергомæй тарст, уыйау фестад æмæ йæхи баласта аууоны ’рдæм, афтæмæй та рухсы ферт- тывдмæ бæллыд. Йæхи сагъд бæласыл банцой кодта æмæ аивæй каст хæдзары рудзгуытæм. Æрдз дæр нырма æххæстæй не рфынæй, куы иуырдыгæй райхъуысы сыбар-сыбур, куы иннæрдыгæй. Цуанон цалдæр хатты фесты æмæ куы дыргъдоны ’рдæм атындзы, куы та сосæвæндаджы ’рдæм, фæлæ рæйгæ иу хатт дæр нæма скод- та. Ацы хатт дæр та йæ цæст змæлæгыл не схæцыд æмæ фæстæмæ баздæхт Ахмæты фарсмæ. Иу цалдæр зылды æркодта йæ мидбынаты æмæ та æрхуыссыд æнæмæтæй. Ахмæт иууыл тынгдæр æнкъардта йæ зæрдæйы тæлфын, йæ хъустæ фæцайдагъ сты бæласы сыфтæрты иугъæдон сыбар- сыбурыл. Йæ цæстытæ андæгъдысты кæйдæр æндæргыл. Сылгоймаг кæй уыд, уый базыдта, фæлæ Косеры йеттæмæ чи хъуамæ уыдаид? Бæргæ ма йæм лæмбынæгдæр куы ба- кастаид, фæлæ йын нал фæцис фадат, рудзынгæмбæрзæнтæ кæрæдзимæ куы æрбангом сты, уæд. Ардыгæй дарддæр æй нал хæссы йæ хъару. Йæ тых цыдæр фæцис. Йæ ныфсытæ йæ æрбахæццæ кодтой кæрты онг, фæлæ уыдон дæр бафæл- ладысты æмæ сæхи ауагътой. Лæгмæ та фæзынд ардыгæй аздæхыны зонд, фæлæ йæ мидбынаты фезмæлын дæр нал уæндыд, бирæ фæлæууыд бæласы аууон, стæй та йæхи 199
æруагъта бандоныл. Хатт æм йæхи æруадзы бæласы къалиу, Ахмæт йæ хъус бадары сыфтæрты ныхасмæ, фæлæ йæ мид- зæрдæйы хъуырдухæн æмæ знæт сагъæсты уацарæй йæ бон нæу фервæзын. Уæд та йæ йæхæдæг куы фенид, куы йæм фæдзурид, - уым цæмæ бадыс иунæгæй, мидæмæ рацу, - зæгъгæ. Фæлæ кæм, Ахмæт йæхи ирхæфста, æрцæуæн кæмæн нæ уыдис, ахæм хъуыдытæй. Иу рæстæджы сыстад æмæ, æрдзы сабыр- дзинад фехалынæй тæрсæгау, къахфындзтыл ахæццæ кæр- ты талынгдæр къуыммæ, уырдыгæй дæр та дзæвгар фæкаст рудзгуытæм, фæлæ дзы змæлæгыл йæ цæст не схæцыд. «Цыдæриддæр уа, цалынмæ рухс нæ ахуыссыд, уæдмæ æнæцæугæ нæй». Ацы хъуыды фæмидæг йæ сæры, фæлæ- бурдта зæрдæмæ, уæнгтæм, фæлыгъдысты æппæт къуы- лымпытæ æмæ та афтæмæй бахæццæ асины уонг. - Иугæр ма ардыгæй куы аздæхон, уæд мын, фыстæг фыссынæй дарддæр, ардæм цæугæйæ нал у. «Фыстæг»... Цалдæр хатты сфæлхатт кодта ацы дзырд æмæ æрæджиау дисы бахауд, цы ныфсæй йæ загъта, ууыл гуырысхогæнгæ. Цалфæнды фыс- тæджы ныффысса, уæддæр сын дзуапп кæй нæ райсдзæн, ууыл дызæрдыг нæ кодта. Минæвар барвитыны хъуыды дæр æй иу заманы йæ уæлныхты систа, фæлæ уæд бынтон рамæсты йæхимæ. «Гæнæн ис æмæ афтæмæй бынтон фехæ- лой мæ фæндтæ æмæ ма кæд ныртæккæ цæуылдæр уыд зæрдæдарæн, уæд, ахæм æнæрхъуыды къахдзæфы фæстæ, æвæццæгæн, уыдон дæр атайдзысты. Иудзырдæй æнæ- цæугæдзынæй». Ахмæт рахиз къухæй бавнæлдта цæджындзмæ æмæ слæууыд асины фыццаг къæпхæныл. Акаст фæйнæрдæм, айхъуыста æмæ та фæуæлдæр иу къæпхæн. Ацы асинтыл кæддæр, фысымау, бæргæ цыди. Ацы хъуыды йын фæрæ- хуыста йæ зæрдæ, фæлæ йын нæ фæрыст, ахæцыд ын йæ къухыл æмæ йæ схæццæ кодта асины сæрмæ, хионау, рæв- даугæ. Дыууæ уæладзыг бæстыхай, дæргъæй-дæргьмæ къæ- лидор, алцы дæр æм каст фæлмæн цæстæнгасæй æмæ йæ хуыдта мидæмæ. Мæнæ йæ зæгъгæ Косер дæр бафиппайдта, уæд æнæмæнг ферох кæндзæн, цыдæриддæр рæдыдæй æрцыдис, уыдон, ныххатыр ын сæ кæндзæн æмæ йæ бакæн- дзæн мидæмæ, уымæн æмæ ацы уæзæгмæ æндæр ничи ни- цы бар дары. * Бабуц Ахмæт йæ хæдзары уындæй, йæ бæллицтæй æмæ йæ уыцы хъуыды бахæццæ кодта дуары онг. Ам ын нал уыд 200
уынаффæты фадат, ардыгæй цыма фæстæмæ здæхæн дæр нал уыд, уыйау æрлæууыд æмæ йæхи æрцæттæ кодта ба- хойынмæ. Фыццаг схæцыд рахиз къухыл, фæлæ йæ æруа- гьта, цыма йыл æууæндгæ нæ бакодта, уыйау. Галиу къух та бахойын æввонгæй бандзыг уæлдæфы, стæй цыма йæ нуæрттæ феуæгъд сты, уыйау æрхаудта æмæ æрзæбул уæх- скыл. Рахиз къухыл цыма йæ бар нал цыд, уыйау йе ’нгуыл- дзтæ хъазæгау сæхи æрхостой дуарыл. Ахмæт фестъæлфыд, йæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп ссыд, акалд йæ сурхид. «Ам дæн, ам, хъæбул, дæ хæдзармæ хойгæ цæмæн кæ- ныс, дуар гом у, рахиз мидæмæ» - райхъуыст сылгоймаджы дзурын. Ахмæт цалдæр къахдзæфы алæууыд фæстæмæ, чы- сыл ма бахъæуа фæцуда расыг адæймагау, чысыл ма ба- хъæуа æрбайрох дзы уа, кæдæм æмæ цæмæ цæуы, уый дæр. Уалынмæ рухсы тынтæ сæмбæлдысты йæ цæсгомыл. Косе- ры райдзаст цæсгом уайтагъд фæтар, сылгоймаг фергъуый- ау, афтæмæй тарстгъуызæй каст «æнахуыр» адæймагмæ. Ахмæтмæ исдуг афтæ фæкаст, цыма ныртæккæ сылгой- маг йæ хъæлæсыдзаг фæдис ныхъхъæр кæндзæн; фыртæ- сæй йæ цæсгом амбæрздзæн йæ армытъæпæнтæй, фыдбы- лызæй тæрсæгау æваст ахгæндзæн дуар, фæлæ нæдæр иу æмæ нæдæр иннæ, æппæт дæр уыд сабыр, адæймаджы хъу- стæ ахстой гæзæмæ уынæр æмæ сыбар-сыбур. «Чи уæ хъæуы»? - æнæбары ныллæг хъæлæсæй рай- хъуыст Косерæй æмæ ма йæхиимæ ныхасгæнæгау, базмæ- лыдысты йæ былтæ: «Æз та æнхъæл уыдтæн, зæгъын мæ хъæбул æрбалæууыд мæ къæсæрыл». Косеры цæстытыл уайтагъд ауад, амæй размæ маши- нæйы чи бадт, йæ зæрдæйы æнцойдзинад ын чи фехæлдта, уыцы бæлццоны хуыз. «Уый у... Æнæмæнг уый у» - сфæл- хатт кодта хъуыды. Зæрдæ тæлфыди цахæмдæр æнæнхъæ- лæджы цаутæм æнхъæлмæгæсæгау, цæстытæ фестырдæр сты, цæсгом исдуг фæрайдзастгъуыз, стæй фæтар, дыууæ къухы æнгуылдзтæ роцъойы тæккæ бын æттæг-мидæг ауа- дысты, рæуджытæн цыма уæлдæф нал фаг кодта, уыйау гæзæмæ фæзыхъыр сты былтæ, дæндæгтæ, стæй цадæггай æруагъта йæ къухтæ, йæ сæр, дуар ныууагъта гомæй æмæ азылд, уæззау къахдзæфтæй ацыд хатæны дарддæр къуым- мæ. Тæккæ рудзынггæрон лæугæйæ ныггæр-гæр кодтой йæ цæсты сыгтæ, стæй сыл рауагъта йæ кæлмæрзæны кæрон æмæ слæууыд æрттæдæлармæй. Уазæг йæ фæдыл æрбах- гæдта дуар. Сылгоймаг, арцы рæхуыстмæ æнхъæлмæгæсæ- 201
гау, йæхи фæхъæдцых кодта, цæстытæ сæхи ахъаззаг æр- лæмæрстой, стæй та байгом сты æмæ сæ ирхæфстой кæрты астæу электроны рухсмæ тыбар-тыбургæнæг бæласы сыф- тæртæ. Ахмæт йæ цæст ахаста хæдзары къуымты. Хæрз стæмтæй дарддæр алы дзаума, алы мигæнæн дæр лæууыд, кæм æй ныууагъта, уыцы ран. Æцæгæлон цæстæй йæм дзы иунæг дæр нæ ракаст. Бандæттæ, стъол, диван йæхи æлхæд сты. Хæдзар рагæй нал æрцыди цалцæг. Къулыл ауыгъд сахат дæр сæ чындзæхсæвы æмбай у. Нæ куыста, фæлæ цæмæн, уый зын базонæн уыд æнæ бафæрсгæйæ. Йæ фатæг лæууыд авд сахатыл. Йæ, зæрдыл ма хорз лæууы, бинонтыл йæ къух куы систа, йæ хæдзарæй куы раст кодта, уæддæр раст авд са- хаты амыдта. Æвæццæгæн фехæлд, кæнæ та йæ ифтындзæг нал фæцис æмæ уый дæр улæфы, уæдæ цы сараза. Куыддæр уыцы бон Ахмæт къæсæрæй ахызт, афтæ Косер йæ кусынæй баурæдта сахат æмæ йæм уæдæй фæстæмæ æвналæг нал фæцис. Ахмæт та ахызт къæсæрæй, хæрзбон дæр нæ загъта, афтæмæй æмæ йыл нал æрбахызт мæнæ або- ны онг. Йæ къах нал æрлæууыд ацы зæххыл, нал банызта ардыгон дон, йæ ном цадæггай рох кодта адæмæй, æнæ уый дæр цыдысты бонтæ, азтæ, ивта рæстæг, цард, фæлæ Ах- мæты мид-зæрдæйы ницы ивындзинæдтæ æрцыд. Боцъо- тæ-иу рауагъта æрыгонæй дæр, фæлæ йын Косеры зæрдæ- мæ нæ цыдысты æмæ та-иу сæ ныддаста, нырма, дам, æгæр æрыгон дæ, дæ зонд, дам, нырма æххæст йæ гаччы не ’рбадт, боцъо та, дам, адæймаджы уæзбын æмæ куырыхон зондыл дзурæг у... Ныссабыр хатæн. Ныссабыр, фæлæ уыдис æндыгъд, ивæзт хъандзалау. Хаттæй-хатг цахæмдæр æхцон æнкъарæн базмæлы зæрдæйы, фæлæ йæ бон нæ бавæййы æгас буарыл йæ цины уылæн байтауын, хæдзары къултыл райдзаст мид- былхудт баныхасын æмæ та йыл фæтых вæййынц æрхæн- дæг, маст æмæ сæрыстырдзинад. Ахмæт æнхъæлмæ кæсы, Косер æм кæд сдзурдзæн, уы- мæ, фæлæ æнхъæлмæ дæр нæ кæсы æмæ йæхæдæг цæмæй райдайа, уымæн дæр ницы зоны, афтæмæй йæ цæстытæ зи- лынц хæдзары къуымты. Хатт сæмбæлынц Косеры фæсон- тыл. Сылгоймаг сын æнкъары сæ уæз, какон сындзау ыл сæхи асæрфынц, сæ цæхæр ыл бакалынц, æмæ ссудзынц йе уæнгтæ, æрбадын æй фæнды, фæлæ йын нал ис ахæм фадат дæр æмæ лæугæйæ, чъылдымыздæхтæй, мадзура æмæ æрт- 202
тæдæлармæй хæссы йæ таерхон, дзуапп дæтты йе стыр æф- хæрдæн. Косерыл, чизоны, æмбæлдис æнæхуынд уазæджы мидæ- мæ дæр ма ’рбауадзын, йæ тæккæ фындзы раз ын дуар агуыпп кæнын, фæлæ ууыл йæ уæлвæд нæ ахъуыды кодта, стæй æмбæлд æви нæ, уый алыг кæнын дæр нæ бацис йæ бон. Æппæт дæр рауад цæсты фæныкъуылдмæ, арвы ферт- тывдау, бæстон нæма базыдта, цы ’рцыдис, уый, йæ бон нæ уыдис, цы ’рцæудзæн, уый бамбарын дæр. Уавæрæй тæрсгæ нæ, тыхсгæ дзы кодта, уæлдайдæр æгуыппæгдзинад æгæр кæй ныддаргъ, уый тыххæй. Йæ зæрдæ рацæйтыдта риуы фæйнæг, туг, фæдисонау, згъордта тугдадзинты. - Æрбад ма мын уæддæр зæгъ. - Хатæны, арвы нæрдау, айзæлыдысты Ахмæты сабыр дзырдтæ. Аскъуыди æндыгъд сабырдзинады хъандзал. Косеры къæхтæ базмæлыдысты сæ мидбынаты, къухтæ кæрæдзимæ сæхи фелхъывтой æмæ уæхсчытæ уыдысты цыдæр зæгъинаг, фæлæ та сыл уæдмæ æндзыг фæтых ис. Ахмæт йæхи æруагъта къæлæтджыны. Косеры сæры- магъз ныммæстæг, ныууазал. Къæмисæнты тугдадзинтæ рацæйтыдтой. Йæ сæрыстырдзинад ын бавнæлдта йæ хур- хы уадындзтæм, æртыхстис ыл хæлуарæджы тынау æмæ йæ нæ уагъта иунæг ныфсы хъуыдыйы кæрон ацахсын дæр, æр- мæст-иу хатт, дарддæр цы уыдзæн, уымæ æнхъæл-мæгæс- гæйæ, арф ныуулæфыд. Рæстæг цыди, зындоны æнусау. Уæдмæ Косеры хъустæ ацахстой къæлæтджыны фезмæлд, къæхты хъæр, банкъард- та дуар æнæхъинцæй кæй байгом æмæ æнæгуыппæй цадæг- гай кæй сæхгæдта, уый дæр, стæй ма бирæ сусæг фарстытæ æмæ катайаг хъуыдытæ бастæй кæй баззадысты, уый дæр. Косер рудзынгæмбæрзæныл æнгомдæр æрбахæцыд æмæ ма иудзæвгар фаэлæууыд йæ мидбынаты, æндзыгау, стæй феуæгъд йæ къухты баст, разылд, æмæ цыма æцæгæлон хæдзармæ бахауд, уыйау хатæны къуымты ахаста йæ цæст, стæй дуар æрæхгæдта æмæ дæлгоммæ ныххауд йæ хуыс- сæнтыл. * * # Иу къуырийы бæрц рацыди Будзийы æрцыдыл, фæлæ уазæгæй уæлдай йæ къух уазал доны дæр нæма атылдта. 203
Æмбисбонмæ фынæй, уырдыгæй фæсæмбисæхсæвтæм тез- гъо. Лæппу фæцайдагъ уазæджы хæлцыл сыхæгтæм, хæстæ- джытæм. Афæдзæй фылдæр нæ уыд сæ хæдзары. Куыддæр арæзтадон техникум каст фæци, афтæ райдыдта кусын. Уырдыгæй ацыд æфсады рæнхъытæм. Дыууæ азы фæстæ æрæздæхт, февнæлдта хæдзары куыстытæм æмæ йын цы бантыст, иннæты аргъæвта æндæр хаттмæ æмæ та ацыд йæ раздæры куыстмæ. Уым ракуырдта ус. Йæ зæрды уыд цæмæй йæ базонгæ кодтаид мадимæ, фæлæ йын не сразы - дард, дам, у æмæ, дам, зивæг кæнын фæндæгтыл дыууæр- дæм цæуынмæ, æнæхъуаджы æхца хардзкæнынмæ æмæ уæд лæппу дæр йæ хабæрттæ фæфыста гæххæттыл. Мад фыстæгыл цин дæр бакодта æмæ хъынцъым дæр, цы уыдзæн, куыд уыдзæн, зæгъгæ, æмæ афтæмæй бонæй- бонмæ æнхъæлмæ каст йе ’рцыдмæ, бæллыд йæ чындзы фе- нынмæ, фæлæ та ацы хатт дæр йæ бæллицц нæ сæххæст. Бу- дзийы бæргæ фæндыд, фæлæ сылгоймаг ацы хатт та йæ ныфс сывæллоны тыххæй нæ рахаста æмæ ацыд йæхи мад- мæ. Уый, дам, æввахсдæр цæры... Будзи фынæй нал уыд, фæлæ цъынд цæстæй йæхи айвæзта цалдæр хатгы. Æрæджиау байгом сты йæ цæстытæ дæр, фæлæ, цæуылдæр дисгæнæгау, цæмæйдæр тæрсæгау, сæ мидæг зылди цахæмдæр гуырысхо. Къултæ æмæ къуым- ты азилгæйæ сæхи цадæггай æруагътой дзаумæттыл. Уыдо- нæн се ’мбис дæр уым нæ разынд æмæ уæд хъуыдыты адзæ- гьæл. Тынг æй фæндыд дысоны нывтæ æрымысын, фæд- фæдыл сыл йæ цæст ахæссын æмæ-иу хатт, лæгъз фæн- дагыл цæуæгау, згьордта зæрдæхъæлдзæгæй, куы та-иу йæ хъуыдытæ ныццæхгæр сты æмæ-иу сын нал æнтыст размæ фенкъуысын. Алцы дæр райдианы цыди зæрдæйы фæн- диаг, дзæбæх сæ бадардта йæ зæрдыл, фæлæ йын фæстагмæ мигъы фæлмы афардæг сты, æрмæст ма дзы гæзæмæ цаутæ аззади сæры, цæстыты раз, æндæргтау, тæлфыдысты æцæ- гæлæттæ, кæйдæр къухтæ æмæ цæсгæмттæ. Лæппу мæстæйдзагæй æрзылд йæ иннæ фарсыл. Цæс- тытæ куы кæрæдзиуыл авæры, куы та йын дзагъырæй аз- зайынц. Цалынмæ æппæт дæр не ’рымыса, уæдмæ нæ уыд хуыссæнæй сыстинаг, уынгмæ ацæуинаг, æппындæр æй ни- кæимæ фæндыд фембæлын, фæлæ йæ хъуыд æххуысгæнæг. Мады хуызæн ын сæ ничи фæдзырдтаид фæд-фæдыл, ком- коммæ, фæлæ кæд мыййаг исты стыр рæдыд æруагъта, уæд æм куыд хъуамæ равдиса йæхи. Лæппу хъæццулы бынæй 204
йæ сæр радарын дæр нал уæндыд, афтæмæй хуыссыд, фæлæ кæдмæ, уымæн йæхæдæг дæр ницы зыдта. Мад уæдмæ дæр цалдæр хатты бакаст дуары зыхъхъы- рæй лæппуйы бæрæггæнæг æмæ та-иу йæ цæст нæ бауарзта мидæмæ бахизын, йæ райхъал кæнын. Иугæр æрæгмæ куы стад, уæд æм бахызт хатæнмæ. Дæ райсом хорз дæр ын нæ загъта, афтæмæй йын йæ дзаумæттæ æрæвæрдта бандоныл æмæ æрбадт йæ фарсмæ. Лæппу разылд йæ мады ’рдæм, хъæццул ассывта ронба- сты онг, йæ галиу къух атъыста йæ сæры бын. - Нана, дысон дзы чысыл анызтон æмæ ма мæ зæрдæ æнæбары тæпп-тæпп кæны, - ныхасæн бын æрывæрыны тыххæй фæраздæр лæппу æмæ йæхи æрцæттæ кодта стыр уайдзæфтæм хъусынмæ. - Чысыл дзы нæ анызтай, фæлæ тынг бирæ, дæ къæхтыл дæр ма тыххæй лæууыдтæ. Исчи дæр ма афтæ кæны> мæ хъæбул, ахæм хуызы дæ нырма никуы федтон, мæ зæрдæ фæцæйтыдта, дæ хуыз фæцыд, де ’взаг дæ дзыхы нал арæхст. Дæ цахъæнæн ахæм митæ стыр худинаг сты, уый зон, стæй канд дæ цахъæнæн нæ, фæлæ алкæмæн дæр. Ахъ- уыды кæн, мæ хъæбул, æмæ дын зондзонæн фæуæд, кауæд искуы фыдбылызы ныххаудзынæ... - Æгæр та йæ ныддаргъ кодтай, нана. - Лæппу йæхи нал баурæдта æмæ йæ сæр иннæрдæм азылдта. - Нæ, нæ, æз дæ мад дæн, мысгæ дыл ницы кæнын æмæ мын мæ фæ- дзæхст хъуамæ дæ зæрдыл бадарай. - Цæй ма, нана, уыдон уадз, фæлæ ардæм куыд æрба- цыдтæн, уый мын радзур. - Ардæм дæр дæ кæнгæ æрбакодтой, фæлæ дыл дæ нозт тынгдæр бынаты æртæфст. Дæ амоид уыд æмæ хæдза- рыл сæмбæлдтæ, æндæра дæуæй пайда нал уыд. Мæнæ ма зæгъгæ дысоны хуызæн искуы фæдæ, уæд дæ балгъитæгдæр афтæ. Иу æмæ дыууæ æрбайсæфт афтæмæй. Алкæмæн дæр йе ’мбисонд йæхи, фæлæ адæймагæн бирæ нæ хъæуы. Хорз фæзылдтæ хæстæджытыл, хъæубæстыл. Ныр та мæнæ дæ хæдзармæ æркæс, ацы хъæуы йæ уæзæг махæй æдзæллаг- дæр уавæры никæмæн у. Сыст ныр, æмбисбон у, мæн дæр не ’вдæлы, - сылгоймаг цыма йе ’ппæт дзуринæгтæй фервæзт, уыйау сыстад æмæ хатæнæй ахызт, æрмæст йæ фæстæ дуар нæ ахгæдта лæппумæ фылдæр уæлдæф бауадзыны тыххæй. Будзи сыстад. Дысоны хабæрттыл мадимæ кæй аныхас кодта, уый йын æхсызгон уыд, - стыр уаргъ аппарæгау, бан- 205
къардта йæхи, фæлæ рысти йæ сæр, уæнгтæ нал хæцыдысты кæрæдзийыл, йæ бон нæ уыд æдæрсгæ фезмæлын, афтæ- мæй скодта йæ дзаумæттæ, йæхи ныхсадта æмæ ахызт кæр- тмæ. Хур дзæвгар суади арвыл. Йæ тынтæ рæвдыдтой уæнгты. Бæлæстыл цы бур сыфтæртæ фæзынд, уыдон фæфылдæр кодтой фæззæджы бæрджыты. Лæппу, кæрты астæу, бæла- сы бын æрбадт бандоныл. Йæ нозтвæллад, хуыссæгхъæл- дзæг цæсгомыл ын хаттæй-хатт æрбаулæн кæны сатæг уд- дзæф. Кæсы кæрты къуымты, бæстыхæйттæм, фæлæ йын йæ зæрдæ чи бацагайа, иунæг ахæм нывыл дæр не схæцы- дысты йæ цæстытæ. Къæлидор æмæ рудзгуыты ахуырст бирæ фæфæлурсдæр. йæхи ахуырст уыдысты. Уæд фæстаг курсы ахуыр кодта. Ногæй ахоринаг сты, фæлæ ацы куыс- тмæ цыма нал бавналид, афтæ йæм каст. Чизоны нозтвæл- лад кæй уыдис, уый тыххæй. Йæхæдæг дæр рæстмæ нæ ха- тыд уыцы æнæмæт хъуыдыйы аххосаг. Кæрты къуым мæн- гагъуысты сæр уыд æрыхгæнинаг, фæлæ уый дæр баззад ро- хуаты. Кæрты алыварс æмбонд аразгæйæ бирæ фæфыдæбон кодта. Нал æмæ йын нал æнтыст йæ фæуын, стæй загъта ныр, зæгъ, цæрæнбонтæм фаг у, фæлæ ма йæм ныр исчи ба- кæсæд, - скалцæг, йæ уындæй дæр адæймаджы зæрдæйыл æфтауы мæгуырдзинады, æнтъыснæджы сагъæс. Будзи цыма йæ кæрт, йæ хæдзары уындæй бафæлмæ- цыд, уыйау сыхгæдта йæ цæстытæ æмæ, фынæйгæнæгау, банцой кодта бæласыл. Косеры ныхас райхъуыст дыргъдонаёй æмæ уæд йæ- хиуыл схæцыд. - Дæхи ахсадтай, хъæбул? Исты бахордтай? Ардæм уал рацу, - Косер æрцагъта йæ раздарæн æмæ æрбадт фæйнæджы гæппæлтæй арæзт стъолы фарсмæ, йæ къуыдыр къæхтæ зæххы сагъд кæмæн уыдысты, уыцы бæзджын фæйнæгæй арæзт бандоныл. Иæ фарсмæ æнæдзургæйæ æрбадт Будзи дæр. - Бæргæ хорз дыргъдон нын уыдис, фæлæ ныдзæллаг æнæ ’ркастæй, - сылгоймаг йæ цæстытæ хаста бæлæстыл, - чи дзы базæронд, уымæ нал æнхъæлмæ кæсын, фæлæ ин- нæтæ та æнæ ’хсæстæй хæмпæлы хуызæн систы. Бынтон уы- дон аххос дæр нæу бæргæ, сæ зæхх дæр сæ нал аразы. Ныр кæдæй нырмæ нал фæцис хъацæны хъæстæ. Дон æм рæс- тмæ нæ арæхсы, æндæра æнцондæр кусæн уаид. Уæртæ зæ- гъын къанауæй ардæм ныппарын кæнон цалдæр трубæйы, 206
фæлæ æппынæдзух искæмæн «цу ма» дæр нал хъæцы мæ цæсгом. Не ’мбонд дæр ивд куынæ ’рцæуа, уæд куыдзæй, хæрæгæй ам уыдзæн сæ хизæн бынат. Иуæрдыгæй йæ цалынмæ бацалцæджытæ кæнын, уæдмæ иннæ рдыгæй фе- гом вæййы. Кæд ма фидæнмæ гас уон, уæд мын телын хыз æнæбалхæнгæ нæй, йæ сæрты маргъ дæр куыннæуал æрба- тæха, ахæм. Уæртæ мын уыцырдыгæй та зæрæстон баззад, - сылгоймаг къухæй ацамыдта дыргъдоны иу кæронмæ, - мæ бон æй нал бацис къахын æмæ йæ æз дæр ныууагьтон. Но- джы йыл фаджыс кæдæй нырмæ нал уыдис æмæ, къулæгæй хостау, ныхъхъæбæр. Зæхх фæззыгон куынæ скъахай, уæд ын уалдзæджы къахт уыйбæрц нæ ахъаз кæны. Иуæй зын къахæн вæййы, иннæмæй та йæ къуыбар нал фæкомы пырх кæнын... Дæумæ гæсгæ уæртæ уьцы фæткъуыбæласыл цал азы цæудзæн? Уæртæ, уæртæ, æмбонды рæбын дыккаг бæ- ласыл? Будзийы кæд йæ мады ныхæстæ тынг не ’ндæвтой, уæд- дæр йæ сæр азылдта уыцырдæм æмæ дзургæ ницы скодта, фæлæ хæрдмæ фæхæцыд йæ уæхсчытыл, ома мæ бон нæу йæ зæгъын. - Æз ма гыццыл чызг уыдтæн, афтæ уый йæ тæккæ дыргъ дæттыныл уыд æмæ мæнæ æз базæронд дæн. Ахæм бæлæстæ ма дзы ис ноджы дæр цалдæр, æмæ бынат цы ахсынц, аууон цы дарынц, уый йеттæмæ сæм тыллæгмæ æнхъæлмæ кæсæн нал ис. Цæхæрадоны дæр халсар нæхи фаг бæргæ æрзад, фæлæ уый нæйæ уæлдай нæу. Зæххы хъару бæрæггæнæг адæймаг у. Уый къухтæ йæм куынæ хæццæ кæной, уæд лæвар ницы дæтты, чъынды у. Фыдæбо- нæн та аргъ кæнын дæр зоны. Барухс дын кæндзæн дæ зæр- дæ йæ тыллæгæй, йæ хæрзиуджытæй, царды цин æмæ ныфсытæй. Косер дзырдта æнæрынцойæ, æнхъæлмæ каст, Будзи ныхасы хайадисын кæд райдайдзæн, уымæ. - Нана, хæринаг дзы ницы ис, æз нырма æххормаг дæн. Хъæугæ дæр мæ уыйбæрц ницы кæны, фæлæ уæддæр мæхи чысыл фæсаин. - Уæдæй нырмæ мады ныхæстæн цы- ма æппындæр ницы нысаниуæг уыд, цыма дзы уымæ æп- пындæр ницы хаудта, уыйау лæппу йæхиуыл дзургæ схæ- цыд æмæ йе уæнгтæ, йæ ком иумæ айвæзта. - Куыннæ дзы ис, куыннæ, ныртæккæ дын æй ахъарм кæндзынæн, цом æмæ уал кæрты абад. Мад æмæ фырт æрбацыдысты кæртмæ. Косер нал æмæ нал æнцад йæ дзурынæй: 207
- Иннæ ахæм - нæ кæрт. Адæймаг зæгъдзæн: «ацы ран цалдæр азы цæрæг дæр нæ уыд». Темсыр мын бæргæ арæх аххуыс кæны. Ацы дуар ивынмæ дæр æрбацыд, фæлæ йæ фæстæмæ аздæхтон, зæгъын йæхæдæг тагъд æрцæудзæн æмæ йын кæд исты амæлттæ скæнид. Уæртæ уыцы сарай æмæ скъæты сæрæй кæй раивтай, иннæ афтæмæй лæууы, æвналгæ дæр æм ничи бакодта. Кæд æмæ кæд арæзт æрцыд, рæстмæ йæ хъуыды дæр нал кæнын æмæ сыхырнайы хуызæн ныццис. Азмæджы ма афтæ куы баззайа, уæд мæ дыууæ стуры уæй кæнинаг фæуыдзысты. Йæ шифер мын бæргæ цæттæ у, æрмæст ма йæ хъæуы æрывæрын, ранæй- рæтты зæгæлæй фæфидар кæнын. Будзи исдуг фæбадт, фæхъуыста мады ныхасмæ, стæй райдыдта фæлмæцын, сывнæлдта бæласмæ, æрсаста дзы иу къаннæг къалиу æмæ йæ фездыхта йе ’нгуылдзты ’хсæн, стæй йæ лыстæг сæстытæ æмæ скъуыдтæй æркалдта зæхмæ. Йæ цыды сæр тынгдæр цæй тыххæй уыд, уый сæргом кæ- ныны фадат ын бонæй-бонмæ кодта вазыгджындæр. Куыд- дæр æрхæццæ, афтæ йын куы загътаид йæ хъуыды, уæд чи- зоны ныр йæхи царды фæндтыл цæуид фылдæр ныхас, стæй чизоны афонмæ здæхгæ дæр акодтаид. Дыууæ къуы- рийы æмгъуыдмæ рацыд æмæ дзы иу афардæг æнæсæрфа- тæй. Ныртæккæ дæр уый тыххæй нæ уыд сдзурæн, æнхъæл- мæ кæсын хъуыд уавæрмæ, кæнæ та ахæм ныхасмæ развæл- гъау мады бацæттæ кæнын. Косер лæппуйы фæуагъта бандоныл бадгæ æмæ дзургæ ацыд хæдзармæ. Чысыл фæстæдæр æм æрдзырдта асины сæрæй: - Рацу бахæр æмæ æз та мæ дыргъдонмæ бакæсон, - загъта æмæ фæстæмæ баздæхт. Лæппу дæр сыстад æмæ уæззау къахдзæфтæй ацыд хæдзармæ. Бады фынджы фарсмæ, мад та цæмæй райдай- дзæн, уымæ æнхъæлмæгæсæгау. зт- Мæ хъару дæр мæ нал хæссы, мæ хъару, кæсыс чысыл раздæр мæнæ ацы асиныл тагъд-тагъд суадтæн æмæ мæ зæрдæ ратоны, мæ уæрджытæ мæ нал уромынц. Иуæй-иутæ куыд амондджын сты, уый мæм стыр диссаг кæсы, æндæр ницы. Мæнæй хисдæр, йæ чындзæхсæвы мæнæн хъастмæ кæсыны бар дæр нæма уыд, афтæмæй йæ къахы айстыл цæст нæ хæцы, хæдзардарджытæ сты, æхсæвæй быдыры дæр батæлфынц. Мæнмæ ма хъару куы уаид, уæд мæ хæдзар ахæм æдзæллагмæ не ’рцыдаид бæргæ. 208
- Нана, ныр дæм æнæхъæн къуыри хъусын æмæ дæ зондцжын ныхæстæм нырма ныр бахæццæ дæ. Цы диссаг дæм фæкаст, дæ бон кусын кæй нæ уал у, уый. Иу дурын нырма мыггагмæ дон никуы фæхаста. Адæймаг дæр раст афтæ, азтæ куыд цæуынц, афтæ йæ хъару сысы, йе уæнгтæ йæ коммæ нал фæкæсынц. Бæргæ ма йæ бирæ цыдæртæ фæфæнды, зæрдæйæн зæрондгæнæн нæй, фæлæ... Æндæр гæнæн дзы нæй, цард æгæр цыбыр у, фæлæ рæстæгæй пай- да хъæуы. Мах сбæндæн вæййæм, уды знагау, тыхсæттæн арæзтæдтыл, нæ фадæттæ æмæ авналæнтыл нæ фæхъуыды кæнæм, афтæмæй. Хъæд æмæ дурты æмбай нырма никуы ничи фæцард. Уыдон ма уыдзысты, фæлæ æз æмæ ды - нал. Æмбарыс мæ?.. - Æмбарын, æмбарын, мæ хъæбул, фæлæ уæддæр адæй- магæн цалынмæ йæ цæст æрттива, змæлынхъом уа, уæдмæ йын æрулæфт нæй, æппынæдзух йæ зæрдæ цардимæ дзуры, цард та фæндæй æмæ куыстæй у. - Раст нæ зæгъыс, нана, адæймаг цæрæнбонты уымæн фыдæбон кæны æмæ зæронды бонты хъуамæ йæ уд банкъа- ра æнцойад. Мæнæ дæуæн цæуылнæ ис æрæнцой, цы дæ хъыгдары, дæ даринæгтæ дыл кæуынц, æви дын дæ дзыхыл дон сдарæг нæй. Уæдæ æмæ дæ къух сис мæнæ ацы бынтыл, уыдон дæр нæ фесæфдзысты æмæ цом мемæ. Нырма æм- дзæрæндоны дæн, фæлæ нын цыппарæй ахæм фатер ратд- зысты, ахæм, æмæ хуыздæр нæ хъæуы. Уым дæ нæдæр фосы мæт уыдзæн, нæдæр зæххыкуысты мæт, - Будзийы дзырды бон кæй фæцис, уымæй пайда кæнгæйæ, тындзыдта, цæмæй зæгъа, цыдæриддæр æм дзуринæгтæ уыдис, уыдон. - Дæ хæринаг - цæттæ, дæ дзаума - æхсад. Бон-изæрмæ бадыс æмæ улæфыс. Мæнæ дæ дыргъты мæтæй бата-дтæ, - лæппу иу фæткъуы фелвæста вазæйæ æмæ йæ ныппæрста фæстæ- мæ, - уыдонæн та дзы ныккæнæн дæр нæй. Цыхт, царв, æх- сырысæртæ - парахат, цæмæн дæ бахъуыдысты дæ дыууæ стуры сæ фаджыс сын мæрзай æмæ семæ зæрдæдзургæйæ æнæхуыссæг кæнай, уыи тыххæй? Сылгоймаг лæмбынæг хъуыста лæппуйы алвг дзырдмæ дæр, æмæ исдуг нæдæр йæ хъустыл æууæндыд, нæдæр йæ цæстытыл. Йæ лæппу йæм куы æрыгон, æвæлтæрд зонды хицау фæкæсы, куы та æцæгæлон, æнæцæстуарзон уынаф- фæгæнæг. Лæппу дзырдта æмæ дзырдта. Косеры тынг фæн- дыд ныхас йæхимæ айсын, фæлæ йын нал æмæ нал æнтыст, иуæй йæ цæст нæ уарзта тызмæг дзырд зæгъын, иннæмæй 14Ф 209
та йæ бон нæма уыд аккаг дзырдтæ ссарын. Æнæнхъæлæ- джы ныхас æмæ фарстытæй фергъуыйау, азмæстой йын йæ хъуыдытæ, йæ дзых ын ахгæдтой, æрмæст ма йæ цæстытæ зылдысты, фынгыл кæрдзыны муртæ æмбырдгæнæг рахиз къухы æнгуылдзты фæдыл. - Нæ, нæ, мæ хъæбул, æз ма мæхи уыдоныл аирхæфсын, - загъта сылгоймаг йæ зæрдæйы æрхæндæг æмбæхсгæйæ. - Ирхæфсæнтæ разындзæн махмæ дæр, - Будзийæн фæцис йæ хъуыды бынтон æргомæй зæгъыны фадат æмæ гæппæввонг лæууыд æппæт фадæттæм дæр. - Уым та мын цæй ирхæфсæнтæ разындзæн цыппар къулы ’хсæн, мæ кæртмæ дзы куынæ рауайдзынæн, кæнæ мæ цæхæрадонмæ? - Адæймагæн ма сывæллонæй хуыздæр ирхæфсæн цы хъуамæ уа, уæлдайдæр дæ хуызæн сылгоймагæн. Чи ма дын ис, дæлæмæ дæр æз æмæ уæлæмæ дæр. Уæддæр нæ хъомылгæнæг æххуырсын хъæуы æмæ, гæнæн уæвгæйæ, нæ капеччытæ дзæгъæлы цæмæн хъуамæ хардз кæнæм, стæй ды дæр бонæй-бон æрыгондæр кæм кæндзынæ. Ма- хæй та дæ фарсмæ хъуамæ исчи уа. - Кæд дæ афтæ фæнды, мæ хъæбул, æмæ мæ фарсмæ исчи уа, уæд мæнæ цæттæ бынтæ, æрцæрыны йеттæмæ дзы ницы хъæуы. Æз та лæггад кæндзынæн уæхицæн дæр, уæ сывæллонæн дæр, цалынмæ мæ мæ хъару хæсса, уæдмæ, кæннæуæд... Нырма æнæ ныгæд никуы ничи баззад, адæм хорз сты. - Нана, уыцы ныхæстæ та дæ цæмæн хъæуынц?.. - Цæмæн цæ, царды фæстæ рацу-бацу мæ бон нæу æмæ мæ хъаст дæр мачи ракæнæд, æз ардыгæй цæуинаг никуыдæм дæн, мæ цахъæныл ахæм цыдтытæ фидаугæ дæр не скæндзысты. - Косер, лæппумæ комкоммæ бакæсынæй æфсæрмыгæнæгау, дзургæ-дзурын каст рудзынгмæ. - Уæдæ мæнæн æндæр мæ бон ницы у, а-дыууæбоны та мын æнæацæугæ нæй. Сылгоймаг лæппуйы ацы хъуыдыйæн уыд æмбойны дзу- апп раттинаг, фæлæ йын зæрдæйы тыхст æмæ æрхæндæг алвыдтой йæ дзуринæгтæ æмæ йæ цæстысыгтæ згъалгæйæ, бадт тарæрфыгæй. - Мæ бон цы уа, уый дын æххуыс кæндзынæн уырдыгæй. - Дæхи царды кой кæн, мæн нырма де ’ххуысы сæр нæ хъæуы, фæлæ мыййаг сомбон фæсмойнаг куы фæуай. - Ехх, нана, адæймагæн уал абон куыд хуыздæр, куыд 210
æнцондæр у, афтæ хъуамæ цæра, стæй та бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы! - Будзи цыма уæлахизы хорзæх райста, уыйау хъæлдзæгæй фестад æмæ ахызт къæсæрæй. *■ *■ * Ахмæт кæд райдианы, изæрыгæтты, аивæй цыд хъæумæ, уæд фæстагмæ йæхи райдыдта æргомæй æвдисын, фæлæ никуы никæмæн сæргом кодта йæ хъуыдытæ. Уæддæр адæмы ’хсæн цыд алыгъуызон «дам»-тæ. Сæ цæст-иу ыл куы схæцыд, уæд-иу фæфылдæр сты йæ койгæнджытæ дæр: «Ахмæт ахицæн йæ дыккаг усæй æмæ фæстæмæ Косеримæ бацæрынвæнд кæны»... «Нæ зонын, нæ зонын, æз цы Косе- ры зонын, уый ма йæ йæ хæдзары тæфтыл дæр ауадза»... «Царды алцы дæр æрцæуы. Уымæй фылдæ^ рæстæг фæ- цæрынц хицæнтæй, фæлæ та бацæрынц»... «Йæ амонд æм æрыздæхт æмæ йыл хæцæд, æндæра йæ уый дæр нал фæуы- дзæн»... «Нырмæ чи бафæрæзта иунæгæй, уый нырæй фæс- тæмæ дæр бафæраздзæн»... «Уымæн дæр кæд хорз цард уы- дис, уæд ма нæм ардæм цæмæ ’рхæццæ, нæ хъæзныджы хъæр æм айхъуыст»... «Косеры дæр ма уæдæ æндæр цы хъæ- уы, цæмæ бæллыд, уый йыл æрцыд æрæджиау»... «Иунæ- гæй цæрын дæр кæй бон у, кæй бон, уæлдайдæр сыл- гоймагæн»... - Косер фидар сылгоймаг разынд, æндæрд уый бынаты æндæр, уæд уый дæр æрцагуырдтаит ног амонд, курджытæ дæр æй бирæ уыд, фæлæ дзы сæ кæртмæ дæр ничи бахаста йæ ныфс... Алы ныхас хъуыстой Ахмæт æмæ Косер сæхæдæг дæр. Косер сæм райдианы йæхи æвдыста тызмæгæй, ссыбыртт скæнын дæр никæй уагъта, фæлæ фæстагмæ æрсабыр. * # * Косеры стыр катайы ныппæрста, æппындæр æнхъæл кæ- мæн нæ уыд, йæ лæппуйы уыцы зондахаст. Хионæй, сыха- гæй, æцæгæлонæй ма сæм бæргæ фæдзырдта æххуысмæ, фæлæ Будзи уæддæр йæ фæнд нæ аивта. «Мæнæн æнæцæу- гæ нæй! - уыд алкæмæн дæр йæ фæстаг дзуапп. Кæд-иу æм исчи барджынæй æгæр бауырдыг, уæд-иу рахызт дæрзæг 211
ныхасмæ дæр æмæ-иу йæ дзырд уый фæцис: «Алчи йæхи цардæн зонæд, æз никæй уынаффæмæ æнхъæлмæ кæсын». - Сылгоймаг тындзыдта фадатæн аирвæзынæй тæр- сгæйæ. Фесæфт йе ’нцойад, йæ мид-зæрдæйы æргомæй агуырдта æххуыс. Хатт-иу дзы æрбайрох салам раттын дæр æмæ-иу уæд æмбæлджытæ йæ фæстæ акастысты цымы- дисæй. Сæрдары хатæны ма исчи бады æви нæ, уымæй дæр никæйы афарста, афтæмæй бахæцыд дуарыл. - Бар уæм ис? - Косер, мидæмæ рахиз, ды та цæй бартæ курыс ардæм?! Сылгоймаг бахызт хатæимæ, салам радта, фæлæ сæрда- ры раз цы нæлгоймаг бадт, уый змæлгæ дæр нæ фæкодта, нæ фæкаст Косеры ’рдæм, æрмæст ныллæгдæр æруагьта йæ сæр. - Косер, æрбад мæнæ ам, - сæрдар сыстад, райста Косе- ры къух æмæ йын ацамыдта бандонмæ. Косер йæ цæсты зулæй бакаст, æцæгæлон адæймаг кæй æнхъæлдта, уымæ. «Кæд ма исты зонын, уæд Ахмæт хъуамæ уа, æмæ йæ боцъотæ та цы фесты? - Сылгоймаджы уадултæ ссыгъдысты. Йæ бон налдæр æрбадын уыд, налдæр лæууын. Уæддæр йæхи фæныфсджын кодта, фæуæидон æмæ, цыма уыцы адæймагæн æппындæр ницы нысаниуæг ис, уыйау комкоммæ каст æмæ дзырдта сæрдаримæ: - Хъырым де ’ххуысы сæр мæ бахъуыд, фæлæ мын исты амал скæн, - загьта æмæ та йæ цæсты тигътæ аныдзæвды- сты æцæгæлон адæймаг кæй хуыдта, ууыл. Йæ ног даст рустæ æрттывтой æрыгон лæппуйы рустау. Косер ха- тыд, йæ цæсгомы хуыз кæй аивта, дзурын ын кæй фæзын- дæр æмæ, уыцы уавæр Хъырымæй æмбæхсгæйæ, гæзæмæ фæзылдта йæ бандон, ома йæ иннæимæ æппындæр ницы хъуыддаг ис, æмæ нын нæ ныхас дæр цæмæн хъуамæ хъуса... - Кæд мæ бон исты бауа, уæд - табуафси, - Хъырыммæ диссаг фæкаст, Косер дзы афтæ зæрдиагæй цахæм æххуыс агуры, уый, æмæ йæм лæмбынæг байхъуыста. - Нæ зонын куыд дын æй зæгьон, цæмæй райдайон, - сылгоймаг дзурыныл фæлвæрдта, фæлæ йын нал æнтыст, йæ хъуыр æхгæдта, кæуын дæр æм цыд æмæ дзурын дæр. Æрæджиау йæ хъуыды тыххæй ахæццæ кодта кæронмæ: - Мæ лæппуйы тыххæй дæм æрбауадтæн. - Цы кæны дæ лæппу? Ам ис? 212
- Ам ис бæргæ, фæлæ йæ зæрдæ ам нæй, бæстæ йыл гуыр-гуыр кæны, чердæм ма аирвæза, ууыл у. - Дæу куыд фæнды? - Мæн та цы фæрсыс, ныййарæджы куыд фæнды, уый ды мæнæй хуыздæр зоныс. Ис хъæбулæй æнæхъæбул куы баззайон, уымæй тæрсын. Æмæ ма ууыл дæр хъæцин, фæлæ йæ цардимæ зæрдæдзургæйæ кæдмæйы фаг дæн, нæ зо- нын... - Æз ахæм лæппу нæ зонын æмæ йæм зæрдæ фехсайа, кæнæ йæ мадæй искуыдæм фæлидза, - ныфсы ныхæстæ ко- дта Хъырым. - Æз дæр афтæ нæ зæгъын мæнæй лидзы, фæлæ уый лидзынæй ноджы фыддæр у... - Косеры цыма стыр хъыг- дарджытæ уыд, уыйау йæ ныхас ныууагъта æрдæгыл æмæ æнхъæлмæ каст, бæстондæр ныхасмæ. - Нæ дæ бамбæрстон, Косер, кæронмæ ма зæгъ дæ хъуыды. - Йæ зæрды бынтондæр ацы бæстыл йæ къух сисын ис. - Уый та, дам, куыд? - Куыд, куы, куыд вæййы афтæ. Ам, дам, нæ хæдзæрттæ ауæй кæнæм... - Сылгоймаг йæ ныхас фæурæдта, иугæр Хъырымы æрфгуытæ куы фелхынцъ сты, уæд. - Уый гæнæн нæй, уыцы фæнд ын мæ зæрдæмæ нæ цæуы! Бамбæрстон æппæт дæр. Ныр ды сæрибар дæ, тыхсгæ ма кæн, мæхæдæг аныхас кæндзынæн йемæ. Цалынмæ Хъырым æмæ Косер ныхас кодтой, уæдмæ Ахмæт не схæцыд йæ сæрыл, йæ размæ æрбазылдта газеттæ æмæ, уыдонмæ кæсын æфсон, лæмбынæг хъуыста ныхасмæ. Косер ма йыл аивæй расæрфта йæ цæстытæ æмæ йæ цыма æппындæр не ’рхъуыды кодта, нæ йæ базыдта, уыйау фæ- раст дуарырдæм. - Кæсыс, уыдон иууылдæр дæ хъуыдтæгтæ сты! - загъта Хъырым æмæ бакаст Ахмæтмæ уайдзæфы хуызы нæ, фæлæ йын цыма йæ царды хабæрттæ ногæй йæ зæрдыл лæууын кæны, уыйау. - Мæнæ уал кусын райдайон, стæй сге кæд рараст кæнин исчердæмыты. Æгæр бирæ рæстæг рацыд æмæ... - Рæстæгæн дæр куыннæ ис нысаниуæг, бирæ ивындзи- нæдтæ æрцæуы царды. Уыцы ивындзинæдтæ зæрдæйыл куы бандавынц, уæд зындæр у рæдыд рараст кæнын. Уæд та ды аныхас’кæнис йемæ, фыд уæддæр фыд у. - Уый раст у, фæлæ ма мæм фыды цæстæй кæсы, уый 213
дæр мæ æххæст нал уырны. Ардыгæй цы бон ацыдтæн, уы- цы бонæй фæстæмæ кæрæдзи нæ федтам. Йемæ мын фем- бæлыны фадат куы фæуа, уæддæр нæ ныхас кæрæдзийыл æрбаддзæн, уый ныфс дæр мæ нæй. Фæлтау - дæхæдæг, дæ коммæ æнæмæнг бакæсдзæн. Нырма æрыгон, æвæлтæрд у æмæ уыцы кары миниуджытæ дæуæн дæр æнæзындгонд не сты. Мæнæ ма иу дыууæ азы æмæ стæй уæд бынтон æндæр цæстæй ракæсдзæн цардмæ, райгуырæн къуым æмæ йын фыдыуæзæг йе ’нкъарæнтæ куы бацагайой, уæд сæ йæхæдæг агурдзæн. Æз дæр институт каст куы фæдæн, уæд мæ горæтæй мæ къах ничердæм хаста, фæлæ ныр та?.. - Дæ дæсныйадыл уым дæр разынид бынат? - къахæ- джы фарст акодта Хъырым. - Цæй уыцы ныхас уадзæм, - Ахмæт фембæрста Хъыры- мы хъуыды æмæ йæ мидбылты бахудт, - фæлæ уыцы лæппуйæн исты æрымысын хъæуы. - Хорз, дæ дзырд фæуæд, æз аныхас кæндзынæн йемæ. Ды ам дæ, уый нæ зоны? - Уый тыххæй мæ бон зæгъын ницы у. - Ской йын æй кæнин? Ахмæт ахъуыды кодта: - Нæ, нæ хъæуы, фæстæдæр рæстæг йæхæдæг йæхи равдисдзæн. Ныртæккæ мын рæдийыны бар нал ис. Сæ дыууæ дæр бахъæлдзæг сты. - Уæдæ баныхас кодтам: алгъуызон дам-думтæм хъус- гæйæ уыдзынæ къуырма, стæй уæдмæ сæхæдæг банымæг уыдзысты. Исты æххуысы сæр дæ куы бахъæуа, уæд комкоммæ - ардæм. Сæ дыууæ дæр сыстадысты. Хъырым райста Ахмæты къух: - Арфæ дын кæнын! Абонæй фæстæмæ мах нал агурæм агроном. Дыууæ лæджы ма кæрæдзимæ бакастысты æмæ Ахмæт ахызт хатæнæй. Хъырым йæхи уæззаугай æруагъта бандоныл, рæм- бынкъæдзтæ стъолыл æрывæргæйæ, дыууæ армытъæпæнæй балхъывта йæ сæр æмæ сæхгæдта йæ цæстытæ. Уæдмæ та чидæр бахоста дуар æмæ йæ къухтæ дзарæвæрдæй æрын- цадысты стъолыл. 214
* * -X- Арвыл ленкгæнæг бæзджын мигъты кæрæдзийыл ныхас- гæ дымгæ йæ дымджытæ гæзæмæ расæрфта зæххыл. Хуры цæст мигъты аууон куы бамбæхст, уæд сатæг уæлдæф рог кодта уæнгтæ. Будзи йæ сабийы бонтæ кæм æрвыста, уыцы æрдзы нывтæ йын схæцыдысты йæ къабæзтыл æмæ уæл- дæфы ленкгæнæгау, цыд къахвæндагыл. Лæппу бахызт къаннæг адагыл, схæццæ къуылдымы сæрмæ... Æппæты фыццаг, æцæг хосдзау æцæг цæвæгæй ацы ран æрхаста йæ уис, кæд ын фæрæстмæ, уæддæр алыг кодта йæ къух æмæ уыцы аз нал бахауд хосдзæутты номхыгъдмæ. Алыгъуызон дидинджыты æмæ кæрдæджыты тæф лæ- бурдта фындзы хуынчъытæм. Лæппу схæццæ хъæдрæбынмæ æмæ æрбадт пакацонг тулдзбæласы бын. Уырдыгæй, армытъæпæнмæ кæсæгау, зындысты йæ хъæу, быдыртæ, дыргъдæттæ, хæрдгæ ’ндæх- тæй - сосæвæндаг æмæ цæугæ дон. Бæстæ уыд æгуыппæг. Æрмæст цъырцъырджыты иугъæдон «симфони» хæлдта уыцы сабырдзинад. Будзи кæсы, фæлгæсы уаглейæ дæлæмæ. Ницы ивын- дзинæдтæ æрцыд йæ хъæуы, алфæмблай æрдзы, къуыл- дымæй, адагæй, къутæрæй, бæласæй - алцы дæр лæууыд йæ бынаты, куыд сæ ныууагъта, афтæмæй, мадзура æмæ æго- мыгæй. Ноджы арв æрбахгæдта, мигътæ сæхи ныллæг æруагътой æмæ бæстæ каст æгуыппæг æмæ тарæрфыгæй, æгæрстæмæй банцад цъырцъырджыты «симфони» дæр. Будзи исдуг уыд хæдзармæ раздæхинаг, фæлæ йыл цалдæр æртахы куы ’рхауд, уæд æввахсдæр балæууыд бæла- сы бындзæфхадмæ, къæвдайы фæудмæ ам фæбадыны хъуы- дыимæ. Арвы нæрынмæ райдыдта уарын дæр. Сау æндæргау мигътæ сæхи æруагьтой ныллæг. Къæвдайы æртæхтæн æм- дзæгъд кодтой бæласы сыфтæртæ, стæй къæвда фæтынгдæр æмæ æмдзæгъд рахызт иугъæдон сæх-сæхмæ. Быдырты цы адæм змæлыд, уыдон исдуг, фæдисонтау тындзыдтой алырдæм, стæй цыдæр фесты, - алчи дæр сæ йæ сæр бафснайдта. Дæлæ хуымгæрон комбайн баззад йæ мидбынаты. Будзи дæр æнхъæлмæ каст къæвдайы æр- лæудмæ, фæлæ уый та тыхджынæй-тЬксджындæр кодта æмæ уæд йæ цыдыл райдыдта фæсмон. Ацы алæмæты æр- 215
дзмæ нал уыд, лæппуйы æнкъарæнтыл чи баузæлыдаид, иу- нæг ахæм миниуæг дæр. Лæппу уынгæг зæрдæйæ скæс-скæс кодта арвы ’рдæм, фæлæ уым дæр, фыдæнæнгæнæгау, нæ зынд иунæг райдзаст бынат дæр. Уæдмæ бæласы сыфтæртæ дæр нал урæдтой къæвдайы. Будзи арæхæй-арæхдæр ивта йæ бынат, зылди бæласы бындзæфхады алыварс. Хихджын бæлас æм нæ уыд хæстæг æндæра уый бынмæ балыгъдаид. Райдыдта хуылыдз кæнын, ысуазал. «Цымæ мæ цы нæ уагъта, цæмæ цыдтæн!» - йæхицæн уайдзæфтæгæнгæ хъуы- ста къæвдайы сæхсæхмæ. Бæласы сыфтæртыл-иу цы дон амбырд, уый-иу рæстæгæй-рæстæгмæ, уддзæфы базмæлди- мæ, уыцы иу калд æркодта зæхмæ æмæ уымæй бынтон фæлмæцыд лæппу. «Донласт хуылыдзæй нал тæрсы», - загъта йæхицæн Бу- дзи, иу хатт ма скаст арвы ’рдæм, чысыл йæ зæрдæ барухс. Арвы кæрæттæ гæзæмæ фæирд сты, фæлæ изæр кæнын дæр байдыдта æмæ уæд, зивæггæнгæ, рахызт бæласы бынæй, цалдæр хатты хъавгæ айста йæ къæхтæ, стæй æдæрсгæ фæраст хъæуы ’рдæм. Будзийы сосæвæндагмæ бирæ нал хъуыд, афтæ йæ хъу- стыл ауад маторы хъæр. Къуыппæй ныккаст. Базыдта сæ колхозы «Вилис»-ы. Нал ын æнтыст хуырвæндагмæ схи- зын. Йæ цæлхытæ зылдысты сæ мидбынаты. Хъырым æр- хызт зæхмæ, матор, удисæгау, куы сниуы, уæд уый дæр цъыфы йæ къæхтæ æрфидар кæны æмæ машинæйыл размæ ахæцы. Бахæццæ сæм Будзи дæр. «Байриат!» «Хорз цæр!» Раарфæ кодтой кæрæдзийæн. - Будзи, махæн æндæр гæнæн нæй, фæлæ ды та кæм уыдтæ ацы къæвдайы? - Дард нæ уыдтæн æз дæр... Хъæды ’рдæм зæгьын ази- лон æмæ мæ къæвда æрыййæфта. - Хорз у атезгъо кæнын дæр, уæдæ цы, - Хъырым Будзиимæ ныхас кодта, фæлæ йæ каст та машинæмæ уыд. - Иу хатт ма бафæлварис уæд та, - Хъырым бакаст шофыр- мæ, - мæнæ нын Будзи дæр аххуыс кæндзæн. Будзи дзургæ ницы скодта, фæлæ бахудт йæ мидбылты æмæ æрлæууыд машинæйы фæстæ. Матор куы скусы, цæл- хытæ сæ мидбынаты куы сзилынц, уæд та Будзи дæр куы йæ иу, куы та йе ннæ къухæй фæхæцы размæ. Ацы хатт æрлæу- уыд машинæйы фæстæ, цæмæй йæм сбыцæу кодтаид дыууæ къухы дæр. Цæлхытæ та тынг ныззылдысты сæ мидбынаты æмæ лæппуйыл æнæнхъæлæджы аныхæстысты цъыфы 216
пырхæнтæ. Б)щзи фергъуыйау æмæ мæстæйдзагæй æркаст йæ дарæсмæ. Йæ мид-зæрдæйы цыдæртæ загъта, фæлæ йын не сæргом сты. - Цы кодтай, цы, Будзи? - Хъырым æм фæкомкоммæ æмæ цалынмæ цы ’рцыд, уый бамбæрста, уæдмæ дисы баха- уд, стæй маст дæр кодта æмæ йæм худæг дæр фæкаст, - æвæццæгæн цалхы фæстæ лæуд фæдæ. Цæй ницы кæны, ныртæккæ хъæумæ бахæццæ уыдзыстæм æмæ сæ уым асыгъдæджытæ кæндзынæ. Уæд та ма иу хатт фæстæмæ рацæуис, чизоны схизæм, - дзуры шофыры ’рдæм. - Нæй, не схиздзыстæм, нæ фыдæбон дзæгьæлы у, æгæр сцъыф... - Уымæн фæзæгъынц йе, дардыл, дам, æрзил æмæ хæ- дзар ссарай. Аздæхæм фæстæмæ, æндæра ноджыдæр фæ- фыдæбон кæндзыстæм. Шофыр ницы сдзырдта, фæлæ йæ цæсгомыл фæзынд цахæмдæр сæрыстырдзинад, Ома-иу мæнмæ дæр хъæуы байхъусын, машинæйы хъуыддаг мæ хуызæн чи хъуамæ зо- на. Разылдта машинæ æмæ иудзæвгар фæцыдысты æнæ- дзургæйæ. Иугæр хуырвæндагмæ куы бахæццæ сты, уæд Хъырым зулмæ бакаст лæппумæ: - Уый дын нæ митæ гъе, Будзи, мах удисынмæ дæр не ’вдæлы, уый та нæ уынгæджы фæкодта. Уарын куы хъуыд, уæд арвыл мигъы къæм нæ федтаис, ныр та, цыма къæртт фæцис, уыйау нал æмæ нал æнцайы. - Ныр æвæццæгæн фæхур уыдзæн, - загъта ныфсæ- вæрæгау лæппу. - Иугæр нын нæ фæллой æнæпайда куы фæкæна, уæд ма фæнды схур уæд, фæнды ма. Будзи дзургæ ницы скодта, фæлæ йæ мид-зæрдæйы ба- буц, ацы аудинæгтæй йæм кæй ницы хауы, уый тыххæй. - Дæуæн цы у, Будзи, нæ дæ хор тауыны ’фсæрм ис, нæ йе ’фснайыны ’фсæрм. Лæппу дзургæ ницы скодта, фæлæ йæ цæсты тигътæ андæгъдысты Хъырымыл æмæ сæрыстырæй гæзæмæ бахудт йæ мидбылты. - Кусгæ кæм кæныс? - Цæгаты ’рдыгæй. Цæрæн хæдзæрттæ аразæм. - Дæхицæн дын радтой фатер? - Нæма, фæлæ тагъд райсдзынæн. - Ус, дам, ракуырдтай фехъуыстон. 217
Будзи та ницы дзуапп радта ацы фарстæн дæр, æрмæст та бахудт йæ мидбылты æмæ йæ цæсгомыл æнцон раир- тасæн уыд разыйы дзуапп. - Сывæллæттæ?.. -Иу. - Уый хорз хъуыддаг у, алцы дæр афоныл фидауы. - Кæцон у сылгоймаг? - Уым, бынæттон, иумæ кусæм... Инженер у. - Будзи ма фæстаг дзырд загъта æрæджиау, æппæлæгау. - Мадджын, фыдджын?... - Ис ын мад, фыд, иу хо æмæ иу æфсымæр. - Уæдæ дын ницы у, хорз каистæ дын ис. Æвæццæгæн дзы афæстиат уыдзынæ иу дыууæ азы? - Цæмæн иу дыууæ азы?!. Æвзæр бынат нæу цæрынæн. Хъырым исдуг ницы сдзырдта, стæй цыма никуы æмæ ницы, уыйау комкоммæ ныккаст машинæйы раз фæндагмæ æмæ сдзырдта карз æмæ фидарæй: - Уый хорз у, фæлæ райгуырæн къуымæн дæр нæй рохгæнæн. Цалынмæ адæймаг мæнæ дæ цахъæн вæййы, уæдмæ йын уæлдай нæу, фæлæ иугæр йæ лæджы кармæ куы ацæуы, царды æууæрдæнты куы бахауы, уæд æнæмæнг æрымысы йæ уæзæг, йæ райгуырæн къуым. Адæймаг йæ сабийы бонтæ кæм арвиты, уыцы къуымæн сæрмагонд бы- нат ис зæрдæйы. Дæумæ та куыд кæсы? - Нæ зонын, фæлæ мæнмæ уæлдай нæ кæсы, кæм фæнды цæр... - Нырма дæм нæ кæсы, фæлæ дæм фæстæдæр кæсдзæн. - Мæгьа, фæлæ нæ зонын, уый тыххæй мæ бон ницы у зæгъын. - Махмæ дæр ис дæ аккаг куыстытæ, фæлæ дæ, æвæццæгæн, дæ каистæй дæ къах нæ хæссы, æндæра дын ам æнцондæр йеттæмæ зындæр нæ уаид, хæдзар дын ис, дыр- гъдон, фæллой, дæ мад ам... - Мæ мады дæр уырдæм хъуамæ акæнон, фæлæ мын нырма нæ разы кæны. - Кæй зæгьын æй хъæуы нæ дын сразы уыдзæн, хъуамæ йын æй кой дæр ма скодтаис. Стæй цæвиттон дæ мады акодтай, уæд дæ бынтæ та кæмæн уадзыс? - Иу æмæ дыууæ æлхæнæджы ис. - Æлхæнджытæ бирæ, фæлæ сомбон дæумæ фæсмон куы рцæуа, фæстæмæ куы ’рыздæхай, уæд ма дын сæ рауæй кæндзæн, чи дын сæ балхæна, уый? Кæй зæгъын æй хъæуы, 218
нæ. Афтæ дæр ма дын-зæгъдзæн, æз дæу зонгæ дæр нæ кæ- нын. Уый бæсты бавдæл æмæ дæ рæсугъд усы къухыл ных- хæц æмæ йæ æркæн мæнæ дзæнæты бæстæм, стæй дæ ма- хæй цы хъæуа, уый тыххæй дæ бирæ дзурын нæ бахъæу- дзæн. Хъырым дзырдта æмæ дзырдта. Будзи йын йæ ныхасæй фæлмæцыд æмæ йæ фæндыд, машинæ тагъддæр хæдзары дуармæ куы бахæцдæ уаид, уый. Раздæр кæд ныхасы хайад иста уæндонæй, уæд фæстагмæ та фарстытæн дæр нал лæ- вæрдта дзуапп. - Æрбахæццæ стæм, - загъта Хъырым. Шофыр фæурæ- дта машинæ. Будзи æрхызт: - Мидæмæ нæм рахизут. - Мидæмæ та æндæр хатт, иу æвдæлон рæстæджы, мæнæ нæ нæ чындзæхсæвы хаймæ куы фæхонай, уæд. Машинæ анкъуыст, адард. Будзи ма йæ фæстæ иу каст акодта æмæ бахызт хæдзармæ. Косер лæууыд арынджы уæлхъус. Будзимæ нæ фæкаст, афтæмæй йæ афарста: - Кæм уыдтæ, кæ, ацы къæвдайы? Будзи ницы сдзырдта, афтæмæй агуырдта ивæнтæ. - Диссаг мæм кæсы, нана, адæмы хъуыддаг, - йæ дзау- мæттæ ивгæ æрæджиау тызмæгтъуызæй сдзырдта лæппу. - Цы дæм кæсы диссаг? - Цы куы зæгъай, уæд иу иннæмæн йæхи уынаффæгæ- нæг куы скæны, уæд уый. - Уынаффæгæнджытæ дæр алыгъуызæттæ сты, мæ хъæбул, зонын сæ хъæуы, ды кæмæй зæгъыс? - Кæмæй кæ нæ колхозы сæрдарæй. - Цы дам, цы дзы нæ фæцыд дæ зæрдæмæ? - Косер хъуыддаг бамбæрста æмæ рахъавыд лæппуйы бæстон æр- фæрсынмæ. - Хъырымы нын, мæ хъæбул, хи бинонты хуы- зæн у, никæимæ йын ис абарæн, йæ алы дзырд, йæ алы уынаффæ дæр хæдзары хæцгæ сты. - Алкæмæн дæр йæ царды йæхицæй хуыздæр уынаф- фæгæнæг нæй. - Уый раст у, фæлæ дын цæстуарзон уынаффæ чи ба- кæна, æмæ дын худгæ хæрамæй зæндтæ чи амона, уыдон иу кæцæй сты. Хуыцау - де уазæг, иунæг бон дæр - хæрам зæрдæты фæндиаг! Уыдон цæст хорздзинад никæмæн бауарздзæн, æгæрыстæмæй сæхиуæттæн дæр. Æммыст 219
æмæ-иу адæймагæн йæ зæрдæйы конд, йæ лæджыхъæд йæ ныхыл фыст куы уаид!.. - Æнæуи дæр ын ис базонæн, нана, фыссын æй ницæ- мæн хъæуы. - Зын базонæн сты, зын, мæ хъæбул, сусæгæй хæцынц, калмау сæ марг сæ дæлæвзаг æмбæхстæй дарынц. Хуыцау мæ дæр рæстытæ нæй æндæра-иу ахæмтæй мыггаг нæ цæ- уид, цæмæй иннæтæн цæрын æнцондæр уа. - Нана, алкæмæн дæр йæ амонд хорз, фæлæ мын мæнæ адон дæр ахс æндæра ацы мигъ бонты нал ссур уыд- зысты æмæ мæ иннæбон хæрз раджы цæуын хъæуы. Косеры цæстытæ атарытæ сты, йæ хъæбулæн æй нæ фæндыд карз ныхæстæ зæгъын æмæ кæд йæ масты уацарæй фервæзт, уæддæр йæ дзуринæгтæ иууылдæр фергом сты. - Дæ хорзæхæй, цæуын, цæуын цы кæныс, дæ хæдзары дæм иунæг æхсæв сбон кæнын зын куы кæсы, уæд ахæм тæхудиаджы бæстæ кæм ссардтай, махæн дæр ма йæ бацамон. - Бæргæ дын æй амонын, нана, фæлæ... Цæй ницы кæны, чизоны мæ хъуыды дæ зæрдæмæ фæцæуа фæстæдæр, уæд-иу мын хъусын кæн. Æз ма афæстиат уыдаин, фæлæ куыстмæ тагьд кæнын, æнæуый дæр байрæджы кодтон. - Нæма ’рхæццæ, афтæ йæ рæстæг цæуын-цæуынæй райдыдта, - Косер архайдта йæ кæрдзынтимæ, кæд йæхи- уыл хæцыд, уæддæр-иу хатт йæ мид-зæрдæйы сагъæс фæ- зынд йæ фезмæлд, йæ хъæлæсы уагыл. - Дæу, æвæццæгæн, бæтгæйæ дæр ничи бауромдзæн, фæлæ-иу фысгæ уæддæр кæн арæх. Æфсады куы службæ кодтай, уæд дæ æрвыл кьуыри фыстæг истон. Ныр дæр афæдзæй фылдæр нæ уыд- тæ дæ хæдзары, фæлæ кæм дæ, цы дæ, уымæн ницы зыдтон. Иу заманы дæ хъуамæ хицауадæн æрцагурын кодтаин, фæ- лæ бонæй-бонмæ хабармæ æнхъæлмæкæсгæйæ ныкъуы- лымпы дæн. Уæд цас диссаг у иу гæххæтты гæппæл. Афтæ дын куынæ зæгъын дæ хабæрттæ мæм кæрæй-кæронмæ фæ- фысс, фæлæ æнæниз, сæрæгас дæн, ацы дыууæ дзырды ныффыссынæн бирæ хъæуы... - Дæхæдæг дæр нæ уарзыс, нана, фыстæг фыссын. - Мæн цы фæзмыс, мæн, - фæтызмæг Косер æмæ та дæрзæг ныхæстыл æрхæцыд дæндагæй, - æниу сымахæн цас фæнды дзур, уееддæр никуы бамбардзыстут ныййарæ- джы зæрдæ. - Æз иу куы дæн, нана, уæд мæм бирæйы номæй цæмæн дзурыс? 220
- Ды иунæг нæ дæ, дæ хуызæттæ нырма бирæ сты. Уæртæ кæмæ тагъд кæныс, чи дæм æнхъæлмæ кæсы, уый кæимæ банымайон? - Уый дæр махимæ, нана, фæлæ уымæн йæхицæн ис ныййарджытæ æмæ сæ йæхæдæг æмбардзæн. - Демæ дзурын мæ бон нæу, сывæллонæй уæлдай мæм нæ кæсыс дæ царды фæндтимæ æмæ цыфæнды кæн. Куыдцæр ныххæццæ уай, афтæ-иу сын сывæллоиимæ сæ хуызист рарвит, гæххæттыл сæ уæддæр фенон. Чизоны сæ фидæн сæрд æркæнай ардæм. Уæлдæф аивын дæр мæгуы- рау нæу. Æниу дæхæдæг зоныс, куыдфæнды кæнут, - ацы фæстаг дзырд Косер загъта йæ мидзæрдæйы, фæлæ уæддæр зулмæ бакаст лæппумæ, фехъуыста сæ, æви нæ, уый бæрæггæнæг, йæхæдæг фæстаг кæрдзын райста пецæй æмæ йæ æрæвæрдта иннæты фарсмæ фынгыл. - Фендзыстæм, нана, алцæмæн дæр рæстæгимæ цыдæр бастдзинад вæййы, чизоны æрцæуæм, чизоны - нæ. Ар- дыгæй уæдмæ бæрæг уыдзæн, рагацау фæндтæ кæнын, æвæццæгæн, æмбæлгæ дæр иæ кæны. Æз хъуамæ чысыл мæхи æруадзон, ме уæнгтæ цыдæр уæззау сты. Лæппу ацыд иннæ хатæнмæ. Косер, цыдæриддæр лæп- пуимæ се ’хсæн ныхас рауад, уыдоныл ног лыст?:ггай йæ цæст ахаста: кæд æм, мыййаг, æгæр тызмæг сдзырдтон, кæд æм исты хъыг фæкаст æмæ иннæ хатæнмæ дæр уый тыххæй фæцæуæг æмæ та? йæхи æппынæдзух азымы даргæйæ, кæуылты æрзылдысты мады хъуыдытæ. Косер лæппуйы хæлаф æмæ хæдон тасæй сæ донкæлгæ куы систа, уæд йæ зæрдæ фæтæнæг, йæ цæстытæ баумеел сты, афтæмæй сæ ныллæмæрста æмæ сæ бæндæныл æрца- уыгъта къæлидоры. * * * Автобус анкъуыст. Косер лæууыд æрттæдæлармæй, йе уæхсчытыл цы тар морæ кæлмæрзæн уыд, уый бынæй нæ зындысты цæнгтæ, афтæмæй каст тызмæг, сагъæсгъуыз цæстытæй, цалынмæ автобус нæ фæаууон, уæдмæ, стæй цы- ма фæндарастгæнджытæй дæр никæй зыдта, уыйау фæр- смæ дæр никæмæ бакаст, афтæмæй фæраст йæ хæдзармæ. Арв уыдис ирд. Фæскъæвда райсомы уæлдæф æгæр фæ- сатæг, адæймаджы буар æхцонæй æнкъардта хуры фæзынд, 221
йæ тынты узæлд. Косер уæды онг тындзыдта, фæлæ кæрты дуары цурмæ куы бахæццæ, уæд фæлæууыд, бакаст æм- бонды сæрты, стæй сындæггай бахæцыд дуарыл. Иунæгæй ма æгæр дæр сахуыр ацы кæрты, ацы хæдзары, фæлæ йæм ацыхатт фæкастысты бынтон æдзæрæг, хасты хуызæн. Чысыл раздæр ма дзы тæлфыди цард, ныхасгæнæг дзы уыд, фæлæ уыцы фарн, цалынмæ сылгоймаг автобусы æрлæууæнæй фæстæмæ здæхт, уæдмæ цыдæр фæцис. Нал дæр цуанон, нал дæр карк змæлæг уыдис кæрты, æгæрстæ- мæй бандзыг, бамыр сты бæлæсты сыфтæртæ дæр, цыма царды бæрджытæн рæстæджы фæлм сæ хуыз айста, уыйау хæдзар зынд æдзæрæджы хуызæнæй. Косермæ афтæ фæ- каст, цыма рагæй нал уыд ацы уæзгуытыл æмæ сæм мæнæ ныр æрбафтыд, æнæнхъæлæджы. Иæ хъæбулимæ цалдæр боны кæй ацард, уый йæм фæкаст фынфенæгау. Йæ хъусты зæлыдысты йæ дзырдтæ, йæ хъæлæсы уаг, йæ уынаффæтæй йын кæд никæуыл бацин кодта, уæддæр æхцондзинад хас- той йæ зæрдæйæн æмæ сæ æмбырд кодта хъуыдыйæ, цæ- стæй. Косер æрбадт бæласы бын бандоныл. йæ къухтæ æрæ- вæрдта йæ уæрджытыл. Афтæ арæх абады, æмæ цыма фæс- тæмæ раздæхæн кæмæн нал ис, уыцы амонд зæфцы фыдæй ауагъта, уыйау æлхынцъ æрфыгæй каст йæ къæхты бынмæ. Иу заманы базмæлыдысты йæ былтæ, цæсгом фæрайдзаст. Чысылæй йын тынг коммæгæс уыди, хорз ахуыр кодта, райгонд дзы уыдысты ахуыргæнджытæ, сыхæгтæ, хъæу- бæстæ. Иунæг адæймаг дæр дзы нæ зоны маст, къæйных ныхас. Астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ горæтмæ куы цыд йæ ахуыр адарддæр кæныны тыххæй, уæд дзы бирæтæн нæ уыд æхсызгон. Уый фæстæ дæр æй мысыдысты, арæх-иу сæм æрхаудта йæ кой. Ныр дæр кæд йæ уагахаст йæ зæрдæмæ нæ фæцыд, уæддæр æм нæ фæкаст æнæгъдау, æнахъинон хивæнд. Бæргæ ныртæккæ æд бинонтæ йæ фарсмæ куы фестид куырыхон лæгау куы ’ргуыбыр кæнид царды фæндтæм, уæд хорз уаид, фæлæ цы гæнæн ис. «Йæ уд мын дзæбæх уæд, æндæр мæ ницы хъæуы!» - Уый ныййарæджы иууыл стырдæр бæллиц у. Уымæй дарддæр æм ахæм тых, ахæм хъару ис æмæ алцæуыл дæр хъæцдзæн. Будзийыл хъуыдыгæнгæйæ, алгъуызон нывтæм кæс- гæйæ та гæзæмæ рухсы тынтæ бакастысты мады зæрдæмæ, хæдзары рудзгуытæ дæр цыма фæрайдзаст сты, уæзæджы фарн та цыма фæстæмæ æрæздæхт æмæ ахæцыд Косеры къухыл. 222
Сылгоймаг бахæццæ суанг сæрзæды бынмæ, цæстæн- гасæй агуырдта, чи йыл баузæлыдаид, иунæг ахæм зæрдыл- даринаг, фæлæ уæддæр къуымтæ хастой уазал, къултæ ауу- он дардтой зæрдæмæ. Хæрдхуызæй, дам, æртгъуыз хуыздæр у, фæзæгъынц, хъуыд сугтæ æрбадавын, арт акæнын. Ехх, æвæдза хæдзары кæсдæр куынæ уа, саби дзы куынæ кæуа, къуымты куынæ рауай-бауай кæна, куынæ худа, уæд дзы хæйрæджытæ симынц, райдзаст бонтæ дзы къаддæр вæййы. Кæд сæ маст, сæ фыдæбон бирæ у, семæ зын архайæн у, уæд æнæ уыдон та ноджы зындæр у. Уыдон тугимæ зилынц адæймаджы тугдадзинты æмæ йын фидар кæнынц йæ цар- ды ныфсыты, йæ рухс бæллицты. Маст æмæ фыдæбон та, сæ иу бахудт, сæ иу фендæй атайынц уалдзыгон митау. Косеры уæнгтæ ма ныр дæр баризынц, фæлæ йæ худын дæр нал æмæ нал фæуромы. Цы фыдбылызы хъуыды йæм фæмидæг, цæмæ йæ кодта йемæ горæтмæ?! Базары иумæ фæзылдысты, асгæрстой дуканитæ дæр. Цалынмæ мад йæ хъуыддæгтыл зылди, уæдмæ дæр Буд- зийы фæндыд зоопарчы азилын, йæ хъуыды дæр цалдæр хатты загьта къæзгæйæ, фæлæ та-иу мад атындзыдта йæ разæй, уайдзæфтæгæнгæ. Дардыл фæзуат чи бацахста, уыцы зоопарчы бæрзонд фæйнæджытæй къулы-иу бакæсæн зыхъыртæ рацагуырдта лæппу, фæлæ йæ цæст ницæуыл хæцыд. Æрæджиау сæххæст йæ бæллиц. Билеттæ цингæнгæ фæсагъта дуаргæсы къухы æмæ цыма йæ мад йемæ нæ уыд, уыйау фæаууон адæмы ’хсæн. Косер æй фæстейæ басырдта, йе ’фцæггот ын ацахста, ныххæцыд ын йæ къухыл æмæ йæ уæгьд нал суагъта. - Дæ хорзæхæй никуы ницы федтай! - загъта лæппу бустæгæнгæ æмæ йæ мады ласæгау акодта йæ фæстæ. Косер йæхæдæг дæр сцымыдис алгъуызон сырдтæ æмæ мæргътæм кæсгæйæ. Хатт-иу дзы лæппу дæр æрбайрох æмæ та-иу адзæгъæл, фæлæ-иу æй уайтагъд ссардта. Иурæ- стæджы та йæм йæ зæрдæ сдзырдта: «Цæй кæдæм хъуа- мæ ацæуа ардыгæй дарддæр», - æмæ йæхæдæг цалынмæ æнæхъæн зоопаркыл зылд фæцис, уæдмæ йæ нал æрца- гуырдта. Косер куыддæр дыккаг хатт æрзылд уыцы иу фæн- дагыл, афта^фæсаст йæ цымыдис æмæ йæ зæрдæ ахсайдта цæуынмæ. Йæ алыварс акаст, йæ цæст ахаста дæрдтыл. Сындæггай азылд, фæлæ ацы хатт сырдтæм нал каст, йæ 223
цæстытæ-иу арæхæй-арæхдæр андæгъдысты Будзийы æмкар лæппутыл. Райдианы цыд сындæг къахдзæфтæй, сабыр, уæзбын хъуыдытимæ. Куыд фæстагмæ йæ цæсго- мыл фæзынд цахæмдæр æбæрæг тасы нысæнттæ, афтæ- мæй та цалдæр зылды æркодта, уæды онг цы фæндагыл цыдис, ууыл, «Уæртæ кæми, уæртæ... Гъæ, уый куынæ у... Уæдæ цы фæуыдаид, зæххы скъуыды аирвæзт, æви йæ хæйрæджытæ аныхъуырдтой?» Сылгоймаджы зæрдæ бауынгæг, цы ми бакæнайы фарст ын цадæггай фæсырдта йе ’нцойад. Лæууы, лæппуйæ кæм фæхицæн, уыцы бына- ты, нал уæндыд дарддæр къахдзæф акæнын. «Будзи!», - сылгоймаг хъавыд фæхъæр кæнынмæ, фæлæ йæ бон нæ бацис. Уæддæр æм афтæ фæкаст, цыма тынг хъæрæй за- гъта Будзийы ном, фæлæ йæ уый нæ фехъуыста. Адæм тыннывæндæгау кæнынц дыууæрдæм. Уыдонæй йын ничи хаты йæ тыхст уавæр. Алчи дæр æнæмæтæй цæуы йæ фæндагыл. Мадзура æмæ дзы æрхæндæгыл цæст нæ хæцыд. Иууылдæр уыдысты хъæлдзæг, сæ райдзаст цæсгæмттыл æнцон бакæсæн уыдис зæрдæйы æхцондзи- над. Алкæмæн дæр йæ хъуыдытæ баст сты æрмæст дæр сырддоны цæрæгойтимæ. Алчи дæр цæуы æнæмæтæй, ны- хас кæны, йæ цæстытæй æрттивынц æхцондзинады тын- тæ, фæлæ дзы иу дæр нæ бакаст Косеры цæсгоммæ. Иутæ йыл сæхи дæр асæрфынц фыдæнæнгæнæгау, ома, чысыл ма иуырдæм алæу, цы схъил дæ фæндаджы астæу. Косермæ адæм фæкастысты тынг æгъатыр æмæ дур- зæрдæ. Æвиппайды йæ сæры фæмидæг дуаргæсы афæр- сыны хъуыды. Бахæццæ. Лæууы фадатмæ æнхъæлмæгæ- сгæйæ. Адæм кæнынц æттæмæ-мидæмæ. Сылгоймаджы сæр разылд, цæстытыл абадт фæлм. - Ам, мыййаг, къаннæг лæппу ахызт æддæмæ? - Æрæ- джиау Косерæн бантыст дуаргæсы афæрсын. Дуаргæсы фыццаг не ’вдæлд, стæй йæм æрæджиау скаст дисгъуызæй. - Ауылты бирæ гыццыл лæппутæ ахызт, хорз ус, - дзу- апп радта сылгоймаг æмæ, иу адæймаджы къухæй бирæ билеттæ райсгæйæ, къордыл ахаста йæ цæст. Ацы дзуапп нæ фæцыд Косеры зæрдæмæ, æгæр дæр- зæг æм фæкаст. «Ау уæздандæр зæгъæн ын нæ уыд, дзыр- дтæ дæ æлхæнын хъæуы!» Рамæсты дуаргæсмæ, алы- выдтæ дæр ын акалдтаид, фæлæ йæ иуæй йæ зæрдæ нæ хаста дзурын, иннæмæй та йæ æвдæлгæ нæ кодта. «Цы 224
ми бакæна?» - ацы фарст æрцауындзæг йс ’взаджы цъуп- пыл, фæлхатт æй кодта зæрдæ, æнæхъæн буар, хатт æй æргомæй дæр фæзæгъы æнæрхъуыдыйæ. Фæстагмæ ба- цард йæ зæрдæйы æмæ тæрсын кодта туджы, фæдисо- нау ын змæста йæ хъуыдытæ. «Чизоны мæ агурæг адзæ- гъæл, ахызт зоопаркæй æмæ тыхстæй рауай-бауай кæ- ны», - йæ зæрдæ ахсайдта Косерæн. Сабийы сæфт рагæй нал фехъуыста, фæлæ æрцыд ахæм цаутæ дæр. «Кæцы- фæнды æнæзæнæг лæг æмæ ус дæр сразы уыдзысты ахæм цыкурайы фæрдыджы хуызæн цæттæ сывæллоны сæхицæн схъомыл кæныныл». Косер фæтарст ацы хъуы- дыйæ, фестъæлфыд. «Будзи!» - ацы хатт йæхимæ дæр фехъуыст йæ хъæр, фæлæ йæ уæддæр адæмæй ничи фе- хъуыста, ничи йыл батыхст, æвæццæгæн-иу ахъуыды код- той, зæгъгæ, уым диссагæй ницы нс, ныртæккæ ссардзы- сты кæрæдзи. Косер та атындзыдта, цалдæр хатты ацыд уыцыиу фæн- дагыл. Нæй æмæ нæй, - сывæллон аирвæзт зæххы скъуы- ды «Мæ арт бауазал, мæ хæдзар хæлдзæн!» - зæрдæ хъæр кæны фæдис. Сылгоймаджы тыхст лæбуры уæнгтæм, схæццæ хъуырмæ. Уым ныффидар. Цæстытæ тыбар-тыбур кæнынц. Сæр фестад куыройы цалх. Косер ахæццæ дуары онг, ахызт æнæрхъуыдыйæ, фæлæ кæдæм цæуинаг уыд, уымæн йæхæдæг дæр ницы зыдта. Цалдæр къах- дзæфы сарæзта иуæрдæм, фездæхт иннæрдæм. Иæ раз- вæндаг дæр нæ уыны, афтæмæй кæсы, хъахъхъæны фæй- нæрдæм. «Нæй, бынтон мын йæ фæд фесæфдзæн». Фез- дæхт фæстæмæ. Дæ билет? - Иæ къух æм бадардта дуаргæс. - Æз мæнæ ныртæккæ рахызтæн... - лæгъзтæмхасæн йæ зæрды уыд сбустæ кæнын, уæддæр дзырдта йæ мид- зæрдæйы. «Цæй билет мæ агурыс, ныртæккæ мæ æндæр ницы ’ндавы, йæ нывонд мын æрбауай». Дуаргæс та æрдомдта билет. Билетмæ та хъуыдис но- гæй рады слæууын. Сылгоймаг загъта йæ мид-зæрдæйы тызмæг, дæрзæг ныхæстæ æмæ^февзæрд кассæйы раз. 4 - Æнæрады мачи цæуæд! - Йæ хъустыл сæмбæлдысты æгъатыр дзырдтæ. Нал ын уыдис гæнæн. Разæй чи лæууыд, уыцы чызджы къухты фæсагъта æхца... «Бай- рæз, бахъомыл у дæ ныййарджыты фæндиаг!..» Атын- дзыдта, йæ билет йæ къухы, афтæмæй... Косер зилы адæмы ’хсæнты, кæсы бынты, уæлæты. Скæ- 15* 225
уынмæ йæ бирæ нал хъæуы, тыххæй ма йæхи уромы. Цæс- тытæ баумæл сты. Хъуыр ныххус. Дуаргæсы онг та ра- хæццæ. Дуаргæс æм фæкомкоммæ. Иæхæдæг ныййарæг чи уыдис, ахæм. Ацы хатт æм бахъардта Косеры тыхст- дзинад. - Хорз ус цæуыл тыхсыс? - Мæ хъæбул, - сдзырдта Косер æмæ та йæ цæст дар- дыл хæсгæ æрзылд йæ мидбынаты, - чысыл раздæр æрбацыдыстæм иумæ æмæ æрбадæлдзæх, цы мæ фыдбы- лызы къæхтæ мæ æрбахастой ардæм, цæмæ дзы цыд- тæн, цæй зоопарк мæ хъуыд. - Цыма йыл йæ цæст схæ- цыд, уыйау фестъæлфыд æмæ та фæстæмæ атындзыдта. «Дæ разы ма уыцы сылгоймагмæ фæдзур», - дуаргæс дзуры йæ фарсмæлæууæг чызгмæ. Чызг æм фæдзырдта. Косер цæхгæр фæзылд æхсызгон хабар фехъусын æн- хъæл. «Уæртæ маймулитæ кæм сты, уым тынг бирæ адæм ис æмæ уырдæм ацу. Дæ лæппу цалынмæ сæ тæккæ цур- мæ бахæццæ уа, уæдмæ дын йæ къах дæр никуыдæм авæр- дзæн, дзæгъæлы тыхсыс». Косер атындзыдта. Будзи лæууыд æппæты разæй æмæ каст, худæг митæ чи кодта, æппынæдзух кæсынæй кæмæ не ’фсæст, уыцы маймулитæм. Мады тыхст æмæ тас цыдæр фесты, æгæрыстæмæй сыл фæсмон дæр фæкодта, фæлæ уæддæр мæстæйдзагæй ацахста лæппуйы къух, ногæй йын сæфынæй тæрсæгау, æмæ цыд æнæдзургæйæ. Дуаргæсимæ кæрæдзимæ хæлар цæстæй бакастысты. Абон дæр ма йæ цæстытыл уайы уыцы фæлмæн мидбылхудт. Косеры зæрдæ бабуц ивгъуыды ацы нывтæй. Будзийы чиныг æрдæг кастæй лæууыд стъолыл. Йæ къухмæ йæ райста. Бирæ уарзы аивадон литературæ. Хъыгдарæг æй нæй зæгъгæ, уæд дзы кæрдзын хæрын дæр æрбайрох вæййы. Уæдмæ та цадæггай æгуыппæг, æрхæндæг æрцард хатæны. Уыцы цалдæр боны нывтæ та йын райдыдтой æмæ та Косер дæр ныхъуыста йæ зæрдæмæ. Сабырдзинад фехæлдта стуры уасын. Косер сыстад, зивæггæнгæ, ахызт къæлидормæ. Уырдыгæй кæсы. Сыл- гоймагмæ æнхъæлмæкæсæгау лæууынц дыууæ стуры кæрæдзи фæстæ. Фырæфсæстæй сæ бон улæфын дæр нал у. Кæрчытæ дыууæрдæм кæнынц æхсæвæр домæг. Косер æрхæндæгзæрдæйæ фæцис йе ’зæры зылдтытæ.’Тынг фæл- лад æмæ фæлмæцыд уыди, афтæмæй уыцы бон ницы уа- 226
диссаг бакуыста. Нæдæр æм йæ цардыл хъуыды кæнын цыд, нæдæр йæ абоны аудинæгтыл æмæ нæдæр йæ сом- боны хъысмæтыл. Афтæ, талынг хатæны бадгæйæ, сæх- гæнид йæ цæстытæ, йæ удæй фæсурид æппæт сагъæстæ дæр уысмы бæрц æнцойдзинады тыххæй. Бады Косер та- лынг хатæны. Бады, фæлæ йын йæ зæрдæ нæ дæтты æн- цойдзинад. Цыма йæм ныртæккæ йæ хъæбул æрбамидæг уыдзæн, цыма йæм ныртæккæ æнæмæнг исчи æрба- хойдзæн, уыйау йе знæт хъуыдыты йæ бон нæу æрсабыр кæнын. Ацы уавæр æй тыхсын кæны, фæлæ æнхъæлмæ кæй кæсы, уый йын хæссы цахæмдæр æхцондзинад. * * # Ахмæт йæ машинæ фæурæдта хæдзары тæккæ рацæ- уæны, фæлæ дзы рухс куынæ калд, уæд ахызт фæндагæй иуварс æмæ ахуыссын кодта матор. Машинæйы рухсытæ фæмидæг сты Косеры хатæны æмæ сылгоймаг фестъæл- фыд, йæ цæстытæ рухсы тынтимæ азылдысты^къултыл, фæлæ уыдон фæстæмæ лидзæгау фæтары сты. Йæ зæрды уыд сыстын æмæ рудзынгæй акæсын, фæлæ йын уый дæр нæ бантыст, афтæмæй, фыдæнæнгæнæгау, йе ’нкъарæнты рохтыл хæцгæйæ, бадт йæ хъуыдыты тымыгъы. Фæззыгон сатæг уæлдæф хаттæй-хатт рацæуы уæлæн- гай æмæ хъустæ гæзæмæ ацахсынц сыфтæрты сыбар-сы- бур. Уынгты змæлæг нал ис. Электроны рухсытæ дæр кæ- рæдзимæ æгæр дард уыдысты, æви ранæй-рæтты лампоч- кæтæ судзгæ бакодтой - мæйдары ницы æвзæрста адæй- маджы цæст. Ноджы машинæйы рухсытæ куы ахуыссы- дысты, уæд Ахмæты алфæмблай уыд бынтон саудалынг, афтæмæй бадт машинæйы хуылфы æмæ йæ мид-зæр- дæйы хъуыды кодта Косеримæ йæ фембæлдыл. Амæй размæ тынг зивæггæнгæ цыд, мæнæ йæ зæгъгæ йæ зæрдæ не схуыста размæ, уæд æппындæр йæ ныфс нæ бахаста- ид, фæлæ ацы хатт фæуæндондæр, фæныфсджындæр, æмæ йæм нæ уыд æрдæг фæндагæй раздæхыны хъуыды. Цалынмæ рудзынгæй рухс кæла, уæдмæ ам бан- хъæлмæ кæсдзæн, стæй æнæгуырысхойæ бахойдзæн дуар. Йвгъуыд царды ныв^æ дæр ыл цыма ацы«хатт уый бæрц не ’рцауындзæг сты. Йæ цæстытыл-иу дзы чи ауад, уыцы нывæн дæр цыма ницыуал нысаниуæг ис, уыйау æй сырд- 227
та йæхицæй. Æрмæст ма йæ тыхсын кодта иу хабар: Ар- дæм фæстаг рæстæджы арæхæй-арæхдæр кæй фæзыны, уыцы хабар апырх адæмыл æмæ къæхтæ æмæ къухтæ æфтаугæйæ, кæй зæгъын æй хъæуы, хæццæ кодта Косермæ дæр. Иæ бон у æмæ сыл йæ къух ауигъа, фæлæ гæнæн ис æмæ зæгъа: Иу хатт мын схæццæ кодта мæ цард æмæ ма мæ зæрондæй та адæмы цæсты цы ’фтауы, цæуылнæ мæ ныууадзы мæ мæгуырыл, æви мæ фыд æмæ йæ фыд иумæ цардысты. Ацы уайдзæфтæн дæр цæттæ уыд Ахмæты дзуапп: «Уы- дон дам-думтæ не сты, фæлæ мын уал азы æнцой- дзинад чи нæ дæтты, уыцы бæллицтæ, æрмæст сæ хъæуы барæвдауын». Косеримæ цы рацард, уыцы рæстæг ын айста йе ’нцойад, йæ лæппу, æндæргау, зылди йемæ æмæ йæ уысмы бæрц дæр уæгъд нæ уагъта. Æнхъæл уыдис, зæгъгæ, райгуырæн уæзæгæй дарддæр куы ацæуон, уæд тагъддæр ферох уыдзысты, йæ къух кæуыл систа, уыцы сонты бонты нывтæ æмæ зæрдæйы мидæг билцъ уадзын- мæ фæуыдзæн дыккаг уарзты тауинаг. Цæмæй зыдта хивæнд зæрдæ, сыгъдæг уарзты æнкъарæнтæ дзы сæ уи- дæгтæ кæй æрсадзынц æмæ уый фæстæ сласын кæй нæ- уал фæкомынц, уый. Заремæимæ Ахмæты ахастытæн дæр чизоны ис уарзт схонæн, фæлæ йæ уидæгтæм нæ разынд цæрдхъом тых. Ахмæты цыдæр фыдбылыз фæцахуыр кодта клубмæ. Уæд хæдархайгæ зарджыты къорд йæ тæккæ кадыл уыди, Заремæ зæрдиагæй куыста. Сæрдарæй, парторгæй сын нæ лæвæрдта æнцой. Балхæдтой музыкалон инструменттæ, дарæс. Фæсивæд тынгдæр сцымыдис сты. Заремæйы хъæлæсимæ мæлæты хорз æрбадт Ахмæты хъæлæс. Сæ концерты программæйы фылдæр хай уыдон зарджы- тæй арæзт уыд. Иумæ фидаугæ дæр мæлæты хорз кодтой, - тынг цыдысты адæмы зæрдæмæ. Æгæрыстæмæй сын фæзынд уынаффæгæнджытæ дæр: цы ми кæнут ам, цæуыл сафут уæ курдиат. Сымах бæсты, зæгъгæ, æндæртæ, уæд афонмæ зариккой профессионалон ансамблы. Уазæгуаты уыдысты сыхаг колхозты, хайад истой суанг республикæйы олимпиадæйы дæр. Призтæ, грамотатæ... Иудзырдæй, цыма æнæкæрæдзи сæ диссаджы курдиат ахуыссыдаид, уыйау нал хицæн кодтой сæ кæрæдзийæ. Иурæстæджы Ахмæтæй рох дæр æрбаци йæ куыст. Хъырым æй уыд цалдæр хатты бафæдзæхсинаг, фæлæ иугæр кружочы кад 228
уæлæмæ-уæлæмæ куы цыди, уæд-иу ныхас æргъæвта фæс- тæдæрмæ. Фыстой сыл районон, областон, æгæрстæмæй республикон газеттæ дæр. Уый колхозы разамынадæн дæр нæ уыд æнæпайда. Кад æгады хос кæд уыд? Хъырым- иу йæхæдæг дæр бабуц газеттæ кæсгæйæ. Радиойы цалдæр хатты уыд сæрмагонд ралæвæрдтæ кружочы куысты тыххæй. Сæ концертты программæ та магнитон лентæ- йыл фыст æрцыд æмæ йæм арæх фехъусынц адæм. Фæ- фыссынц сæ куырдиæттæ дæр. Ахмæт тынг фæсмон кæ- ны уыцы фыстыл. Мæнæ йын зæгъгæ бантыст, уæд æй скуынæг кæнид. Ахæм рæстæджы йæхæдæг æрыхгæны ра- дио. Косер та уый тыххæй нал фæхъусы иннæ програм- мæмæ дæр. Адæм дæр диссаг сты. Нырма никуы бæхы хуыррытт, никуы ехсы цъыкк, йæ фæндтæ æмбис фæндагыл дæр нæма сты, афтæмæй та йын фæзынд уынаффæгæнджытæ, фæлæ хуыцау де уазæг, цæйнæфæлтау ма сценæйыл ра- лæууа æмæ азара, фæлтау донæй дуртæ хæсдзæн. Æниу æй æнæфæндгæ нæу, хъæлдзæгдзинад йæ туджы ис, фæлæ йын йæ намыс йæ цæстмæ арæх бадары уыцы рæ- дыд. Фæлтау баддзæн залы æмæ йе ’взонгад мысгæйæ, зæр- диагæй хъусдзæн æмæ кæсдзæн сæ аивадмæ. Уый кар, æбæрн æмæ æнæмæты кар у, уды æхцондзинады йеттæмæ йæ ницы æндавы, ферттивы æмæ, цæсты ныкъуылдау, атæхынц йæ бонтæ. Уыцы бонтæн сæ рог змæлд, æмæ сын цæрæнбонтæм фæуынæй чи нæ тарст, уыцы зæрдæйы па- рахатдзинад мысгæйæ, адæймаджы хаттæй-хатт æрцахсы æвæджиау хæлæг, фæсмон, хатт та бæллиццаг хъуы- дытæ. Æниу дзы зæрдылдаринаг цины бонты йеттæмæ вæййы æнæнхъæлæджы маст æмæ цæссыг дæр. Хъысмæт ын йæ удæй саразы хъазæн хъул æмæ ма уæд йæ къахыл слæу- уынхъом кæнæ бавæййы, кæнæ нæ. Намыс нæ зоны кар æмæ рæстæг, чысылæй фæстæмæ у æвæринаг. Иугæр ыл рыг абадт, уæд цæргæ-цæрæнбонтæм нал ацæудзæн йæ чъизи. Æниу æвзонгад рæдиаг у. Арæх йе ’вæлтæрдæй æфхæрды бахауы, фæлæ хъысмæт æгъатыр у, йæ уд уæхстыл куы уа, йæхæдæг та чъырын арты куы судза, уæддæр ыл фæхуды чыр-чырæй. Æвзонгадыл гадз- рахатæй чи нæ рацæуы, цыфæнды мæйдары дæр ын йæ разæй цæхæркалгæ рухс чи фæхæссы, ахæм иузæрдион хæлар ын чиныг у, фæлæ йыл уый дæр хатт асадзы, цар- 229
ды уæз сисын йæ бон кæмæн нæма вæййы, ахæм бæл- лицы базыртæ. «Иу хатт ма мын хъысмæт цард куы радтид, уæд æй рацæрин, æрмæстдæр фыццаг куыд рацардтæн, афтæ» - Ацы дзырдтæ сты æцæг историон, литературон хъæба- тырты хъуыдыæвдисæг. Ахмæт дæр сыл бирæ хæттыты сæмбæлд, тынг йæ зæрдæмæ цæуынц. Ахæм хъуыды зæгъдзæнис, хи уды амондæй дзыллæйы амондæн бæр- зонддæр аргъ чи кæны, æрмæстдæр ахæм адæймаг. Ахмæт æм бахæссид чысыл ивындзинæдтæ, кæд ацы хъуыды йæхи зæрдæмæ дæр цæуы, уæддæр... Чизоны ахæм хъу- лæттæ дæр царды хъулæттæ сты æмæ кæмæн разынынц, кæмæн та нæ. Æниу алчи йæхи тыххæй дзуапп дæтты. Уæдæ цымæ Заремæмæ та цы хъуыды ис, фæсмойнаг ницæмæй у? Кæй зæгъын æй хъæуы у. Йæ амонд кæмæн басудзы, уый уæдæ йæ цардæй æппæла. Фæлæ, æвæц- цæгæн, алыхатт хъысмæты нæй азымы дарæн, дыккаг, æртыккагхатт нал æмбæлы рæдийын. Заремæмæ фидар лæджыхъæд разынд, нæ фæтарст йæ уавæрæй, нæ ныхъ- хъæр кодта фæдис. Чизоны ма йæ бон уыдис царды хъулæттæм быцæутæ бавæрын, фæлæ иугæр æгæр зынын куы райдыдтой, уæд йæ цæст нал бауарзта ахæм æгъатыр ми саразын. Ахмæтæн иунæг хатт дæр нæ бафаудта Косе- ры, кæд йæхæдæг зындоны цæхæры сыгъди, уæддæр дзы æдзух æппæлгæ кодта. Масты цæссыгтæ уыдысты йæ ирвæзынгæнæг. Кæд арæх фæлмæцыд йæ мид-зæрдæйы знæт хъуырдухæнтæй, уæддæр йæхæдæг уыдис уынаф- фæгæнæг: «Æз фенамонд дæн, хуыцау мын нæ радта рух- сы тын - сывæллон, фæлæ ма ды та цæуыл хъизæмар кæ- ныс», - Ахмæты хъусты та ныззæлланг кодтой ацы дзыр- дтæ æмæ йæ буар ныддыз-дыз кодта, баумæл уазал хи- дæй. Йæ цæстытыл ауад,' амонд тæргай кæмæй фæ- лыгъд, ахæм æрыгон сылгоймаг - Заремæйы æфхæрд, сагъæсгъуыз цæсгом. Куыстæй, балцæй-иу бæргæ тынд- зыдта цахæмдæр хæрзиуджытæ саразыны ныфсытимæ, фæндыдис æй йæ сылгоймагыл баузæлын, фæлæ та-иу, хингондау, бахус йе ’взаг, нæ-иу райхæлд йе ’рфгуыты æлхынцъ, иунæг рæвдауæн дзырд дæр-иу дзы нал ран- тыст. Афтæмæй æрвыста хъизæмайраджы бонтæ. Фæлæ уæддæр хатт йæхи азымы бадары. Ацы хатт дæр та фаётарст йæ намысы тæрхонæй æмæ рахызт машинæйæ. Заремæ иу бон сыстад æмæ кæдæмдæр фæцыд, кæ- 230
дæм, - уымæн Ахмæт зонгæ дæр ницы бакодта. Стъолыл æппæрст гæххæтты гæбазыл уыд фыст: «Ма мæ агур, кæй хъæуын, уыдон зонынц, кæм дæн, уый». Йæ мад æмæ йæ фыды хæдзармæ нæ ацыд, æрцард æндæр горæты. Уым сабиты рæвдауæндоны музыкæйы ахуыргæнæгæй кусгæйæ, базонгæ иу къаннæг æнæмад чызджы фыдимæ æмæ фæхайджын хъæбулы амондæй дæр... I I * * * / ...Ахмæт райдыдта фæлмæцын. Косеры хæдзары рухс нал æмæ нал сыгъд. Фæстæмæ бахызт машинæйы хуыл- фмæ, фæлæ йын йæ дуар нал бахгæдта. Чысыл фæс- тæдæр æм цыма ног хъуыды фæзынд, уыйау тагъд-тагъд рахызт æмæ фæраст кæрты ’рдæм, бахæццæ йæ зонгæ бæ- ласы онг, фæлæ та уым, цæуылдæр фæфæсмонгæнæгау, фæлæууыд, айхъуыста фæйнæрдæм, йæ бон нæ уыд иу къахдзæф саразын нæдæр размæ, нæдæр фæстæмæ, бан- дзыг йæ мидбынаты. Диссагыл дæр дис ничиуал кæны. Кæддæр фысым уыди, ацы хæдзармæ уый номæй дзырдтой мидæмæ. Ныр та йæм хион нæ, æцæгæлоны ном дæр нæ хауы. Гæнæн ис æмæ ма тард дæр баййафа. Уæддæр хъуамæ бавзара йæ амонд, фæлæ йæ ныфс цыдæр фæцис. Лæп- пуйæ цыма уæндондæр уыд. Косеримæ уайтагъд азонгæ. Æппæлæгау ын сæргом кодта йæ зæрдæйы æнкъарæнтæ. Ныр дæр бæргæ сарæхсид, фæлæ уæды фадæттæн сæ ныв дæр нал ис æмæ тыхсы йæхи мидæг. «Нæй æмæ нæй, - загъта йæхицæн мæстæлгъæдæй, - нæй, дурæй хъæбæрдæр, фæлæ йæ уæддæр хъуамæ бабæрæг кæнон», - æмæ фæраст асины ’рдæм, хæдзары ис- чи разындзæн, уый дæр æй нæ уырныдта, афтæмæй. Йæ къах æрæвæрдта асины къæпхæныл. Зæрдæйæн цыдæр æхсызгон уыдис ацы къахдзæф æмæ йæ уыцы тых фæуæлдæр кодта, цадæггай схæццæ йæ сæрмæ. «Æвæц- цæгæн ам нæй æндæра афонмæ цырагь ссыгътаид», - ахъ- уыды кодта Ахмæт æмæ уæндондæрæй бацыд дуары онг. Уым дардыл хъуыдытæ æмæ фæндтæн фескъуыд сæ хал æмæ лæг дуар бахоста фæд-фæдыл æртæ хатты. Косер, бæлццонмæ æнхъæлмæгæсæгау, фестъæлфыд, дыккаг хостæн фестад æмæ тагъд-тагъд бавнæлдта 231
рухсы къæпсырмæ. Ратындзыдта дуары ’рдæм, афоныл æм куынæ бахæццæ уа, куы ферæджы кæна, бæлццон фæстæмæ куы аздæха, уымæй тæрсæгау. Будзиимæ дæр йæ зæрдæ куыннæ адзырдта, фæлæ ацы хатт йæ цæсты- тыл ауад Ахмæты æнæдаст цæсгом æмæ йæ кæд йæхицæй сырдта, уæддæр ын йæ зæрдæмæ хаста рухсы тын. Æвзор- гады æнкъарæн райхъал йе уæнгты æмæ йын уыцы æн- къарæн лæвæрдта æхцондзинад. Æртыккаг хост æмæ дуары фегом баиу сты. Сыл| гоймаг андзыг, йæ цæстытæ гæзæмæ баурæдтой лæджы æнгас, стæй сæхи асæрфтой цæсгомыл, сæрыхъуынтыл? æмæ цадæггай æрбырыдысты къæхты бынмæ. Æнæнхъæ-| лæджы сагьæстыл æй бафтыдтой, азты бæрджытæ гæзæмæйы йеттæмæ кæуыл нæ фæзындысты, уыцы къæ- схуыр, даргъгомау, ног даст цæсгом æмæ электроны рух- сы тынтæм æрттивæг сау цæстытæ. Сылгоймаг азылд æнæдзургæйæ æмæ амæй размæ кæд хатæны къуыммæ ахæццæ, уæд ныр та æрлæууыд стъолы тæккæ фарсмæ. - Де ’хсæв хорз, бар дæм ис? - Кæд ма фарстай мидæмæ æрбахизыны бар? - Косер ацы хатт дæр нæ уыд дзуринаг, фæлæ йын ацы дзырд- тæ йæ мид-зæрдæйæ сластой йæ хъуыды æмæ фергом. Фæндыдис æй æндæр хъуыды зæгъын, ома ацафон æцæгæлон нæлгоймагæн не ’мбæлы идæдз сылгоймаджы хæдзармæ цæуын, фæлæ йын æй не суагъта йæ зæрдæ. Ахмæт дуар ахгæдта æмæ æрбадт стъолы фарсмæ бан- доныл. - Сбад ды дæр, цæмæ лæууыс? - Мæнмæ гæсгæ æз хонæг никæмæ арвыстон. - Чизоны мын мæ хъуыды æнæуый дæр æмбарыс, фæлæ æз демæ аныхас кæнынмæ æрбацыдтæн. - Чи ма дæ ферох, уыдон зæгъынмæ, æвæццæгæн? - Уыдон дардыл дзуринаг сты, фæлæ уал мын бамбар мæ цыды нысан. - Дæуæй йæ куынæ фехъусон, уæддæр мæм æй уыдзæн хæццæгæнджытæ. Адæмы дзыхы мæ иу æфтыд бакодтай. Уыдонæй куы фервæзтæн æмæ мæ зæрдæ чысыл куы æру- лæфыд, уæд та - ног дам-думтæ. Цавæр æнамонд боны гуырд фæдæн, уымæн æппындæр мæ бон ницыуал у бам- барын. Мæны йеттæмæ цыма чындзы дæр никуы ничи ацыд, йæ лæгæй дæр никуы ничи ахицæн, уыйау йæ би- 232
нонтæн сæрфат чи нæ зоны, уый дæр хъуамæ мæ кой ра- кæна. Стæй кой кæнинаг кæд уыдтæн, уæд уыдтæн, фæлæ ныр та? Ныр, мæ хуызæттæ иугæй^тæ æмæ дыгæйттæ куы- нæуал сты, уæд... Косер дарддæр дзурын нал бафæ- рæ зта, - йæ кæуындзæг цадæггай æмбырд кæнын райды- дта хурхы нарæджы. - Раджы цы уыд, ууыл нæ дзурдзыстæм, фæлæ ныртæккæ дам-думтæ кæй схуыдтай, уыдонæн мæ хъæуы, пье, дæ дзуапп. - Дæ бынаты æз ацы бæстæйы тæфтыл дæр нал ауада- ин, фæлæ дæм рагæй фæстæмæ искæй ном, искæй хъысмæт нымады не сты. Афтæ æнхъæлыс амæй размæ дæ ничи базыдта, ничи дæ федта? Уынгмæ ракæсын дæр мæ ныфс куынæуал хæссын æфсæрмæй. Уæд цæй тыххæй схъеллауаг мæ цард? Кæмæн цы ракодтон, хорзæй дард- дæр? - Косер йæхиуыл хæцыд, фидар лæууыд, фæлæ цас фылдæр дзырдта, уыйбæрц ын зындæр уыдис улæфын. - Мæнмæ гæсгæ ам рагон хъуыддæгтæ мысын ницæ- мæн хъæуы, стæй цыма пайда дæр не сты æмæ сæ рохуаты ныууадзæм. Мæнæн мæ царды сæр бынтон æндæр у. - Мæнæн мысинаг дæр ницы ис æмæ дзуринаг дæр, фæлæ дæу цæмæн бахъуыдысты, дæ карæныл чи не ’мбæ- лы, ахæм æгады митæ? Кæд дæ дæ кæстæры фенын фæн- дыд, уæд алцæмæн дæр вæййы æгъдау æмæ рæстæг. Уым худинагæй ницы ис... Æз нырма мæ сæрмæ æгаддзинад никуы ’рхастон æмæ нæдæр æрхæсдзынæн, кæд мæм цард йæ дæрзæг къухæй февнæлдта, уæддæр. - Уыцы дардыл ныхæстæ нæ ницæмæн хъæуынц, но- джыдæр ма дæ фæдзæхсын, мæнæй дæр ницы ферох, дзу- рын мын ницы хъæуы, æндæра абон æз ам нæ уаин, - ацы фæстаг ныхас Косеры зæрдæмæ куыд фæцыд, уый базо- ныны тыххæй Ахмæт скаст хæрдмæ, кæд æм сылгоймад- жы цæсгом æххæстæй нæ зынд, уæддæр. Косермæ бирæ дзуринæгтæ уыд, фæлæ цахæмдæр тых сæ разы фæцæхгæр ныуазæнау æмæ йæ дзыхæй сыбыртт нал схауд. - Царды нывтæ зæрдæйы хъæдгом куы агайой, уæд сын ферох кæнынæй хуыздæр хос ницы ис, - ныхас адарддæр кодта Ахмæт. - Йæ зæгъын æнцон у. - Йæ аразын дæр нæу æнцон, уый æз дæр æмбарын, фæлæ уæддæр адæймаг æнæмæнг вæййы цахæмдæр тых æмæ æнкъарæнты уацары æмæ уыдонæн вæййы коммæ- 233
гæс. Æрбад ма, дæ хорзæхæй, кæннод мæм афтæ кæсы, цыма мыл ныртæккæ цæхæрау ракæлдзæн дæ маст æмæ фæнык фестдзысты мæ фæндтæ, мæ хъуыдытæ иууылдæр, - загъта Ахмæт, уайдзæфгæнæгау, æмæ æнхъæлмæ каст, Косер кæд æрбаддзæн, уымæ. «Дзур, цас дæ фæнды, уый бæрц дзур, æз масты цæхæр калинаг никæуыл дæн», - сылгоймаг йæхи æруагъта бан- доныл, кæд æм Ахмæты фæндон сæххæст кæнын æгæр коммæгæсау фæкасти, уæддæр. Иугæр" Косер куы ’рбадт, уæд Ахмæт ныфсджындæрæй адарддæр кодта йæ ныхас: - Æз ардæм, ныхасæй чи кæуыл фæтых уа, уый охыл не ’рбацыдтæн, дзуринæгтæ дæр мæм бирæ нæй, фæлæ мæм афтæ кæсы, цыма мын мæ хъуыды дæр æмбарыс æмæ мæ цыды сæр дæр, стæй аслам цыдтытæ кæй нæ кæнын, уый дæр, - Ахмæт ахъуыды кодта, - мæ куырдиаг ныууагътон Хъырымы стъолыл, хъуамæ та бацæуон мæ куыстмæ, фæлæ мын нырма ницы сæрфат кæны. - Дæ куыст та мæнмæ цæмæн хауы, алкæмæн дæр йæ фæндтæ йæхибар сты, - фæтызмæг Косер. - Уый раст у, фæлæ... - Ахмæт хатыр курæгау, гæзæмæ бахудт йæ мидбылты, йæ армытъæпæн расæрфта стъолыл æмæ йын æрхауд йæ уæрагмæ. - Мæ зæрдыл ма лæууынц дæ ныхæстæ, ам мын цæрыны бар кæй нæ уал уыдис, уый тыххæй. Ныр та мæ фæнды цæмæй мын ацы хъæуы уа, раздæрау, кусыны, стæй цæрыны бар дæр. Ацы дзырдтæ куыддæр Косеры хъустыл æруадысты, афтæ йæ буар ссыгъд артау, сæры магъз цыма сæлгæ акод- та, уыйау йæ бон нал уыд иунæг хуымæтæг хъуыдыйы ха- лыл фæхæцын дæр, йе ’взаг комарынджы бампылд, уа- дултæ кæй фæсырх сты, уый фæхатыд æмæ йæ галиу къу- хы армытъæпæн, цæстытæн аууондарæгау, быцæу балæу- уыд фæлурсгомау фæтæн ныхмæ, рахиз къухы армы та нымбырд кодта къухмæрзæн æмæ йæ рæстæгæй-рæстæг- мæ авæры цæстытыл, уадултыл, былтыл. Косер дзурынвæнд кæй нæуал кæны, уый Ахмæтæн æхсызгон уыд, ноджы тынгдæр ын райхæлдта йе ’лхынцъ хъуыдытæ æмæ нал æнцад ныхасæй: - Будзийы дæр, абон уа æви сом, ардæм хъæуы æмæ æз дæр хъуамæ йæ фарсмæ уон. Цы ’рцыд, уый æрцыд, æз мæхи сраст кæныны тыххæй нæ зæгъын, фæлæ адæймаг хъысмæты цагъар у æмæ чизоны мæ амонд ахæм уыд. 234
Адæм та цыфæнды дзурæд, уый махмæ нæ хауы, кæд дзы æнæгъдауæй исты ис, уæд аххос мæхимæ исын, кæннод та алчи йæхи цардæн зонæд, иу иннæйы цардæн нырыонг дæр никуы ма уыд дæсны. Æз дæр бирæ рабар-бабары фæстæ æрцыдтæн ацы хъуыдымæ. Раст зæгъгæйæ мæ ныфс нæ хастон, фæлæ цæрæнбонтæм хъизæмар кæнын дæр кæй бон у. Кæд мын æй растыл банымайдзынæ, кæн- нод дæр дыл ме ’рбацыдæй ницы ’рцæудзæн. Косеры буар æнæхъæнæй фестад хъустæ. Хъустæ, хъуыды, буар, домдтой иунæг сыбыртт, къæхты хъæр, сы- бар-сыбур, комулæфт. Уæд та йын искæцы дзаума, искæцы мигæнæн йæ цæстæнгас куы ацахсид, йæ зæрдыл ын куы ’рлæууын кæнид кæддæры царды нывтæй удыл æртæфсæг цау æмæ йын куы зæгъын кæнид иу цалдæр дзырды. «Уæд та куыницы уал зæгъид æмæ куы ацæуид, кæд тагьддæр фервæзин ацы хъизæмарæй». «Нæ, нæ, уый æгъатыр ми у, ахæм хъуыды акодта æрмæст йæ тыхстæй, æнæнхъæлæджы, чизоны фырцинæй». Ахмæт бацыд къулыл ауыгъд сахатмæ, сифтыгъта йæ æмæ йын амонæн æнгъуылдзæй асхуыста йæ сыгъзæ- рингъуыз дзедзрой. Райхъуыст сахаты цъыкк-цъыкк. Ах- мæт лæууыд йæ разы æмæ йæм каст æдзынæг, стæй къах- фындзтыл цæуæгау ахызт къæсæрæй æмæ йæ фæстæ, уæз- заугай, ахгæдта дуар. Дуары хъæрмæ ныггæр-гæр кодтой Косеры цæстысыг- тæ, æриста йæ аууондарæн къух, йæ сæрыл схæцыд, рай- хæлдта къухмæрзæн æмæ йæ дыууæ армытъæпæнæй ба- ныхæста цæсгомыл. Сахаты цъыкк-цъыкк райхъал кодта хæдзары къуы- мтæ, алы дзаума, алы мигæнæны дæр цыма бауагъта уд, уыйау цардæгас цæстытæй кастысты сылгоймагмæ. Æрæ- джиау уынгæй æрбайхъуыст машинæйы маторы хъæр, йæ фарæты рухсытæ фæмидæг сты хæдзары æмæ ноджы фæирддæр сты къултæ. Ацауындзæг сты сахатыл, дзыд- зыройыл цалдæр хатт йемæ ахъеллау кодтой æмæ хæр- зæхсæвгæнæгау фæстæмæ ахызтысты рудзынгæй. Иу хатт ма райхъуыст маторы хъæр æмæ уый дæр цадæггай бамыр Косер цыма йæ фынæйæ райхъал, уыйау йæхи æрæм- бæрста, айсæфт йе ’рхæндæг, амонды таг ацахсæгау хъуы- ды фæирд, фæцæрдхъом, æвзонгады монц азылди тугимæ æмæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп баиу сахаты цъыкк-цъык- кимæ.
УÆЗÆГ Уацау Ме ’фсымæр Махары рухс ном мысынæн Уæ нæ хæхтæ, нæ бæстæ, Куыд ма цæрæм уæ фæстæ! Мамсыраты Темырболат ПРОЛОГ Фæндæггæ, фæндæгтæ... Алæрдæм цæуынц тыннывæн- дæгау. Дæргъмæ, цæхгæрмæ, денджызты, æрвон тыгъда- ды... адæймаг сыл цæуы йæ бæллицтæ, йæ сагъæстимæ æх- сæвæй-бонæй, къæвдайæ-хурæй, сæрдæй-зымæгæй... Уыс- мы бæрц æй уæгьд нæ уадзынц йæ нысан, йæ хъуыдытæ, йæ сæнттæ... Куы амонды базыртыл стæхы, куы та йын уæззау хъысмæт ныссаджилтæ кæны йæ фæндаг æмæ, фæззыгон дидинæгау, бампылынц йæ цардбæллон зæрдæйы уарзт, йæ хъуыдытæ, йæ сæнттæ. Бæргæ-иу адæймаджы хъыгдарæг куы нæ уаид, йæ фæн- дагыл-иу цæлхдуртæ куы нæ лæууид, уæд та цы хъæуы, цæ- уид æмæ цæуид, райдиан æмæ кæрон кæмæн нæй, уыцы надвæндæгтыл æвæлмæцгæйæ, стæй лæгæрдын кæм хъæуы, уыцы бæрæг æмæ æбæрæг фæндæгтыл, фæлæ дæ цы фæн- ды? Хъысмæт, хъысмæт у. Нырма йæ никуы ничи базыдта развæлгьау хорзæй дæр æмæ æвзæрæй дæр... Зæххыл цард куы фæзынд, рæстаг адæймаг йæ даргъ- фæндагæы куы скуывта, уæд дын йæ фарсмæ фыдгæнæг дæр ма балæууа. Уый дæр йæхи рахуыдта бæлццон æмæ йын йæ фæндæгтыл тауы хæрамдзинад, фыдми, фыдæх, фыдбылыз, цæмæй фæкæла, фæлæ рæстаг адæймаг - цар- ды минæвар - бырсы размæ, фæлдахы хæхтæ, гæрды фæн- дæгтæ, лыстæггай æвзары æппæт хæрзиуджытæ, цæмæй амонды быдыры хус кæна дæлимоны тауинаг, цæмæй-иу райсомæй скæса хур æмæ ныгуыла изæры, цæмæй кæрæдзи ивой бон æмæ æхсæв, афæдзы цыппар афоны. 236
1 Рагъы сæр æмгуыдынæй бæрзонд цы рæхснæг бæлæстæ фæцыд, уыдон ’хсæнæй ферттывта хуры цæст. Уалынмæ арвыл стылд æнæхъæнæй æмæ йæ тынтæ сæмбæлдысты ко- мы хуссарварс къуылдымыл дæр. Фæрæтæй амадау, дæвдæг айнæг къæдзæхыл ранæй-рæтты ферттивы суадоны дон. Кард йæ кæрддзæмы куыд абыра, афтæ хохаг тæлтæг дон йæ улæнтæй къæдзæхы фахс сцъыкк ласы, куы та йæ фынк- калгæ астæры, афтæмæй æрбайсæфы нарæджы æмæ ахизы комы хъæлæсæй. Айнæджы сæр гæзæмæ хъуынабын гæппæлтæн сæ зæ- ронд халкæрдæджы хсæнæй фæзынди ногдзыд кæрда^г дæр. Цалдæр къутæрдасын бæласы тъæпæн æмæ пæлæх-са- рæй фæлгæсынц рындзæй. Рæз хæссын сæ не суагътой карз тымыгътæ æмæ баззадысты дæлæмæдзыдæй. Хъахъхъæнджытæй иу æрæмбæхст къутæры фæстæ æмæ йæ цæст нал иста комы нарæгæй. Донæн инна* фарс та, къæ- дзæхы аууон, æрбынат кодтой йе мбæлттæ æмæ уыдон та сæ каст скодтой фæндаджы фæзилæнмæ. Хуры цалх куыддæр арвы астæумæ фæцæй хæццæ кодта, афтæ йыл амбырдысты сау мигътæ æмæ ком æрталынг, æрсабыр æрдз, æрмæст ма фæндаджы фæзилæны хъуамæ фæзындаид æнæнхъæлæджы фыдбылыз æмæ аныр, ауæд кодта, афтæмæй гæзæмæ унæр дæр уыдис æгас комы са- бырдзинад халæг, фæдисы хуызæн æмæ зæрдæйæн нæ лæ- вæрдта æнцойад. Мæнæ, зæгъгæ, уыцы фыдбылыз базмæ- лыд, уæд дæ балгъитæг афтæ. Æгас комы алы дур, алы бæ- лас фестадаид фæдисон, фæлæ нырма бæстæ сабыр у, æр- мæст нæ сабыр кæйынц адæймаджы зæрдæ æмæ зонд: куы сæхимæ хъусынтыл фæвæййынц, куы та цæстытимæ сæхи аппарынц фæндаджы фæзилæнмæ, стæхынц, уæртæ хъахъ- хъæнæг кæцæй фæлгæсы, уыцы къæдзæхы сæрмæ. - Бесо, о Бесо, - йæ гуыбыны цъарыл æм æввахсдæр ба- быргæйæ фæрсы Цорæ. - Цы хабар у? Æнцад хуысс. Ныр, æвæццæгæн, тагъд зындзысты. - Искæуылты ма ис æрбацæуæн? - Æмæ ардыгон нæ дæ? Дæуæй уæлдай, афтæ æнхъæлыс, æз алы адаг, алы къахвæндæгтæ зонын, - загъта Бесо, фæлæ йæхæдæг дæр хъуыдыты ацыд, стæй, йæхи фæрсæгау, ныл- лæг хъæлæсæй катайгæнгæ бакодта: 237
- Никæуылты. - Уæдæ кæд рацыдысты, уæд сын æрбахæццæ афон нæма у, æви? - Нæ дæ æмбарын? - Бесо йæ цæстæнгас нæ систа фæндаджы фæзилæнæй, афтæмæй афарста Цорæйы. - Куыннæ мæ æмбарыс? Тæккæ знон нæм куы уыд ха- бар: развæдсгарджытæ фæцæуынц, зæгъгæ. - Дæ бонæй уай, Цорæ, кæд хъарм къухы ныхæстæ цы кæныс. Развæдсгарæг исты Калачы уынгты йæ зæрдæйы дзæбæхæн тезгъо кæны, æви ардæм тæрхъусдзуаны рацыд. Уыдонæн дæр се уонджы мигъ бады, тæрсгæризгæйæ цæ- уынц ацы кæмтты æмæ афтæмæй та адæймагæн размæ не ’нтысы. Бесо йæ каст скодта фæзилæнмæ. Цорæйы ныфсытæ фæфидар сты æмæ йæ цæстытæ къæ- дзæхы сæрæй æрхаудтой фæндаджы фæзилæнмæ. Хотых уыд рахиз къухы æнгуылдзты хсæн фидар æлхъывд, гали- уæй гæзæмæ фæзылдта хъуынджын худ, цæстыты куыннæ хъыг дардтаид, афтæ æмæ йæхæдæг æрлыуаси зæххыл. Бафæллад Бесо дæр, фæлæ кæмæн ракæна йæ хъаст? Йæ алфæмблай умæл зæххыл чи хуыссы, уыдонæн? Тыхст æмæ катайæ йæ зæрдæ кæмæн фæцъæх, фыр фæлладæй йе уæнг- тæ сисынхъом чи нæу, уыдонæн? Ныртæккæ фестид æмæ акæсид уæртæ уыцы фæзилæнæй, фæлæ, æвæццæгæн, ацы уавæры быхсын пайдадæр у. Хæцыд йе нкъарæнтæ, йæ хъуыдыты рохтыл. Рабадт йæ мидбынаты, дурыл банцой кæнгæйæ, хæрдмæ фæхæцыд йæ фæтæн риуыл æмæ хъри- маг æрывæрдта йæ хъæбысы. Рахиз къухы æнгуылдзтæ уæз- заугай змæстой къуыбыр рихиты, æнæдаст русты, стæй, цы- быр æлвыд бæзджын боцъоты се хсæн æрбатухгæйæ, бан- дзыг сты. Чысыл раздæр Цорæимæ ныхас кæнгæйæ фæл- мæн ’арт цы цæстыты сыгъд, уыдоны ферттывта æнæуынон- дзинады цæхæр, афтæмæй азылдысты, ададжы бæлæстæ æмæ дурты аууæтты умæл зæххыл чи хуыссыд, уыцы фæди- сонтыл. Кæркуасæнæй нырмæ кæсынц æнхъæлмæ. Иæ бынатæй сæ ничй ма фезмæлыд. Цалæй æрбацæуынц, уый уæддæр куы зониккой, науæд, æбæрæг тыхмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, адæймаг тынгдæр фæлмæцы. Бесо, фыдæнæнгæнæгау, нал каст рындзыл бадæг хъус- дарæгмæ, фæиппæрд фæндаджы фæзилæнæй дæр æмæ æдзынæг нымдзаст бæласы раз хус сыфтæртæм. Иу дзы хъавгæ систа йе нгуылдзтæй æмæ йæ æрывæрдта йæ армы 238
тъæпæны. Сыфтæр ныссау миты бын, кæрæдзийыл нал хæ- цы, алæзæрд, чысыл февнæлдæй йæ дадзинтæгъуыз хæлттæ аззадысты гомæй. Бесо скаст, сыфтæр цы бæласæй рахауд, уымæ. Райхæлынхъус уыдис йæ къуыбыр. Сыфтæры цъæх- был разынд йæ тыхтонæй. Бæрзбæлæстæ, царды фидиуæ- гау, лæууыдысты сæрыстырæй. Фæлæ та уыцы сыфтæры дæр зæхмæ хъæуы. Зæхмæ сæ чи рхауа, уый нал схиздзæн фæстæмæ къалиумæ, равзæрд зæххы сойæ æмæ фæстæмæ зæххы хай бауыдзæн. Уый æрдзы закъæттæм хауы æмæ йын нæй ивæн. Иæ хæрзиуджытæ ногæй-ногмæ гуырынц, цæ- мæй царды суадон макуы байсыса, цæмæй, æрдзы гауызмæ кæсгæйæ, макуы бампылой адæймаджы ныфсытæ æмæ йæ зæрдæ кæддæриддæр æнкъара рæсугъддзинад. - Бесо, ныр цыми кæндзыстæм, куы фæзыной, уæд? - Цорæйы фарст афтæ^æнæнхъæлæджы уыд æмæ Бесо æвип- пайды фергьуыйау. Йе нгуылдзты хсæн хус сыфтæр мургай згъæлди зæхмæ, цæстытæ фыццаг фæндаджы кæронмæ азгъордтой, стæй раздæхтысты фæстæмæ æмæ сæ фæллад уагътой мæлдзыджыты губаккыл. Уыдонмæ нæй хотыхтæ. Кæрæдзи фæллой нæ исынц. Алчи дæр сæ ласы, кусы, йæ хъару йæ куыд амоны, афтæ. Ацы хæрзиуæг æрдз адæйма- гæн барæй нæ радта, æвæццæгæн, ома дæхæдæг зоныс хъуыды кæнын æмæ дæ цард сараз, куыд дын хуыздæр у, афтæ. Цы нæ диссæгтæ фæмысыд адæймаджы зонд, фæлæ йæ бон нæма баци хæрамдзинады уидæгтæ бындзарæй сто- нын, царды быдыры сыгъдæг уарзты тауинаг байтауын æмæ дзы бæркадцжын тыллæг исын. - Цорæ, - дзуры Бесо ныллæг хъæлæсæй æрдзы сабырд- зинад фехалынæй тæрсæгау. - Иннæтæн дæр аивæй бамба- рын кæн: куыддæр фæзыной, афтæ, цасфæнды уæд, æз сæ размæ ацæудзынæн, цы сæ хъæуы, цы фæнд сæм ис... Кæд сæ исчи йæ хотыхмæ февнала, уæд сымах дæр цæттæ, науæд змæлгæ дæр нæ, æнхъæлмæ кæсдзыстут мæ бардзырдмæ. Цорæ ахæм уынаффæмæ не нхъæлмæ каст, æмæ йæ бон нал бацис дыккаг фарст радтын, аууæтты цыд бырæгау æмæ йе мбæлттæм хаста Бесойы дзырд. Хазби куыддæр Бесойы ауыдта къух тилгæ, афтæ йæм бахæццæ гуыбыр-гуыбыр æмæ æнхъæлмæ каст, цы зæгъ- дзæн, уымæ. - Куыдтæ дæ, мæ хæрæфырты гæбаз, исты ныфс дæ ис сæ ныхмæ фæлæууынæй? - Бесо дзуапмæ нæ банхъæлмæ каст, афтæмæй айста лæппуйы хъримаг. Цалдæр хатты йæ 239
æрзылдта йæ къухты хсæн. - Истæмæн дын бæззы, истæмæн, йæ уынд бæргæ дзæбæх у, фæлæ дын йæ хъару та куыд у? Хазби къæмдзæстыгæй бакодта: - Ницы йын у, нырма никуы фæивгъуыдта. - Æхсгæ та дзы кæд фæкæныс? - Кæд искуы иу хатт цуаны, кæннод никуы, стæй, раст зæгъгæйæ, æхсæнгарзимæ æнгом нæ дæн. Бабайы номыл æй куы нæ дарин, уæд мæ хъæугæ дæр ницæмæн кæны. Иу фæззæг æнæхъæн нартхор тонæнты ауыл фæкуыста, цыма йæ цæмæн бахъуыд. Хæстмæ йæ куы рвыстой, уæд мын æй тынг ныффæдзæхста ме рцыдмæ, дам, æй мацы фæкæн. - Æндæр ма дын цытæ фæдзæхста дæ фыд? - Дзуринæгтæ йæм бирæ уыд, уый æмбæрстон, фæлæ сæ зæгъгæ нæ кодта. Иу хатт мын æрбакаст мæ цæстытæм, стæй, æвæццæгæн, загъта, цы уа, уый уæд æмæ афардæг. Уымæй къуырийы бонмæ та ды рцыдтæ фæсхохæй. Дæ фе- нын ма йæ бæргæ фæндыд, фæлæ йæ чи уагьта. Ныр дæр, дам, æгæр байрæджы кодтай. Афтæмæй бынтон æнæнхъæ- лæджы фæраст. - Ацы бонты уын Иласыл мæ цæст куы нæ схæцыди, уæд кæми? - Илас зæгьыс? - 0, дæ сыхаг, дæ фыды хæлар. - Æндæр хæлар ма фенæд йæ цæрæнбонты, кæд уымæй сыхаг нæй, фыдбылызæй дарддæр. Мæ фыд йæ хæдзар да- рæг уыд æмæ йын иу капеккæй «ама» нæ загъта фæндаггаг. Дысон та æрбахæццæ балцæй æмæ хуыссы, рынчын, дам, у. - Рынчын зæгъыс? - О, Зæлинæ мын æй загъта. - Йæ дзуаппыл ын Бесо лæмбынæг кæй ахъуыды кодта, уый фæхатыд Хазби æмæ æнхъæлмæ каст, уыцы сусæгдзинад тагьддæр куы фергом кæнид, уымæ. - Уый дæр мæм бынтон дзæбæх цæстæй нал кæсы, ацы хъримаг ын кæй- нæ радтон, уый тыххæй. Æгæр- стæмæй ма мæ тæрсын дæр кодта. - Цы, дам? - Искæй къухмæ бахауынæй, дам, мæнмæ æфснайддæр уыдзæн. Дæ фыды фæстæ, дам, дæ царды уынаффæ мæнмæ хауы. Уый, дам, нын фыдæлтæй баззад. - Уæд ын ды та цы дзуапп радтай? - Æз ницы, стæй мæ цыма дзуаппы сæр дæр нæ хъæуы, афтæ мæм кæсы, ацы фæстаг рæстæджы йæ зæрдæмæ хъу- сынтыл фæцис, цавæрдæр сагъæс ын йæ хуыз аивта, фе- 240
сæфт йæ раздæры ныфсджын ныхас, æрмæстма хатт йæ цæ- стытыл, фæлмау, абады æмбæхст хæрамдзинад. Фæлæ уы- мæй дæр йæхæдæг тынгдæр стъæлфы. - Æмбарын, æмбарын, - загъта Бесо æмæ куыддæр рын- дзыл бадæг лæппумæ фæкомкоммæ, афтæ фестъæлфыд. Адæм базмæлыдысты. Бесо дуры фæстæ æрныгъуылд, ай- нæджы сæрæй лæппу тылдта йæ худ. Уый уыдис фæдисы нысан. Хазбийы зæрдæ ныххоста риуы фæйнæг. Худ нал лæу- уыд сæрыл. Фæндаджы фæзилæнмæ тых кастæй цæстытæ донæй айдзаг сты. Къæхтæ сæхицæн нал ардтой æрфидар- гæнæн бынат. Сыджыт йæ быны лæбырд. Къæмисæнтыл, ныхыл, уадултыл æруад хиды лæсæнтæ. Æнгуылдзты хсæн, кæсагау, быры хъримаг. Хазби хаттæйхатт армытъæпæнтæ ахафы цухъхъайы фæччийыл æмæ та фидардæр æрхæцы хъримагыл. Æрмæстдæр цалдæр уысмы, фæлæ сын нал æмæ нал уыдис кæрон. Куыддæр фыццаг барæджы ауыдта, афтæ бынтон фергъуыйау, йæ цæстытыл фæлм абадт, хъа- выд фестынмæ, фæлæ йæ цыдæр тых не суагьта уæлæмæ. Бирæ йæ нал бахъуыд ныхъхъæр кæнынмæ дæр. Бесойы æдыхст цæсгомы уынд ын æхгæдта йæ дзых. Уалынмæ æрбазынд дыккаг, æртыккаг барæг. Гæзæмæ æрсабыр Хаз- бийы зæрдæ. Хуымæтæг барджытæ куы ныххал сты, уæд чысыл фæхъæлдзæг æмæ зулмæ бакаст Бесомæ. Бесо нымад фæци. Æртындæс зæгъын баззад йе взаджы цъуппыл. Уайтагъд хотых æрывæрдта за^ххыл æмæ цадæг- гай сыстад. Цалынмæ фæндагмæ æрхызт, уæдмæ йæ бар- джытæ нæ федтой. Куыддæр раззаг барæджы бæх тæрсæгау фæлæууыд, афтæ иннæтæ февнæлдтой сæ хотыхтæм æмæ уыцы рæстæджы кæмттæ ныццарыдта топпы гæрах. Бесо йæхи баппæрста фæсвæд. Бæхтæ фесхъиудтой æмæ сæ мид- бынæтты цъилау зилгæ ивæзтой сæ рохтæ. Иу барæг дзы февнæлдта йæ уæхскмæ, ахауд йæ хъримаг. - Æрлæуут! - ныхъхъæр кодта Бесо æмæ, рахис къух па- кайæ бæрзонд сдаргæйæ, æрлæууыд фæндаджы астæу. - Æрлæуут! - Дыккаг хъæрæн барджытæн гæзæмæ æруазал се знæт. Бесойы æнæнхъæлæджы фæзынд, топпы гæрах æмæ фидар ныхас тынг диссаг фæкастысты барджытæм æмæ сæ разæй чи цыд, уымæ цавæрдæр уынаффæмæ æн- хъæлмæ кæсгæйæ, ауагътой сæ хотыхтæ, алчи сæ уыд йæ бæх æрсабыр кæныныл. - Æрхизут уæ бæхтæй. Радтут уæ хотыхтæ æмæ афтæмæй
ныхас кæндзыстæм, - Бесо скаст айнæджы сæрмæ, уæлбы- лы хъæдмæ æмæ куыддæр йæ рахис къух æрзылд уæлдæфы, афтæ иугай цыдысты йе мбæлттæ. Барджыты ма цы базонын хъуыд, сæ фæндаг кæй алыг, уый, фæлæ уæддæр цы уыдзæн, ууыл катай кæнгæ сæ алчи дæр йæ хъысмæт бакодта рæстæджы бар. - Хазби, ардæм. Хазби бахæццæ Бесойы цурмæ. - Уæртæ бæхы бæрзæйыл чи æрзæбул, уымæн баххуыс кæнын хъæуы. - Лæппу фæраст æмæ барджытæй дыууæи- мæ цæф хæстоны æристой зæхмæ. - Ныр æй сæхи баруадз, фæлæ бæхты кой бакæн. Иу дзы ам уадз, иннæтæ - дæ бар. Хотыхты уал бæндæнæй фæхæ- цын кæн саргъмæ, стæй сын уый фæстæ хос уыдзæн. - Бесо, æмæ ма уыцы иу цæмæн уадзæм? - Хазби иу зылд фæкодта æмæ хъæрæй афарста. - Æз дын куыд загътон, афтæ бакæн, уымæн дæр хос уыдзæн, - Бесо фервæзт Хазбийæ æмæ йе ’рæм аздæхта æнæзонгæ адæмы ’рдæм. Уыдон кæрæдзимæ æввахсдæр ба- лæууыдысты æмæ сæхи æрцæттæ кодтой хъусынмæ. - Хъусут... Чи стут, кæцæй æмæ кæдæм цæут, уымæй уæ нæ фæрсæм, фæлæ мæнæ уе мбалы сæвæрут бæхыл æмæ цæугæ, кæцæй æрбацыдыстут, уырдæм. Барджытæй уæды онг ахæм уынаффæ æнхъæл ничи уыд æмæ йæ кæд æргом зæгъын йæ сæрмæ ничи бахаста, уæддæр дзы иутæн сæ цæсгæмттæ фæрухс сты, афтæмæй иу- гай фæаууон сты фæндаджы фæзилæны. Бесо ма йе мбæлттимæ бирæ фæкаст сæ фæстæ, стæй ра- зылд æмæ йæ цæст ахаста се ппæтыл дæр. Æрæджиау фæ- комкоммæ Хазбимæ, нæ йæ фæндыд ахæм хуыз равдисын, фæлæ йæхи нал баурæдта æмæ гæзæмæ мидбыл худгæйæ афарста: - Чи фехста? Лæппу ацы фарстæй тынг тарст æмæ дзы йæхи æмбæх- ста. Ныр сæргуыбырæй лæууыд бæхы рохтыл хæцгæйæ. - Мæ фæдзæхст сæххæст кæнын дæ бон нæ бацис, хъæ- батыр хæстон? - Бесо лæппуйы уæхскыл æрæвæрдта йæ уæззау цонг æмæ йын бынты бакаст йæ цæсгоммæ.. Хазби йæ сæр азылдта иннæрдæм, стæй Бесо мадзурайæ æгæр куы ’нхъæлмæ каст, уæд цадæггай схæцыд йæхи раст кæныныл: - Зæгъын дзы исчи куы фæраздæр уа... 242
- Æмæ дæ хъримаг фæирвæзти... Иууылдæр ныххудтысты. Хазби фефсæрмы, æгæрстæ- мæй мæсты дæр раци, фæлæ йæ ничи базыдта. - Цæй, ницы кæны, афтæ дæр вæййы, нырма лæппу у æмæ йын хатырæй фæуæд. Уæдмæ сæм æрхæццæ айнæджы сæрæй хъахъхъæнæг æмæ хабæрттæ сæрæй дзургæйæ цыдысты сæхирдæм. 2 Уыцы бон изæрмæ дæр нæ разынд хуры цæст. Мигътæ ауындзæгæй лæууыдысты арвыл. Куы-иу сæхи ныллæг æруагътой, куы та-иу ассæстой хæхты сæрмæ. Æвæццæгæн тынг суæззау сты æмæ сæхи нал урæдтой. Изæры ’рдæм райдыдта сæлфынæг. Нырма, фæззыгон къæвдайау, æртæх бæрæг нæ уыд, æрмæст сабыр уддзæф хаста умæл æмæ йæ ныхасгæ цыд зæххыл. Хурныгуылдмæ æнхъæлмæгæсæгау къæвда талынггæрæтты райдыдта. Хъуыст æртахы цъыкк- цъыкк, цыхцырджыты сæх-сæх. Хатт-иу арвы кæрæттæ гæ- зæмæ фæурс сты, æвæццæгæн арвы æрттывдæй, фæлæ ни- куы райхъуысти йæ нæрын. Æмбисæхсæвтæм фæуарыд æнæрынцойæ уыцы иугъæдон. Фæлæ уæщлæ дымгæ сызнæт æмæ, фæдис хъæргæнæгау, зылди кæмтты, хоста хæдзæртты рудзгуытæ, хъæдынкъул бæстыхайæн-иу райхъуыст йæ къæс-къæс. Къæвда цыд сыггай, фæлтæргай. Æвиппайды мæйдары тæгъз атад, бæстæ боны хуызæн арухс. Арвы саст рæхысты цæхæр акалд, хъæумæ хæстæг кæмдæр æнахуыр стыр цæфæй ныррызти зæхх, барызтысты хæдзæрттæ. Но- гæй та тыхджындæр райхъуыст къæвдайы сæх-сæх, арвы нæрын, арвы цæф, стæй бæстæ гæзæмæ фæсабыр, уæддæр къæвда уыцы иугъæдон йæ куыст кодта. Хæдзæртты рудзгуытæй рухсытæ нал калд, æрмæст ма хъæугæрон хибарæй цы ныллæг тъæпæнсæр хæдзар лæу- уыд, уырдыгæй хатт гæзæмæ ферттивы дыдзы рухс. Ру- дзынг æмбæрзæн куы фæзыхъхъыр вæййы дымгæйы уд- дзæфæй, уæд хъæдын цырагъы рухс мæйдары рдæм фæца- разы йæ кадавар тынтæ. - Уæдæ кæм уа нæ бæлццон, мæ зæрдæ йæм æхсайы, - загъта Бесо æмæ рахиз къухы æнгуылдзтæй аууæрста дыууæ æрфыджы сæрмæ. - Ома сæхимæ бацыдаид æмæ афтæ дзырд нæ уыдыстæм. Хъуамæ ам фембæлæм æппæты фыц- 243
цаг, - лæг дзуапп æнхъæл бакаст йæ фарсмæ бадæгмæ, стæй фысыммæ æмæ сындæггай схæцыд йæхиуыл, чысыл алæу- уыд йæ мидбынаты, дыууæ къухы хæлафы дзыппыты ауа- дзгæйæ, ныккаст арты рухсмæ, стæй уæззаугай араст дуары рдæм. Куыддæр дуар гæзæмæ фæзыхъхъыр, афтæ арв ферт- тывта, райхъуыст къæвдайы сæх-сæх. Бесо баздæхт æмæ загъта йæ хъуыды: - Æвæццæгæн искуы æрфысым кодта, æндæра афонмæ зындаид, - стæй, цæджындзыл банцой кæнгæйæ, сдымдта тамако. Хазби къонайы зынджытыл баппæрста цалдæр суджы, уайтагъд сæм фæлæбурдтой арты æвзæгтæ. Арвы нæрын æмæ бæлццоны фæзындмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, хæдзар афтæ ныссабыр æмæ ма хъуыст æрмæст рæхысыл ауыгъд аджы пæлхъ-пæлхъ. - Хазби, хорз æнæзивæг судзынц дæ сугтæ, - Бесо, æгуыппæг уæззау сагъæсмæ æвзидæгау, фехæлдта сабырд- зинад. Иууылдæр базмæлыдысты. Уайтагъд сæ ныхасы сæр систы Хазбийы сугтæ. - Сæрбахъуыды рæстæджы уыдон дæр æнæзивæг сты, - Хазби æфсæрмы худт бакодта йæ мидбылты. - Дæхиау. Бесойы æппæлæгау дзырдмæ лæппу ноджы фефсæрмы. - Уæдмæ дын ус æркæндзыстæм æмæ дæ сугтæ уæд бын- тон æнæзивæг судздзысты. Æццæй нæ, Азау? - Бесо дзургæ- дзурын бакаст Хазбийы хомæ. - Чындзæхсæвы рæстæг дæр ма искуы æрцæуа, уый мæ нæ уырны, - загъта ныллæг хъæлæсæй Азау, æнхъæл уыдис ничи йæ фехъусдзæн, фæлæ йæм иууылдæр куы бакасты- сты, уæд йæ сæр амбæхста Хазбийы фæстæ. - Дæхи мæт тынгдæр* кæныс æви Хазбийы, - Бесо ацы ныхас загъта æмæ та хъуамæ бацыдаид йæ раздæры бынат- мæ, фæлæ æвиппайды фæлæууыд. Кæрты къæйдзарыл бæ- хы цæфхæдты хъæр райхъуыст. Хазби кæртмæ ауад. Бесо дæр - йæ фæстæ. Иннæтæ слæууыдысты къæсæргæрон. - Кæцы дæ уый? - Æз дæн, хион. - Цорæ? - Нæ фæрæдыдтæ, мæ чысыл æфсымæр. - Бæх мæ бар уадз. Тагъддæр хæдзармæ. Хазби бауæгъд кодта æхтæнгтæ, айвæзта бæхы хъустæ æмæ йын дæлбазыр йæ разы æркалдта холлаг. 244
- Уавæр нæу раппæлинаг, - афтæ ныхас кæнгæ Хазби баййæфта Цорæйы, иннæтæ хъуыстой катайгъуыз æмæ æл- хынцъæрфыгæй. - Æвæццæгæн нæ фалæмæ лидзыны сæр бахъæудзæн. Ацы хабар лæгтæм фæкаст фынфенæгау. Цорæйæ хуыз- дæр ныхас фехъусын æнхъæл Бесойы хъуыдытæ нучы донау нымбырд сты, хæдзар та аззад æгуыппæгæй. Цавæрдæр тыхст фæдисонтæ сæхи бакалдтой зæрдæйы къуымтæм æмæ уайтагъд фæкъуырма сæры зонд. - Чъребамæ мын нал бантыст ацæуын, Дзауы базыдтон æппæтдæр. Меныневикты гвардионтæ райстой бардзырд, цæмæй сырд æмæ сыгьд æрцæуа Ирыстон. Нæ хæс та у: Мах хъуамæ арвитæм адæм цалдæр боны сæ бауромыны тых- хæй, цалынмæ иннæтæ æфцæджы сæрты хизой, уæдмæ. - Фæлæу ма, Цорæ, аргьау дзурыс, æви æцæг хабар? - Бесо лæгæн каст комкоммæ йæ цæстытæм, йæ дзыхмæ. - Аргьæуттæн дæр бæззынц æмæ æцæг хабæрттæн дæр. Алы хъæу дæр хъуамæ арвита фæдисонтæ. Алы хъæу дæр хъуамæ змæла йæ уавæртæ, йæ фадаггæм гæсгæ. Рæстæг би- рæ нæй, æрмæст дæр цалдæр боны, фазлæ нæ исты уынаф- фæйыл ныххæцын хъæуы. - Цорæ гæзæмæ фæгуыбыр, ныл- лæг бандоныл размæ фæхæцыд æмæ арты сæрмæ зилын райдыдта йæ къæхтæ радгай. - Зонгæтæй никæй федтай? - Бесо уæддæр бынтон нæма æууæндыд Цорæйы ныхæстыл. - Афтæ æнæмбаргæ мæ æнхъæл дæ? Зонгæтæ, уæдæ уынгты сывæллæтты фарстон, - бустæгæнæгау, йæ гуырыл хæрдмæ фагхæцгæйæ, Цорæ бакаст Бесомæ, - федтон рев- комæй кæйдæрты Саламæн йæхи дæр. Æз ма сын афтæ дæр загътон, зæгъын сæ ныхмæ æрлæууæм æмæ сæ Ирыстоны кæмттæм ма бауадзæм, фæлæ мын мæ дзырд уæлæмæ не суагътой. Уыцы фæндыл, дам, мах æнæ дæу раджы ахъуыды кодтам, фæлæ нæ бæззы. Æгæр бирæ сты, стæй хотыхджын. Фæлтау, дам, уым сараздзыстæм къордтæ æмæ сæ афтæмæй фæсурдзыстæм. Уырдыгæй дæр, дам, нын фæзындзæн æх- хуысгæнджытæ. Бесойы сæры цы хъуыдытæ фæкъуырма, уыдон цадæг- гай змæлыны рдæм фесты, стæй æвиппайды æрвнæрæгау сæ сæрыл систой сыджытдзар бæстыхай. Æнæкæрон хъын- цъым нылвæста лæгты Хазбийы цæсгоммæ фæлæбурдтой фыдаудæг сагъæсты дзæмбытæ. Азауы рустыл згъордта, чы- сыл раздæр йæ ауазæнтæ кæй нæ уал урæдтой, уыцы цæс- 245
сыг, ракалд æмæ ивылдæй уадис хæмпус рустыл. Царды уæз хæссынæй сæ уæнгтæ, сæ зæрдæтæ кæмæн ныммæстæг сты, мæнæ ныр уыцы тæрхоны лæгтæ нал арæхсынц кæрæ- дзийæн ныфсы дзырд зæгъынмæ дæр, æхсæвы тар сыл, пъæззыйау, йæ уæз æруагъта. - Азау, фен ма дæ картофтæ, ныр фых уыдзысты, - Бесо сыстад æмæ фынджы фарсмæ йæхи байста. - Цорæ, ныхæ- стыл дæ æгæр фæкодтам, æххормаг уыдзынæ. Уæхи æгæр ма ауадзут. Арв куыд нæры, афтæ нæ цæвы. Дыккаг бон хъæубæсты адæм æрымбырд сты ныхасмæ. Цорæйы бæсты дзырдта Бесо. Йæ ныхас уыдис цыбыр: - Знаг йæ гæрзтæ рабаста нæ ныхмæ. А дыууæ боны йæ хъæуы ардæм æмæ цæмæй стыр фыдбылызтæй хызт уæм, уый тыххæй нын нæ разагъдта лæгтæ, уавæр иттæг хорз чи зоны æмæ нæ хъысмæты бæрны чи бацыд, уыдон амонынц, цæмæй рæстæгмæ нæхи айсæм цæгаты ’рдæм. Адæм базмæлыдысты, се хсæн, уылæнау, цыд фыдæхы ныхас, фæлæ дзы исчи сыста, размæ ралæууа æмæ афтæ- мæй йæ хъуыды зæгьа, уый нæ уыди. Иууылдæр æнхъæлмæ кастысты Бесо æмæ Цорæмæ. - Афтæ мæм кæсы, цыма нæ Сыбайы æфцæгыл бахъæу- дзæн цæуын. Уый иуæй ныллæг у, иннæмæй та æнцон цæуæн. Къахыл лæууæг йæхæдæг цæудзæн, фæлæ уæ алчи дзæбæх æркæсæд, ахъуыды кæнæд. Нæ бон цы у, нæ фадæт- тæ нæ цы амонынц, уымæй уæлдай хæссынвæнд куы скæ- нæм, уæд фыдæбойнаг фæуыдзыстæм, - Бесо йæ хъуыды кæронмæ нæма загъта, афтæ адæм бынтон сдзолгъо-молгъо сты. Кæрæдзи фæрсынц цæстæнгасæй, ныхасæй. Кæрæдзи ныфсæй лæууынц сæ къæхтыл, ома атæппæт адæм цы кæной, æз дæр уый. Иутæ та дзы æввахсдæр балæууыдысты Бесомæ, хабæрттæ бæлвырддæр базонын æнхъæл. Чи та йæ мидбынаты баззад сагъдæй. Æвæццæгæн йæ зонд фырка- тайæ.фæкъуырма, йе нкъарæнтæ андзыг сты æмæ, цыртау лæууыд æнæзмæлгæйæ. Хæдзармæ фидиуæгау чи атындзыдта, ахæмтæ дæр дзы разынд. Уæддæр бинонтимæ уынаффæ кæнын æндæргъуы- зон вæййы. Алчи дæр сæ зæгъдзæн йæ хъуыды, стæй цы фæндыл ныххæцын хъæуы, уый равзарын дæр æнцондæр у. Афтæмæй æгас хъæубæстыл æрзылд лидзыны хабар. Уæды онг дæр ын хъуыстой йæ кой, фæлæ ныры хуызæн бæлвырдæй сæ хъустыл никуы ’рцыд. Раст æй цыма сæхи цæстæй уыдтой æмæ сæ кæд алчи йæ хъуыды дзырдта æн- 246
цад-æнцойæ, æнæзæрдæрисгæйæ, ома уыдон иууылдæр дамдумтæ сты, уæд ныр та маст æмæ фыдæхимæ: - Уый та куыд æмæ искæй йæ уæзæгæй сыстын кæнай? - Чи мын цы бар дары мæ хидвæллоймæ, мæхи арæзт мæгуыр къуымтæм? - Уастырджийыстæн, исчи мæм зулмæ дæр фæкаст, уæд кæнæ уый уыдзæн, кæнæ æз, мæ цæвæнгарз никæмæй раз- дахдзынæн. - Паддзах тыхджын у, мах хуызæттæ уымæн хохы хы- лычъы. - Паддзах нæ, йед куы рцæуа, уæддæр никæмæн ныб- бардзынæн, мæ бынатæй змæлгæ дæр нæ фæкæндзынæн. Æмæ цынæ ныхас кодтой адæм, рæстæгæй-рæстæгмæ цавæрдæр ног хабармæ æнхъæлмæ кæсгæйæ бафтыдысты хæдзари-хæдзар, уынгты æнæсæрфат рацу-бацуйыл. / I 3 Ныхасæй хæдзармæ баздæхгæйæ, Бесойы дзыхæй сы- быртт нал хаудта. Æнæуый дæр мæнæ-мæнæ дзураг нæ уыд, фæлæ йæ ацы балцы сагьæстæ афтæ систой сæ уæлныхты æмæ йæ бон нæ уыд иунæг ныфсыл дæр банцой кæнын. Ба- ды æртыкъахыг ныллæг бандоныл, уæрджытæм быцæу æвæрд къухтæ йын дыууæрдыгæй балхъывтой йæ сæр. Тыз- мæг цæстытæ æрттывтой къонайы зынджытæм. «Айразмæ æртындæсæй фæстæмæ лидзæг бæргæ фесты, фæлæ ацы хатт сæ ныхмæ, æвæццæгæн, зындæр фæлæууæн уыдзæн». Бесойы фыд Аслан йæхи баласта хæдзары талынг къуыммæ, нæ йæ бафæндыд уынаффæгæнæн къæлæтджы- ныл йæхи æруадзын æмæ тæрхæгыл^ерхуыссыд уæлгоммæ. Сæлимæт кодта æхсæвæры кой. Йæ дыууæ тæлфаг лæп- пуйæн-иу æй уайдзæф кæнын куы бахъуыд, уæддæр дзырд- та ныллæг хъæлæсæй, хæдзары æгуыппæгдзинадæн фехæ- лынæй тæрсæгау. Æниу хистæр æмбаргæ уыд, авдаздзыдæн аразын цы мбæлы æмæ цы не мбæлы, уыдонæй йын би- рæйы тыххæй дзурын ницы хъæуы, фæлæ-иу кæстæр уай- тагъд кæуын хъæлæсæй хъаст кæнынмæ фæци. Цымæ ацы бинонтæн иунæг ныфсы дзырдæй чи æрæ- вæрдзæн ныхасы бын, чи фæсурдзæн тæссаг æгуыппæгдзи- над, чи æрисдзæн зæхмæ уæззау сагъæсты уаргъ? Царды фæндтыл хæларæй уынаффæгæнæг бинонтæй ацы хатт иу- 247
мæ дæр нæ разынд ахæм хъару, æрмæст сывæллæттæ кæрæ- дзи куы фæхъыг дарынц, сæ быцæуы ныхас куы райхъуысы, уæд сæм алчи дæр бакæсы йæ цæсты зулæй. - Дæ фæндаггаг дын кæм нывæрон? - арынджы цур лæугæйæ загъта Сæлимæт саст уынгæг хъæлæсæй æмæ сæрбæттæны кæрон амбæлд цæстытыл радгай. Бесо бадти дурдзавдау. Йæ фæтæн армытъæпæнтæ тынг- дæр балхъывтой æнæдаст рустæ. Цæстыты уæлтъыфæлттæ сæхи æруагътой. Рæстæджы нывтæ æмбæхсæгау, фæтæн уæхсчыты хсæн аныгъуылд, гæзæмæ урсытæ кæм фæзынд, уыцы пыхцыл къæбæлдзыггомау сæр. Сау бæзджын æр- фгуыты хсæн ма фæзынд ноджы цалдæр къардиуы. ) - Уыдон рифтæгты нывæр, фæлæ сывæллæттæн дæр фы- нæйафон у, - загьта Бесо æмæ базмæлыд йæ мидбынаты.| - Баба, фынæй кæнынæн нырма раджы у, цырагь дæр куыннæма ссыгътам, - хистæр фæцырд æмæ фæсдуарæй раскъæфта цалдæр схъисы. Куыддæр къонайы зынджытыл сæ цæх-цæх ссыд, афтæ сæ Бесо æрсагъта цырагъдоны, йæ- хæдæг æнæдзургæйæ азылд къуымты. \ Назы цырагърухс бинонты æрхæндæг гæзæмæ фæсаста, фæлæ Сæлимæт йе мкъайы къухты балцы цæуæн цухъхъа æмæ зæнгæйттæ куы федта, уæд йæ уадултыл æрхъуызы- дысты хъарм цæссыгтæ. Уыдон йæхи ууæрст тынæй хуыд сты, фæлæ сæ нырма ахæм фæндагмæ никуыма райста. Дыууæ лæппуйы хæрд фесты, мад сын сæ къухтæм цы кæрдзыны къæбæртæ авæрдта, уыдон, иннæ бинонтæй до- ны хъæстæ дæр ничи фæцис. Аслан тæрхæгыл хуысгæйæ йæ цæстытæ кæрæдзийыл авæрдта, Сæлимæт лæппуты радгай рахаста хуыссæнмæ, йæхæдæг Бесойы рæвдз кодта фæндагмæ. Бесо уæдмæ дæр фынæй нæ уыд, куыддæр уасæг ныууа- сыд, афтæ фестад хуыссæнæй, ссыгъта хъæдын цырагъ æмæ бацыд йæ фыды цурмæ. - Баба, æз цæуын... Цы уыдзæн, куыд уыдзæн, уымæн иунæг хуыцау йæ зонæг, фæлæ сабитæ уе уазæг. Кæд ли- дзыны сæр бахъæуа, уæд уæм хъæубæстæ фæкæсдзысты, загътон дзы кæмæндæрты, науæд уæ Хазбийæ фылдæр нæ хъæуы, стæй уæдмæ кæд æз дæр зынин. - Уастырджи уæ фæндараст фæкæнæд... Ед у, чи зоны дзы ныхмæ лæууыны сæр нæ хъæуа, уæд-иу æнæхьуаджы фыдбылызæй уæхи бахизут, æгæр хæццæ дуг мæм кæсы æмæ хатт чи кæцы рдæм ссæнды, уый зын рахатæн вæййы. 248
- Тыхсгæ ма кæн, Баба, нæ сæртæ бынтон аслам нæ рат- дзыстæм, æппæт дæр лыг кæндзыстæм фадат æмæ уавæрмæ гæсгæ. Бесо бацыд сабиты хуыссæнмæ, ныккаст дыууæ лæппуйы цæсгæмттæм, сæ рустæн сын куы апъа кодтаид, уый йæ бæр- гæ фæндыд, фæлæ цæхгæр фæзылд, райста рифтæгтæ, хъримаг æмæ ахæццæ къæсæры онг. Уым андзыг, зæхмæ кæсгæйæ, стæй цадæггай схæцыд йæ сæрыл æмæ цæстæнга- сæй хæрзрайсом загъта Сæлимæтæн. Уыцы цæстæнгасы зындысты уарзондзинад æмæ уæззау дуджы сагъæстæ, фæ- лмæн зæрдæ æмæ масты къуыбылой, бинонты мæт æмæ адæймаджы намыс, фыды æргъæвст бæллицтæ æмæ масти- сæг ныфсытæ... Сæлимæты зæрдæ йæхи къултыл хоста, чысыл ма бахъæуа æмæ ирон æфсæрмыл йæ къух сиса, йæхи баппара Бесойыл, фæлæ йын нæ бантыст. Бесо куыддæр къæсæрæй ахызт, афтæ мад йæ хъæбысы нытыхта йæ дыууæ сабийы æмæ мидзæрдæйы хъарæг хуыссæнхъæлдзæг цæстытæй йæ судзæгтæ лæмæрста хуыссæнмæ. Уынгæй æрбайхъуыст куыйты рæйын, бæхты къæхты хъæр, ныхас, фæлæ та фæстæмæ ныссабыр бæстæ æмæ нал райхъуыст унæр уасæджы уасынæй дарддæр. 4 Илас рæстæгæй-рæстæгмæ фесты айдагь мидæггæгты, катайгæнгæ разилы къуымты, бауайы рудзынджы размæ, фæлæ йæ цы хъæуы, уый йæхæдæг дæр рæстмæ нæ хаты, хаттæйхатт æм æрбайхъуысы адæмы унæр, фæлæ дзы уыцы иугъæдон гуымгуымæй дарддæр ницы ис бамбарæн. Иласы буар æнæхъæнæй хъустæ фестад. Цавæрдæр сагъæстæй фер- вæзын æнхъæл хатт йæ сæр амбæхсы хъæццулы бын, фæлæ та уайтагъд разынынц зыхъхъыр дæндæгтæ æмæ се ’хсæн сыф-сыфгæнгæ фезгъоры уæлдæф хуыдуггæнæг рæуджы- тæм. Зæлинæйы дæр нæ федта дысон изæрæй ардæм. Хабæрт- тæ йын бæстон уый адзуры бæргæ, Битаронимæ та иууыл загъд-замана хъæуы. Илас та сыстад йæ хуыссæнæй, рудзынгæй акаст, фæ- зылд камоды рдæм. Лагъзæй гæххæтт фелвæста æмæ тагъд- тагъд абырыд хъæццулы бын. Уым æй райхæлдта, æмæ йæ аныр кæсын райдайа, афтæ йæ хъустыл ауад къæхты хъæр. 249
Гæххæтт рахис къухы армы дзыхъхъы атым-былтæ æмæ ма зæрдæаивæй йæ лæгъз кæныныл бæргæ фæлвæрдта, фæлæ йын бынтондæр ахауд, цалдæр хатты фæцис йæ быны, æмæ цæмæй ахæм хæзна æнæпайда ма фæуа, уый тыххæй, къух- тæ хæрдмæ сласгæйæ, Илас нындзыг мардау, нал уæндыд фезмæлын. Уæдмæ дуары зиллæтты хъинцъ фæцыд æмæ ризгæ хъæлæсæй афарста; - Кæцы дæ, кæ? - Æз дæн, Баба, - Зæлинæ хæдзары фæмидæг æмæ къуымты зилгæ дзырдта. - Устытæ уæлмæрдмæ фæцæуынц æмæ зæгъын æз дæр семæ ацæуон. - Ды та цæмæн? - Иласы цæстытæ ирдæй аззадысты, йæ быны агуры гæххæтт. Галиу къух æй ссардта æмæ йæ фæса- гъта рахисы армы. - Нанайы уæлмæрд зæгъын фенон. - Æнцад бад дæ хæдзары, мах уæлмæрд уыныны сæр ницæмæн хъæуы, мах лидзинаг никуыдæм стæм. Чи цæуы, уый цæуæд. - Баба, æвæццæгæн, дæм тæвд ис, дæ ныхасыл зыны. Уа- зал кæныс мыййаг? Иу хъæццул ма дыл æрымбæрзон? - Нæ, нæ, нæ хъæуы, - йæ цæстытæ фæирд сты Ила- сæн. - Фæлтау ма мæнæ мæ фарсмæ æрбад æмæ мын исты- тæ адзур. Цы хабæрттæ хъусыс? Цы ми кæнынц хъæубæстæ? - Баба, меныневиктæ, дам, æрбацæуынц æмæ хъæу- бæстæ иууылдæр сæхи цæттæ кæнынц фæндагмæ, Цæгатмæ хъуамæ ахизой. - Уый кæмæй фехъуыстай? - Бесо æмæ Цорæйæ дысон ныхасы. - Бесо зæгъыс, - йæхимидæг ныуунæргъыдта Илас, зæр- дæйы маст сцæй цыд, фæлæ йыл фæхæцыд хъуыды, - цæс- гом фæсау, æрфгуытæ фелхынцъ сты æмæ йæ цæмæй Зæ- линæ ма фæфиппайдтаид, уый тыххæй хъæццулæй йæхи- цæн аууон ацарæзта - Не фсин та куыд æрæгмæ цæ-уы, æп- пын ын хæдзар дæр нал ис, уыцы куыройы цæргæ бакодта. - Афтæ йын нæ загътай, Баба, бирæ æрысс, уæд та нæ цæмæн бахъуыдис. - Оу, мæнæ мыл мæрды рох куыд бахæцыд, мæнæ мæ сæр куыд зилы. - Тæвд дæм уыдзæн, Баба, тæвд. - Мæнмæ тæвд нæй, фæлæ ацу æмæ йæм фæкæс уæл- мæрдты зилыны бæсты. Мæнæ удыгæстæн сæ сæр сæ кой куы у, уæд мæрдтыл цы стыхстыстут. Дæ разы къæсса демæ айс, ныр дзы хæссинаг бирæ уыдзæн, - Илас тыхджын су- 250
лæфыд. - Ох цы кæнон, цымæ ма æз дæр искуы мæ къахыл слæудзынæн. Дæумæ дзурын, дæумæ, чызг, фæлæ дын цы зæгъон, уый сараз. Зæлинæ куыддæр къæсæрæй ахызт, афтæ Илас арæхс- тгай райхæлдта гæххæтт æмæ та бакаст цалдæр хатты. «Бæстæ иннæрдæм куы рафæлдæха, уæддæр мын ничи ницы ракæндзæн, ничи мæм ницы бар дары. Кæд хуыцауы фæнда, уæд уал хъæстаг ницæмæй дæн. Бесо... Цымæ кæм ралæг ис Бесог кæд æм æрхаудта нæ царды уынаффæ? Иннæ ахæм Цорæ. Иæ къонайыл фæнык нæй, афтæмæй йæ сæр кæуылты хæссы, йæхи мын адæмæн уынаффæгæнæг скодта. Ацы цард сæ нал хъæуы. Кæсыс сæм. Æмхуызон бартыл ма- рынц сæхи, цыма сæ уæд хуыцау нæ уыдта. Чи нæ кусы, уый хъуамæ ма хæра. Уыдон зæрдийæ зондæй куыст куыст нæу, æнæмæнг хъуамæ дæ хид байсыса. Мæнмæ, дам, ницы ис æмæ, дам, дæуæтты байуарæм. Дæлдæр фæуæд, сымахæн уый бæрц дзурыны бар чи радта, уыдон. Афтæ у, гъе, адæ- мæн ехс куы нæ уа, уæд хæрæгæй хуым кæнынц, макæйæ нæ сæттынц. Фæлæ табу хуыцауæн, хатт адæймаг рындзæй дæр хауы. Чи зоны йæ хæдзарыл нал сæмбæла». Илас ныллæгъз кодта гæххæтт æмæ та йæм кæсы. Бирæ йыл фæзылд, зынтæй бафтыд йæ къухы. Йæ фырт Зурабы ном ын феххуыс, фæлæ сыгъзæринтæ дæр дзæвгар ауылдта. Мæнæ зæгъгæ, уыдон нæ уыдысты, уæд лæгъстæ æмæ сомы- тæй ницы рауадаид. Æвдисæнтæ дæр сæ ныхас сыгъзæрин- тыл уæй кодтой. Уый бæргæ æдзæсгом ми у, фæлæ ницы кæны. Уый дæр алкæй къухы не ’фты. Хъæубæстæй дзы æрмæст Иласмæ ис, рæхджы йæхæдæг уыдзæнис уынаф- фæгæнæг, тæрхоны лæг. Ахæм бартæ æмæ фадæтты тыххæй намысыл къух ауигъын дæр бирæ диссаг нæу. Илас хуыссы уæлгоммæ, хъуыдытимæ зилынц йæ цæс- тытæ дæр царды алыгъуызон нывтыл. «Зæхх, хъæд, сæрвæт, угæрдæн, - уыдон æвидигæ хæзнатæ сты, царды абузгæ суа- дæттæ æмæ сæ парахатæй, дæхи куыд фæнды, афтæ пайда кæнай, уый мæнæ нæй. А Хазби ма куы ’ртасид, фæлæ кæм, æвæццæгæн, бæтгæйæ дæр нал ныллæудзæн, æнæуый дæр хæдзары æнамонддзинæдтæ мæнæй бузныг у. Йæ фыды тыххæй æмбæхст цы маст дары, уый дæр цыма цадæггай æргом кæнын райдыдта, хæстмæ, дам, дæ зондæй æрвыст æрцыд. Æмæ цы кæны? Агуырдта æмæ йæ ссардта. Мæхи куыстытыл дæр, дам, нал æххæсын æмæ мæн тыххæй йæ къух уазал доны нал атулдзæн. Уæлдайдæр ацы змæстытæ 251
йæ хъустыл куы рцыдысты, уæд бынтон сызнæт. Уый ах- хосæй мын æнæхъæн æфтауц мæкъуылтæ зæйласт фесты. Мæн чи хъыг дара, уымæн нæ дæр хуыцау ныббардзæн, нæ дæр мæхæдæг. Нæ мад дæр, дам, дæу тыххæй бабын, фыр- гуыстæй, дам, низ райста. Ам та цæмæй дæн аххосджын. Хъысмæт цæрынæй дæр æмæ кусынæй дæр кæмæн цы сныв кодта, уымæй йын нæй ирвæзæн, æндæр никуы ницы ис. Хазби дæр æмæ Азау дæр бæргæ къухылтухгæ уыдысты, фæлæ сæ ныр цахæмдæр фыдбылыз ардауы иннæрдæм, зы- гъуыммæ базыртæ сыл разад. Ацы хъуыддæгтæ иууылдæр Бесотæ æмæ Цорæтæ сты, уый бæргæ зонын, фæлæ цы гæнæн ис, кæд ацы хатт фыдвæндæгтыл ацæуиккой. Зæлинæ бынтон ссырддзаст ис, цыма уымæн дæр йæ ма- ды мард мæ аххос уыд, рæстмæ цæстæй, дам, æм нæ кастæ. О, хуыцау, о, зæхх, никуы йын ницы маст скодтон, æрмæст мæ мæ куыстæй никуы равдæлд хæдзары хъуыддæгтæм. Æгас комбæстæ мæ æхсæны лæг хуыдтой, сауджын, кæд дуг чысыл фæхæццæис, уæддæр. Фæлæ та æз хуыцауы фæрцы аргьуаны дзæнгæрæджы хъæр нæ комбæсты бæргæ айхъ)Ъ1- сын кæндзынæн, мæгуырдæр сæхи бон сау бæрзæйтæн. Йæ дзæнгæрæг ын чи раппæрста, уый дæр та фæрсæг уыдзæн æмæ йыл кæд мæ ауæдз фехалæджы æмбисонд нæ акæна, уый дæр хъæбæрныхас уыд, фæлæ ахæстоны куы адаудта, уæд æгæр дæр æрфæлмæн. Паддзахы хорзæх мæ уæд, - пад- дзах зæгъгæйæ Илас чысыл фæгуырысхо, фæлæ уæддæр йæ дзырд нал аивта, - уый йедтæмæ адæмы фыдæх мурдæр ни- цыу». Асинтыл фæцыд къæхты хъæр æмæ Илас фæиппæрд йæ дæрзæг, хæццæ-мæццæ хъуыдытæй, йæхи арфдæр æрны- уæрста хъæццулы бын. Битарон хæдзармæ бахызт ссадæй дзæгтæй, тыхулæфт кæнгæ æмæ æнæдзургæйæ йæхи æруагъта тæрхæгыл. Иæ фæстæ æрбахызт Зæлинæ æмæ æрбадт пецы фарсмæ ныл- лæг бандоныл. - Ды дæр дæ рынчын айхуызæн удисæнмæ цы рхастай, мæнæ бæсты сæфт куы ралæууыд, адæмæн сæ сæр сæ кой куы у, уæд ды та цæуылнæ хъуыды кæныс, дæ зæрдæ цæуыл дарыс. Абон дæргъы мæныл чи нæ бахудт, чи нæ мыл бадис кодта, ахæм иу дæр нал баззад.-Битарон дзуры æнæрын- цойæ. Илас хъусы, тыхсы, фæстагмæ йæ бон нал уыди йæхи уромын. - Дæ мæрдтыстæн, де фсæртæ уæгъд фесты, æви дæ зонд фæцыд. 252
- Иу дæр нæ æмæ иннæ дæр. Æз ам æххуырст никæмæн дæн. Ацы хатт дæр ма афтæ. Иннæ хатт лæппуимæ хъуамæ ацæуон æмæ-иу уæд дæхæдæг уынаффæ кæн, уæдæ цы? Æнæхъæн дзыллæ дзыназгæ, ниугæ сыстадысты, сæ сæр сæ кой у, мах та, нæ бонæй уæм, хъарм хуыссæнæй нал хизæм. Цымæ дæ цы ныфс ис, цæуыл дæ зæрдæ дарыс, махæн дæр æй зæгь æмæ йæ зонæм. - Ды сылгоймаг дæ æмæ дæ дзыхыл хæц, ницы ’мбарыс. - Адæм зондагур дæумæ нæ цæуынц? - Мæхи фаг у мæ зонд. Никæмæн дæн лæгъстиаг. - Уый мæнæ нæ цардыл зыны. Нырма иу æнæмаст бон искуы арвыстам, æви хуыцауæй фыдæлгъыст фестæм. - Æлгьыст нæ фестæм, фæлæ арфæйаг, - Илас Битароны куыд æрсабыр кодтаид, уый нал зыдта æмæ хъæццулы бы- нæй зырзыргæнгæ сласта гæххæтты гæбаз, - кæсыс, мæнмæ бары гæххæтт ис. Ацы ныхас дзы Зæлинæйы цур кæй сирвæзт, уый æрæ- джиау фæхатыд. - Ма мæ дзурын кæн, æндæра мæ маст иууылдæр дæуыл ныккалдзынæн. - Иласы цæсгом фырмæстæй туджы азылд, æгæр рогзонд ми йæм фæкаст сусæг гæххæтты кой æмæ ма катайгæнгæ хъавыд йæ ныхас аивыныл. - Æз мæ хæдзарæй цæуинаг никуыдæм дæн, уырысы æфсад куы рбацæуой, уæддæр. Чызг, дæуæн та цы зæгъон, уый зоныс, уынгты хъеллау уадз, æндæра дыл дуар бынтон дæр æхгæндзынæн. - Æниу æй рæхыстæй куы бабæттис, - Битаронæн æх- сызгон уыди Зæлинæйы бафхæрд æмæ ма уый дæр, цæхæ- рыл сой бакалæгау баппæрста йæ ныхас. - Цы мæм дæ цæстыты урсытæ æрбазылдтай? Искæй бæрзæйыл кафын æнцон у, цацатæ куы уарзай, уæд хæдзардæр зонын хъæуы, ды та йыл æнæзæгьгæ уазалдоны къус, дæр никуы бакалыс, афтæмæй ныр чындздзон чызг дæ. Абон дæргъы мæм уынг- ты леккайы бæсты чысыл куы фæкастаис, уæд æз дæр рага- цау фервæзтаин мæ зылдтытæй. Æниу дæ цы домын. Сæгъæй уæрыкк нæ гуыры, мæ хæдзар сæфа, рæза, зынгæ дæр дæм куыникуыцæй кæны. Зæлинæйæн йæ бон нал уыд хъусын, маст æмæ кæуын схæццæ сты хурхы нарæгмæ, йæ бон ницы уыд сдзурын, афтæмæй сыстад æмæ ахызт дуармæ. - Дæ уæраг асæттæт! Мæгуыр нæу, ай кæй фæсдуар балæууа? - Цавæр æлгъыст у? - Илас нал баурæдта йæхи. 253
- Адон иууылдæр дæ хъуыддæгтæ сты. Чызджы йæ мады æрвадæлтæ кодтой æмæ йæ ауагътаис, ныр та мæ мæхи бар уадз, æлгъитинаджы æлгъитын хъæуы, - Битарон та бауыр- дыг Иласмæ. - Уый бæсты чызджы æррæвдау, æндæра фæфæсмон кæндзынæ. - Цы фæфæсмон кæндзынæн? - Цы, цы, уый дæр адæмимæ куы баиу уа, уæд... - Æндæр зиан-иу мыл ма рцæуа, æз ма дзы ирвæзгæ куы фæкæнин, кæцæй нал æрыздæха, уырдæм рæхджы бон ауайæд. - Цымæ кæуыл дæ зæрдæ дарыс, Зæлинæ, Азау, Хазби дын куы нæ уой, уæд? Дæ фыртыл? Уый мах нал у, уый паддзахы у. Ардæм ма дын æрцæудзæн? Æнхъæлмæ дæр æм мауал кæс, уый амы адæмимæ цæрын нæ, дзурын дæр нал базондзæн. Айразмæ йæм кастæ. Алы цыдæн та йын куывд кæныс. Иæхицæй лæгдæр никæй æнхъæлы. Арахъæй йын йæ ных айсæрд æмæ æнæсæр карчы схъиуд райдайы. Лæппутæ сæ баиргъæвтой, æндæра йын Бесо йæ бæрзæй бæргæ фæцæйсаста. - Бесойы хуызæттæ уымæн йæ иу пагоны аргъ дæр не сты, ды уый зон. Стæй йæ æз ардæм мæхæдæг дæр не рбау- адзин цæрынмæ. - Дæуæн дæр уый загъдæуа, гъе, æмæ дын дæ цард чи аразы, уыцы кæстæртæм дзæбæхдæр дзур. Хъусыс, не ’фсин, - Илас фæфæлмæн. Тызмæг ныхасæй ницы рамбул- дзæн, уый куы базыдта, уæд та сындæггай сласта гæххæтт. - Уыныс ацы гæххæтт. Уый махæн нæ сомбоны ныфс у, нæ цард аразæг, æмбарыс? Адæм куыддæр æфцæгæй фæфа- лейæ уой, афтæ мах та нæ тæккæ цардмæ бахæццæ уыдзы- стæм. А хъæубæстимæ нæ хъуыддаг кæй нæ цæуы, уый дæхæдæг дæр хорз куы уыныс; æппынæдзух нæм мусту- чъийæ куы ’взидынц, æви саугуырм бадæ, нæ сæфтмæ куы бæллынц. Уыдон бæсты æз сырдтимæ дæр бафидауин. Ныр та загъд, замана уадз, фæлæ Зæлинæйы æррæвдау. Хъуамæ Хазби дæр ам баззайа, науæд хæдзары уæз иууылдæр нæхи уроминаг у, нæхи, бамбар мæ, æмæ афтæмæй кæдмæйы фаг стæм. Утæппæт зæххытæ кусын хъæуы, хæдзары змæлд - иннæ ахæм. Нæ хабæрттæй дæ исчи куы фæрса, уæд-иу ын дзуапп радт: нæ хæдзары рынчын ис æмæ нæ кæд сафдзы- сты, уæддæр нын къах атилæн нæй. Дæуыл æндæр ницы æмзбæлы, иннæ хъуыддæгтæн та мæхæдæг дæтдзынæн дзуапп. 254
Битароны хъуыдытæ схæццæ сты æнæнхъæлæджы ха- бæрттæм хъусынæй. Йæ бон нал уыд раст æмæ зылын раир- тасын, афтæмæй ныссабыр, абадти ма иу дзæвгар æнæдзур- гæйæ, стæй сындæггай сыстад æмæ ахызт тыргъмæ, йе сса- дæйдзаг раздарæн цæгъдынмæ. 5 Илас, балцæй æрбаздæхгæйæ, уайтагъд схуыссыд, би- нонтимæ нæ уыд йæ хабæртты фæдыл ныхас кæнинаг. За- гьта æрмæст: «Рынчын дæн» æмæ уый адыл хуыссæнæй нал рахызт. Битароны та уырныдта Иласы рынчын, цалын- мæ йын йæ таурæгъмæ нæ байхъуыста, уæдмæ. Ныр фæ- фæлмæн Зæлинæмæ, мыййаг адæмимæ куы фæцæуæг уа, уæд иунæгæй цы ми кæндзынæн, ууыл ахъуыды кæнгæйæ фæтыхст, уæгъд æй нал уагътой катай æмæ тыхст сагъæстæ. Иæ чумæданæй систа зæлдаг къабайаг: - Махæн ацы мæнг дунейыл дæуы йедтæмæ ничи ис, не скаст дæумæ у, æмæ-иу дын хатт барджыны уайдзæф куы бакæнын, уæддæр-иу æй дæ зæрдæмæ ма айс. Ацы ныхасыл бадис кодта Зæлинæ, фæлæ æргом ницы фæзынд йæ уагахастыл, нæ дæр йæ цæстæнгасыл. Лидзинаг никуыдæм сты, уый тыххæй дæр йæ дыккаг мадмæ равды- ста рухс цæсгом, æрмæст ын Хазбийы дæр ма ауадз цæмæн загъта, уый æххæст нæ рахатыд, цалынмæ сæм лæппуимæ ныхас рауад, уæдмæ. 6 Ныссабыр æхсæв, фæлæ нæ фынæй кодта хъæу. Алы хæ- дзарæй дур калд рухс. Хатт-иу цавæрдæр улæн ацыди уынг- ты æмæ та-иу батад мæйдары кæмдæр. Æнæнцой сагъæсты ауазæн цыма атонын æввонг уыд, уыйау агайдта зæрдæйы. Фæлæ йæхи урæдта хæхбæсты фарн æмæ, сабырдзинадæн уырдыг лæугæйæ, хъуыста мады сагъæс, адæмы хъынцъым. Хинæйдзаг дæлимон зылди хæдзари-хæдзар æмæ бинонты æфтыдта катайыл, фыдбылызыл, цæмæй сæ дзырд кæрæ- дзийыл ма бада æмæ айхуызæн тыхст заманы, æнæсæрбос галтау, хæцой алы ’рдæм. Афтæмæй уыцы æхсæв дæр фы- нæй кæнын нæ бауагъта хъæубæсты, амонд æмæ сын ныфсы 255
бæсты сæ тугмæ хаста тас, йæхæдæг та йæ мид-зæрдæйы ци- нæй ради. Фæсабыр куыйты рæйын. Хазби æмæ Зæлинæ бадынц цæхæрадоны бæласы бын бандоныл æмæ ныхас кæнынц ныллæг хъæлæсæй. - Мах рæхджы кæй æрыздæхдзыстæм, уый зонын. Цом ды дæр немæ. Илас æмæ Битаронæн æнæ дæу дæр ницы тас у, сæ фырт офицер, сæхæдæг нæргæ хæдзар æмæ ныртæккæ тых уыдон къухы ис. Фарон Бесоимæ быдыры нартхор то- нынмæ куы уыдыстæм, уæддæр нын иууылдæр нæ цæстмæ уый дардтой нæ фысымтæ. Тагъддæр, дам, фæут уæ куы- стытæ, æндæра, дам, нæ фæстæдæр уыдонмæ не вдæлы, нæ лæппу, дам, ссæуинаг у æмæ ныл стыр хæс ис адæмæй. Ау, зæгъын мах дæр хæйрæджытæ не стæм, адæм стæм æмæ нæ бон цы у, уымæй уæлдай цы хъуамæ бакусæм. Адæм, дам, стут, не стут, уый, дам, махмæ нæ хауы, фæлæ, дам, уæ кæд кусын нæ фæнды, уæд та, дам, хъуамæ офицер- тæ уат, кæсыс, Зæлинæ, офицер æмæ сæм зæд æмсæртæ сты. Æниу æз уыцы офицеры уынгæ дæр нæ фæкодтон, ссæуинаг уыд, фæлæ мах уæдмæ радымдтам. Афтæ мæм каст, цыма офицертæ иууылдæр Зурабы хуызæн тæнæгсæртæ сты. - Уый хуызæн та кæм. Ахъуыды ма кæн, мæнæ нæ хъæу къусыйас йедтæмæ нæу, фæлæ дзы адæймаг алыгъуызон дæр фендзæн. Афтæ иннæтæ дæр. - Ды, æвæццæгæн, де фсымæры сæрыл рахæцын фæнд кæныс. Æмæ цы кæны, уый хорз у. Æрмæст ды дæр хъуамæ немæ рацæуай. Кæд рæдийын, уæддæр мын æй ныббар, фæлæ мæм афтæ кæсы, цыма ды ам куы баззайай, уæд бын- тон дæр кæрæдзийæ фæхицæн уыдзыстæм. Ардæм чи лæ- буры, уыдон дæм цы цæстæй ракæсдзысты, уымæн чи цы зоны. - Хазби мадзурайæ ныккаст Зæлинæмæ, - зæгъ исты, куы ницы уал дзурыс, æви мæ фæнд дæ зæрдæмæ нæ фæ- цыд. - Мæ фыд... - Дæ фыд йæхи нæ фесафдзæн, ма йын тæрс. Бæстæ иннæрдæм куы рафæлдæха, уæддæр æм дæ зæрдæ ма хсайæд. Æниу дын æй цы амонын, дæхæдæг æй хуыздæр зо- ныс, фæлæ дæ уый мæт ма бакъуылымпы кæнæд. - Мæ фыд, - чызг йæ хъуыды зæгъынмæ хъавыд, фæлæ та йæхиуыл фæхæцыд, мыййаг куы фæфæсмон кæна^ уымæй тæрсгæйæ. ’- Дæ фыд, дæ фыд цы кæныс, зæгь, цы дæ фæнды, 256
уый, - Хазбийæ ацы дæрзæг ныхас куыд сирвæзт, уый йæ- хæдæг дæр нæ фæхатыд æмæ ма цыдæртæ адзырдта ныллæг хъæлæсæй, фæлæ йын дзы Зæлинæ ницы уал бамбæрста, хъыг дæр æм нæ фæкаст йæ хъæлæсы уаг. - Зæгъдзынæн, æрмæст хъуамæ баныхас кæнæм. - Чызг куы лæппумæ бакæсы, куы йæ сæр амбæхсы йе уæхсчыты хсæн. Нæ зоны, цæмæй æмæ куыд райдайа, уый. - Æвæццæгæн дæм стыр хъысмæт скъуыддзаггæнæн уынаффæ ис?.. - Ахæм нæу, фæлæ... Ды зоныс, Бабамæ ам баззайыны тыххæй бары гæххæттытæ ис, уый? - Бары гæххæтт, зæгъыс? Кæцæй йæ хъуамæ зонон. Мæнæ йæ фыццаг хатт хъусын, - загъта Хазби æмæ аджих, иу цасдæр нал райхъуыст йæ улæфт дæр, стæй æрæджиау, йæхиимæ ныхасгæнæгау, йæ былтæ базмæлыдысты, - æмбарын, æмбарын, æвæццæгæн æрæджы йæ балцы сæр дæр уый тыххæй уыди. У, зæронд бирæгъ. - Цæмæн æй хоныс бирæгъ? Уæдæ æз та йæ лæппын дæн. - Ды уыдонæй нæ дæ. - Ноджы ма иу хабар. - Зæлинæйæн цыма фенцондæр, уыйау дзырдта сæрибарæй, загъта ацы фæстаг рæстæджы йæм кæй æрфæлмæн сты, Хазбийыл æй кæй ардыдтой, уы- цы хабæрттæ. - Диссаг дæм нæ кæсы уыцы рувасы ми? Цымæ ныл цы фæзæрдийæ сты, æви та исты хиндзинад æрымысыд дæ фы- ды зæронд. Уæд къæссавæлдæхт фæвæййы æмæ цыма фысы комæй хал никуы раласта, уыйау йæхи аскъæры. - Мад мын нæй, мæнæн цы фыды ус ис, уымæн та зæр- дæйы фæндтæ зын дзурæн сты. Фыдæй ницы зæгъдзынæн. Афтæ мæм кæсы, цыма йæ мæ хъысмæт сагъæсты æппары, цыма мæм йæ уарзт тыхджындæр йедтæмæ къаддæр нæ фæцис мæ мады амæлæты фæстæ. - Хъыг дæм ма фæкæсæд мæ ныхас, фæлæ дæ фыд дæр цы у, уый мын амонын нæ хъæуы, æз ыл æппындæр мæ зæрдæ ницæмæй дарын, нæ йыл æууæндын, комкоммæ зæгъгæйæ, уымæн æмæ кæны æрмæст йæхи, йæ фæллæйтты мæт. Уый кæсы мæнæ рæстæгмæ хинæйдзаг цæстæй æмæ йын чердыгæй пайдадæр у, хур æм кæцырдыгæй бандава, уыцы ’рдæм акъул уыдзæн. Уыцы миниуæг æм рагæй хатын æмæ мыййаг Илас цы дугæй тæрсы, уый куы ралæууа ам дæр, хæхбæсты, æмæ искуыдæм цæуыны фæнд куы скæна, 17* 257
чи зоны йæ йæ фырт дæр акæна,уæд ды та цы ми кæн- дзынæ? - Уæддæр мæнæн мæ хæдзар ам ис, иу къуым мæм дзы æмбæлы. - Хазбийæн æхсызгон уыдис Зæлинæйы фæстаг хьуыды, æмæ, зындзинадæй фервæзæгау, арф ныуулæфыд, йæ цæст ахаста стьалыджын арвыл. Хъæуы сæрмæ къуыл- дымыл æрцæйхъуызыд фæлурс мæйы рухс, хъæубæсты ас- тæу фыдбылызæн фæдисы ныхъхъæр кæнынæй тæрсæгау. Зæлинæ кæлмæрзæнæй æрбатыхта йæ уæхсчытæ, рахис къухы æнгуылдзтæ андæгъдысты йæ былтыл. - Суазал дæ? - Хазби йæм бакаст комкоммæ. - Уазал не сдæн, фæлæ цæуын афон у. Ацы хатт дзы хыл нæ уыдзæн, уый зонын æмæ мæ зæрдæ æнцад у, бадин суанг кæркуасæнмæ дæр. - Цы уæлдай? - Нæ бинонтæ афтæ æнхъæл сты, æз дæу сразы кæндзы- нæн ам баззайыныл. - Уæдæ хæдзармæ куы баздæхай, уæд сын цы дзуапп ратдзынæ? - Дæу куыд фæнды? - Дæхæдæг исты æрымыс. - Рæстдзинад? - Нæ, афтæ нæ, уымæй ницы рамбулдзыстæм ацы хатт. - Уæдæ? - Нырма, зæгъ, ницы аскъуыддзаг кодта. Науæд дæуæн дæр маст мæнæ уый онг, - Хазби ацамыдта йæ хъуырмæ. Лæппу æмæ чызг цыдысты уæззаугай, кæрæдзимæ дæрд- дзæф. Зæлинæ æрлæууыд кæртмæ бахизæны каугæрон æмæ æрттæ дæлармæй каст йæ къæхты бынмæ. Ацы хатт сы- быртт никуыцæй уал хъуыст, æрмæст ма ададжы дон уыцы иугъуызон нывæзта æнæнцой сагъæсты къуыбылой æмæ зæрдæйы æнкъарæнтыл тыгъдта цавæрдæр æнæбæрæг хъьнцъым æмæ катай. Зæрдæйы бæллиццтæ, æргъæвст хъуыдытæ æмæ саст ны- фсытæ ралæмæрстой Зæлинæйы цæсты сыгтæ, фæлæ нæ зындысты Хазбимæ, æрмæст æнкъардта чызджы тыхст улæфт æмæ уæхсчыты змæлд. 258
7 Азау, Хазбимæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, бадт æрхæндæгæй къонайы зынджыты фарсмæ. Цæстытæ цæхæрмæ кæсынæй куы бафæллайынц, уæд та, сæхиирхæфсæгау, баиу вæййынц нæзы цырагъы рухсимæ. Чызгмæ хуыссæг æввахс нæ цыд, фæлæ фæллад уæнгтæ сæхи ластой сынтæгмæ. Цалдæр хат- ты бæргæ сцæйстад, йæхиуыл-иу схæцыд, фæлæ нæй, баха- уд æрттиваг зынджыты уацары, хæдзары æгуыппæг æй ныббаста бандонмæ æмæ йæ бон нæ уыд æгæрстæмæй йæ мидбынаты базмæлын дæр. Къæхты хъæр фехъусгæйæ Азау фестьæлфыд, тынг ра- мæсты Хазбимæ æмæ фестад знæт зæрдæимæ. Хазби куыддæр къæсæрæй бахызт, афтæ чызджы лыстæг хъуыр иуырдæм фæтасыд, уæнгтæ æрызгъæлдысты, цæнгтæ ауыгъдау æрхаудтой æмæ афтæмæй аджих, стæй æнæ иу сыбыртт сабыргай йæхи байста сынтæгмæ. - Цæуылнæ фынæй кæныс? - Уæд дæ афоныл цæуын хъуыд хæдзармæ, - Азауы нæ фæндыд æргом уайдзæф ракæнын, фæлæ йæ маст нал бау- рæдта. Хазби ницы сдзырдта. Æрбадт къуымы тæрхæгыл. Къо- найы зынджытæ ферттив-ферттивгæнгæ цадæггай ныгуыл- дысты. Нæзы цырæгътæ дæр ма дыдзы рухс калдтой, цыма сын талынгимæ фæстаджы тох бацайдагъ, уыйау. Хазби æрхуыссыд, рахис къух бавæрдта къæбуты бын æмæ æдзынæгæй ныккаст хæдзары саудалынг цармæ. Хо æмæ æфсымæрмæ уыд бирæ дзуринæгтæ, фæлæ сæ йæ ныфс ничи хаста сæ мидбынаты абухæг хъуыдытæм февна- лын, цавæрдæр сабырдзинад фехалынæй тæрсæгау, зилдух кодтой сæ мид-зæрдæйы знæт сагъæсты тымыгъимæ. Хазби-иу хатг фæдызæрдыг: «Ау цæмæн хъуамæ сыстон мæ фыдæлты уæзæгæй, цæмæн хъуамæ ныууадзон мæ мæгуыр Райгуырæн къуым», фæлæ та-иу, Бесойы ныхæстыл ахъуыды кæнгæйæ, йæ зæрдæмæ бакаст рухсы тын. «Æнæ- цæутæ нæй, фæстæмæ тагъд æрыздæхдзыстæм». Бесо фенæг лæг у. Уый куыстагур кæм нæ бамидæг, цахæм адæмимæ нæ фембæлд, ахæм бирæ нал баззад. Иутæр зæххытæ æмхуызон уæрст цæудзысты адæмыл, уый куы базыдта, уæд йæхи рай- ста йæ Райгуырæн хæхбæстæм, сфæлмæцыд искæй быдыр- ты кусынæй, æцæгæлон адæмы дæлбазырты цæрынæй. «Иласы зæххытæ кусæджы сæрыл уæрст куы рцæуой, уæд 259
алкæй фаг дæр сты. Нæ хæхбæсты бæркад æвидигæ у, æр- мæст ын хицау хъæуы, æфсин». Бесойы уæзбын ныхæстæ зилынц Хазбийы сæры, сурынц ын йæ хуыссæг, йæ мæт, йæ катай, фæлæ та лидзинаг адæмы æнæкæрон сагъæс зæр- дæйы тæгтæ куы бацагайы, уæд та лæппу фестъæлфы йæ мидбынаты. «Фæлтау тохы быдыр. Уым знагæй ис маст рай- сæн. Цæмæн сразы дæн Бесойы уынаффæйыл, цæуылнæ загътон мæ фæндон æргомæй». - Уæлæмæ сыст, уæдта нæм исчи æрбацыд, - Азау тæргайгъуызæй æрбадзырдта Хазбимæ, йæ сæрыхъуынтæ фасгæйæ. - Кæд æгæр нæ афынæй дæн? - Нæ зонын, дысон-бонмæ хъæрзыс, унæргъыс, рафт- бафт кæныс, фынæй ма та кæд кодтай, æртæ хатты дæм сыстадтæн бæрæггæнæг, зæгъын, уæд та цы кæны. Хазби рахиз къухы армы тъæпæнæй асæрфта йæ ныхы хид: «Фынæй кæнынмæ кæй æвдæлы, ахæм адæймаг дæр ис?» - Уæдæ æнæхъæн дзыллæйыл мах хуызæн уынгæджы бон æркодта, - Азауы цæстытæ доны азылдысты. - Тæхуды ацы мæнг дунейыл дыууæ боны æнцад-æнцойæ ацæр, стæй æвиппайды мацы уал бамбар, æндæр адæймаг цæмæ æн- хъæлмæ кæсы, цæй амондмæ бæллы, кæм ис амонд? - Æнцад-æнцойæ та мæнæ фæстæмæ куы рыздæхæм, уæд цæрдзыстæм. - Уыдон аргъæуттæ сты. -Мæнмæ аргъæуттæ нæ кæсынц. Царды хъулæттæ рæхджы рараст уыдзысты. - Цымæ дын уыцы зæнджын ныхæстæ чи фæкодта, - Азау æрбадт æмæ сындæггай архайы арт кæныныл. - Бесо, Цорæ, стæй мæхимæ дæр раст ахæм хъуыды ис. - Бæрæг та уыдзæн, кæд та уæдмæ дæр фæцæриккам хуыцауы фæндæй. - Цæргæ, цæргæ, æрмæст дæр цæргæ, - Хазби, Азауы онгмарæн хъуыдытæ сурæгау, йæхи фæхъæлдзæг кодта, - фæлæ æрывнал, цыдæриддæр нæм хæссинæгтæ ис, иууыл дæр сæ хæдзары астæумæ ракал. - Цымæ дæм цытæ ис ракалинаг уагæры, - йæ мидбыл- ты бахудт Азау. - Ау, афтæ гæвзыкк стæм æмæ нæ къухы цы айсæм, уый дæр нæм нал ис, - дзырдта Хазби йæхи æхсгæйæ, куыддæр хисæрфæн зæгæлыл æрцауыгъта, афтæ йæ хъустыл ауад кæйдæр ныхас. 260
- Хазби, ам дæ, цы? - Мæнæ дæн, мæнæ, Аслан! Мидæмæ рахиз! - Хазби йæ базыдта йæ хъæлæсæй æмæ йæ размæ рауад. - Уæ райсом хорз æмæ фарн ацы хæдзары. - Фарн дæр ма ис, Аслан,-Хазби лæгæн къухæй ацамыд- та тæрхæгмæ. - Ис, мæ хæдзар, ис, адæмы фарн стыр у, сæфæн ын нæй, ома ныл мæнæ ахæм заман æркодта. Алкæмæн йæ фыдбы- лыз йæхи сæрыл æртыхсдзæн,-Аслан йæ хъæлæсы уаг фæивта, базмæлыд йæ мидбынаты.-Æппын уыцы адæмæй ницы хъуысы? Цы фесты, куыд сты, гъе, кæдæм фæхæццæ сты, æмæ баиу сты? - Дæ зæрдæ сæм ма хсайæд, уыдон сæхи нæ фесафдзы- сты. - Сафгæ та лæг йæхи кæм фæкæндзæн барæй, дæ рынтæ бахæрон, фæлæ дзы разыны æндæр сафджытæ, зæххыл иу æмæ дыууæ фыдбылызджыны ис? - Фыдбылызджынтæ бирæ. - 0, мæ дын æз дæр уый куы зæгъын, адæмы фыдæх сæ фæдыл æфтыд фæуа, кæд махырдæм цы фессæстой... Ныр дзы æнæцæугæ нал ис, æви?.. - Нал, нал, Аслан, ууыл гуырысхо кæнын нæ хъæуы, фæлæ сымах дæр абон уæхи барæвдз кæнут, Бесо уæ мæнæн бафæдзæхста. Азау, марадз-ма, Асланæн иу сыкъайыдзаг искуы фен. - Нæ, нæ, Хазби, афтæ раджы не мбæлы. Мæнæ дæм бæлвырддæр уынаффæмæ æрбауадтæн. - Ныртæккæ та азилдзынæн хъæуыл. Къахыл дзæуæг фæллой æнцон архайд у, скъæрын йедтæмæ йæ ницы хъæ- уы. Кæмæдæриддæр дзоныгъы зæронд ис, бацæттæ йæ кæ- нæд, хуыссæнгарз, уæлæдарæс, мигæнæнтæй æппын æдзух чи хъæуы, уымæй дарддæр ницы ис хæссæн. Ис ма, уæрмы- ты, ныккæндты æмбæхсынæн чи бæззы, ахæмтæ дæр, ца- лынмæ фæстæмæ здæхæм, уæдмæ. - Дæ фарн æй зæгьæд, - сыкъа исгæ-исын дзырдта Ас- лан. - Тыбаууацилла, Уастырджи, нæ бæлццæттæ уе уазæг. Алчи сæ рæхджы йæ хæдзарыл сæрæгасæй кæм сæмбæла, ахæм амонд сын уæ цæст бауарзæт. Аслан æртæ сыкъайы куы анызта, уæд фæцæуæг. - Æз дæр дæ ныртæккæ феййафын. - Йæ фæстæ ахызт Хазби дæр. 261
8 Сырх афæлдæхт скæсæн. Бур хохы сæрмæ йæхи ныпака кодта тæнæг мигъ хуры фæндагыл. Уæдмæ йæм бырын рай- дыдтой иннæтæ ныгуылæны ’рдыгæй, тулæгау, æмæ æхгæд фæцис арвы æмбис, фæлæ уæддæр зынди хуры цалх. Йæ тынтæ-иу хатт, æхсаргардау, фæлыг кодтой мигьты æмæ, хæрдгæндах æлвисæгау, цыдысты зæхмæ. Хуссарварс бæ- лæсты ног сыфтæрыл цæст фæхæцыд, цæгæттæ нырма лæу- уыдысты бæгьнæгæй, цыма сæм уалдзæджы тæфаг хæццæ дæр нæма баци. Æниу уыдонæн дæр ныннæрст сæ къуыпа, фæлæ сын нæма бантыст сæ райсбавæрд дарæсæй раппæ- лын. Зæххы тугдадзинтæй сой ивылынмæ кæм фæци, уым цъæх адардта кæрдæг. Ныллæгдæр тъæпæнтæ æмæ адгуыты фæзынд дидинæг æмæ сæрыстырæй ради уалдзæджы ци- нæй. Хъæубæсты астæу ныхасмæ æрымбырд бирæ адæм. Чи дзы æмбис рæвдз уыд цæуынмæ, чи та ма, цæуылдæр зæр- дæдаргæйæ, хъуыста алкæй ныхасмæ. Фын фенæгау сæм каст дуджы фыдбылыз æмæ сæ цæсгæмттыл нæ зынди тыхст æмæ катай. Хатт-иу райхъуысти сылгоймаджы уырау- гæ цъæхснаг хъæлæс, сабийы кæуын, фæлæ та-иу æрбайсæ- фтысты фосы богъ-богъ, адæмы унæры хсæн. Хæрамдзина- ды улæн йæхимидæг абухта знæт денджызау. Фыдæлгъыст йæхи тыдта зæрдæйы арф æнкъарæнтæй, маст исæг цæсты- тæ йын амыдтой фыдгулы æмæ ивылд æнæуынондзинады Фурд. - Нæ хъæубæстæ, бадынмæ нæ не вдæлы, тæккæ райсом ацафон хъуамæ азмæлæм. Цæут, æмæ уæ алчи йæхи бæстон бацæттæ кæнæд. Æфцæджы хабæрттæ уæ алчи зоны, хæссæн цы ис, цы нæй, уый уын амонын нæ хъæуы. Адæм базмæлыдысты, кæрæдзи рафæрс-бафæрс, дызæр- дыг, гуырысхо... - Уæд та ма бæлвырддæр базыдтаиккам, чи зоны нæ нæ бахъæуа лидзыны сæр? - Дуртыл чи бадт, уыцы ацæргæ лæгтæй иу фæрсы Хазбийы. - Æппæт дæр бæрæг у, мах уæлдай хабармæ не нхъæлмæ кæсæм. Уавæр хорз чи зоны, уыдонæй райстам дзырд. Адæмæй чидæр фæкомкоммæ худисæны рдæм, бирæ фæкаст барæгмæ, стæй ма йæ цæстытæм армытъæпæнæй бавæрдта аууон дæр. Уæдмæ иннæтæ дæр базмæлыдысты æмæ се ргом аздæхтой цымыдисгæнгæ уыцы рдæм. Исдуг 262
алчи йæхи фарста хабарæй, фæстагмæ хъусын райдыдтой кæрæдзимæ дæр: - Чи уа, уæ хорзæхæй, ацы барæг? - Раст фæдисоны цыд кæны. - Хорз хабархæссæг нæу, уый уæ бауырнæт. - Муссæ у, Муссæ, фæзы хъæуккаг! - Дæ хорзæхæй кæдæм цæуы тæргæ бæхыл? Дзырд истой радгай кæрæдзи дзыхæй æмæ исты ног ны- хас фехъусын æнхъæл алчи лæууыд йæ мидбынаты, бадгæ ничиуал скодта. Муссæ ныхасы астæу æрхызт йæ бæхæй, райста се ’ппæ- ты къухтæ. Уайтагъд хъæуы цæрджыты æмбис ныхасмæ баивылды- сты, сылгоймæгтæ та сæ хъус дардтой хæдзары фисынтæй, уæлхæдзæрттæй. Сывæллæттæ хисдæрты цымыдисмæ фæ- уæзбын сты æмæ цыма ныхасæй исты бамбардзысты, уыйау лæгты цæсгæмттыл радгай хастой сæ цæст. - Дзур, Муссæ, æнæхабар нæ уыдзынæ? - адæмæй чидæр афарста. - Раст дæр афтæ, минæвар дæн Бесо, Цорæ æмæ иннæ- тæй. Бынат хорз ран бацахстам, бæстæ куы рафæлдæха, уæддæр нын тас нæу, фæлæ, дам, меньшевикты а дыууæ бо- ны ардæм хъæуы æмæ дзы уæддæр цæгаты ’рдæм нæй æнæ- цæугæ. Быдыры хъæутæй цалдæр ранкъуыст. Махæн нырма рæстæг ис, цæмæй бынтон фыдæбойнаг ма фæуæм. Ацы ныхас топпы нæмыгау сæмбæлд адæмыл, сабитæ йæ ницæмæ æрдардтой, уый нæ, фæлæ дзы цæуыны кой кæ- мæндæрты æхсызгондæр уыд, æмæ дис кодтой, лæгтæ афтæ тыхджын цæмæн хъынцъым кодтой, ууыл. Райхъуыст адæмы унæргъын, сæ къæхты бын базмæлыд зæхх æмæ нал æнцад йæ хъеллауæй. Маройгæнæг адæм, фыны уынæгау, лæууыдысты сæргуыбырæй сæ цардыл тæр- хонгæнæн ныхасы, кæрæдзимæ æцæгæлæтгы цæстæй кæс- гæйæ агуырдтой зæрдæфæлæууæн ныфсытæ, фæлæ кæм? Хур дæр йæхи нал равдыста, æвæццæгæн дзыллæйы ма- роймæ кæсынæй бафæллад, йæ бон нал уыд æмæ æмбæх- сынмæ фæци. - Хазби, - Муссæ ахæцыд Хазбийы цонгыл æмæ дыууæ- йæ фæхицæн сты адæмæй. - Бесо дæуыл тынг дары йæ зæр- дæ, фæкæс адæммæ, кæсыс, нырма дзы бирæйы уырнгæ дæр нæ кæны цæуыны хабар. Сом изæр, кæнæ та иннæбон рагацау. Дарддæр дзы нæй фæстиатгæнæн. Æз ныртæккæ хъуамæ азилон иннæ хъæутыл дæр. Онгмарæн ныхасæй ба- 263
хиз адæмы, цы дæ бон у, уымæй ныфсытæ, æндæра иугæр знæты рдæм куы фæуой, уæд дæ гуырæй райгæ, нал сæ æрсабыр кæндзынæ, цæй, нал дæ фæстиат кæнын, хæрзбон. Муссæ хъæлдзæг хуыз æмæ æрхæндæг зæрдæйæ йæхи сысхуыста бæхмæ, цъæх нымæтхуд фелвасгæйæ хæрзбон загьта адæмæн æмæ бæх фæцагайдта уынджы фалæрдæм. 9 Хазби цалынмæ здæхт, уæдмæ Азау æфснайд фæцис дзаумæтты фылдæр. Лæппу йæ цæст ахаста хæдзары къуы- мты, сины сæртыл хæцгæйæ алæууыд æнцад, стæй йæхи æруагъта тæрхæгыл æмæ каст йæ хойы фыдæбонмæ. - Уæлæмæ сыст, уæлæмæ, ацы дзаумæттæн цы ми кæ- нæм, - Азауы роцъо сризæгау кодта, зæрдæ суынгæг, фæлæ уæддæр йæхи урæдта æфсымæры цæстмæ. Хазби, дурдзавдау, нæ фезмæлыд, цахæмдæр хæрамдзи- нады мал ныббадти йæ цæстыты, æрымбырд цæсгоммæ æмæ рæхуыста зæрдæйы. Азауы уынгæг хъæлæс риуы фæ- сагъта. Хæдзары къултæ кастысты тар æрфыгæй. Чызг зилы къуымты. Йæ дыууæ быд даргъ сæры хъуынтæ йæ æгæр куы тыхсын кодтой, уæд сæ фыдæнæнгæнæгау атыхта къæбутыл сæрбæттæны бын. Хатт дæндæгты ’хсæн фæвæййы бинаг был, донæйдзаг сау цæстытыл фæлм абады æмæ уæд чызг, йæ астæу араст кæнгæйæ, раздарæны бын амбæхсы даргъ æлвæст цæсгом. Куы иу ранмæ бауайы, куы йæ мидбынаты æрзилы, мацы мæ ферох уайыл мæт кæнгæйæ, афтæмæй, цъилау зилæгау, нал зоны æнцой, йæхи дзаумæттæ хицæ- нæй тæрхæгыл, уæдæ сæ кæм бафснайдзæн, уый дæр разын- ди. Бабайы хъулон рифтæгтæ. Иу хефсураг ын сæ балæвар кодта зымæгон æфцæгыл мит мæрзыны рæстæджы. Хæла- рæй цардысты. Сæ къæбæр никуы ахицæн кодтой. Лæг-иу йæ хабæрттæ арæх дзырдта бинонты хсæн. Азау дзы бирæ бахъуыды кодта. Ацы рифтæгтæм кæсынæй цыма йæ Ба- байы рухс цæсгом уыны, уыйау аджих. Иæхи та æрым- бæрста. Иу хъуымацы тыхтон хъавыд райхалынмæ, фæлæ та йæхиуыл фæхæцыд, æрбадт хъæдын чырыныл. Кæдæй нырмæ лæууы æфснайдæй? Мады лæвар, æвæццæгæн, тых- тæй баззайдзæн. Хъавгæ йæ нывæрдта рифтаджы. Нырма йын ахæм хъуыдыты афон нæу, фæлæ сидзæр адæймаг та- гъддæр рæзы, уæддæр ма йæ Зæлинæйы хорзæх ис, æндæра 264
æхгæд зæрдæйæ баруаид, кæрæдзимæ ходыгъд æмæ чынд- зы цæстæй кæсынц, Зæлинæ дзы хисдæр у, фæлæ сæ ныхас кæрæдзийыл хорз бады. Азау ын бирæ уарзы йæ фæлмæн хъæлæсмæ хъусын, цахæмдæр рæвдыд вæййы йæ алы дзырды дæр, йæ цæс-тæнгасæй, хиуыл хæцгæ хъуыдытæй йын фæцагайы йæ ’вæлтæрд æнкъарæнтæ æмæ йæм уæд нал фефсæды хъусынæй. Хазби кæсы йæ хойы змæлдмæ æмæ йын цахæмдæр сау мылазон хъуыды февнæлдта йæ масты уидагмæ: «Цымæ кæмæн цы кодта ацы æнамонд боны гуырд, цы аххосджын фæци хъысмæты раз? Йе взонг зæрдæ æнæхай цæмæн у царды рæвдыдæй, æви йын рафæлдисæг амондæй мисхал кæй нæ авæрдта, уый дæр хуыцауы рæдыд у? Иуæн æнцад- æнцой цард, иннæмæн та маст æмæ фыдæбон». Азау бафæллад æмæ йæхи æруагъта тæрхæгыл, арф ныуулæфыд æмæ та цæсгом амбæхста раздарæны бын. Цæс- тытæ куы басур сты, уæд та Хазби дæр аивæй бакаст йæ хойы æлхынцъ æрфгуытæм, къæсхуыргомау сывæллоны æрыгон цæсгоммæ, тымбыл роцъомæ. Хæрзконд уæнгтыл ауыгъдæй лæууыд дæрдджын къаба. Хазби февнæлдта йæ къухы фыдтæм дæндагæй, хистæр æнгуылдзы рыст æрæджиау фæхатыд, йæ туг рахъардта, æфсæртæ нал бакастысты масты коммæ. «Æлгъыст фæуæд, зæххыл ацы хъулæттæ чи рымысыд, уыцы рафæлдисæг. Ныр та, дам, ныууадз дæ мæгуыр къона дæр æмæ цæугæ, кæдæм дæ дæ къах хæссы, уырдæм. А зæххыл дын нæй цæрыны бар, нæй дын хай æнæуæрст уæлдæф æмæ донæй. Ехх, Бесо, Бесо, иннæ ахæм Цорæ, адон иууылдæр уæ хъуыд- дæгтæ сты, æндæра æз дæр иу дыууæ «сырдимæ» уæддæр амардаин. Иу та дзы мæнæ мæ тæккæ фарсмæ цæры, - Хаз- би хъавыд фестынмæ, фæлæ та йыл æрхæцыд цавæрдæр тых. - Цæй, цы загъдæуа нæ амондæн, фæлæ кæд мах дæр бынтон нæ фесæфиккам. Ныр афтæ нал. Зæхх æмæ дон ни- чи æрхаста, никæй сты, уыдон адæмæн иумиаг хъуамæ уой, иуы дзы куыд хъæуы, иннæйы дæр афтæ. А лæппу уын уæ удтæй фæхъаздзæн. Кæд ма хуыцау ис, уæд ды рæхджы адджын къæбæр нал бахæрдзынæ бæргæ». Хазби сызнæт, фæлæ та йæ Бесойы фæдзæхст, Муссæйы ныхæстæ æрсабыр кодтой æмæ уæззаугай сыстад. - Азау, дæхи æгæр ма фæлмæцын кæн, æз уал Бесотæм бауайон, кæдцæра цы ми кæнынц, тагъд æрбаздæхдзынæн. Нæ хæссинæгтæ дæр мæлæты бирæ куы нæ сты, уыдон дзо- ныгьыл сæ бакалдзыстæм. 265
- Æгæр та-иу ма бафæстиат у, мæнæн дæр иунæгæй... - Азауы зæрдæ суынгæг. - Уæртæ уал Зæлинæмæ бадзур æмæ кæрæдзи аирхæф- сут. - Цу, цу, мах исты кæндзыстæм, - Азауы дзуаппы би- рæ уыд æфсымæры уарзондзинад æмæ хойы барджын уай- дзæф. 10 Аслан чысыл Аланы систа йæ уæрагмæ, афтæмæй бадт къонайы фарсмæ, йæ урсхæццæ æлхынцъ æрфгуытыл æрынцад уæлдзарм худ, къæсхуыр нуарджын цæсгомыл ба- ныхæст сусæг мæт æмæ ноджы бæрæгдæрæй разынд азты фæд. Рахиз къух æрзæбул уæрагыл, иннæмæй хæцыд лæп- пуйы астæуыл, афтæмæй нымдзаст цæхæрмæ. Авгæй арæз- тау цæстытæ нæ куымдтой ныкъулын. Фурды улæнау маст ракæлы зæрдæйыл æмæ та уæд тугдадзинтæ дæр адым- сынц. Цалдæр хатты раафтид сурдымæн æмæ ныр та ауыгъ- дæй баззад æнгуылдзты ’хсæн. Алан уисы кæрон бавæрдта цæхæры æмæ куыддæр ссу- дзы, афтæ йæ фелвасы цингæнгæ æмæ йæ ныззилы уæл- дæфы: «Дада, Дада, кæс, кæс», йæ хъæлæсы дзаг та ныххудт лæппу æмæ уисы бырынкъ ногæй фæтъыста арты. Аслан бадт дурдзавдау. Нæ йæм хъардта лæппуйы цин, нæ йæм хъуыст йæ худын. Йæ ныфсытыл, пъæззыйау, æр- бадт æрхæндæг. Царды уæз уромгæйæ чи сфæлтæрдта, уы- цы хъуыдытæн сæ бон нал уыд нæртон бæллицты рæхыс атонын. Æрмæст цавæрдæр уынаффæмæ æнхъæлмæ кæсæ- гау каст артдзæстмæ. Уый у адæймаджы царды райдиан. Уым æхсидынц чысылæй фæстæмæ уæзæг æмæ зæрдæйы æнкъарæнтæ бæттæг рæхыстæ. Уырдыгæй спæр-пæр кæ- нынц адæймаджы ныфс æмæ царды фæндтæ. Прометейы тых адæймаджы уæнгты цы хъару бауагъта, уый абузы къо- найы цæхæры бын æмæ йæм зæрдæ дæр фæлладæй йæхи уымæн фæласы. Алан та йæ уис фелвæста цæхæрæй. - Дада, Дада, кæс ма, кæс, - æмæ та ныххудт хъæлæсы дзаг, уæлдæфы йæ уис зил- гæйæ. , Ацы хатг Аслан æнæдзургæйæ лæппуйы балхъывта йæ риумæ, уæлдзарм худыл хæрдмæ фæхæцыд, рахис къухы 266
уæларм рауагъта æнцъылдтæ ныхыл æмæ арф ныуулæфыд, чысыл ма бахъæуа рахъарой йæ цæсты сыгтæ, фæлæ феф- сæрстой зæрдæйы рдæм æмæ та уæззау мæт абырста фæл- лад хъаруйы. Сæлимæт балæууыд уæларынг, сызмæста хыссæ, æвæц- цæгæн æхсæвæрæн, стæй фæндаггаг дæр, кæд араст уыдзы- сты, уый нæ зыдта, уæддæр, цыма йæ кæрдзын кæнын йедтæмæ ницы хъуыдис, уыйау. Хæдзары дзаумæттæй алчи лæууыд йæ бынаты. Къонайы арт-иу куы сцырын, уæд ын йæ зæрдæмæ ласта рухсы тын æмæ тындзыдта кæрдзынтæ цæхæры тагъддæр бавæрыныл. Сослан чысыл æмбаргæдæр уыд. Йæ мад æмæ Дадайы сагъæсгъуыз цæсгæмттæм кæсгæйæ-иу хатт дисы дæр ба- хауд: «Цымæ цæмæн тыхсынц, ахæм тызмæг куы никуы уы- дысты? Цымæ сæ цæуылнæ фæнды фæсхохмæ алидзын, фе- никкам уым бæстæ, адæм æмæ фæстæмæ æрыз-дæхиккам». Куыддæр дуары хъинц фæцыд, афтæ Аслан зæхмæ æрыргьæвта Аланы, йæхæдæг сыстад, гæзæмæ базмæлыды- сты йæ былтæ, йæ цæсгом фæирд æмæ Хазбийæн къухæй ацамыдта, кæм хъуамæ æрбадтаид, уырдæм. - Куыд сты уæ хабæрттæ? Цыма сымах ацы хъæуы цæр- джытæй не стут, уыйау æнæмæтæй куы бадут? Бинонтæй ничи ницы сдзырдта кæрæдзимæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, тынг зын касти алкæмæ дæр ацы фарстæн дзуапп радтын. Алан йæ уис цæхæрæй фелвæста æмæ йæ зынгæй бахаста Сосланы цæстмæ хъæрæй къæл-къæлгæнгæ. Ацы хатт ын нал фæрæстмæ. Уис фыццаг йе фсымæры къухты февзæрд, стæй батæлфыд цæхæры. Лæппу фергъуыйау æмæ дисгæгæ бакаст Дадамæ, Нанайы рдæм, фæлæ йын тæригъæдгæнæг куы нæ разынд, уæд бинаг был фæзылын, рахис къухы мус- тъучъи сæхгæдта цæст æмæ куыддæр йæ кæуын хъуыры уаддзагмæ схæццæ, афтæ зæххыл фæтъæпæн, æвæццæгæн æнхъæл уыд, æгæр æй куы скарз кæнон, уæд æнæмæнг фæ- зындзæн сæрыл хæцæг дæр. - Цæуыл схæйрæг стут, цæ, уæ быныл аззайон! - Сæлимæт ныллæг, фæлæ мæтæй дзаг хъæлæсæй æлгьитгæ фелвæста Аланы æмæ йæ тæрхæджы уæлæ нымæтыл баппæрста. Сослан мады тызмæг хуызæй фæтарст æмæ æр- ныгъуылд нæмынмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ. - Цæмæн сæ схойыс, уадз æмæ хъазой, - Хазби йæ мидбылты бахудт æмæ Аланы сæрыл йæ къух расæрфта. 267
- Ма ку, ма, дæуыйас лæг кæугæ нæ кæны, æз дын ныр- тæккæ ног уис ратдзынæн. Хазбийы рæвдыдæй лæппуйы зæрдæ бынтон дæр суынгæг æмæ кæуын ноджы фергом, аздæхт къулырдæм тæргай, фæлæ хорз хъуыста рæвдауæн ныхæстæ. - Уыцы адæмæй æппын ницы хабар хъусыс? - Аслан кæд ног дзырдмæ не нхъæлмæ каст, уæддæр ныхас кæй сфæрæзта, уымæй гæзæмæ фæзыхъыр зæрдæйы дуар. - Нырма ницы, - дзуапп радта Хазби, Аланы сæрыл ма цалдæр хатты рауагъта йæ къух æмæ йе ргом аздæхта Асла- ны ’рдæм, йæхи æрцæтгæ кодта ахсджиаг ныхасмæ. Фæлæ та ныссабыр алайæдзаг хæдзар æмæ уæззау хъуы- дытæн зæрдæ фæстæмæ ныццауæзта сæ фæндаг. Кæдмæ хъуамæ бадтаиккой мадзурайæ, кæд æмæ сын ныхасы сæр агурын нæ хъуыдис, уæд. Дзуапп дæттынц кæрæдзийæн, фæрсынц... Гуырысхо... Катай... Маст. Сослан йæхи сабыргай баласта Асланы рдæм æмæ куы уый цæстытæм ныккæсы, куы Хазбийы дзыхмæ, афтæмæй, цымыдисон аргъаумæ хъусæгау, йæ зæрдæмæ иста бирæ алыгъуызон хабæрттæ, кæд сын сæ нысаиуæг не мбæрста, уæддæр. Сæлимæты цæсгом нæ хъæцыд Хазбийы афæрсын, фæлæ рæстæгæй-рæстæгмæ фæуадзы хыссæ змæнтын æмæ армытьæпæнтæ кæрæдзийыл сæрфгæйæ æнæхъæн буар хъустæ фесты, уымæн уæлдай зындæр уыдис йæ мид-зæр- дæйы хъуырдухæн уромын. - Ахсæв кæд нæ, уæддæр та нæм райсом бæлвырд хабар хæссæг уыдзæн, дзырд дæр афтæ стæм. Иугæр мах куы аз- мæлæм, æрбаййафдзысты нæ, зæгъгæ, уымæй тас куы нæ уал уа, уæд уыдон дæр сæхи бахиздзысты ныхмæ лæууы- нæй. Науæд сæхиуыл сæ зæрдæ куы нæ уал дарой, уæд уыцы хъæд æмæ адгуыты æнахуыр лæг йæхæдæг дæр ныдзæгъæл- тæ уыдзæн. Ацы ныхасæй Аслан æмæ Сæлимæтæн гæзæмæ фенцон- дæр. Ацы хатт сæм Хазби фæкаст куырыхон лæджы хуызæн, йæ ныфс æмæ йæ зондæй хъæубæсты фарны къæбицмæ йæ бон хуын хæссын кæмæн у, ахæм æгъдауджын лæппу. Алан афынæй, йæ уадултыл ахъæбæр сты цæстысыгтæ, кæуындзаст цæсгомыл аныхæст хуыссæг æмæ йын уый рай- хæлдта йе рхæндæг, рахис армытъæпæн лæгау æвæрдæй баззад русы бын. Галиу къух сындæггай æрбырыд цæсты къуырфæй æмæ иннæйы рæмбыны къæдзыл хæцыд æххуы- сгæнæгау. 268
Мад æй сынтæгыл куы æрывæрдта, уæд йæ хæцъил дзабыртæй иу ахауд æмæ скъуыд цъындайæ разындысты æнгуылдзтæ. Тæбыны æлвыстæй Сосланимæ цы рон сыз- дыхтой, уый аскъуыд æмæ хæлафы комдæл феуæгъд. Мад лæппуйы гом фæсонтæм куы^ фæкомкоммæ, уæд ыл ны- мæты иу кæрон æрымбæрзта. Йæ русæн ын бæргæ апъа код- таид, фæлæ йæ цæсгом нæ бахъæцыд. Уый хыгъд та мæс- тæйдзаг зæрдæ фæци цæссыг калынмæ. Сылгоймаг куыд- дæр арынджы цурмæ бахæццæ, афтæ та сæ басур кодта кæл- мæрзæны кæронæй. Æмæ кæд кæрдзын цæхæры бавæрын æввонг рагæй уыд, уæд дæр ма лæууыд арынгмæ кæсгæйæ, цæмæй йын мачи фæфиппайдтаид йæ сагьæсхуыз цæсгом. Уæдмæ сыхæгты сылгоймæгтæй æрбацыд цалдæр. Сæ фæстæ ацæргæ нæлгоймæгтæ. Уыдис дзы, сæ ныййарджы- ты фæдыл чи куыдта, ахæм сабитæ дæр. Уалынмæ, сæ уы- наффæгæнæн хæдзармæ цæуæгау, хъæуы æмбис æрымбырд Аслантæм. Чи сæ йæ тыхст уавæрыл дзырдта, чи та-иу бап- пæрста æнæбары хъазæн ныхас дæр. Сылгоймæгтæ хицæнæй батыгуыр сты къонайæн арын- джы рдыгæй æмæ уырдыгæй хъуыст сæ сусу-бусу. Нæлгоймæгтæн сæ ныхас уыд, тæрхоны лæгтау, уæзбын, хиуыл хæцгæ, ничи сæ тагъд кодта хъуыддаг цæхгæр алыг кæныныл, уавæр кæй нæ зыдтой, уымæ гæсгæ. Иугæр Сосланы дæр хуыссæг йæ быны куы ’рныуæрста, уæд æй мад æрывæрдта Аланы фарсмæ æмæ сыл иумæ æрымбæрзта Асланы стыр кæрц. Фынæй кæнынц дыууæ фæрдыджы, дыууæ хуры тыны. Уыдонмæ нæ хауы мæнæ ацы адæмы мæт æмæ хъынцъым æмæ йæ æмбаргæ дæр нæ кæнынц, цы дын радтой, уый ба- хæр’, æмæ сæрибар дæ, арвæй зæххы астæу адæймаджы зонд йæхицæн цы бирæ фыдбылызтæ аразы, уыдоныл хъуыды кæнынæй. Дуджы тымыгъ сæм хъавы йæ дæрзæг къухтæй бавналынмæ, хъуамæ сын асура сæ хуыссæг, хъуамæ сæ æнæхай фæкæна царды рæвдыдæй. Цæмæн, цы аххосджын у саби? Алан æмæ Сослан фынæй кæнынц, адæм та сæ тæрхоны ныхасмæ бахæццæ сты. - Зæххардыстæн, Аслан, мах ацы уæзгуытæ æцæгæлон адæмæн хæлæттаг кæнын нæ бауадздзыстæм. - Цафон ма сæ нæ бауадздзынæ, дæлæ куы рбацæуынц, уæд. - Уыдон куыд æрбацæуынц, афтæ фæстæмæ дæр дзæ- бæх аздæхдзысты. 269
- Дæ бонæй у, цы кæнинаг сты, уый куы ракæной, уæд ма фæнды здæхæт, фæнды ма. - Цæй, цы уа, уый уыдзæни, æрмæст нæ адæм æнæфыд- былыз баззайæт. Фæстагмæ сылгоймæгтæ дæр хайад исын райдыдтой ны- хасы. Кæд-иу фæсæфцæгмæ ацæуыны тыххæй исчи къуы- лымпыйыл схæцыд, уæд-иу ын Хазби фæлыг кодта йæ хъуыды. Уыцы ныфсджын фæндтæ нæма бакодтой Асланы зæр- дæйы дуар. Уый бады æнæдзургæйæ, хатт цæстæнгасæй афæрсы дзурæджы, фæлæ нæ тагъд кæны йæхи хъуыды зæ- гъыныл, йæ мид-зæрдæйы сагъæстæ-иу кæд фезнæт сты, уæд-иу базмæлыд йæхи мидæг, кæд сæ фæллад уадзыныл уыдысты, уæд зæронд лæджы дæр нæ хъуыди катайы сæр. Аслан цы къæсы райгуырд æмæ схъомыл, уый дæр раст ацы ран лæууыд, фæлæ ныр йæ фæд дæр нал зыны. Иугæр йæ лæппуйы кары куы бацыд, уæд фыд фæныфсджын, фæфæрæзджындæр æмæ æрымысыд стырдæр хæдзар сара- зын мæнæ ацы бынаты. Амондджын, дам, сты, фæлæ цæ- мæй, уый Аслан нæ зыдта. Æвæццæгæн, иугæр хæдзарыл æнафоны фыдбылыз нæ сагъуыд, бинонтæ æнæниз, сæрæ- гас сты, уæд уый амонды хæрзиуæг у æнæмæнг дæр, уæдæ цы? Асланы фыд дæр уымæ гæсгæ ног хæдзары бынатæн равзæрста йæ фыццаг бындур æмæ йын кæд иунæг лæппу- йы йедтæмæ ницы уыди, уæддæр чъилдысæй бавнæлдта ку- сынмæ. Хъуыддаг афтæ рауад, æмæ иу заманы Аслантæм æрфы- сым кодтой фæндаггон уазджытæ. Уыди тынг къæвда æх- сæв æмæ уынджы куыд сæх-сæх кодта, хæдзары дæр афтæ. Сыджытдзар нал урæдта къæвдайы дон æмæ сау-сауидæй тагъд хæдзармæ, йемæ ласта ала, сæг. Фысым уый бæрц тыхст уыд æмæ дыккаг бон халын райдыдта уæлхæдзар, кæд цæмæй арæзта, уыцы æрмæг йæ фарсмæ нæ уыд, кусæг тыхыл зæрдæ нæ дардта, уæддæр. Уæдæй фæстæмæ райдыдтой Асланы фыдæбæттæ. Ацы бæстыхайы къулты цы хъæд æмæ цы дур ис, уыдонæй йæ къухты хъарм кæуыл нæ баззад, йе ’ртты хсæн дзы цалдæр хатты чи нæ рзылд, ахæм нæй. Гал кургæ, дур кургæ, хъæ- дæрмæг кургæ, афтæмæй иу æмæ дыууæ фыдбылызæй мыййаг нæ аирвæзт. Ныр уыцы нывтæ йæхицæй бæргæ су- ры, фæлæ цæуынц хъуыдытимæ сæрмæ, цæстыты размæ. Уæлæ уыцы аххæрæг комæй Иласы галтыл ласта. Тынг зы- 270
наргь ын слæууыд: фондз боны хуымы куыст æмæ дæс боны хосгæрст. Æниу йæхæдæг галимæ куы бабын уыдаид, уæд та? Йе намондæн ын ацы хатт æмбал дæр нæ фæцис, йæхæ- дæг иунæгæй аскъæрдта хъæд ласынмæ. Дæргъæй-дæргъмæ хъæд кæм арæхст фæзилæнты, фæхæрдгæнæны дзæвгар куы суад, къæдзæхы сæр зилæнмæ куы бахæццæ, уæд хъæд фесхуыста галты, уæллаг галы цæгат бос феуæгъд æмæ уæл- лаг гал æд æфсондз хъæдимæ фæдæлвæндаг. Хъæд фæфи- дар, фæлæ гал атахт къæдзæхы сæрæй донмæ. Аслан тынг фæтарст, ныффæлурс, иу дзæвгар ма бæргæ ныууад галы фæстæ, фæлæ йын цы йæ бон уыд. Лæппу къутæры фарсмæ адæлгом, цæсгом амбæрзта къухтæй æмæ йын æгомыг фосы тæригъæд фæкалын кодта йæ цæссыг. Уым æнæсæрфатæй фæбадти бирæ, йæ ныфс нæ дæр коммæ цæуын хаста, нæ дæр хъæумæ. Иугæр æрæгмæ куы зынд, уæд йæ фыд ацыд йæ размæ. Комы аргæвстой гал. Уырдыгæй дзидза бæргæ рбаластой дзоныгъыл, фæлæ сæм Иластæй ничи ракаст. Сæхæдæг, дам, æмбаргæ сты æмæ аргъ кæнæт ахæм кусæг фосæн. Фæлтау, дам, иннæ фосæй куы нæ уаид ме скъæты, уыцы га- лы бæсты. Аххæрæг лæууы астæуæй къонайы сæрмæ. Сау-сауид да- ры сæгæй. Аслан æм рагæй кæсы æмæ йын цавæрдæр æхцон æнкъарæн ахъыдзы кæны йæ зæрдæ, цахæмдæр катай йын февналы йæ буармæ. Къонайы сæрмæ хæцы Сафайы рæхы- сыл, хæдзары астæумагъзау нæ уадзы бинонтыл сæ цар æркæлын. Иугæр хæдзары фыдæбон æмæ æггæ искæйы куысты йæ фыды тых куы байсыст, уæд хæххон уавæрты мадæн дæр уайтагьд бампылдысты йæ уæздан, тæнтъихæг уæнгтæ æмæ бирæ нал ахаста йе мкъайы фæстæ. Хæдзар æнæхъæнæй æрынцад Асланы уæхсчытыл æрдæг арæзтæй. Алы дур, алы хъæд ын иста къæртт йæ тыхæй, йе ’взонг хъаруйæ. Æфхæрд уæнгтæн бон нæ уыд æрынцой фыргуыстæй, æхсæв нæ зыд- той æрулæфт. Хæдзары змæлдæй дарддæр фæзæрдæцъæх æппынæдзух: «О, рауай-ма, Аслан». «О, куыстытæ баззады- сты». «Ой, фæкæс та нæм». Æниу Иласы нæ хъуыд лæгъстæ кæнын. Зæххæй, угæрдæнæй - иууылдæр йæ къухы уыды- сты æмæ сæ хъæубæсты кусæгдæр адæмæн лæвæрдта хац- цон. Цард зæххæй у æмæ дзы Асланы бар иу дæсæтиныл дæр нæ цыд. Афтæмæй кæд æмæ кæд слæууыд йæ къахыл. Уæддæр ма Бесо рахъомыл, æфтын райдыдта быдырмæ, 271
куыста æмæ цы муртæ бамбырд кодта, уыдонæй зæххы гæп- пæл æмæ иу угæрдæны хицау баисты. Илас ма бæргæ хъа- выд Бесо æмæ Хазбийы дæр йæ къухтæм æрбайсынмæ, фæ- лæ иугæр адæм знæт кæнын куы байдыдтой, уæд сæм æдæр- сгæ нал уæндыд, æппынæдзух сын каст сæхи уагахастмæ. Ныр та Илас æнцад-æнцойæ бады йæ хæдзары. Цавæр- дæр стыр тых ын абонæй-сомæй хъуамæ фæзына æххуыс- мæ. Йæ хинæйдзаг фæндтыл дары йæ зæрдæ. Аслан та бады æрхæндæгæй. Нæ йæм хъуысы хъæубæсты ныхас, не ууæнды сæ фæндтыл, цавæрдæр æгады хос ын маргау уадзынц йæ зæрдæмæ, хъаймæты лæсæнау рацæй цæуы æнамонд æмæ фесхъиуы йæ къонайы цæхæрæн ахуыссынæй тæрсгæйæ. Уæртæ лæу^ы йæхи арæзт къæлæт- джын зырнæй зылд æртæ къахыл. Иæ рæсугьд нывæфтыд- тытæ йæм зынынц саудалынгæй, цыма йыл бадынмæ йæ ныфс нал бахаста, уыйау æм кæсы дардæй. Ныр æй ацы уæ- зæгæй куыд сиса æмæ йæ куыд фæхæсса æцæгæлон бынæт- тæм, кæнæ йæ куыд ныууадза. Ау, цы фæцис фыдæлты фарн, лæджы ном, лæджы кад. Афтид къæлæтджын йе ’рттæ бæргæ байтыгъта куырыхон лæгмæ, зондджын уы- наффæгæнæгмæ æнхъæлмæгæсæгау, бæргæ лæууыд фидар йе ртæ къахыл, фæлæ йæм ацы хатт Аслан йæ ныфс нал ба- хаста, тынг зын æм фæкаст уынаффæгæнæджы къæлæт- джыныл барджынæй æрбадын, йæхимæ хъæубæсты æры- хъусын кæнын. Аслан уæззаугай рахæцыд йæ фæллад уæнгтыл æнæ- дзургæйæ, адæм æм ныккастысты. Уый бацыд Сосланы æмæ Аланы цурмæ, æрбадт сæ дæлфæдтæм, кæрц сыл дзæ- бæхдæр æрымбæрзта æмæ сын каст се дыхст цæсгæмттæм. Лæг йæ былтæ авæрдта Сосланы русыл, Аланы ныхыл æмæ, умæл цæстытæ æмбæхсæгау, азылд хæдзары талынг къуым- мæ. Зæгъгæ, адæмæй нæ фефсæрмы, уæд арсау богътæ- гæнгæ зилид къуымты, фæлæ йæхиуыл фæхæцыд, баздæхт фæстæмæ йæ бынатмæ æмæ дзой-дзойгæнгæ йæхи æруагъ- та тæрхæгыл. - Чындз, цæтгæ дæм ницы ма ис, кæдмæ æнхъæлмæ кæсдзыстæм? Адæм базмæлыдысты, чидæртæ сыстад æмæ ныллæу- уыдысты цæуыныл, фæлæ сæ фæсаста Асланы уайдзæф, Сæлимæты сомы. Уайтагъд фынгыл февзæрд цыхт æмæ кæрдзын, дурыныдзаг арахъ. Сылгоймæгтæн та Сæлимæт сæ астæу авæрдта æртыкъахыг фынг æмæ батыгуыр сты йæ алыварс. 272
« -Хуыцау, дæуæн кувæг адæм стæм æмæ нæ бахиз фыд- былызæй, кæд ма нæм исты фарн кæсы, уæд нын æххуыс- гæнæг уæд. - Аслан кувæг уыд, фæлæ ацы хатт йæ бон бирæ дзурын нæ баци. Æмбис бадтыл æркуырдта йæ хъисфæндыр æмæ йын мадзурайæ бараст кодта йæ тæнтæ, стæй джихæй ныккаст къонайы цæхæрмæ æмæ фæндыры хъистыл асæрфта æр- дын. Цы ми кæны, цы аразы, уый ничи хатыд, афтæмæй æнæнхъæлæджы райдыдта йæ таурæгъ. 11 «Раджы кæддæр дæлæ быдыры кæрон æрбынат кодта алайнæгты хъæу. Цардысты, уæдæ цы уыдаид, хуры ныфс æмæ зæххы фарнæй. Уыцы бон дæр та нæ ахуыссыд сæ зынг æмæ райсомы сæуæхсидмæ иу хæдзарæй скалди фæздæг зыр-зыргæнгæ, стæй ныфсджынæй райдыдта здыхсын. Уалынмæ йын æмбæлттæ дæр фæзынд, уæдæ цы уыдаид. Кæрæдзимæ, цины фидиуджытау, ленк кодтой уæлдæфы. Уæдмæ базмæлыд хъæу. Цатырты рудзгуытæй зындысты царды цæстытау. Къæсæрыл дыууæрдæм згъордтой алайнаг сабитæ. Хуры тынтимæ бамбырд сты хъæуы астæу æмæ сын уым бацайдагъ фат æмæ æрдынæй хъазт. Лæппутæ милмæ ’хстой, чызджытæ фæттæ хастой. Уæдмæ фæдис хъæр айхъуыст æгас хъæубæстыл. Арвыл сау мигътæ сæхи ныллæг æруагътой æмæ æнамонд цатыр- тыл æркалд сæ цæссыг. Ныррызти зæхх фыдгулы бæхджын æфсады къæхты бын, рацыд уаддымгæ æмæ æдбындзæфхæдтæ рæдывта æнусыккон бæлæсты, талатæ тасыдысты зæхмæ. Гадзраха- тæй цæуæг сын уыди фæндаг амонæг. Алайнаг фæдисон дæр та йе фсургъыл саргъ бæргæ бавæрдта, фæлæ иуæн дыууæ æфсад, тыгъд быдыры бацайдагъ удуæлдай тох. Иу бон, дыккаг, æртыккаг бон сызмæлыдысты хъæуы цæрджы- тæ сабийы онг æмæ æдас бынат агурæг ныууагътой сæ ца- тыртæ. Знаг сæ бæргæ сырдта, фæлæ удуæлдай хæстон æр- лæууыд сæ разы. Уымæн дæр бафæллад йæ цонг^ афтæмæй фæстæмæ цæугæйæ бахæццæ комы хъæлæсмæ. Иæ бæх йæ быны фæмард, æххуысыл нал уыд зæрдæ дарæн. Æрбахæц- цæ фыдбылыз. Уæлдæфы ныззилы цирхъ, йæтæндзæхтæ цæгъдгæ сырдау йæ ных сарæзта размæ, цæмæй сахъ хæсто- 18* 273
ны тугæй суадза йæ дойны. Ллайнаг фидар æрбалвæста кар- ды фистон, балæууыд стыр дуры фарсмæ, хъуамæ нырриуы- гъа цонгдыхæй раззаг сурæджы. Барæг уайтагъд æрзæбул бæхы фарсыл. Иннæйы дæр баййæфта йæ адзал. Уалынмæ йыл иннæтæ райдыдтой тыхсын бал бирæ- гътау: «Удыгасæй, удыгасæй». Хъуыст сæ цинæйдзаг хъæр. Алайнаджы цæстытæ ахгæдтой, Уастырджимæ æххуысмæ сидæгау. дыууæ цонджы куыддæр сæхиуыл схæцыдысты, афтæ мигъы къуымбил æрхауд йæ сæрыл, ныннæрыд арв, стæй сыстад цæхæр хæццæ фæздæг æмæ арвæй гæбаз дæр нал зынд. Уæдмæ мигъ сыстад уæлдæфы, фæздæг батад æмæ разынд стыр хох, йæ фарсыл айнæг къæдзæх, йæ разы хуыссыдысты фыдгулы хæстонтæ. Алайнаг хæстон фестад айнæг къæдзæх. Фыдгулæн та уым аскъуыд йæ фæндаг. Нæ ахуыссыд алайнаджы байзæдтагæн йæ зынг. Æнусон хæхтæ се стыр фарнæй нæртон адæмæн радтой цæрæн бы- нат. Къæдзæхы сæрмæ, æнусон цыртау, фæзынди хохдурæй амад мæсыг æмæ дзы скалди царды фæздæг. Уæдæй фæс- тæмæ мах нæ ныфсыты, нæ фæдисонты хонæм лæугæ хæх- тæ æмæ цæугæ мæсгуытæ. Уæдæй фæстæмæ нын дунейы фарн, æвæццæгæн, радта лæджы бынат зæххыл æмæ дзы фæрнæй кæм цæрат, ахæм амондæй хайджын ут. Уыдон æр- цыдмæ хызт ут сон æмæ рынæй, хайджын ут фыдæлты æх- сар æмæ лæгдзинадæй». Аслан ма фæндыры тæнтыл цалдæр хатты асæрфта йе рдын, стæй йæ рахиз къух сабыргай æрзæбул æмæ тызмæг цæстытæй ныккасти зæхмæ. Ныссабыр алайæдзаг хæдзар, ныссабыр сты адæм, æрмæст ма къонайы фæздæг рæхысыл здыхсгæ цыд ердойы рдæм, фæнычы бынæй ма-иу гæзæмæ ферттывтой иуæй-иу зынджытæ. Сосланы цыма тæссаг фын бахъыгдардта, уыйау базмæ- лыд æмæ йæ къухæй иуырдæм азылдта кæрц. Сылгоймæг- тæй иу фестад æмæ лæппуйы фæстæмæ æрымбæрзта. -Хазби, фен ма дæ дурын, фæйнæ сыкъайы дын дзы нал уыдзæн? - Аслан фæндыр рывæрдта тæрхæгыл æмæ адæмы цæстмæ фæхъæлдзæг. Иннæтæн дæр цыма сæ ныфсыты баст феуæгъд, уыйау кæрæдзимæ бакастысты, таурæгъ сæм фæкаст æцæг хабары хуызæн æмæ цавæрдæр стыр æххуыс- гæнæг тыхыл зæрдæ даргæйæ, бахъæлдзæг сты. Хазби сыкъайы æркодта арахъ æмæ йæ авæрдта Ас- ланмæ. -Уæдæ нæ бæркад æмæ Уастырджийы хорзæх уæд. . 274
Æххуыс кæнæд нæ бынæттонæн дæр æмæ нæ фæндаггонæн дæр. Тыбаууацилла, фыдбылызæй нæ бахиз. - Цыдæр зæгъынмæ ма хъавыд Аслан, фæлæ йæхиуыл -фæхæцыд, аджих æмæ йæ анызта. Адæмæй иу фестад, иннæтæ дæр базмæлыдысты фысы- мæн арфæтæгæнгæ, Хазби аззад фæстийæ. - Æз та уæм райсом æрбауайдзынæн, фæлæ дæхæдæг зоныс, Аслан, рæстæг нын бирæ нал баззад, цы уыдзæн, уый махæй ничи ма зоны. Барæвдз-иу кæн дæ дзоныгъ. - Хорз, дæ рынтæ бахæрон, хорз, уыдæттæ мын исты амонын хъæуы, уæдæ кæм базæронд дæн. Ацыд Хазби дæр. Кæртæй фæстæмæ æрбаздæхт Аслан. Хæдзары бæстастæумæ куыдцæр æрбахæццæ, афтæ сæргуы- бырæй алæууыд æнцад. Сæлимæты бæргæ фæндыд, хъæу- бæстæ, æхсæвбадаёнау, се хсæв уым куы арвыстаиккой, фæ- лæ кæм. Йе уæнгты йын цыма хæдзары къултæ æрбалвæс- той, зæрдæйы цыма саудалынг ныккæнды дуæрттæ ахгæд- той, уыйау бадт къонайы фарсмæ ныллæг бандоныл æрттæ- дæлармæй. 12 Арт æрнымæг. Уазал уæлдæф зылд хæдзары къуымты. Сæлимæт сыстад, хъæдын цырæгъты фарсмæ æндæр æрывæрдта æмæ æрбадт йæ сывæллæтты дæлфæдтæм. Сы- хъал кæнын сæ кæм уарзы ныййарæджы цæст æмæ ма сыл æрымбæрзта Бесойы дæрдджын цухъхъа дæр. Йæхи уæрст тынæй хуыд у. Балцы йæ нал хæссы, кæд ма йæ кусынмæ акæны йæ уæлæ, уый йедтæмæ дзы ныхасмæ дæр нал ра- хызт. Сылгоймагмæ афтæ каст, цыма сабиты уыцы цухъхъа бахъахъхъæндзæн цыфæнды фыдбылызæй дæр æмæ йыл йæ къухтæ авæргæйæ каст сабиты цæсгæмттæм. Зæгъгæ, адæймаджы хъысмæт быд у ныййарæджы зæрдæйы тæг- тæй, уæд ыл цы фæнды фыдцуг дæр нæ рауадзид йæ дæрзæг арм. Мады хъыджы цæссыг дур дæр нæ уромы, уæлдай дæр хъæбулы уарзтимæ куы тула уадултыл, уæд. Йæ алы æрта- хæй дæр равзæры масты денджыз, зæххæн зын уромæн вæййы ахæм маст æмæ йæ аскъуыйынмæ бирæ нал фæхъæ- уы. Ахæм цæстысыгтæ згъорынц Сæлимæты уадултыл дæр. Сылгоймаг хатг бинаг был ацахсы дæндæгтæй, йæ хæ- къуырцц уромæгау, æмæ та, йæ мид-зæрдæйы хъарæгау ны- 275
хас кæнгæйæ, æрцæй гуыбыр кæны сабитæм. «Иухатт ма уыл уæддæр куы бацин кæнид, иу хатт ма уæ уæддæр куы сисид йæ домбай къухтæй йæ хъæбысмæ, иу хатт ма йæ дæллаг фарс, йæ уæрджытыл уæддæр куы абадиккат мæнæ ацы къонайы фарсмæ». Алан йæ мид фынæйы базмæлыд, хъуамæ æрзылдаид йе ннæ фарсыл, фæлæ йыл уæдмæ рахæцыд Сæлимæты цонг. «Рауай, ма, мæ хъæбул, рауай, суазал уыдзынæ, уæртæ дæхи хуыссæны æрхуысс». Лæппу тыххæй æрдæггом бакодта йæ цæстытæ, фæлæ та йын фæстæмæ андæгъдысты. Сæлимæт æй æрывæрдта сынтæгыл, йæ дзаумæттæ йын раласта æмæ лæппу куыддæр хъæццулы бын фæци, афтæ æвиппайд афы- нæй. Сослан тынг схид, йæ буар æнæхъæнæй дæр дон фестад. «Мæ фæрстæ дын фехæлой, кæд дæ мыййаг уазал бацыд, - лæппуйы йæ риумæ балхъивгæйæ дзырдта мад, - ай бон изæрмæ цы ныффæразынц сæ рæзинаг уæнгтæ змæлынæй. Мæ бындурыл, - сывæллоны къæхтæ асгаргæйæ фæтарст сылгоймаг, - бынтон дын куы ныууазал сты, цард дын фес- та дæ ныййарæг». Сослан йæхимидæг базмæлыд, цæстæй нæ ракаст, фæлæ уыд скæуын æввонг. Уæдмæ уый дæр тарф фынæй аци йе фсымæры фарсмæ. Сæлимæт дæр сабиты цур а ныр йæхи æруадза, афтæ райхъуыст куыдзы рæйын. Уæдмæ йын бамбал æндæртæ, нал æмæ нал æнцадысты, бæрæг уыд цыдæр сæ кæй хъыг дары, æнахуыр цæуæг хъæумæ æввахс кæй фæзынд. Сыл- гоймаг фæтыхст. Асланмæ бадзурыны ныфс дæр æм нæ уыд, фæлæ уæдмæ йæхæдæг рацыд иннæ хатæнæй йæ цухъ- хъайы йæ къухтæ тъысгæ. «Цы хабар у цы, чындз, уыцы цуанонтæ зæххыл куы нæ уал хæцынц. Ацафон уæдæ сырд дæр афтæ æввахс цæуаг куы нæу». Сæлимæтмæ цыдæр дзуринæгтæ уыд, фæлæ сæ Аслан æнæзæгъгæйæ дæр фæхатыд. Йæ уæхсчытыл кæрц æрбап- паргæйæ райста хъæдын цырагъы чысыл фастаг æмæ уый рухсмæ ахызт къæсæрæй. Цуанонты рæйынмæ райхъал хъæу, рухс кæмæй нал калд, уыдон дæр ссыгътой сæ цырæгътæ æмæ чи уынгмæ цыд, чи ру^дзынгæй каст, хабар тагъддæр базонынмæ цымыдис кæн- гæйæ. Сæлимæт хæстæг балæууыд рудзынгмæ æмæ æрттæ 276
дæлармæй лæууыд æдзынæг. Уæдмæ чысыл фæсабыр цуа- нонты рæйын æмæ куыддæр адæмы ныхас йæ хъустыл ауад, афтæ тарст зæрдæ ноджы сызнæт, сылгоймаджы армытъæ- пæнтæ сæхи ныццавтой рустыл, ныхъхъæр кæнынмæ хъа- выд, фæлæ уыцы фæдис хæстæй баззад цæсгомыл. Тынг фæтарстысты Бесойæн. «Кæд мыййаг фыдохы хъæргæнæг у? Уæд мæ бындур нæ ныззылди, мæ цар мыл не ркалди». Цы чындæуа? Цыми бакæна? Рауай-бауай кæны тыхстæй хæдзары къуымты. Бауад сабитæм. Цыма сæм фыдбылыз æрбацæйхъуызыд, уыйау сæ асгары уырзæй. Æрныуæрста сæ арфдæр, стæй дуары цурмæ куыд ахæццæ, уый йæхæдæг дæр нæ фæхатыд, рахиз къухы змæлдæй гæзæмæ фæзыхъ- хъыр дуар. Сылгоймаг фæтарст саудалынгæй æмæ фездæхт. Андзыг йæ мидбынаты. Уæнгтæ ризынц. Бауад та руд- зынджы цурмæ. Уырдæм хъуыст адæмы дзолгъо-молгъо. Асланмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ йыл рæстæг ныддаргъ. Нал æмæ нал æггуырст размæ. Кæртæй æрбайхъуыст къæхты хъæр. Сæлимæт йæ цæсгомыл æруагъта йæ армы тъæпæн- тæ, бацыд сабиты рдæм. Аслан разæй, дыууæ æнæзонгæ нæлгоймаджы йæ фæстæ, семæ Хазби. Бæлццæтгæ райстой Сæлимæты къух. Аслан сын бацамыдта къонайы фарсмæ бандæттæм. Сæлимæт, фæнык азмæнтгæйæ, цалдæр суджы лыггаджы æрывæрдта гæзæмæ æрттиваг зынджытыл, стæй та æрбадт сывæллæтты дæлфæдтæм. - Марадз ма, чындз, нæ уазджытæн къæбæр фен, æх- хормаг уыдзысты. Æртæкъахыг фынгыл цыхт, кæрдзын, ду- рыны арахъ æрывæргæйæ, сылгоймаг алæууыд фæстæмæ, банцой кодта арынгыл æмæ æнхъæлмæ каст, ныхас кæд райдайдзæн, уымæ. Уæддæр цы домæг сты, цы ракодтой мæгуыр адæм, цæуыл сæ гæныстон кæнынц? Ничи ницы дзуры, æви чи кæй æфхæры æмæ цæй тыххæй, уый бæрæг нал ис? - Аслан уынджы дæр фарста бæлццæтты хабæрт- тæй, фæлæ ныр та хъавыд æппæт дæр лыстæггай базо- нынмæ. - Гварди, гварди, сæ бонæй уой, мсньшевиктæ. Хъуамæ, дам, змæлæг мауал уа ацы зæххыл. Мах нæхи цæстæй ни- цыуал федтам, фæлæ, дам, кæмдæр нæ уæзгуытæ æртхутæг фестадысты. - Иудзырдæй, сырдтæ, хъæддаг сырдтæ, - Аслан æввахс- дæр æрбабадт ныхасгæнæгмæ. - Сырдтæй дæр фыддæр. Махæн дæр ахæм зондамонæг 277
фæцис æмæ цæуæм фæсхохмæ, ныртæккæ, дам, ныхмæ лæу- уын пайда нæу, æндæра нæм фæйнæ нæмыджы куыннæ ра- зындаид. - Кæд афтæ у, уæд дзы, æвæццæгæн, цæуынæй хуыздæр ницы хос ис, адæмы дæр æнæсæрфатæй фыдбылызы раз ныууадз, уый кæцæй раст у, - Аслан йæ лулæйы тамако æр- надта, афтæмæй бакаст ныхасгæнæгмæ. - Мах дæр иннæ- бон нæхи рæвдз кæнæм бæргæ, кæд нын бантыса, уæд. - Цыппар тæрхоны лæгмæ цы нæ ныхас æрхауд уыцы æхсæв суанг фыццаг кæркуасæнмæ. Сæ иу дæр уавæртæн бæстон ницы зыдта, афтæмæй цыдæриддæр дам-думæй сæ хъустыл æрцыд, уыдон, æцæг хабæрттау, дзырдтой. Дзæуджыхъæуы, дам, цæуы карз тохтæ. Стыр уырысы зæххыл, дам, ныр- ттывта амондырухс æмæ йæ тынтæ сныдзæвдысты Кавказы урссæр хæхтыл, сæрибары дуджы улæн анхъæвзта Цæгат Кавказы быдыртыл æмæ дзыллæты фарнæи æнкъуысынц паддзахы фидæрттæ. Æрхауди сæм революцийы кой, ныхас Лениныл. Уыдон, зæхкусæгæн зæхх кæй ратдзысты, уый дæр æрыхъуыстой, фæлæ знаджы ныхмæ тох кæй нæма фæ- цис, уый дæр сын нæ уыд æнæзонгæ. Уыцы карз знæгтæй иу меныневикты гварди кæй у, уый зыдтой фæндаггæттæ, стæй Хазби дæр æмæ сæхицæн æвæрдтой ныфсытæ, рæх- джы сæ фæстæмæ лидзæг кæй фæкæндзысты, уый тыххæй. Уæдмæ ныууасыд уасæг. Дыууæ бæлццоны хæрзæхсæв загътой фысымæн æмæ ацыдысты. Хазби сæ ахизын кодта хъæугæронæй. Аслан бадгæйæ баззад суанг бонмæ, нæ ахуыссыд йæ лулæйы зынг. Сæлимæт æд дзаумæттæ бакъул сабиты дæл- фæдтæм, фæлæ цæстытыл хуыссæг нал ахæцыд. 13 Æрвгæрæтты фæзындис боны рухс. Хъæу цадæггай базмæлыд. Ног хабæрттæ фехъусын æнхъæл адæм уайынц кæрæдзимæ. Дысоны цæуджыты чи нæ федта, уыдон цы- мыдисæн æппын нал уыдис кæрон. Уæдмæ ныхас фæхæццæ алкæмæ дæр. Дыууæ адæймаджы, зæгъгæ, иуран алæууы- дысты, уæд-иу сыл уайтагьд амбырд æнæхъæн къорд. Аслан рахызт кæртмæ. Лулæ дымы æнæрынцойæ. Скаст арвмæ. Лæууы кæрты бæстастæу. Æппын дæр ничердæм та- сы йæ зæрдæ, йæ къухтæ хуыскъау нæ комынц змæлын, ис- 278
тæмæ февналой, уый хъару сæм нал ис. Лидзын сæ кæй хъæуы, уый йын дысон нал уыд гуырысхойаг, фæлæ та ныр бонрухсмæ фæтасыд йæ хъуыды æмæ лæууы кæрты бæста- стæу, цæджындзау, æнæзмæлгæйæ. «Цы ми бакæна», уыцы тыхст уавæры цагъарæй йæ бон нæ уыд фервæзын. Цыма йын уæзæджы фарн йе уæнгтæ рæхысæй бабаста, уыйау лæууыд æдзынæгæй лулæйы фæздæг калгæ. Зæронд лæг æрæджиау бацыд мæнгагъуыстмæ, кæсы фæлахс дзоныгъмæ. Аздæхт æнкъардæй æмæ чысыл фæс- тæдæр рахаста кусæнгæрзтæ. Дзоныгъы хъуыд цалцæг кæ- нын. Æрбадт йæ уæлæ æмæ та лулæ байдзаг кодта лыстæг карст къæцæлджын тамакойæ. йæ бынатæй растад Силæм дæр, йæ ком айвазгæйæ, йæ астæу дæр фæкъæлæт, стæй сындæггай бацыд Асланы цурмæ æмæ йæм скаст фыццаг иу цæстæй, стæй иннæмæй цавæрдæр рæвдауæн дзырд æн- хъæл. Хуры цæст нæма фæзынд арвы риуыл, афтæ, хæрдгæ ’ндæхтæ æлвисæгау, йæ фæлмæн тынтæ хохы фæскъæбутæй нывæндгæ цыдысты хуссарварс угæрдæнтæ æмæ сæрвæт- тæм. Æхсæрдзæны сæрмæ цы мигъ сыстад, уый æртахгай бырыд айнæджы фахсыл. Саппытыл æрзæбул фароны цъæнут æмæ йæ хус хæлттыл бырыдысты æрттивгæ æртæх- тæ. Се ’хсæн æмгуыдынæй ссæуы кæрдæг. Карст угæрдæнты уисы фæдтыл нырма хæцыди адæймаджы цæст. Дидинæ- джы хъулон сыф гæзæмæ разынд йæ зымæгон тыхтонæй æмæ нуазы сæууон æртæх, узæлы йыл хуры фæлмæн тын. Хъæды ’рдыгæй æхсæвиуатгæнæг мæргътæ ивылдысты хус- сармæ. Хъугомы хуымтыл дæр цæст фæхæцыд. Хоры æвзар- тæ сыджыты къуыбырты ’хсæнæй сæхи ивазынц хæрдмæ. Нырма сыл тых у гæзæмæ уддзæф дæр, фæлæ та цадæггай схæцынц сæхиуыл. Ныр сын бæргæ ницы уал тас у, билцъы уидаг фæцис сойы хъæстæ, фæхæст царды кæроныл, хъæуы ма йæ æрмæст, мæнæ ныртæккæ йæ уæлæ чи батад, уыцы æртæхæй фаг æмæ йыл æрвыл райсом йæхи рæвдаугæ чи асæрфы, уыцы хуры тын, уый йедтæмæ цæудзæн хæрдмæ - æхсæвæй-бонæй. Ацы тауинаг зæхмæ цы къухтæй ахауд, уыдон ныр та хæцынц дуджы хъæдгæмттыл æмæ æвæндонæй баисты ка- тайаг хъуыдыты уацар. Мыййаг хоры æвзартыл дæр куы сæмбæла æнæнхъæлæджы уазал тымыгь, уæд нæ ахуыс- дзæн сæ уалдзыгон хур, нæ сыл æруардзæн фыдбылызы къæвда? Фæлæ нæ! Уæдæ ма цы кусынц хæхбæсты фарн, хо- 279
ры бардуаг, сыджыты ард. Цæйнæфæлтау царды уидаг фæхъыгдард уа, фæлтау бахус уæд искæй сындзтонæн арм. Хур дзæвгар суади, фæлæ нырма хъæубæсты фосæй иу дæр нæма ахызт сæрвæты ’рдæм хидыл. Кæртытæ æмæ скъæтты æхгæд дуæрттæм кæсгæйæ райхъуыст сæ уасын. Аслан уæрдæхæй баст фæцис дзоныгъы зæронд рæтæ- нагъд. Раззаг дыууæ къахы ивын нæ бахъуыд. Лæг фæрæ- тæй амайы фæстаг къахаг. Фæцис арæзт дыккаг дæр. Дзоныгъ сцæттæ фæндагмæ. Зæронд лæг ма дæлбазырæй рахаста цалдæр æхсæр тæбын- гаджы. Бады дзоныгъыл æмæ амайы арæзт фарсыл дарæн кардæй. Асланы фарсмæ рагæй бады Сослан. Уæдмæ рацыд Алан дæр. Исдуг алæууыд æнæдзургæйæ Дадайы фарсмæ, стæй кæцæйдæр йæ фæстæ æрбаласта мæхъхъиаджы къалиу æмæ та лæууы æнæдзургæйæ. - Цы дын у уый? - Аслан йæ сæрыл не схæцыд, афтæ- мæй фæрсы лæппуйы, ницы зонæгау. - Уый бæхаг у, - Алан каст Дадайы ’рдæм, æнгуылдзтæ тынгдæр æрбалхъывтой уисы. Иæ хæлафы комдæлæй сбы- рыд цыбыр хæдон æмæ разынд хурмæ сыгъд буар. - Æри ма, Дада дæ рынтæ ахæра, æз дын дзы хорз «бæх» саразон. Лæппуйы зæрдæ бахъæлдзæг æмæ сæрыстырæй бакаст йе фсымæрмæ. Куыддæр бæх йæ къухы февзæрд, афтæ йыл абадт æмæ цалдæр зылды æркодта къæйдзарыл кæрты къуымты згъоргæ. Уайтагъд афæллад æмæ галиу къухæй уисы сæрыл хæцгæ, æрлæууыд йе фсымæры фарсмæ. Ахæм буц уыд йæ «бæхæй» æмæ йын, зæгъгæ, исчи йæ бæгъæввад къæхтæн дæтты дыууæ дзабыры, уæддæр æй нæ баивит. Цалдæр касты ракодта кæрты дуарæй, фæлæ уынджы нæ уыд йæ цахъхъæн змæлæг, æндæра афонмæ сæ астæу лæу- уид буцæй. «Цымæ ацы хатт цæмæн æрæгмæ цæуынц хъа- зынмæ?» Ацы хъуыдыйæн йæ бон нæ уыд дзуапп радтын æмæ та æввахс балæууыд йе ’фсымæрмæ. - Сосо, цом уынгмæ. - Ма ацу, ма, Дадайы хур, уым ничи ис. - Дада, не стуртæ цæуылнæ ауадзæм хизынмæ? стуры уасынæй куы афæлмæцыд, уæд Сослан дисгъуызæй фæрсы Асланы. -Фæстæдæр, фæстæдæр, нырма раджы у. - Лæппу цы- мь!дисæй скаст арвы ’рдæм, ацафон фос хизынмæ вæй- йынц, æви нæ, ууыл гуырысхогæнгæ. 280
- Дада, цæмæн аразыс дзоныгъ, цы ласдзыстæм? Сослан дæр æрбадт дзоныгъыл æмæ æнхъæлмæ каст дзуапмæ. - Ласгæ ницы, Дадайы хур. Лæджы кусæнгарз алы хатт дæр хъуамæ ифтонг уа, ифтонг. Сымах дæр куы слæгтæ уат, уæд уæхицæн сараздзыстут хæдзæрттæ, уыдзæн уын фос, кусдзыстут æмæ уæхицæн цæрдзыстут. - Дада, æз ныр дæр зонын хæдзар аразын, уæртæ кæ- сыс, - Алан къухæй ацамыдта, стæй йæ «бæхыл» азгъордта кæрты къуым сыджыты обаумæ. Æлыгсыджыты дзыхъхъы- тæй цалдæр байдзаг, фæлæ уæдцæр зынд, лæппу знон æнæ- хъæн бон кæуыл бахардз кодта, уыцы фыдæбон. Аланы уис æрхауд зæхмæ. Лæппу йæхæдæг фыццаг зо- ныгуыл æрлæууыд, стæй æрфæлдæхт йæ фарсыл æмæ та райдыдта æнгуылдзтæй фæйлауын, «хæдзар аразын». Чы- сыл фæстæдæр æм бацыд Сослан дæр æмæ фыццаг дардæй амыдта, стæй йæхæдæг дæр бавнæлдта. - Уый мæ хæдзар у, ды дæхæдæг сараз мæнæ уым, стæй сæ Дадайæн фенын кæндзыстæм, кæддæра кæмæн хуыздæр уаид. Дыууæ лæппуйы бавнæлдтой кусынмæ, стыр хæс æххæс- тгæнæгау. Алчи дæр сæ йæ мид-зæрдæйы ради йе ’нтыстæй. Хæдзары къултæ, дуар, рудзынг, асин, бацæуæн кæрт - иууылдæр адæймаджы зæрдæйæн цахæм æхцондзинад хæс- сынц, уый кæд æнкъаргæ нæ кодтой, уæддæр сæ уындæй радысты. Нал сæм хъуыст уынгæй адæмы тыхст ныхас, æх- хормаг фосы уасын. - Мæнæн арæзт фæци, - цингæнгæ сыстад Сослан æмæ куы йæхи æрмдзæфмæ бакæсы, куы йе ’фсымæры. - Æмæ дын дзы рудзгуытæ куы нæ ис, - Алан зулмæ ба- кæсгæйæ, бафиппайдта. - Уæдæ мæнæ уыдон цы сты? - Æз дзы хъуамæ цæхæрадон дæр саразон, - загъта Алан, иугæр рудзгуыты куы федта, уæд æмæ сыджыты обау дарддæр ассывта. - Цæхæрадоны бæсты уал ын дæ разы йæ кæрт куы асы- гъдæг кæнис. Науæд дын йæ дуæрттæ чердыгæй сты, бакæс ма сæм, цæугæ та йæм кæуылты хъуамæ кæнай, кæртыл, æви фæскъулты, иннæ ахæм йæ тьруба. Ахæм дзы никуы ма федтон, ды йæ кæцæй æрымысыдтæ, уымæн ницы зонын. Уый хæдзар нæу, фæлæ найгæнæн мус. Иугæр Сослан йæ фауынæй куы нæ уал æнцад, уæд Алан дæр йæхи нал баурæдта: 281
- Дæуæн та уæртæ нæ зæронд гæнахы хуызæн, цыдæр зæгъинæгтæ ма уыд, фæлæ йæ ферох сты фырмæстæй. Дыууæ лæппуйы æргомæй сæ сæрмæ нæ хастой, хæ- дзæрттæ аразгæйæ кæрæдзи фæзмын, фæлæ-иу уæддæр аи- вæй кæрæдзимæ бакастысты. Æвæццæгæн адæймаг бынаты фарны ад мады ’хсыримæ банкъары. Ацы дыууæ сабийы дæр афтæ зæрдиагæй ныггуыбыр сты цæрæн уæттæ аразын- мæ æмæ кæд сæ чысыл къухтæй нырма мады конд кæрдзын сæ дзыхмæ хæссынæй дарддæр ницы зонынц, уæддæр сын цæрæнуат аразыны хъуыды бацыди йæ тыхы. - Мæнæн арæзт фæци, æрбакæс, кæддæра ма йæм цы фау æрхæссис, - Сослан та сыстад йæ бынатæй. - Ды дæр æй тагъддæр фæу æмæ сæ Дадайæн фенын кæнæм. Лæппу куыддæр фæцæйцыд Аланы хæдзар уынæг, афтæ йæ къахы бын ралæбырд сыджыт æмæ уытæппæт фыдæбæттæн сæ фæд дæр нал разынд. Алан аджих, фынфенæгау æм фæкаст, æлыг сыджыт йæ цæстыты раз куыд æрызгъæлд æмæ «хæдзары» къултæ куыд æрбайсæфтысты, уыцы ныв. Æрмæст ма йæ хъуыды- йы мидæг аззадысты хæдзары дуар, рудзгуытæ, йæ чысыл къухтæй бирæ кæй фæлæгъз кодта, уыцы кæрт. Æрæджиау рабадт æмæ иудзæвгар фæкаст æлхынцъæрфыгæй. Уалын- мæ йæхи лæмарæгау ныккодта æмæ нал æмæ нал æнцад. Бавнæлдта кæуынмæ. - Цы та кодтат, цæуыл та кæрæдзимæ фестут? - Æз ын ницы кодтон, уæртæ йæ хæдзар ралæбырд æмæ ууыл кæуы, - уайтагъд йæхи фæдзæхсгæ Сослан бахæццæ Асланы цурмæ. Иугæр Алан куы нæ уал æнцад йæ кæуынæй, уæд æм зæронд лæг бацыд æмæ йын рахæцыд йæ къухыл. - Ма ку, ма, Дадайы хур, кæугæ æвзæр лæппутæ кæнынц. Дæ «хæдзар» ныккалди æмæ та йæ ногæй сараздзынæ. - Нæ, нæ, нал аразын, - тынгдæр ныккуыдта Алан. - Уæд та дæм æз дæр фæкæсдзынæн, фæлæ уал ныр цом æмæ дын уæртæ мæ дзоныгъ фенын кæнон. - Уæдæ мын цæмæн фехæлдта «мæ хæдзар?» - Æвæццæгæн барæй нæ уыд æмæ йын ныххатыр кæн. Йæхи дæр нæ фæндыд, фæлæ цы гæнæн ис, уый де ’фсымæр у æмæ уыл хылкæнын нæ фидауы. Лæппу рæвдауæн ныхæстæм хъусгæйæ æрсабыр. Фæлæ йæ уæддæр йæ хаекъуырцц уæгъд нæма уагъта, зулмæ-иу ба- каст Сосланмæ. Йæ цæстытæ феууæрста къухæй æмæ цæс- гом æгасæй схъулæтгæ. 282
Аслан æрбадт дзоныгъыл, куырæты дзыппæй сласта хæ- цъилæй хуыд чыссæ æмæ йын йе ссывдыл дыууæ æнгуыл- дзæй ахæцыд фæйнæрдæм, стæй ног карст тамакойæ æр- кодта лулæйы, чыссæйы къубал та æрбалвæста фæстæмæ азмæ йæ ауагъта йæ дзыппы. - Сослан, ауай æмæ Дадайæн къусыдзаг дон рахæсс, Алан, ды та мæнæ кæрцыл æрбад æмæ мын истытæ дзур, науæд ды кæуынмæ фæдæ æмæ уый мæ зæрдæмæ нæ цæуы. Нæлгоймаг та хъуамæ йæ сæрмæ кæуын бахæсса, уæлдай дæр мæнæ дæ хуызæн лæджы бындзæфхад. Æй куыд дын амардтæн, гъе, исчи дæр ма афтæ кæны. Цы фæнды æфхæр- дæй дæр æз æмæ ды хъуамæ макуы уæм кæуынхъæлæс. - Аслан йæ дæрзæг къух æрсæрфта лæппуйы сæрыл æмæ уый дæр буц æмæ сæргуыбырæй бадт хъуынджын кæрцыл. - Уæдæ мын мæ хæдзар цæмæн фехæлдта, - иугæр Ас- лан куы ницы уал дзырдта Аланы тыххæй, уæд та лæппуйы бафæндыд ноджы дæр йæхи сбуц кæнын. - Вæййы афтæ дæр, исты дын æй тыхгæнджытæ фехæл- дтой, де ’фсымæр у, йæхи дæр нæ фæндыд бæргæ, барæй нæ уыд æмæ йын хъуамæ ныббарай, нæмын æй дæ зæрды и, уæд ма дын æфсымæр та кæм уыдзæн. - Ацы хатт ма мын æй куы фехала, уæд ын æй æз дæр ныппырх кæндзынæн. - Гъе, уый дын лæджы ныхас. Уыцы хъуыды дын мæ зæрдæмæ цæуы. Хъуамæ алчи дæр зона, искæй хæдзар ха- лын кæй не ’мбæлы, уый, стæй йæ хæдзар хæлд кæмæн æрцæуы, уымæн та тынг зын кæй вæййы, уый дæр. Алан ныхасгæнгæ хуры хъарммæ уайтагъд афынæй кæр- цыл, гæзæмæ уддзæф ыл куы иуырдæм афу кæны, куы ин- нæрдæм. Йæ цæсгомыл ма зынди мæстыгъуыз, фæлæ йыл фæтых Дадайы рæвдыд æмæ уыцы буц æнкъарæнтæн сæ фæд зындис былтыл. Аслан йæ лулæйы бынтæ дзоныгъы æфсæрыл куы ’рца- гъта, уæд йæхиуыл схæцыд уæззаугай. Æрмæст йæ сæрыл куырой нæ разылд, уымæй дарддæр цы нæ дудгæбæттæ бавзæрста, ахæм ын нал баззад. Сабийæ фæстæмæ бирæ скъæрæнты бахауд, фæлæ ныры хуызæн йæ зæрдæ йæхиуыл никуы ма бахудт. Цард æм каст фынуынæгау, аргъауы хуызæн, цыма адæймаг зæххыл хилы æрмæст мæлдзыгау, æндæр ын ницы уал тых ис, уыйау ныргъæвст зæронд лæ- джы хъуыды æмæ ма йæ куыд базмæлын кæна, уый тыххæй йæ сæрæн ницы уал зыдта. «Цымæ Хазби та цы ’рбаци, куы 283
никуыцæй уал æрбазынд». Лæг цалдæр зылды æркодта йæ мидбынаты. Царды æууæрдæнты чи сфæлтæрдта, уыцы фи- дар адæймаг фæтыхст æмæ йын нал æнтыст иуырдæм фес- сæндын, афтæмæй сагьдау лæугæйæ баззад æмæ цахæмдæр цæстæй каст алы хъæд, алы дурмæ, æвæццæгæн сын сæ хуыз зæрдыл тынгдæр бадарыны тыххæй. Дæлбазыр хоры дыууæ къаннæг къутуйæн ранæй-рæтты сæ сæрст разгьæлд, цæрдхуынчъытæ фесты, мыстытæн тез- гъогæнæнтæ. Иугæр тауинаджы фæстаг нæмгуытæ хуыммæ хаст куы ’рцыдысты, уæд та сæ фæуагътой рохуаты, фæззæг- мæ сæ сæр кæй нæ уал хъæуы, уый тыххæй. Цалдæр фысæн кæрты гæрæн арæзт нæма фæци, кауыл ма ауадзын хъуыд дыууæ тæлмы. Асланы хæрæфырт Хазби чындзæхсæв кæни- наг у фæззæджы. Иæхи къухы ницы уый бæрц ис, ныфс йæ мады æрвадæлтæй æвæры, йæхи дзыхæй цы кусæрттаг ра- куырдта, уыцы уæныг хуыссыд æмбонды рæбын аууоны сынæр цæгъдгæ, цыма дунейы цауты иууылдæр æмбары, фæлæ сæ мурмæ дæр нæ дары, уый хуызæн. Знæт рæстæджы тыхстдзинад æгæр тынг æнкъары Аслан æмæ йын уый куы йе уæнгты абæтты, куы та йæ æнахуыр хъуыдытыл бафтауы. Зæронд лæджы ныры хуызæн никуы бахъуыд уынаф- фæйы сæр. Æмæ цыма йæ бæллиц уынджы февзæрд, уыйау ахызт кауы дуарæй. 14 Хъæубæстæн алкæмæн йæ сæр йæ кой уыдис, фæлæ уæд- дæр кæрæдзийыл аныхæсынц, кæрæдзи абæрæг кæнынц æмæ, уынгты тыннывæндæгау цæуынц, тындзынц, чи сы- хæгтæм, чи хæстæджытæм, чи æххуыс, уынаффæ æнхъæл. Æрбаймысæггаг дзырдтыл-иу афтыдтой къухтæ æмæ къæх- тæ. Алчи дæр сæ архайдта рæстæджы вазыгджын фарстытæ йæхирдыгонау райхалын, фæлæ дзы нæ разынд, цы ’рцыд æмæ цы уыдзæн, уый тыххæй ныфсджынæй зæгъæг иунæг адæймагдæр. Хазби нырма æрыгон у, фæлæ ныр дыууæ азы фæд-фæ- дыл Бесоимæ быдырмæ кусынмæ кæй ацыд, уый йын бирæ зонд бауагъта йæ сæры, ныр æнцонæй æвзары раст æмæ зылын, уæддæр ын нырма зын иртасæн у, адæмæй чи кæцы ’рдæм ссæнды, стæй кæй кæцырдæм цæуын хъæуы, уый 284
бæстон базонын. Тынг æй уырнынц йæ мады фсымæр Бе- сойы ныхæстæ, кæсы йæм хуыцауы мсæр уынаффæгæнæ- джы хуызæн. Аслан дæр æй бæргæ афæрсид, фæлæ кæм. Хазби дæр ын хабæрттæ лыстæггай фæдзуры, фæлæ ацы хатт йæ зæрдæ домы æндæр уынаффæгæнæг. Ныфс æй уы- ди ахуыргæнæгæй, фæлæ æрæджы балцы кæй никуыдæм уал ацыд, уый тыххæй йæ ныууагьта, ома чи йæм хæссы уымæ дæр йæ хабæрттæ мæнæй уæлдай. Аслан фæстагмæ æрынцад Иласыл, кæд ын бынтон æхсызгон нæ уыди, уæддæр. «Уый нырма æрæджы æрбахæццæ, стæй йæ фырт офицер у æмæ алцы дæр зондзæн». Фæлæ йемæ мæнæ-мæ- нæ хъæрмуд нæу, кæд æргомæй никуы бахъæлæба сты, уæд- дæр. Уый хыгъд æмбæхст хæрам зынын райдыдта æмæ сæ уымæ гæсгæ алчи дæр йæхи дæрдты ласта. Хазбийы мад, Бесойы хистæр, нæ бафæрæзта маст æмæ зындзинад. Иæ удыхайæ æрыхъуыст сау хабар, бабын им- периалистон хæсты, стæй йын Иласы дæлбазыр уæззау куыст бынтон асаста йæ хъару æмæ æррынчыны фæстæ би- рæ нал ахаста, уæддæр ма, табу хуыцауæн, сабитæ æнахъо- мæй нæ баззадысты, сæ бон уыд сæ хæрзгæнæджы дæр æмæ сæ фыдгæнæджы дæр зонын. Уыцы мæстытæй тыппыр у Асланы зæрдæ. Иласæн дæр æхсызгон нæу уыцы хабæртты æрымысын, уæлдайдæр ацы фæстаг рæстæджы. Аслан фæфæнд кодта Иластæм. Аслан цæуы, фæлæ нырма дыууæйыл у йæ хъуыды, чердæм фессæнддзæн, уый бæрæг нæма уыд. Ног хабæрттæ, æцæгдзинад базоныны цымыдис æй кæны йæ фæстæ, къæ- хтæ кæрæдзи ивынц, фæлæ зæрдæ нæ комы размæ. Æниу сæрбахъуыды рæстæджы куырмæй хилыны бæсты адæй- магæн йæ цæст куы ’рттива, уæд мæлын дæр æнцондæр у. Æппæт дæр бæстон базонын хъæуы. Бирæтæ та, фæзмæгау, сæхи рæвдз кодтой фæндагмæ. Ома æз фæстийæ цæмæн хъуамæ баззайон. Асланмæ ахæм куыст тынг уæззау касти æмæ ныр цæуы хабæрттæ зонынмæ. Уынджы кæронмæ куы фæцæйхæццæ кодта, уæд йæ къахдзæф фæсабырдæр, фæ- фылдæрысты алыгъуызон хъуыдытæ. «Уæд та нымудзæг у, дзырдхæссæг, æндæра уый йæхи цæуылнæ рæвдз кæны, цæмæн бады æнæмæтæй, - Аслан фæлæууыд йæ мидбына- ты. Тынг æхсызгон æй хъæуы бæрæг ныхас, фæлæ кæм и? Афтæмæй зæрдæ ничердæм райы. Цы аразы, уый дæр æнæбары. «Кæд дзы æнæлидзгæ нал ис, уæд цæугæ, хъыс- 285
мæтимæ хъæбысæй хæцæнтæ нæй, фæлæ мыййаг æнæхъуа- джы куы схъеллауаг уой адæм, иуæрдыгæйдæр æмæ иннæр- дыгæйдæр сæ къонайы зынг куы ахуысса, уæд ма йæ чи ссудздзæн. Иугæр адæм куы ныйиугæйттæ уой хохæй бы- дыры астæу, уæд ма сæ чи æрымбырд кæндзæн йæ арфæйы дзырдæй. Цыдæриддæр уа, Иластæм æнæцæугæ нæй». Аслан къæдз лæдзæгæй бахоста асины цæджындз. Рай- хъуыст дуары гуыпп, къæхты хъæр, фæлæ адæймаг зынæг нæма уыд. Бахоста та дыккаг хатт, æртыккаг хатг. Нæй æмæ нæй. Уæдæ уый кæй къæхты хъæр уыдаид? Аслан схызт асины сæрмæ æмæ та бахоста балкъоны цæджындз. - Кæцы дæ уый, мидæмæ рахиз?! Аслан базыдта Иласы хъæлæс æмæ бахызт хæдзармæ. - Дæ бон хорз, Илас, хуысгæ куы кæныс? - Арфæгонд у, Аслан, уæдæ цы ми бакæнон? Цы хур, цы къæвда дæ æрбахаста ацы тыхст заманы? - Илас архайы йæ иу фарсыл æрзилыныл, афтæмæй æнæбон хъæлæсы уагæй лæмары иугай дзырдтæ. - Ацы фæндаг мын бынтон асаста мæ хъару, ме уæнгтæ сисын нал фæразын. Иннæрдыгæй та, мæ куыдз ын фæлдыст фæуа, кæд мæм кæцæй æрхаудта, цавæрдæр низ цоппай кæны уæнгты æмæ куы иу ран фæлæууы, куы иннæ ран. Хатт мæ удисынмæ дæр бирæ нал бахъæуы. Абон дæргъы та мæ гуыбын нæу йæ уагыл, фыдбылыз дзы бабы- рыд. Раст мын цыма исчи мæ тъæнгтæ скъуыны. - Æвæццæгæн дæ уазал бацыд, æндæра цавæр низ у, уæнгты цы зилы? - Иласы ныхæстæ йæм хъаргæ дæр нæ кодтой, фæлæ уæдцæр загъта Аслан. Уыцы рæстæджы фæ- комкоммæ дуаргæрон къахыл къуырæн дзабырмæ. Иннæ та лæууыд Иласы сынтæджы раз. Дуармæ акæсон, зæгьгæ, Ас- ланы куыддæр ауыдта, афтæ цæхгæр фæзылд æмæ дзабыр къæсæргæрон аззад. - Уазал у, цы у, хæйрæг йæ зонæг, мæн мæнæ мæлæты къахыл бафтыдта æмæ цы фæнды дæр уæд. - Мæлынæй хуьщау бахизæт. Уырдæм тагъд кæнын нæ хъæуы. - Ацы цардæй, Аслан, мæлæт хуыздæр у. Раздæр ма-иу адæм сæ кæрæдзи хъæр æмбæрстой, чи кæмæй у, уый зыдта. Ныр та? Нал дæр дзы иу бæрæг ис, йал дæр иинæ. Æфсы- мæр-æфсымæры ныхмæ рацыд, фырт йæ ныййарджытыл систа йæ къух, фесæфт æмгардзинад, кусгæ ничиуал кæны, алкæй дæр æввонгæй хъæуы цард, фагллой æмæ адæм, сыр- 286
дтау, лæбурынц кæрæдзимæ. Уæддæр сыгъзæрин фестæт нæ хæхбæстæ, адæймаджы зæрдæ ма ам æрулæфы. Йæ цæрæнбонты фыцгæ агмæ чи нæ ныккаст, бынтон дзы уы- донæн нал ис арт æмæ фæнык, цъилау куы ныззилынц се ’мпъызтытæ дарæсы, уæд ма адæймаг диссагдæр цæмæ хъуамæ бакæса. Æмæ та сын уыдон аккаг фæвæййынц. - Уæддæр цы дзурынц дæлæрдыгæй та ацы змæстыты тыххæй? - Асланы тынг фæндыд, Илас æнæ фæрсгæйæ цы- дæриддæр фехъуыста, уыдон куы дзырдтаит æмæ дарддæр йæхи æррæвдз кодта хъусынмæ. - Бæрæг ныхас дын чи зæгъдзæн адæмæй, иууылдæр бафтыдысты дам-думтыл, нал æвзæргæнæджы ис базонæн, нал хæрзгæнæджы, алчи дæр йæ цард бакодта хъысмæты æзджид. Мах мæгуыр адæм стæм, Аслан, æмæ дзы æз хорз- дзинадæй ницæмæ æнхъæлмæ кæсын. Чидæр арсимæ кæр- до куыд цагъта, уый æмбисонд махыл дæр кæны. Нæхиуыл ардауæм, иу хæппы фаг дæр кæмæн не стæм, уыцы хъалты æмæ хъуыддаг цæуыл фæуыдзæн, чи йын цы зоны. Мæ хъу- стыл æрцыд, цыма æфсад ацырдæм рассæндынмæ хъавынц. - Ау, æмæ сæ уый бæрц цы бахъыг дардтам уагæры? -Æз дæр уый нæ зæгъын, Аслан. Ацы ран аххосджын фылдæр нæхæдæг стæм, цавæрдæр большевиктæ сæхи мæт- гæнæг скодтой адæмыл, сæрибардзинад, дам, хъуамæ нæ- хæдæг байсæм æмæ дын уый та сæ митæ. - Уаедæ дзы, æвæнцæгæн, æнæлидзгæ нал ис Цæгатмæ? Иууыл куы сæфон, уæддæр мæнæн ницы гæнæн ис, ай хуы- зæнæй кæдæм хъуамæ фæхæццæ уон, фæлтау мæ мæлæт мæ уæзæгыл æрцæуæд, - Илас дзырдта хъавгæ, цæмæй дзы ма сирвæза, бары гæххæтт æм кæй ис, уый тыххæй иунæг ды- зæрдыггаг хъуыды дæр. - Дæ фос, дæ фæллæйттæ та? - Уыдон дæр ам уыдзысты æмæ сæ хъуыры аирвæзæт, уæддæр сæфт æмæ сæфт, - Илас цыма стыр рыстытæ нал уромы, уыйау йæ цæсгом сынцъылдтытæ, æфсæртæ кæрæ- дзимæ нылхъывта, афтæмæй хъæрзгæ æрзьглд уæлгоммæ. - Æз дын рагæй дзурын. Аслан, æркæс дæ фырт æмæ дæ хæрæфыртмæ. Мæнæй уæлдай мæлæты бирæ куы нæ стут, адæймаг уæ йæ къухы æнгуылдзтыл анымайдзæн, афтæмæй бархийæ цæхæрмæ сæхи æппарынц. Ай диссаг нæу, æна- хуыр диссаг, мацы хъыг дарæг дæ уа, афтæмæй фыдбылыз- мæ дæхи къахæй цæуай. Уый æнæсæр ми у. Бесо æрыгон нал у, йæ тæккæ лæджы кары ис. Адæймаг иугæр бинонты 287
хицау куы бауа, уæд ыл рог митæ нал фидауынц, уымæн та ныр сывæллæттæ дæр ис æмæ йæм фыды номæй дзурынц. Аслан, дæхи зæрдæ де ’вдисæн, хъæубæсты фæсивæд сабыр уыдысты, цалынмæ сæм уый фæсæфцæгæй не ’рхæццæ, уæдмæ. Уырдыгæй дæр, куыд дзурынц, афтæмæй бархийæ нæ рацыд. Æниу мæнæн та цы уæлдай у, фæлæ сæ æз дæр адæмæй хъусын. Æниу адæм æнæхъуаджы дзæнгæда дæр бирæ цæгъдынц, фæлæ цы загътой, уым рæстдзинад дæр вæййы. Хъыг дæм ма фæкæсæд мæ ныхас, мæ зæрдæ риссы æмæ дын сæ дзургæ дæр уымæн кæнын. Ай размæ дæр сал- дæтты æнæхъуаджы бафхæрдтой. Ныр дæр та афтæ. Адæй- магæн иу сенæй хъуамæ сен ма уа? Дæ бынаты сæ æз ни- куыдæм ауагътаин. - Мæ зондмæ та чи хъусы, Илас? Зæронд лæгæн йæ уы- наффæ дæр ницы уал вæййы æмæ йæ ныхас дæр. Искæмæн сæ исты куы зæгъай. уæд йæ хуыздæр ныхас уый фæвæййы: Ды, дам, сыджыт змæнтын зоныс æмæ змæнт, мах ма хъыг дар. - Мах йедтæмæ сæ кæд хъыгдарæг нæ уа, уæд сын ницы у, фæлæ нæ зонын, нæ зонын... Асланы нал фæндыд ахæм ныхæстæм хъусын. Къуымты азылдысты йæ цæстытæ. Æгас хъæубæстæй æфсæйнаг пец Иласты йедтæмæ никæмæ уыдис. Йæ быны дæргъæй хуыс- сыд стыр хъулон^гæды, арт æм, æвæццæгæн, æгæр нындæв- та æмæ сыстад. Йæхи айвæзта, йæ астæу скъæлæт æмæ уай- тагъд фæаууон тæрхæджы бын. Æвæццæгæн нæлгæдыйы цард кæнын дæр уымæн баззад адæмы ныхасы. Цы мæт ис ацы гæдыйы. Æппындæр ницы. Бахæр æмæ дын куыд æнцондæр у, афтæ бакæн, кæм дæ фæнды, уым адæргъ у дæ зæрдæйы дзæбæхæн. Асланæн Иласы ныхæстæй йæ зæрдæ нæ барухс æмæ йæм нал дæр хъусын цыд, нал дæр бадын, æрмæст ма йæ базонын фæндыд иунæг хъуыды: Лидзын хъæуы æви нæ? - Цы дын зæгъон, Аслан, дæхæдæг æмбаргæ лæг дæ æмæ ахъуыды кæн. Ахæм кæсдæртæ дын ис æмæ æрмæст уыдон тыххæй дæр хъуамæ ныххæцай раст фæндыл. Бирæ знæгтæ сын кæй ис, уымæ гæсгæ ма хъæубæстæн дæр тас у уæлдай мастæй. Мæхи мæт мæ нæй, мæ хуызæттæ хъæугæ дæр ни- кæй кæнынц, фæлæ хъуыддаг фæсивæд сты, нæ фæллой, нæ фос. Уыдоныл æмбæлы ахъуыды кæнын, уыдон нын сты барæринаг, цы фæнды дуг куы ралæууа, уæддæр. Мыййаг ласинаг, скъæринаг куы фæуой, уæддæр дзы бынатмæ цытæ 288
хъуамæ ныхæццæ уа, ме ’нæзонгæ сты, ацы фыдвæндæгтæ, стæй дзы бынатыл чи сæмбæла, уымæн дæр уавæртæ хъæуы æмæ ацы дуджы уымыты дæр алкæмæн йæ сæр йæ кой у, дæ мæт дзы чи кæны. - Уæдæ мын цы амоныс? - Амонгæ та дын цы хъуамæ бакæнон, фæлæ фос уадз, æз сæ мæхи схондзынæн, чи зоны сæм нæ февналой, цас дын сты, дæлæмæ дæр æмæ уæлæмæ дæр дæс фысы æмæ дыууæ стуры. Илас ацы хъуыды зæгъыныл кæй фæтагьд кодта, уый фæхатыд æмæ ма хъуыды кодта ныхас фæлдахыныл: - Æниу дæ куыд фæнды, афтæ. Искæй фæллойы бæрны бацæуын дæр зын у, фæлæ ныл ахæм дуг æркодта æмæ цы бакæнæм. - Фос ма къахыл цæуынц, фæлæ неннæ муртæ та цы фæ- уыдзысты’, хъуыддаг уый у, кæмæндæрты ма сæ къутуты хоры къæрмæг дæр аззад, цыхтытæ, цыдæртæ. Æниу адæй- маг лидзыныл куы сбæндæн уа, уæд бирæ цыдæртæ разыны йæ къуымты æмæ се ппæт немæ кæм ласдзыстæм. Ацы фæстаг ныхас тынг фæцыд Иласы зæрдæмæ. Йæ лыстæг даргъ æлвæст рихи гæзæмæ базмæлыд æмæ нык- каст, къулыл цы хæлуарæг фæхæрд кодта, уымæ. - Адæймагæн хуыцау цы стæрхон кодта, ууыл хъæцын хъæуы, тыхмийæ ми нæй. Чидæр цæрын нæ фæразы æмæ мын кæцы дзуары аххос у, æнæмæнг хъуамæ йæ амонд загъд, заманаимæ карды фындзæй агура. Уый æдылыдзи- над у. Фыдæлтæй кæмæн цы баззад, уымæ чи цы бар дары Адæймаг йæ тых, йæ хъаруйы фæрцы цы фæллæйттæ сара- за, уыдон ын дзырдтаг никæимæ сты, бæстæ иннæрдæм куы рафæлдæха, уæддæр. - О фæлæ кæмæн ницы ис, уыцы цыбыр къухтæ афтæ нæ хъуыды кæнынц. - Аслан ацы хъуыды загъта, цæмæй Иласæн ноджы дæр раргом уыдаид йæ зæрдæ. - Уыдон мæ хур акæнай, нард фыхæй уарзынц æмæ кæсыс цы бонтæ ныл æркодта, фыдбылыз нæ уæлхъус æрбалæууыд... Кæмæ фæкомкоммæ уыдзæн, уымæн та рæс- тæг тæрхонгæнæг. - Илас чи зоны ды рæстытæ дзурыс, фæлæ, - Аслан дзырдта хъуыды кæнгæ, цæмæй йæ ныхас ма фæтæрсын кæна фысымы, - а махуæттæ сæрра уæнт, фæлæ афтæ куы зæгъынц, Уæрæсейы дзыллæтæ, дам, сызмæлыдысты, уæд сæ цард сæ сæры нал цæуы æмæ уымæн сызмæлыдысты?
- Дзыллæйы кой та кæмæй фехъуыстай? - Илас къахæ- джы фарст акодта. - Кæмæй куы зæгьай, уæд балцæй чидæриддæр æрба- цæуы, уыдонæн се ппæтæй дæр. Айразмæ йæ дæ лæппу Зу- раб дæр скойтæ кодта, кæд æргом ницы загъта, уæддæр - Цы, дам, æз дзы ахæмæй куы ницы фехъуыстон? - Уæдæ æмбойны цæмæн фæцæуæг. Бирæ рæстæг дам, мын нæй, адæм, дам, змæнтынц æмæ сæ æрсабыр хъæуы. Илас тынг хорз бамбæрста Асланы. Хабæрттæ хæссæг æмæ адæмы знæтгæнджытæй иу Бесо кæй у, ууыл рагæй нæ кæны гуырысхо, фæлæ уый тыххæй кой дæр не скодта. - Падцзах абоны паддзах нæу. Адæм ын уыцы кад æмæ бынат сæхæдæг балæвар кодтой. - Куы йæм фæмæсты уой, уæд ын æй исгæ дæр бакæн- дзысты. - Уый сын фæзыни. Кæм цы æнæхæдзар, æнæфæнык ис уыдон паддзахæн йæ мады дæр нæ ралгъитдзысты, æниу ыл нырмæ дæр рæйджытæ уыд, фæлæ-иу Сыбыры бамбыды- сты. Асланы дæр скарз уæвынмæ бирæ нал хъуыди, фæлæ йæхи урæдта, быцæу кæнынæй кæй ницы рамбулдзæн, уы- мæ гæсгæ. - Цæй, æппæтдæр рæстæджы бæрны ис æмæ чи цы кæ- нинаг уа, уый бауыдзæн. Мах ныртæккæ ныхасæй дарддæр ницы алыг кæнинаг стæм, фæлæ ма уæддæр æз дызæрдыг кæнын, лидзыны сæр нæ бахъæудзæн, æви нæ, ууыл. - Æз сæм куыд бакастæн, афтæмæй нæ цыма æвыдæй нæ ныууадздзысты. Æниу уыдон аххос дæр кæцæй у, куы сæ иуырдыгæй фæрæхойæм, куы иннæрдыгæй æмæ мæсты адæймаг йæхи дæр мары. - Æмбарын, æмбарын, Илас... Уæдæ сæ дæ ныхæстæм гæсгæ а дыууæ боны ардæм хъæуы? - Нæ зонын, ныхас хæйрæджы нæ уырны, адæм æндæр ницы уал дзурынц, стæй мæхи цæстæй кæй федтон, уый та? Афтæ хæццæ у бæстæ æмæ ма кæуылты раирвæзтæн, уымæн ницы уал базыдтон, - Илас иу чысыл ахъуыды кодта. - Ацы рынчынæй зæгъын мыййаг фæндагыл куы баззайон æмæ тыхцыдæй мæ хъару,бьштон басаст. Мæ бон мæ иу фарсыл æрзилын дæр нæма у, - лæг архайдта иуырдæм æрзилы- ныл, фæлæ цыма йæ бон нæ бацис, уыйау, арф ныуулæф- гæйæ, фæстæмæ йе рагъыл æрынцад. Асланы зæрдæ ноджы нырхæндæг, нал æм цыдис бадын, йæ хъуыдытæ йыл ахæцыдысты уынгмæ, сæхимæ. Бæргæ ма 290
йæ фæндыд бæстондæр хабæрттæ базонын, фæлæ адæй- маджы ныфс кæуыл банцой кæна, ахæмæй дзы ницы уыдис æмæ райдыдта фæлмæцын, стæй йæ Иласы фæлдæхт хъуы- дытæ бынтон бафæллайын кодтой. Уынгмæ рахизгæйæ дæр йæ сæрæй нæма ахызтысты Иласы ныхæстæ. Кæд æргом ницы загъта, уæддæр зын рахатæн нæ уыд, йæ хъæубæсты тыхст уавæрмæ кæсын ын цавæрдæр æхцондзинад кæй лæвæрдта, уый. Раст цыма йе нувыд хæлæрттæм æнхъæлмæ каст, уыйау дзырдта ног фæтк халджыты тыххæй. Асланæн æнæзонгæ нæ уыд Иласы зондахаст, сæ хорз- дзинадмæ сын кæй нæ бæллы, уый дæр æмæ йæ зæрдæмæ айста, æрмæст дæр лидзын кæй хъæуы, уыцы хъуыды. Ин- нæты ныууагъта рæстæджы бар. Аслан атагъд кодта хæдзармæ. Хъæубæстæй йыл бирæтæ æмбæлд тыхст хуызæй, фæлæ сæ салам дæр никæмæн рад- та, цыди сæргуыбыр æмæ æлхынцъæрфыгæй. Илас æцæгæй рынчын у, ууыл тынг фæгуырысхо. «Цыдæр сусæгдзинад ис ацы хинæйдзаг лæгмæ», - ахъуыды кодта йæ мид-зæрдæйы Аслан. Æниу ын ахæм мæнгард митæ фыццаг хатт не сты мыййаг. Иу рæстæджы дзы райста иу туман йæ хъалон фи- дыны тыххæй. Уый ныхмæ йын ныууагъта йæ угæрдæны дзæбæхдæр дыууæ азы, æртыккаг аз хосгæрдæны Аслан райсомæй раджы йæ цæвæг баппæрста йе уæхскыл æмæ схæццæ, Иласæн дыууæ азы размæ йæ хæсы ныхмæ кæй ныууагъта, уыцы угæрдæны сæрмæ. Уым рацагъта йæ цæ- вæг, хорз æй сцыргъ кодта æмæ арæныл сæрæй бынмæ æр- цыди уис, стæй рæбыны æрбадт æмæ зад кæрдæджы цинæй ради йæ зæрдæ. Уыцы рæстæджы йæм адгуыты йæхи байста Илас дæр. - Аслан, ацы угæрдæн мæм зыдтай æмæ уый дæр цæвæгдзæф фæкодтай. - Дыууæ азы дзырд уыдыстæм æмæ ныр та мæхи хъæуы. - Хъæуынæй куы уаид цард, уæд æз дæр базонин ны- майын, фæлæ дæ бар кæуыл нæ цæуы, уый хъуамæ дæхи ма схонай. Угæрдæн раздæр дæу уыд, æз уый тыххæй ницы зæгъын, фæлæ ныр та мæн у, мæ сыгъзæриныл бафыстон. Уыцы капеччытæн афонмæ сæ пайда дæ угæрдæны аргъæй фертывæр уыдаид, фæлæ æз æгъатыр лæг нæ дæн. Æз дын дæ тыхсты заманы дæ къух сарæзтон, уæд ды дæр хъуамæ дæхи бахизис зæрдæхудтæй. Ау цæсгом дæр дзы нал ис, алæбон кæрæдзи уæддæр уынæм, салам дæттын нæ уæддæр хъæуы. Æз дын дæ угæрдæн балхæдтон æмæ мæ мауал хъыг дар. 291
- Куыд дзырд уыдыстæм, уый адæм хорз зонынц, кæд нын гæххæтт арæзт не рцыдис, уæддæр æвдисæнтæ бирæ. - Мæнæн мæ зæрдæ ме вдисæн, адæмæй æз мæ царды уынаффæгæнæг никæй кæнын. - Кæд дæ зæрдæйы æвдисæн кæныс, уæд угæрдæн мæну. - Мæнæ дзы иу уис æрхастай æмæ дын хæлар. - Иу цæмæн, ноджы дæр дзы æрхæсдзынæн, - Аслан сыстад, цыргьгæнæн асæрфта цæвæджы фарсыл æмæ ныр та хъуамæ æркарстаид тæссармæ. Иласæн йæ зæрды уыд цæвæгмæ февналын, хъуамæ йын йæ хъæд æрбасастаид, фæлæ йæ Аслан фæхъил кодта æмæ йын аныр гуырцъыйæ йæ сæр æрцæва, афта лæг йæхи фæзылдта, стæй цалдæр гæппæн ныххæццæ ададжы рæбынмæ æмæ хæрдмæ фæкæс- фæкæсгæнгæ рафардæг хъæумæ, уыцы бон ма æгуыст дæр фæци. Уæдæй фæстæмæ Илас нал скодта угæрдæны кой, фæлæ æнхъæлмæ каст æндæр ранæй маст сисыны фадатмæ. Аслан ацы хатт йæхи тынг бахызта Иласимæ тызмæг ны- хасæй, фæлæ уый хыгъд сусæг мастæй рысти йæ зæрдæ æмæ цалынмæ хæдзармæ бахæццæ æмæ сывæлæтты ныхас йæ хъустыл ауад, уæдмæ артау сыгъдысты йе уæнгтæ. - Дада, кæм дæ абон дæргьы, мах дæу куы агурæм. Ацу кæрдзын бахæр, мах бахордтам, - лæппутæ дзырдтой æм- хъæлæсæй цингæнгæ æмæ æрцауындзæг сты зæронд лæгыл дыууæрдыгæй. - Æгайтма сымах бахордтат, Дадайы хуртæ, мæн нырма ницы хъæуы, чысыл хъуамæ мæнæ ацы ран, - Аслан тæрхæгыл йæхи æруагъта уæлгоммæ. Лæппутæ æнхъæл уы- дысты, ныр та семæ хъæлдзæг ныхасыл схæцдзæн, фæлæ йын йе рхæндæг, фæллад цæсгоммæ куы бакастысты, уæд æй ныууагътой йæхи адыл. «ЦыАчындæуа», - ацы фарст цуркау нынныхст Асланы сæры æмæ нал куымдта фезмæлын. Йæ хъуыдытæ-иу, куы æргъæвст маргъау, сæ базыртæ тилын ныууагьтой, куы та- иу лæджы ном æмæ кады ныфсæй схæцыдысты сæхиуыл, фæлæ сæ тæлфын нæ уагъта дуджы тымыгъ. Асланæн дæр, иннæ адæмау, цы бонтæ радта рухс дунейыл цæрынæн, уы- дрнæй бирæ нал ис, фесты, зындзинæдты уаргъ хæсгæйæ, мæнæ ацы уæзæгыл, бонæй-бонмæ цавæрдæр хуыцауы хæр- зиуæгмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ. 292
15 Хохы фахсыл къаннæг хъæуы кæрон ацы сыджытдзар бæстыхай дæр лæууы адæймаджы цардуромæг бындурыл. Йæ цыпппар къулы къæйдурæй амад. Æниу къултæ цал сты, уый бæрæг дæр нæй. Цалынмæ хæдзары къæсæрæй ба- хизай, уæдмæ дæ бауайын хъæуы, зæрдæаивæй къах ис- гæйæ, талынг мæнгагьуысты. Уый фæстæ бафтдзынæ, йæ умæлыл къонайы зынг кæмæн нæ фæтых, уыцы æфтауц- донмæ. Къуымты рæдзæгъдтæй лæууынц алыгъуызон ми- гæнæнтæ: дыууæ къаннæг къутуйы, хæндыг, хохаг лæджы кусæнгæрзтæ, цæвæг, халамæрзæн, къуымты калд цармы гæппæлтæ, уæрдæхæгтæ, къултыл ауыгъд сæгъхъис бæн- дæнтæ, агъуды æвæрд цыргъгæнæн. Æрмæст ердойы цæс- тæй æрхауæг рухс кæуыл ныдзæвы, уымæй дарддæр адæй- маджы цæст ницæуыл схæцдзæн æмæ йæм афтæ фæкæсы, цыма ацы мæнгагъуысты къуымты адæймаг фæдзæгъæл уыдзæн, Уыцы æфтауцдонæй ис дыууæрдæм дуæрттæ. Рахи- сырдыгæй уазæджы æхсæвиуатгæнæн. Сæрдæй, зымæгæй дзы арт никуы вæййы æмæ йæ дуар дæр баззадис ног арæз- тау урсæй. Галиуырдыгæй иувæрсыг, ныллæггомау къæсæр. Дуар цы хъæдæрмæгæй арæзт у, уымæн базонæн дæр нал уыд, йæ уæлæ ирон гуыдыр, фыццаг бакастæй - цавæрдæр зынархайд æвдузæнтимæ. Дуарыл бахæцгæйæ йæ хъинцъ айзæлы æппæт агъуысты къуымты. Къæсæрæй бахизгæйæ адæймаджы зæрдæйыл атыхсы къонайы фæздæг. Уым дзæ- гъæлгæнæн нал ис. Ныгуылæнрдыгæй йæм къаннæг ру- дзынгæй нырраст сты рухсы тынтæ, фæздæгцæуæн ердойæ та бон сауизæрмæ кæсынц царддæттæг хуры тынтæ. Бæс- тыхайыл Цæгатæрдыгæй - ныхæст ныллæгдæр агъуыст. йæ уалувады къæйтæй дæр бæрæг уыдис, цæрынæн кæй нæ хъуыди, уый. Сыджыты уæзæй æрыфсæрстой æмæ æрын- цадысты аххæрджытыл. Уый фосдон у, скъæт, йæ бацæуæн, кæрт дыууæ дихы цы дурын æмбонд акодта, уый фаллаг фæрсты у, фæлæ йæм комкоммæ хæдзарæй дæр ис дурын асиныл ныххизæн. Иуырдыгæй - фыдæлтыккон гæнах, йæ бирæ лабиринттимæ. Уæлхæдзары ердопы тæккæ фарсмæ лæууы къулæг. Хуыссы уазлгоммæ Аслан. Чысыл раздæр Иласы рай- дзаст хæдзары къуымты йæ цæст цы фæллæйттыл схæцыд, уыдонæй бирæтыл рацыди йæ хид дæр. Æрчъиаджы сул- тытæ, мæртыдзаг хор, бонгæрст угæрдæн, æхцайы капеччы- 293
тыл бирæ фæласта Дæлварсы комæй хъæдæрмæг. Æфсæй- наг пец дæр иумæ хастой фæззыгон æфцæгыл, фæлæ йын ныр фестадысты æнæуынон, æцæгæлон. Алчи дæр æм каст Иласы хинæйдзаг цæстытæй. Асланæн мæнæ æдзынæгæй лæууынц йæхи алайæдзаг’ цæджындзтæ, хæцынц уæзæджы царыл, цæмæй ма ’ркæла æмæ æвæлмаст удтæ хызт уой, цæрыны ныфсы астæумагъз чи сæтты, уыцы катайаг комулæфтæй. Астæуккаг цæ- джындз - цыппæрдигъон амад. Бирæ уæз уромы, нæ тасы. Къонайы сæрмæ уæларвæй рауадзæгау, æрцауындзæг Са- файы рæхыс. Рæхысы алы цæгæй дæр Асланмæ кастысты бирæ царды нывтæ æмæ йын дзырдтой, æрдзон тыхтæ æмæ адæймаджы зонд лæджы царды фæндагыл цы цæлхдуртæ ныффæлдæхтой, уыдон тыххæй. Фæлæ Аслан бæллыд, дарддæр цы уыдзæнис, уый фенынмæ. «Цы уыдзæн нæ хъысмæт, нæ сомбон?» Ацы фарстæн ницы дзуапп лæвæр- дта рæхыс, ауыгъдæй лæууыд, фæлæ Асланмæ зындысты æрмæст дæр фыры сыкъатау здыхст цæгтæ кæрæдзийыл хæстæй. Æгуьппæг хæдзары къултæ йæм кастысты æрхæн- дæгæй. Бесойы чындзæхсæвы рæстæджы æртæ æхсæв æмæ æртæ боны фæндыры цагъд æмæ æмдзæгъдæй цары сæгтæ згъæлдысты зæхмæ. Уыцы бонмæ бирæ фæбæллыд Аслан, йæхи йæм рагæй цæттæ кодта. «Кæд цыбыркъух адæймаг дæн, уæддæр хъуамæ мæ фыртæн саразон нæргæ чын- дзæхсæв», - æмæ йын сæххæст ацы бæллиц, йæ хиды æрта- хæй цы фæллæйттæ фæкодта, уыдонæй бафыста ирæд, рау- агъта арахъ, бæгæны. Йæ комы комдзæгтæй фæзылди иу хъуджы рæуæдмæ æмæ йæ раргæвста æртæ аздзыдæй. Къо- найы алыфарс йæ чындз æртæ зылды æркодта æмæ йæ уæздан къухæй ныххæцыд рæхысыл. Уый дæр æй аиста, хи хъæбулау, æмæ йæ бафæдзæхста ног бынаты фарнæн. Ныр дæр ма йæ уæлæ бæрæгæй зыны чындзхæсджыты карды ныуæс хæрзæбоны нысанау. Аслан уæдæй фæстæмæ кафыны охыл йæ къах никуы уал айста, фæлæ уыцы бон кæсдæрты амондæй ради æмæ лæгъ- стæ кодта сфæлдисæгæн. Йæ къæсæрæй чындзы номыл Сæлимæт куы рбахызт, уæдæй фæстæмæ дзы ферох сты йæ мæгуырдзинæдтæ, цалдæр азы февзонгдæр, æфсинтæ кæм змæлынц, хæдзары йæм уыцы къуымæй ныггуылф кодтой бæркад аразæг царды ног ныфсытæ. Хъæбулыхъæбулæй, дам, хъæбулы ад цæуы. Уæдмæ йæ уæзæгыл фæзынди ноггуырд. Сабийы кæуын, амонды фи- 294
диуæгау, зылди къуымты, фехъуыст угæрдæнмæ. Раст æм- бис хосгæрдæнты Асланмæ фесты хæрзæггурæггаг. Лæг ма фырцинæй ацамадта дыууæ мæкъуылы, стæй ныууагъта йæ куыст. Аслан угæрдæны къуылдымæй каст дæлæмæ комырдæм, дзæбæх æм зынд йæ чысыл хъæу, йæ хæдзар. Ныртæккæ ныццæудзæн æмæ дзы ныййафдзæн ноггуырд саби, нæл- гоймаг, хъæбулы хъæбул, йæ байзæддаджы дыккаг фæлтæ- ры минæвар. Асланы зæрдæ цины малы кафы, фæлæ æгъдаумæ гæсгæ хæдæфсæрмæй хъусы алкæйы арфæмæ дæр. Йæ хæдзар æм каст аргъæутты галуаны хуызæн, йæ алы фисын дæр уыр- дыг лæууыди цардæн æмæ Асланæй ферох сты, йæ аразы- ныл цы туг басур кодта, цы хид дзы фæкалдис, цы фыдæ- бæттæ баййæфта, уыдон. «Æгайтма мæ фыдæбæттæ дзæ- гъæлы нæ фесты», - æмæ йæ мид-зæрдæйы куывта зæдтæ æмæ дауджытæн, стыр хуыцауæн, ахæм бынаты бындур кæй æрывæрдта, уый тыххæй. Циндзинад дымгæйæ уæлдай нæу, атыхсы лæгыл, барæвдауы йæ уалдзыгон хуры тынау, сæуæхсиды базыртыл сæхи сисынц райдзаст боны нысæнттæ, фæлæ хатт хъысмæт ракæсы æлхынцъæрфыгæй дæр æмæ ма уæд цæстыты раз, хуызистау, баззайынц мысинаг нывтæ. Æнамонд цау та æгæр зын уромæн у адæймаджы æнкъа- раг зæрдæйæн, ныххауы дзы, дойнаг дурау, æмæ цæрæнбон- тæм уазал дары æгас буармæ. Бирæ нæ рарынчын Асланы æмкъай Томиан, æгасæй цалдæр боны. Фæстаг сулæфты онг нал басур сты йæ цæсты- тæ. Фæстаг хагг ма йæ цурмæ бакæнын кодта Сосланы æмæ сылгоймаджы рæвдауынмондаг зæрдæ куыд-дæр дзырд фæцис йæ фæндийæгтæ, афтæ йын мæлæт айста йæ цæсты рухс. Томианы хуыз, æндæргау, зынд Асланы цæстыты раз æмæ-иу къуыригæйтгы йæ зæрдæ йе муд нал æрцыд, æр- хæндæг ын баста йе уæнгтæ, хуры скастмæ цы ныфсытæй æнхъæлмæ каст, уыдон. Уæзæг ын фестади онгмарæн, фæ- лæ йæ уæддæр æлхъывта йæхимæ æмæ йын дзырдта: «Фи- дар лæу, æндæргæнæн дын нал ис, цард æмæ мæлæты ’хсæн цы тох цæуы, уымæн нæй ныссабыргæнæн æмæ куы сæ иу фæуæлахиз вæййы, куы се ’ннæ». Асланы цæстыты размæ радгай калдысты, ивгъуыд бон- ты тæлм кæуыл равæрдта, уыцы нывтæ æмæ йын алчи дæр 295
къæмдзæстыгæй рæхуыста йæ зæрдæ, алчи дæр ын баста йе уæнгтæ, стæй бавнæлдтой цæсты уæлтъыфылтæм æмæ уæд гæзæмæ æрфынæй фарны чъирнкувæг. Ныссабыр къæс куырыхон хисдæры сабырдзинад феха- лынæй тæрсæгау, раст ма адæймаджы æнкъарæнтæ дæр аф- тæ бавæййынц æбæрæг сагъæсты цагъар стыр æнамонддзи- нады хæдразмæ æмæ сæ бон нал вæййы ныфс сæттæг пъæз- зыйы абырсын. Фæллад зæронд лæджы галиу къух бабырыд йæ сæры бын, рахиз къух æрынцад фæтæн риуыл, афтæмæй куыст- дзагъд уæнгты бабастой бæсты фарн æмæ хъысмæты гæлир фæзилæнтыл мæт кæныны хъуыдытæ. Тæрхæгыл уæлгом- мæ хуыссы зæххы æнувыд цæдисон, хæрзгæнæджы фысым, бынаты фарн йе ’ппæт бартæ кæй æвджид бакодта, къонайы фæздæг кæй ныфсæй кæлы, цин æмæ хъыджы арæныл æн- къараг зæрдæимæ къæдзæхау чи лæууы, уыцы урсбоцъо зæххон хуыцау. 16 Куыдцæр Аслан кæртмæ æрхызт, афтæ Илас йæ хъæццул иуырдæм фехста æмæ фестад. Йæ иу дзабыр дуары цур кæй аззад, уый тыххæй хъуыдыты аныгъуылд. «Гæнæн ис æмæ ацы хинæйдзаг зæронд лæг æппæт дæр фæхата». Лæг йæ мид-зæрдæйы катайгæнгæ къæхтыл акъуырдта дзабыртæ æмæ бацыд рудзынджы размæ. Битарон ныхас кæнгæ цыд асиныл уæлæмæ, ссадæй йе- дзаг къæсса тыхæй фæрæзта. Куыддæр балкъонмæ бахызт, афтæ йæ æрыппæрста, арф ныуулæфыд æмæ æрбадт тæр- хæгыл: «Мæ амонд скæнæгæн мæрдты куыдзы сæрæй дард- дæр бахæринаг мацы уæд». - Кæимæ дзурыс кæ, усай, тардзæгъдæныл та куы схæцыдтæ, æви фыццаг хатт æрыссадтай дæ хоры къæрмæг куыройы? - Ацу, дæ фæстаг æхсæвæраг фæуæд æмæ нырæй фæстæ- мæ сотийæгтæ ысс. - Хъуыр-хъуыр кæнын ныууадз, фæлæ ма уæртæ Исме- лмæ бауай, мæнæуи, зæгъ, дæм дзуры. - Кæд дæ афтæ æхсызгон хъæуы, уæд æм дæхæдæг бауай, мæн та чысыл мæ уд исын бауадз. - Цу... цу, стæй дæ уд исыс, цы кæныс, уый дæхи бар у, - загъта ма Илас æмæ йæхи байста хуыссæнмæ. Исмел уай- 296
тагьд æрбамидæг Иласмæ. Ацы сидт ын тынг æхсызгон кæй уыдис, уый зынд йæ цæсгомыл. Мидбылты худт фæйнæр- дæм ахæцыд хæмпусгомау саулагъз рустыл. Уæллаг был бынтондæр бамбæхст тæнæг даргъ фындзы бын. Цъæх цæс- тытæ рауай-бауай кодтой сæ арф къуырфыты. - Ам дæ, цы, Илас? - Дуарыл бахæцыд Исмел. - Ам дæн, уæдæ кæм хъуамæ уон, Исмел? Мидæмæ ра- хиз! - рынчын хъæлæсæй дзуапп радта Илас æмæ йæхи арфдæр æрныуæрста хъæццулы бын. - Фарн ацы хæдзары æмæ æнæниз у. - Фæрнæйдзаг у, Исмел, æмæ нæм алы бон æгас фæцу... Æрбад, - Илас ацамыдта, чысыл раздæр Аслан цы кьæлæт- джыныл бадт, уырдæм, ныр ын æнцондæр уыд дзурын, фервæзт йæ ныхасы алы дзырд бæстон æууилынæй, бæр- зонддæр сбырыд йæ хуыссæны æмæ исдуг æндзыгау амыр, цæмæй райдайа, уыцы ныхасы бын рывæрыныл хъуыды кæнгæйæ, фæлæ уæдмæ Исмел фæраздæр: - Нырмæ дæр мыл, Илас, рынчынфæрсæг æрбауайын æмбæлд, рох мæ нæ уыдтæ бæргæ, фæлæ дæхæдæг уыныс, рæстæг мæ бакъуылымпы кодта. Æз дæр, зæгъын, фæн- дагмæ мæхи барæвдз кæнон, науæд, зæгъын, цы нæ ис... Къонайы арт ахуыссынæн бирæ нæ хъæуы. Илас йæ мид- былты хинæйдзаг худт бакодта: - Лидзын æнцон нæу, Исмел, уæзæгæй сыстын. Цæ- рæнбонты дæ цæхх æмæ кæрдзын цы бынаты хицауимæ дих кæныс, цы уæзæгæн хæрыс ард дæ кувинагæй, уый ныууа- дзын зæрдæйы ставд уидаг сылвасынæй уæлдай нæ кæсы мæнмæ. Ацы хатт дыл мæ зæрдæ фæхудт, Исмел, зæнджын лæг уæвгæйæ ахæм уæлæнгай фæндтæ дæуыл нæ фида- уынц. Исмелæн æхсызгон уыди Иласы ныхас, кæд чердæм фæлдæхт у, уый рæстмæ нæма хатыди, уæддæр. - Уæдæ ма дзы лидзынæй дарддæр цы гæнæн ис? Куыд кæсын, афтæмæй ды дæ хъустыл ницы хæцыс. - Æз дæр кæд мæхи нæ фесафин, фæлæ гæнæнтæй фыл- дæр цы ис, æрмæст сæ алчи нæ уыны, алкæмæн нæ бабæз- дзысты, цы фæнды сæ зона, уæддæр. Ахъуыды ма кæн: уæ- лæ хъугæмтты цы хоры хуымтæ ис, уыдон къутуты ныккæ- нинагæй æнцон ныууадзæн сты, нæ сæрвæттæ, нæ угæр- дæнтыл цæст куы нæ ххæсы, сæ сой къæбицмæ йæхæдæг куы лæсы, уæд уыцы хæрзиуджыты суадæттыл къух сисын дæумæ æнцон цæмæн фæкаст? Науæд дæ хъæды куыст, дæ 297
суггæнд - иууыл дæ фындзы бын, афтæмæй кæйдæр зæх- хыл рахау-бахау кæныны амонд цæмæн равзæрстай, уый мæм стыр диссаг фæкаст. Нæ, нæ, Исмел, дыккаг хатт æй зæгъын, æз дæ уый æнхъæл никуы уыдтæн. Ды мын иннæ- тыл нымаинаг нæ дæ, цæрын фæразыс, лидзгæ та, йæ къух йæ дзыхмæ схæссынхъом чи нæу, уыдон кæнынц. - Илас, дзургæ бæргæ дзæбæх кæныс, фæлæ дæ хъуы- дытæ мæ царды фæндтæн цы хуызы бабæздзысты, уый æх- хæстæй нæма хатын. - Алцы дæр дæхи цæстæй куы фенай, æппæт дæр дæхæдæг куы бафæлварай, уæд сæ рахатдзынæ. Дæ хæдзарвæндагæй æвзæргæнджытимæ ничи ис, фæстæ- мæ дзураг не стут æмæ уæ цард цæуы. Рагæй фæстæмæ хæ- ларæй цæрæм, æнад лæг мын нæ дæ, æмæ дын мæ зæрдиаг ныхæстæ дæр уымæн кæнын, æндæра дæ размæ уæртæ Ас- лан дæр ам уыд. - Цы йæ хъуыдис? - Цы куы зæгъай, уæд мæ йæхицæй æдылыдæр æнхъæлы, зæххыл дыууæ къахæй æдæрсгæ æрлæууын йæ бон нæу, афтæмæй мын мæ зæрдæйы фæндтыл йæ цæста- хæссынмæ хъавы. Бæргæ, фæлæ цард афтæ у, нæ йын баззад бынтæ, зæхх, угæрдæн, хъæд æмæ йын цы бакæнæм æз æмæ ды, хъæцæд йæ амондыл, æндæр ын ницы нæ бон у, тых- мийæ ми куы уаид, уæд æй махæн ничи уадзы. Тыхæй амонд агурджытæ дæр ис, фæлæ цы раскъæфдзысты, уый дæр фендзыстæм. Ам фæнычы фарсмæ стыр дзыхæй чи дзуры, уый уал акæса, кæддæра ма искуы «мæнæн дæр æри- сут» йæ дзыхæй схауа. - Мæн дæр бæргæ нæ фæнды мæ Райгуырæн къуымæй фæхауын, фæлæ мæ иннæрдыгæй та бинонтæ дуарахæсты бакодтой. Адæм, дам, куыд кæнынц, мах дæрдам, хъуамæ афтæ кæнæм. Æз ма сын дæ кой дæр скодтон, зæгъын, дæлæ Илас куыд кæна, мах дæр афтæ, фæлæ мын мæ дзых ахгæ- дтой. - Цы дам? - Иласы, дам, куы фæзмай, уæд ма, дам, дæ бирæ цы- дæртæ хъæуы. - Дæ разы де фсиныл æрхæц, иннæты ауадз хъæубæс- тæимæ, стæй дæм фæстæмæ сæхæдæг тæхдзысты, науæд дæ уæзæджы зынг ныуæрстæй æгæр бирæ куы баззайа, уæд æнцонæй нал ссудздзæн, уый дæр зон. Æмбарыс мæ, æви нæ?,Куыддæр хъæубæстæ æфцæджы фалийæ фæуой, афтæ ам дæр æркæсдзысты, чи цы гæнæг уыдис, уымæ æмæ уæд 298
дæ бинонтæ æгас хæдзар ссардзысты, уыимæ дæр нæргæ хæдзар, зынггур чи нæ ратæх-батæх кæна, ахæм бынаты хи- цау. Ныр дæр мæ нæма бамбæрстай? Исмелы зæрдæмæ тынгæй-тынгдæр цыдысты Иласы хъуыдытæ æмæ йæ фæндыд хабæрттæ бæстондæр базонын: - Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ бæрæг нæма у, нæхи- уæттæ кæй хонæм, уыдон цахæм адæм разындзысты, уый? - Уыдоныл гуырысхо ма кæн. Нырмæ кæд дæ цардæй райгонд уыдтæ, уæд нырæй фæстæмæ дæр хъæстаг нæ фæ- уыдзынæ. Æрмæст дæ фæдзæхсын иу хъуыддагæй: не хсæн цы ныхас рауад, уый нæ дыууæ дæр хъуамæ ахæссæм мæр- дтæм. - Уый та куыд загътай, Илас, кæрæдзи абон мыййаг куы нæ базыдтам? - Уæдæ дæлæ комы дымæгмæ топпæргъæвд æмæ хъа- малвæстæй фæдисы цы æнæфæныкæй хъалтæ ацыд амонд раскъæфыны æнхъæл, уыдон куы зониккой, сæ ныхмæ цы тых æрбацæуы, цы хъысмæт сæм æнхъæлмæ кæсы, уый, уæд дын ард хæрын нæ дарæг зæххæй, иудæр дзы йæ къах нæ авæрдтаид йæ къæсæрæй, фæлæ адæм кæрæдзийæн хос куыд сты, марг дæр афтæ. Æниу Асланы фырт æмæ Цорæ та цы систой, цæуыл схæйрæг сты? Мæ зæххытæй сæ хъæуы, мæ фæллойæ?! Уастæн цы загъдæуа нæ паддзахæн дæр. Ахæмты дзурын чи суагъта, æндæра алчидæр, раздæрау, йæ куыдзы бынат куы зонид, уæд дзы иу змæст дæр нæ уаид æмæ иннæ дæр. - Йæ фæстаг дæр та, æвæццæгæн, уымæ цæуы.Уый афтæ у, Исмел, фæлæ адæм куы фезнæт вæййынц, уæд се ’рсабыр кæнын зындæр у, кæсыс, æнæхотых коммæ ничи уал кæсы. Æниу сын хъæугæ афтæ кæны. Ахæм дæрæн æрцæудзысты, ахæм æмæ цæргæ-цæрæнбонтæм дæр сæ астæу сраст кæнын сæ бон нал бауыдзæн. Уый æз мæнæ ацы фондз æнгуыл- дзмæ куыд кæсын, зонгæ дæр æй раст афтæ кæнын. - Цы загъдæуа, цы загъдæуа, ныртæккæ рæстæгылдæр ууæндæн нæй, чердæм фæкъул уыдзæн, уымæн хæйрæг йæ зонæг. Мæнæ-мæнæ бæллиццаг уавæры кæд нæ дæн, уæд- дæр, табу хуыцауæн, ницæмæй хъаст кæнын, кæд мын дæ хуызæтты бæрц не нтысы, уæддæр мæ бон у лæгау лæгты фæзмын. Æниу адæймагæн иунæгæй цытæ хъуамæ бантыса, фæлæ дæ хуызæтты фæрцы мæ гал хуымы цæуы, мæ къæ- бицы бæркад нæ сæфы, хуыцау мын ацы цард мæ къухæй макуы аппарæд, æндæр мæ нырма ницы хæрзиуæг хъæуы, 299
фæстæдæр та бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы, кæд ма нæм хуыздæр амонд йе ргом фездаха, уæд ууыл дæр нæхи нæ атигь кæндзыстæм, фæлæ мыййаг, цы нæ рцæуы царды, фыдбылызæн бирæ нæ хъæуы, уæлдайдæр ацы змæст зама- ны ’рдæм куы фæкъул уа тæбæгъы дон, уæд ма кæм агур- дзыстæм æххуысгæнæг, чи ма зæгъдзæн «Исмел ницы гæ- нæгу», зæгъгæ, уыцы цæстуарзон ныхас... - Цалынмæ ахæм тæригъæддаджы уагмæ æрхауæм, уæдмæ уал нын дзул æмæ мыд хæрынæн, æз ахæм дугыл хъуыды дæр никуы акæнын, уымæн æмæ йын æрцæуæн нæй, мæгуыр лæг бирæ цæмæдæрты бæллы, фæлæ уыдон аргъæутгæ сты, удирхæфсæн сæнттæ æмæ бæззынц æрмæст- дæр хи рæвдауынæн. Дæ бон у æмæ сæ ды дæр рохуаты ныууадзай, цæмæй дæ сомбоны царды фæндтæ ирвæзт уой цоппайгæнæг æнæсæрфат хъуыдытæй. Уый бæсты æркæс дæ хæдзармæ, адæймаг йæхæдæг куы нæ уа, уæд ын ничи ницы фæуыдзæн. Афтæ æнхъæлыс мæнæ нæ амонд агур- джытæ, сæхи къахæй фыдбылызы дзыхмæ тырнгæйæ, адæ- мы мæт кæнынц? Æппындæр нæ. Алчи дæр сæ йæхи гуылы бын æндзары, алкæй дæр сæ хорз цæрын фæнды... Æмæ цæ- рæд, чи сæ нæ уадзы? Æрмæст æз æмæ ды цы гæнæг стæм, сæ цæстытæ нæм цы ныццавтой? Фыдæлты æмбисæнттæ раст сты: «Хорз, дам, ма ракæн, æмæ фыд ма ссарай. Тауи- наг иуæн, угæрдæн кæрдæггаг - иннæмæн, фыййауæн тæ- ригъæдгæнæг». Мæгуыр у, æвæрæз, æвадат, цыбыр къух... Æмæ та Исмелы зæрдæ фæтæнæг. Нæ, нæ, Исмел, уды- бæстæ хорз у, фæлæ йæ алчи не ’мбары. Дæ зæрдыл нал лæууынц Бесойы æрра митæ? Фыййауы мызд, дарæс, хæлц - иууылдæр дæуæй, уæддæр дын дæ хæдзарыл арт æн- дзаринаг нæ уыд? Дæ фос дын бирæгъæн куы ныццæгъдын кодта, уæд ын йæ мыздаей иу уæрыччы хъус уроминаг уыдтæ æмæ ма йын иргъæвæг иргъæвынæн исты фæрæзта? Цъилау зылди мæнæ дæ кæрты. Ахæм адæймагæн цас фыл- дæр хæрзты бацæуай, уый бæрц дæ тынгдæр йе сæфт уындзæн. Хуыцау де уазæг æмæ нæм сæ къух æрбаххæсса. Дæ фыд-зæрдæ афтæ, нæ мыггаг нын сыскъуындзысты. Уæ- дæ æмæ нæдæр хуымзæхх, нæдæр угæрдæн, иунæг гæппæ- лæй дæр ныфс макæмæн бавæр. Уый бæсты дæ хæдзары бад æмæ рæстæг йæхæдæг йæхи амондзæн. Хъусыс, тыллæг уæлæ хъугомы, сæрвæттæ сæрибар, фос дæ кæрты... Цы хор- здзинад ма дæ хъæуы дарддæр. Бæстæ иннæрдæм куы ра- фæлдæха, уæддæр мæнæ цалдæр хæдзары йедтæмæ иннæ- зоо
тæн æнæлидзгæ нæй, науæд сæфгæ кæнынц. Гьеныр мæ кæд æмбарыс, уæд мæ бамбар, науæд дæр дæ бар дæхи. Æз цы зæгъинаг уыдтæн, уый дын загътон, мæ зонд цæй бæрц кæрды, уый бæрц æмæ ма йыл ноджыдæр ахъуыды кæн. 17 Исмелы тыхст зæрдæ цыма чысыл йæ тæлфынæй æрын- цад Иласы аргъаумæ хъусгæйæ, фæлæ йæм нырма ныфсы тынтæ æххæст нæ бахæццæ сты, нал æм зындысты хъæубæс- ты зын уавæр, æрмæст ма гæзæмæ йæ цæстытыл ауайынц, дзолгъо-молгъогæнæг адæм, дзоныгьтæ. Тынг æй фæндыд йæ цæстытæ сыхгæнын, куы бафынæй уаид æмæ цалынмæ хъал кæна, уæдмæ куы ныссабыр уаид хъæубæсты царды уынæр. Исмел æрбаздæхт хæдзармæ, йæхи æруагъта тæрхæгыл æмæ бæстон ахъуыды кодта Иласимæ йæ ныхасыл. Лидзы- ны хъуыды цадæггай тади, фæлæ ма йæ фæндыд, цы рцæу- дзæн. уый базонын æмæ йын уыцы цымыдис нæ лæвæрдта æнцой. Иласы уынаффæ йæ тынг сдызæрдыг кодта æмæ йæм нал уыд æндæр фæнд æрымысыны хъару дæр. Фæлæ фæстагмæ, тæрæзтыл барæгау, йæ зонд дыууæ дихы фæцис æмæ уæд æнкъарын райдыдта æхцондзинад. Исмел дыууæ дугæй иуæн йæ сæрбосмæ бавнæлдта, ин- нæмæн та хæцыд йæ дымæгыл, фæлæ уæдцæр рæстмæ нæма хатыд, хуыцаумæ дзы кæй тыххæй кува, уый æмæ хъæу- бæсты зондахаст базоныны тыххæй йæхи айста уынгмæ. Ныхасы адæмæй иу дæр нæ уыд æвдæлонгъуыз, бæстон бадæг. 'Æниу ма цæй ныхас æмæ цæй цыдæр. Уырдæм иу- гай-дыгай цыдысты ног хабар, ног уынаффæ базонын æн- хъæл æмæ та-иу уайтагъд алчи атындзыдта йæ хæдзармæ. Ныр дæр дзы баййæфта цалдæр адæймаджы. Чи лæугæ кодта, чи бадгæ. Исмел æнæдзургæйæ йæхи баласта Асланы ’рдæм. Мадзура адæм кæрæдзи фарстой цæстæнгасæй, се ’нкъарæнтæ уыдысты фарстытæ дæр æмæ дзуаппытæ дæр. Цæмæй исчердæм фессæндой дзыллæ, уый тыххæй сæ хъуыд æрмæстдæр иунæг хæццæгæнæн дзырд. Уалынмæ Уаситы хæдзарæй райхъуыст кæуын. Адæм джихæй кастысты зæхмæ. Сæ гыццыл лæппу æрбахæццæ Исмелы цурмæ: «Нана мæ рарвыста, Исмелмæ, дам, уы- дзæн гуыбыны хос». 301
Аслан байхъуыста ныхасмæ. Фæндыдис æй Исмелы дзу- апп базонын. Чи зоны лæппуйæн афтæ карз сомы нæ ра- кодтаид, фæлæ ноджы зæрдиагдæрæй загъта Асланы цæс- тмæ: «Зæххардыстæн, кæд ма искуы исты зонын, æндæра ма йæ хуыздæр кæмæн хъуамæ радтин». Аслан ницы загъта, афтæмæй сыстад æмæ ацыд рынчын фæрсæг. Хæдзары баййæфта цалдæр сылгоймаджы. Лæг фæстæмæ фездæхт Уасиимæ. - Куыд у дæ рынчын? - Уæззау, - ацы иу дзырдæй уæлдай не схауд Уасийы дзыхæй, цалынмæ йын Аслан ныфсытæ авæрдта, уæдмæ, фæлæ уæддæр йæ тыхст ныхасæй нал æнцад: - Айхуызæн фыдбылызы дуг ма искуы æрцæудзæн. Ныр цы ми бакæнон, уымæн мæхæдæг дæр ницыуал æмбарын. Кæдæм фæхæссон ахæм хуызæнæй сывæллоны. Науæд æй куыд ныууадзон æнæхицауæй уынджы къæйыл æмæ мæхи сæр куыд бафснайон. Уæдæ фыдæй-фыртмæ цынæ диссæг- тæ фехъуыста адæймаг, мæхæдæг дæр бавзæрстон зындзи- нæдтæ, уæдæ кæм схъомыл дæн, фæлæ айхуызæн хъаймæты дуг хуыцау зæхмæ нырма никуы рауагъта, макуы дæр æй æруадзæт. - Тыхсгæ ма кæн, Уаси, мах дæ уæлхъус уыдзыстæм. Рынчын кæд æгæр тыхса, фæлæ дзы ахæмæй ницы ис, уæд йемæ баззайдзынæ ам, æндæр гæнæн нæй. Кæд уæ хъыг дарæг уа, уæд цардыл къух сисын дæр диссаг нæу, кæд нæ фæтарфдæр уа, уæд ын иу дзоныгъы нывæрдзыстæм хуыс- сæнтæ æмæ йæ ахæсдзыстæм æфцæджы сæрты. Ныр та уал ын фых æхсыр радтут... Ма тæрсут... Ницы йын уыдзæн, сы- вæллон рынчынтæй фылдæр цы кæны, æвæццæгæн дзы уазал бацыд, æндæр цæмæй хъуамæ рисса йæ гуыбын. Уыцы рæстæджы уынджы адæмæй чидæр ныддис код- та: - Адон чи сты, дæ хорзæхæй, цахæм адæм? Иууылдæр акастысты худисæны рдæм: - Æвæццæгæн лидзæг адæм сты. - Фæндаг нæ зонынц æмæ хъуамæ мах æфцæгыл ахизой. : - Уыдон лидзæг адæм куы уаиккой, уæд Рукъ, кæнæ Сы- байы æфцæгыл æнцондæр хизæн у. ’ - ^ Уалынмæ адæм æд фос, æд фæллой æрлæууыдысты хъæ- угæрон фæзы. Уайтагъд сæ минæвар баиу уынджы тæрхон- гæнæг адæмимæ. Йæ алыварс æрымбырдысты. Бирæ дзу- ринаг хабæрттæ йæм уыдис, фæлæ дзуапп лæвæрдта æр- мæст фарстытæн. Ныр хъæубæстæй ничи уал гуырысхо код- 302
та, лидзын сæ бахъæудзæн æви нæ, ууыл. Афтæ сæм каст, цыма ныр фервæзтысты алыгьуызон фæндтæ нывæнды- нæй. Бæлццон тыхстæй дзырдта йæ хабæрттæ. Ныр дыккаг бон фæндагыл бафæлмæцыдысты. Уый дæр ма цы фæнды фестæд, фæлæ, дам, нын нæ хъæутыл арт æндзарынц, арт, цыма сæ æдзæрæгæй цы бахъыгдардтаиккой. - Уый дын ног хабæрттæ. - Адæм нæ, фæлæ сырдтæ. - Æвæццæгæн сæ а-дыууæ боны ардæм хъæуы. Адæмæй бирæтæ дзырдтой сæ хъуыды. Фæстагмæ дзы ныхасы бирæ нал аззад, атындзыдтой бинонтæн ног хабæрттæ радзуры- ны тыххæй, стæй фæндагмæ ныр æнæгуырысхойæ цæттæ кæнынмæ. 18 Аслан æмæ Хазби хæдзары баййæфтой Сæлимæты сы- вæллæттимæ хылгæнгæ. Аслан уыцы иу цыдæй къæбицмæ бахызт, уырдыгæй мæнг агъуыстмæ. - Æвæццæгæн та фыдуаг кодтат, - Хазби сæ дыууæмæ дæр батылдта йæ амонæн æнгуылдз. - Фыдуагæй цух не сты, æппын сæм ницы хъары, нæ дæр сабыр ныхас, нæ дæр схуыст. Адæм иуырдæм, уыдон та уынгты хъеллауыл бафтыдысты. - Куыд сты уæ хабæрттæ, нæма срæвдз стут? - Цы срæвдз кæион, уымæн дæр ницы зонын, фыны архайæгау, мæхи раппар-баппар кæнын хæдзары къуымты, зæронд дæр нырма ницы сæрфат кæны, æрмæст мадзурайæ йæхи цы фæкæна, уымæн ницы уал зоны. Абон райсомæй йæ дзоныгъ бацалцæг кодта æмæ уæдæй ардæм хæдзары тæфтыл дæр нал ауад. - Цæуыл хъуыды кæнын, уый зоныс? Афтæ мæм кæсы, цыма Илас æмæ Исмел цæуынвæнд нæ кæнынц. - Цæмæн ацæуой, - Сæлимæт дæр сын цыма сæ фæндтæ рагæй зоны, уыйау цæхгæр фæлыг йæ хъуыды, - хъыг да- рæг сæ мыййаг куы нæ уыдзæн. Уыдон мах хуызæн æдылы- тæ не сты, сæхицæн бадынц æнцад æмæ сын куыд хуыздæр у, афтæ аразынц. Тымбыл къух тилынæй пайда куы уаид, уæд æй махæн ничи уадзы. Цы уынгæджы фестæм мах уы- дон уæлдай, цæй тыххæй æвзарæм ацы дудгæбæттæ. - Цæй, ныр уал уыдон кой уадзæм, рæстæг йæхæдæг æп- зоз
пæт дæр æвдисдзæн, фæлæ уемæ хæссинаг цы стут, уыдон йедтæмæ иннæты дæр æфснайын хъæуы. Уæд та ницæмæ февнæлдтой, цы нæ рцæуы царды, уæд ма сæ æнæхъуаджы та цы хæлæттаг кæнæм. Уæ къутуйы ма цы хор ис, уый лæууæт, цыхтытæй уемæ кæй айсат, иннæты æд хæндыг ны- вæрæм къæбицы уæрмы, дзаумайæ, мигæнæнæй - алцы дæр баззайдзæн ам æмæ сыл дуæрттæ ныхгæндзыстæм. - Мигæнæнæй æндæрæй сæ иууылдæр дæлбазыр æмæ къæбицы ныфснайдзыстæм, - дзургæ баздæхт хæдзармæ Аслан. - Мах дæр раст ахæм фæндтæ кæнæм. - Сымах бæргæ фæндтæ кæнут, фæлæ уæртæ фаллаг фарс цы адæм æрынцад, уыдон æппын хабæрттæй нæ афар- стат? - Уæдæ сын цы ми бакæнæм, æппæт ахæссын нæ бон нæ бауыдзæн, æфцæджы сæрты нæ хизын хъæуы æмæ уæддæр æнæпайда фæуыдзысты, - Хазби сыстад æмæ ныхас кодта лæугæйæ. - Ам чи баззайа, уый дæр хæдзарыл хæцинаг кæй нал у, уый дæр уæ рох ма уæд, фæлтау ма ам цы мур, цы згьæл зайы, уыдонæй нывæрдзыстæм уæрмыты, зынг сæм куын- нæ бахæццæ уа, афтæ. Æнæфыдбылыз æгас хъæуы хæдзæрттæ куы баззайой, уæддæр дзы махæн аирвæзæн нæй. - Цæмæй йæ базондзысты мах у, æви æндæр искæй? - Хазби ацы фарст куыддæр радта, афтæ фæхатыд, рæстмæ йыл кæй нæ ахъуыды кодта, уый. - Кæд нырма лæппу дæ, уæддæр дыл æмбæлы арф дæр хъуыды кæнын. Нырма ардæм не рбахæццæ сты, фæлæ, чи кæм цæры, уый зонынц, æгæрстæмæй бинонты дæр номгай, стæй сæм хабархæсджытæ дæр разындзæн, уый тыххæй тыхсгæ ма кæнут. - Адæм кæм лæууой, уым мах дæр фæлæудзыстæм. - Уый æндæр ныхас у, ды т^ мын аргъæуттыл схæцыдтæ. Асланы уынаффæйæ афæрсынц канд йæ бинонтæ нæ, фæлæ хъæубæстæ дæр. Ады хатт цыдæргъуызон æрны- гъуылди йæ намысы раз, цыма йæм уынаффæгæнæджы ном æппындæр не мбæлы, уыйау. - Хазби, мæ дзаумæттæ мын хицæнæй æрывæр. - Цæмæн? Дæ уæлæ цы кæныс, иннæты куы бафснайæм, уæД хуыздæр нæу? - Мæхæдæг сæ бафснайдзынæн. Дæ разы уыцы худ æмæ 304
рон дæр мæнæ уыцы рдæм æрбаппар, фæлтау сывæллæтты чи хъæуы, уыдон фылдæр бафснайут. Хазби дæр хибарæй æвæрдта, Асланы номыл дзы цыдæ- риддæр дзаумæттæ уыдис, уыдон. Бады Аслан, цæргæцæрæнбонты фыны фенынæнхъæл дæр кæмæн никуы уыдис, уыцы нывтыл хъуыды кæнгæйæ. Цæмæйдæриддæр тарст, уый йæ баййæфта, уары йæ када- вар бинонтæй, цума зæгъын йæ цæст кæмæн нæ уарзы, уы- цы сывæллæттæй. Уары... Æнæфæхицæнгæнгæ сын нал ис. Уый раджы аскъуыддзаг кодта, фæлæ хъуамæ æмбæхстæй лæууа зæрдæйы, æндæра уынаффæгæнджытæ æгæр сбирæ уыдзысты. Йæ хæдзары бæстыастæу фæзындис «Дæу у, мæн у», уæртæ стымбыл сты къуымы кæрцæй, нымæтæй, зæн- гойæ, худæй. Ныртæккæ сæм баиу уыдзысты хæдзары ас- тæуккаг цæджындзыл ауыгъд сау арæзт хъама æмæ рон дæр. Йæ хъримаг æмбæхст у, Бесойы лæвар сæрбахъуыды рæстæджы сисдзæн йе вæрæнæй. Быдырæй йæ æрхаста сæрмагондæй Асланы номыл. Æниу дзы кæнгæ та цы кæны, фæлæ хæцæнгарз рагæй дæр йæ зæрдæйæн цахæмдæр æвæ- джиаг ныфсы æмбæлццон у, раст ын цыма йæ рухс бæл- лицты фæндаг амонæг у, уыйау. - Бесойы дзаумæттæн та цы ми бакæнæм? - Хазби систа дæрдджын цухъхъа æмæ йæ æвдисы Асланмæ. Лæджы цæстытæ ацъынд сты, йæ сæр разылд æмæ мадзурайæ банцой кодта къулыл. Хæлы, сæфы хæдзар, гæнахы хуызæн къултæ змæлынц, аххæрæгæн йæ къæс-къæс цæуы. Æрыввахс царды кæрон, бинонты адзал, хъæубæсты сæфт, æргом йæ мондæгтæ уа- дзынмæ рацыди фыдбылыз. Сослан æмæ Алан æрбацыдысты уынгæй хъæлдзрегæй, дзурынц æз фæраздæронæй. - Дада, Дада, мах фаллаг фарс уыдыстæм. Махы йæстæ дæр дзы ис. - Махыйæстæ нæ, фæлæ ноджы гыццылдæртæ. Нæ федтай иу ус йæ сывæллонæн дзидзи куыд дардта? - Федтон, фæлæ йын йæ фæччийыл чи хæцыд, уый дæр махæй гыццылдæр уыд. Дыууæ лæппу хæдзары астæу дзаумæттæ калдæй куы федтой, уæд цалдæр зылды æркодтой сæ алыварс, чи дзы йæ зæронд дзабырмæ фæкомкоммæ, чи йæ дæрдджын худ- мæ æмæ сæ скъæфæгау кодтой: «Мæнæ уый мæн у», «Мæнæ уый та мæн у». Дзаумæттæй кæмæ цы бафты, уый абары йæ
уæлæ æмæ та зæрдиагæй,ныххуды, сæ зæронд хæррæгътæм кæсын сæм каст тынг диссаг. - Уæ фыдуаг митæм та ма бахæццæ ут, фæлæ æнцад, ам уæ ницы хъуыддаг ис, - Сæлимæт лæппуты къухтæй аиста дзаумæттæ æмæ сæ фæстæмæ баппæрста иннæты сæрмæ. Аслан сабиты хъæлæбамæ ракаст йæ цæстæй, зæрдæйы рыстæн ныры онг никуы ницы базыдта, фæлæ йæ цыма æлхыскъ кæны, афтæ йæм фæкаст, йæ уæнгтæ æрлæмæгъы- сты. Чысылæй фæстæмæ бирæ æууæрдæнты чи сфæлтæр- дта, уыцы адæймагæн фæлыгъдысты йæ царды хъуыдытæ, фæтасыди йæ ныфс, йæ хъаруйы суадæттæ фесты хус кæ- нынмæ, æрмæст ма баззад æнæуд буар æмæ ма дзы æнæ- бары тæлфыд, цард бирæ чи уарзы æмæ йыл кæронмæ æну- выд чи у, уыцы тæрйгъæддаг уд. Уый дæр рæдзæ-мæдзæ кодта къонайы сæфтыл катæйттæгæнгæ, ныссаджилтæ мæ- гуыр уæзæджы æнæбары хъысмæт æмæ дзы чи кæцырдæм ч фæфардæг, уый нæ зыиы тар мигьы фæлмæй, хъæубæстæ уынаффæгæнæг кæмæ фезгъорынц, уыцы куырыхон лæгмæ дæр. «Цы чындæуа? Цымæ цавæр уыдзæн нæ сомбон?» Ацы дыууæ фарсты ныссагъдысты сæры, зæрдæйы æмæ нал ко- мынц сласын. Асланæн сабиты æнæмæт, хъæлдзæг ныхас рахъуызын кодта йæ цæсты сыг, æрмæст хурсыгъд æнцъыл- дтæ уадултыл не ’руад, фæлæ ныххауд мæты дзæкъулмæ. Бесо æмæ йе ’мбæлттæй кæй ницы хабар хъуысы, уый зæр- дæйы арфдæр уидаг куы фæцагайы, уæд акæлы лæджы сур хид, тæлм абады катайгъуыз цæстытыл. «Æвæццæгæн сæ бон ницы баци, кæнæ бабын сты, æндæра ацы адæм лидзи- наг цæмæн фесты, сæ цæст та сыл никуы схæцыдаид?» Кæм агура ныр ацы æнæрайы фарстæн дзуапп? Чи йæм фæуы- дзæн хабар хæссæг. Нырма мæгуыр ничи... Фæлæ дæ бахъ- уыди сæр фæдисон зæронд лæг, фидар фæлæу, дæумæ кæ- сынц бинонтæ, хъæубæстæ, ма равдис дæ хъынцъым, дæ ка- тай, нæлгоймагыл не ’мбæлы зындзинæдты уаргъы бын цудын. Аслан бады тæрхæгыл. Хатт ын йæ хæццæ-мæццæ хъуы- дыты хал фескъуыны сабиты хъæлæба. Уыдонмæ сæ мæ- гуырдзинад, дуджы хъысмæт хъаргæ дæр нæ кæны, тæху- диаг у сæ зонд, сæ зæрдæйы хатт. Сæ уарзт, сæ фыдæх нæма фезнæт сты кæрæдзимæ, нырма æнæхъыгдаргæйæ æрви- тынц сæ бонтæ, кæд сын хатт хъæлæбамæ асайы, уæддæр. Аслан кæсы сабитæм æмæ сæм иуæй хæлæг кæны, иннæ- 306
мæй та сын тæригъæд кæны. Уыцы кар æнæуый дæр бæл- лиццаг у, фæлæ йæм фæстæмæ раздæхæн нал ис. Бонтæ згъорынц, азтæ цæуынц, æрмæст æрвыл бон хурскаст æмæ хурныгуылдау не сты уыцы иугъæдон, алчи дæр дзы йемæ ахæссы цæрæнбонтæй иу сызгъæрины къæртт, адæймаг æй нæ фæхаты, афтæмæй. Бæргæ ма йæм ферттивынц ивгъуыд дугæй уыцы бонтæ хæзнайау, бæргæ ма сыл рахæссы бæл- гæйæ йæ цæст, фæлæ ницы уал, баззайынц ма æрмæст мы- синæгтæй. Цы ис мысинагæй Асланы ивгъуыд бонтæй та? Æрмæст дæр уый æмæ, мæнæ ацы сабитау, не ’мбæрста, царды худын æмæ кæуыны сæр цæмæн бахъæуынц, уый. Нæ хатыд уарзт æмæ фыдæхæн æмхуызон сæ бон уидæгтæ уадзын, тау кæнын кæй æнтысы, уый дæр. Бæргæ сæ ныр дæр куы нæ хатит, уæртæ дуджы сæфт худын кæмæ кæсы, уыцы сабитау, фæлæ кæм ис ахæм хæрзиуæг, уый раскъæф- гæйæ нæ вæййы. Аслан арæх рамæсты вæййы йæ раг фыдæлтæм. Йæ абоны тыхст уавæрæй уыдонмæ бирæ хауы. Иæ кæцыдæр фыдæл быдырæй æрлыгъди ардæм хæхты хъæбысмæ йæ цард бахъахъхъæныны тыххæй, йæ къух аирвæзт цавæрдæр тугцъирмæ æмæ ма йын кæм уыд цæрæн уыцы хъæуы нæ, фæлæ комбæсты дæр. Æниу ын ам ницы уадиссаг фенцондæр, фæлæ уæддæр тугисæг йæ фæстæ нал зылди. Уый хыгъд æй алырдыгæй æрбалвæста цард. Цард зæххæй у æмæ дзы хæхбæсты æнæуый дæр уадиссаг никæ- мæ уыдис, уæд дзы æрцæуæггагмæ цы хъуамæ æрхаудтаид, фæлæ тыхст лæгмæ бакæсгæйæ, чидæртæ йæ рихитæ аздых- та. Афтæмæй Асланы фыдæл æрфысым кодта Иласы фыдæ- лмæ. Уæдæй ардæм рацыд бирæ азтæ. Базæронд ныр Аслан дæр, фæлæ æдæрсгæ риуыдзаг нæма сулæфыд, уæддæр табу хуыцауæн, кæдæй-уæдæй сын цалдæр азы размæ бантыст иу угæрдæн æмæ хуымы гæппæлæй «Мæн сты» зæгьын. Уый дæр чъызгæйæ. Æрцæуæггаджы ном сæ нал æмæ нал хицæн кодта, цыма иннæ цæрджытæн уыцы зæххытæ хица- уы лæвар уыдысты, уыйау. Чысыл, зæгъгæ, искæмæ фæзул- дзых, уæд-иу ын фидисгæнæгау йæ цæстмæ бадардтой, æрцæуæггаг кæй сты, уый, ома дæуæн дæ хъæлæсы бартæ къаддæр сты æмæ хъуамæ дзурын ма уæндай. Афтæмæй Аслан йæхæдæг дæр батыдта йæ бонтæ æмæ хатт ахъуыды кæны, йæ фыдæлтæй хъауджыдæр уый йæ кæстæртæн цы хæрзиуджытæ уадзы, уыдоныл. Мæнæ ацы сæгæйдзаг хæдзар, уыгæрдæны гæппæл, иу бонгæн хуым- 307
зæхх, галавæр, мигæнæн авæрæй цæрын? Хæхбæсты зæххы- тæн айвазæн нæй. Иласмæ дзы дзæвгар ис, мæнæн, дам, мæ фыдæлтæй баззадысты. Йæ хæдзары змæлæг нæй, кусгæ сæ адæм кæнынц, афтæмæй, дам, æнæ мæ бафæрсгæ хъæдæй суджы къæцæл дæр мачи хæссæд. Чысыл æм фидар фæлæу- уыдтæ, уæд та худисæнæй ахизы хъæстмæ. Æниу ацы фæстаг рæстæджы Асланмæ йе ’взаг тынг аскъæрдта, фæлæ йæм уыцы ахаст æппындæр ничердыгæй хъардта, уымæн æмæ цы маргъы мыггаг у, уый рагæй зоны. Бесо йæхи зонын хъом куы фæци, уæд ыл йæ уырзтæ æруадзынмæ бæргæ хъавыд, хъуамæ йæ сонтæй бакодтаид йе ’фсондзы бынмæ, Аслан иугæр йæ фыртæн æндæр уы- наффæтыл куы схæцыд, уæд уайтагъд разындысты Иласы дæндæгтæ. Бесо æрыгонæй райдыдта æфтын йе рвадæлтæм фæсхохмæ. Иурæстæджы цалдæр азы сæхимæ цæугæ дæр нал æркодта æмæ ахауд Иласы къухæй. Уыцы маст ын нал æмæ нал сысти. Иу заманы йыл афæлвæрдта æфсады бами- дæг кæныныл дæр, хъæуыхицауæн ма кусарт дæр акодта, фæлæ та лæппу йæхи айста фæсхохмæ, хуынд та доны къу- сы сæфт фæци. Уый хыгъд ын тæлфын нал суагъта й& хойы æмæ йæ цардæмбалимæ цардысты йæ дæлбазыр, куыстой, сæ бон цы уыдис, уымæй, æххæссыдысты сæхи æмæ Иласы змæлдыл дæр, фæлæ сын цæрын нæ бантыст. Иугæр лæг империалистон хæстмæ куы ацыд, уæд сыл- гоймаг иуæй йæ зæрдæмæ мæт айста, иннæмæй хæххон уæззау куыстытæ æмæ нал ссис йæ сæрæн, афтæмæй дыууæ ныййарæджы ницы уал федтой сæ дыууæ хъæбулæй. Илас ныр та лæууыд йæ къæхтыл Азау æмæ Хазбийы ны- фсæй. Кæд æргом ницы дзуры, уæддæр сæ йæ мид-зæрдæйы йæ хæдзардарджытæ хоны. Йæ фырт офицер у, арæх æм нæ цæуы æмæ йыл уый бæрц йæ зæрдæ дæр нæ дары, нырма йæ бындар дæр никуы рахуыдта, кæд æй паддзахадæй исты æххуысы сæр бахъæуа, кæннод æй уадиссаг никуы абæрæг кæны. Ныр дæр сарæзта йæ хъуыддаг æмæ кæд Зурабæн ни- цы загъта, уæддæр йæ ном акарста, гæххæтгфысджытæ йæ чи дæ, кæцондæйæ куы афарстой, уæд. Иугæр куы бамбæр- ста, хъæубæстимæ тызмæгæй ницы рамбулдзæнис, уæд райдыдта дæрдтыл зилын, фæлæ йын Аслан хорз зоны йæ дæргъ дæр æмæ йæ уæрх дæр. 308
19 Аслан бады тæрхæгыл, кæсы Сæлимæты тæлфынмæ, бафæллад сылгоймаг, хъыг æй дарынц лæппутæ дæр. Хатт зæронд лæджы бахъæуы афæрсын æмæ уæд, æмбаргæ лæг- тау, семæ райдайы ныхас кæнын. Уыдон та йæ уæд сæхир- дыгонау фарстытæй сфæлмæцын кæнынц æмæ та сын раса- йы схуыст ныхас. «Кæс ма, кæс ды ацы дæлимонтæм, æнцад-æнцойæ ба- дынц сæхицæн, нæ дæр сæ лидзыны мæт ис, нæ дæр адæмы тыххæй иу дыуузе ныхасы зæгъыны мæт, - уый Илас æмæ Исмелæй зæгъы Аслан, - а Илас ма цы у, уый у, фæлæ Ис- мел та цы систа, Исмел, хæрæг бæхты къæхты хъæрмæ куыд сира, уыйау зæххыл куы нæ уал хæцы». Исмел йæхи радав-бадав кодта, куы иуæрдæм байхъусы, куы иннæрдæм, фæнды йæ алкæй хъуыды зонын, фæлæ йæ къухы не ’фты уыцы бæллиц зæрдæйы фæндиаг. Иласимæ кæрæдзи хорз бамбæрстой, фæлæ дзы цымæ хъæубæстæ та цы дзурынц? Ацы фарст æй æнцой нал уадзы. Æниу дзы æвзæрæй чи цы хъуамæ зæгъа? Йæ фырт бафтыд лидзæг адæмимæ. Исмел та зæронд лæг у, йæ ныфс нал хæссы æф- цæджы сæрты æмæ аскъуыддзаг кодта: сæфон, рæзон, уæд- дæр мын нæй ардыгæй фезмæлæн. Лæппуйы тыххæй та йæ хъуыдыйы кæрон дæр нæй дзуапп дæттын. Алкæмæн дæр йæ бар йæхи у, æрмæст сын зæгъдзынæн: Æвзæргæнæг нæу, йæ къухмæ хæцæнгарзы охыл кард дæр никуы райста, фæ- лæ йæм зын каст дуджы зилдухæнты ’хсæн йæ фæндаг агу- рын æмæ уал рæстæгмæ йæхи айста, стæй та бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы, цард тæбæгъы донæй уæлдай нæу, чер- дæм фæкъул уыдзæн, уый ничи зоны. Донæй йедзаг тæбæгъыл хæцы Исмел дæр, йæ цæстытæ ирд, рагæпп æввонг, тæрсы, нæ хаты, дон чердæм фæкъул уыдзæн, уый, æниу ын æнæкæлгæ кæй нæй, уый тынг хорз зоны æмæ йæ къухтæ ризынц, дыз-дыз кæнынц уæрджытæ, зæрдæ хаттæй-хатт æгæр ныххойы риуы фæйнæг. «Цы ми бакæнон? Чи нын фæуыдзæн цæстуарзон уы- наффæгæнæг?» - ацы фарстæн дзуапп агурæг зылди хæ- дзари-хæдзар, уынгты, фæндыдис æй сабийæ зæронды кар- мæ алкæй хъуыды базонын дæр, фæлæ кæс, иунæг дзуап- пыл дæр никуы банцой кодта йæ зæрдæ. Тынг æй фæнды Асланимæ абадын, йемæ аныхас кæнын. Уымæн уæддæр змæнтджытимæ цыдæр иудзииад ис æмæ йæм хабæрттæ 309
хæссæг дæр уыдзæн. Исмелмæ афтæ каст, цыма Аслан йæ зæрдæйы цы сусæгдзинад нывæрдта (æниу дзы цæй сусæг- дзинад уыдис), уый у йе сафæг, йæ фыдбылыз æмæ дзы нæ дæр лидзын уæнды, нæ дæр йемæ ныхасы бацæуа, уый йæ ныфс хæссы. Аслан куы сыстад æмæ ныхасæй куы араст, уæд Исмел дæр йæ фæстæ хъуамæ ацыдаид, кæд суанг хæдзары онг нæ, уæддæр уынджы фæзилæнмæ, фæлæ йæм ацы хатт фæкаст æгæр карз тæрхоны лæджы хуызæн æмæ саби тызмæг хис- дæрæй куыд æмбæхса, афтæ аивæй йæхи айста хæдзармæ. 20 Аслан бады тæрхæгыл. Йæ хъуыдытæ куы хæдзары къуымты азилынц, куы уынгмæ атæхынц хæдзæрттыл рад- гай зилгæ, фæлæ сыста æмæ истæмæ февнала, кæнæ Хазби- йы фарстытæн, куырыхон лæгау, дзуапп радта, уый йæм ка- сти тынг зын æмæ цавæрдæр æнæнхъæлæджы хæрзиуæгмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ ноджы нырхæндæг. Уæдмæ бацыд Азау дæр. Сæрбахъуыды рæстæджы адæй- маджы фарсмæ ныфсы охыл чи фæнды балæууæд, уæддæр æхсызгон вæййы зæрдæйæн. Чысыл йæхиуыл схæцыд Аслан дæр, фæлæ йæ бинонты, йæ кæстæрты амондмæ кæсынæй мыййаг нæ... Кæмæн цы ракодтой уый бæрц? Цæмæн фæлдахынц сæ къуымтæ рыст зæрдæ æмæ цæссыгкалгæ. - Баба, Баба, цы дæхи ауагътай, адæм цы кæной, мах дæр уый, - Азауы ныхасæн Аслан куы ницы дзуапп радта, уæд æм чызг бацыд хæстæгдæр. - Мах иууылдæр дæ ныфсæй фидар лæууæм, Дада, фæлæ ахæм цæстæй ма кæс, сæфæм, аразæм, уæддæр хъæлдзæг зæрдæйæ, - чызг ныххудт æмæ та æрлæууыд Сæлимæты фарсмæ. Зæронд лæгмæ аив дард- та йæ цæсты зул æмæ йын йæ цæсгомыл куы фæхатыд æх- цондзинады фæдтæ, уæд æй рохуаты фæуагъта. Азау дзаумæтты ’хсæнæй систа Сæлимæты цыллæ кæл- мæрзæн æмæ цыма стыр амонд æмæ сæрыстырдзинады денджызы йæхи найы, уыйау æй æрбатыхта йæ уæхсчытыл. - Хъазынмæ нæ не ’вдæлы, фæлæ æрыфснай, - Хазби армытъæпæнæй асæрфта йæ ныхы хид æмæ ма иу хатт уыр- зтæй æрысгæрста бандоны баст. «Афтæ, гъе, хæйрæг дæр æй нал сыхалдзæн», - загъта йæхинымæр æмæ æрбадт æртыкъахыг ныллæг бандоныл. 310
Хæдзары дзаумæттæ, мигæнæнтæй цыдæриддæр йæ бы- натæй фезмæлыд - иууылдæр Асланмæ кастысты æнæбон удгоймæгты хуызæн æмæ сæм йæ цæст кæсын дæр нæ уар- зта, афтæмæй бадт аххосджынау. Йæ зæрдæйы рыст æмæ сагьæстæн кæрон дæр нæ уыди. Алцы дæр æм касти фынфе- нæгау. Сæлимæт, Хазби æмæ Азау къуымты æвæндон, фæл- мæцыдæй кæй змæлыдысты, уымæй бынтон фæрыстысты йæ фæллад цæстытæ. Йæ хъусты ныр кæдæй нырмæ зæлы, тыхст адæймаджы фæдисау, хæдзары мигæнæнты уынæр. Æвæдза, тыхджын у адæймаджы зæрдæ, æндæра куыд уромы мæнæ ацы æвирхъау нывтæ. Аслан йæ лæджы кармæ куы бахæццæ, уæдæй нырмæ суар ныуазы мæнæ ацы къæр- тайæ. Хъуамæ йæм æргуыбыр кодтаид, фæлæ йæ афтидæй куы федта, уæд йе уæнгтæ барызтысты æмæ дурдзавдау лæугæйæ баззад. Цыдæриддæр æм арæхстдзинад уыдис, уый равдыста уæртæ уыцы æртыкъахыг фынг аразгæйæ. Бинонтæ йыл сахуыр сты, фæлæ йæ æрбацæуæг æнæ рахат- гæ нæ фæуыдаид. - Ацы фынджы фарсмæ адæймагмæ хæрын дæр æрцæу- дзæн æмæ нуазын дæр. - Ацы фынг мæ куы дариккат. - Мæ хæдзары астæу ацы фынгмæ куы кæсин, уæд мæ хæрд дæр нæ хъæуы æмæ нозт дæр. Бирæ ахæм ныхасгæнджытæ уыдис ацы фынджы тых- хæй. Уый бирæ хæлар хойраг фæлæвæрдта фысымæй, уазæ- гæй. Ныр ма йæм исчи бакæсæд. Сау хуыз ыл бахæцыд. Бай- сыст йæ уæлийæ исгæ, бынæй ахадгæ бæркад. Цыма йыл адæймаг йæ мæгуыры къæбæр дæр никуы æрывæрдта, уый- ау нырхæндæг æмæ рохуаты лæзæры къуымы. Чи йæ кæ- дæм хъуамæ фæхæсса. Уымæй дзы, æвæццæгæн, ахсджиаг- дæр дзуамæттæ ис æмæ йæм уымæн ничи æвналы. Аслан сæумæцъæхæй фæстæмæ цы дзоныгъимæ архайы, уый йын чысыл уд бауагъта йæ уæнгты, райхъал йæ зонд, йæ хъуыды. Арвыл æрттывта хуры цæст. Стæм хатт-иу ыл сæхи бауагътой мигъы тъыфылтæ æмæ-иу уæд фæаууон, фæлæ та-иу уайтагъд йæ тынтæ, æмуырдыг алæугæйæ, сæхи асæрфтой зæххы уæлцъарыл. Мигътæн ма æххуыс кодта, цъитийы ’рдыгæй рæстæгæй-рæстæгмæ уæлæнгай чи цыд, уыцы сатæг дымгæ æмæ алцы нысæнттæй дæр бæрæг уыд, боныхъæд къæвдайы ’рдæм кæй ивы, уый. Зæронд лæг æрбадти дзоныгъыл, ног карст тамакойæ æрнадта йæ лулæйы æмæ йæм бадардта, иу æрцъыккæй йæ 311
фæздæг кæмæн акалд, уыцы бæмбæджы хуызæн бур зных. Аслан тамакойы фæздæг зæрдиагæй сулæфы æмæ йæ сындæггай рауадзы бурбын рихиты ’хсæн фæрсудзæгау. Йæ цæстытæ разылдысты дзоныгъыл раззаг хъæлæй фæстаг къæхты онг, æрысгæрста рæтæнагъды баст æмæ йæ кæд ныртæккæ цы балцæн хъæуы, уый хорз зыдта, уæдцæр æм каст æххуысгæнæг фæдисоны хуызæн, йæ зæрдæ чысыл кæ- уыл банцой уыдзæн, ахæм мигæнæн. Иугæр фæдисы цæуы- нæн бæззы, срæвдз тыхст заманы, уæд, кæй зæгъын æй хт>æ- уы, адæймаджы удæнцой æмæ æмбæлццон у, æххуысгæнæг. Асланы уæнгтæ гæзæмæ фæрогдæр сты, лæгъстæ кæнын æй никæмæн хъæуы, йæхи кæрты ис йæ кусæнгарз, галтæ дæр, табу хуыцауæн, иу йæхион, иннæ Хазбийы уæныг. Кæд исты хуызы хæццæ кæниккой æфцæгрæбынмæ, стæй иугæр фыдбылызæй тас куы нæ уал уа, уæд исты амæлттæй хилд- зысты, сæрдыгон фæндагыл кæд уый бæрц нæ фæтыхсик- кой. Æхсæв гæппы бæрц у æмæ кæмфæнды дæр сбон кæн. Амæйразмæ сын иу минæвар бæргæ хорз хабæрттæ фæ- кодта, фæлæ уый дæр лидзыны тыххæй ницы загъта. Адæм цы кæной, æз дæр уый, загъта та ацы хатт дæр Ас- лан йæхицæн, ныфс æвæрæгау, æмæ ныккаст йæ зæрдæмæ. Æниу кæуыл мæхи барын. Иласы фырт - паддзах лæг, мæ- нæн - змæнтæг, сусæгæй нæ, фæлæ бынтон æргомæй. Ис- мел - Иласы рахис цонг, мæнæн та мæ иузæрдион адæм, кæм цы мæгуыр æмæ гæвзыкк ис, уыдон. Кæд бирæ сты, уæддæр сæ бон ницы у. Аслан ауыгъта йæ къух æмæ, æххуы- сагурæгау, уæззау къахдзæфтæй араст мæнгагъуысты ’рдæм. Хуымгæнæнæй ма цы аззад, уыцы холладжы муртæ пыр- хæй лæууыдысты зæххыл, сæ хуыз фæсау, фосæй сæм смуд- гæ дæр ничиуал кæны. Кæрдæджы хъæстæ чи фæуа, уымæн зæронд хосмæ йæ зæрдæ нал фехсайы. Хосы мурты Аслан къахæй бассывта иу ранмæ, стæй сын сæ дзæбæхтæ, халгай æвзарæгау, æрывæрдта къуымы. «Æвгъау сты». Ацы хъуыды арæх февзæры йæ сæры. Ацы фæстаг рæстæджы йæ бынтон уæгъд нал уагъта. Аххæрæ- джы тъыст цалдæр сагой æмæ халамæрзæны. Уыдон иууыл- дæр йæхи арæзт сты. Курыны бæсты хи рæбынæй мигæнæн райсын, уый йæм стыр хæзнайы хуызæн кæсы. Йæхæдæг хæрзиуæгыл хорз у, гæнæн уæвгæйæ «Нæ» ницæмæй зæгъ- дзæн. Искæй къух ацаразын йæ уд, йæ дзæцц у. Æцæг хъыг дарын нæ уарзы. Дыууæ цæвæджы рагъæныл ауыгъд. Гæзæ- мæ сыл згæ фæхæцыд, рагон сты сæ цæвджытæ дæр, сæ 312
хъэедтæ дæр. Бирæ зиугарстыты бахаудтой. Асланы цæвæг- хъæдæн тынг слыстæг йæ галиу къухы бынат цыргъгæнæ- нæй. Агъуд никуы дардта, уæлдай дæр ихсыд цыргъгæнæн дурæн, цæвæг дæр сфæлахс, фæлæ йæ хъару хорз у æмæ йæ аппарын цæст нæ уарзы. Нырма иу-дыууæ азы æркæрддзæн Асланы хуызæн арæхстджын къухты. Бесойы цæвæг нырма ног арæзты хуызæн у. Дыууæ цæдисонау, лæууынц ауыгъдæй фæрсæй-фæрстæм цыргъи- сæн æхсæвмæ æнхъаглмæкæсæгау. Æниу сæ угæрдæн мæлæты стыр куы нæ у, фæлæ хосгæр- дæны тыхст рæстæджы сæрхъуаг адæм разыны. Зиу, дам, кæнын æмæ адæм баххуыс кæнынц, фæкæсын кæмæ хъæуы, уыдонæн, стæй йæ фырхъалæй зиутæ чи кæны, уыдонæн дæр. Аслан цæвæгхъæдтыл йæ къух авæрдта. Уыдон кæрæдзи- йыл аныдзæвдысты æмæ сæ зæлланг райхъуыст, дуджы знæт цауты хабар ивгъуыд дугæн хъæстгæнæгау. Адон та кæдæм фæхæссон, ау, ам ауыгъдæй лæууой, уый бар сын нæй, æви адæймагæн ацы мæнг дунейыл бынтон дæр хъуамæ фесæфа йæ фæд, йæ кой, искуы йын балæууæн уæзæг уыдис, уый дæр хъуамæ мауал разына. Лæг йæхи сындæггай æруагъта галы кæвдæсыл. Æх- сæвæй-бонæй уæзæгæй чи кусы, уый хъуамæ райсом та ан- цайа йæ фæллæйттыл æмæ ацы бынæттæ та баззайой сын- дзæрхæй, зила сæ дымгæ, хæлуарджытæ сæ алырдæм аны- вæндой сæ тынтæ, кæнæ та хъуамæ бауой зынджы хай. Асланы мæнг агъуыстæй кæртмæ йæ къæхтæ куыд раха- стой, уый не ’рхъуыды кодта, æрмæст ыл гæзæмæ уддзæф йæхи куы асæрфта æмæ, талынгæй рухсмæ рахизгæйæ, цæ- сты хуынчъытæ куы фæуынгæгдæр сты, уæд та зæрдæйы хъæдгомыл йæхи асæрфта дуджы тымыгъ æмæ лæг, тарф фынæйæ райхъалау рахиз къухы æнгуылдзтæй гæзæмæ асæрфта умæл цæстытæ æмæ æвæндон къахдзæфтæй схызт хæдзармæ. - Дада, ацы донхæссæнтæ æмæ къæртатæй цы кæнæм, кæдæм сæ хъуамæ фæхæссæм. Уæртæ сæ иу къуымы батым- был кæндзыстæм æмæ уым лæудзысты. - Куыд уын арæхсы, афтæ аразут, - Асланмæ цыма уыцы уынаффæтæй æппындæр ницы хаудис, уыйау æлхынцъ æр- фыгæй азылд æмæ та йæхи æруагъта тæрхæгыл, уырдыгæй нал сыстад суанг хурныгуылды онг. 313
21 Сæлимæт тынг фæллад уыдис, уæддæр балæууыд арын- джы уæлхъус. Йæ сæрмæ бæргæ æмгæрæтты нæ уагьта ацы уæзæгæй сыстыны хъуыды, фæлæ дзы йæхицæн сарæзта бынат æмæ сылгоймаджы зæрдæмæ, дойнаг дурау, хаста уазал. Мæнæ хыссæ цы арынджы сызмæста, йæ бинонтæн цæхджын хойраг кæм сцæттæ кæны, уымæй фæхицæн уы- дзæн, уыцы æнкъарæнтæ æнæсæрфат цоппайгæнæн хъуы- дыты сырдтой сæхицæй. Æгæрстæмæй хæдзары дзаумæт- тæй йæ бынатæй дæр никæй фæзылдта. Бесомæ зæрдæхса- йын ын бынтон басаста йæ тых. Ныр дзы цалдæр боны ни- цы хабар хъусы æмæ йæхицæн бынат нал ары. Хæдзары кæй афæрса, уый нæй æмæ рæстæгæй-рæстæгмæ рауайы уынгмæ ног хабар фехъусын æнхъæл. Бадынц, змæлынц бинонтæ къонайы алыварс. Ба- дынц æртæ фæлтæры: Аслан, Сæлимæт, дыууæ чысыл са- бийы, нæй сæм зæрдæйæ-зæрдæмæ бирæ дзуринæгтæ, кæ- рæдзи хорз æмбарынц. Сабитæн фаг сты, цæстæй кæй уынынц, уыцы цинтæ æмæ хъыгтæ. Æниу сæ æндæр æн- давгæ дæр ницы кæны, фæлæ Сæлимæтæн та? Уымæн ма йæ рæстуды бафæллайын кодтой æндæр сагъæстæ дæр. Мæнæ ныр дæр рæстæгæй-рæстæгмæ йæ хъус ада- ры уынгмæ, кæд æм мыййаг исты хабар хæссæг тагъд кæны, æниу æм æнхъæлмæ цас кæсы, тæрсгæ - бирæ фылдæр. Уыцы тас ын æхсыны йæ фæлмæцыд уды æмæ йын хатт фæхæццæ вæййынц йæ микæнинæгтæ дæр. Сæлимæты фæстаг кæрдзын цæхæры ферох, фынгыл хъуамæ æрæвæрдтаид цæхх. Дыууæ хатты раздæхт, фæ- лæ-иу æй æрдæг фæндагыл ферох, цæмæ раздæхти, уый. Аслан æппæт дæр уыдта æмæ æмбæрста, фæлæ ницы йæ бон уыдис баххуыс кæнын, уый нæ, фæлæ йæхи зæрдæ тынгдæр фæлмæцыд ахæм уавæрмæ кæсынæй, кæд хистæр фæлтæрты минæвары номыл уæлийæ бадт æмæ йæ хæстæ фылдæр уыдысты, уæддæр. Хатт цыма сæ бы- ны фæтасы æмæ та уæд акæсы фæйнæрдæм, æрымысы йæ сонты бонтæ, адæмы ’хсæн йæ кад кæмæн баззад, ахæм номдзыд адæймæгты. Æниу фæлтæрд у, зындзинæдты раз йæ сæр чи æркъул кæна, уыцы хæрис астæутæм нæ хауы, фæлæ сабитæ, сылгоймаг, бæлццæттæ..? Уыдон ын рази- лын кæнынц йæ сæр æмæ уæд куы йæ къухы фыдтæм февналы дæндагæй, куы та æртхъирæнгæнгæ алыгъуызон фæндтæн саразы тохы быдыр. 314
Зæронд лæг ныр та, сабитимæ ныхасыл фæлваргæйæ, йæ сæрæй суры æнæхъола сагъæсты, фæлæ кæм ко- мынц, кæм æй уадзынц цæлæнцой уысмы бæрц, алыр- дыгæй йын балвæстой йе ’уæнгга. Мæнæ йын цыдæр зæ- гъынмæ хъавынц æрхæндæг къултæ, хæдзары мигæнæн- тæ сты уайдзæф кæнынмæ рараст æввонг. Аслан Сæлимæты къухæй айста сыкъа. Тынг зын æм касти кувын, хуыцауы кой ракæнын, фæлæ нæ уыд гæ- нæн. Цадæггай схæцыд йæ сæрыл, базмæлыдысты был- тæ æмæ лæг цыдæриддæр загъта йæхи нымæры, йæ мид- зæрдæйы, уыдонæн оммен гæнæгау анызта арахъ æмæ сыкъа æрывæрдта фынджы тигъыл. Дфтæ ахуыр нæ уыди бæргæ, фæлæ, йæхицæй æмбæхсæгау, бадт мадзурайæ. Иунæг кæрдзыны къæбæр ахызти йæ хъуыры, æндæр æв- налгæ дæр ницæмæ фæкодта, фæбадт, цалынмæ лæппутæ хæрд фесты, уæдмæ, стæй хъуамæ сыстадаид, фæлæ йæм бауырдыг сты: - Дада, таурæгъ нын рагæй нал радзырдтай. - Нæ дæр дысон, нæ дæр абон. - Райсоммæ нын цы аргъау хъуыды кæныс, уый нын гъеныр радзур. - Радзур, радзур, Дада, - дыууæ лæппуйы кæрæдзи дзыхæй истой ныхас, афтæмæй бауырдыг сты зæронд лæгмæ. Асланы хъуыдытæ, алыгъуызон æнамонд цаутимæ хъæ- бысæй хæцæгау, фæлладæй здæхтысты се ’рхæндæг уæ- зæгмæ. - Цы кæнут, цы, Дадайы хуртæ, нал мæ ныууадзат, æви уын æндæр ницы куыст ис? Бахордтат æмæ уæ алчи дæр йæ хуыссæны батулæт. - Цалынмæ нын аргъау ракæнай, уæдмæ не схуыс- дзыстæм, - ацы хатт Сослан загъта фидар ныхас фыдæ- нæнгæнæгау. Аланы цæсгом фæрухс æмæ хæлиудзы- хæй каст Дадайы цæстытæм. Лæппутæ иугæр Асланы æгæр куы тыхсын кодтой, уæд сын сразы, фæлæ цы таурæгъ ракодтаид, цæмæй рай- дыдтаид, уымæн ницы зыдта æмæ та-иу уайтагъд йæ хъуыдытæ адзæгъæл сты. - Чысыл ма мæ бауадзут, чысыл, Дадайы къæбилатæ, ныртæккæ уын исты таурæгъ æрымысдзынæн, загъта зæронд лæг æмæ растад тæрхæгыл, рабадт, йæ иу дæларм Сосланы æрбатыхта, иннæйы Аланы. Къонайы арт æрнымæг, йæ сугтæ уыдысты фæуынхъус, 315
æрмæст ма куист зынджытæ рæстæгæй-рæстæгмæ тынг ферттивынц, фæлæ та сæ уайтагъд амбæрзы æртхутæг. - Чындз, къонайыл ма дæ разы уыцы дыууæ фастад- жы куы баппæрстаис, нырма раджы у, уæд та нæм исчи фæзынд. Сæлимæт суджы фастагæй асхъаудта цæхæр æмæ йыл дзуар æвæрдæй баппæрста дыууæ дæр. Йæхæдæг ацыд æмæ талынг къуымы архайдта сывæллæтты хуыс- сæнгæрзтимæ. «Хæрдхуызæй, дам, æртхуыз хуыздæр у, - загъта йæ- хинымæр Аслан. - Иугæр уæзæгæй фæздæг куы нæ уал кæла, змæлæгæй куы фæцух уа, уæд, æвæццæгæн, хæдзар цудынмæ фæцис». Æниу царциатæн се ’мбисонд сæхи, æнæхъæн горæт уы- дысты, сæ цæрæнуæттæ нырма дæр зынынц бæрæгæй, кæрдæг сыл схæцыд, фæлæ дзы кæддæр та цард фыхти цæджджинагау. Уæдæ цы фæуыдаиккой уыцы адæм? Знаджы амæттаг фесты æви низы хай? Нæ сæ баззад фæстагæттæн хабæрт- тæ фæдзурæг. Нал сын бантыст æххуысмæ фæсидын, суи- наг дугмæ фæдисы ныхъхъæр кæнын æмæ сæ царды сусæг- дзинæдтæ фесты дуджы аууон. Цы фæнды дæр фестæд, уæддæр рохуаты баззадысты, кæддæр адæм сæ фæрныг цæрæнуæттæ кæй хуыдтой, къæвда сыл чи нæ уагъта æмæ сæ уазалæй чи хызта, хæлар æмæ уазæг фæрныг фысымиуæг кæм кодтой, уыцы агъуыстытæ. Адæймаджы къухты фæллой æмæ царды фæндтæ фесты сыджыты бын, дуджы фæстæ. Æрмæст баззадысты æмбисондæн дзу- ринаг Царциаты диссæгтæ, фæлæ цы диссæгтæ уыдысты, уыдон абон дæр бæлвырд ничи ма зоны. Æвæццæгæ сын кæнæ низ разынд æгъатыр, кæнæ фыдгул. Фæлæ уæддæр райгуырæн уæзгуытæй лидзæг ничердæм фесты, æвæц- цæгæн сæ сæрмæ нæ бахастой æгаддзинад, фыды фарн цы бынæттимæ схæлар æмæ æппын æдзух йæ кувинаг кæмæн хæлар кодта, уыцы уæзгуыты ныууадзыны бæсты равзæрстой мæлæт. - Цымæ Асланы хæдзар дæр искуы рохы амæттаг афтæ фæуыдзæн, æрдæгхæлдтытæй хæмпæлы бынæй нал зындзысты йæ алайæдзаг къултæ. Фидæны фæлтæртæ йын йæ дурты хъуына стигъгæ кæддæр царды историйæн сæхи афтæ схицау кæндзысты? Æвæццæгæн сæ алкæй сæры дæр фидарæй лæудзæн иунæг хъуыды: Ам æнæмæнг 316
кæддæр уыдаид цæрджытæ, чидæр йæ зæрдæйы дзæбæ- хæн сарæзта цæрæнуат æмæ дзы æрвыста йæ царды бон- тæ, стæй, æвæццæгæн, бындурзылд фесты æмæ дзы нал рацыд змæлæг Царциатау. Мæнæ йæ быцъынæг фыдбы- лыз аразынмæ чи тоны, бæстæ къуыппæй-дзыхъхъæй æм- лæгьз чи кæны, уыдонæн цы хъæуы адæймаджы хъысмæ- тæй хъулау ахъазын, арт дыл бафтыдтой æмæ ууыл фæ- цис, цæрæнбонты фыдæй-фыртмæ цы æнæбары бынтæ фæкодтат, уыдонæн се нæфыст истори, дæхæдæг та азза- дтæ ихы сæрыл æмæ ма зæххыл лæууыс мардау удыгасæй. Асланы зæрдыл æрбалæууыд, ауалдзæджы партизан- тæн кæрдзын куы фæцæй хаста, уæд Иласы ныхас. Бæргæ дзы йæхи хызта, фæлæ йыл æнæнхъæлæджы хæрхæмбæлд фæцис, æрдузæй куыддæр хъæды къохмæ фæцæй хæццæ кодта, афтæ. «Дæ фæндаг раст». «Дæ хъуыддаг раст»-æй сæ салам бæргæ ахицæн, фæлæ уæддæр Илас фæхатыд Асланы балцы нысан æмæ йын нал басусæг кодта йæ хъуыды: Зæронд лæг дæ æмæ бабад дæ мæгуыр хæдзары, нал дыл фидауынц æрыгон æдылы митæ, стæй кæд хъуыддаг дæ дзæкъулмæ æрхауд, уæд сæфт дыууæ сæфт. Аслан ахæм фембæлды тыххæй ницы загъта партизан- тæн, фазлæ уæдæй фæстæмæ ноджы тынгдæр йæ хъус дард- та Иласмæ, уæлдайдæр-иу æм æцæгæлон уазæг куы фы- сым кодта, уæд. Рохуаты баззад ацы хабар. Цыма никуы æмæ ницы, уы- йау нал дæр сæ иу æмæ нал дæр се ’ннæйы зæрдыл æрыф- тыд. Афтæ кæй акæнынц: ныхас хъуамæ нæ дыууæйы ’хсæн баззайа, уыйау æй сæ дыууæ дæр арф ныфснайдтой сæ зæрдæты. Æниу Илас чи зоны искуы исты сулæфыдаид, йæ дæндæгты къæс-къæс цыд змæнтджытæм, фæлæ хорз зыдта хæццæ рæстæджы миниуæг æмæ, йæхицæн тæрс- гæйæ, хæцыд йæ дзыхыл. Асланы иууыл тынгдæр тыхсын кодта йæ хъæу, йæ хæ- дзар дзæгъæлæй ныууадзын. Мыййаг уыдон дæр цалын- мæ сæ дур-дурыл лæууа, уæдмæ дымгæ зилæнтæ æмæ ахстæттæ аразæн куы суой, стæй сын дуджы нысæнттæ сæ уæлае цы хабæрттæ фæфыстой, уый сыджыты бынæй къахинаг куы фæуа, хъуынайæ бæрæг кæнинаг, уæд ма йын чи базондзæн йæ хæдзар. Чи дзы цард æмæ сыл хъысмæт чердæм ахæцыд, уыцы хабæрттæ. Чи зоны ис- чи гæххæтты дæр ныффысса, ома æнæсæрæнтæ уыдысты æмæ сæ чидæр æфцæгæн фæфалийæ кодта, æндæра ца- 317
вæр диссаг æрцыдис æгас хъæубæстæй иу къахыл цæуæг куыннæ рахызтис, æниу иугæр адæймаг цыртытæ ара- зынмæ фæгæрз, уæд царды къахдзæфтæ æмæ фæзилæн- тæй иунæгæн дæр нал фесæфдзæн йæ фæд, æппæт цаутæ æмæ хабæрттæ хиздзысты фæлтæрæй-фæлтæрмæ. Алан ма йæ цæсты уæлтъыфæлттæ тыхæй урæдта, йæ сæр цалдæр хатты фæзæбул, фæлæ та-иу фехъал, раз- мæ фæцудгæйæ. Цалдæр хатты йæ цæстытæ аууæрста мустучъийæ, комивазгæйæ цалдæр хатты скаст Дадамæ, ома тагъддæр ма райдай дæ таурæгътæ. Сæлимæт бады къонайы цæджындзы аууон. Абондæр- гъы тынг бафæллад. Талынг къуымтæ йын æрхæцыдысты йæ сагъæсты базыртыл æмæ, фæллад бæлццæттау, сæхи æруагътой къонайы фарсмæ. Сылгоймагæн æхсæвы тар хаста цахæмдæр æхцондзи- над, нæ йæ тыхсын кодта сомбоны æнхъæлмæ кæсыны бæллиц. Афтæ йæм каст, цыма тар æхсæвы нуæрстæй баззайдзысты æппæт æнамонд хабæрттæ æмæ фыдбылыз- тæ, афтæмæй хæрам æмæ фыдæхыл бафтдзæнис æнусон хуыссæг æмæ сæ. бон нал уыдзæн адæймаджы удæй хъу- лау хъазын. Фæлæ та ахæм хъуыдыйæ дæр фестъæлфы Сæлимæт æмæ йæ мид-зæрдæйы йæхи бафæдзæхсы иунæг стыр хуы- цауæн æмæ бынæтты фарнæн. Мæгуырдзинад, тар æхсæ- вау, гамхуд дары. Уадз бонрухс æмæ йын хуры тын ба- хæцыд йæ хурхыл, хурты-хурзæрин ахæм арфæ ракæнæд æмæ амæй боны цъæхмæ бæстæ къæссавæлдæхт куыд фæуа, ацы мæйдары фыдгул сæрсæфæны хай куыд бауа. Асланмæ нæ уыд аргъау дзурыны зæрдæ, æрмæст æй фæндыд, йæ тыхстдзинад ын чи сыхæлдтаид, ахæм ны- хасыл бафтын, фæлæ кæимæ? Сывæллæттимæ, сылгойма- джимæ? Ахæм рæстæджы хъуамæ адæймагимæ исчи тых- са, æмбара йæ æмæ уæд маст дæр фæдих вæййы. Зæронд лæгмæ цыма къуымтæй ныртæккæ, сау æндæргау, фыдæл- ты уынаффæгæнджытæ рахиздзысты, уыйау-иу куы кæдæм фæкомкоммæ, куы кæдæм, фæлæ та-иу ын къонайы арт æрбамбырд кодта йæ хъуыдытæ æмæ-иу уæд аивæй бакаст Сæлимæтмæ дæр. Сылгоймаг бадт къонайы цæджындзы аууон æмæ каст цæхæры зынджытæм. Мæнæ, зæгъгæ, уыдон æрны- мæг сты, æвзалыйы æрдæм фесты, уæд ыл, зæйау, ракæл- дзæн мæйдар æхсæвы æнахуыр фыдбылыз æмæ æгас би- нонтæ фæуыдзысты йæ быны. 318
Дыууæ лæппуйы хъеллæуттæгæнгæ сыстадысты æмæ мады ’рдæм сæхи байстой, сылгоймаг сыстад æмæ сæ ра- зæй ацыд стыр хæдзары иннæ къуымы тæрхæгмæ. Иугæр дыууæ лæппуйы хуыссæны куы батылдысты, уæд йæхæдæг та, Аслан йæхи кæд æруадздзæн, уымæ æн- хъæлмæ кæсгæйæ, æрбадт сæ дæлфæдтæм æмæ æрттæ дæлармæй къулбæрзæйæ каст зæхмæ. 22 Аслан къонайы артмæ бирæ фæкаст æдзынæгæй, стæй та ног карст тамакойæ цалдæр хатты арф сулæфыд æмæ цадæггай йæхи байста тæрхæгмæ, Хъæдын цырæгътæ раджы фесты сыгъд, рухс ма ко- дта къонайы арт, фæлæ уым дæр нал зынди суджы ныв- тæ æмæ хæдзар едзаг кодта талынгæй. Сæлимæтыл дæр хуыссæг фæтых æмæ æд дзаумæттæ йæхи æруагъта са- биты фарсмæ. Зæропд лæг хуыссы уæлгоммæ, фæлæ йæм, марадз зæгъ, кæд хуыссæг æввахсдæр цæуы. Хæдзар цас талын- гæй-талынгдæр кодта, уый бæрц йæ хъуыдытæ та кодтой фылдæр æмæ знæтдæр. Иу фæдисон фæцыд йæ у&зæгæй, фæлæ дзы хабар нæма æрбахæццæ бинонтæм. Æниу ма дзы хабар дæр чи райсдзæн. Сылгоймаг æмæ дыууæ сабийы сты æмæ сыл райсом хъуамæ схæца æмæ сæ æфцæгæн фæфалийæ кæна Уæд та Бесо, йе ’мбæлттæй исчи куы фæзынид, науæд та хабар. Уавæр уыдон хуызæн ничи зонит бæргæ. Ай цар- циаты æмбисонд нæу, хъуамæ, дам, сыстай, ныууадзай, дæхи фæллойæ цы æнæбары бынтæ фæцарæзтай, уыдон æмæ ахизай æфцæджы сæрты. Цымæ кæм ис хуыцау, цæ- уылнæ йæм зыны зæххон цард, цы фесты адæймаджы рæ- сугъд царды фæндтæ, цæмæн фесты тыхмийы амæттаг. Асланы зæрдæ рыстис фырмæстæй, йæ хъустыл азæлы- дысты хъуыстгонд хъæбатыр лæгты нæмттæ, сæ номыл цы зарджытæ баззад, уыдон мативтæ. Уыдон бæргæ сæ хо- тых никуы раздæхтой фыдгулæй, æгады бæсты мæлæты цæстытæм кæсгæйæ, худтысты сæрыстырæй тæппуд адæй- магыл æмæ баззадысты сæ нæмттæ. Асланы кæд фыртыхстæй хъуыды кæнынмæ дæр нал æвдæлд, уæддæр йæ мидзæрдæйы бакодта Антоны за- рæг. Уый лæг уыди, лæг, æцæг ирон лæг, нырма удыгасæй 319
уæлæуыл никуы ничи баззад, алкæй дæр мæлын хъæуы, фæлæ ахæм мардыл æрмæст лæгау-лæгтæ вæййынц ра- зы. «Махæн не ’лдæрттæ худгæ нал кæнынц». Нæннæ, се уонджы сын мигъ дзæбæх бауагъта, йæ мард макуы фе- сæфа. Махæн дæр нæ фæсивæд бæргæ архайынц, фæлæ сæ тохы кæрон цæуыл фæуыдзæн, уый бæрæг нæма ис. Асланы хъустыл цыма фæдисы хъæр ауад æмæ йæ хуыссæг бынтон фæлыгъд. Куыдз иу заманы срæйдта, фæлæ уый дæр тымбылтæй йæхи æрныуæрста. Кæцыр- дæм сын цы кæна? Бесойы фæндаг дыууæйыл у. Уæддæр ма чысыл йæ зæрдæ фæфидар вæййы, æмбæхсæнтæ сын бирæ кæй ис, уымæ гæсгæ. Нæмыджы раз чи балæууа, ахæмтæ дæр уæдæ не сты, кæд æнæхъуаджы сæхиуыл зиан не ’руадзиккой. Фæлæ чындз æмæ йæ сабитæ цы уыдзы- сты фæндагыл. А Хазби семæ цæуы, фæлæ сын уый дæр иу- нæгæй цы сараздзæн ахæм фыдхъызт, фыддуджы, искуы куы баргъæвсой, уæд та? Аслан йæ цæстытæ кæрæдзийыл авæрдта ныфсæвæ- рæг хъуыды агурæгау: Цæй, адæм цы кæной, мах дæр уый, - æмæ та байгом сты йæ цæстытæ, фæлæ цы хъуамæ федтаиккой, хæдзар нытталынг, къонайы цæхæрыл дæр рахæцыд æртхутæг, къаннæг рудзынгæй мидæмæ быры- дис æрмæст дæр æхсæвы тар. 23 Диссаджы ныфс æмæ фарн ис уæзæг æмæ къонамæ. Адæймаг йæ тæккæ тыхстыл куы вæййы, уæддæр ын иууыл æнцондæр у къонайы фарсмæ æрхæндæгимæ хъæбысæй хæцын. Цыппар къулы йын лæууынц, бæрзонд хæхтау, хъахъхъæнджытæ æмæ йыл къонаимæ гадзрахатæй кæй никуы разилдзысты, ууыл зæрдæ даргæйæ, адæймаг иууыл тарфдæр æмæ адджындæр фынæй бавæййы йæ уæзæгыл. Æниу адæймаджы хъуыдытæн цадæггай куыд фелвисы сæ хал? Уый хъæуы бавзарын, банкъарын. Царды рæсугъд- дæр æмæ хуыздæр фæндтæ адæймагмæ фæивылынц йæ къонайы фарсмæ бадгæйæ, алайæдзаг аххæрджытæм кæс- гæйæ, бинонтимæ куыстдзагъд цæнгты фæллойæ адджын къæбæр хæргæйæ. Къонайы хъарм, уæзæджы ныфс рæвдауынц зæрдæйы, сты сæрыстырдзинад æмæ æвидигæ хъаруйы суадон, мас- 320
тисыны фæдисмæ сидæг. Уæзæг æрхæндæгæй фæлæууы, тæппуд, хин æмæ мæнгарддзинадæн фысымиуæг куы фæ- кæны, уæд. Уый æвæджиаг артдзæст у, сомыгæнæн æмæ йæ фарсмæ бадæн ис æрмæстдæр худаистæй, кæнæ йын хъуамæ дæ намыс, дæ лæджыхъæдæй æппæлай, кæ- нæ та йын хъуамæ де нæ аххосæй æфхæрды тыххæй дзу- рай, хатыркурæгау, дæ сагъæс. Тæппуд æмæ дзы мæнгард нæ дæр хатыр курын уæндынц, нæ дæр сæхи фæдзæхсын, уымæн æмæ зонынц, къонайы цæхæр, дзуары æлгъысты- тау, карз кæй у, уый. Æгуыппæгæй лæууы сыджытдзар бæстыхай. Дæлæмæ дæр хæдзар æмæ уæлæмæ дæр, фæлæ уый хыгъд Асланы удæй та цас ахауд. Ныр дæр ма йæм «Мæхи у»-йы цæс- тæй нæ кæсы. Чысыл исты ныхас рауади, зæгъгæ, уæд ыл ныххуырсынц, зæрдæйы арцау чи аныхсы, ахæм ны- хас: æнцад куы нæ уай, уæд зæхх йæ хицау æрдомдзæн æмæ къæйыл аззайдзæн. Цымæ чи у йæ хицау, Илас æви Исмел? Сæ иу дæр нæ æмæ се ’ннæ дæр, зæхх зæхх у, ничи йæ никуыцæй æрхаста, никæй дзырдæй фæзынди æмæ иуы куыд хъæуы, иннæйы дæр афтæ. Аслан чи зоны ахæм хъуыдытыл нæ бафтыдаид хъæубæсты ныхасы, кæнæ бонæй лæгæй-лæгмæ искæй цæстытæм кæсгæйæ. Фæлæ йæм ныртæккæ ницы зыны, бафтыд аргъæутты уæлтæмæ- ныл æмæ цыма æппындæр никуы уал сбон уыдзæн, адæмы хъæлæба нал райхъал уыдзæн, хуры тынтæ зæххыл сæхи нал асæрфдзысты, уыйау фæкъуырма хъæргæнæг, катай- гæнæг зонд æмæ йæ базыртæ тилынмæ бавнæлдта хæлар- зæрдæ æнкъарæн. Цымæ кæм уыдзысты мæ биноЪтæ сомæхсæв, кæм сæ æрыййафдзæн се ’хсæвæр, сæ хурыскаст? Цы загътон, цы? - фесхъиудта зæронд лæджы зæрдæ æмæ, йæ цæсты уæлтъыфæлттæ тынг æрылхъивгæйæ, кæрцы бын бамбæх- ста йæ цæсгом, тæссаг хъуыдытæ йæ сæрæй сургæйæ анд- зыг, стæй та цалдæр хатты сулæфыд риуыдзаг, йæ рахис къухæй æрхæцыд кæрцы кæроныл æмæ сатæг уæлдæф аныдзæвд йæ цæсгомыл. Уæддæр ма йæм уазæг арæх цæуы æмæ уыдоныл йæхи аирхæфсы, фæлæ уыдон дæр ацы фæстаг рæстæджы цыдæр фесты, чи ма дзы фæ- зыны стæм хатт, уый дæр æхсæвиуатæй йæхи бахизы, цахæ- мдæр сусæг хъуыдытæ æмæ фæндтæн сæргом кæнынæй тæрсæгау. Уыцы уазджытæ йæ бынтон æнæуынон фестын кодтой
хъæубæсты маргзæрдæтæн, иугæр-иу сæумæрайсом йæ хæ- дзарæй уазæг куы афæндараст, кæнæ-иу сæ хъустыл æр- цыд, уазæг æм æрфысым кодта, зæгъгæ, уæд-иу æм къуы- ригæйтты тигъмæ æнæууæнчы каст кодтой, рæстмæ-иу æм дзургæ дæр нал кодтой. Фарон сæм æмбырд аразынмæ чи æрбацыд, уый йын бынтон байгом кодта йæ цæстытæ. Бесоимæ рагæй зонгæ уыдисæмæ æхсæв-бонмæ фынæй дæр нæ баисты, сæ ныхасы къæдзил нал æмæ нал скъуыд. Зæххы хабар куыд уыдзæн, уый дæр сын бæстон бамба- рын кодта. Æвæдза зондджын сты ацы фенæг æмæ ахуыр адæм. Цард уыдон хуызæн бæстон ничи зоны, уæлдайдæр, сомбоны цы уыдзæн, цы ’рцæудзæн, уыдæттæ. Зæхх, чи йæ кусы, уый хъуамæ уа. Ахæм рæстæг дæхи цæстæй фен, куыннæ базониккам сау мæр, зайаг хуымы нæ дзывыр адарын, кæнæ лæгъзбын угæрдæны зæрдæйы фæндиаг цæхгæрмæ уистæ ахæссын. Цырты цур, фарсы хуым, акæ- сæн - уыцы хуымтæн а-лæппу сæ ауæдзтæ дæр æрпырх кæ- нит. Бæстыхай бæргæ хорз ран лæууы. Йæ фос аздахæн, йæ карк ауадзæнтæ сæрибар - дон йæ тæккæ фарсмæ, йæ алыфарс ын æмбонд æрзил æмæ уыцы зæхх йæхæ- дæг - бонгæнд. Иласæн æм цъиу батæхæн дæр нæй, мæнæн та, дам, уынгмæ хауы, иумиаг зæхх, дам, у, гæрæн аразæн ыл нæй. Кæрт бæргæ уæрæх у, ис дзы фез- мæлæнтæ, фæлæ иннæ ’рдыгæй та фос сæхи хафынц хæ- дзары къултыл. Цымæ цы ’рхæсдзæн ацы змæст рæстæг йе- мæ? Уыцы ахуыр лæгтæ иу хъуыды æнæнхъæлæджы нæ фæдзурынц. Кæнæ хорзырдæм фæуыдзысты, кæнæ бæс- тæ бынтон раууатмæ æрцæудзæн. Чи йын цы зоны, рай- сом цы уыдзæн, уымæн. Райсом? Ацы дзырд та акалдта Асланы хид, сывæллæттæй иуы хуыр-хуыр райхъуыст, æгуыппæг æхсæвы сын æнкъары сæ улæфт, цæстыты раз рæдзагъдæй лæууынц ласинаг дзаумæттæ, кæрты астæу ифтонг дзоныгъ. Иннæ æхсæвтау фынæй не сты æгас хъæу- бæстæ. Йæ рухс кæмæн нал ссудзы, уыцы бинонты дæр сæ быны скодтой æнахуыр сагъæстæ æмæ алы уæзæгæй дæр хъуыстис ныхас. Цы ми бакæнæм? Цы уыдзыстæм? Рай- сом уал сбон уа, стæй та бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. Фарстытæ. Дзуаппытæ. Ныфсытæ. Хæдзары талынг йæ уæз æруагъта зæронд лæджы хъуыдытыл æмæ йын сæ ца- дæггай нынныуæрста йæ быны. 322
24 Сæрдыгон æхсæв - æгасæй дæр гæппы бæрц, уайтагъд бон дзир-дзур райдыдта. Сæлимæт сыстад, фæлæ цы ми- мæ бавнала, уымæн ницы зыдта, хæдзары къуымты æнæ- хъуаджы рауай-бауай кæнгæйæ, хатт алæууы джихæй, цыма фыццаг бон чындзы æрцыдис, уыйау. Уæдмæ ердойæ дæр æркалди дзæвгар рухс. Дысон та- лынджы цыдæриддæр нывтæ уадысты йæ цæстытыл, уы- дон иууылдæр федта, нал æм кастысты фынфенæгау. Хæ- дзары астæ^ дзаумæттæ калд, мигæнæнтæм æвнæлд дæр нæма уыд. Иæ хисдæр лæппуйы куадзæны хуыд хæдон - дзаумæтты сæр, æвæццæгæн æй йæхæдæг рахаста ардæм, мемæ, дам, æй хæссын, фæлæ кæдæм, уымæн та цы ’мбæрста. Мад æй систа æмæ йæм бирæ фæкаст, стæй йæ цæссыгтæ фæкалдта æмæ йæ иннæты ’хсæн æрымбæхста. Аслан раджы райхъал, фæлæ ницы дзуры, сыстыны зæрдæ дæр æм нал уыд, уæды онг уыцы афонмæ никуы ма бафæстиат йæ хуыссæнуаты, боныцъæхæй ^æдзарыл йæ цæст ма ахæсса, кæрты къуымты ма азила, дæлбазыр- мæ ма бакæса, уый гæнæн нæй. Ныр дæр чындзæй феф- сæрмы, æндæра нæма рахæцыдаид йæ зæронд уæнгтыл. Ахызт кæртмæ. Къулдуары уæрдæх аскъуыд æмæ йын ног бæрзуисæй аздыхта, Æхсæвы та чысыл рауарыд, зæхх баумæл, фæлæ æртæдзыны фаг нæ уыдис. Аслан уæддæр схызт уæлхæдзармæ æмæ къулæгæй райдыдта хойын, азылд зæрдæхсайгæ бынæтты, кæм та-иу сыджыт къахæй дæр æрнадта. Ердойы фарсмæ цы цалдæр кæр- дæджы халы фæзынд, уыдон сласта æд уидæгтæ. Аслан æрхызт уæлхæдзарæй, сисæй цы дуртæ рахауд, уыдон фæстæмæ æрывæрдта сæ бынæтты, бакаст скъæты дуарæй, фæлæ йæ æхгæнгæ нал ^акодта. Уæдæ ма цы бабæстон кæна? Йæхинымæры ныхасгæн- гæ зылди кæрты, стæй систа дысон изæрæй йын дзоныгъы фарсмæ цы дыууæ ауындзæн баззад, уыдон, цалдæр суд- жы фастаджы æмæ ацыд хæдзармæ. Аслан рахаста дзæбуг дыууæ згæхæрд зæгæлимæ æмæ йæ дзаумæттæ ауындзæн зылын лæдзæджы лыг- гæгтæ бафидар кодта хæдзары астæуккаг цæджындзыл, стæй сæм дардæй бакаст æмæ гæзæмæ бахудт йæ мидбыл- ты. Дзæбуджы гуыпп-гуыпмæ райхъал сты лæппутæ: «Цымæ цы аразы Дада?» Аслан сæм йæхæдæг фæраздæр: 323
-Уæ зæрдæмæ нæ цæуынц? - Хорз сты, Дада, - Сослан астæуæй уæлæмæ рахæцыд йæхиуыл. - Кæм дын уыдысты? - Алан дæр схъил кодта йæ сæр æмæ рæмбыныкъæдзыл æнцой кæнгæйæ радта фарст. - Сыстут æмæ уын радзурон, кæм уыдысты, уый. Дæлæ дуары хæцæн дæр сараз, Дада, - Сослан дзуры лæджы хъæлæсæй. - Сараздзынæн, Дадайы хур, сараздзынæн, æрмæст уæлæмæ сыстут, ныр афон у. Цæмæ ма бавнала, цы ма бабæстон кæна, уымæн ницы уал зоны Аслан. Зæрдæмæ бырсы хъæргæнæг. Уый та йæ сургæ кæны. Уæдмæ сцырын арт æмæ, йæ фарсмæ æрбадгæйæ, банкъардта æхцондзинад. «Хæрдхуызæй, дам, æртхуыз хуыздæр у», ацы хатт ма сæм фидар куы фæ- лæууиккой, уæд чи зоны лидзыны кой фесæфид. Цымæ уыцы адæм цы бауыдаиккой, æппын сæ куы ницы хабар хъуысы, - йæхицæн ныхæстæ кодта Аслан, хаттæй-хатт цæ- хæрхафæнæй басхъауы къонайы зынджытæ. - Сæлимæт, ам стут? - Мидæмæ рахиз, Сæниат, афтæ раджы дæ цы ’рба- хаста, - тарстхуызæй афарста Сæлимæт. - Нæ лæг мæ баййардта, абæрæг ма, дам, сæ кæн, кæддæра цы ми кæнынц, сæ бæлццонæй, дам, ницыма хабар ис. Дысон бонмæ махоны цæстытыл хуыссæг нæ ахæцыд, йæхи фæндагмæ цæттæ кæны. - Исмел дæр сфæнд кодта? - Асланыл нæ фæзынд йæ цымыдис, афтæмæй афарста. - Æмæ йæ мард фæсæфцæгмæ куы нæ ахæсса, уæд ам уый бæрц зæхх нал разындзæн. Нæ лæппу у цæуи- наг, нал лæууы æмæ йын йæ фыд дæр къуылымпы ны- хас нал загъта. Мæнæн та мæ зæрдæ, ныссаджилтæ. Лæг афтæ зæгъы, цы уинаг дæн, уый, дам, мæ уæзæгыл бауыдзынæн, лæппу та тæрсгæ кæны, ам, дам, мæ куы ’рбаййафой, уæд, дам, мын нæ фæхатыр кæндзыс- ты. Афтæ дыууæ фæнды ’хсæн систæм рахау-бахауаг. - Исмел та уын цы уынаффæ кæны? - Цы мын уынаффæ кæны, куы зæгъай, уæд, дам, æз кæм сæфон, уым ма, дам, ды дæр цы боны хорзæх- мæ æнхъæлмæ кæсыс, цæуыны кой мæ сыбыртт дæр нæ уадзы. Сымах та цы ми кæнут, æппын Бесо зынæг дæр нæма ис? 324
- Сылгоймаг сæркъулæй каст къонайы зынджытæм, йæ кæлмæрзæн йæ былтыл тыхт, афтæмæй æмæ аивæй йæ хъус дардта бинонты уагахастмæ. Дысон бонмæ нæ лæппуйы цæстыл хуыссæг нæ ахæцыд, йæхи фæндагмæ цæттæ кæны, стæй Бесоимæ хæлар у æмæ йæхицæн бы- нат дæр нал ары. - Адæм цы кæной, мах дæр уый, Сæниат, цы нæ бон у, хъысмæтимæ хæцæн нæй, мах иннæтæй уæлдай нæхи кæм хъуамæ бафæсвæд кæнæм? - Уый раст у, фæлæ, зæгъын, кæд исты бæрæг ныхас фехъуыстат? - Ницы, Сæниат, иууылдæр зæронд хабæрттæ. - Цон, уæдæ æз æдзæлгъæды бадыныл бахъуыдтæн, аф- тæмæй мæ удисынмæ дæр не ’вдæлы, уыцы лæппу йæ хи- вæнд зондыл ныххæцыд æмæ фыдæбоны хай фестæм. - Хорзыл амбæл, Сæниат. - Хорз райсомтæ уыл цæуæт, - сылгоймаг къæсæрæй цæхгæр фæзылд. - О, хæдæгай, исты ног хабар, дам, куы фехъусат, уæд, дам-иу æй махæн дæр... Нæ лæг мæ ба- фæдзæхста. - Хорз, хорз, ам нæ уыдзыстæм, - Аслан нæ сыстад, афтæмæй сылгоймаджы фæстæ кæсгæйæ баззад, базыдта, Илас æмæ Исмелы æрвыст кæй у, уый æмæ мæстæй йæ буар æгасæй дæр арт суагъта. Аслан æмæ Сæлимæт катайгъуызæй кастысты, дысон хæдзары астæумæ цы дзаумæттæ æрымбырд кодтой, уыдонмæ. Сæ иумæ дæр æмæ се ’ннæмæ дæр зын каст уыдонмæ къухæй фæцагайын æмæ алы æфсæнттæй зылдысты сæ алыварс. Зæронд лæг æрлæууыд хæдзары астæуккаг цæджындзы фарсмæ æмæ каст, чысыл раз- дæр ыл цы ауындзæнтæ бафидар кодта, уыдонмæ. - Дада, æз куы сыстыр уон, уæд-иу мæ цухъхъа ацы хъилыл æрцауындздзынæн, - Сослан хæрдмæ скаст лæгмæ æмæ къухæй амоны, сау цæджындзыл ноджы урсдæрæй чи æрттывта, уыцы схъæлгомау лыггагмæ. - Хорз, Дадайы хур, хорз. - Иннæ та мæн у, - цæджындзмæ æввахсдæр балæу- уыд Алан æмæ уый дæр, йæ амонæн æнгуылдз сраст кæ- ныныл архайгæйæ, рахиз къух ныхъхъил кодта хæрдмæ. - Сымах сты, сымах, æз дæр сæ уæдæ æндæр кæмæн сарæзтон. Дыууæ лæппуйы бабуц сты æмæ ма сæ чи йæ хæдони- 325
мæ архайдта, чи йæ дзабыртимæ, афтæмæй сæхи ластой къонайы ’рдæм. - Дада, Иластæм цы пец ис, ахæм мах цæуылнæ æвæрæм. Уый фæздæг дæр нæ кæны. Разæй дзы сугтæ бавæрынц æмæ фыртæвдæй йæ фæрстæ ссырх вæй- йынц. - Махæн дæр рæхджы уыдзæнис æмæ йæ уæртæ уыцы къуымы сæвæрдзыстæм. Æз дзы арт кæнын дæр зонын, Сослан дзуры сæры- стырæй. - Кæм дзы базыдтай? - Ай размæ Нанаимæ Иластæм уыдыстæм æмæ дзы суг- тæ баппæрстон. Дыууæ дуары йын ис. Иу разæй сугтæ æндзарыны тыххæй, иу та йæ фарсыл. Уый стырдæр у, кæрдзынтæ дзы фæфыцынц. Æз куы сыстыр уон, уæд нæ уæлхæдзары бирæ сыджыт ныккалдзынæн, тынг æй нын- нæмдзыстæм æмæ цы фæнды къæвдайы дæр нæ тæдз- дзæн. Иластæн дæр нæ тæдзы. - Уыдонæн хъуарийæ агъуыст у æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ тæдзы. - Цæй, тыхдзырд ма кæнут, фæлæ уæ дзаумæттæ скæнут. - Аслан тызмæг уавæрæй хи хизæгау рæвдаугæ фæдзæхста сабиты, йæ хъуыдытæ та цоппай кодтой ив- гъуыд царды фæндæгтыл, сомбон цы уыдзæн, цы мигъæм- бæрзт æнæбæрæг хæтæнты. 25 - Ныссабыр Асланы хъæу, йæ хæдзар. Йæ фосы дуар дæр ничи ма базыхъхъыр кодта, æндæра та афонмæ бæстæ æмбу кæнид, уынгмæ рацæуын йæ ныфс ничи хæссы, кæрæдзимæ гæсгæ адæм бадынц сæ хæдзæртты æмæ хахъхъæнынц рудзгуытæй, кæрты аууæттæй. Уæдæ чи цы ми кæны? Цæуæм æви нæ? Уæртæ фаллаг фарс цы лигъдæттæ æрынцадысты, уыдон дæр, сæ цардыл фæ- фæсмонгæнæгау, нæма базмæлыдысты, цыдæр фесты се знæт æмæ тыхст. Иугæйттæ дзы базмæлыд, фæлæ æмт- кæй сыстой æмæ та дарддæр сæ фæндаг цыбыр кæной, ахæм æууæлтæ сæм нæма ис. Стуртæ зивæггæнæгау сæ былтæ хафынц кæрдæгыл, иутæ та дзы хуысгæйæ сынæр цæгъдынц. Афтæ рæдзæ-мæдзæгæнгæ æхсæвы пъæззы ца- 326
дæггай схæцыд йæхиуыл, фæлæ æххæстæй нæма феуæгъд сты адæймаджы бæллицтæ, æнкъарæнтæ, зноны фæл- лад ыл ноджы тынгдæр æртæфсти æмæ йе уæнгтæ нал куымдтой змæлын. Уалынмæ дзæбæх æрбабон. Асланæн ныр тынгдæр йæ зæрдæ æхсайдта кæртмæ, фæлæ уæдмæ æрбахызт Хазби. Бинонтыл цыма хур ракаст, афтæ фесты. Сæли- мæт æй аивæй уайдзæфты бын дæр фæкодта барджынæй, ома цæмæн æрæгмæ нæм зындтæ. - Сымах, æвæццæгæн, ног хабар нæма фехъуыстат? - Хазбийæн куыддæр ацы ныхæстæ йæ дзыхæй схаудтой, афтæ Сæлимæты уæнгтæ адон сты, Асланы зæрдæ йæхи къултыл бахоста, бæлццæтты мæт æй чысыл ма бахъæуа йæ мидбынаты нындзыг кодтаид, йæ бон ницы уыд сдзу- рып. Хазбимæ уæлдай фарст ничи радта, афтæмæй йын тарæрфыгæй кастысты йæ былтызмæлдмæ, - нæ адæм фидар ран бадынц. Чысыл сулæфыд Сæлимæт, уæззау уаргъ аппарæгау фенцондæр Асланæн, афтæмæй лæмбынæг æрыхъуыстой. - Тас сын ницæмæй у, фæлæ фæдисон куыд рахабар кодта, афтæмæй абон хъуамæ.æрфысым кæнæм æфцæг рæбын, кæд ма, дам, исчи лидзыныл дызæрдыг кодта, уæд аппарæд уыцы хъуыды æмæ йын куыд дзурынц, афтæ аразæд. Къахыл дзæуæгæй, ома фосæй хъæуы хъуамæ мацыуал баззайа, хæсгæ та, йæ фадат кæмæн куыд амоны, афтæ. Уæлдай хабар хæссæгмæ æнхъæлмæ дæр нал кæсæм. Нæ фыдæбон нын йæхимæ ничи айс- дзæн, алчи дæр куыд арæхсы, афтæ хъуамæ хъуыды кæ- на, иу иннæмæн уынаффæгæнæг нæ ныллæудзæн. Ныр Сæлимæты нал хъуыд куыстыл æфтауын æмæ дысон хæдзары астæу цы дзаумæттæ ныккалдта, уыдон та райдыдта змæнтын, хаста ма æндæртæ дæр. - Хазби, дæ хуыцаумæ скæс æмæ нæ иунæгæй мауал ныууадз, цы ми бакæнон, уымæн ницы мæ сæрæн зо- нын, уынгæджы, царæфтыд ничи фæцис мæны йедтæ- мæ, - ставд цæссыг нызгъæлста Сæлимæт æмæ азылд иннæрдæм хæкъуырцгæнгæ. - Ды дæхи федтай, адæммæ акæсис, кæддæра ма дæм дæ маст афтæ тынг бахъарид, ды мæнæ æфцæг рæбын цæрыс, абон араст уыдзынæ æмæ райсом аходæн афон ахиздзынæ фæсхохмæ, фæлæ ныр æртыккаг суткæ æд фæллой, æд сабитæ фæллад-фæлмæцыдæй гом арвы бын, 327
арв æмæ зæхх кæрæдзи фæхойынц, афтæмæй чи æхсæ- виуат кæны, уыдон мæгуырдæр не сты. Ды та дæхиуыл кæуынмæ фæдæ. Ацы дуджы уæззау уаргъ адæмыл æм- хуызон уæрст у иу стæмтæй дарддæр æмæ уыцы стæмты та æз адæмыл дæр нæ нымайын. - Аслан, дæ муртæй цы ласыс? Зæронд лæгæн йæ сæр нал зынд уæхсчытæй. Хазби йæ цалынмæ æртыккаг фарст бакодта, уæдмæ дзуапп дæр нæ радта, стæй зæхмæ кæсгæйæ сдзырдта: - Чындз æмæ лæппуты цыдæриддæр хъæуы, уый сын бафснай, - загъта Аслан, йæхæдæг сыстад æмæ æнæсы- бырттæй ахызт кæртмæ. Сæлимæт æмæ Хазби тынг бадис кодтой Асланы уагаха- стыл, нæ йын бамбæрстой йæ фæндтæ æмæ йæ хъуыды. Кæрæдзи бæргæ бафарстой, фæлæ сæ бæлвырд бæрæг дзуаппы бæсты, уæхсчыты змæлдæй, дисхуызæй æвдыстой гуырысходзинад, стæй цалдæр хиуæрст нымæты æрытыд- той зæххыл æмæ сæм калдтой хуыссæнгæрзтæ, дарæс. Хи- цæнæй та æвæрдтой мигæнæнтæ. Сæлимæт хæссы, фæлæ сын сæ фылдæры Хазби здахы фæстæмæ: - Ацы бызгъуыртæ æмæ хъæррæгътæ хъыг дарыны йедтæмæ ницы сты, фæлæ сæ уадз сæ бынаты, стæй нæм иу цæды йедтæмæ нæй æмæ дæумæ гæсгæ дзоныгъы, уæлдай дæр сауыл ласгæйæ, цас фæллой хъуамæ ба- цæуа? - Омæ сæ уæдæ цы фæкæнæм, æвгъау сты. - Ам баззайæт æмæ цы кæнинаг уой, уый бауыдзысты. Кæд мæнæ адоныл лæууæм, - Хазби йæ цæст ахаста хæдзары къуымты, - уæд уыцы хæцъилтæ æмæ тæбæгъ- тыл дæр фæлæудзыстæм. Хазбийы æнæмæт, стыр зæрдæ ныхæстыл Сæлимæт тынг бадис кодта, кæд æй бынтон нæ уырныдтой, уæд- дæр, фæлæ йын уыдысты ныфсдæттæг уынаффæ. - Чи уыдис уыцы хабархæссæг? - дзаумæттимæ архайгæйæ афарста Сæлимæт, тынг æй фæндыд Бесойæ бæрæг хабар базонын, фæлæ хынц фарстытæ йæ цæсгом нæ хъæцыд, уæлдай дæр Асланы цур. - Уый ардыгон нæу, фæлæ федта Бесойы, уыдон дæр ныр мæнмæ гæсгæ тагъд зындзысты, æрмæст нæ ам, хъæуы нал æрбаййафдзысты, æвæццæгæн æфцæгæй куы ахизæм, уæд нæм уыдон дæр баиу уыдзысты, тыхсын нæ 328
хъæуы, къæсæр, дам, хох у-иу дзырдтой нæ фыдæлтæ. Уы- дон æдылы адæм нæ уыдысты, сæ ныхас карстау у, уай- тагъд топпы нæмыгау йæ нысаныл сæмбæлы. Иугæр хъæуæй куы ахизæм, уæд истытæ кæндзыстæм, адæймаг цы фæнды уавæртæн дæр фæразон у, стæй амалджын, фæлæ уал нæ зын нæ азмæлын, хидæй ахизын. Цалдæр басты бакодта Хазби бæндæнæй, синагæй, баз- задысты ма Асланы дзаумæттæ, мигæнæнтæй дæр æртæ уды цы хъуыд, уыдон рахицæн кодтой, Асланы уæттæ та æвæрд уыдысты хицæнæй, ома йæхæдæг куыд загъта, афтæ сараздзыстæм. - Зæронд лæджы ма иу хатт куы афарстаиккам, цы ми кæнинаг у, цы хъуыды йæм ис, науæд уымæн та хицæн уæргътæ араздзыстæм, - Сæлимæт фæрсæджы каст бакод- та Хазбимæ. Хазби ницы загъта, афтæмæй ахызт кæртмæ. Аслан бадт дæлбазыр сугсæттæн къуыдырыл æмæ зæхмæ кæс- гæйæ дымдта йæ лулæ. - Дада, мидæмæ ма рацу, цы ми бакæнæм ам дæ дзаумæттæн? Аслан нæ фезмæлыд йæ бынатæй, иу цасдæр ницы сдзырдта, стæй, йæ лæдзæджы бырынкъ зæххы фæсадз- гæйæ, йæ къухтæ гæзæмæ фæпака сты, уæддæр лæппумæ не скаст, афтæмæй дзуапп радта: - Куы уын загътон, мæ дзаумæттæ, стæй уæ хæдзары мигæнæнтæй дæр æхсызгон чи нæ бахъæудзæн, уы- донмæ ма февналут. Асланы карз дзуапп æмæ уагахаст Хазбийы нал бау- агътой ноджы бæстондæр афæрсын æмæ фæстæмæ баз- дæхт хæдзармæ. Сæлимæты зæрдæ ма фæфидар кодта йæ уынаффæтæй, йæ ныфсы ныхæстæй æмæ, зæронд лæджы зæрдæйы хаттыл хъуыды кæнгæйæ, ацыд сæхимæ. Сæлимæтæн, стыр уаргъ æрисæгау, бирæ фенцон- дæр йæ дзаумæтты бæстытæм кæсгæйæ. Æрбадт сæ фарсмæ. Сыстад. Лæппуты сынтæг - афтид, сыгъдæг фæй- нæджытæ. Уæртæ сын уыцы фынг Асланы арæзт у. Ба- цыдис æм хæстæг, расæрфта йыл йæ дыууæ къухы æмæ уæлтъыфæлттæ æрымбæрзтой стыр сау цæстыты, афтæ- мæй фæлурс ных баныхæст хæдзары астæуккаг цæджын- дзыл æмæ та уадултыл ферттывтой цæсты сыджы лæ- сæнтæ. Рахиз къухæй хъуамæ бавнæлдтаид рæхысмæ, фæлæ йыл йе ’нгуылдзтæ куыддæр гæзæмæ аныдзæвдысты, 329
афтæ зæрдæйы бакъуырдта æнахуыр тых æмæ армытъæ- пæнты бын фæцис сылгоймаджы цæсгом. Дыууæ лæппуйы фæмидæг сты хæдзары. Сæлимæт сæ нæ фæхатыд æмæ сæ мады афтæмæй лæугæ куы ауыдтой, уæд хъæлдзæг зæрдæйы хатт æрбайсæфт, сæ мидбынæтты ан- дзыг сты æмæ сабыр къахдзæфтæй сæхи ластой къуыммæ. Сæлимæтыл цыма йæ бирæ маст æмæ фыдæбæттæ ныр æртæфстысты, уыйау уыд тынг фæлладгьуыз, йæ цæнгтæ æрзæбул сты уæхсчытыл, сæр иуæрдæм фæкъул, фæлæ сы- вæллæтты куы ауыдта, уæд йæхиуыл фæхæцыд, йæ сæры- хъуынты баст райхæлд, уый дæр нырма нæ базыдта, спых- цыл сты, кæлынц цæсгомыл. Лæппутæм дзургæ ницы скод- та, фæлæ æрбадт ныллæг бандоныл, сабиты æрбатыхта йæ дыууæ къухæй йæ хъæбысы æмæ йæ дæллагхъуыртæ банкъ- ардтой хъæбулы уарзондзинады стыр тых. Уыцы тых уай- тагъд нынкъуыста æгас буары æмæ нал æнцад йæ ризынæй. - Цу ныр та ахъазут, æрмæст уынгмæ цæуæн нæй, Дада дæр кæрты куы бады, ацæут æм. Лæппутæ зыдтой, ныртæккæ уæлдай ныхасгæнæн кæй нæй, уый, æрмæст коммæ бакæсын кæй хъæуы æмæ та ахы- зтысты кæртмæ. Сæлимæт байгом кодта иу къаннæг чумæдан æмæ йæм æдзынæгæй кæсгæйæ баззад. Бесойы æлхæд дзаумæттæ. Ныр ма дзы йæ буары хъарм кæуыл нæ аныдзæвд, ахæмтæ дæр уыдис. Чумæданы сæр феуæгъд сылгоймаджы къухтæй æмæ æрхауд. Сæлимæт æрттæ дæлармæй æрбадт хъæдын сынтæгыл. Мигъты хсæнæй фæзынд хуры цæст æмæ ру- дзынгæй бахызтысты йæ тынтæ. Сæлимæт йæ сæрыл схæ- цыд сындæггай, æххуысмæ сидæгау дыууæ къухы дæр хуры тынтæм: «Хуры хурзæрин, фыдбылызæй нæ бахиз, нæ бæлццон де уазæг, нæ къона дæ фæдзæхст. Иунæг хуыцау Хурзæрин Тыбаууацилла, ма бабын кæнут мæгуыр лæ- джы», - стæй ма цыдæр зæгъынмæ хъавыд, фæлæ йæ бон нал бацис, йæ цæсгомыл та андæгъдысты дыууæ армы тъæпæны. Хæдзармæ бацыдысты Аслан æмæ дыууæ лæппуйы. Сыл- гоймаг сыстад, йæхиуыл фæхæцыд, иннæ хатæнмæ бахиз- гæйæ æрлæгъз кодта йæ сæры хъуынтæ æмæ нал рахызт, цалынмæ йæ зæрдæ æрсабыр, уæдмæ. Лæппутæ дæр лæууыдысты æнкъардæй, чысыл раздæр сæ мады ахæм тыхстгъуызæй кæй федтой, уый сын сæ зæрдæтæм аууон бадардта. ззо
- Цы кæнут, цы, Дадайы хуртæ, тарстхуызæй цы лæуут? Лæппутæ æнкъардæй кæрæдзимæ бакастысты. Уæдмæ рацыд Сæлимæт дæр. Аслан æппæт дæр бамбæрста. - Чындз, маст æмæ кæуынæй исты рамбулæн куы уаид, уæд æй махæн ничи уадзы, фæлæ мæнæ дæ фæндаджы кой бакæн. Царды адæймагæн цы фыст æрцæуа, уымæй йын нæй ирвæзæн, ахæм рæстæг æрхаудта æмæ йæ ничи аив- дзæн, цалынмæ алцы дæр йæ гаччы сбада, рæстæй дæр æмæ зылынæй дæр, уæдмæ. Сымах уал ацæудзыстут, æз дæр ма мæ муртæ бабæстон кæндзынæн, чидæртæ лидзынвæнд нæ кæны æмæ мын сæм кæд сæ цæст фæдариккой, стæй уæ æййафдзынæн, фæндаг мын амонын нæ хъæуы. Мыййаг ма ардæм здæхинаг куы фæуæм, арв куыд нæры, афтæ, дам, нæ цæвы, фæзæгъынц, æмæ уæд нæ муртæ бынтон цæмæн хъуамæ ныпаплой уой. Асланæн йæ ныхас уыд уæзбын, хъуыдыджын, цæсгомыл нæ зынд æнтъыснæг, иунæг катайаг дзырд рæдигæ дæр ни- куы скодта. Цалдæр хатты æрысгæрста Хазбийы баст уæргътæ, хæссинæгтæ, сæ фарсмæ æрбадт æмæ сæ цæстæй бæрæггæнæгау, хъуыдыты аныгъуылд. «Цы аласой, цы сæ æхсызгондæр бахъæудзæн? Лидзæг адæймаг мæгуыр у, уæл- дай дæр æнæбары йæ уæзæгæй æрмист куы фæвæййы, уæд». Алан схызт баст хуыссæнты сæрмæ æмæ сыл бæхбадт скæнгæйæ, йæ къух йехстилæгау фæхъил кæны, ныххуды, йæхи бауигъы, гуырыл размæ фæхæцы æмæ та бакæсы ин- нæтæм, куыд райгонд дзы сты, уый базоныны тыххæй. Иу- гæр ын йæ миты тыххæй куы ничи ницы дзырдта, уæд йæ хъæлдзæгдзинад цадæггай батад æмæ рахызт хуыссæнты сæрæй. Сæлимæт рауай-бауай кæны хæдзары къуымты. Йæ къухты куы цы дзаума радавы, куы цы мигæнæн æмæ йæ æрывæры, Асланы цæст ыл кæм схæцы, ахæм ран. Бынтон дызæрдыг Бесойы дзаумæттыл кодта. Цы ми сын бакæна, йемæ сæ хæсса, æви сæ ам уадза? Ацы фарст алыг кæнын нæ фæрæзта, фæрсын та йæ цæсгом нæ хъæцыд. Йæ кусæн дзаумæттæй йын рахаста цыдæртæ, йæ хæдзары дарæн куы- рæт. - Чындз, адон дын тыхсты хос йедтæмæ ницы сты, - Ас- лан дзырдта Бесойы дзаумæттæм амонгæйæ. - Кæд йæхæ- дæг зына, уæд сын хос кæндзæн, кæннод та йæ хъæугæ дæр нæ кæнынц. Дæ разы дæхи æмæ сабиты мæт бакæн, науæд 331
лыстæджытыл куы зилай, уæд иу къуыримæ дæр не срæвдз уыдзыстæм, хæдзары судзины онг алцы дæр хъæуы. Уæхи уæлæдарæс, хуыссæнтæ, хæринаджы хъуыддагæй уын цы ’нтысы, уый æфснайгæ, кæд уæм иу-дыууæ капеччы ис, уæд уыдон дæр бафснай, уый йедтæмæ къæртатæ, чъыбылатæ, сыхырнатæ аласыны фадат сымахæн нæй æмæ сыл хъуыды дæр ма кæн. Уыдон кæд хæдзарыл хæцинаг уой, уæд сын ам дæр ницы тас уыдзæн. Уæртæ ма ссаддоны цы тæпп ис, уый дæр сис истæм. Сæлимæт бадис кодта ссады тыххæй уынаффæйыл, ома йæхæдæг цæуыны кой куы нæ кæны, уæд ам цæргæ та цæ- мæй кæндзæн æмæ йын цалынмæ Аслан æртыккаг хатт за- гьта, уæдмæ нæ февнæлдта ссадмæ. - Цомут, Дадайы хуртæ, мах та уал кæртмæ акæсæм, - сыстад Аслан æмæ лæппуты разæй ахызт дуарæй. Уынгты адæмы хъæлæба фæфылдæр, фосы уынæр. Ас- лан мусæй рахаста, хуымгæнæнмæ йын æвæрд чи уыд, уы- цы холладжы цъæхæй йæ хъæбысыдзаг æмæ йæ ныккалдта йæ сау галы раз, стæй æрбадт, дысон цы дзоныгъ бацалцæ- джытæ кодта, ууыл æмæ та сдымдта йæ хъыхъхъаг тама- койæ. - Дада, дысон мын Нана афтæ куы загъта, Дзæуджы- хъæумæ, дам, цæудзыстæм. Дард у Дзæуджыхъæу? - фæрсы Алан. - Дард у, уæдæ хæстæг у, - Сослан йæхи фæлæг кодта дзуапп дæттынмæ. - Дæу та чи фæрсы? - фæмæсты Алан. - Хæстæг у, Дадайы хур, хæстæг. - Аслан загъта лæп- пуйы зæрдæ алхæнынæн. - Мæн нæ фæнды Дзæуджыхъæумæ, - Алан тæргайгъуы- зæн бакаст зæронд лæгмæ æмæ йæм йæхи хæстæг баласта. - Цæуылнæ, Дадайы хур? - Мæн демæ фæнды. - Омæ æз дæр цæуын, æз... - Уæдæ Нана афтæ цæмæн загъта, Дада, дам, нæ цæуы. - Асайдта дæ, асайдта, - Аслан хъæлдзæгæй бакаст Ала- ны цæстытæм æмæ йын йæ амонæн æнгуылдзæй йæ фынд- зы хъæл æрсæрфта. Алан бацин кодта зæронд лæджы хъæлдзæг зæрдæйы- хаттыл æмæ цыма йæ бæллицтæ иууылдæр зæрдæйы фæн- диаг цæуынц, уыйау цæхгæр фæзылд æмæ кæрты дуармæ куыддæр ахæццæ, афтæ хæрхæмбæлд фæцис сæ сыхæгты 332
сылгоймагыл, йæхи цахъхъæн лæппу, йе ’мбал, йемæ, аф- тæмæй. - Мæ къона, Аслан та уын кæм ис? - Уæртæ, - лæппу къухæй ацамыдта. Сылгоймаг комкоммæ фæраст, йемæ цы лæппу æрба- цыд, уый та баззад Аланимæ æмæ хъазыныл ацайдагъ сты. - Дæ райсом хорз, Аслан. - Хорз райсомтæ дыл цæуæд. - Хорз райсомтæ махыл куы нæ цæуа, уæд ма кæуыл. Аслан ницы сдзырдта, афтæмæй сылгоймаг лæвæрдта иу фарст иннæйы фæстæ, цыма сын дзуапп æнæмæнгхъæуæг нæу. - Нырма иу рæстмæ уынаффæ никæмæй фехъуыстам, цы ми кæнæм, уый бæрæг нын куы нæ ис, уæд куыд уыдзы- стæм афтæмæй? Мыййаг бынтон куы схъеллауаг уæм. Иутæ дзурынц, фæлæууæм бæлвырддæр ныхасмæ, иннæтæ ныр дæр цæттæ сты, араст æввонг, чи та йæхицæн бады æнцад- æнцойæ, мах, дам, никуыдæм лидзинаг стæм, цæрæнбонты цы зæххыл цæрæм, уырдыгæй. Хазби мын дысон дæр бам- барын кодта, абон та ныл боныцъæхæй дæр фæзылдис, фæсæмбисбон, дам, алчи араст æввонг куыд уа, афтæ. Кæмæ хъусæм, чи нын зæгъдзæн бæрæг ныхас. Мыййаг куы нæ ацæуæм æмæ ам фыдгулы фæндиаг куы ’рбауæм, нæ уæз- гуытæй куы фæхауæг уæм æмæ фæсмойнаг куы ’руæм. - Æндæрæбон ардæм цы бæлццон æрбацыд, уый цы за- гъта? - Аслан зыдта хабар, йæхæдæг ныхас кодта йемæ, фæлæ йæ фæндыд сылгоймагæн йæхицæй фехъусын. - Цы загъта, цы, æнæцæугæ, дам, нæй, фæлæ, дам, здæхгæ дæр тагъд æркæндзыстæм. Хазбийы бæрны бакодта хъæубæсты. - Уæдæ ма цæуыл дызæрдыг кæныс? - Сымах та цы фæнд кæнут? - Адæм цы кæной, мах дæр æндæр цы хъуамæ сфæнд кæнæм? Мæнæ дæхæдæг уыныс, нæхи рæвдз кæнæм фæндагмæ. - Уемæ та цы ласут? - Цы хъуамæ аласæм æфцæджы сæрты, дæумæ гæсгæ? Хуыссæнгæрзтæ, уæлæдарæс, хæринаг фæндаггагæй дард- дæр. - Бæс1ы сæфт æрцыдис, æндæр æз ницы уал зонын, хъаймæтыл ма сыкъатæ вæййы, мæнæ йæ нæхи цæстæй куы уынæм. Уæддæр нын абон æнæцæугæ нæй? 333
- Нæй æндæр гæнæн, фæлæ рæстæг дзæгъæлы ма саф, - загъта Аслан æмæ ахъаззаг сулæфыд йæ лулæ. Сылгоймаг ма чысыл алæууыд, стæй ахызт кæрты дуарæй. 26 Битаронæй, Зæлинæйæ хæдзары куы ничи вæййы, уæд Илас дæр фесты йæ хуыссæнæй æмæ кæм рудзынгæй, кæм дуары зыхъхъыртæй фæкæсы уынгмæ. Кæд æм хабар хæс- джытæ ис, уæддæр йæхицæн бынат нал ары, фæнды йæ æп- пæтдæр йæхи цæстæй фенын. Йæ зæрдæ афтæ ныссауда- лынг, афтæ тыхстис æмæ йын алы ног ныхас дæр уаид æв- дадзы хосау. Ацы уавæрæй тагьддæр фервæзын банымаид иууыл стырдæр хæрзиуæгыл, фæлæ кæм ис рæстæджы сæр- ты ахизæн. Рæстæг дæр, оцани бæхау, нал æккуырсь^размæ, æндæра афонмæ, чи цы кæнинаг у, уый бауыдаид. Йæ зæр- дæйы уидæгтæ йын бындзарæй ласынц адæмы дзолгъо- молгъо æмæ иунæг дзырд дæр кæмæй нæ бамбары, уыцы хъæлæба, фосы уынæр. Цавæрдæр тас дзы бацыд, афтæ йæм каст, цыма йыл ацы æхсидгæ комыдзаг мастæй ныртæккæ иу стъæлфæн сæмбæлдзæн æмæ йын уый кæнæ йæ бирæ бæллицты, цыргъ карды цæфау, бындзарæй алвындзæн, кæнæ йæ сæнтты базыртыл тæхгæйæ йæ уд хурварс йæ фæллад суадздзæн. Илас йæхи радав-бадав кæны. Иу заманы, сырдау, йаехи ныццавта камоды лагъзыл аемæ змæнты ризгæ къухтæй. Йæ сурхид акалд, æфтæмæй фелвæста цалдæр сызгъæрин сомы æмæ сæ атыхта йæ халаты фæдцжийы, иу æвæрæн дæр йæ "зонд нал ахста, афтæмæй къуымты срæуæг сты къæхтæ, цæстытæ, стæй йын гæнæн нал уыдис æмæ хъæццулы бын абырыд. Сызгъæринтæ ныртæккæ цыма «мæнæ стæм, мæнæ стæм» хъæр кæнын райдайдзысты, уыйау Илас сонт стад фæкодта æмæ та хъуамæ бацыдаид камодмæ: «Нæ, ам æгæр уæлæнгай сты, фыд-зонд, æгъатыр адæм бирæ ис. Гæнæн ис æмæ фæдисонтæ дæр здæхой. Мыййаг ын исчи йæ хæдзар куы рафæлдаха, иу æмæ йæм дыууæйæ мыййаг куы нæ кæсынц æнæуынон цæстæй, мæсты лæг йæхи дæр мары». Илас фездæхт фæстæмæ, базы бын атъыста тыхтон, фæлæ æнæхъæн буар арт суагъта. Хæдзармæ чидæридцæр 334
бахиза, уый сæ æнæ бафиппайгæ нæ фæуыдзæн. Тарст адæймаджы цæстытæ арæх разилынц гадзрахатæй. Скъæт- мæ ацæуид æмæ йæ мыййаг исчи куы фена. Адæм цымыдис сты, стæй ноджы ацы рæстæджы, дыууæрдæм кæнынц уын- гты. Бинонтыл йæ зæрдæ нæ дары. Къæбицы дæр нæй æвæ- рæн. Уайтагъд йæ хъуыды андæгъд къæбицæй мæнгагъуы- стмæ бахизæны сисы хуынкъ. Сæ баст сын нæ райхæлдта, нæ бауæндыд, йæ ныфс нæ бахаста хæзнатæ цæстæй фенын- мæ. Фæлæ куыддæр къух дурыл аныдзæвд, афтæ феуæгъд сты æнгуылдзтæй. Илас уæззау уаргъ аппарæгау гæзæмæ сулæфыд, талын- джы кæд цæст ницы уыдта, уæддæр фæкæс-фæкæс гæнгæ баздæхт йæ хуыссæнмæ. Зæлинæ бацыд хæдзармæ æнкъардæй, цæуылдæр тынг кæй тыхстис, уый зынд йæ цæсгомыл, нæ йæ бафæрæзта бамбæхсын. - Чызг, цы хабæрттæ ис уынджы, цы ми кæныиц хъæубæстæ... Мæнæн дæр-иу истытæ радзурут, мæнæн, æз дæр уæ бинонтæй дæн, уæхи мыл куыд раджы атигъ кодтат. - Æнæфехъусгæ хабар дзы нæй, алчи йæхи рæвдз кæны фæндагмæ. - Бæлццæттæй ницы хъуысы? - Иласы иууыл тынгдæр æндæвта ацы фарст æмæ дзы рагацау кæй фервæзт, уый тыххæй фæбузныг йæхицæй, кæд дзуапп нæма райста, уæд- дæр. - Ницы, æндæрæбонæй нырмæ сæ хабар хæссæг нал фæцис, лигъдæттæй та сыл æмбæлгæ ничи фæкодта. - Аслантæ та цы ми кæнынц? - Уыдон дæр цæуынц. Илас ницы сдзырдта, фæлæ йæ мид-зæрдæйы фæиу сты цахæмдæр æхцондзинад æмæ хъынцъым. Æхсызгон ын уый тыххæй уыдис æмæ ирвæзт, цæрæнбонты йæм туджджын цæстæй чи кæсы, æппыныдзух æй схойгæ чи кæны, уыцы адæмæй. Хъынцъымыл та уымæн бафтыд æмæ Бесо, Цорæ тымыгъæй уæлдай не сты, куы ницы фыдбылыз сыл æр- цæуа, уæд сæ маст никуы ферох кæндзысты. - Уæртæ фаллаг фарс та цавæр адæм схъомпал æд дзо- ныгътæ, æд фос? - Уыдон лидзæг адæм сты, баба, лидзæг адæм, ныр дык- каг бон фæндагыл сты æмæ сæ бон змæлын дæр нал у. Ныр- тæккæ та анкъуысдзысты, ныр сын фæндаг амонджытæ фæ- цис æмæ сын фенцондæр уыдзæн. 335
- Чи сты уыцы фæндагамонджытæ? - Мæнæ нæ комбæстæй семæ чи баиу уа, уыдон, кæрæ- дзи фæрцы, дам, кæд хæццæ кæниккам нæ ног бынæттæм. 27 Исмелы зæрдæ цы ныфсытæй уыдис фидар, уыдонæн йæхæдæг дæр уый бæрц ницы æмбæрста, æрмæст сарæзта йæ лæппуйæн, иу бæх кæй афæрæзтаид, ахæм уæргътæ æмæ йæ срæвдз кодта фæндагмæ. Дочче цалдæр хатты ацыд уынгмæ уавæр бæрæггæнæг. Исмел ацы фæстаг рæстæджы уый онг иунæг хатт дæр ни- куы ахæццæ, кæд сæргуыбырæй Иластæм, кæнæ хъуыдда- джы фæдыл сыхæгтæм бауайы, уый йедтæмæ. Кæрты алæу- уы æмбонды фарсмæ, йæ даргъ кæрц йæ уæхсчытыл, афтæ- мæй афæлгæсы фæйнæрдæм, ома æз дæр хъæубæстæн уы- наффæйы лæг дæн, дзыллæйы низæй æз дæр хъæрзын æмæ мæ иунæг лæппуйы рауæлдай кодтон адæмы сæрыл æмæ уыдон цы кæнынц, уый дæр уый. Æз та зæронд лæг дæн, ме уæнгтæ мæ коммæ нал кæ- сынц æмæ ма мæ мард æцæгæлон бæстæм цы хæссон. Исмелы тынг фæндыд ацы адæмæн æргом зæгъын, иу изæрыгон уынджы мæнæ адæмы сæрхъуызойтæ куыд кæ- нынц, афтæ дзырдцæугæ ныхас ракæнын. Фæлæ-иу æндæр зæгъинæгтæ сæры куы фæзынд, йе ’цæг цæсгом æмæ-иу зæрдæйы хатт æргом кæнынæй куы фæтарст, уæд та-иу йæ- хи айста хибар. Кæд ног хицауад кæй хонынц, уый ралæууа, уæд йæ фырты номæй дзурдзæни йæ бартыл, кæд Иласы бæллицтæ сæххæст уой, уæд та ноджы хуыздæр, хи балхæ- нæн ис æмæ нæ дæр уæхст басудздзæн, нæ дæр физонæг. Фæндыдис æй ацы тыхст рæстæджы Иласимæ абадын, фæ- лæ адæмы цæст уынаг у, чысыл хиуыл фæхæцын хъæуы, цæмæн æй хъуамæ исчи банымайа йе ’мдзæхтоныл, нырма уыцы рæстæг нæу, стæй куы ралæууа, уæд та ма кæмæн цы йæ бон уыдзæн. Исмел цыма дысонæй нырмæ дæс азы фæзæронддæр, уыйау лæдзæджы æнцой зынæй фæрæзта цæуын, æгæрс- тæмæй йæ царды фыццаг хатт йæ галиу къахыл ныфсджы- нæй нал æрлæууыд, цавæрдæр стæгниз, дам, дзы ныффидар æмæ йæ хъизæмарæй мары. - Баба, æвæдза мæнмæ гæсгæ дзоныгътæ æфцæгыл нæ 336
ахиздзысты æмæ ардыгæй дæр сæ ласт ницы пайда у, - Доччейæн саргъы бæх арæзта йæ къух æмæ цыма иннæтæ уæлдай фыдæбоны хай фæуыдзысты, уыцы хъуыдытимæ йæ фæндыд йæ фыдимæ аныхас кæнын. - Ардыгæй уал æфцæг рæбынмæ дзоныгътыл дæр ис аласæн, стæй сæ æфцæджы сæрмæ дыууæ хасты скæнæн дæр ис, - загъта Исмел, фæлæ фыдæбон цæй бæрц у, уый банкъардта æмæ чысыл йæхицæй фефсæрмы, зæронд лæг уæвгæй ахæм æнæфенæджы ныхæстæ кæй кæны, уый тых- хæй. - Хъусыс, дæхи хиз уазалæй, æхсæв æттæ.дæр баззайд- зыстут, æфцæг-æфцæг у, цы фæнды ныллæг куы феста, уæддæр, амы хуызæн æй ма ’нхъæл, уым нырма ис мит, зæйтæ æмæ мæнæ ацы кæрц ахæсс. Уый йæхæдæг хæдзары хуызæн у. Дзæуджыхъæумæ ныццæугæйæ, гъе Уæлладжыр- мæ, уæлдай нæу, уайтагъд æрцагурдзынæ нæ хæстæджыты, дыууæ боны дæ чи бавæра, ахæмтæ дзы разындзæн. Ды-иу адæмæй дæхи фæхицæн кæн, æндæра æфсæрмæй лæг фыд- былызы дæр хауы. Дæхи-иу сын бацамон æмæ дыл чи хуыздæр баузæла, уыдонмæ æрфысым кæндзынæ. Уым дæр хæринагæй мæнæ-мæнæ арæзт кæм уыдзысты, фæлæ демæ айсдзынæ æхца, цæттæ уæргьтæ дæр кæдмæ фаг сты. Ни- кæимæ дæ ницы сæр хъæуы, нæ дæр иутимæ дæ æмдзæхтон æмæ нæ дæр иннæтимæ. Кæс, дæ хъус дар дуджы улæнтæм æмæ куыддæр адæм фæстæмæ здæхыны фæнд скæной, афтæ-иу ды дæр дæ фæндаг цыбыр кæн. Уым цæргæйæ чи баззайа, ахæмтæ дæр уыдзæн^ фæлæ ды уыдонæй нæ дæ. Цæй цы мын амоныс, Баба, сывæллон дæн, æви? - адæм цы кæной, æз дæр уый. - Адæмæй дæр алчи йæхи мæт кæндзæн, тыхст рæстæ- джы никæй февдæлы йæхи хъуыддæгтæй. Ды ньгрма æв- зонг дæ, царды скъæрæнты нæма фæдæ, фæлæ æз зонын, куыд вæййы, уый. Хъуамæ кæсай дæ алыфарсмæ æмæ дын мацы ирвæза. Адæймагæн иунæгæй цæрæн нæй, хъуамæ искæимæ æмбарат кæрæдзи. Уый тыххæй æппæты фыццаг зонын хъæуы, чи цы у, уый. Ам дын рæдийыны бар нæй. Кæд тыхджындæрыл дæхи бакъул кæнай, уæд дæ амонд, чи фæнды фестæд, уæлдай нæу, дæуæн пайда уæд, уый йедтæ- мæ. Чи дæ уарзы, чи дæ бавæра, уый де ’фсымæр, дæ хæрзгæнæг. Æдых, цыбыр къух, æвæрæзимæ сиу дæ, уæд та дын зындæр уыдзæн, уæларвæй цæргæстæ куы ахса уæд- дæр. Уæд дæхи хъæудзæн тох кæнын царды сæрыл, зæххыл адæймагæн цы бынат æмбæлы, уый сæрыл æмæ уый æнцон 22* 337
хæс нæу, стæй дæ ничи ницы бузныг фæуыдзæн. Уый нæ, фæлæ ма искæй тыххæй масты дæр ныххаудзынæ æмæ цæмæн? Алкæмæн дæр йæ амонд хорз, йæхи фæндиаг. Мæ- нæ ардыгæй гæрзифтонгæй цы æнæхæдзæрттæ ацыд, уыдон цымæ куыд æнхъæл сты? Чидæр, дам, арсимæ кæрдо куыд цагъдта, кæддæра сыл уый æмбисонд не ’ркæна, чи зоны ма дзы искæй судзгæ дæр бакæна, топпы нæмыг не ’взары, нæ фæрсы мыггаг æмæ номæй. Чи сæ скодта адæмы сæрыл- хæцæг, се згæ хъаматæ æмæ сæ фæндзгай гилдзытимæ, цы сызнæт сты, кæй мын фæзмынц? Томайты Мæхæмæты æви Дриаты Антъоны. - Баба, адæм революцийы кой арæх кæнынц, ног цард, дам, ралæудзæн. - Ныууадз, ныууадз, махмæ уьтцы ныхæстæ нæма ха- уынц, ног цард куы ралæууа, уæддæр æй фендзыстæм, рæс- тæг йæхæдæг йæхи æвдисдзæн, амонын ын ницы хъæуы, ам нырма, куыд кæсын, афтæмæй бирæ дæлæ-уæлæ уыдзæн, фæлæ чысыл дæхи хибар дар, æндæра фыдбылыз йæхимæ æлвасаг у, арты цæхæры куыд смидæг уыдзынæ, уый зонгæ дæр нæ бакæндзынæ. Дочче дзæбæх не ’мбæрста йæ лыгъды сæр. Хуымæтæ- джы бæлццонау сифтыгъдта йæ бæх æмæ йæ фæндаггæг- тимæ араст уыдзæн адæмимæ. Йæ хæдзары дзаумæттæй иу дæр йæ бынатæй нæ фезмæлыд, йæ уæзæджы цардыуаг уы- цы иугъæдонæй баззад, нæ сæ райхъуыст уæззау сагъæсты хъæрзын, нæ дзы фæзынд цæсты сыг æмæ афтæмæй та зындæр у искæй зындзинад бамбарын. Уæргътæ уыдысты бæхыл баппарын æввонг, æндæр ни- цы уал тыхсинаг уыд Доччейы æмæ дын аннæ-иннæтау мыййаг фæстæмæ куы нæ хæцид рæстæгыл, фæндыдис æй, тагьддæр куы араст уыдаиккой, уый æмæ дыууæрдæм кодта хæдзарæй уынгмæ. 28 Хазби Зæлинæйæн уымæй уæлдай ницы уал ныффæ- дзæхста. Рæхджы сæ ардæм кæй хъæуы, ууыл фидарæй зæр- дæдаргæйæ ма йæ ныхас балхынцъ кодта: ма-иу фæтыхс. Дæу Илас æфхæрын нæ бауадздзæн, чифæнды куы феста, уæддæр. Æндæр æм ничи ис фæкæсæг æмæ дæ хъахъхъæн- дзæн цæсты гагуыйау. Фæлæ-иу æцæгæлон адæммæ дæр дæхи æгæр тызмæг ма равдис, цæмæн дæм хъуамæ фæхæ- 338
рам уа, дæ хъысмæт иууылдæр йæ къухы кæмæн ис, ахæм дурзæрдæ адæймаг. Уыдонæн ныртæккæ фыдракæнд сара- зын æхсæры акъæрццæй уæлдай нæу, уый дæр зон. Фæлæ дын цалынмæ Иласы цæст æрттива, уæдмæ дын ницы хъо- мыл сты. Уæдмæ кæд мах дæр зыниккам. Хазби бæргæ ныфсы ныхæстæ кодта, фæлæ Зæлинæйы зæрдæ фæфидар кæнын сæ бон нæ баци. Куыддæр чызджы цæсты сыгтæ фергом сты, афтæ ма æрфгуыты бынæй бакаст Хазбимæ, ныттыхст Азауыл æмæ атындзыдта сæхимæ. Æфснайд фесты Хазбийы муртæ дæр. Хъуамæ уый араст уа адæмы разæй, æндæра сын никуы бантысдзæн анкъуы- сын кæрæдзимæ гæсгæ, алчи дæр каст хидыхъусмæ, ничи ма йыл ахызт? Ничи ма араст фыдбоны фæндагыл? Нæй, иу дæр йæ ныфс нæ хаста разæй. Уæдæ ма фæдисы цæуын бахъæуид. Афонмæ адæм худиккой, фæстийæ чи баззад, ууыл. Ацы къахдзæф та алкæмæ каст цахæмдæр æгад æмæ уæззау æмæ йæ йæ сæрмæ ничи хаста. Фæлæ нæ уыд гæнæн. Дуг ахæм уыд æмæ йæхион домдта. Цæмæй фæуæлахиз уай, уый тыххæй дзы кæмдæр фæстæмæ алæууын дæр фæхъæуы, фыдгулмæ дæр тых ис æмæ фыдгул дæр уымæн хуыйны, хатт йæ цæфæй баризы, фæцуды, цардæй цард чи аразы, чи йæ рæсугъд кæны, уыцы нывгæнæг, фæлæ иу амонд хорз æмæ йын йæ бон ницы цæуы, æндæра йыл нæ сауæрдид ма- рынæй дæр. Хазби ма иу хатт йæ цæст ахаста хæссинæгтыл, æрыс- гæрста сын сæ бæстытæ æмæ ацыд Аслантæм. Аслан дзоныгьыл куыф æвæрынмæ хъавыд, фæлæ йæ фæнд аивта æмæ йыл цалдæр æндзалмы æрбаста уæрдæх- тæй, цæмæй йыл фылдæр дзаума бацæуа, куыф та йæхæдæг дæр æгæр бирæ бынат ахсы, стæй йæ уæз та йæ уæлдай. Хазби йæ баййæфта тамако дымгæ. - Цавæр дымд у, Дада, ацы хъæбæр тамако, кæрты дæр йæ тæфæй æрбацæуæн куы нæ ис, хурхы сæртæ куы арауы, - хъæлдзæг хуыз æвдисгæйæ, лæппу салам дæр нæ радта, афтæмæй баввахс зæронд лæгмæ. Аслан æнæдзургæйæ схæцыд йæ сæрыл æмæ йæ фæстæ- мæ æруагъта. Цалдæр улæфты ма скодта тамакойæ, стæй лулæ æрцагъта дзоныгъы уæлдуаныл. - Æз дæр уын барæвдз кодтон дзоныгъ. Нæ муртæ йыл парахатæй бацæудзысты. - Цас ласинаг нын сты, иу цæды фаг фæллои хуыцау куы зæгъид. Абон дæргъы хæдзæрттыл зилын. Чидæртæ ма гуы- 339
рысхо кодта, уæлдай дæр ацæргæтæй, фæлæ ныр уыдон дæр сразы сты. Хъуамæ фæсæмбисбон иууылдæр хидæй ахизæм, цæмæй рагацау æфцæг рæбынмæ бахæццæ уæм. Дыккаг бон та иугæр æфцæджы сæрæй куы ахизæм, уæд нæ ницы уал тыхсинаг уыдзæн, исты амæлттæ кæндзыстæм. Уым нын кæд æххуысгæнджытæ дæр фæзынид, стæй, дам, лидзæг адæммæ йæ хъус чи дардзæн, ахæм æвзæрст лæгтæ дæр ис æмæ нæм уыдон куыннæ æркæсдзысты хæринагæй, цæ- рæнуатæй. Асланмæ Хазбийы ныхæстæ кастысты аргьауы хуызæн. Сæхæдæг дæр ардæм лидзгæ æркодтой, кæд æй йæхæдæг нæ, йæ фыд дæр нæ хъуыды кæны, уæддæр нырма сæ къа- хыл не слæууыдысты. Æвæццæгæн цæмæй фыды уæзæджы ад, Райгуырæн къуымы уарзт уæнгты ахъара, туджимæ сфыца, зæрдæимæ, зондимæ ныхсида, уый тыххæй æнкъарæнтæ фæлтæрынæн рæстæг хъæуы. Уыцы æнкъарæнтæ цæрынц адæймаджы удимæ æмæ мæлгæ дæр акæндзысты йемæ, æндæр сын кæ- рæдзийæ нæй фæхицæн. Аслан хъуыды кæны Хазбийы зæрдæйы уагыл. Лидзын афтæ æнцон куы уаид, уæд адæм сæ цæссыгæй, сæхи не ’хсиккой, Райгуырæн къуым цыфæнды куы феста, уæддæр адджын у, æнæкæрон уарзон æмæ йыл къух сисын зæрдæйы уидаг сласынæй уæлдай нæу. Аслан та йæ лулæйы æрнадта хъыхъхъаг тамакойæ. - Сæлимæт та кæм и? Уый хæдзары уыдзæн, - загъта Хазби æмæ, дзуаппмæ нæ банхъæлмæ кæсгæйæ, бацыд хæ- дзармæ. Аслан дæлбазырæй рахаста зæрондгомау ихсыд æфсондз æмæ уый дæр баиу рæтæнæгъдтимæ. Йæхæдæг холлагдоны кауы зыхъхъырты аласта цалдæр уисы, цæмæй дзы холлаг æнхъæл цыппар къахджытæ сæ бырынчъытæ мауал тъыс- сой. Уыцы уистæ йын дзоныгъыл æндзæлттæ бæттыны рæс- тæджы аззадысты æмæ йæм сæ æппарын æвгьау фæкаст. Аслан хæрз æрæджы цы мæхъийæгтæ ракодта æнæ сыфтæрæй, уыдон хъуамæ ацы бонты сарæзтаид, фæлæ ацы дам-думтæм хъусгæйæ йæ зæрдæ нал ради æмæ сæ ныр йæ дæларм чысылгай ласы мæнгагъуыстмæ, кæд сæ бабæстон кæнынæн хуыздæр рæстæг фæзынидыл зæрдæдаргæйæ. Раст фæстаг уистæ куыддæр йæ дæларм систа, афтæ та хæ- дзарæй рахызт Хазби. - Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ дæлæсыхмæ æмхъæ- 340
лæсæй сæвзæрд иу фæнд, иу хъуыды. Дæумæ дæр уый тых- хæй æрбауадтæн, зæгъын, афæрсын уæддæр хорз у. Цæвит- тон, уыдонæн сæ фæнд афтæ у æмæ сæ фос ам куы баззаик- кой. Стурæй, фысæй æфцæгæн фалейæ дæр се ’ппæт хæдзарыл кæй нæ бахæцдзысты, уый дызæрдыггаг нæу. Чи сын уыдзæн хицау, кæмæ ис бынат? Дзæгъæл хизæнтæ æмæ сæрвæтты дæуæн фос чи уадзы? Алкæмæн йæ сæр йæ кой уыдзæн æмæ ма фос та кæй æндавдзысты, кæнæ цагъды фæуыдзысты кæнæ искæй амæттаг. - Сæ иумиаг ныхасы ахæм уынаффæтæ хастой. - Уæдæ, дам, куыд? - тынг бацымыдис кодта Аслан. - Уæдæмæ, дам, сæ стурæй, фысæй, хуыйæ стымбыл кæ- нæм æмæ сæ цалдæр адæймаджимæ бамидæг кæнæм Уæл- лаг комы æфцæгыл. Уым ахæм æмбæхст сæрвæттæ, хизæн- тæ ис æмæ сæм æнахуыр лæджы кæд тæсчъы схæссай, кæн- нод сæ уаргæ дæр не скæндзæн. Уым сæрды арвитдзысты сæ рæстæг, уæдмæ та, дам, гъе, хæрæг мæлдзæн, гье, йæ хицау. Уæдмæ дын æрцæуæггаг адæм ам цыми кæнынц, зымæ- гиуат дын кæндзысты исты? Æндæр сæ цы мæт ис. Уæдмæ мах дæр æрыздæхдзыстæм æмæ ма кæд нæ папитæй исты хæдзарыл бахæцид. Аслан дзæбæх нæма ахъуыды кодта ныхасыл, фæлæ банкъардта цавæрдæр æхцондзинад. - Чи зоны, дам-иу сæ уым абæрæг кæнæм, стæй, дам, мыййаг тæссагдзинад куы фæзына, уæд уырдыгæй Тырсы- гоммæ дыууæ къахдзæфы йедтæмæ нæу. - Мæгуырау фæнд нæу. - Мæгуырау нæу, фæлæ хъуыддаг семæ чи баззайа, стæй уыдонæн хæринаг амал кæнын у, фæ’лæ сæ уый дæр нæ фе- рох, фосæй-иу æрбаргæвддзысты, ссад, цыхт ардыгæй цал- дæр мæйы фаг айсдзысты бæхыл, стæй æхсæвыгæтты дæр ис æруайæн хъæумæ. Ахæм фæндтæ мæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыдысты æмæ сæ куы фехъуыстон, уæд мæхæдæг сдызæрдыг дæн. - Цæмæн? - Цæмæн куы зæгьай, уæд ардыгæй цыдæриддæр къа- хылдзæуæг ис, уыдон иууылдæр нæ разæй куы акæнæм æмæ нын сыл исты фыдбылыз куы сæмбæла, уæд бынтон æлгъыстаг фæуыдзынæн. (Хмæ, зæгъын, дæу афæрсон? Аслан æрбадт дзоныгьыл, йе уæнгтæ гæзæмæ сæхиуыл фæхæцыдысты, Хазбийы ныхас æмбисмæ куы ахæццæ, уæд- дæр йæ фæнд лыг уыди, йæ дзуапп цæттæ, æрмæст сыл та- 341
гъд нæ кодта, йæ лулæйы тамако æрнæмгæйæ, тæнæг рæсы лыггаг цæхæр акалдта æхсон дурыл æмæ фæздæгкалгае зных ныххауд лулæйы кæхцы. - Иугæр ахæм бæстон фæндтæ фæнывæзтат, уæд уын бæрæг уыдзысты, бархийæ семæ чи баззайдзæн, уыдондæр? - Сæхи дзыхæй разы сты Гæмси, Тода æмæ Бардзин. - Æрыгæттæй никæй бафæндыд? - Иу æрыгон адæймаг ма семæ куы бамбал уаид, уæд хуыздæр у бæргæ. Сæхæдæг дæр нырма фезмæлынмæ цæр- дæг сты, фæлæ дзы мыййаг балцы ауайын дæр куы бахъæуа. Аслан цалдæр улæфты скодта йæ лулæйæ æмæ уытæп- пæт фæздæг цалынмæ бурдзалыг рихиты ’хсæнæй цыд фæ- цис, уæдмæ дзырдта, стæй бакаст Хазбимæ æмæ ма кæдæй- уæдæй а фæстаг рæстæджы йе ’рфгуыты æлхынцъ феуæгъд, йæ цæстытæ лæппуйау ферттывтой, йæ цæсгомыл хъæл- дзæгдзинады фæдтæ фæзынд, афтæмæй загъта йæ хъуыды: - Куыд дæм кæсы, мæ хæрæфырты гæбаз, æз дæр семæ куы баиу уаин, уæд? Хазби ахæм уынаффæмæ не ’нхъæлмæ каст æмæ æнæн- хъæлæджы фергъуыйау, йæ хъустыл нæ баууæндыд, йæхи- мидæг фæтыхст. - Уый та куыд? - Куыд, куы, афтæ. Фосимæ ацæудзысты Гæмси, Тода, Бардзин æмæ æз. Уыдон кæм сæфой, уым æз дæр фæлæу- дзынæн, кæд аразæм, уæддæр иумæ. Ацы уынаффæ æппæты фыццаг кæй хъуыдымæ æрцыд, кæй дзыхæй схауд - йæ цæ- рæнбон бирæ, стæй йæ хорзыл чи банымадта, йе ’вварс чи рахæцыд, уыдон цæрæнбонтæ та ноджы фылдæр, уый бæрц лæгдзинад кæмæ разынд. Æз Уæллаг комы ахæм бынæттæ, ахæм хизæнтæ зонын æмæ сæм йæхи хæйрæг чи фæхона, уый дæр никуы бафтдзæн, стæй нæ кæд уазæлттæ уым æрыййафой, уæд кæнæ Тырсыйы рдæм ахиздзыстæм, кæнæ æрцæудзыстæм ардæм, хъæумæ, иудзырдæй, уавæртæ æмæ нæ фадæттæ куыд амоной, афтæ. - Дæуæн уый гæнæн нæй. - Уый та куыд? Уæлдай фæндмæ мæм мауал æнхъæлмэе кæс, фæлæ фосы та кæм бамбырд кæндзыстæм? Цыма фарст бынтондæр алыг, уыйау уынаффæ кæнынмæ бавнæл- дта Аслан. - Фос иууылдæр хъуамæ ахизой хъæуæй, стæй сæ Фугæ- джыны фæхицæн кæндзыстæм æмæ уæлвæзыл бахиздзы- сты уæллаг коммæ. 342
- Уæдæ-иу мæ хъуыды дæр уынаффæгæнджыты хъусы бацæгъд, - цæмæй Хазбийы дзырды бон мауал фæуа, уый тыххæй йæм Аслан куы аивæй бакæсы, куы иннæрдæм ази- лы, афтæмæй нал æмæ нал анцад. - Бинонтæн ницы æх- хуыс дæн, сымахæй фылдæр сын нæ хъæуы, æз та иуæй фос- мæ æркæсдзынæн, иннæмæй мæ мæгуыр къуыммæ, кæд мын нæ ныххæлæттаг уаид, науæд бынтон уынджы къæйыл баззайдзыстæм. Цу ды, рæстæг зынаргъ у, нырма нын ба- бæстон кæнинæгтæ дæр ис. Ацы дзоныгъ нæ дыууæйы фаг у ардыгæй æфцæгрæбынмæ, стæй кæд хорз рæстæг скæна, уæд æмбаргæ галтимæ æфцæгыл дæр гæнæн ис, науæд сæ бæхтыл радгай кæд хæссиккой. Хазби цæуылдæр дызæрдыггæнгæ айста йæ къах, хъуа- мæ ацыдаид, фæлæ та фæлæууыд, бæрæг уыдис, цыдæр зæ- гьынмæ кæй хъавыди, уый. - Цу, цу, гуырысхо мацæуыл кæн, уæд æй æз дæр зонин. Лæппу ацыд, Аслан та æрбадт йæ дзоныгъыл æмæ сдым- дта йæ лулæ. Уайтагъд йæ хъуыдытæ бамидæг сты Уæл- лагкомы кæрдæгджын хизæнты, йæ цæстыты раз ферттыв- той: къæвда, хурбоны нывтæ, мæйдар, мæйрухс æхсæвтæ, футæгæй арт, уазал суадон, иу дзырдæй уысмы бæрц дзы æрбайрох фæдисы хабар, дуджы уæззау хъысмæт æмæ уай- тагъд хæдзармæ фæраст. Аслан цахæмдæр æндæр ныфсытимæ къуымты ахаста йæ цæст. Арынг, къонайы рæхыс, донхæссæн къæрта - иууыл- дæр сæ цыма уд бацыд, уыйау æм кастысты бузныгæй цар- дæгасау. Тæрхæгæй систа йæ кæрц, ай æнæмæнг бахъæу- дзæн, нымæттæ - иуцалдæр, зæрæдтæдæр уæт, къустæ, фæ- рæт, бæндæн, фыййаг. Зæронд лæджы уæнгты æрбамбырд æрыгон тых æмæ йæм иууылдæр цыд архайын, змæлын. - Чындз, мацы нæ ферох уæт, дзæбæх æркæсут æмæ хæс- сæн цæмæн ис, нæ бон аласын цы бауыдзæн, уыдонæй ам мацы баззайæт. - Загьта æмæ та йæхæдæг азылд къуымты. Йæ къух æрсæрфта астæуккаг цæджындзыл, йæ зæрдæ за- гъта цахæмдæр фидар ныхас: цалынмæ дын мæ цæст æрт- тива, уæдмæ дын тас нæу. Æниу нæ бæлццон сæрæгас уæт, уый йедтæмæ чи цы кæны ацы сæгæйдзаг къуымтæй, куы нæ сæ дур рæстмæ ис, куы нæ хъæд, фæлæудзыстæм сыл, стæй дур дурыл æвæрын цас диссаг у. Ады фæстаг ныхæстæ дзургæйæ Аслан фæкомкоммæ къонайы рæхысмæ æмæ дзы фефсæрмы: «Хатыр - стыр хатыр дæ курын. Уый мæ зонды цавæр ницæйаг хъуыды фæмидæг, нæ, фарн æмæ амондыл 343
бархийæ къух сисын афтæ æнцон нæу, нæй сын зæрдæйæ стонæн». Æниу цæуыл тыхсы, ацы стыр ныхæстæ дæр дзы фырци- нæй куы сирвæзтысты йæхицæн ныфсытæ авæрынæн, йæ уæзæгæй цæмæй ма фæхауæггаг уа, ахæм фадат ын кæй фæ- цис, уымæй буц уæвгæйæ. Аслан ацы хатт хæдзарæй ахызт æндæр зæрдæйы хатти- мæ, бæстондæр æркаст дзоныгъмæ, йæ къах фæфидардæр, йæ худыл чысыл хæрдмæ фæхæцыд æмæ разынд æнцъыл- дтытæ къуыпп ных, риу уæхсчытæй фæраздæр, галимæ дæр аныхас кодта: - Æтт, мæ рахис цонг фидар мын фæлæу, ацы хатт ма дæ хъару æмæ дæхæдæг, стæй дæ цъæх хосмæ уæгъ- дæй уадздзынæн. - Зæронд лæджы цæст нæ бауарзта, йæ фæндаг æлгъыст, йæ цард дыууæйыл кæй у, уый зæгъын, кæрты цыма алы дур, алы дзаума, мигæнæн тарф фынæйæ райхъал сты, уыйау сæ уындæй рухс кодта Асланы зæрдæ, сæхи калдтой зæронд лæджы фæллад цæстытæм, алчи дæр сæ уыд йемæ цингæнæг, уынаффæгæнæг. Уæллаг коммæ йæ йемæ цыдæриддæр хæссын хъæуы - иууылдæр ын хъуыды- гонд сты, фæлæ сæ мæнæ иу цыдæн йемæ ахæсса, уый æнæ- мæнгхъæуæгыл нæ банымадта. Айсдзæн уал нымæттæ, кæрц, донгарз, аг, стæй иннæтæм дæр кæд истытæ уаид. Æндæр æй цы хъæуы? Уый фæстæ ис изæрыгæтты æруайæн бæхыл. Асланы тынг фæндыдис Гæмси, Тода, Бардзины фенын. Цæй, кæд сын Хазби зæгъид. Уый дæр цыма ацы фæнд кæ- мæйдæр æмбæхсы? Бæгуы дæр. Хъуамæ мачи зона ацы ха- бар. Зæронд лæг фæцæуæг. Кауы дуарыл куыддæр æрбахæ- цыд, афтæ фæлæууыд, цæй, фæндагыл иумæ нæ цæуæм, фендзынæн сæ. Хъæуы фаллаг фарс фæзынд стуртæ, лыс- тæг фос, хуытæ. Цалдæр лæппуйы лæууы сæ алыварс æмæ сæ цæуын ничердæм уадзынц, фос ныр дыккаг бон рæстмæ нæ фæхызтысты æмæ лæбурдтой ногдзыд кæрдæгмæ, чы- сыл фæстæдæр семæ баиу сты æндæртæ. Уæдмæ хъæуы фос иууылдæр ахызтысты хидæй, уыдонимæ Аслан æмæ Хаз- бийæн сæхи папитæ дæр. Хазби йæ галимæ баздæхт Асланты кæртмæ æмæ сæ сиф- тыгъта дзоныгъы. - Раст дæм цыма фæсæфцæг стыр хæрзиуджытæ æнхъæ- лмæ кæсынц, уыйау тагъд кæныс фæндагмæ. - Иугæр дзы æнæцæугæ нæй, уæд ма йæ ракæ-бакæ, йæ дæлæ-уæлæ цы пайда у, фæстæмæ-фæстæмæ куы хæцæм, уæд уавæрæн исты фæпайда уыдзæн? Æппындæр нæ. 344
- Мах æнæмæнг хъуамæ сойджынты фыццагау фæуæм? Æппын уæ йæхи фыдбылызæй куы ничи хъахъхъæны, уæд цавæр хабар у. Адæм дæр уыл змæнтджыты ном уымæн сæ- вæрдтой. - Кæд ма мах сойджынты фыццагау кæнæм æгас дзыллæ æмæзмæлд куы скодтой, стæй фæстийæ дæр цæмæн хъуамæ баззайæм, куы йæ зонæм æнæцæугæ дзы нæй,уæд. Аслан мадзурайæ æххуыс кодта Хазбийæн, хаста ласинаг дзаумæттæ æмæ мигæнæнтæ. - Мæн та цы бахъæудзæн, цымæ мемæ айсын? - Дæу та цы бахъæудзæн, уый нæ зоныс, фыййауæй куы батыдтай дæ азтæ? Рахæсс уал нымæт, кæрц, зынгхос, аг, фæрæт, иннæтæм дæр кæд истытæ уаид, стæй та уæд фæлтау ахæсдзыстут, цы ма уæ бахъæуа, уый. Ау, æхсæв дæр нал фынæй кæндзысты нæ сурджытæ. Хазби бæндæнæй уæлæнгай абаста, дзоныгъыл æвæрд чи ’рцыд, уыцы дзаумæттæ. - Æххæст иннæты дæр сæвæрæм æмæ сæ уæд бæстон бабæтдзынæн. Сымах ма ахъуыды кæнут, мацы уæ ферох уæт, сывæллæтты дзаумæттæм дзæбæх æркæсут, сæ дзабыр- ты уæфсытæй хуынчъытæ мачи уæд, науæд фæндагыл уы- дон рæхсдзыстæм. Аслан, ды дзæбæх ныффидар кæн дуæрт- тæ, рудзгуытæ. - Цæмæ сæ фидар кæнын, исты дын адæймаджы бау- ромдзысты. - Адæймаджы ма бауромæд, фæлæ сæ дымгæ дæр куы фегом кæна, уæд куыд уыдзæн? Уымæй дарддæр сæм кæд исчи фыдвæндимæ цæуа, уæд ын фæсхохæй нæ бон цы у, - Хазби ахæцыд галты сæрыл æмæ ахызтысты кæрты дуарæй. Сæлимæт, Сослан æмæ Алан лæууынц дуары рахизæны. Сылгоймаг йæ къухтæ æрывæрдта йæ фарсмæ лæууæг лæппуты гом сæртыл, афтæмæй каст дзоныгъы фæстæ, йæ цæстысыгтæ ныггæргæр кодтой уадултыл, зонд цыма сæлгæ акодта, уыйау фæкъуырма, йæ хъуыды нал ахста, цы рцыд æмæ дарддæр цы уыдзæни, иунæг ахæм ныв дæр. Аслан æрбадт сугсæттæн къуыдырыл, хъæбæр тамакойæ та æрнадта лулæйы æмæ йыл фыдæнæнгæнæгау зныхæй арт бандзæрста. Кæрт хасты хуызæнæй аззад. Нал дæр гал, нал дæр цыппæркъахыг змæлæг. Бинонтæ цавд дуртау баз- задысты, ничи уал уæндыд уæлдай фезмæлын. - Чындз, уæ къухы хæссинæгтæ дæр айсут æмæ уал ацæут Хазбитæм, æз дæр уæ ныртæккæ феййафын. 345
Лæппутæ дæр мады цæстысыгтæ куы ауыдтой, уæд сæ балцæй сæ зæрдæ нал рухс кодта, æрмæст хисдæрты алы ныхасæн уыдысты коммæгæс. Сæлимæт ма алæууыд иудзæвгар, стæй баздæхт хæдза- рмæ, фæндаггæгты дзæкъулы атъыста йæ дыууæ цонджы, йæ фæйнæ къухы систа, дыссн четæнæй цы хызынгæндтæ бахуыдта, уыдон, кæд рæуæг нæ уыдысты, уæддæр. «Рацæут мæ фæстæ», - фæлмæн хъæлæсы уагæй, фæлæ карзæй афæ- дзæхста сабиты, йæхæдæг сæргуыбырæй рахызт кæртмæ, цæстытæ æрзылдысты кæрты къуымты, хæдзармæ ма йæ бæргæ фæкæсын фæндыд, фæлæ зæрдæ нæ бакуымдта, аф- тæмæй ахызт кауы дуарæй. 29 Аслан куыддæр йæ лулæйы тамакойы сыгъдæттæ къуы- дырыл æрцагъта, афтæ сыстад æмæ бахызт хæдзармæ, сæ гæды цыма уавæр бамбæрста æмæ иунæгæй фæтарст, уыйау зæронд лæджы иувæрсты рагæпп кодта кæртмæ æмæ фæау- уон мæнгагъуысты. Лæууы Аслан. Цы ма бакæна? Зæрдæ нырхæндæг. Хæ- дзар бирæ фæцух царды бæрджытæй. Рагæй æнæарт, æнæ- фæздæг æдзæрæг хæдзарау, ныридæгæн калд йæ уазал тæф. Æцæгæлон къуымтау сыл зæронд лæг зылдис цæстæнгасæй, кæцы дзаума, кæцы мигæнæнæн дзы цы сараза. Хæндыджы нырма ис цыхтытæ. Иу къаннæг тъæпæнæг ныргьæвта къæ- бицы уæрммæ. Уым нывæрдта цыхтытæ æмæ сыл ауагъта цæхдон. Уыдон æм ныр æфснайд кастысты. Хоры къæрмæг уыд къутуйæ сисинаг, фæлæ йæм уым æфснайддæр фæкаст æмæ йæ ныууагъта. Лыстæг мигæнæнтæ стымбыл кодта къæбицы талынг къуыммæ. Æппындæр æм рухс никуыцæй калди ердойы къаннæг рудзынгæй дарддæр. Бинонтæ дзы сæхæдæг дæр зæрдæаивæй змæлыдысты. Уым цы дзаумæт- тæ æмæ мигæнæнтæ уыд, уыдон Асланмæ тынг æфснайд ка- стысты, уæдæ рæхысæн та исæн нæй. Уадз æмæ ауыгъдæй лæууа. Иугæр уый куы фезмæла йæ бынатæй, уæд къона бындурзылд хуыйны. Хæдзар хæдзар нал у, уадз æмæ рæ- хыс ауыгъдæй лæууа царды æвдисæнау. Уый ацы бынæттæм фыдбылыз не ’рбауадздзæн, йæ алы цæг дæр бынаты фар- ны куырдадзы æхсыст у. Рæхыс Асланæн канд æвæджиаг нæ, фæлæ уыд стыр 346
ныфс, сæрыстырдзинады хос. Иугæр рæхыс ауыгъдæй лæу- уы къонайы сæрмæ, хæдзары бæстастæу, уæд уæзæгæн æп- пындæр ницы тас у, ис ын рæхысы æвджид рæстæгмæ ныу- уадзæн. Аслан райста дыууæ æхсæв хуыссæн нымæты, кæрц, къаннæг фæрæт, бæндæны скъуыддзæгтæ, иу зæронд риф- таджы фæсмын зæнгæйттæ. Нырма дарынæн бæзгæ æрчъи- тæ йæ дыууæ цæсты дæр тых надæй, афтæмæй сæ æрывæр- дта кæрты къæйдзарыл. «Мацы мæ ферох уæт, цæй а дыууæ боны та мæ ардæм нæ хъæуы», йæхицæн ныфсытæ дæтгæйæ систа къаннæг фæрæт, фæйнæджы гæппæл æмæ дзы ныкъуырдта æрдæбон къæбицы архайгæйæ, йæ дзыппы цы дыууæ згæ зæгæлы нывæрдта, уыдон æмæ йæ фæфидар кодта дуары тарвазыл цæхгæрмæ. Иу фæйнæджы гæбаз бавæрдта рудзынджы къаннæг цæстыл дæр æмæ йыл бафæлдæхта тъæпæнгомау дур. Йæхæдæг æм кæсы дардæй. Афтæ йæм фæкаст, цыма цъынд баци хæдзары цæст, сындзæхгæд æрцыд йæ уæзæг æмæ та зæронд лæджы цæнгтæ ауыгъдау æрзæбул сты уæхс- чытыл. «Уæддæ]э дзы зыхъхъыр ныууадзын хъæуы, цæмæй дзы уæлдæф миДæмæ цæуа». Аслан чысыл рахæцыд къæй- дурыл, зыхъхъыр асгæрста къухæй æмæ рацыд йæ хæсси- нæгтæм. Тынг æгад æм касти уытæппæт лыстæг хæссинæг- тæ йе ккой скæнын æмæ уынгты афтæмæй цæуын. «Искæй сæм сæрвитдзынæн», - загъта йæхицæн æмæ рифтæгты йедтæмæ иннæ хæссинæгты æрывæрдта кауы рæбын. Ацы фæстаг дыууæ боны ныры хуызæн æдыхст, æнæмæт никуы ма уыд йæ зæрдæ. Дыууæ, æртæ бонмæ балцы цæуæгау фæс- тæмæ дæр нал фæкаст, афтæмæй фæаууон уынджы фæзи- лæны. Хазби æмæ Азау ахастой иннæ хæссинæгты дæр. Хъæу- гæрон фылдæрæй-фылдæр кодтой адæм, фос, дзоныгътæ, галтæ, саргъы бæхтæ, схæццæ сты иумæ æмæ сын бынат дæр нал фаг кодта, сæ быны цыма зæхх уынгæгдæр фæцис, уыйау. Хъуынтъыз мигъты бынæй гæзæмæ ферттивы хуры цæст æмæ та амбæхсы фæстæмæ. Адæмæй иутæ хуры ныхас кодтой, иннæтæ къæвдайы, чи сæ зæрдæ фæфидаргæнæн ныхасыл бафтыд, кæмæн та фыдæнæнгæнæгау æрынцой нал уыд йæ тыхст калынæй. Исмелы фырт Дочче дæр ахызт хидæй. Бинонтæй йæ фæстæ ничи акаст. Бæхыл æвæрд уыдис рог уæргътæ. Ныр- ма йыл не сбадт, идадзæй йæ ласта æмæ адæммæ куыддæр 347
бахæццæ, афтæ баиу фыццаг къордимæ. Уым уыдысты То- да, Бардзин, Гæмси. Уыдон баййæфта ныхас кæнгæ. Иæ хъустыл æрцыд фос æфцæгмæ скъæрыны кой дæр. Уайта- гъд йæ зæрдæ фехсайдта æмæ ма иу чысыл афæстиат, стæй бæхы рохтæ фæфидар кодта дзоныгъмæ æмæ йæ цыма цы- дæр ферох, уыйау атындзыдта фæстæмæ хъæумæ. Уым ны- хас бахæццæ кодта Исмелы хъустæм æмæ раздæхт фæс- тæмæ. Иласы хæдзарæй æппын нæ рахызт змæлæг. Уыцы бон Зæлинæйыл дæр, æвæццæгæн, дуар æхгæд æрцыд æмæ йын нал бантыст уынгмæ рахизын æмбисбонæй фæстæмæ. Хаз- би йæм аивæй дардта йæ цæст. цалдæр хатты ацыд уыцы уынгыл, дæр, фæлæ нæй. Хæдзармæ бацæуа, кæнæ искæй барвита, уый та йæ фæндгæ нæ кодта, аныр рацæудзæн, аныр ыл фембæлыны æнхъæлæй. Ныр та йæ æвдæлгæ нал кæны. - Дада, ам бирæ хъомпал кæндзыстæм, фæлæ галты сæ- рыл ахæц. - Дæхæдæг, дæхæдæг, æз дæр уæ феййафын. - Дæ дуæрттæ æхгæд сты? - Цал дуары мын ис, иу у æмæ йын йе ’вдузæн æрзыл- дтон, чи йæм цæуы? Хазби ницы уал загъта, æрмæст Сæлимæт æмæ Азауæн бамбарын кодта, сывæллæттимæ сæ цæуын кæй хъæуы, уый æмæ рахис къухæй ахæцыд галты сæрбосыл. Аслан, Гæмси, Тода æмæ Бардзин иннæ бонтæй хъау- джыдæр кæрæдзийыл зæрдиагæй бацин кодтой. Таурæгъ- тыл нал схæцыдысты, фæлæ кæрæдзи æмбæрстой цæстæн- гасæй: хъуамæ ацы фæнд нырма мачи зона, кæмæ хауы, уы- донæй дарддæр. Иугæр адæм æфцæгрæбынмæ куы бахæц- цæ уой, уæд уыдон цыппарæй фæкъорд кæндзысты фос, уæдмæ та Хазби хъуыддаг бæстондæр бамбарын кæндзæн хъæубæстæн æмæ уым кæмггы бахиздзысты уæллаг коммæ. Адæмæй ма кæд исчи уырдыгæй фæстæмæ раздæха æмæ хабар, бынаты чи баззад, уыдонæй искæмæн радзура, уый йедтæмæ сæ зонгæ дæр ничи бакæндзæн. Мыййаг сыл исчи куы фæгуырысхо уа, уымæй тæрсгæйæ цыппар зæронд лæ- джы сæхи хызтой арæх æмбæлын æмæ ныхас кæнынæй. Адæм се ппæт нæма æрымбырд сты хъæугæронмæ. Хаз- би схызт дуры сæрмæ, цæмæй йæм зындаиккой иууылдæр æмæ райдыдта: - Хорз адæм, - фыццаг фæхъус сты, æввахсдæр æм чи 348
лæууыд, уыдон, стæй се ’ргом аздæхтой дзурæджы ’рдæм. - Мах цæуæм нæ Райгуырæн къуымæй, фæлæ афтæ мачи бан- хъæлæт, нæ къух сыл бынтондæр систам, - Хазби дзырдта, ’ амæйразмæ сæм революцийы тыххæй фæстаг хатт æмбырд чи уагъта, уыцы ахуыр лæджы хъæлæсы уагæй æмæ йыл фидыдта. - Нæ, афтæ мачи банхъæлæт. Рæхджы фæстæмæ кæй æрыздæхдзыстæм, уый уæ фидарæй уырнæт. - Уæдæ ма цæутæ цæмæн кæнæм, цæугæ? - Æвæццæгæн кæйдæр фыддæрадæн? - Цæй, цæуыл тыхсут, уæ цæрæнбонты балцы никуы ацыдыстут? Чидæртæ хъавыд Хазбийы ныхас зыгъуыммæ кæнынмæ, хъуамæ адæмы хсæн апырх уыдаид онгмарæн хъуыды. - Дуг афтæ амоны, мæ хæлæрттæ, - Хазби йе ’ргом фез- дæхта, ацы стæм хъæртæ кæцæй фехъуыстысты, уыцы ’рдæм. Уым лæууыд Дочче дæр æмæ йæм йæ зæрдæ фехсай- дта. Чи зокы уый æргом дзурджытæй нæ уыд, фæлæ сусæ- гæй арт æндзарæг. Кæсдæрты хсæн Хазбийæн куывды, чын- дзæхсæвы уæлдай кад кæй вæййы йæ лæггады тыххæй, уый Доччейы рагæй æргæвды. Стæй иууыл æмбисонд кафыи æмæ зарынмæ кæй у, уымæ гæсгæ цы куывд, цы чындзæх- сæвы йæ цæст ферттива, уырдыгæй уый та лидзæг фæ- вæййы. Азауы уарзондзинад æй бынтон тайын кæны, фæлæ йæ ской дæр нæ уæндьт. Чи зоны Хазбийы зæрдæ цæимæты адзырдта, фæлæ йæ бирæ не ’вдæлд æмæ ноджы хъæрдæ- рæй дзырдта: - Курæг дæн æмæ не ’хсæн адæмы знæтгæнæн ныхас куыннæ равзæра. Иутæ скъæрдзысты фос, иннæтæ цæудзысты галтимæ, сывæллæттæм алчи дæр йæ хъус да- рæд, кæрæдзийæ-иу ма адард ут, нæ зын абон æмæ райсом, цалынмæ æфцæджы сæрмæ хæццæ кæнæм, уæдмæ, стæй нын уæд фенцондæр уыдзæн. Уым дæр не ’фсымæртæ, не ’мтуг, не ’мыстæг адæм цæрынц,. суазæг нæ кæкдзысты. Ны- хасмæ нæ бирæ не ’вдæлы, фæлæ цыбыр кæнæм нæ фæндаг. Хазби æрхызт дуры сæрæй, амбырд ыл сты сылгоймæг- тæ. Йæхи сæ иуварс ласæгау амоны фосы алыварс лæууæг æрыгон лæппутæм, ома сæ бафтаут фæндагыл. Сылгоймæгтæй ацæргæдæртæ, æмдзырд бакæнæгау, уы- цы бон скодтой сæ саутæ æмæ кæрæдзи фæстæ, халæттау, ныррæхыс сты, афтæмæй здæхтысты иукъах фæндагыл уæлмæрдæй сæ цæсты сыгтæ сæрфгæ. Стыр хъынцъымимæ сæ алчи баиу йæ бинонтимæ, йæ сыхæгтимæ æмæ иу цасдæр цыдысты æрхæндæг, мадзурайæ. 349
Сабитæ цæмæй æмбæрстой дуджы трагеди æмæ сæ са- гъæс æмгæрæтты никæмæ цыд, уый нæ, фæлæ ма цин дæр кодтой, æгас хъæубæстæй балцы кæй рацыдысты, ууыл æмæ-иу куы къордтæй аззадысты ныхас кæнгæ, куы та-иу иугай размæ азгъордтой. 30 Адæм цæуынц сæ Райгуырæн уæзгуытæй, ныууагътой зæрдæйы хъарм ахстон æмæ бафтыдысты фæндагыл. Фæлæ ма сæ алкæмæн йæ сæры ныффидар æмæ нал куымдта сыфтауын иунæг фарст: «Æрыздæхдзыстæм ма нæ фыды бæстæм, æви нæ?» Нæлгоймæггæн цавæрдæр амонды тагыл хæцыдысты сæ ныфсытæ, фæлæ дын сылгоймæгтæн арт æмæ фæнык уыдис. Налдæр уайсадын, налдæр æфсæрм, цыдысты сæ масты фæдыл æмæ чи кæимæ хыл кодта, чи кæуыл калдта йæ маст, уый бæрæг нæ уыд, æрмæст ма сæ алчи архайдта йæ зæгъинæгтæ сæргом кæныныл. Хазби ахызт фæсвæд æмæ æрлæууыд, фæндагмæ чи куыд ифтонг у, уый бæрæггæнæг. - Æз уын дзырдтон, æфцæгыл нæ бон ахæссын цы бауыдзæн, æндæр мацы раласут. Акæсут ма, кæдæм хъуамæ фæхæццæ уой атæппæт хъæдын мигæнæнтæ та? Ацы дон- хæссæнтæ, чъыбылатæ ласын ницæмæн хъуыд, бынаты дæр сын ницы тас уыд, æви афтæ зæгъут нæ фыды зæххыл бын- тон нæ къух систам, уыцы зæрдæ уæ ма фæсайæт, фæлæ ныфсджындæр ут, кæд та рæхджы мах амонд дæр атулид. - Кæд ма, кæд, кæд æрцæудзæн уыцы амонд, мæнæ фыдвæндæгтыл куы бафтыдыстæм, æнæуæзгуытæ куы баззадыстæм, нæ быны рæхыстæ не ’фцæджы куы рахастам, уæд ма цавæр амондмæ æнхъæлмæ кæсæм? - Быценон, æмбаргæ сылгоймаг дæ æмæ дыл ахæм ныхæстæ не ’мбæлы, махмæ дæр иу чысыл байхъус, зонæм цыдæртæ. - Мæн нæлгоймаг цы нæ фæкодта, уый дæлæмæ æрха- уæд, æндæра æз ахæм лыгъд мæ сæрмæ нæ бахæссин. Уæдæ ма махоны цæст æрттивит, паддзах мæ куыдзы сæрæй йæ ком суадза, кæд казнайы давды уый йедтæмæ ничи уыд. - Дæ зæрдæйы хъуыдытæ иууыл æргом ма дзур, никæй хъæуынц, науæд адæмы дæр... - Адæм мæнæй фылдæр зонынц, мæн тыххæй ницы æр- 350
цæудзæн, фæлæ алчи йæхи иннæмæн зонд амонæг ма кæнæд. - Афтæ, афтæ, уадз алчи дæр зона рæстдзинад, уæддæр ын æнæ раргом нæй, абон уа, æви сом. Цавæрдæр иог хица- уад æнхъæл бындурзылд баистæм æмæ, дам, дæ дзыхыл хæц. Æз иугæр куы бацарæфтыд уон, уæд-иу уыцы ног хица- уад уæхи фестæд. - Æгъгъæд у ныр, алцæмæн дæр ис æгъдау. Уый бæсты дæ фæндаджы кой кæн, цæмæй макуы ныкъуылымпы уæм, - Хазби разæй ауагъта уыцы къорды æмæ баиу иннæимæ. Адæмæй иутæ ахызтысты худисæнæй, иннæтæ та хъæуаж дæр нæма азмæлыдысты. Уаситы сывæллон, дам, тынг рынчын у. Уыдонæй ничи ма рацыд. Сæ дзаумæггæ дæр лæууынц бæстытæй. Чи та дзы рæвдз нæма сси. Хазбн сæм аздæхт фæстæмæ. Рынчыны сывæрдтой дзоныгъыл, иннæ- тæм дæр фæкаст æмæ афтæмæй чидæриддæр лидзинаг уыд, уыдон иууылдæр сæхиуыл дзуæрттæ бафтыдтой, алчи дс^р сæ йæ мæгуыр къуымтæ фг^дзæхста, лндзыныл чи не сбæн- дæн, уыдонæн. Фæндагыл кæмæн йæ дзоныгъ саст, кæмæн йæ бæндæн скъуыд, афтæмæй къуылымпытæгæнгæ цыдысты адæм. Уæддæр ма хорз æмæ-иу чи фæтыхст, ууыл-иу амбырд сты иннæтæ, раст цыма æппæт амонд иу адæймагæй аразгæ уыд æмæ уыцы иу адæймаджы фарн та дзыллæйы фарны стъæлфæн уыдис, уыйау. Лидзæг адæм æрынцадысты æфцæгрæбын. Суагътой га- лтæ, æристой бæхты уæргътæ æмæ алчи йæхи цæттæ кодта æхсæвиуатмæ. Хазби æрзылд хъæубæстыл æмæ сын рахи- цæн кæньш кодта, сæ фосæй ныууадзинаг цы уыдысты, уы- дон, йæхæдæг сæ цыппар зæронд лæджы разæй скодта иу бæх æмæ иу цуанонимæ æмæ талынггæрæттæм бауадысты комы цалдæр километры. Иу цалдæр раны фæзынд футæгæй артытæ. Арвыл ферт- тывтой стъалытæ, фæлæ уыдон дæр уайтагъд фесæфтысты, абон сæумæрайсом цъитийы цъуппæй фæйнæрдæм арвыл йæхи байтындзынмæ чи тагъд кодта, уыцы мигьты бын. Бæх кæмæ уыд, уый йын бабаста йæ къæхтæ, галты баиу кодтой, стуртæ æмæ ма фосæй чи аззад, уыдонимæ, афтæ- мæй сæ баурæдтой фæзы бæстастæу. Ардыгæй сæ фæлла- дæй цæуынвæнд, æвæццæгæн, ничи скæндзæн. Уыцы изæр æфцæгрæбын бирæ адæм æрынцад. Æхсæ- виуат кодтой хъæугай, сыхгай. Цалынмæ ма цæст æвзæрста, уæдмæ кæрæдзи афарстой хабæрттæй, стæй куы рталынг, 351
уæд алчи ацыд йæ хъæубæстæм, йæ сыхæгтæм, баиу йæ бинонтимæ. Ныртæккæ адæмы иууыл стырдæр тас уыди къæвда æмæ-иу арæх скæс-скæс кодтой арвы ’рдæм, сæхи æфцæджы зæдтæн фæдзæхсгæйæ. Арв сауæй-саудæр кодта. Иу цалдæр хатты рацыд дым- гæйы улæн. Изæрдалынгтæй фæстæмæ бирæ фæсатæгдæр. Мигътæ бырыдысты уæззаугай. Лидзæг адæмы лæгъстæ нæ фехъуыст нæ дæр хуыцаумæ, нæ дæр зæдтæм. Арв кæмдæр дард ферттывта, фæлæ уыцы коммæ йæ нæрын нæ фе- хъуыст. Адæм тыхстысты сæхи мидæг, мæйдары та азмæ- лæн ничердæм уыд æмæ алкæй дæр йæ фадæтгæ куыд амы- дтой, афтæ йæхи цæттæ кодта къæвдамæ. Нырттывта цалдæр хатты, фæлæ нæрын нæ райхъуыст. Уалынмæ æрхауд иугай æртæхтæ. Адæм сæхи тухынц, аууæттæ аразынц. Фæфылдæр сты уыцы æртæхтæ. Адæм катайыл бафтыдысты, фосы мæт ма та чи кодта. Бæстæ сау- далынг дардта, чысыл раздæр адæм цы комы къæсæрæй бахызтысты, уырдыгæй иу рухсы цъыртт дæр нал калди. Ацы хатт арвы кæрæттæ цæхæр акалдтой æмæ чысыл фæс- тæдæр йæ нæрын æрзылд комы алы варс. Уалынмæ рай- дыдта уарын. Адæймаг бацис тæссаг хъуыдыты амæттаг. Ныртæккæ аирвæздзæн зæххы скъуыды, æрхаудзæн ыл арв, рафæлдæхдзысты йыл, изæры ма лæугæ кæй ныууагъта, уыцы бæрзонд хæхтæ’. Æйда, райдыдта уарынтæ, къæртайæ калæгау, сæхсæх кæнын. Адæм сæхи бæргæ æмбæрзтой ны- мæттæ, кæрцытæй, бырыдысты дзаумæтты бын, фæлæ зæх- хыл, лæсæнау, чи рацыд, уыцы доны ныхмæ цы фæлæууы- даид. Уайтагъд цады ленкгæнæгау уыдысты. Уæддæр ма хуыцау хорз æмæ дымгæ нæ кодта. Уыцы бон æнæуый дæр хъарм, сабыр ахаста, æхсæвмæ цæттæгæнæгау. Хазби цалдæр хатты слæууыд йæ мидбынаты, сыстад-иу искæмæн баххуыс кæныны тыххæй, фæлæ куыд, чердæм, мæйдары къахавæрæн нæй. Арв æмæ зæхх кæрæдзи хойынц, лæппу йæ мид-зæрдæйы хъæр кæны фæдис, йæхи фæдзæхсы хæхты, æфцæджы зæдтæн: «Нæ радтæг хæхтæ, æххуысгæнæг фæут мæнæ ацы мæгуыр адæмæн, ма сæ фе- сафут». Нæ, нæ, æз цы хæхтæ зонын, уыдон уырдыг лæу- уынц æнусты. дæргъы, адæймаджы царды сыфтæ фысгæйæ, ныггуыбыр æм кодтой æрдзон тых æмæ фыдбылызæй хъа- хъхъæнæгау, бакодтой йæ сæ дæлбазыр æмæ йыл бындз абадын нæ уадзынц. Табу дæхицæн, Тбаууацилла, фыдбы- лызæй нæ бахиз. 352
Уары æмæ уары цыхцыр сæвæрæгау. Хъус ахсын рай- дыдта къада дæтты сæр-сæр. Адæм тухынц чысыл сабиты, йæхиуыл хъуыдыгæнæг ма та чи уыд. Райхъуыст кæуын дæр, фæлæ сæ, æвæццæгæн, æхсæвы тарæй фæтæрсын код- той æмæ ныхъхъус сты, тас фæтых сæ чысыл зæрдæты æн- къарæнтыл. .Хазби слæууыд йæ нымæты тыхтæй, къухæй æрысгæрста Сослан æмæ Аланы. Уый размæ сын дзоныгъыл хорз бадæн æрцарæзта æмæ сæ Сæлимæт æмæ Азау кæрчытау сæ быны бакодтой, сæ уæлæ хуыссæн нымæтгæ æрытаугæйæ. Сы- быртт сæ никæмæй хъуыст. Цалдæр хатты сæм Хазби сдзырдта ныллæг хъæлæсæй, ф§елæ уыдон дзуапп дæттын- мæ дæр зивæг кодтой. Къæвда уарыд уыцы иугьæдон, æппындæр æм цыма банцайыны фæнд нæ уыд, уыйау-иу чысыл фæсабыр æмæ та-иу дзыхъхъыннæуæг байдыдта. «Ау, ацы хæхты фарн нæ афтæ æгъатырæй фесафдзæн. Нæ, ма нын баххуыс кæна, уый гæнæн нæй». Хазби ма йæ зæрдæ цахæм æххуысыл фæдардтаид, уый нал зыдта æмæ æппынæдзух йæхи фæдзæхста сфæлдисæгæн. Æмбис æхсæв къæвда гæзæмæ фенцад,-Арвыл фæзын- дысты иугай стъалытæ. Иунæг адæймагæн дæр йæ цæсты- тыл хуыссæг нæ ахæцыд, фæлæ сæ сыбыртт дæр ничи кодта. Боны цъæхæй æнамонд хабар уайтагъд азылд адæмыл. Адæм цадæггай базмæлыдысты æмæ хъарæг, сылгоймæгты кæуын кæцæй хъуыст, уыцы ’рдæм сæргуыбырæй цыдысты. Адæм сæ нымæттæ æмæ кæрцытæй дысон цы халагъуд са- рæзтой, уымæй йунæг æртах дæр нæ бахызт мидæмæ, фæлæ уæддæр ницы уал феххуыс сабийы æдзард удæн. Уасийы бинонтæ, сонтау, се ’нахъом сабийы тæригъæд хъардтой сæ амонд скæнæгæн, сæ бон нал уыд сдехи уромын, Уасийæ дарддæр. Фæлæ адæм хорз сты, адæмы фарн бирæ у. Уыдон куы балæууой зианджыны фарсмæ, æфхæрд адæймаджы уæлхъус, уæд ын дзæвгар айсынц йæ зындзинадæй. Хъуыды кæнынæн нæ уыд бирæ рæстæг. Адæм, къорд- гæйттæй лæугæйæ, фыхтой сæ фæнд. Иутæ дзырдтой, зиан фæстæмæ раласын æмæ йæ йæ сыджытыл сæмбæлыны хъуыды, чи та фæсæфцæгмæ йæ аласыныл ныллæууыд, ан- нæтæ та фæндон хастой, цæмæй йæ ацы ран баныгæной рæстæгмæ, цалынмæ фæстæмæ здæхой, уæдмæ, стæй йæ уæд кад æмæ радæй сæмбæлын кæндзысты йæ сыджытыл дæр. Фæстагмæ ныллæууыдысты фæсæфцæгмæ йæ ахæссын 23* 353
æмæ йæ Захъхъайы уæлмæрды батшгæныны фæндыл. Сра- зы йыл Уаси дæр, кæд ма йæм здæхыны тыххæй йæ мид- зæрдæйы исты хъуыды баззад, уæддæр æй нал сæргом код- та адæмы æфсæрмæй æмæ, бинонтæн ныфсы ныхæстæ дзургæйæ, лæууыдис фидар. Уæлдай бузныг дзы уыдысты хъæубæстæ йе ’гъдау, йæ уæздан ахастæй. Раст аходæн афон адæм цадæггай райдыдтой сæ фæндаг цыбыр кæнын. Æфцæгрæбын фæзындысты ног тыхст- дзинæдтæ. Дзоныгьтæн иал уыд ласæн. Чи зоны ма хус рæс- тæджы исты амæлттæй бырыдаиккой, фæлæ дысоны къæв- дайæ зæхх лæсæнтæ фестад. Дзаумæттæй, мигæнæнтæй уым бирæ баззад, стæй æккой хæсгæйæ куыд фæлладысты, афтæ сæ калдтой. Саргъы бæхтæн нал зындысты сæ хъустæ дæр. Хазби йæ цæст ахаста арвы цъæхыл. - «Табу хуыцауæн, кæд нæ къæвда нал стыхсын кæнид.» Адæмæн дзурын ни- цыуал хъуыд, цыдысты мадзурайæ. Иуæй - фæллад, мæс- тæлгъæд, иннæмæй зианджын, æфсарм æмæ масты ден- джызæн ауазæнтæ саразæгау, цыдысты къахдзæфгай, уæз- зау уæргъты бын хидкалгæ. 31 Асланитæ дæр увды изæр сæ хæссинæгтæ байдзаг код- той Бардзины бæхыл, фос акодтой сæ разæй æмæ се ’хсæв бахастой, дыууæ комы кæм фæхицæн сты, уыцы фæзмæ. Раст фыццаг кæркуасæн уыдаид, афтæ Аслан фестад, бамба- рын кодта йе ’мбæлттæн æмæ ацыд хъæумæ йæ хъримаг хæссынмæ. Цалынмæ сæм фæстæмæ хæццæ кодта, уæдмæ уыдон дæр дзæвгар ауадысты. Куыддæр хуры тынты хъар- мæй зæххы фæздæг акалд, уæнгтæ гæзæмæ батæфстысты, афтæ фос хизгæ спырх сты фахсыл, фыййæуттæ та, æрдзы сабырдзинадæй буц уæвгæйæ, сындæггай цыдысты сæ фæ- стæ. Фыййæуттæ фыццаг уæлвæзы бахордтой аходæн, дыккаг уæлвæзмæ куы схæццæ сты, уæд хур дæр дзæбæх æрындæв- та æмæ ма дысоны къæвдайы донæй хуылыдз кодтой æр- мæст æрчъиты бынтæ. Аслан рагъмæ бацыд. Уырдыгæй дзæбæх зынди сæ хъæу, йæ хæдзар, фæлæ уырдæм царды бæрджытæн нæ уыд раиртасæн, фæздæг дæр никуыцæй калд. Уым къуылдымыл фæбадти бирæ æрхæндæг зæрдæйæ æмæ йын кæд цы фæн- 354
ды зын уыди сыстын, уæддæр йе уæнгтыл схæцыд уæззау- гай: «А дыууæ боны та абæрæг кæндзынæн мæ хæдзар», за- гъта йæхицæн æмæ ныфсджынæй араст иннæты фæстæ. 32 Бесо æмæ йе ’мбæлттæ иу мæйы размæ цы нарæджы бад- тысты, ацы хатт дæр та сæ уым алчи бацахста йæ бынат. До- нæн фаллаг фарс къæдзæхы сæрæй фæндаг дзæбæх зынди. Уый цæст дарæн бынат у. Бынæй комы та зæрдæйы фæн- диаг хъавæнтæ, хи бааууонгæнæн бынæттæ: адгуытæ, бæлæ- стæ, дуртæ, цыма сæ æрдз йæхæдæг уый тыххæй сарæзта. Ныр цалдæр боны цæуынц лидзæг адæм, сæ тæригъæд сын зæхх дæр нæ уромы, фæлæ сæм Бесоитæ сæхи никуы равдыстой, куы сæ иу баиу вæййы семæ, куы се ’ннæ æмæ сæ фæфæрсынц хабæрттæй. Хорзæй никæмæй ницы хъуыстой. Цыд фесты лидзæг адæм. Бесойы къорд ныр та æнхъæл- мæ каст сурджытæм. Амæй размæ дзы æртындæс гвардио- ны ацы нарæгæй фæстæмæ лидзæг бæргæ фесты, фæлæ ма ацы хатт афтæ æнцонæй аздæхой, уый йæ нал уырныдта æмæ тыхст йæхи мидæг. Куыд вæййы, цы вæййы, дыууæ ныхмæлæууæджы иу фæнд нæ кæнынц. Бесо алкæмæн дæр бамбарын кодта йæ хæс. Йæхæдæг бадт хъæды астæу стыр дуры фæстæ æмæ йæ алыгьуызон хъуыдытæ дуарахæсты ба- кодтой. Æрысгæрста æхсаргард, хъримаг, кæсы дамбацамæ. Йæ мидбылты бахудт. Дамбацайы хицауы схъæл ныхæстæ дæр ын мыд нæ ахæрын кодтой. Уый дæр раджы нæ уыд, афæззæджы. Бесо-иу быдырмæ кусынмæ куы ацыд, уæд-иу фыццаг уыцы хæдзары æрфысым кодта. Уыцы аз æй уадзгæ дæр никуыдæм уал акодтой, цыдæр тыхст уыдысты æмæ сæ сæ кусинæгтæй нал æвдæлд. Бесойæн ма нартхор тонинаг гæзæмæ куы баззад, афтæ фысымты лæппу дæр схæццæ офицеры дарæсы. Уæды онг ын йæ ном цы хъуыста, уый йедтæмæ уынгæ никуы. Бесо куыд бамбæрста, афтæмæй йæ дуджы улæнтæ сæ быны ассæстой æмæ хуымæтæджы мæсты уыдис, марджы цæстæй касти адæммæ. Бесойæн салам дæр никуы радта^Уæдмæ ра- лæууыд мыздисæн. Лæг бакой кодта фысымæн. Офицер куыддæр мызды кой æрыхъуыста, афтæ дын ар- вы талынгты ма фæхауа, хæдзар йæ сæрыл систа, мæнæ йæм, зæгъгæ, Бесо исты сдзырдта, уæд æм, æвæццæгæн, хæ- 355
цæнгарз дæр райстаид, фæлæ хæцыд йæ дзыхыл, æнхъæл- мæ каст, кæд æрсабыр уыдзæн, уымæ. Афтæмæй ма баззад цалдæр боны, кæд йæ куыстытæ конд фесты, уæддæр. Иу изæр офицер кæцæйдæр æрбаздæхт нозтджынæй. Бе- сойы кæрты сугсæттæн къуыдырыл бадгæ куы федта, уæд йæ цæстыты хæрамдзинады цæхæр ракалд, дæндæгты хъыррыст’фæцыд, стæй æрæджиау райхъуыстысты йæ риз- гæ ныхæстæ: - Лæппу, карк æфтауæн хъæдыл куы бада, уый бадт куы кæныс? Бесо ницы сдзырдта, йæ сæры магъзыл бакалд миты хъæпæн. - Кæцæй æрцыдтæ, уырдæм цæугæ дæ фæд, дæ фæд, на- уæд ма дæ райсом мæ цæсты кæронæй дæр куы фенон, уæд дæ гуырæй райгæ, хъаст-иу мæ ма ракæн. - Мæ мызд мын радтут æмæ ныртæккæ дæр ацæудзы- нæн. Бесо йæ уæхсчытыл бæрзонддæр схæцыд, риуы гуыдыр фæразмæ, афтæмæй æнхъæлмæ каст, дарддæр цы уыдзæн, уымæ. - Кæс-ма, кæс, ацы сæмпæрчъитæм, куыд сызнæт сты, цыма æмдз&рд бакодтой, уыйау иудзыхæй куыд уасынц, гуыбыны хæлцыл дæр сæ ничи уал кусы, мызд æй хъæуы, фæллой, хъуамæ схъæздыг уа, аппара йæ хæрв, - офицер нал æмæ нал æнцад, ноджы йын Бесойы дзуаппытæ йæ маст æхсидын кодтой æмæ йæм цыд æввахсæй-æввахсдæр. Бесо сыстад, бамбæрста, хъуыддаг фыдбылызмæ кæй цæуы, уый, фæлæ сæ чи баиргъæвтаид, сæ дыууæйы йедтæмæ хæ- дзары ничи фæци. - Ницы мæ хъæуы сымахæй мæ мыздæй дарддæр, йе ’рдæг мын уæддæр бафидут æмæ фæцæуон нæ мæгуыр хæ- дзармæ. - Дæ хæдзармæ æнæ мыздæй дæр базондзынæ фæндаг, куыдзы хъæвдын, - офицер февнæлдта дамбацамæ, фæлæ йыл Бесо йæхи андæгъта, йæ быны йæ афсæрста. Уайтагьд офицеры æфсæры къæдзыл сæмбæлд мустучъийы цæф æмæ йæ цæстытæ урсæй аззадысты. Бесо фæтарст, лæджы йæ хъæбысы баласта мæнгагъуыстмæ, фелвæста йын йæ дамбаца, атыхта йæ цавæрдæр бызгъуырты эбмæ куыддæр хъæугæронæй ахызт, афтæ йæхи айста хъæдырдæм. 356
33 Бады Беоо, кæсы дамбацамæ. Цалдæр хатты йæ æрзылд- та йæ къухты ’хсæн. Нырма йæ никуы никæмæн равдыста. Ахæм дзаума йæм ис, уый бинонтæй дæр ничи зыдта æмæ йын æй цыма исчи фендзæн, уыйау та йæ æрсагъта цухъхъ- айы мидæгæй роны. Уыцы бон дæр та баизæр. Иу зæрдæзнæтгæнæн хабар нæ фехъуыста. Лидзæг адæмæй дæр ничиуал фæзынд. Изæр- далынгты иу æнахуыр бæхджын фæдисы цыдæй уад комы мидæмæ. Бесо йæ размæ æрхызт. Барæг ын радзырдта, гвардионты тæккæ райсом ардæм кæй хъæуы, уый тыххæй. Хъуамæ, дам, ма баййафой лидзæг адæмы, тынг æгъатыр сæ хонынц. Бæхджын, рæстæгæн дзæгьæлы сæфынæй тæрсгæ- йæ, фæцагайдта комы, цалдæр хатты ма ферттывта бæхы цæфхæдты цæхæр æмæ фæаууон мæйдары тæгъзы. Уыцы æхсæв фæндагыл бадджытæй иуæн дæр йæ цæс- тытыл хуыссæг нæ ахæцыд. Бæстæ уыд æгуыппæг, æнуд, æрмæст комы дон иугъæдон сæр-сæрæй хæлдта æрдзы са- бырдзинад. Бесойы цæстытæ стъалытæм кæсынæй куы бафæл- лайынц, уæд та уæлтъыфæлттæ дæр æруæз кæнынц æмæ уæд, мæйдар æхсæвау, атары вæййынц йæ хъуыдытæ. Гæзæмæ фæфæлурс сты арвы кæрæттæ. Ирдгæ сатæг базмæлын кодта уæнгты. Цалхыдзаг мæйы фæлурс тынтæ хæхтыл æрхызтысты угæрдæнтæм, аныдзæвдысты бæлæсты цъуппытыл æвзистау. Бесойы хъустыл сæмбæлд цавæрдæр уынæр, йæ русы фарс авæрдта зæххыл, фенцад рæуджыты куыст. Фæндагыл цæуджытæ кæй фæзынд, ууыл гуырысхо ничиуал кодта. - Цы ми кæнæм, ныхас, æви нæ ницы ныхасаг ис? - фар- стой кæрæдзи Бесойы æмбæлттæ. - Ныхас нæ, фæлæ нын хъуамæ базоной нæ хъуыды, ар- дыгæй мидæмæ сын фæндаг кæй нæй, уый. - Æрлæуут! - Фæхъæр кодта Бесо, йæхи нæ равдыста, афтæмæй. Гвардионтæ æргæппытæ кодтой сæ бæхтæй, иу сын амбырд кодта сæ рохтæ æмæ фæстæмæ фæзилæны фæаууон, иннæтæ хъæды апырх сты, цалынмæ Бесо дзуап- мæ æнхъæлмæ каст, уæдмæ. 357
34 Рагон бæрзбæласы тасаг къалиутæ æрзæбул сты хъæ- булы сæфтыл маройгæнгæ ныййарæджы дадалитау. Нæ- мыгдзæф цъары бынæй цæссыгау лæдæрсти сой. Банымæг топпы гæрах. Бæстæ ныссабыр. Хатт цъитийы ’рдыгæй рау- лæфы гæзæмæ уддзæф æмæ та, æрдзы сабырдзинад бахъыг- дарынæй тæрсæгау, сындæггай йæхи асæрфы бæлæстыл æмæ баризынц сæ сыфтæртæ. Æрхы суадонæн цыма йæ за- рæг йæ хъуыры фæбадт, уыйау къутæртæ æмæ дурты ’хсæн- ты хъуыр-хъуыргæнгæ тындзыдта æмбæхстытæгæнгæ стыр Леуахийы ’рдæм. Суадоны онг нал бахæццæ Бесо, бæрзбæласы цъуппмæ ма бæргæ скаст, фæлæ уайтагьд цæстытыл фæлм абадт, бæстæ аталынг. Лæг ма цалдæр хатты рахæцыд иæ гуырыл, хъавыд сыстынмæ, архайдта аууондæр бынатмæ бабыры- ныл, фæлæ йын нæ бантыст, цыдæр фесты уæнгты хъару, хъуыды æмæ зæххыл нынныхæст уæлгоммæ. 35 Гоги куыддæр казармайæ рахызт, афтæ салам радта рад- гæсæн æмæ йæм бадардта йæ гæххæтт. «Кæркуасæнтæм ам хъуамæ уай», - загъта радгæс æмæ ма, мæйы ’рдæм йе ’ргом аздахгæйæ, иу каст æркодта гæххæтмæ, стæй йæ Гоги афс- найдта йæ риуы дзыппы æмæ фæаууон уынджы фæзилæны. Адæмæй ма чидæртæ тезгъо кодтой уынгты. Стæм цырæ- гътæ æмæ мæйы фæлурс тынтæм æввахсмæ фенæн уыд адæймаджы цæсгомæн. Хатт-иу Гогимæ лыстæг ныккасты- сты цæуджытæ, ома ацафон æфсæддон цæмæн хъуамæ тез- гъо кæна уынджы. Гоги ахызт горæтæй, цæуы къахфæндагыл. Хатт-иу мæй фæци бæлæсты аууон æмæ-иу уæд йæ къах иста аивæй, йæ хъуыдытæ тахтысты разæй, фæлæ сæ уæдмæ йæхæдæг дæр баййæфта хæдзары къæсæрыл. Иугæр куыйты рæйын куы райхъуыст, уæд фæхатыд, цæвæнгарз самалкæнын æй кæй хъæуы æмæ февнæлдта дыргъдоны каумæ. Уайтагъд армытъæпæн фæмидæг дæлар- мы, стыр какон сындз дзы кæй фæныхст, уый бæрæг уыд, тынг сдудыдта, фæлæ уæддæр кауы халæн къухы бафтыд. Ничи йыл фембæлд хъæууынгты, иуæй-иу хæдзæрттæ уы- 358
дысты æдзæрæджы хуызæн, фæлæ сæхи кæртмæ бахизгæйæ йæ зæрдæ барухс. Цалынмæ хæдзары æмбисмæ бахæццæ, уæдмæ йæ мад нæ бафиппайдта, æнæ авг зæронд лампæмæ æввахс бадгæйæ ныггуыбыр æмæ арæзта хъæдуры бæттæ- нтæ. Хæрдмæ скаст æмæ фырдисæй йæ уæнгтæ рызгъæл- дысты. - Деда1, деда, - лæг мады фæлурс цæсгоммæ кæсгæйæ дзырдта. - Æз дæн, æз, деда. - Мæ хъæбул,- мад сыстад æмæ ризгæ къухтæ æры- вæрдта Гогийы риуыл, сæ уæлæ бакъул ис сау кæлмæрзæны тыхт сæр æмæ сусæг цæссыджы æртæхтæй баумæл сты уадултæ. Иугæр лæппу куы фæфиппайдта мады хъынцъым, уæд ын сындæггай схæцыд йæ сæрыл. - Цы кæныс, кæуыныл та цы схæцыдтæ, уый бæсты æрбад æмæ аныхас кæнæм. Бирæ рæстæг мын нæй. - Зонын, зонын, рæстæг та дын кæй нæй æмæ мæ маст дæр уый фæдыл у. - Службæ, службæ, уый дæ цумайы хуызæн нæу. - Уыцы службæйæн æппын кæрон нал ис, ныууадз ма йæ, нал хъæуы, - сылгоймаг ма бакаст йæ хъæбулы цæстытæм æмæ фæстæмæ йæхи æруагъта бандоныл, йæ фарсмæ æрбадт Гоги дæр. - Цæй, дзур, кæцæй æмæ та кæ- дæм ацы змæст рæстæджы? - Цæмæй йæ зоныс, бæстæ змæст у? - Адæммæ нæ хъусын, æви къуырма дæн. Æниу мын айразмæ дæ хабæрттæ дæхæдæг нæ фæдзырдтай... Цалын- мæ стыр фыдбылызы ныххауæм, уæдмæ не ’рлæудзыстæм. Службæйы цард фæндонæй нæу, æгæр карз закъæттæ дзы ис. - Нæ, мæ хъæбул, æз дæр ма уый бæрц æмбарын, уæдæ кæм базæронд дæы. Ацы закъон дын афтæ куы зæгъа, уæртæ уыцы мæгуыр лæ^æн йæ сæр акъуыр, уæд æй хъуамæ афтæ бафхæрай, йæ сæры хъуынтæй-иу куыннæ фæхъæуа. Ды та? Цæвиттон, айразмæ уыдон дæр фыд-зæрдæ разын- дысты, уæд ма уæ уыцы комæй иу дæр раздæхтаид, фæлæ мæгуыр лæгæн фыдми ракæнынмæ йæ цонг тынг нæ тасы, цалынмæ йæхицæн фæтæрса, уæдмæ. - Цы дын æй æмбæхсон, ныр дæр, æвæццæгæн, раст уырдæм цæуæм, ацы хатт æндæр хæсимæ. Уый æфсæдцон 1 Деда - гуырдзиагау - гыцци, мад. 359
сусæгдзинад у, фæлæ мæ, раздæрау, мæ къах нал хæссы, раст зындонмæ цæуæгау дæн. - Мах мæгуыр адæм стæм, никæимæ нæ ницы хилаг ис, исчи хъал у æмæ йæ хъалбон калы, уый махмæ нæ хауы. Уынгæджы фæдæн адæмæй, иутæ мын уайдзæф кæнынц, дæ лæппу, дам, фыдгæнджытимæ бафтыд æмæ йæ рагацау рахибар кæн, науæд байрæджы уыдзæн. Иннæтæ та мын дæ инæлар хонынц. Мæнæ, дам, бæстæ куы ’рсабыр уа, уæд, дам, тынг дард ацæудзæн, фæлæ йæ ма бакъуылымпы кæн. Алкæмæн йæ амонд йæхи, мах уыцы кад нæ хъæуы. - Дæ бар куы уаин, уæд бæргæ, фæлæ ныр лæг дæн, лæг, паддзахады лæг æмæ уым нæ дыууæйы фæндон бирæ ницы уал кæрды. Æниу ды раст зæгъыс, ацы хатт дæр ма афтæ фæуæд, куыдцæр æрыздæхон, афтæ мын куырдиат æнæ бадæтгæ нæй, цæмæй мæ æфсады рæнхъытæй расæрибар кæной. Ацы фæндыл бæстон ахъуыды кодтон æмæ йын æнæ саразгæ нæй. Ныр та хъуамæ чысыл æрулæфон. Уæддæр дзы хи къуымæн æмбал нæй. Йæ къултæ дæр адæймагæн алолайы зарджытæ кæнынц. Къазармайы та æрвыл уысмы, фæдисмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, зæрдæ нал фæзоны æн- цойад. - Гоги сыстад æмæ ласы йæ уæллаг дарæс, - чизоны рæхджы бæстæ æрсабыр уа æмæ фервæзæм ацы цæугæ цар- дæй. Æрымысыдтæн нæ сæндон, нæ дыргъдон. Афтæ мæм кæсы, цыма дзы æхсæвæй-бонæй куы кусон, уæддæр дзы не ’сфæлмæцин. Уалдзæджы сыджыты тæф мын фæсуры ме ’уаенгты фæллад. Гоги йæ рон æмæ уæлæфтау рывæрдта фæхс бандоныл, цыма хъадамантæй фервæзт, уыйау йе уæнгтæ айвæзта æмæ бацыдис хихсæны цурмæ. Уæдмæ мад фынгыл æрывæрдта торнейы фых луаситæ, джитъритæ, цыхт, иу къаннæг дуры- ны сæн. - Мæгуырæй дæр дæхи къуым, дæхи уæзæг, дæ сабийы бонтæ кæм арвыстай, уыцы уæзæг. Æз дис фæкæнын, стыр галуæттæм чи фæбæллы, уыцы адæмыл. Мæнæ мын ацы сынтæг, ацы бандон мысын кæнынц ме ’взонджы бонтæ, - Гоги æрбадт стъолы фарсмæ, агуывзæйы æркодта сæн, ра- хис къухæй йыл схæцыд æмæ йæм кæсы лампæйы рухсмæ. - Нæ фароны сæнæй, ноджы фæсыгъдæгдæр, цæсты сыджы хуызæн. О, хъæбул, уый дæ хай у, дæуæн æй нывæрдтон, мæ зæр- ды уыд, зæгъын, ацы зындонæй куы фервæзай, уæд хъæу- бæстæм фæдзурон, фæлæ кæд уыдзæн, кæдмæ уыдзæн мæ зæрдæ саджилтæ. 360
- Рæхджы, рæхджы, ацы фæндаг ма, стæй йе хæрæг мæлдзæн, гъе, йæ хицау, комгæ дæр сын никуыдæм уал акæндзынæн, цы нæ хъæуы, уый нæхæдæг дæр нæ зонæм, афтæмæй куы чердæм фессæндæм, куы чердæм æмæ та кæйдæр къонайыл бакал уазал дон... Исчи мын, зæгъгæ, мæнæ ацы къæсмæ агайгæ нæ, фæлæ хæрам зæрдæимæ дæр æрбацыд; дæ балгъитæг афтæ, мæ цæвæнгарз ыл нæ разда- хин, мах та æнæхъæн хъæутыл нæ тых æвзарæм, цыма зæхх цæрынæн афтæ суынгæг æмæ кæрæдзи хурхы сæртæм бав- налæм. - Мах ныууадзæнт нæ мæгуырыл, алкæмæн йæ амонд йæхи, дæ фыд дæр, дам, фыдыбæстæ хъахъхъæнæг фæцыди æмæ дзы абон дæр нæй хабар, дæ разы ма дæ сæн фен æмæ дæхи бафæдзæхс иунæг хуыцауæн. - Раст зæгъыс, тынг раст, адæймагмæ цы кæса, уымæй йын ирвæзæн нæй... Арфæгондæй мын цæр, - анызта агуы- взæ. Мад ын цыма йæ комдзæгтæ нымадта, уыйау æм каст сæркъулæй. Гоги куыддæр хæрд фæци, афтæ йæхи баласта тæр- хæгмæ. Мад ын йæ уæлæ рытыдта тæнæг хъæццул, æрбадт ныллæггомау бандоныл дæрддзæф, æмæ йын каст комком- мæ йæ цæсгоммæ. Лампæйы дыдзы рухсмæ гæзæмæ æрт- тывтой ногдаст рустæ. Сау лыстæг рихитæ, цæхгæр даст га- лиу русы бын дыууæ армы тъæпæны, афтæмæй лæппу æр- фынæй. Æхсæвы æгуыппæгдзинад æрфысым кодта Гогиимæ хъæдынкъул, зæхбын къæсы æмæ æппæт сагъæстæ баисты хуыссæджы хай. Мад дæр исдуг арæдзæ-мæдзæ кодта, стæй йæ сæр æркъул кодта уæхскыл, хæдзары къултæ нындзыг сты фысымæн райхъалæй тæрсæгау. Пецы саст дуары зыхъ- хъырæй ма гæзæмæ æрттывта, æртхутæджы бын чи фæци, ахæм зынджы цæст. Ныссабыр къæс, фæлæ нæ фынæй кодтой ныййарæг æмæ хъæбулы æнкъарæнтæ. Уыдон зылдысты къуымты кæ- рæдзийыл тыхсгæ, цингæнгæ, афтæмæй æнхъæлмæ кастыс- ты боны рухсмæ, сæуæхсид æмæ хуры тынтæм. Гоги фехъал куыдзы рæйынмæ. Йæ цæстытæ андæгъ- дысты къаннæг рудзынгыл, фæлæ зынд саудалынгæй, лам- пæйыл хæрдмæ фæхæцыд. Мад райхъал. - Æнхъæл дæн байрæджы кодтон? - Кæдæм тагъд кæныс, хъæбул, чындзæхсæвмæ цæуыс? - Чындзæхсæвмæ цæуын бархийæ у, фæлæ мæнæн 361
афтæтæ гæнæн нæй. - Гоги тагъд-тагъд йæхи ахсадта, хызьь ныл схæцыд. - Деда, ацы хызыны та цы ис? - Дæуæн фæндаггаг. Уыцы сæн та де ’мбæлттæн адар. - Æвзæр фæнд нæу, фæлæ зæрдæйы фæндиаг митæ кæм ис, айсдзынæн мæнæ цыхты къæртт, иу кæрдзын, кæд гæ- нæн нал ис, уæд мæнæ уыцы сæны мигæнæн дæр, дыргътæ хæссыны фадат мын нæй. - Омæ дæхæдæг зоныс, куыд дæ фæнды, афтæ. Гоги йæ- хи арæвдз кодта, мады цæстмæ хъæлдзæгæй алæууыд йæ разы. - Деда, рæхджы мæ ардæм хъæуы, фæлæ сæн ма стуаг уæт. Ды мын фидар лæуу, уый йедтæмæ мæнмæ дæ зæрдæ ма хсайæд, чысыл ма бафæраз, стæй... Цæй, æз ацæуон, æн- дæра та сæхи къултыл хойдзысты. - Фæндараст. Гоги ма худæнбылæй иу каст фæкодта æмæ ахызт къæ- сæрæй. Мад йæ мидбынат андзыг, алырдыгæй йæм æрба- цæйцыдысты хæдзары къултæ, нал зыдта, йæхи цы фæкæ- на, уый, адон уæрджыты магъз æмæ йæхи æруагъта, йæ хъæбул цы тæрхæгыл фынæй кодта, ууыл, цæстысыгтæ уа- дысты рустыл, уæззау сагъæстæ æмæ сын тæссаг хъуыдытæ уыдысты абузыны хос. 36 Бесо æнкъарын байдыдта уæззау рыст, йæ мидхъуыды ахста ныхас, чидæр æм арæхстгай кæй æвналы, уый. Гæзæ- мæ фæзыхъхъыр сты йæ цæстытæ, фæлæ хъуыды йæ базыр- тыл нæма схæцыд. Иугæр Гогийы къух уæхскыл куы аны- дзæвд, уæд Бесо тынг ныхъхъæрзыдта, архайдта хъæр кæ- ныныл, базмæлыд йæхи мидæг. Цæсгомы хуыз фæцыд, аф- тæмæй уадулты ныуæрттæ нытынг сты, дæндæгтæ æддæг- мидæг ауадысты, рахис къух æвналы уæхскмæ. Бесойы цæстытæ тынг байгом сты. Йæ фарсмæ бадæг гвардионы куы ауыдта, уæд сæ фæстæмæ ахгæдта æмæ рай- хъуыст дæндæгты хъыррыст. Рахис къух фæстæмæ æрхаудта зæхмæ. Йе ’нгуылдзтæ фæлмæн сыджыты аныхстысты æмæ се ’хсæн аууæрстой сыджыт, фароны хус сыфтæрты. «Мæ куыдз фæлдыст фæуæд дæ амондæн». Аивæй ракаст. Гвар- дион фæцæуы суадоны ’рцæм. Бесо асгæрста дамбаца, нал ис гилдз. Хъама иу къухæй нæ комы сылвасын. Æхсаргарды 362
кæрддзæм - афтид, фырмæстæй йæ иуæрдæм фехста. Ар- хайы хъамаимæ. Нæй, уайтагъд йæ сæры фæмидæг æмбæх- сыны хъуыды. Хъуамæ пыхсы абыра йæ фарсыл, æрзылд, фæлæ-та уæззау рыстæй ныхъхъæрзыдта æмæ бауадзыг. Доны цалдæр æртахæй баумæл сты былтæ, комы кьултæ, хуылыдз хæцъил бæрзæй æмæ ныхыл куыд абырыд, уый банкъардта æмæ та йæ зæрдæ йе ’муд æрцыд. «Фын, æви ар- гьау», - хъуынтъыз æрфгуыты бынæй фæлмæвæрд цæсты- тæ кастысты арвы цъæхмæ, бæрзбæласы къæбæлдзыг къа- лиутæм. Гвардион æрдæг иронау, æрдæг гуырдзиагау дзуры Бесомæ, фæлæ йын дзуапп дæттæг нæй. Бесойы зæрдæ ныдцур, цæргæсы къалатийы куы баппа- рай, уыйау æрхаудтой йæ базыртæ. «Ацы лæджы ма кæм- дæр федтон», - гæзæмæ базмæлыд сæры магъз. Гвардионы фæндыд Бесойы уæхск фенын. - «Мах ма кæмдæр фембæл- дыстæм... О, о, æрхъуыды йæ кодтон, хъусыс мæм. Амæй размæ дæр раст ам фембæлдыстæм, фæлæ уæд дæ амонд хъæстаг нæ уыд. Цæй ныр бæстондæр базонгæ уæм, науæд цыма дæ цæф мæнæ-мæнæ рæуæг нæу æмæ йæ бæттын хъæуы. Мæ ном Гоги. Ды та цыма Бесо хуыйныс, афтæ мæм кæсы. Амæй размæ дæм де ’мбæлттæй иу афтæ фæдзырдта. Кæд фæцæф дæ, уæддæр дын атылди. Хæрхæмбæлд дыл нæ фесты». Бесо аивæй бакаст Гогимæ: «Цымæ ай та кæцытæй у?» - афарста йæхи. Гоги ссыгьта тамако. «Дæ ном æгас Ирысто- ны дæр хъуыстгонд у. Уым диссагæй ницы ис, хорз лæджы нысан у. Махмæ дæр ис хабар хæсджытæ. Æппæт дæр зо- нæм, ме ’мбæлттæ фæцæуынц, æвæццæгæн, адæмы нал баййафдзысты. Мæ бон сын ницы у. Æз дæр дæ хуызæн сал- дат дæн. Æри-ма, дæ цонг дын фенон. Ис мæм бæттæнтæ». Бесо ницы сдзырдта. Йæхи бакодта йе знаджы бар. Цухъхъа æмæ куырæт уæхскæй æрбырыдысты. Гоги афæлурс: - «Уæйыг дæ æви адæймаг». Цонг æрзæбул, нал зынд тугæй. Бæхбæттæны бын нæмыгдзæфæй лæдæрсти туг. Гоги архайы хызынимæ. Цæфыл æрывæрдта цыдæртæ æмæ йæ райдыдта тухын. Цонг æрцауыгьта бæрзæймæ ри- уы гуыдырыл, стæй ссыгъта тамако æмæ иудзæвгар хъуы- дыты ацыд. - Ам бадынæй ницы уал рамбулдзыстæм, мæ хæлар, фæ- лæ исты æрымыс? Бесо фергъуыйау, йе знаг æй хæлар кæй рахуыдта, уый тыххæй. Цы хъуамæ ’рымысыдаид, кæдæм ын уыд цæуæн. 363
- Уæхимæ дын здæхæн нæй. Иуæй сæ къухмæ бахау- дзынæ æмæ дæ рагæй агурынц, зындгонд сты дæ хъуыддæг- тæ, кæмдæр, дам, офицеры дæр æрыхсæстай. Иннæмæй та ардыгæй райсоммæ дæ уæхск рæстмæ баст куы нæ ’рцæуа, уæд бабын уыдзынæ. Фæлæ мæнмæ иу фæнд ис. Сбад мæ бæхыл. Мах хъуамæ изæрмæ ныххæццæ уæм Цхинвалмæ, уырдыгæй нæ хъæумæ бирæ нал ис. Хъуамæ дын дæ цæфмæ зила хосгæнæг, æндæр гæнæн дын нæй. Бесо сцæйстад, фæлæ фæстæмæ æрхаудта. Не слæууыд рахис къахыл, рыст фатхъул. Гоги раласта æрчъи æмæ зæн- гой дæр. Къах æгасæй ныррæсыд, æвæццæгæн фатхъул фез- дыхст. «Уый дын дыккаг бæллæх. Уæдæ дæ къах æрурæдта, къах, æндæра ды мардæй дæр лыгъдаис, кæнæ та стыр фыдбылызтæ сарæзтаис иу цонгæй дæр». Гоги фатхъул дæр стыхта цæмæйдæрты æмæ йыл фæс- тæмæ скодта зæнгой. Бæхы æхтæнгтæ сæлвæста. - Схиз саргъмæ. - Бесо сбадт бæхыл. - Мæнæ ацы нымæты дæхи æрбатух, дæхи дзаумæттæ куыннæуал зыной къахæйкъухмæ, мæ худ ныккæн, ды рæс- тæгмæ уыдзынæ гвардион, хъусыс, Бесойы къорды нæмы- гæй чи фæцæф, ахæм æмæ дæ æз хъуамæ ныххæццæ кæнон бынатмæ. Дзурын дæ бон нæу. Никæй фарстæн дæтдзынæ дзуапп. Мæхи бар-иу мæ уадз. Гоги æрхæцыд бæхы рохыл. Цæуынц дыууæйæ. Сæ иу бæхыл, иннæ фистæгæй. Гвардионтæй сыл чи амбæлы, уы- донæй сæм иутæ цымыдисæй бакæсынц, иннæтæ сæ хъуы- ды дæр не ’ркæнынц. - Хохæгтæ уын, æвæццæгæн, уæ сыкъа фæдыдагь код- той, - ацы хатт сæ æрурæдта Гогийы зонгæ æмæ сæ, мæстæй марæгау, фарста, кæд йæ фарстæн дзуапп нæ домдта, уæд- дæр. - Афтæ дæр дзы вæййы, - дзуапп радта Гоги æмæ, дарддæры фарстытæй хи хизæгау, ахæцыд бæхы рохыл. - Нæ хосгæнæг афонмæ хъæумæ æрбахæццæ, фæлæ ата- гъд кæнут, - фæстийæ ма сæм адзырдта фæрсæг. Гоги йæм фæкаст æмæ банкъуыста йæ сæр, ома бузныг, уый тынг хорз уынаффæ у. Цæуынц дыууæйæ. Гоги бæх ласы, Бесо саргъыл бады, Гогийы уæлæдарæн нымæт æмæ æфсæддон худ йæ уæлæ, афтæмæй. Рыстысты уæхск æмæ фатхъул. Хатт-иу акалд йæ сур хид, цалдæр хатты хъуамæ бахъарм уыдаид йæ зæрдæ, фæлæ та-иу фидар организм фæуæлахиз. Райдыдта дойны 364
кæнын. Йæхи бæргæ урæдта, фæлæ цæстыты фæлм куы абадт, уæд, йæ хус былтыл æвзаг асæрфгæйæ, æрдзырдта: - Иу хуыпп ма мын дон авæр. - Дон нуазæн дын нæй, - фæзылд Гоги æмæ дарддæр цыд бæхы разæй. Фæрвджыны ныууасыд хиуа æмæ Бесойы зæрдæйы фæныхст хъамайау: - Æлгъыст фæу, кæд кæцæй февзæрдтæ... Дон, иунæг хуыпп. Гоги æрлæууыд, райхæлдта йæ ронæй чысыл баклашкæ: - А, дæ дзых дзы ахуылыдз кæн. Бесо донæй иу хуыпп акодта æмæ баклашкæ фæстæмæ радта. Цæуынц дыууæйæ. Иу бæх ласы, иннæ саргъыл бады. Бафæллад Гоги. Бафæллад Бесо дæр. Ахæццæ сты Дидинæг- джын фæзмæ. Ам-иу балцы цæугæйæ аходæн бахордта Бесо. Ныр дæр æй тынг фæндыд цъæх нæууыл æрхуыссын, йæ фæллад суадзын. Гоги цыма ацы хъуыды фембæрста, уыйау æрлæууыд: - Чысыл аулæфын дæ нæ фæнды? - Бесо дисхуызæй каст Гогимæ. - Æрхиз уæдæ. Гоги балæууыд йе ’нцой æмæ йæ æрыргъæвта зæхмæ. Бæх аздæхт хизыныл. Бесо рифтæгтæй систа фæндаггæггæ. Фæндагыл цы гвардионтæ цыд, уыдон-иу сæм бакастысты, фæлæ Гоги бадт зынæн ран æмæ-иу сын уайтагъд фæсырдта сæ дызæрдыг. - Ахæр, афтид голлаг хъил нæ лæууы. Бесойы хъуыры тыххæй-фыдæй абырыд иу комдзаг, йæ фæстæ доны цал- дæр хъуыртты. - Дон ныуазæн дын нæй, дæ цæфæн зиан у. Уый бæсты та нæ фæндаг фæцыбыр кæнæм, кæд ма рухсæй ахизиккам Чъехæй. Бесо уыди коммæгæс, æндæр гæнæн дæр ын нæ уыд, фæлæ йæ дзыхæй сыбыртт нæ хауд. Бады бæхыл. Гоги цæуы фистæгæй. Бесо ницы зоны, ницы æмбары. Йæ сæры зила- хар кæнынц алыгъуызон хъуыдытæ. «Кæм ис хæлар, знаг, хæрзгæнæг, фыдгæнæг? Чи у ацы адæймаг? Цæмæн, ныххæ- цыд тыхгæнæг ахæм зойдыл? Æз змæнтæг дæн, уæдæ уый дæр зоны. Цы нысан кæны йæ лæггад?» Фарстытæ бирæ, фæлæ сын дзуапп радтын у зын хъуыддаг. «Хинæйдзаг фæнд... Де знагыл фæнды тыхæй фæуæла- хиз у, фæнды хинæй. Куы ’нтыса, уæд сæ иу дæр æппаринаг нæу. Ныртæккæ йæ ацы æцæгæлон рувас ратдзæн, кæдæм æмбæлы, уырдæм. Цы сафы? Кадыл мард адæмтæ иу æмæ 365
дыууæ ис. Чин, хорзæх, лæвæрттæ... Афтæмæй фæуыдзæн Бесойы цард, йех, мæ хæсгæ мæрдтæ, гъе, цæмæ æрхаудтæ мæнæуый, кадмæ бæлгæйæ æгады сæфт цы кæныс. Исты æрымысын хъæуы, фæлæ цæвæнгарз дæр нæй къухы». Бесойы фыдæх æмæ гуырысхо нал цыдысты цæуæнты. Гогийы фæсонтæ æмæ йæм къæбутæй зындис æнæууæнк зæрдæ, хинæйдзаг цæстытæ, алыгъуызон фыдвæндтæ. Ныр- тæккæ дæлæ уыцы къæдзæхмæ куы ахæццæ уа, уæд ын йæхи æнæппаргæ нæй. «Уæдцæр мæлæт æмæ мæлæт, фæлæ ма йын йæхи дæр мæ разæй куы ахæссин, цы хуызы? Мæ- нæн дæр равдисын хъæуы хиндзинад. Æрбалæудзæн мæ фарсмæ æмæ ма кæд уый фаг суаин». Цæуынц дыууæ лæджы. Сæ фæндтæ кæрæдзийыл нæ ба- дынц. Бахæццæ сты къæдзæхы рæбынмæ. Уым æвзæр бахи- зæнтæ ис. Леуахи йæ гæндзæхтæ цæгъды. Гоги æрлæууыд. - Бесо, ацы ран дæ бон къахæй бахизын хъуамæ бауа, науæд бæх фæкæлын дæр зоны. Бесойы фæндтæ фехæлдысты. Иунæгæй та йæм амæлын нæ цыд, уæлдай дæр знаджы цæстыты раз. Гоги балæууыд йе ’нцой æмæ йæ æрыргъæвта. - Мæ бон нæ бауыдзæн цæуын. - Гоги йæ чъылдым фез- дæхта: - Æруадз дæ уæз. Систа лæджы, афтæмæй цæуы цадæггай гуыбырæй ба- хæццæ сты рындзмæ. «Заманайы фадат», - сызнæт Бесойы хъуыды, Гоги йын галиу къухæй хæцы йæ цонгыл, рахисæй æвналы къæбыр- тæм, бæлæсты уидæгтæм, афтæмæй размæ исы йæ къæхтæ. Бесо акæсы Леуахийы фыцæны ’рдæм. Йæ цæстытыл ауа- дысты йæ хъæу, йæ сабитæ. Уыдон - тыхст æмæ уырыд. Хъуамæ ныууадзой сæ уæзгуытæ. Афонмæ сæ кæд гвар- дионтæ баййæфтой. Ай дæр уыдонæй у. Ныккаст Гогийы къæбутмæ. Йæ хид лæдæрсы, сæрыхъуынтæ спыхцыл сты, хъуыр айвæзт размæ, йæ лæнк-лæнк цæуы. «Хинæйдзаг гвардион хъуамæ мæнæй йæхицæн ном скæна, райса чин, лæвæрттæ... - Бесойы уæхск риссы, къах æрзæбул. Тæккæ райсом ын йæ цæстытæм кæсдзæн, афтæ- мæй мæстæй марæгау худдзæн, мæнæ йæхи зæрдæхæларæй чи ’вдисы, уыцы гвардион. Чи зоны йæхæдæг ныллæууа марæг, чи зоны нæ, фæлæ афтæ уыдзæн. Ацы фæндаг къæп- пæгмæ цæуы, фæстæмæ æвыдæй раздæхæн кæцæй нæй, уырдæм». Хъуыды кæны Бесо. 366
Рахизырдыгæй ауындзæг къæдзæхтæ, галиуырдыгæй рындз, доны гуылфæн. Бесойы цæстытæ андæгъдысты æф- сæддон уæлæфтауыл, хъусты азæлыд, йæ хабæрттæ йын бæстон кæй зоны, уыцы ныхас. Цæсгомы ныуæрттæ сæхи- мидæг сылхынцъ сты, дæндæгты хъыррыст фæцыд. Цæсты- тæ ахгæдтой, цонг йæхи æнгомдæр æрбатыхта Гогийы хъуырыл, къах фæбыцæу къæдзæхмæ, фæлæ афтæ фæрыст æмæ Бесо ницыуал базыдта. Гоги та фæцудыдта, æрхауд йæ мидбынаты донзоныгау. Хæцы къæбырыл. - Бесо, Бесо, фидар хæц мæ хъуырыл, ма тæрс. Æз ныр- тæккæ сыстдзынæн. Гоги, хуымон галау, улæфы, архайы сыстыныл, хæцы Бе- сойы цонгыл. Бесо ныхъхъæрзыдта æмæ Гогийы фæсонтыл йæ ныуæрттæ æрлæмæгъ сты. Гоги тыхамæлттæй слæууыд йæ къахыл. - Чысыл ма, чысыл. Гъе, гъе, афтæ. Цæуы Гоги, хид дыууæ æрфыдкы хсæн фæуырдыг, фездæхт цæстыты ’рдæм. Ницы уал уыны Гоги, æрлæууыд, къухтæ цъыфæйдзаг, уыдонæй æвналæн нæй. Цæсгом ан- дæгьд Бесойы цухъхъайы дысыл. Лæг та ракаст, акодта цал- дæр къахдзæфы, уз?нгтæ дон фестадысты, ризынц, уæр- джытæ аныр-ауæд кæнынц, фæтасынмæ сæ бирæ нал хъæ- уы. Иу къахдзæф, дыккаг... Табу хуыцауæн, тæссаг бынат фæстийæ аззад. Гоги Бесойы æрывæрдта нæууыл. -Дон,дон! - Ныртæккæ, ныртæккæ, фидар фæлæу. Гоги та иу хуыпп авæрдта Бесойæн, йæхæдæг кæрдæгыл йæхи ауагъта уæлгоммæ, цæстытæ цъынд, дзых хæлиу, рæу- джытæ нал æфсæстысты уæлдæфæй. зæрдæ уыд йæ миц- бынатæй рагæпп æввонг, фырфæлладæй фæцыд цæсгомы хуыз. Æрæджиау рахæцыд йæ гуырыл. - Ох, деда, цы кæнон? Бакаст Бесомæ, Бесо хуыссы йæ иу фарсыл, зæхмæ ным- дзаст. Дедайы коймæ барызтысты йе уæнгтæ, хъуыдытæ та йæ фелвæстой сæ уæлныхты. «Цымæ мæгуыр афонмæ кæм ис йæ мад? Куыд мæгуыр дæ, ныййарæг, дæ зæрдæйы уидагмæ æихъæлмæ кæсгæйæ нымай бонтæ, æхсæвтæ». Бесойы цæсгом нæ хъæцыд Гоги- мæ комкоммæ бакæсын, афтæмæй йæ афарста. - Кæм ис дæ мад? Гогийы цæсгом фæрухс, сæрыстыр мидбылхудт ахъазыд былтыл, фæллад цæстытæ нымдзаст сты кæдæмдæр. 367
- Мæ мад зæгъыс? - Гоги ратыдта кæрдæджы хал æмæ йæ дыууæ былы бавæрдтой дæндæгты ’хсæн, - мæ мад афонмæ бады хæдзары къуымы иунæгæй æмæ йæ хъæбул- мæ кæсгæйæ калы йæ цæссыг, - Гоги аджих, - ницы кæны, кæд хуыцауы фæнда, уæд æм ахсæв хæццæ кæндзыстæм. Иугæр хæдзарыл куы сæмбæлæм, уæд нын тас нал у, нæ хъæуы ис хосгæнæг дæр, нæ сыхаг у, тынг хæларæй цæрæм æмæ дын уый бабæтдзæн дæ цæф. Ныр та уал дæхи фæфи- дар кæн æмæ нæ фæндаг цыбыр кæнæм чысылгай. Бесойы ныфсытæ фæфидар сты, йæ гуырысхо чысыл фæсаст æмæ ныр фæндагыл цæуынц дыууæ зонгæйы, сæ иу идоны рохтыл хæцгæ бæхы разæй, иннæ саргъыл бады, аф- тæмæй ахызтысты Чъехы нарæгæй. Дыууæ бæлццоны афтæ бафæлладысты æмæ сæ бон дзурын дæр нал уыд. Уым ма сæ бæхы рахызтой æмæ Цхинвалы иуфæрсты бахæццæ сты Го- гийы хъæумæ. Хæдзæртгæй рухс нал калди. Иугæр куыйты рæйын куы нæ уал æнцад, уæд Гогийы мад ссыгъта фæтæгены лампæ, тыхст йæхимидæг æмæ адæргæй къуымты рауай-бауай гæн- гæ йæ хъус дардта уынгмæ, уæдмæ фехъуыста бæхы къæхты хъæр, нæлгоймаджы ныхас. Сылгоймагæн йе уæнгтæ ба- рызтысты, цы нæ хъуыды февзæрд йæ сæры: «Æнамонд хабар? Æцæгæлон тыхст бæлццон? Фыдуац- хæссæгæви?». Исдуг йæ ныфс нæ хаста кæртмæ рахизын, фæлæ йæ нал баурæдтЬй уыцы æнкъарæнтæ æмæ, дуар уæрæх байтын- дзгæйæ, каст кæртмæ, кæд уынгæ ницы кодта, уæддæр. - Деда, æз дæн, фæлæ иунæгæй нæ, мемæ уазæг ис, мæ хæлар. - Рацу, хъæбул, рацу, уазæг хуыцауы уазæг, - сывæлло- нау сцин кодта мад, фездæхт хæдзармæ, фæстæмæ та ра- хæццæ къæсæры онг, - мидæмæ, мидæмæ, табу хуыцауæн, дуне скæнæг, мæ уд дæ къахы бынты фæхъхъау. Æцæгæлон адæймаг Гогийы æнцæйтты цæуы, уый куы федта сылгоймаг, уæд хорзау нал фæци, исдуг хъынцъым- гæнгæ йæ мидбынат андзыг, стæй тæккæ къæсæрыл ризгæ къухæй бавнæлдта Бесойы цухъхъайы дысмæ. Фæндыдис æй Гогийы афæрсын, тагъддæр хабæрттæ базонын, фæлæ йын нал æмæ нал æнтыст. - Деда, нæ сыхаг кæм ис? - Чи у? - Хосгæнæг. 368
- Сæхимæ уыдзæн, æндæр кæм хъуамæ уа? - Деда, тæригъæд дæ, фæлæ дын æндæргæнæн нæй, сыс- тын æй кæн, Гоги зæгъ дæм дзуры, тагъд, дам, ардæм куыд хæццæ кæнай, уæртæ цырагъ демæ айс. Гоги Бесойы æрывæрдта тæрхæгыл, феуæгъд кодта цухъхъа, куырæты æгънæджытæ зæрдæаивæй айхæлдта. Уæдмæ бахæццæ хосгæнæг. Йæ бæзджын сау рихитæ фæ- цæй хæццæ кодтой русты уонг, сæры астæу сæрыхъуынтæ фæтæнæг сты, лæгъз цæсгомы цъар æрттывта цырагьрухс- мæ. Гогийы ауынгæйæ йæ цæстытæ фæирд сты. Сæ дыууæ дæр кæрæдзийыл тынг бацин кодтой. Æхсæв-бонмæ нæ бафынæй сты бинонтæ, æрынцой нæ уыд хосгæнæгæн дæр. Цалдæр цыды акодта. сæ хæдзармæ, хаста алыгъуызон хи аразгæ хостæ. Ноджы Бесойы уæхск лæмбынæг куы ’рысгæрста, уæд йæ зæрдæ бауазал. - Гоги, тынг бирæ туг дзы фæцыд, - загъта хосгæнæг аивæй æмæ нынкъуыста йæ сæр. - Тугæн ницы у, адон æрсытæй уæлдай не сты, хæрам ын ма асайæд, уый йедтæмæ. - Ныр æй бæргæ хæрам асайын нал бауадздзыстæм, фæ- лæ рæхджы кæй не сдзæбæх уыдзæн, уый дæр бæрæг у, бахъæудзæн æй ам иудзæвгар ахуыссын, кæнæ та рынчын- доны. - Сс, ахæм рынчын нæу, рынчындоны кой ма кæн, ам хъуамæ сдзæбæх уа. - Куыддæр Гоги æппæт дæр радзырдта, афтæ сылгоймаг æмæ хосгæнæг тарстгьуызæй кастысты Бе- сомæ. Дыккаг бон Гоги аздæхт фэестæмæ йе ’мбæлттæм. 37 Цыппар ацæргæ лæджы схæццæ сты нысангонд бы- натмæ. Фос дæр цæугæ-цæуын хизгæйæ бафсæстысты æмæ сæ ноджы уыцы зад кæрдæгыл цæуынмæ нал æвдæлд. Бар- дзин зæхмæ æриста бæхы уæргьтæ, бауæгъд кодта æхтæнг- тæ, идоны рохтæ фæфидар кодта æгъдæнцоймæ æмæ бæхы ауагъта йæхи бар, йæхæдæг иннæты фарсмæ æрхуыссыд йæ иу фарсыл, йæ цыбыр къæрит кæрцы фæдджитæ æнгом æр- балвасгæйæ. Аслан йæ хъримаг æрывæрдта йæ хъæбысы æмæ кæд сыгъд уыд, уæддæр ма йæ цухъхъайы фæдцжийæ сæрфта
ранæй-рæтты, цалдæр хатгы йæ æрзылдта йæ къухты ’хсæн, æнхъæлмæ каст, ныртæккæ йын дзы йе ’мбæлттæй чи цы зæгъдзæнис, уымæ. - Æрттивгæ дын хорз кæны, Аслан, кæд йæ хъару дæр афтæ у, уæд, - Бардзин хъримагмæ кæсгæйæ загъта йæ зæгъинæгтæ. Тодайы уынгæг цæстытæ хъримагмæ кæсгæйæ нод- жы æрбалвæстысты, йæ бурбын бæзджын рихи гæзæмæ базмæлыд, афтæмæй фервæзт йæ фиппаинæгтæй. - Асланмæ хъримаг ис, уый æз абоны онг зонгæдæр нæ кодтон. - Гæмси цыма ахæмтæ бирæ федта æмæ йæм æппындæр диссаг нæ кæсынц, уыйау кæрдæгыл æр- зылд уæлгоммæ, йæ къухтæ бавæрдта йæ сæры бын, афтæ- мæй бахахх кодта: - Цуанон лæг нæу æмæ йæ йæ сæр никуы бахъуыд, стæй йæ, сывæллоны хъазæнау, алкæмæн æвдисын цы пайда у. - О, фæлæ ныр чизоны бахъæуа, ам сычъийы дзидза дæр тайæн хонынц, - Гæмси бакаст комкоммæ Асланмæ, ома кæддæра уый та цы хъуыды кæны. - Сычъитæ дæр уым уыдзысты, фæлæ цалынмæ хур кæсы, уæдмæ æхсæвиуатыл куы ахъуыды кæниккам, науæд ам уазал кæнын зоны æмæ басидзыстæм, - Тода загъта, арвыл цæст ахæсгæйæ, стæй йе ’ргом аздæхта фосы ’рдæм. - Цавæр сыд у сæрдыгон, фыццаг хатт рацыдтæ фыййау, - Бардзины цыбыр æлвыд лыстæггомау боцъо базмæлыд ацы хъуыды дзургæйæ, фæлæ цæстытæ та уыдысты æхгæд, гагуытæ бæрæг дардтой уæлтъыфылты бын, сæхимидæг-иу скафæгау кодтой. - Зынг зæгъынæй, дам, ком нæ судзы, фæлæ цæвит- тон уыцы сурджытæ ацырдæм фæфæнд кодтой, уæд цы ми кæниккам? - ацы хатт Бардзины тынг фæндыд Асла- ны хъуыды базонын æмæ фыццаг уымæ бакаст. Стæй йæ цæст ахаста иннæтыл дæр. Аслан цухъхъайы дысæй хъримаг кæрæй-кæронмæ асæрфта æмæ дзы йæ цæстытæ нæ фæиппæрд сты, аф- тæмæй гæзæмæ мидбыл худгæ дзуапп радта: - Ардæм сæ тæсчъы дæр ничи схæсдзæн. - Уый ма зæгъ, Аслан, къæдзæхтæ æмæ хуырвæндæг- тыл чи цæуы, уый нæууыл дæр нæ базивæг кæндзæн, - Тодайæн йæхицæн кæд ахæм хъуыды зæгъын æхсызгон нæ 370
уыд, уæддæр ын фергом. Уый фæстæ иуцасдæр ничиуал ницы сдзырдта, ныхъхъус сты. Гæмси сыстад æмæ æнæдзургæйæ араст ададжы фали- йæ къутæрты ’рдæм. - Ахæм æхсæвиуатгæнæн уын ссардтон, ахæм æмæ цыфæнды хæдзарæй дæр хуыздæр. Къæвдайы æртах дыл не ’рхаудзæн, дымгæйы уддзæф дыл нæ сæмбæл- дзæн, дæ цæстытæ байгом кæн уæлгоммæ хуысгæйæ æмæ дæм алцы дæр зыны. - Æнæнхъæлæджы йыл фембæлдтæ, æви ма дын раздæр дæр бæрæг уыд? - бацымыдис кодта Бардзин. - Æз ма амыты уыдтæн и, куыд æнхъæл стут, фæлæ йæ рæстмæ нал хъуыды кодтон, .зын арæн у, мæнæн дæр ма мæ зæрдыл уæртæ уыцы стыр дурмæ гæсгæ æр- лæууыд. Йæ тæккæ бын æнхъизы суадон, æрмæст дзы фыруазалæй ахуыппгæнæн нæй, дæндæгтæ дзы нæ лæу- уынц. - Ха-ха-ха, - Бардзин худæгæй бакъæцæл. Иннæтæ йæм фæрсæджы каст бакодтой, худæджы хос ын цы фæцис, уый сæ ничи æрымбæрста, - цæмæй йæ зоныс, дæн- дæгтæ дзы нæ лæууынц, уый, - загъта æмæ та ныххудт. Иннæтæ цæуыл худтаиккой, уый нæ зыдтой, фæлæ йын йæ худынмæ бахъæлдзæг сты. Уый дæр амонæн æнгуылдзæй ацамыдта Гæмсийы дзыхмæ æмæ уæд иннæтæ дæр фæха- тыдысты, Гæмси дæндаг цух кæй у, уый. Фыййæутты зæрдæмæ тынг фæцыд сæ бынат. Æниу дзы уымæй хуыздæр ссарæн уыди. Хаст фесты сæ дзау- мæттæ. Чи дзы йе ’рчъитимæ архайдта, чи йæ нымæтти- мæ. Аслан хъæдын къусы систа суадоны донæй, фæкасти йæм бирæ, стæй дзы цалдæр хуыппы акодта æмæ иннæ акалдта. Суадон абузы дуры бынæй. Аслан ын цæстæй агуры йæ ратæдзæн, хæстæг бабадт суадоны гуырæнмæ. Кæцæй райдыдта йæ фæндаг, уый зын ссарæн у, фæлæ мæнæ ацы ран стыдта зæххæй æмæ кæрдæджыты ’хсæнты хъуызæгау ныххизы уæртæ уыцы æрхмæ æмæ уым тынд- зы дæлæмæ, тагъд кæны фурды улæнтæм. Ныртæккæ зæххæй цы доны æртæхтæ абузы, уыдон фæсæмбисбонты фæцæй цæудзысты Асланы хæдзары цурты, уый та ам æрвиты йе ’хсæв. Ам ыл скæсдзæн райсом хур дæр. Йæ уæ- зæг та дуарæхгæдæй, йе змæлджытæм æнхъæлмæ кæсгæ- йæ, лæудзæн æнкъард, æрхæндæгæй. Цымæ афонмæ цы хуызæн у хъæу? Æниу цы хуызæн хъуамæ уа? Æдзæ- 371
рæг. Æниу Илас æмæ Исмел хъæубæсты адæмæй не сты? Афонмæ сæрибарæй, куыд ничи сæ хъыг дары, ни- кæмæй тæрсгæ кæнынц, никæмæй æфсæрмы, афтæмæй ба- дынц иумæ æмæ кæрæдзи дзыхæй исынц ныхас, сæхи цæт- тæ кæнынц дæлдзæх фæуинæгтыл фембæлынмæ. Уыдон нæ ам дæр æнæфыдбылыз ныууадзой, уый мæ нæ уырны, фос ардæм кæй раскъæрдтам, уый цыма Исмел зоны. Асланы йæ хъуыдытæ æгæр куы тыхсын кодтой, уæд фыдæнæнгæнæгау йæ бынат аивта, кæд сæ фервæ- зин, зæгъгæ, æмæ та суадоны донæй систа йæ къусы дзаг. - Исчи уæ аназдзæн? - Аслан къус дары йе ’мбæлттæм. - Алæ-ма фенон æй, уæд та нын нæ тайы, - Бардзин айста къус хъазæн ныхæстæгæнгæ æмæ дзы анызта. - Заманайы хæрзад дон. Ам æз бынтондæр хъуамæ æрбы- нат кæнон, йæ бæстыгъæд райдзаст, хизæнтæ фаг, суг æввахс, мæ зæрдæ ма донмæ æхсайдта æмæ дзы уый дæр разынд. Науæд мын уæддæр хъæуы азмæлæнтæ нæй, айчы хъузджы ныббырæгау мын нæй мæ къах атилæн, Исмел мын мæ карчы дæр бæттын кæны. - Цы дам? - афарста Тода. - Цыма зæхх азæй-азмæ æмпылгæ кæны, уыйау йæ гæрæнтыл цадæггай фæйнæрдæм хæцы, Ныр ын бæргæ мæ сирыл баныхæстысты, фæлæ та мацы :рымыса, уый мæ нæ уырны. - Æмæ йын уæд афтæ никуы загътай, æз та цы фæ- уон? - бафарста йæ Гæмси æмæ йæхи æрцæттæ кодта хъу- сынмæ. - Уымæй та-иу æй ды бафæрс. Æз исты куы дзурын, уæд хъæстмæ фæцæйтæхы хъæуыхицаумæ æмæ та Бард- зин зылынджын, зæххæн, дам, уый фиды æмæ дзы пай- да дæр уый хъуамæ кæна. Ау, æмæ, зæгьын, æз уымæй фылдæр куы фидын æмæ мын зæхх дæр куы нæ ис. - Ахæм фарстæн та дын цы дзуапп радтой, дæ мæрд- тыстæн, ды мын раст куы нæ зæгъай, - бацымыдис Гæмси. - Цы дзуапп радта, куы зæгъай, уæд, дам, ды фи- цыс, суг, дон, фæндаг, хид, дæ хæдзар кæуыл лæууы, уъ\- цы бындурæн^ зæххытæн та, дам, бирæ æхца хъæуы æмæ, дам, дзы дæумæ нæй. - Зæхх, зæхх, - фæмæсты Бардзин, - цæрæнбонты сфæл- мæцыдтæн ацы зæххы мæтæй æмæ мын дзы ныр æгæр- стæмæй æрлæууæн бынат дæр нал ис. Ардыгæй дæр ма мæ сурдзысты. 372
- Сурдзысты, Бардзин, сурдзысты, дæхæдæг сæ куы нæ фæсурай, уæд, - загъта Аслан æмæ ныккаст уырдыгмæ комырдæм. Иннæтæ исдуг ныхъхъус сты, стæй Асланы ныхасæн дзуапп дæтгæйæ дзырдта дарддæр Бардзин: - Бæргæ сыл нæ сауæрдин, фæлæ арсимæ кæрдо цæгъдын кæй бон у, мæн ницы ныфс ис. - Куыд ницы ныфс дæ ис, амæйразмæ уыцы лæгмæ нæ хъуыстай. Уæрæсейы, дам, æз æмæ дæ хуызæттæн уæрст дæр фæцис, тагъд, дам, сымах рад дæр æрлæу- дзæн. - Хъуыды кæнын уыцы лæджы, стæй дзургæ дæр фи- дарæй кодта, уæддæр зын уырнæн у. - Дæ загъдау, рагацау дзурын зын у. Бакæсæм, кæддæра ацы дымгæ цæуыл балхынцъ уаид, кæд къæв- дайы ’рдæм фæуа, уæд ахæсдзæн, кæд хуры ’рдæм, уæд та йын рæхджы уарынæй тас нал у, - загъта Ас- лан æмæ сыстад, акаст фæйнæрдæм, стæй бацыд рагъ- мæ, уым æрбадт иу стыргомау къæбыры фарсмæ, лæмбы- нæг ныккаст комы ’рдæм йæ хъæу, йæ уæзæгмæ. 38 Цыппар ацæргæ лæджы арвыстой æртæ æхсæвы. Æдзæрæг сакъадахмæ бахауæгау, бынтон иппæрд уыды- сты царды хабæрттæй. Бон изæрмæ хуысгæ, бадгæ, рагъы сæрæй комырдæм фæлгæсгæ, æхсæв та алыгъуызон ка- тайаг хъуыдыты уацары, фыдфынтæ, æнахъинон са- гъæстæ. Хатт-иу срæйдта Асланы куыдз, фæлæ йæ ома исты хъыгдарæг вæййы æмæ уый тыххæй, нæ, æвæццæгæн, ыл рæйын æмбæлы, уый зыдта æмæ йын цыма æмыр дзыхæй кæй афынæй, уымæй æфсæрмы фæцис, уыйау-иу цалдæр рæйдæй ахицæн йæ хæс. Цыппæрæм бон ныф- фæнд кодтой хъæумæ искæй бæрæггæнæг арвитын. Асланæн йæхи дæр фæндыд, стæй ма ноджы йæ хал кæй схауд, ууыл тынг бацин кодта. Хъуамæ йе ’хсæв ных- хæсса хъæумæ, бонæй йæ цæст ахæсса уавæрыл, гæнæн уæвгæйæ йемæ райса хæринаг, ноджы ма цыдæртæ баны- мадтой æмæ дыккаг бон изæрæй рацæуа хъæуæй, раст æртæ фæндаджы астæу хъуамæ фембæлдаид Бардзиныл. Хурныгуылдмæ бирæ нал баззад, афтæ Аслан райста йæ лæдзæг æмæ Бардзинимæ фæуырдыг кодтой адгуыты. 373
Аслан хъæуы бакæсæнмæ æгæр раджы бахæццæ æмæ æрбадт нæзы бæласы бын. Хъæуæй сыбыртт нæ хъуысы, куыдз рæйæг дæр нæй. Æниу ма дзы цæй куыдз баззад. Илас æмæ сæ Исмел та скъæты бабастой, ома макæуыл срæйой. Сæ дыууæты хæдзæрттæй акалд рухсытæ. Куыд- дæр дзæбæх æрталынг, афтæ Аслан фæсфæдты бынтон æндæр рæтты бацыд сæ кæртмæ, бахызт хæдзармæ. Æр- тæ бонмæ йыл фæзынд, æдзæрæг кæй у, уый. Иæ уазал тæф калди. Лæг къухæй сгаргæйæ æрбадт тæрхæгыл. Лулæйы зæрдæаивæй æрнадта тамако æмæ йыл адардта йе ’хсоны бын ферттивæг зных. Хæдзар уайтагъд айдзаг хъыккаг фæздæгæй. Асланæн гæзæмæ феуæгъд йе уæнг- ты æндыгъд уавæр æмæ куыддæр йæ лулæ дымд фæцис, афтæ ма чысыл абадт, лæмбынæг айхъуыста уынгмæ, стæй ма тæрхæгыл цы дзаумæтты бызгъуыртæ ныууагъта, уы- дон бассывта йæ бынмæ æмæ йæхи æруагъта ахуыр бы- наты. Фæллад уæнгтæ уайтагъд бакастысты хуыссæджы коммæ æмæ нал райхъал боны цъæхмæ. 39 Иу рухсы цъыртт ердойæ ныххызт къонамæ, иннæ къаннæг рудзынгæй бакаст комкоммæ Асланы цæсты- тæм, лæг рабадт, сыстад. Алцы дæр æм каст фынфенæ- гау. Йæхæдæг дæр цыма адæймаг нæ, фæлæ у цахæм- дæр хуызы цæуæг æмæ ныртæккæ фæдæлзæх уыдзæн, фескъуыйдзæн æрдæгыл ацы æнахуыр фын, уыйау æнæу- уæнчытæ кодта, фæлæ уалынмæ хæдзары фæфылдæр рухс æмæ йæ райхъал кодтой дзаумæттæ, къонайы рæ- хыс. Æрывнæлдта æрдæг сыгъд æхсидæвтæм. Уый амонд æрдæг фæндагыл кæй баззад, уый нысан кæны. Аслан сыстад, дзæбæх разындысты къуымтæ, азылди сæ, фæлæ æвналгæ ницæмæ фæкодта, æрмæст æрлæууыд рæхысы раз. Ууыл æрсæрфта йæ рахис къухы æнгуылдзтæ, фæлæ дзы фефсæрмы. «Афтæ ауыгъдæй, дзæгъæлæй ныууадз дæ рæхысы, дæ къона, дæ бынæттæ æмæ фæлидз кæйдæр аууонæй? Мæлæт, Аслан, мæлæт». Лæг йæ къух- тæй амбæрзта йæ цæсгом, афтæмæй азылд рæхысы уай- дзæфæй æмбæхсæгау. Сабыргай байгом цæсгом, цæс- тытæ, ныр цæнгтæ лæууыдысты ауыгъдау, сæ фæллад уа- дзынц, фæлæ уый хыгъд фæзындис куыст цæстытæ æмæ æнкъарæнтæн, æнæуый дæр æнæнцой хъуыдытæн. 374
Асланы уæнгтæ ныддыздыз кодтой, æргуыбыр кодта æмæ ризгæ къухтæй систа Аланы дæрдджын хуыйгæ дза- быр, кæсы йæм донæйдзаг цæстытæй. Йæ сæр разылд, æрхауынмæ йæ бирæ нал хъуыд, нал æй урæдтой йæ уæрджытæ. Иннæ дарæс дæр куыннæ, фæлæ сабийы дза- быры уынд куыд банкъусы зæрдæйы уидæгты, афтæ иунæг дзаума дæр нæ. Аслан хæцы дзабырыл æмæ йæм кæсы. Бæрæг дарынц йе ’нгуылдзы бынæттæ, йæ зæвæт хъæбысы рдæм гæзæмæ зылд. Бирæ сыл фæцин кодтаид ног хуыдæй, фырбуцæй сыл рыг абадын дæр кæм уагътаид, цалынмæ хæдзарæй уынгмæ хæццæ кодта- ид, уæдмæ. Фæлæ дыккаг, æртыккаг бон, цин дын фенон, сæ хуыз куыд фæцыдаид, нал дæр уафс, нал дæр уæлфæд бæрæг. Цалдæр боны йын уыдысты иузæрдион лæггадгæнджытæ, фынæй кæныны рæстæгæй дарддæр. Йæ уафс дыууæ раны цæрдхуынкъ фæцис, фæлæ ма бæззыд æмпъузынæн, мæнæ ма, зæгъгæ, йæ хицауы цæст æрттивы, уæд, фæхицæн сты кæрæдзийæ, дзабыры ма баззадысты уыцы чысыл тæлфаг къахы нысæнттæ цардæ- гас бæрджытау æмæ цыма ныртæккæ къухты хсæн зæрдæйау базмæлдзæн, афтæ каст Асланмæ. Зæронд лæг тыхсти йæхи мидæг, дзабыр зæхмæ æрыппара, уый дæр йæ цæст нæ уарзта æмæ йæ, удгойма- гау, арæхстгай æрывæрдта тæрхæгыл. Куыддæр фæстæмæ слæууыд, йæ астæу сраст, афтæ фергьуыйау, къаннæг ру- дзынгæй акæсгæйæ, уынджы ауыдта æнахуыр адæм, йæхицæн хуыздæр бынат равзаргæйæ æрлæууыд бæстон. Уыдонæй чи хъæдыл бадт, чи дурыл, чи кауыл банцой кодтой, афтæмæй ныхасы хайад истой. Лæугæйæ чи баз- зад, уыдонæн æргомдæр зындис сæ зæрдæйы уад, сæ зондахаст, къухты змæлд, сæ рацу-бацуйæ. Асланы цæс- тытæ уайтагъд андæгъдысты Илас æмæ Исмелыл дæр. Иласыл уыдысты йæ бæрæгбоны дзаумæттæ. Сырхбын цухъхъайы æгънæджытæ уæгъд æмæ йæ морæ сгæллад куырæтыл баст æвзист роны æвзæгтæ æрттывтой дардмæ дæр. Сæрыл куырæты хуызмæ æввахс бæрзонд бухайраг худ. Уый лæууыд хæдзары фисыны теккæ фарсмæ æмæ рæстæгæй-рæстæгмæ йæ къæдз лæдзæджы фындзæй схъаудта зæхх, Исмел дæр лæууыд æргъæвстау йæ фарсмæ. Тынг æй фæндыд искуыцæй аууонæй, куыд ничи дæ уына æмæ фиппайа, афтæмæй æппæт хабæрттæм хъусын æмæ зонын, уый, фæлæ алы хатт кæм ис зæрдæйы фæндиаг хъуыддæгтæ æмæ иу æм æцæгæлон адæмæй исчи куы 375
фæкомкоммæ, уæд-иу аивæй йæхи бааууон кодта Иласы фæстæ. Аслан кæсы, хъахъхъæны къаннæг рудзынгæй. Хъуамæ базона, чи сты æмæ цы фæндтæ кæнынц, уый. Сæ ныхас æм, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ хъуыст, фæлæ сæ лæмбынæг каст алкæй уагахастмæ, алкæй уæнгты змæлдмæ. Илас арæх ныхасы хайад кæй райсы, уый бæрæг у. Исмел ын балæууы уынаффæгæнæг. Ныхасы астæу цы бур нымæтджын рацу-бацу кодта дыууæрдæм, уый иу рæс- тæджы йæ мидбынаты андзыг æмæ йæ ехсы фындз фæцарæзта Иласы ’рдæм. Илас иу къахдзæф фæраздæр, цыдæр æй кæй хъыг дары, цæуылдæр тынг маст кæй кæны, уый бæрæг уыд йæ уæнгты змæлд æмæ къухты ты- лдæй. Фæстагмæ йе ’ргом фездæхта Асланты хæдзары ’рдæм æмæ зæхх хуынкъгæнæгау æрриуыгъта йæ лæ- дзæг. Уыцы рæстæджы иууылдæр се ’ргом аздæхтой Асла- нты ’рдæм, Асланы цыма фиппайгæ бакодтой, уыйау чы- сыл фæстæдæр алæууыд, фæлæ уæддæр цæст нæ иста ны- хасы адæмæй. Чысыл та цыма æрсабыр сты. Æнæзонгæ адæмæй иу æввахс балæууыдис Исмелмæ, йæ цуры алæууыд, стæй йæ къух ауигъгæйæ аздæхт йæ бынат- мæ. Æвæццæгæн ын исты хæс кæнынмæ хъавыд, фæлæ дзы йæ зæрдæ куы нæ барухс, уæд æй ныхъхъуытты уагъта. Асланы ма цы базонын хъуыди, Илас сæм дыууæ къу- хæй цæмæ амыдта, уый, фæлæ цы йæ бон уыдис, зæрдæ кæуыл фæдардтаид, ахæм хъæуы ничи уал баззад Аза- уæй дарддæр. Уый хъуыдис æнæмæнг фенын, фæлæ цы хуызы. Хазби дæр æй бафæдзæхста, дæ хъус-иу дар æмæ уыцы зæронд лæгтæй исчи куы зына, уæд-иу ын, дæ бон цæмæй уа, уымæй баххуыс кæн. Сахаты бæрц рацыдаид, афтæ адæм къордгæйттæй ацы- дысты Иласы фæстæ, æвæццæгæн аходæн хæрынмæ. Исмел аззад фæстийæ. Исдуг нæ уыд цæуинаг дæр, фæлæ йын Илас ацамыдта сæрæй æмæ уæд фæраст. 40 Азау тынг бафæллад, æнæхъæн æхсæв нæ фæцис хуыс- сæджы хъæстæ. Боны цъæхæй та æнæхонгæ адæмæн лæг- гадæмæ хæринаг аразынæй йæ астæу нæма сраст кодта. Сæ кæрты иунæг къæцæл суг нал баззад æмæ ма, кæцæй 376
цы рхæсса, ууыл хъуыды кæнгæйæ, бацыд Асланты кæрт- мæ. Уым зыдта æнцон сæттæн сугтæ. Æндæр æй йæ къах никуыдæм хаста. Æнæуый дæр æдзæрæг хæдзары кæртмæ зын цæуæн у, адæймагмæ афтæ фæкæсы, цыма алы дуры фæстæ, алы сисы зыхъхъыры дæр бады æнахуыр цæрæгой, ныртæккæ чи базмæлдзæн æмæ адæймагæн фыдбылыз са- разыныл чи нæ сауæрддзæн, ахæм хæйрæджы рафæлди- сæг æмæ кæд йæхицæн цыфæнды ныфсытæ æвæры, зæххыл никуы ницы ис, зæгъгæ, уæддæр зæрдæ æмæ хъуыды сæ кæнон кæнынц. Азау тагъд-тагъд йæ дæларм фелвæста цалдæр бæрзы суджы æмæ а-ныр акъахдзæф кæна кæрты дуары ’рдæм, афтæ арвы цæфау фæкъуырма йæ зонд, уæнгтæ адон сты, цæстыты уæлтьыфылтæ нынныхæстысты кæрæдзийыл, къах бандзыги йæ мидбынат, нал акуымдта размæ исын. Исдуг æм афтæ фæкаст, цыма тасæй йæ хъустыл исты ауад, фæлæ ацы хатт йæ ном куы фехъуыста, уæд фæта- ры йæ гуырысхо, фæлæ уæддæр хæдзары ’рдæм нæ бауæн- дыд. - Азау, ма тæрс, æз дæн, Аслан, дæ сугтæ уал æрывæр æмæ ардæм рацу. Чызджы уæнгтæ уæддæр сæ ризынæй нæма банцады- сты, хæдзары ’рдæм тæрсгæ-ризгæ разылдта йæ цæст, фæлæ уыцы къаннæг рудзынгæй мидæмæ цы хъуамæ федтаид, цалынмæ дуар гæзæмæ фæзыхъыр, уæдмæ. Азауы сугтæ æркалдысты зæхмæ. Чызг акаст фæйнæр- дæм, дуарыл бахæцгæйæ дæр ма фæзылдта йæ сæр æмæ бахызт мидæмæ, кæрæдзийыл фæцин кодтой Аслан æмæ Азау. Бирæ лæууынмæ мæ не ’вдæлы. Æз дысон æрцыд- тæн бæрæггæнæг. Ацы адæм чи сты? Цы фæнд сæм ис? - Уыдон гвардионтæ сты. Исмел афтæ, æвзæргæн- джыты, дам, агурынц, Бесойы кой дæр сæм уыди. Ин- нæтæй, дам, кæй ахсгæ æркодтам, чи дзы лидзæг адæ- мимæ баиу, фæлæ, дам, уый никуы разынд, раст, дам, цыма зæххы скъуыды аирвæзт. Иу дзы бынтон зæххыл нæ хæцы, фырмæстæй рафт-бафт кæны, хъуамæ, дам, æгас комбæсты фæнык фестын кæнон. Сымах фос кæй атардтат, уый дæр цыма сæ хъустыл æрцыд, афтæ мæм кæсы. Исмел мæн дæр къахæджы фарст кодта: «Уыдон, дам, æнæмæнг Уæллаг комы æрбынат кæндзысты». - Уый мæгуырау хабар у, фæлæ йæ цымæ куыд ба- зыдта, æвæццæгæн Доччейы хъустæм исты ныхас бахæц- 377
цæ, ам зæрæдтæ куы фæндтæ кодтой, уæд. Цæй, иугæр хабар зонынц, уæд аххосджын чи у, уымæн нысаниуæг нал ис, фæлæ ма дарддæр цы зæгъдзынæ? - Нырма æндæр ницы. Уæдæ цæугæ æмæ-иу мын демæ иу-цалдæр кæр- дзыны рахæсс. Изæрдалынгты дæм мæнæ ацы дæлбазыр æнхъæлмæ кæсдзынæн. Бардзин дæр мемæ ис йæ бæхи- мæ. Уый та æртæ фæндаджы астæу хъæды бады. Цæугæ- цæугæ, мауал фæстиат кæн, æндæра, зæгъгæ, мæнæ исты бафиппайдтой, уæд рæсугъд нæ рауайдзæн. Азау фæцæуæг. Аслан бады хæдзары. Йæ зæрдæ æхсайдта Бесомæ. Исты фыдбылыз ыл æрцыд æмæ уæд куыннæ разындаид. Ацы фарстæн дзуапп дæтгæйæ зæронд лæг æрцыд ахæм хъуыдымæ: иугæр сæ бон ныхмæ лæууын нæ бацис, уæд сæхи айстой фæсхохмæ. Чысыл йæ ныфсытæй йæ зæрдæ фæфидар. Уæдмæ та æнæзонгæ адæм дæр сæ дæндæгтæ схъаугæ цыдысты уынгмæ кæрæдзи фæстæ. Кæсынц, кьу- хæй амонынц Асланы хæдзармæ. Иу-цалдæрæй фæхицæн сты се ’мбæлттæй, фæцæуынц уыцырдæм. Аслан йæ хъы- римаг æфцæгыл кæй ныууагъта, уымæй тынг азимаг фæ- кодта йæхи. «Къæппæгмæ цу æмæ дæ хотых ма рахæсс. Æниу хъама дæр нæу мæгуырау, цыфæнды куы феста, уæд- дæр иунæгæй нæ амæлдзынæн». Цыппарæй бахæццæ сты кæрты дуары онг. Банцой йыл кодтой. Кæсынц хæдзармæ, дæлбазырмæ. Сæ ныхас хъуыст Асланмæ, фæлæ цæуыл дзырдтой, уый не ’мбæрста. Афтæ йæм каст, цыма сæ зæр- ды баджигул кæнын уыд æмæ сæ ныфс нæ бахастой та- лынг бынæттæм бацæуын. Аздæхтысты фæстæмæ хъæл- дяæгæй, хъæрæй ныхасгæнгæ. Бады Аслан. Хъæууынг раафтид. Адæм аивылдысты хъæуы кæронмæ. Уайтагъд скъолайы агъуысты фæздæг скалд. Арты æвзæгтæ зыдæй фæлæбурдтой агъуысты къултæм æмæ судзгæ æхсидæвтæ згьæлын райдыдтой зæхмæ. Асланы фындзыхуынчъытыл дæр сæмбæлд фæз- дæджы тæф. Бæстыхай уайтагъд сыгъд фæцис, æрмæст ма калд умæлбын хъæдты фæздæг. Ууыл ахицæн ног фæтк æвæрджыты боны куыст. Æрцæуæгæй, фысымæй чи фæллад уыди, чи сыкъадзæф æмæ сæ иу дæр йæ къахыл рæстмæ нал лæууыд, афтæмæй сæхи айстой хæдзæрттæм улæфынмæ. Изæрдалынгты Азау иу къаннæг дзæкъулы авæрдта 378
кæрдзынтæ, дзидза, цыхт æмæ фæраст Асланты хæдзары ’рдæм. Фембæлдысты нысангонд бынаты. - Цы хабæрттæ ма зæгъдзынæ ногæй? Ногæй ницы, дæхæдæг цы федтай, уымæй дарддæр. Скъолайыл арт куы бафтыдтой, уый фæстæ минас, ныр та фынæй. - Ацу ныр, æндæра дæ мыййаг куы ’рцагурой, - Аслан дзæкъул айста, атъыста дзы йæ къухтæ, кæрæ- дзийæн хæрзæхсæв загътой æмæ се ’хсæн, инджынау, ацахст æхсæвы тар. Аслан æмæ Бардзин мæйрухсы скастмæ фæбадтысты фæсфæд нæзыхъæды. Цæлхыдзаг мæй йæ фæлурс тын- тæй цырагъ дардта фæндаггонтæн. Дыууæ лæджы цыды- сты сындæггай, дзæбæх æвзæрстой сæ развæндаг. Радгай- иу сбадтысты бæхыл æмæ уый дæр уыцы иугъæдон цыд зонгæ фæндæгтыл. Дыууæ лæджы бынатмæ схæццæ сты æмбисæхсæвты. Срæйдта Асланы куыдз, фæлæ йыл куыддæр Тода схъæр кодта, афтæ банцад. Аслан сын фæдзырдта, цы федта, цы фехъуыста, уыдон. Бардзинæн ног нæ уыдысты, фæлæ Тода æмæ Гæмсийæн, сагъæсты уацары бахаугæйæ сæ бон иунæг хъуыды зæгъын дæр нал уыд. Æгæрстæмæй сæм ардæм фосимæ рацæуын дæр фæкаст рæдыды хуызæн. - Ницы кæны, уæхиуыл фæхæцут, уæ зæрдæмæ- хъусыныл куы фестут, арв куыд нæры, цæвгæ афтæ куы кæнид, уæд зæххыл царды мыггаг раджы фесæфтаид. Бакæсæм дарддæр, кæддæра цы дугтæ ралæудзæн. Хуыцау мæгуыр лæгыл дæр афтæ рахæта, уый мæ нæ уырны. Ныр та уал фынæй. ныртæккæ дзы махæн уымæй хис- тæр ницы ис, - Аслан бахъæлдзæг кодта йе ’мбæлтты, йæ хуыссæн æрцарæзта æмæ уайтагъд йæ хуыр-хуыр ссыд, афынæй Бардзин дæр, фæлæ Тода æмæ Гæмсийы цæстытыл хуыссæг нал ахæцыд, бадгæйæ сыл æрбабон. Арвыл мигъы къæм нæ уыд. Куыддæр хуры тынтæ фый- йæуттыл сæхи асæрфтой, афтæ райхъал сты Аслан æмæ Бардзин дæр. Бардзин ацыд суадонмæ йæхи æхсынмæ. Аслан рахиз къухы рæмбынкъæдзыл йæ уæз æруадзгæйæ хъуыды кодта адæмы уавæрыл. Йæ зæрдæ æппынæдзух дзырдта хъæубæсты хъысмæтимæ. Йæ бон нал уыди ба- дын дæр. Уый дæр йæхи ныхсадта æмæ ацыд рагъыр- дæм. Куыддæр коммæ афæлгæсыд, афтæ йæ цæстытыл фæлм абадт, фыны уынæгау æм фæкаст хъæуы сæрмæ бæзджын фæздæг. Исдуг æй мигъ дæр фенхъæлдта æмæ 379
та ныккаст лæмбынæг, базыдта се ’намонд, йæ бон дзу- рын дæр нал уыд, фæлæ къухæй амоны иннæтæм, цæ- мæй йæм хæццæ кæной. Аслан æрбадт йæ мидбынаты, фæллад цæстытæ нал куымдтой ныкъулын, йæ бинаг æфсæр хатт ризæгау бакæны æмæ та уæд цæсгомыл æруадзы армытъæпæн. Су- дзынц хæдзæрттæ. Хъæуы сæрмæ сыстад фæздæг, мигъ- ау. Кæуы зæронд лæджы зæрдæ. Цæстытыл андæгъд къонайы рæхыс, Аланы дзабыр: Бæргæ йæ искуы куы бафснайдтаид, фæлæ кæм, тæрхæгыл баззад, æндæр ранмæ хæссын æй цæст нæ бауарзта. Ныр цымæ цы бауыдзæн? Æнæсудзгæ йын нæй. Уæлхæдзары сыджыты бын фæуыдзæн. Ехх, мæ хæсгæ мæрдтæ, э, цæмæн цыд- тæн дысон, чи зоны дзы иу уæддæр барвыстаин мæр- дтæм. -Аслан йæ сæр нытылдта æмæ дæндагæй февнæлдта йæ рахис къухы амонæн æнгуылдзмæ. Уæдмæ йæм ба- хæццæ сты иннæтæ дæр. Кæсынц æлхынцъæрфыгæй ко- мырдæм. Æрæджиау Тода бакодта: -Уыйциу? - Нæ уыныс циу, - дзуапп радта Гæмси. Ай хъазгæ куы нæ кæнынц, хъазгæ, æз та æнхъæл уыд- тæн, зæгъын, адæм дзæгъæлы дæр бирæ фæдзурынц, - цыма дуджы фыдбылыз нырма ацы уысм банкъардта, уыйау, дисы бахаугæйæ, загъта Гæмси æмæ бакаст йе ’мбæлттæм, стæй ма бафтыдта йæ ныхасмæ: -Æгæрс- тæмæй мæ мæнæ Асланы ныхас дæр нæ уырныдта, хъæумæ кæй æрбацыдысты, уый тыххæй. - Ма дæ бауырнæд ныр дæр, - Бардзинæн æртхъи- рæнгæнæгау рауад йæ ныхас. - Кæд нæ нымудзæг фæцис, уæд сæ ныр ардæм дæр хъæуы. - Иугæр хабар Исмелы хъустыл æрцыд, уæд нымудзæг агурын нал хъæуы, фæлæ кæд мыййаг исты, уæд уæлæ уыцы къахырыл ацæудзыстæм Тырсымæ æмæ нæ мæнæ Гæмсийы мады рвадæлтæ куыннæ суазæг кæндзысты, - дзырдта Аслан, цыма уыцы фæндтæ йæхимæ нæ хауынц, ахæм æнæмæты хъæлæсы уагæй. - Сæрæй-сæрæй нæ цæуыны сæр ма бахъæуæд, уый йедтæмæ ауылты Тырсыгоммæ æнцон ныххизæн у, - Бар- дзинæн Асланы хъуыды æхсызгон кæй уыд, уый фæзынд æгæрстæмæй йæ цæстæнгасыл дæр. Цыппар ацæргæ лæджы бадынц къуылдымыл æмæ, комырдæм фæлгæсгæйæ, бафтыдысты алыгъуызон сагъæ- 380
стыл æмæ фæндтыл. Фос апырх сты сæрвæты æмæ сæхи- цæн æнцад-æнцойæ мерс кодтой сойджын кæрдæг. Бадынц цыппарæй, тæрхоны лæгтау, æмæ дуджы фыд- былызæн хæссынц тæрхон. Куы йæ иунæг хуыцауы бар бакæнынц, куы паддзахы, куы та сæхи дæр бахъæуы лæг- дзинад равдисыны сæр, уæлдайдæр сæ хъæуы бынатмæ кæсгæйæ. Фæздæг фылдæрæй-фылдæр кодта, æвæццæгæн гæзæ- мæ уддзæф ничердыгæй цыд æмæ стымбыл хъæуы сæр- мæ. Æмбисбонæй раджы ахызт. Лæгтæ сдойны сты, фæлæ дон дæр рагъмæ бахастой. Бардзин сын кæсдæриуæг кодта. - Кæд ма исты зонын, уæд далæ уыдон цæуджытæ сты, бæхджынтæ. - Иууылдæр ныккастысты, Тода йæ къух кæдæм фæдаргъ кодта, уыцырдæм. -Æнæмæнгдæр бæхджынтæ. - Растдæр афтæ. - Цал сты, дæ хорзæхæй? - Ныртæккæ сæ банымайдзыстæм. - Чи уой, уæдæ? - Хæрзæбоны барджытæм сæм ма ’нхъæлмæ кæсут, уымæй дарддæр чи фæнды фестæд. Уыдон æнæмæнг сты мах агурæг, æндæра ацырдыгæй хъæу судзинаг куы нæ ис, уæд кæд&м цæуынц. - Раст у, æнæмæнг мах «уазджытæ» сты. - Цыппар лæгæй алчи уыцы бæлццæтты тыххæй дзырдта йæ хъуы- ды, фæлæ сæхи цы ми кæнын хъæуы, уый фæдыл сæ ны- рма сыбыртт дæр ничи скодта кæрæдзимæ æнхъæлмæ кæс- гæйæ. Барджытæ иугæр комкоммæ Уæллаг комы ’рдæм сæ ных куы сарæзтой, уæд фыййæуттæ та, кæрæдзимæ мадзу- райæ фæрсæджы каст кæнгæйæ, райдыдтой сæхимидæг тынгдæр тыхсын. Аслан сыстад, иу каст ма акодта дæ- лæрдæм æмæ æнæдзургæйæ араст се ’хсæв бынатмæ. Кн- нæтæ кæсынц йæ фæстæ, цы фæндтæ йæм ис, уыдон ба- зонынмæ цымыдис кæнгæйæ. Асланы къухы хъримаг куы федтой, уæд фергъуыйау сты се ’ртæ дæр æмæ кæрæдзи фæстæ бахæццæ сты Асланы цурмæ. - Цыми кæнаем, — Тода кæсы Асланмæ, - æнæмæнг ардæм у сæ гуыры конд. Аслан исдуг æнæдзургæйæ йæхи рæвдзытæ кодта, стæй йæ фарстытæй æгæр-æгæр куы тыхсын кодтой, уæд сын амоны йæ хъримагмæ. 381
- Мæнæ мын уый цалынмæ æхса, уæдмæ йæ не ’ры- вæрдзынæн, стæй та бæрæг уыдзæн, фæлæ уæ ма ферох уæд, куыд дзырд уыдыстæм, уый. Иугæр нын ам фæлæу- уыны фадат куы нал уа, уæд нæ фæндаг уыдзæн Тыр- сыйы ’рдæм. - Уый гæнæн нæй, бынтон нæ гæныстон фæкæндзы- сты, Гæмси Асланы фæндæй кæй фæтарст, уый зынди йæ цæстытыл. - Куыд ма дæ фæкæндзысты гæныстон, мард æмæ дын дзуар куы нæ уал баззад, - Аслан æм бакаст уай- дзæфгæнæгау. - Уæддæр хæцæнгарзæй нæ. Уый ма сараз. Ды мын ам лæу, дардæй кæс, æндæр дыл ницы уæз æрцæудзæн. - Нæй, иунæг къахдзæф дæр дæ никуыдæм ауадз- дзынæн. Нæу пайда ацы фæнд. Аслан сыстад. Гæмси ма бирæ фæцархайдта, йæ разы зоныгуыл дæр æрлæууыд, ныххæцыд хъримагыл, фæ- лæ Аслан нæ фæтасыд. - Ды мын ам лæу фосимæ, не ’ртæ ныртæккæ æрбаздæх- дзыстæм. Æдылытæ нæ æнхъæлыс, æви. Уыдон ардæм хæццæ дæр не суыдзысты, стæй куы цаеуой, уæддæр нæ не ссардзысты, уæртæ дын уыцы лæбырдыл бæх бахиздзæн? Ацы ныхæстæм хъусгæйæ Гæмсийы зæрдæ чысыл фæ- фидар æмæ ма йæм кæд зæгъинæгтæ уыд, уæддæр сæ нал сфæрæзта. Æртæйæ бадынц ададжы рæбын иу дуры фæстæ. Аслан йæ хъримагæн æрцарæзта дзæбæх хъавæн, афтæ- мæй æнхъæлмæ кæсынц. Ныртæккæ уæртæ уыцы къуыл- дымы фæстийæ æрбазындзæн бæхы сæр, стæй барæг, дык- каг, æртыккаг. Ардыгæй уæлдæр сын нæй ауадзæн. Хъуа- мæ ацы ран алыг уа сæ фæндаг. Бадынц æртæйæ иу зæрдæимæ, æмхуызон æнкъарæн- тимæ. Зæрдæ хойы тынгæй-тынгдæр, уæнгтыл куы хъарм улæн ацæуы, куы та уазал хиды æртах схъыдзы кæны бу- ар. Фароны хæтæлты гæзæмæ бауигъы уддзæф æмæ куы базмæлынц, уæд та Асланы цЬестытæ дæр фæирд вæй- йынц. Арæх асгары хъавæн, акæсы хъримаджы сæрты. Мæнæ, зæгъгæ, сæрбахъуыды рæстæджы йæ цæстытæ арæх куыд фæкæнынц, афтæ донæй айдзаг сты, уæд æнæмæнг фæивгъуыйдзæн, фæлæ уал ардыгæй уæдмæ тых кастæй хи бахизын хъæуы. 382
Тода æмæ Бардзин сæхицæн бынат нæма арынц. Сæ ныфс Асланы уагахастимæ баст у. Уый куы фæтыхса, уæд цы араздзысты? Ахæм дардыл хъуыдытæн рæстæг нæ уыд, нæ сæ æвдæлди уæртæ къуылдымы фæстæ, хъай- мæт хæссæг тыхау, кæмæ æнхъæлмæ кастысты, ууыл ка- тайаг сæнттæй. Аныр æрбазындзæн, аныр равдисдзæн йæхи, афтæмæй сыгъдысты зындоны цæхæры, фæлæ рæс- тæгæн нæ дæр бауромæн уыд, нæ дæр фæтагъдгæнæн. Мæнæ цæмæ бæллыдысты, цæмæй тарстысты, уыцы уысм. Гæзæмæ уддзæфмæ æрбайхъуыст бæхы хуыррытт, барджы- ты ныхас. Æртæ лæгæн сæ рæуджытæ куы сæ куыст фæуромыиц, куы та сын æгæр бирæ бантысы уæлдæф афæрсудзын, фæлæ зæрдæ æппын нал касти коммæ, йæ цæфæй-иу рацæйтыдта риуы фæйнæг. Куыддæр раззаг барæг къуылдымæй гæзæмæ æрбазынд, афтæ Аслан рай- дыдта хъавын, фæлæ сын се ’хсæн куы ауыдта, знон уын- джы мæстыгъуызæй æртхъирæнтæгæнгæ чи рацу-бацу кодта, уый, уæд аивта йæ нысан æмæ йын хъримаг ныд- дардта йæ риуы фæйнæгмæ. Тода æмæ Бардзинмæ ацы цалдæр цæсты ныкъуылды дæр фæкастысты хъизæмæртты бонтау, фæлæ æппæтдæр фæцис топпы хъæры бын. Ныннæрыдысты, фæдис хъæргæнæгау, кæмттæ, æнæнхъæ- лæджы фехæлд уæлхох быдыры сабырдзинад æмæ ра- калд адæймаджы мастисыны денджыз. Топпы хъæр нæ- ма банымæг, фæздæг уæлдæфы æххæстæй нæма батад, барджыты дæр цæст нал ауыдта. Æртæ лæджы уæддæр нæ фезмæлыдысты, Аслан йæхи æрцæттæ кодта дыккаг æхстмæ, фæлæ къуылдымæй нал æрбазынд йæ нысан. Топпы хъæрмæ бæхтæ хæрдмæ фæхаудтой, иу дзы фæ- тарст æмæ барæджы ахаста уырдыгмæ, иннæтæ æргæппы- тæ кодтой æмæ лæнчы ’рдæм сæхи æркалдтой æмбæхсынмæ. Аслан кæмæ ныхъхъавыд, уый æрзæбул саргъыл, йæ бæх иннæты фæстæ сабыргай ацыд æмæ уый дæр фæаууон. Уым æм дыууæйæ базгъордтой æмæ йæ æристой зæхмæ, нæма амард, афтæмæй сæ бафæдзæхста, цæмæй йæ ных- хæццæ кæной хъæумæ хосгæнæгмæ. Гвардионтæ цæф офицеры сæвæрдтой бæхыл, дыу- уæйæ цыдысты йæ фæйнæ фæрсты, афтæмæй адаг-адаг ацыдысты фæзырдæм уырдыгмæ. Иугæр рæбынмæ куы фæцæйхæццæ кодтой, уæд дзæбæх зындысты Асланитæм дæр. Уым офицер амард æмæ йæ æрывæрдтой зæххыл. Иудзæвгар ма дзы афæстиат сты, стæй йæ нымæтыл хастой сындæггай æмæ ныххызтысты фæндагмæ. 383
41 Аслан сыстад. Уый йæ масты фæдыл ацыд, фæлæ иннæтæн та куыннæ бантыст йæ бауромын. Ныр ам иу æхсæв дæр нал ис лæууæн. Лæгтæ æнæдзургæйæ араст сты се æхсæвы бынатмæ. Уым сæм æнхъæлмæ каст Гæм- ск. Асланæн цыма æмбæлттæ дæр нæй, уыйау бафæл- дæхт нымæтыл, йæ къухтæ бавæрдта йæ сæры бын æмæ каст арвы риумæ. Тынг батæхуды кодта арвы астæу ленк- гæнæг цæргæсмæ. Кæс ма ды уыцы базырджынмæ, сæры- стырæй кæсы уырдыгмæ, кæдæм æй бафæнды, уырдæм айсы йæхи, йæхи æмсæртимæ симынц цъæх арвы тыгъда- ды сæ хъаруйы фæрцы. Æниу хъару дæр арæх фадатмæ гæсгæ вæййы. Мæгуыр лæг, æвæццæгæн, хъаруджын ни- куы вæййы. Мæнæ йын кæд гæдыныхæстæ нæ кæнынц, уæд æм ныхасы бар æрхаудзæн æвæццæгæн. Аслан йæхи- уыл дис кодта, æнцад-æнцойæ кæй бадти, уый тыххæй. Иннæтæ дæр æм æнхъæлмæ кастысты бынтон æндæр уы- наффæтæм. Æниу ма йæ тыхсын та цæуыл хъуыди, бинонтæ фæсæфцæг, уæзæг æртхутæг, Бесо дæр кæд йæхи нæ феса- фид, йæхи уды къоппа ма у æмæ йæ аслам нæ ратдзæн фыдгулæн. - Уæ хатырæй мын аирвæзтысты, æндæра ма дзы æртылдтаин, цæмæй иннæтæн зонд-зонæн фæуа, бамба- рой, ацы кæмттæм тых хæссын æнцон хабар кæй нæу, уый, æниу сын ныр дæр цъæх нæма хæссы, алæппу сæ тæвд къæйтыл скафын кæндзæн. Асланы æмбæлт^æм афтæ каст, цыма сын хъазæн ныхас кæны æмæ йын æй худыны ’рдæм аздæхтой. - Сымах худгæ кæнут, уыдон та ныл кæугæ кæнынц, ахæм æнæсæрæнтæ кæй стæм, уый тыххæй. Ахсæв та мын æнæцæугæ нæй, хъуамæ бабæрæг кæнон мæ хæдзар, кæд мæ хъыг дарой, уæд уæртæ уыцы къахырыл Тырсыгоммæ аходæн афонмæ фæндагæй фылдæр нæу. Гæмсийы мады ’рвадæлтæ нæ куыннæ суазæг кæндзысты. - Хæстæджытæ дзы мæнæн дæр ис, - Тода загъта, фысымы фыдæй сын кæй ницы баззайдзæн, уый бафидар кæныны тыххæй. - Ацы хатт дын не ’мбарын дæ цыды сæр, - Бардзи- ны фæндыд Асланы хъуыды кæронмæ бамбарын. - Фендзынæн хъæу, мæ хæдзар, бæстондæр базон- дзынæн хабæрттæ æмæ уæд махæн дæр уыдзæн æнцон- дæр уынаффæгæнæн. 384
- О, фæлæ ныр тынг знæт уыдзысты æмæ, - Гæмси загъта фæдзæхсæгау. Æз уыдонæй мæстыдæр дæн æмæ мæнæй куы ни- чи тæрсы? Æнæмæнг тасы бынаты æппынæдзух мах хъуамæ бадæм, ныгъуылдтытæгæнгæ мах хъуамæ цæуæм? - Чысыл зæгъын æххæст уавæрмæ куы банхъæлмæ кастаиккам, - Гæмсийы тынг фæндыд, цæмæй Аслан аивтаид йæ фæнд. - Цыдæриддæр уа, мæнæн æнæ цæугæ нæй, тæрсгæ ма кæнут, базондзынæн мæхи æвæрын, мæ зæронд сæр бафснайын. Аслан цыд ададжы уырдыгмæ. Дыууæ комы кæм баиу сты, уырдæм ма рухсæй ныххæццæ, фæлæ иугæр куы ’рталынг, уæд атындзыдта. Хъæумæ акæсæнæй йæм ра- зынд мæйдары бын уæрæх хъугом. Фæздæджы тæф æн- къардтой фындзыхуынчъытæ, æрмæст ма сау сыгъд чи кодта, уыдон фæздæг ризгæ цыдис арвы ’рдæм. Лæг æрбадти саппыл. Йæ хърймаг æрывæрдта йæ хъæбысы, афтæмæй каст хъæуы ’рдæм. Исмелы хæдзары рудзгуытæ йæм нæ зындысты, фæлæ Иластæй калд рухс æмæ уыцы мæйдары уыд уæиджы цæсты хуызæн. Аслан сыстад æмæ, зæрдаивæй йæ къах исгæйæ, цыд зонгæ фæндагыл. Хъæумæ ’ввахс ахызт фæсфæд, базылд хъæуы бынты æмæ æнæкъæрццæй бахызт сæ кæртмæ. Рæстмæ ницы уыдта мæйдары, фæлæ йæм йæ хæдзар зынд гæнахы хæлды хуызæн. Зынг кæрты хибар мæнгагъуыстмæ нæ рахæццæ æмæ Аслан уырзæй сгаргæ бацыд уырдæм. Суг- ты цъыхырытæ æрытыдта йæ быны æмæ сыл æрывæрдта йæ фæллад буар. Дыууæ къухы йæ сæры бын, афтæмæй сыхгæдта цæстытæ, раст цыма æппæт зынтæ, æппæт фыдæбæттæ фæстийæ аззадысты æмæ ныр дзæнæты къæсæрæй бахызт, уыйау. Дысон дæр ма йæ уарзон тæр- хæгыл æнцад-æнцойæ æрфынæй, ныр уый дæр нал ис, фæлæ ма уæддæр аирвæзтысты дæлбазыр æмæ цъыхыры- тæ, æвæццæгæн ын сомæхсæв кæрты дæр нал уыдзæн æр- лæууæн æмæ уæд мыггагмæ уæрст æрцæудзæн йæ уæ- зæгæй. Цыдæр хъарм, фæлмæн уыди уыцы æхсæв. Уый æмæ дын æндæрæбон, агъуысты мидæг дæр йæ уæнгтæ ихæн кодтой, фæлæ ныр марадз зæгъ, хатгæ дæр ницы кæны, уæнгтæ, цахæмдæр æхцондзинад æнкъаргæйæ, ныууæз кодтой цъыхырытыл æмæ æнцад-æнцойæ сæ фæллад уа-
дзынц. Хъама райхæлдта æд хюн. Уый дæр æрывæрдта хъримаджы ’рдыгæй, къух æм куыд æххæссыдаид, аф- тæ. Куыддæр рæхыс йæ къухы бафта, афтæ арт бафтау- дзæн Иласы хæдзарыл æмæ афардæг уыдзæнис. Хуыссы Аслан. Цæстытæ кæрæдзийыл куыддæр аны- дзæвынц, афтæ цынæгъуызон ныв ныссæдзы йæ сæры фыны сæ фæуыны, æви æцæгæй кæй æвзары, ахæмтæ сты, уый дæр йæ бон нал вæййы рахатыи. Цæстытæ куы фегом вæййынц, уæддæр ма йæм мæйдарæй сæхи æрцæй- калынц, фыны кæимæ схъуырдухæн вæййы, уыцы хабæрт- тæ, фæлæ уайтагъд æрдæг фæядагыл фесæфынц. Цалдæр хатты сыстад Аслан, фæлæ мæнгагъуыстæй нæ рахызт. Фæстагмæ хуысгæ дæр нал скодта, бадт цъы- хырытыл, тынг æй фæндыд тамако дымын, фæлæ йæ ныфс нæ хаста, стæй уæддæр нал фæлæууыд, ома хъæу цæхæр куы фестад, уæд мын мæ тамакойы зынг чи ир- тасы. Цалдæр зæрдиаг улæфтæй фæфидар, фæлæ уый хыгъд йæ улæфæнтæ фæздæгæй æгæр айдзаг сты æмæ йæ схуыфынмæ дæр бирæ нал хъуыд, къухты фæрцы ма тыхæй баурæдта йæхи. Уæддæр йæ сур хид акалд. Арвы кæрæттæ гæзæмæ фæсырх сты. Уыцы афон Ас- ланы зæрдæ тамако дымын нал æрцагуырдта. Ныр сыс- тад бæстон. Сывæрдта йæ цухъхъайы æгьнæджытæ, баба- ста рон æд хъама. Бон дзæбæх æрбарухс. Аелан кæсы дурын æмбонды ау- уонæй. Нал базыдта йæ хъæуы. Æртхутæг фестад цал- дæр хæдзарæй фæстæмæ. Дæ фыд-зæрдæ уыцы бæсты- хæйттæм куы бакæсид, зындысты хæлд зæппадзтау. Иуæй- иутæн ма сæ фæздæг кæцæйдæр хъуызыд хабар хæссæгау. Сисын къултæ ма лæууыдысты хъилæй, цыма сæ æп- пындæр цæрæг дæр никуы уыдис. Аслан кæсы йæ уæ- зæгмæ. Сыджыты уæзæй ныссастысты æрдæгсыгъд уæладзæнтæ, аххæрджытæ. Нал дæр дуар, нал дæр рудзынг, адæймаг дзы цæмæ февнала, иунæг ахæм дзау- ма. Асланы цæстытыл та ауадысты къонайы рæхыс, Аланы дзабыр. Дзабыр басыгъд, кæй зæгъын æй хъæуы, фæлæ ма рæхыс дæр сбæздзæн, уый дыууæйыл у. Уæггдæр ын æнæ ссаргæ нæй. Æниу рæхысы та цæуылнæ рафтыдта æмæ йæ цæуылнæ бафснайдта æдас ран. Фæлæ къонайы рæ- хыс йæ бынатæй афтæ æнцон райсæн кæм у. Уый хъуа- мæ ауыгъдæй лæууа бынаты хицауæн æмæ иугæр рахауд, уæд уæзæг уæзæг нал у. Ныр, æвæццæгæн, саусыгъд баци, 386
науæд ма йæ цы ссардзæн сыджыты бын. Нæй, цыфæнды дæр уа, рæхысæн æнæссаргæ нæй. Аслан акаст уынджы ’рдæм, змæлæг нæ уыд. Цæстæй агуры къонайы бынатмæ бацæуæн. Нырма нæ ныууазал сты дуртæ, бынхъæдтæн дæр ранæйрæтты нæма ахуыссыд сæ зынг. Æгæр æрбабон. Аслан ма разына, ууыл бæргæ архайдта, фæлæ рæхысмæ бацæуæн æгæр гомæй аззад. Цæуы дурты сæрты. Кæд æмæ кæд бахæццæ ердойы бы- натмæ. Уым чысыл размæста сыджыт æмæ йæ зæрдæ ци- нæй фестъæлфыд. Къух фæхæст рæхысы цæгыл. Цалдæр хатты йæ сивс? зта, фæлæ нæй, æвæццæгæн æй дзæвгар къахын хъуыди, фæлæ цæмæй. Лæг раздæхт, йæ къухы цы мигæнæн бафтдзæн, уый дæр нæма зыдта, афтæмæй. Уæдмæ гвардионтæй иу рахызт Иласты хæдзарæй, æмæ фæкомкоммæ Асланмæ. Исдуг йæ цæстытыл нæ бау- уæндыд æмæ сæ аууæрста, стæй фæстæмæ фæмидæг хæ- дзары. Чысыл фæстæдæр æнæхъæн къорд æд хотыхтæ февзæрд уынджы. Сæ хъæлæба фехъуыст Асланмæ, Кæй йæ бафиппайдтой, уый базыдта æмæ амбæхст дурыл æм- бонды фæстæ. Гвардионтæ кæсынц уыцы ’рдæм, фесты дыууæ дихы, афтæмæй сæ фæнд зындгонд уыди Асланæн. Хъуамæ йыл æртыхсой. «Цы чындæуа?» - йæхи афарста Аслан, фæлæ дзуаппæн нал уыд рæстæг, æрбадт æмбонды фæс- тæ дурыл, сæргъæвта хъримаг, æхса, æви нæ, ууыл дæр рæстмæ нæма ахъуыды кодта, нал ын фæци рæстæг, фæ- хæццæ йæм кæнынц цалдæрæй хотыхтимæ. Сæ разæй цæуы æрттиваг пагонджын. Аслан хъримаджы мæнгвæ- дæгыл куыд æрбахæцыд, уый хатгæ дæр нæ фæкодта, рауад ын æнæнхъæлæджы гæрахы хуызæн, фæлæ æхсты нæрын нæма батад йæ хъусты, афтæ къухтæ архайдтой дыккаг æхстмæ цæттæ кæныныл. Ныр йæ хъавд уыди Иласмæ, фæлæ хъримаг гадзрахатæй разылд Асланыл. Цалдæр къæппы ма йæ æркодта, уæддæр не ’схæцыд, стæй гилдз комгæ дæр нал ракодта. Цыми кæна дард- дæр? Дыууæйæ ахастой се ’мбалы. Цы баисты, уымæн ницы базыдта, фæлæ цæф зæрдæйь фæндиаг кæй фæ- цис, ууыл гуырысхо нæ кодта. Бахъуыд ’хъамайы сæр. Кæрддзæмæй хъамайы сылвæст æмæ йæ сыстад фæиу сты, хъуамæ æмбонды сæрты рахызтаид, чысыл раздæр æм кæуылты цыдысты, уырдæм, фæлæ анæрыд топпы гæ- рах. Аслан слæууыд æлвæст хъамаимæ, чи йæм раздæр бахæццæ уыдзæн, уымæ æнхъæлмæ гæсæгау, фæлæ та 387
анæрыд дыккаг æхст. Лæджы уæнгтæ, барызтысты, хъа- ма къухæй æрхауд, цæстытæ фæлм ахгæдтой, афтæмæй ма акаст чъылдымы ’рдæм йе знагмæ, фæлæ ницыуал федта, æрхауд йæ рахис уæраг дæлгоммæ æмæ ма бафæ- рæзта хъамайы фистон ссарын, æнгуылдзтæ йыл сæхи æрбатыхтой æмæ нал райхæлдысты. 42 Уыцы бон дæр та гвардионтæ аластой сæ мард. Азау ба- лæгъстæ кодта Исмелæн æмæ Асланы та баныгæдтой сæхи уæлмæрды. Аслан йе ’мбæлттæм куы нæ уал сыздæхт, уæд сæ ныфс асаст, райдыдтой фæлмæцын æдзух къæвдатæй, стæй сын къæбæр амалгæнæн дæр нæ уыд рæстмæ æмæ иу бон ахызтысты Тырсымæ. 43 Цыдысты бонтæ. Хосгæнæг зылд Бесойы цæфмæ, фатхъулмæ. Лæг фæсæрæн, райдыдта йæ уатæй хизын. Гоги дыккаг бон бацыд се штабмæ æмæ фехъусын кодта, сæ цæфтæн æххуыс кæныны тыххæй æрдæг фæндагæй кæй раздæхт æмæ йæ нал арвыстой. Гоги арæх цыд сæхимæ æмæ Бесойæн хаста хабæрттæ, хатт-иу сын бацайдагъ ныхас рæстæджы цауты фæдыл, фæлæ куыд уыдзæн, цы уыдзæн, уый алыг кæныныл сæ зæрдиагæй ничи куыста æмæ-иу уæд æппæт дæр ныууагъ- той рæстæджы бар. Нæ дæр Гоги дардта Бесойы азымы æмæ нæ дæр Бесо нымадта Гогийы æфхæрæгыл. Сæ дыу- уæ дæр уыдысты стыр æндæвдады бын. Бесойы тыхсын кодта, адæм цы ног царды кой кодтой, уый æмæ зæхх, Го- гийы та йæ службæйон хæс, фæлæ дзы йæхи тыдта æттæ- мæ, цæмæй дзы фервæза æмæ сулæфа сæрибарæй, ком- коммæ кæса дзыллæты цæстытæм, цæмæй ма райса Бесо æмæ уый хуызæн хъæбатыр, сыгъдæг зæрдæ адæмты зæрдæхудт. Гоги Бесойæн сарайы ’рдæм сарæзта къаннæг дуар æмæ-иу ууылты ахызт цæхæрадонмæ. Уырдыгæй æппын æдзух каст хæхты ’рдæм. Уыдон æм æрвыстой сæ арфæ 388
æмæ ныфс, лæвæрдтой йын æвидигæ хъару. Уæддæр тад æхсæвæй-бонæй, баруад, байсысти йæ хъару, цæсгом хъуыны бын фæци, боцъотæ риумæ æрхæццæ сты, æрф- гуыты бынæй ма уæддæр æрттывтой кæддæры артуа- дзæг цæстытæ. Æрбалæууыд фæззæг. Бесойы уæхск байдыдта гас кæнын, фæлæ фатхъул йæ риссынæй не’нцад. «Æппын мацы, фæлæ сылгоймагмæ ма фæкæс цæхæра- доны куыстытæм», - арæх-иу ахъуыды кодта катæйттæ гæнгæ. Æниу йæ бон куы уаид баххуыс, уæддæр æй чи уа- гъта уыдæттæ аразын. Иу æмæ дыууæ дзырдхæссæджы куы нæ уыд. Уайтагъд æй фæтары кодтаиккой. Бесо арæх лæууыд рудзынджы цур æрхæндæгæй, каст-иу хæхты ’рдæм. Гæзæмæ сыл мит æрхæцыд, Цы- мæ цы тыхæй баст у адæймаг йæ уæзæгмæ? Æвæццæгæн уымæн сбарæн нæй, зилы адæймаджы тугимæ æмæ агайы æппæт æнкъарæнтæ, афтæмæй сæрымагъзыл атых- сы куы цингæнгæ, куы та фæдисонау. Риссы Бесойы зæрдæ. Куы сывæллонау æрбаймысы йæ уæзæг, йæ бинонты, сабиты æмæ та уæд æлхынцъæрфы- гæй æдзынæг фæкæсы урс сæр хæхтæм, куы та йыл баузæлынц йæ ныфсы бæллицтæ, уæд та гæзæмæ баху- ды йæ мидбылты. Хатт-иу дзы ферох хæрын дæр æмæ- иу æм зæронд ус ныллæг хъæлæсæй бадзырдта: - Хъæбул, каердзын куы бахæрис, абондæргъы æх- хормаг дæ. «Хъæбул». Ацы дзырд тади йæ цæфтыл, йæ хъарутæм лæууыди быцæу, фæлæ та-иу йæхимæ куы æркаст, уæд та- иу æфсæрмы кодта уыцы номæй, ома æз цæй хъæбул дæн, ныр уын афæдзы æмбисæй фылдæр уæ къæбæртæ æнæхъуаджы куы хæрын æмæ-иу уæд йæ цæсгом нал хъæцыд фынгыл æрбадын. Иу бон ын Гоги рахабар кодта, сырх партизантæ æфц- гуытыл кæй æрхызтысты æмæ гварди лидзинаг кæй фæ- цис, уый тыххæй. - Бесо, хæларæй фæцардыстæм, фембæлдыстæм дык- каг хатт, фæлæ мæ æртыккаг хатт фембæлыны ныфс нал ис. Мæ мад дæ уазæг, Бесо, кæдæм æй фæкæнон ацы змæст рæстæджы, нæ зонын. Махæн радтой бардзырд, хъуамæ ардыгæй ацæуæм, кæдæм, уый нæ зонын. Бесойы цæстытæ цины æрттывд фæкодтой, фестад æмæ йæ хъæбысы нытыхта Гогийы. 389
- Ме фсымæр, мах канд æмбæлгæ нæ, фæлæ нæ ничи- уал акæндзæн хицæн. Кæсыс, - Гогийы уæхскыл йæ къух æрывæрдта, афтæмæй йе ’ргом аздæхта рудзынджы ’рдæм, - уæлæ уыцы урссæр хæхтæн сæ фарн бирæ у... уаринаг нын ницы ис. Ныр иу уазæг куы уа, иннæ - фысым... 44 Уалдзæджы комулæфт бахæццæ хæхтæм дæр. Нырма мит бирæ уыд, фæлæ йыл сау хуыз бахæцыд, тад æхсæ- вæй-бонæй, асæстæй, хурæй. Зæхх фестад суадæттæ, æр- хыты дон бонæй-бонмæ кодта фылдæр, хуры тынтæ-иу сæхи асæрфтой хъулон æрдзыл, се ’хцон узæлд сын æн- къардтой адæймаджы уæнгтæ. Партизанты къорд æфцæгрæбын хъæумæ куы ’рхæц- цæ, уæд ма^рухс уыди, æмæ Хазбийы сæхимæ бауайын фæндыди. Йæ фæндыл ын æмбæлттæй ничи ницы за- гъта, фæлæ йæ бафæдзæхстой, райсом сæм аходæнафон куыд хæццæ кæна, афтæ. Цхинвалмæ хъуамæ ныццыда- иккой тымбылæй. Хазби талынггæрæтты бахæццæ хъæумæ. Нæ дæр уынæр, нæ дæр змæлæг, хъæу нæ, фæлæ хъæууат. Уæд- дæр ма хорз æмæ йæ цæст схæцыд Илас æмæ Исмелы хæдзæрттыл. Иласы хæдзарæй нæ калд рухс, нæ дзы уыди царды бæрджытæ. Фæраст Исмелтæм. Бакаст кауы сæрты, кæрты сугтæ саст, йæ мит æнæмарзт никуы баззад æмæ лæууыди сурæй. Лæппуйы зæрдæ фæфидар, бахызт кæртмæ. Уым алæууыд, йæ цæст ахаста къуымты, нæ дæр }/нæр, нæ дæр змæлæг. Фæцæуы дурын асиныл уæлæмæ. Æппæт дæр куыд ныууагъта,^ афтæмæй лæууыдысты, бахоста дуар, дыккаг хатт. Йæ хъинц фæцыд... Зæлинæ джихæй аззад, афæлурс, цыма ныртæккæ йæ зæрдæ бахъарм уыдзæн, стæй уадултæ гæзæмæ фæ- сырх сты, дзургæ ницы скодта, æрмæст иу къахдзæф алæууыд иуварс, Хазбийæн мидæмæ рахиз зæгъыны бæсгы. Лæппу бахызт хæдзармæ. Бацин ыл кодтой Исмел æмæ йе ’мкъай, фæфарстой йæ хабæрттæй, сæ лæппу Доччейæ. Уым кæй баззад, уый сын нæ уыд æхсызгон. Бæргæ Хазбиимæ куы ’рцыдаид, уæд Исмелæн дæр æн- цондæр уыдаид, фæлæ ницы кæны, кæд ыл ныр дæр уый 390
тыххæй уæз не ’рцæуид. Бавæрдта Зæлинæйы йæхи чызгау, балæггад кодта Хазбийæн, фæдзырдта йын лыс- тæггай сæ ацыды бонæй фæстæмæ æппæт хабæрттæ. Илас йе ’мкъаимæ ацыд гвардионтимæ. Зæлинæйы код- той, фæлæ сын нæ акуымдта, йæ сæр бафтыдта Исме- лыл, хъæубæсты æндæр змæлæг нал уыд. Хъæуы уа- вæр та федта йæхи цæстæй. Дыккаг бон раджы бабæрæг кодта Асланы уæлмæрд. Хæрз райсом загъта Исмелæн. Хъæугæронмæ йемæ рацыд Зæлинæ. Бирæ фæныхас код- той. Хазби йын ныфс бавæрдта адыууæ боны кæй æрбаз- дæхдзæк. Цæуинаг, лидзинаг кæй никуыдæм уал фæуы- дзысты... 45 Адæмæй азмæлæнтæ нал уыд Цхинвалы уынгты. Тын- нывæндæгау кодтой дыууæрдæм. Иутæ хъуыддаггъуызæй, иннæтæ цæст даргæйæ, ома цы ’рцыд, цахæм ивындзи- нæдтæ... Афтæмæй кæрæдзи афæрсынмæ дæр сæ ныфс тынг нæ хастой, фæлæ алкæй дæр фæндыд хабæрттæ бæс- тон базоныи, иутæ-иу аивæй сæ хъус бадардтой яыхае- гæнджытæм, иннæтæ та сæхицæн агуырдтой, кæуыл æу- уæндыдысты, ахæм зонгæ хабархæссæг. Кæмдæр цахæмдæр уынаффæгæнджытæ кæй бады, уый хъуыстой, фæлæ сæм уырдыгæй дæр нæма уыдис дам- думтæй дарддæр бæстон хабархæссæг. Хазбиитæ дæр къордгæйттæй куы иу ран алæууынц, куы та азилынц тезгъогæиæгау. Сæ минæвар фæцыд уы- наффæгæнджытимæ æмæ йæм сæ цæстытæ ныуурс сты. Æвиппайд Хазби цæхгæр фæлæууыд æмæ æдзынæг ныккаст дыууæ цæуæгмæ, сæ иу гæзæмæ чиудта йæ рахис къахæй. Сау зачъетæ дæлæуæз æрфардæг сты. Хъуынæй нал зынд цæсгом. Кæрæдзимæ баввахс сты. - Бесо... - сдзырдта ныллæг хъæлæсæй, цыма йæ куы фехъусой, уымæй тарст. Бесо фæзылд. Уайтагъд базыдта Хазбийы. Дыууæ лæ- джы кæрæдзийы ныхъхъæбыс кодтой. Фырцинæй акалд сæ цæсты сыг. - Мæнæ уый ме ’рдхорд у, базонгæ ут. Бесо иу къахдзæф алæууыд фæстæмæ æмæ сыи радта кæрæдзи къухтæ райсыны фадат: - Мæ ном Хазби. - Мæ ном та Гоги.
СÆРГÆНДТÆ 5 Намыс 23 Хъууыдытæ-уидæгтæ 31 Аходæн 39 Сыхæгтæ 47 Кусæрттаг 58 Хъæууат 75 Куырдиат 147 Дур æмæ дидинæг 166 Рухсытын 236 Уæзæг Ответственный за выпуск В.А. Тедеева Компьютерная верстка Т.В. Цховребова Подписано в печать 7.02.06. Формат 84x108 1/32. Печать офсстная. Усл. печ. л. 20,58. Тираж 300 экз. Заказ № 277 Отпечатано в типографии государственного издательско-полиграфического производственного объединения «Южная Алания». 383570, Южная Осетия, г.Цхинвал, ул. Московская, 5.