Автор: Джанаев И.В.  

Теги: художественная литература  

ISBN: 978-5-7534-1546-2

Год: 2019

Текст
                    Æвзæрст уацмыстæ


ÆВЗÆРСТ УАЦМЫСТÆ Д зæуджы хъæу 2019
ББК 84(2Рос.Осе) Н-60 Чиныгаразджытæ: Тедтойты З.Х., Ханайты З.К. Нигер. Н—60 Æвзæрст уацмыстæ [Текст] / Нигер; [чиныгаразджытæ: Тедтойты З.Х., Ханайты З.К.] — Дзæуджыхъæу : Ир, 2019. - 454 ф. Нигер (Джанаев, Иван Васильевич). Избранные произведения 15ВК 978-5-7534-1546-2 В книгу включены избранные произведения выдающегося осетинского поэта, писателя, литературоведа, педагога, переводчика, общественного деятеля и публициста Нигера (Ивана Васильевича Джанаева). ББК 84(2Рос.Осе) © Тедтоева З.Х., Ханаева З.К., составление, 2019 © Гаппоева Н.У., дизайн, 2019 15ВИ 978-5-7534-1546-2 © Оформление. ГУП «Издательство «Ир», 2019
РАЗНЫХАС Нигер — Дзанайты Иван (1896—1947) уыд курдиатджын поэт, ахуыргонд æмæ хъуыдыгæнæг, ахуыргæнæг æмæ рухстауæг. Нигеры сфæлдыстад уыд ахадгæ фæзынд ирон культурæйы, ахъаз уыд æмæ у ирон аивады дарддæры рæзтæн. Йæ куыст у скъола сфæлдыстадон ног фæлтæртæн. Поэт куыста адæмы фарнæн æмæ йæ бон уыд фидарæй зæгъын: Адæм, дæ фырт дæн, дсе хъæбул дæп æз, Адæм, дæ туг æмæ де стæг дæн æз. Нигер æрдзæй рахаста хъомысджын сфæлдыстадон курди- ат, йæ цæст уыди уынаг, йæ зæрдæ — æнкъараг, фæлæ уыцы миниуджытимæ поэт æххæст æмæ ифтонг уыд зонындзинæдтæй, ахуырадæй, уымæ гæсгæ дзырдта сæрыстырæй: Æз хъусын нæ Иры сагъæстæ, Æз зонын нæ царды æгъдау... Æппæт уыцы миниуджыты фæрцы Нигерæн бантыст йæ рæ- стæг æмæ йæ адæмы цард парахатæй равдисын. Нигер уыд ныфс- хаст поэт, тохгæнæг гуманист æмæ сæрибары зарæггæнæг, цы- фæнды зын уавæрты дæр æргом æмæ хъæрæй дзырдта рæстдзи- над. Уымæ гæсгæ йæ поэзи у цардхъом, хоны размæ, рухс ны- санмæ, фидауц æмæ рæстдзинады дунемæ. Нигер цард æмæ куыста вазыгджын историон æмæ æхсæна- дон уавæрты: йæ заманы нæ бæстæйы царды æрцыди æппæты стырдæр историон цаутæ. Уымæй уæлдай вазыгджын уыд по- этæн йæхи цард дæр. Уый райгуырд мæгуыр хæххон хъæуы, уым арвыста йæ сабийы бонтæ, цыди уæлыгæс, уыдта тызмæг хæхты рæсугъддзинад, хъуыста аргъæуттæ æмæ таурæгътæ. Уым цард уыд хуымæтæг, адæм — уæздан æмæ æгъдауджын, сæ аха- стытæ — æргом. Уыцы цард æмæ æгъдæуттæ нывæфтыдæй баз- задысты поэты зæрдæйы. Фæлæ рафтыд горæттæм, бахауд æндæр уавæрты, федта æмæ бавзæрста æндæр цард, æндæр æгъдæуттæ, æндæр ахастытæ, базыдта æндæр культурæ. Уыдон дæр йæ зæр- дæйы сæхицæн бынат æрцахстой. Æмæ царды дыууæ хуызы æдзух хъæрмуд нæ уыдысты, кæрæдзи нæ быхстой, нæ фидыд- той. Сæ быцæу поэтæн уыд хъизæмар, фæлæ йын уыимæ уыд сфæлдыстадон æнхъизæн дæр. Уыйадыл Нигеры поэзи у вазыг- 5о
джын, амад у карз быцæутыл, ис дзы æлхъывд драматизм æмæ арф психологизм. Уыцы æууæлтæ сты йæ тых, йæ фидауц. Фæлæ уыдон æцæгæлон уыдысты 20—30-æм азты ирон риторикон по- эзийæн, уымæ гæсгæ Нигеры сфæлдыстад уыд зынæмбарæн йæ рæстæджы критикæйæн æмæ йын нæ цыд раст аргъгонд, кæд ын йæ хъару иууылдæр æнкъардтой, уæддæр. Нигермæ нæ хауди уæд ног дуджы поэты ном, хуыдтой йæ æмбæлццон (попутчик), хастой йæм алыхуызон фаутæ, æмæ уыцы моралон æфхæрд дæр æнæзынгæ нæ фæци поэты сфæлдыстадыл. Гъе уыцы хабæрттæ хъæуы хынцын, Нигеры сфæлдыстадæн аргъ куы кæнæм, уæд. * * * Нигер — Дзанайты Иван (йæ аргъуыды^ном — Владимир) — райгуырд 1896 азы 2 ноябры Нары зылды. Йæ райгуырæн хъæу Сындзысæр ис комы рæбын, йæ рæзты фынккалгæ цæуы Лиа- дон, йæ сæрмæ уæйыгау лæууы цъитисæр Тъепле. Дæлдæр та рындзыл — Хетæджы уæзæг, Къостайы райгуырæн хъæу. Захъа- йы дон æмæ Лиа-дон кæм баиу сты, уырдыгæй Зæрæмæджы онг айтынг Поты фæз: стыр бæрæгбонты уый уыд лæгæвзарæн бы- нат, Нарты Зилахарау. Ам хистæртæ сæ хъару æвдыстой уынаффæ, зарын æмæ фæндыр цæгъдынæй, кæстæртæ сæ тых фæлвæрдтой бæхыл бадынæй, фат æмæ топп æхсынæй, хъæбы- сæй хæцынæй æмæ дур æппарынæй, кафынæй æмæ кæстæриуæ- гæй. Ам дзыхæй-дзыхмæ цыдысты Хетæг æмæ Гоцъийы тау- рæгътæ, фæндырдзæгъдæг Гуыбайы æмбисæндтæ. Ацы комæй кæддæр лидзæг фæци Персы сах æмæ йыл баззад æмбисонд: «Сах Зæрæмæджы къæсæрæй раздæхт». Ацы комæй цыдысты фыццаг ирон минæвæрттæ уырысы паддзахмæ. Ам хъуысти Къо- стайы ном, зæлыдысты йæ зарджытæ. Гъе ахæм æхсæнадон æмæ культурон уавæрты рæзыд æмæ хъомыл кодта зæрдæргъæвд лæппу. Уыцы цард, уыцы æхсызгон тæлмæнтæ йæ зæрдæйæ никуы схицæн сты. Хæхты цард уыди тызмæг æмæ æлгъин, фæлæ рæсугъд æмæ романтикон. Фæстæ- дæр поэт мысдзæн йæ сабибонтæ æмæ зæгъдзæн: «Сæрд рæгъ- тыл зарыдтæн, зылдтæн; зымæг та — аргъæуттæ...». Уыцы хуы- зы хъæздыг уыд йæ уды цард, алæмæты нывтæ йын уыдысты поэзийы суадон: «Куы загътон: дзаг у, дзаг, мæ риу мæ райгуы- рæн зæххы хуызтæй». Хъæздыг æмæ мидисджын у Нигеры лирикон сфæлдыстад. Хъæздыг у алыхуызон æнкъарæнтæй æмæ царды нывтæй, ми- дисджын у хъуыдытæй æмæ поэтикон ахорæнтæй. Поэты зæр- дæмæ рыст æмæ цин хъардтой арф, уымæ гæсгæ хъæздыг уыд йæ уды цард. Хъæздыг уыд алыхуызон æхсæнадон цаутæй йæ рæртæг дæр. Уыцы цаутæ агайдтой поэты зæрдæ, æфтыдтой йæ мæт æмæ сагъæстыл, уымæ гæсгæ Нигеры поэзи дзаг у царди- вæн рæстæджы хуызтæй. Уыцы рæстæг куыд вазыгджын уыд, афтæ вазыгджын у Нигеры лирикæ дæр. О^
Нигер у æргомзæрдæ поэт: нæ сусæг кæны нæдæр йæ цин, нæдæр йæ маст, æргом зæгъы йæ уарзт дæр æмæ йæ фыдæх дæр. Уыимæ Нигер у поэт-реалист. Цы уыны æмæ цы хъусы, æвдисы уыдон, уыдонæй кæны хатдзæгтæ, аразы сæ поэтикон фæлгонцтæ. Цард та иугъæдон нæ вæййы — ивæнтæ кæнын йæ миниуæг у. Нигеры поэзийы зынынц уыцы ивæнтæ. Нигер иудадзыг сагъæс кодта аивады æрдз æмæ йæ ныса- ныл. Йæ эстетикæ æнгом баст у этикæимæ. Йæ хъуыдытæ дзырдта куыд йæ уацты, афтæ йæ лирикæйы дæр. Нигермæ гæсгæ, бæрзонд поэзи ис, аив зæлынад, арф æнкъа- рæнтæ («Зæрдæмæ хъары зæрдæйы ныхас») æмæ рухс хъуы- дытæ кæм баиу вæййынц, ахæм уацмысты (уац «Цы у, цавæр у аив литературæ»). Нигер аивадæй домдта рæсугъд формæ (хуыз) æмæ парахат мидис. Аивадæн ис эстетикон æмæ идейон ахадын- дзинад, ис ын æхсæнадон нысан — «адæмы зæрдæтæ раст фæн- дагыл бафтауын». Адæмондзинад — уый у Нигеры эстетикæйы сæйраг æмбары- над. Поэт æрхæссы В. Г. Белинскийы риторикон фарст: «А мож- но ли быть оригинальным, не будучи народным?». Афтæ у Ни- герæн йæхи ахаст дæр аивады æрдзмæ. Поэзийы идеалон хуы- зæг Нигерæн у Къостайы сфæлдыстад: зондахастæй, зæрдæйы уагæй, æвзагæй — Къостайы поэзи у адæмон, æмæ уый мидæг ис йæ аивадон хъомыс. Нигер суанг райдианы снывæста йе сфæлдыстадон про- граммæ, сбæлвырд кодта йæ хæс, йæ нысан. Сæйрагдæр ын у адæмы цард æвдисын, адæмы фарнæн кусын. Уый тыххæй зо- нын хъæуы адæмы истори, сæ цард, сæ бæллицтæ. Æмæ Нигер зæгъы барджынæй: «Æз хъусын нæ Иры сагъæстæ, Æз зонын нæ царды æгъдау». Фæлæ зонын фаг нæу адæмон поэтæн, хъæуы адæмы цардæй цæрын, æмæ зæгъы сæрыстырæй: «Æз уарзын нæ Иры, нæ бæсты, Нæ адæмы стырæй-чысылæй». Нигер хæцы Къостайы традицитыл. Бæлвырддæр кæны йæ хъуыды: бæстыл ын зынаргъдæр сты райгуырæн хæхтæ, адæмæй та — мæгуыртæ, фæллойгæнджытæ, йæ тох у уыдоны бартыл. Поэт мæт кæны йæ цард æмæ йæ куысты нысаныл, сæ миди- сыл. 1916 азы фыссы: «Нæ зонын, куыд уыдзæн мæ цард». Зæрдæ тындзы алырдæм: куы арвы рухсмæ, куы зæххон цинтæм. Уыцы ныхмæвæрдтæ сты царды фæтк, уыдон адæймаджы æвæрынц зын уавæры: хъæуы дыууæ фæндагæй иу равзарын — кæнæ рухсмæ, кæнæ царды цъымарамæ. Уды мидæг цæуы тох, монц- тыл фæтых вæййы рухс хъуыды æмæ уый адæймаджы зын фæн- дæгтыл хоны бæрзонд нысанмæ. «Цы дзурон? Куыд зæгъон?» (1919 аз) — уыцы æмдзæвгæйы æвдыст цæуынц дыууæ хуызы поэттæ: иутæ — бæндæныл кафæг быдзæутæ, кадвæлгъау, æнæмæт дзыхджынтæ, иннæтæ — тохы лæгтæ, рæстдзинад æмæ адæмы сæрхъызойтæ. Дыккæгты номæй Нигер зæгъы: «Мах хъарæгæй зарæм... Нæ разы, куы зарæм, Ъо
уæд дзаг фынг нæ вæййы», уыдон уынынц «рæстуд тыхст лæг» æмæ фæллойгæнæг адæмы. Рухсмæ сидын, куырмæн фæндаг амонын, рыст удæн ныфс дæттын — гъеуый у поэты бæрнон хæс. Уæззау уыд цард. Хъыджы бон нæ фидауы цины зарæг. «Æхсызгон зарджыты тыххæй... æрвыст нæ дæн ныр цардмæ æз» (1916 аз), — фыста Нигер. Йæ фæндыр уыд адæмы зæр- дæйы хъæлæс æмæ рухсмæ хаста адæмы хъыгтæ. Фæлæ поэт кæсы размæ, фидæнмæ, зарæг ныфсдæттæг у, уарзын кæны цард æмæ сиды тохмæ. Уыцы этикон æмæ эстетикон фæтк Нигер зæгъы базырджын ныхасæй: «Ыссæст Ирыстонæн зын бон — æз арвæй уацхъуыдтæ хæссæг». Дзырд «арв»-ы нæй бæлвырд мидис, кæд ын символон нысаниуæг ис, уæддæр. 1930 азы куырыхон поэт фæирддæр кæндзæн йæ историон нысан: «Мæнг хъæргæнæг нæ дæн. Дæн уацхæссæг! О, о, дæн уацхæссæг æрцæуинаг дугæй!» Нигер аивады хуыздæц миниуæгыл нымайы зæрдæбын æнкъа- рæнтæ æмæ рæстдзинад. Иæ фæндырæн зæгъы æмæ фæдзæхсы: «Зон, мæ зæрдæйы тæгтæй дын Сарæзтон тæнтæ, Рафыхтон сæ стæй мæ туджы... Макуы цæгъд мæнгтæ!» Поэты мæт æмæ сагъæс сты адæм æмæ фыдыбæстæ. Нигер уыдонимæ дзуры табугæнæгау, йæ хæс æмбары, афтæмæй: «Ныб- бар мын, Ирыстон, мыййаг кæд дæ рынæй мæ сау зæрдæ искуы бынтон дзаг нæ уыд». Уыцы бæрн поэты разæнгард кодта тохмæ адæмы идеалты сæраппонд. Поэты царды ис трагизмы æууæлтæ. Трагеди у, цæхæр- цæст уари арæх хæдмæлхор сынтытимæ хæсты кæй æрхауы, уый («Æндон сис, зонын æз...»). Афтæ рауайы поэты хъысмæт дæр. Фæлæ трагизмæн ис æндæр аххосæгтæ дæр. Фыццаджыдæр, бæллицтæ æмæ гæнæнты быцæу. Фадат у аразæг. Сфæлдыста- дон куыст æдзух æнтыстмæ нæ кæны. Нигер æрхæндæгæй зæгъы: «Бæрзæндты мæ айсынц мæ сæнттæ, Æрыздæхын састæй æз хæстæй...». Ахæм психологон зын уавæры йæхимæ фæкæсы «зæр- дæйæ — цъæх денджыз, ныхасмæ — къæдзæх». Нæй дзырдамонд фаг, нывгæнæг тырны æгæрон хæрзтæм, æмæ разы нæу йæ ку- ыст æмæ йæхицæй. Нигеры цух нæ уадзы æгъатыр сагъæс — «Нæ бантыст фаг!» Ахæм уавæрæн уыд субъективон мадзалæй уæлдай объективон аххосæгтæ. Уыдонæн ис социалон уидæгтæ, æхсæнадон бындур — бæстон сæ æргом кæнынц æмдзæвгæтæ «Æнкъард дæн æз» (1930), «У фадат — аразæг» (1934), «Иуæй иннæ бон уырыддæр» (1938). Уыдоны ис трагикон зæлынад. По- литикæ поэты зæрдæйыл æвæрдта гуыдыр, æхгæдта йын йæ хъæ- лæс, æмæ йæ рæсугъд фæндтæ æххæстæй нæ рантыстысты цардмæ. Ацы æмдзæвгæты фæзыны ног мотив — поэт æмсе æхссена- ды ахастытæ. Æхсæнад арæх не ’мбары пехуымпары, аргъ нæ кæны йæ хæрзгæнæгæн. Нигер хъыгзæрдæйæ дзуры: «Ам ныл аудæг нæ уыди, Ам нæ зард бæсты нæ цыди...». Уæлдай зын уавæры ис гыццыл адæмы поэт, сагъæссаг у йæ хъысмæт. Уый СЛ§.
ис къуындæг тыгъдады, къуындæг историон фæлгæтты, æмæ дард нæ хъуысы йæ ныхас. Фæлæ Нигеры поэт — йæ лирикон хъайтар — цыфæнды уавæр- ты дæр у хъуыдыгæнæг æмæ тохгæнæг. Уымæ ис æфсарм, сыгъ- дæгæй дары йæ намыс, уый у сæрибар удгоймаг, рæстдзинад æмæ фидауцы сæрхъызой («Æнкъард дæн æз», йæ финал). Уый у иртасæг æмæ философ: «Фæйнæрдæм тарф фæлгæсын æз, Ныгуылы арф мæ цæстæнгас æдзух йæ риуы æрдзæн». Уый æвза- ры советон дуджы æнтыстытæ æмæ рухс фæндагыл уыны Иры- стоны хъысмæт, фæзыны йæм историон æмæ социалон оптимизм («У фадат — аразæг!»). Уыцы зондахастыл баст у йæ уды равг дæр. Цардмæ гæсгæ ивы булæмæргъы зарæг («Æмæ зарыд бу- лæмæргъ нæ донбыл»). Поэты зæрдæйы бацæуы ныфс æмæ йæ къух æнусты сæрты дæтты фидæны фæлтæртæм («Цæуы мæ цард...»). Нигеры сфæлдыстады сæйрагдæр темæ у адæмы уавæр, адæ- мы историон хъысмæт. Поэт уыцы темæ райхалы æмæ нывæф- тыд кæны бирæ хуызты. Сфæлдыстады фыццаг къахдзæфтæ куы кодта, Нигер суанг уæд дæр зыдта «нæ царды æгъдау», зыдта царды ныхмæвæрдтæ æмæ социалон быцæутæ. «Тыхджынтæ æдыхы тугбуар хæрынц», — фыста æвзонг поэт. Бæлвырд æмæ бæстон у Нигеры ахаст адæмы социалон æмæ æхсæнадон уавæрмæ. Ацы хъуыддаджы уыд Къостайы фæдон. Уый дзуры адæмы номæй: «Ныггуыбыртæ стæм уæззау æфсон- дзы бын, Нæ цæгатбос нын ысуæгъдгæнæг нæй; Нæ сæтой хи- цæуттæ нын нæ хатынц нæ зын, Никæмæ хъуысы нæ сусæг дæ- дæй». Поэт хаты Ирыстоны уавæр æмæ сагъæс кæны: Иутæ нæ рæхойынц, иннæтсе ныл худынц... Цымæ ма искуы рæстдзинад и?! Адæмы бартæ хъахъхъæнын, рæстдзинад агурын Нигер скодта йæ царды нысан. Поэт йæхицæн равзæрста æмæ сныв кодта зын, фæлæ арфæйаг цардвæндаг — мæгуыр адæмы сагъæстæ дзурын, иу туг, иу стæг кæимæ у, уыцы фæллойгæнджытæн лæггад кæ- нын. Адæм æмæ Ирыстоны хъысмæтыл ныхас кæм цæуы, уым Нигер у карз æмæ æгъатыр. Поэт бæллы сæрибармæ, фæнды йæ архайын, тырны тохмæ. Фæлæ фадат нæй, æмæ хъизæмар кæны. Адæмæн йæ бон баххуыс кæнын кæй нæ у, уый у йæ сагъæс, йæ тыхсты аххосаг. Поэт азым хæссы йæхимæ дæр, йæ фæлтæрмæ дæр. Ахæм катайæ равзæрд æмдзæвгæ «Нæ бæстыл дæ зæрдæ кæд риссы». Ссæдзаздзыд лæппу уайдзæфтæ кæны мæлгъæвзаг демагогтæн, мæнг патриоттæн. Уый зоны иу æцæгдзинад — «их æмбæхст хурæй нæ тайы», уымæ гæсгæ домы активонæй арха- йын. Йæ удæн зындзинад чи нæ кæны, уый цух у адæмы хъыг- тæй — ахæм у æрыгон поэты этикон хъуыды. Зо
Нигер цардмæ каст æвронг цæстæнгасæй. Уый арæх разы нæ уыд канд йæ фæлтæр æмæ йæхицæй нæ, фæлæ адæмæй дæр. Уымæн æмхуызон æнæуынон уыдысты цагъары уавæр æмæ ца- гъары психологи. Поэт мæсты кæны, æфсондз чи быхсы, тох чи нæ кæны, уыцы фæлтæртæм: «Нæ, нæй нын ацæуæн дунейы рухсмæ, — Нæ цагъайраг туг рухсæй тæрсы!». Ахæм уавæрты йæ хатгай æрфæнды цагъайраг бæстæй атæхын, мæйыл цæрын. Фæлæ Нигер адæмы зынтæй йæхи никуы æмбæхста: «Сæ додо- йаг цардæй нæ лидзын, Сæ нывтæ — æдзухдæр мæ фынтæ, Сæ низæй мæ уды нæ хизын...». 1917 азы ралæууыд тохы дуг. Уæд Нигеры зæрдæйы бацыд ныфс, поэт баууæндыд адæмы хъаруйыл, бауырныдта йæ, рухс фидæн саразынæн фадат кæй фæзынди, уый. Уыцы ныфс æмæ хъуыдытæй равзæрд æмдзæвгæ «Размæ!» (1917 аз). Уый у ныф- сы зарæг, йæ пафос у лæгдзинад æмæ тохмæ сидт. Фыццаг стро- файы автор æвдисы бæстæйы æхсæнадон-политикон уавæр, æвди- сы йæ æрдзы ныв æмæ комкоммæ ныхасæй. Адæм сыстадысты, тохы сæ «цагъайраг туг» (психологи) ивы, рухсмæ цæуынæй нал тæрсынц, — уый у стыр тохы райдайæн. Нигерæн æлдар у æппæт тугцъирты иумæйаг ном. Æртыккаг æмæ цыппæрæм строфаты поэт нымайы тугхорты фыдракæндтæ, æлдарады æвирхъау фæстиуджытæ. Адæмы тугвæллойæ æлдар сырх бæрзæй кæй æвæрдта, уый иу фыдракæнд у. Фæлæ уымæй уæззаудæр азым у адæмы моралон æмæ психологон æфхæрд: цагъарады æфсондзы бын саст адæмы хъару, хуыскъ кодта сæ зонды суадон, тар кодтой адæймаджы æвзонг бонтæ. Гъеуымæн сиды Нигер «æлдарæн тæрхон» кæнынмæ. Уыцы тæрхон хуы- мæтæджы маст исын нæу, уый у рæстдзинад фидар кæнын, уый у адæмы æхсæнадон æмæ историон хъуыддаг. Æмдзæвгæ у фæдисы хъæр. Фæдисæн уыд адæмон рагон традицитæ. Йæ" сæйраг фæдзæхст уыд: «Нæ фехъуыстон мачи зæгъæд!». Уыцы традицийæн бæрзонд æхсæнадон мидис æмæ нысан радтой Къоста («Катай») æмæ Цомахъ («Тохы хъæр»). Уымæй пайда кæны Нигер дæр. Сидт цæмæй карздæр уа, йæ нысан цæмæй адæмы зæрдæтæм арфдæр бахъара, уый тыххæй поэт ссары рæстдзæвин фæрæзтæ. Цымыдисаг у 7-æм строфа: Дæлдзæхæй нæм дзурынц Нæ лæг-нывæндтæ, Сæ ингæнтæ тонынц Нæ сæрхъызойтæ. Чи сты уыцы лæг-нывæндтæ æмæ сæрхъызойтæ? Уыдон сты адæмы бартыл тохгæнджытæ, адæмы сæраппонд йæ цард нывон- дæн чи ’рхаста, уыцы хъæбатыр патриоттæ, адæмы раздзæуæг фæлтæртæ. Мысинаг сты уыдоны рухс нæмттæ, фæзминаг сты сæ кады хъуыддæгтæ — афтæ у поэты ныстуан. Цымыдисаг у аллегорион æмдзæвгæ «Аргъау». Ам фæсно- мыг ныхасæй æвдыст цæуы адæмы тох сæ бартæ æмæ сæ амон- о!°
дыл. Даредзанты хъæугæрон æрцард къулыбадæг ус — хæйрæг, уæлхур налат. Уый хæлдта хъæуы фæтк, æмгæрон нал уагъта бæлццон, давта, кодта хинтæ — сайын, къулбæрзæйæ цæуын, æфсæнттæ кæнын скодта фæтк. Афтæмæй хъæу цыди сæфтмæ. Адæм дзы стыхстысты, лæгъстæ йын кодтой, фæлæ уый нæ саст. Уæд æмвæнд бакодтой æмæ йæ арты басыгътой. Басыгъдысты йæ хинтæ, йæ халæн митæ, йæ фыдбылызтæ. Хъæуы цард сбадт йæ гаччы, адæммæ æрцыд фарн æмæ кад. Уыцы арт у тохы символ. Мидхæсты заман Нигер бахауд царды знæг уылæнты. Ба- хауд урс æфсадмæ. Йæхи хаты «сау зындоны», «сау туджы цады». Йæ судзгæ мæт у Иры хъысмæт. Фæлæ «ирыл сирвæзт сырх зынг», йæ сагсур фæсивæд сæфы мидхæсты быдырты. Тыхст уавæрты Нигерæн йæ иунæг ныфс вæййы Къоста — адæмы æцæг фæтæг. Уымæ сиды, цæмæй раздаха иры рагон амонд: «Раджы, дам, дуне нæ номæй рызти, Хастам бæрзæндты нæ сæр». Нигер уыны адæмы удхар æлдæртты ехсы бын. Хъусы зæх- хы хъæрзын, йæ уынгæг сидын («Хохы»). Иры трагикон уавæртæ Нигер æвдисы «Иронвæндаг»-ы. Адæмы æнусон бæллиц уыди зæхх, æмæ къухы нæ бафтыд, — сæ дзæмбытæ йыл æрæвæрдтой бонджынтæ. Ирон адæмæн табуйаг у мады фарн — ныр дзы хын- джылæг кæнынц, сæфтмæ чи цæуы, уыцы тугцъиртæ. Рухсмæ бæллыдысты адæм, фæлæ сæ фæндаг цæуы ингæны тармæ. Си- дзæры барæвдауын уыд ирон лæджы уæздан æгъдау, фæлæ ныр сидзæртæ сыдæй мæлынц æвæгæсæгæй. Ахæм тар нывтæ уыны æмæ æвдисы Нигер мидхæсты заман. Фæлæ уæддæр цыдæр ныфс уыд поэты зæрдæйы; уырны йæ, ахæм æгады цард бирæ нæ ахæсдзæн, адæм нæ бабыхсдзыс- ты фыдгæнджытæн, æмæ «Додой»-ы сиды фæсивæдмæ, цæмæй ныккæной «тохы рухс зарæг иронау». Нигер федта æмæ бавзæрста адæмы фыдцард æмæ хъизæ- мар, æмбæрста сын сæ тохы нысан. Уымæ гæсгæ зæрдиагæй сæмбæлд революцийы уæлахизыл. 1920 азы ныффыста йæ иууыл хъæлдзæгдæр æмдзæвгæ «Цæр!» Уый уыд ног дуджы гимн, сæ- рибар адæмы цины зарæг. Ксемттæн ссе нарджытæй нал хъуысынц хъарджытæ, Нал кæуы сидзæр сыдæй. Мæгуыры къæхты бын ниуынц йæ марджытсе, Фидынц сæ бонтæ фыдæй. Дунейæн царддæттæг хур у. Кусæг лæджы Нигер фыццаг хатт схуыдта хур æмæ дзыллæйы сæр. Кусæг кæй ссæрибар, уый уыд поэты зæрдиагдæр фæндон, сæххæст уыцы фæндон æмæ дзы сæвзæрд цины зарæг. Нигер уыцы заманы уыд адæмы ныфсæй ныфсджын, сæ ци- нæй — цинджын. Йæ зæрдæйы уагæн хуыздæр æвдисæн — æмдзæвгæ «Хур, о хурзæрин» (1921 аз). Лирикон хъайтармæ ис æгæрон нæртон хъару, сæрибар — йæ зонд, сæрибар — йæ авна- Уо
лæнтæ. Уый рацыд йæ риуæмбæрц, слæууыд сæрыстырæй, табу нал кæны суанг Хуыцау æмæ зæдтæн дæр. Уый у хъуыдыгæ- нæг, агурæг æмæ аразæг. Фæнды йæ зæххы зæрдæмæ ныккæ- сын, йæ сусæгтæ бамбарын, йæ урс æхсырæй баназын. Уымæн «Марсыл дæр ис цъæх галуантæ». Цыма, ХХ-æм æнусы наукæ цы стыр хъуыддæгтæ байгом кæндзæн, уыдон поэт йæ зæрдæйæ æнкъардта, афтæ зæлынц ацы рæнхъытæ. Æмдзæвгæ дзаг у тохы пафосæй. Хъæлдзæг зæрдæйы уаг бирæ нæ ахаста Нигерæн. Хъуыды- гæнæг поэт лæмбынæг каст цардмæ æмæ дзы уыдта хæрам митæ. Бирæтæ фæхæст сты царды рохтыл æмæ аразынц сæхи амонд, ницæмæ дарынц адæмы хъуæгтæ. Нигер алцыдæр йæ зæрдæмæ иста арф: циныл æгæр цин кодта, хæрамæй æгæр рысти. Уый бамбæрста хицауад æмæ мæгуырты ахастытæ. Тыхстæй дзуры: «Мæгуыр дæ, о! Мæгуыр, мæгуыр дæ!» (1922). Æгад — йæ ном, йæ куыствæллойæ чи цæры, уыдон æрмæст æфсæстæй кæнынц йæ кой — йæ былтæ йын айсæрдынц йæхи æйæ. Фыргуыстæй чи рафтыд, æвæгæсæгæй чи бабын, ахæмы хъысмæт нывгонд æрцыд «Мæгуыры мæлæт»-ы дæр (1922). Фæлæ ног хицæутты бухъцард æмæ адæмы мæгуырдзинад иууыл ирддæрæй æвдисы æмдзæвгæ «Дæу цы домы!» (1922 аз). Иуæрдыгæй уынæм адæмы удхайраг куыст, сæ уæззау тухитæ, сæ мæлæт зæй æмæ тымыгъты бын, иннæрдыгæй — æнæмæт бон- джыны æвæлмон цинтæ. Поэт карз уайдзæфтæ кæны ног заманы «æлдæрттæн»: Ды цы уыныс, дæу цы домы: Галуан — райдзаст, хъарм, сыгъдæг. Къух нæ атулдзынæ доны, Фæндаг — раст æмæ быгъдæг. Суг дын ласт, хæринаг — афтæ... Гауызтæ, дари, бæмбæг... Бон-изæрмæ хъазгæ, кафгæ, Уалдзæгау дын у зымæг. Ахæм уавæртæй поэты зæрдæйы æвзæрд бирæ маст, нæ йын уыд бауромæн æмæ алы хуызты зынди Нигеры сфæлдыстады. Поэт йæхæдæг зæгъы: «Зарæг дзаг фынгыл æмбæлы, Заргæ буц цардæй кæнынц». Æндæр ран загъта: «Мах хъарæгæй зарæм». Фæлæ уыимæ поэт уыдта царды ивæнтæ, ног æхсæнады æнты- стытæ. Хуыздæр кодтой царды уавæртæ, æрнывыл сты адæмты ахастытæ. Уыцы æцæгдзинадæй равзæрд æмдзæвгæ «Прометейы сынтæг» (1930 аз). Уацмыс гимнау райдайы бæрзонд, патетикон ныхасæй, поэт кад æмæ цыт кæны, тохы сæрибар чи ссардта, уыцы адæмтæн. Мах — хæхты цот — нæ сау ныккæндæн Йæ дуар ныссастам. Уæд нын цыт!.. Сæрибар — уый йæ сæр нæ фæндæн, Сæрибармæ куы у нæ цыд. ы2
Поэт æххæст хуызы цы уыны йæ бæллицтæй, уый у адæмты хæлардзинад. «Æнусон изгард аци рох», адæмтæ раздæр кæрæд- зи туг кæм калдтой, уыцы зæххыл колхоз хизы йæ дзугтæ, уым рæзы æмæ æхсиды цард. Ахæм уавæр уыд дуджы æцæгдзинад. Æххæст хуызы ма поэт уыны къонайы хæлд æмæ рæхысы раппæрст. Къона æмæ рæхыс сты зæронд царды символтæ, сæ сæфт ацы контексты нысан кæны ног æгъдæутты æнтыст, рухса- ды уæлахиз. Мотив цæуы «Интернационал»-æй. Фæлæ æмткæй Нигер зæронд царды материалон æмæ монон бынтыл нæдæр былысчъил кодта, нæдæр хъоды. Поэт табугæнæгау каст клас- сикты аивадон бынтæм, адæмон сфæлдыстадмæ. «Прометейы сынтæг»-æй æртындæс азы фæстæдæр «Мæлæг æфсæддоны фæдзæхст»-ы Нигер «сау рæхыс» хондзæн «рагон фыдæлты ном, кад»; къона йын уыдзæн ирон цард æмæ фарны символ. Ниге- рæн фыдæлты ном æмæ кады нысæнттæ æдзухдæр уыдысты зынаргъ æмæ æхсызгон мысинаг. Хъуыдытыл æфтауынц æмдзæвгæйы æндæр рæнхъытæ. Адæмтæ атыдтой сæ рæхыс, ныссасгой сау ныккæнды дуæрттæ, фæлæ — «Сæрибармæ куы у нæ цыд». Поэтмæ гæсгæ, адæм ныр- ма фæндагыл сты сæрибармæ балцы. Ахæм хъуыды цыди офи- циалон идеологийы ныхмæ. Поэт бæллы «джауыр тыхтонайы» сæфтмæ. Тыхтона бынтон нæма фесæфт, нæма скуынæг сты хæрамы уидæгтæ. Уый уыд карз æцæгдзинад æмæ йæ Нигер дзырдта æхсарджынæй. Поэт бæстон иртæста иу хабар: бартæ æмæ сæрибар иу не сты. Уымæ гæсгæ авдæны сабийæн фæдзæхсы: «Цард хæст у, хæцын дзы базон». Поэт зоны: алы адæймаг нæма у ифтонг рæ- сугъд бæллицтæй, бæрзонд нысан æмæ уæздан хъуыдытæй, æмæ царды ис æмæ уыдзæн трагедитæ. Фæлæ Нигер зыдта æндæр хъуыддаг дæр: арæзтадон æмæ сфæлдыстадон куысты куырда- дзау сыгъдæг кæнынц зонд æмæ удыхъæд, уым адæймаг ссары æцæг сæрибар. Сæрибар фæллой, сæрибар куыст адæймаджы уд æмæ цард куыд ивынц, уый та Нигер бæстон равдыста 1937 азы «Æндæр Хъуыбады»-йы. Нигер цард æмæ адæмы уавæрмæ каст философийы цæстæй, фæлæ сæ æвдисгæ та кодта лирикы фæрæзтæй — аивадон фæл- гонцтæй. Критиктæ поэтæй домдтой хъуыдыты бæлвырд системæ, зондахасты рæзт: ахæм домæн амыдта ивгъуыд цард фауын æмæ советон цард стауын — иугæндзон æмæ хъæлдзæгæй. Ахæм «эс- тетикон» домæн уыд лирикæ марæн. Боныхъæд кæнæ афæдзы афонтæ куыд ивынц, зæрдæйы уаг дæр афтæ ивы, лирикæ та у зæрдæйы уавæр æвдисæн. Æнæмæнг, 30-æм азты, суанг 1937 азы онг, Нигеры сфæлдыстады фæарæхдæр сты хъæлдзæг æнкъа- рæнтæ, райдзаст нывтæ. Сæ цинджындæр у æмдзæвгæ «Уадз хъуысæд мæ зарæг». Поэт йæ зарæг кæны йæ бæстæйы кад æмæ радæн, зары «йе ’нтыст, йæ рæзтыл», йæ риу дзаг у хурæй, фер- вæзт йæ зынтæй. Уацмыс цырын у оптимизмы пафосæй: фесæфт сау бон, «нæй цардæн æртасæн кæлæн æмæ хинæй». 1 13о
Æмдзæвгæ у юбилейон, юбилейон ныхас та дзаг вæййы цин æмæ гиперболæтæй. Поэт цардæй иудадзыг уæлмонц уавæры кæй нæ уыд, уымæн æвдисæн — трагикон æмдзæвгæ «Иуæй иннæ бон уырыддæр» (1938). Æмткæй Нигеры лирикæйы адæмы цард æвдыст цæуы исто- рион рæзты. Поэт царды уаваертæ æвзæрста бæстон æмæ дзы уыдта бæлвырд перспективæ. Йæ куыстыл, æнæмæнг, фæзынд паддзахадон идеологи: арæх ныхæй-ныхмæ æвæрдта ивгъуыд дуг æмæ ног заман («Æмæ зарыд булæмæргъ нæ донбыл»), фæлæ уыцы контраст уыд историон æмæ социалон æцæгдзинад, уый уæлмонц кодта Нигеры, поэт æууæндыд йæ адæмы фидæныл æмæ «зарыд зарæг абон æмæ сомæн». Нигеры бирæтæ хуыдтой поэт-философ. Поэт цард æмæ ис- торимæ каст, куыд иртасæг, афтæ, царды фæзындтæн æвзæрста сæ аххосæгтæ æмæ сæ фæстиуджытæ, кодта сæ хатдзæгтæ. Йæ хицæн уацмыстæ ныфсджынæй ахæссæн ис философон лири- кæмæ. Поэты социалон æмæ историон зондахаст парахатæй æвди- сынц 1934 азы фыст æмдзæвгæтæ «Нæ тæрсын æз» æмæ «У фадат — аразæг!» Дыууæ уацмысы дæр, Нигерæн бынтон ног чи уыд, ахæм хъуыдытæ дзæвгар нæй, — сæ сæйраг мотивтæ алы хуызты нывæст æрцыдысты æндæр æмдзæвгæты. Фæлæ адоны авторы сагъæстæ сты æмбырдгонд, сты парахат æмæ æппæтвæрсыг. Поэты æхсанадон бæллиц уыд адæмы сæрибар, йæ этикон идеал уыд сæрибар адæймаг. Уыцы дыууæ нысаны сæраппонд уыдысты йæ цард, йæ куыст, йæ хъуыдытæ. Йе сфæлдыстад райдайæнæй кæронмæ æвзæрд æмæ рæзт уыцы фарсты фæдыл. Зæгъæн ис, æмæ сæрибарыл сагъæс у Нигеры сфæлдыстады сæйраг мидис, йæ идейон пафос. Уыимæ поэтæн социалон æмæ удон сæрибар сты æмбаст, уыны сæ æнæхæлгæ иудзинады. Нигерæн æнæуынон уыд цагъардзинад. 1916 азы фыста: «Нæ, нæй нын ацæуæн дунейы рухсмæ, — Нæ цагъайраг туг рухсæй тæрсы!» Ахæм æгад уавæр быхсинаг нæу. Аппарын хъæуы ца- гъары æфсондз, аивын хъæуы цагъары психологи, — уыцы фæ- дзæхст уыд поэты сæйраг ныстуан, уый сæраппонд сидти «Размæ!» Лæджы фыртæн зопгуытыл табу нсе кæнын, Аргæвд мæ, амар мæ фæлтау. Адæймаг тохæн у, сæрибар — йæ намыс, сæрибар — йæ тых æмæ йæ амонды суадон. Поэт фæдзæхста ирон лæгæн револю- цийы хæдразмæ: «Фæхъæбæр кæн, мардзæ, дæ зæрдæ, Дæ сæ- рыл бæрзонддæр ысхæц!». Поэты арæх æрфæнды дымгæ фес- тын æмæ дардмæ фæтæхын цагъайраг бæстæй. Фæлæ уымæн ис æрмæст иу мадзал — тох, æлдарæн йæ уд сласын, цагъарады æхсæнад фехалын. 1920 азы Нигер сидт: «Тох сæрибарыл кæд- дæрид, Мардзæ, фæсивæд!..». Арфæ кæны, цагъайраг дуг чи халы, уыдонæн. Ы4
Поэтæн адæмæй æппæты зынаргъдæр уыдысты рæзгæ фæл- тæр, сабитæ. Уый куры хурæй: «Барæвдау сæ сонтæй, Бахиз сæ æлдарæй. Кæстæртæн мæ бонтæ Æз дæттын хæларæй». Нигер йæхицæн куыд фæдзæхсы сæрибар уарзын, афгæ кæстæртæн дæр: «Сидын сæм: сæрибар Уæд сæ риутæн адджын. Царды фæнд — сæхи бар. Уæнт сæ дуджы барджын...». Сæрибары гимн у æмдзæвгæ «Æз цагъайраг нæ дæн!» Сæв- зæры фарст: цæмæн бахъуыд Нигеры 1928 азы ахæм деклараци? Уæд советон фысджытæ æмдзыхæй дзырдтой: æрцыд цины дуг, «лæг — сæрибар, зæхх — уæрæх». Нигер нæ цин кæны. Нигер уыны царды хъæнтæ, уыны хæрам, уыны иуты хъаны цард æмæ иннæты гæвзыкдзинад, нæ быхсы хицæутты (ног «æлдæртты») æгæрон бартæ (комчванство, комхамство), разы нæу хуымæ- тæг адæмы дæлдзиныг уавæрыл. Йæ уацмыс у протест, сиды тох. Поэт, цыма ард хæры, афтæ зæгъы: Æз цагъайраг нæ дæн. Æз нæ хæссын къæлæт, Фæлтау дардыл мæ туг Донау уайæд, кæлæд! Æмдзæвгæ у монолог. Фæлæ йæ автор дзуры кæмæндæр, быцæу кæны, йæ ныхмæ чи лæууы, ахæм персонажимæ, дзуры йæм комкоммæ: «Ды нæ зоныс, сæрæй...». Уымæн поэт æвдисы йæ хъысмæт, йæ уаг, йæ зонд æмæ йæ царды нысан. Поэт мысы йæ уæззау сабидуг, йæ мады цард, йæ фæдзæхстытæ. Мады уарзт æмæ фæдзæхст табуйаг сты, уыдон адæймагæн сты тыхдæттæг, хынцинаг æмæ æххæстгæнинаг. Монологы фæзыны мады зарæг — уацмысы иу хай. Уый у авдæны зарæг. Баиу вæййынц зарæг æмæ хъарæг, афтæмæй тыхджын кæнынц уацмысы лиризм. Тыхст ныййарæг сабийæн дзуры йæ хабæрттæ, йæ фыды уæззау хъысмæт. Фыд уæззау куыст кодта, фæлæ цæрынхъом нæ уыд, бинонтæ — мæгуыр æмæ æфхæрд. Сæ хъизæмар царды аххос уыд цагъайраг дуг. Уымæ гæсгæ мады сæйраг ныстуан у тох кæнын, æлгъыст дуг фехалын, тугцъиртæй маст райсын: Айрæз, байрæз, мæ хур, Акæн дзидзийы хъуыртт, Кæд дæ фыдæлты туг Тохы райсис, мæ фырт! Лирикон хъайтар нæ рох кæны уыцы уаз фæдзæхст, мады зарæг æмæ хъарæг æдзух уымæ сидынц тохмæ. Уый паддзахы заманы дæр зонд æмæ удæй уыд сæрибар. Революцион тохы райста бартæ. Ныр сыл хæцы фидар, нал сæ ратдзæн, фæлтау ссардзæн мæлæт. Цагъарадыл хъоды кæнын, сæрибар хъахъ- хъæнын — уый у уацмысы идейон мидис. Сæрибары темæ æдзухдæр уыд æмæ у актуалон. Уæлбартæ æмæ дæлбартæ кæм ис, уым нæй сæрибар, уым вæййы социалон быцæутæ, сæрибары зарджытæ æмæ хъадамантæ. Советон хица- 15о
уад нæ бæстæ хуыдта сæрибары дуне, фæлæ дзы нæ уыд æххæст сæрибар. Æлхъывд цыди сæрибар сфæлдыстад, карзæй карздæр кодта цензурæ. Уый аивадмæ æмгæрон нал уагъта сагъæс æмæ катай, домдта цин æмæ иувæрсыг рæстдзинад — царды рухс фарс æвдисын, йæ талынг фарс æмбæхсын. Бирæ сфæлдыстадон кус- джытæ бахаудтой уæззау, трагикон уавæры. Афтæ уыд Нигеры уавæр дæр. Æмæ равзæрд трагикон æмдзæвгæ «Æнкъард дæн æз...» (1930 аз). Уацмыс у дунейы по- эзийы бæрзонддæр æнтыстытæй иу. Автор дзуры, курдиат æм кæй уыд, стыр фæндтæ кæй кодта, фæлæ йын кæй нæ бантыстысты, уыцы хъыгтæ. Поэт йæхи хаты рæхысбаст Прометейы уавæры: Мæ цæнгтыл ис рæхыс, рæхыс — мæ къæхтыл, мæ зæрдæйыл — гуыдыр, мыхуыр — мæ былтыл... «Æнкъард дæн æз. Тыхст у мæнæн мæ зæрдæ-» — уый у Бай- роны æмдзæвгæйы рæнхъ, зындгонд у Лермонтовы тæлмацæй — «Душа моя мрачна...» Ирон поэт æй райста барæй, фæлхат æй кæны 4 хатты. Байрон — дунейы хъыгты поэт (выразитель миро- вой скорби), Нигер дæр — хъыгты поэт. Гарольды пæлæз (хъыг- ты символ) хæссы хæххон фыййау дæр. Цард алыран дæр рæзы быцæутæй, дзаг у хæрæмттæй, чъизи хъуыддæгтæй. Уарзты ивы фыдæх, æууæнкыл тых кæны сайд. Æнусон сты æрмæст Тыгъд æмæ Афон (пространство и время), уыдон аныхъуырынц адæй- маджы. Фæлæ адæймаг, цы рæстæг ын лæвæрд ис, уый хъуамæ фæцæра сыгъдæг æмæ рæстæй, сæрыстыр æмæ сæрибарæй. Поэт бæрзонд сисы ныфс, рæстдзинад æмæ сæрибары идейæ: Æрмæст ма уый зæгъын: кæдмæ кæса мæ цæст, ингæны сыджыт мæ нылхъива цалынмæ бынтон, уæдмæ æз дзурдзынæн æргом рæстдзинад дунетыл хъæрæй. Æмæ сæрæй æз не уркувдзынæн никæд, нæ, лæджы фыртæн. Æлдармæ макуы ратт дæ бар, сæргуыбырæй дæхицæн адджыи ма кæн цард, фæлтау — мæлæт! Гъе, уый фæдзæхсын æз, кæд мæм ис хъусæг, уæд. Æмдзæвгæйæн ис оптимистон кæрон. Нигеры уырны, хъу- сæ^ æм кæй уызæн, йæ фæдзæхст адæм сæ зæрдæмæ арф кæй айсдзысты, уый: «Мæнг хъæргæнæг нæ дæн. Дæн уацхæссæг æрцæуинаг дугæй!» сл!6
Нигер уыд сæрибары зарæггæнæг. Йæ царды кæрон сæрыс- тырæй зæгъдзæн, цæрæнбонты цы ныфс æмæ цы намысæй цард, уыдоны сæйраг нысан: Æз нсе хастон къæлæту æз нæ уыдтæн цагъар, Æз сæрибар мæ уды йас уарзтон. Кæд-иу искуы, мыййаг, мæ цард нал уыд мæ бар, Уæддæр зæхмæ мæ уæраг нæ уагътон. Нигер арф сагъæс кодта царды нысаныл. Суанг 1916 азы æрæвæрдта поэт уыцы фарст йæ разы æмæ зæгъы: «Нæ зонын, куыд уыдзæн мæ цард». Зæрдæйы конд афтæ у, æмæ, иуæй, арвмæ тындзы — рæсугъд æмæ стыр хъуыддæгтæ кæнынмæ, ин- нæмæй йæ «фæфæнды цæрын, фæхъазын, фæнуазын, хæрын». Дыууæ фæндонæй кæцы фæуæлахиз уыдзæн, уымæ гæсгæ рæзы удгоймаджы цард, йæ мидис, йæ ахадындзинад. Нигер æппæты стыцдæр кад кæны фæллойгæнæг адæйма- гæн («Фæллойгæнæг»). Иæ удхæссæг сты хъалтæ, йæ цард цинтæ æмæ хъазыныл чи хардз кæны, уыцы магусатæ. Уыдоны ныхмæ поэт æвæры, зæрдиаг куыстæй бæркад чи хæссы, ахæм адæй- мæгты. Нигер аразæг адæймаджы бары хуримæ («Хурмæ»). Хур дæтты царды хос æрдзæн, рæвдауы алкæй, уæддæр нæу хъал, йæхицæн ницы домы, æппæтдæр — дуне æмæ адæмæн. Адæймаджы рæсугъд кæнынц йе ’фсарм æмæ йе ’гъдау, æнæ- мæлæт æй кæнынц йæ куыст æмæ йæ хъуыддæгтæ. Цъити батад, фестад дон, фæлæ уый йæ мæлæт нæу, уый йæ ног цард у — удыхос хæссы халсæрттæн, зæххæн («Ма тæрс, цъæх цъити!»). Мардæй кæуинаг вæййы, йæ фæстæ хорз бынтæ чи нæ уадзы, уый. Ахæмты ныхмæ Нигер æвæры æхсæны лæгты, фæллойгæн- джыты, йæ зонд æмæ йæ тых «нæ адæмæн рухсмæ фæндагæн» чи ратты, уыдоны («Сынты уæлхъус»). Хæрзгæнджытæн нæ сæфы сæ ном, цæрынц сæ хъуыддæгтæ, сæ кад, сæ намыс. Куыст æмæ зонд сты адæймаджы стырдæр хæрзиуæг. Поэт уæлмонцæй зæгъы «Кончитæ Мало»-йы: «Дæуыл кæнын кадæг æз, аразæг зонд!» Зонд æмæ куыст, — адæймаджы æнæмæлæт æмæ Хуыцауы æмсæр чи кæны, ахæм фæрæзтæ. Уыцы хъуы- дыйыл арæзт у æмдзæвгæ «Ызнон цыма уыд уый»: Цыбыр у цард! Фæлæ йæ бонтæй ма бар, Уый бонтæй баргæ нæу, фæлæ фæллойæ. Дæхи йæ цырынмæ, йæ арфмæ бахъар, Æмæ дæ фæззæджы уыдзынæ хызт фæсмонæй. Дæхи йын ратт, æмæ дын уый дæр ратдзæн Дæ бæсты фарн, дæ адæмæн йæ хорзæх, Мæрдон рæстæг уæлæуыл бонтыл бафтдзæн, Æмæ дæ цард сæдæ уыдзæни хорзæй! Нигеры курдиат æдзухдæр æмхиц уыд эпикон сфæлдыстадмæ. Поэт поэмæйы жанры фыццаг фæлварæнтæ кодта 20-æм азты (æрдæгфыст поэмæ «Замирæ»). Уыцы дæсазоны кæрон фыст 2* 12о
æрцыд «Мулдар». Фæлæ Нигерæн уæлдай «бæркадджындæр» уыдысты 30-æм азтæ: уæд фæд-фæдыл цыдысты поэмæтæ «Гыц- ци», «Терчы цур», «Бадилон симд» æмæ æндæртæ. * * * 30-æм азты Нигер йе ’ргом тынгдæр аздæхта адæмон сфæл- дыстадмæ. Фыста: «Æз цæуын, æвзаджы дæснытæ цы ’рттиваг галуантæ сарæзтой, уыдонæй æмæ мæхицæн аразын халагъуд поэзийы æвидигæ суадоны цур. Уыцы суадонæн йæ ном у «Адæ- мон сфæлдыстад». Кæй зæгъын æй хъæуы, Нигер æвзаджы дæс- ныты галуанæй никуы ацыд, классикты традицитыл уæлæхох никуы сси, фæлæ, фольклормæ парахатдæрæй кæй бавнæлдта, уый æцæг у. Фольклоры æндæвдад уæлдай тынгдæр фæзынд йæ кадджытыл. «Уæхатæджы фырт чысыл Гуыйман», «Сатай-хан», «Æмзораты чысыл Æмзор æмæ Дзлаты сау рæсугъд», «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау» — ацы уацмыстæн сæ сюжеттæ, сæ фæлгонцтæ ист сты адæмон сфæлдыстадæй. Нигер уыд йæ дуджы зынгæдæр ирон поэт. Уый уыд хъо- мысджын нывгæнæг æмæ хъуыдыгæнæг. Поэт лæмбынæг каст йæ рæстæджы æууæлтæм, уыдта социалон быцæутæ, æвзæрста царды фæзындты мидис, сæ аххосæгтæ, сæ рæзты уавæртæ. Уый уыди тохгæнæг гуманист æмæ сæрыстырæй фыста: «Æз — хи- цау, æрдзы хицау! Мæ ном — адæймаг. Цы диссаг рæсугъд дзырд у «Адæймаг». Цы хъару, цы ныфс дзы хъуысы, цы?!» Нигер уыд сæрибары зарæггæнæг, уацхæссæг знон æмæ фи- дæнæй, æвдисæн йæ рæстæгæн. Уый цард æмæ куыста адæмы сæраппонд, бæллыд Ирыстон æмæ адæмы амондмæ, йæ фæстаг фæдзæхст уыд: Мæ Ир, мæ уарзон бæстсе, Дæ ном, дсе фарнмсе дзурын: Бындурон усент дсе риуыл Дæ байзæддаг, дæ хъæстæ! Джыккайты Шамил с^о
ÆМДЗÆВГÆТÆ ÆЗ УАРЗЫН НÆ ИРЫ Æз уарзын нæ Иры, мæ бæсты, Нæ адæмы стырæй, чысылæй. Фылдæр та — нæ цъитиджын хæхты Æмæ сыл чи фегуырд мæгуырæй. Сæ додойаг цардæй нæ лидзын, Йæ нывтæ — æдзухдæр мæ фынтæ, Сæ низæй мæ уды нæ хизын, Нæдæр сын фæуарзын сæ хъыгтæ. Æз кувын: о Уастырджи, д’ арфæ Æруадз-ма дæ кувæндон рæгътыл. Фæзын-ма ныр, о хуры рухс тын. Нæ хъæбæр, сауайнæг тар хæхтыл. УАЛДЗÆГ Мит фесæфт, их тайы нæ хæхтыл. Æртахтысты, зарынц нæм мæргътæ. Фæхæцыди дзаг цæст нæ рæгътыл. Фæпырх ысты сæрвæты сæгътæ. Хур бæрзондæй хъарм тынтæ уадзы, Бæгъæввад, бæгънæг дæр æрцардис: Хуыскъæлæй йæ уæлдæйттæ уадзы (Йæ нæртон кусæрттаг ыснард ис!). Мæ зæрдæ уæрыккау ыскафыд, Ныззарыд сæрибары зарæг... О, мæнæ та уалдзæг æрбафтыд, Нæ уалдзæг — мæгуыры рæвдауæг!.. *Зо
ÆФСАТИ Арвыл ысхъазыди хуры цæст — рухс хæссæг, Даргъ тынтæ раскъæрдта хæхтæм, уæд быдыртæм. Зæронд лæг сырддзарм кæрц уæнтыл æрытыдта, Сабыргай араст и уæлхохы къуыбыртæм. Дардмæ фæлгæсы, фæйнæрдæм бæрæг кæны: Рагæй сæ нал федта зæронд йæ сионты. Абон бæрæгбон у, хъуамæ сæ бахынца. Раджы, хæрз раджы, сыхъал кодта бинонты. Бахызти айнæгæй, дуры сæр абадти, Дæгътæм фæлгæсы йæ сæгъты сæныччытæм. Сабыргай базары æхсæрдзæнты хъæрмæ, Зивæгæй акæсы арф комы цæуджытæм. Мидбылты бахуды, сысты, фæцæйцæуы, Хъæлсытæм акæсы айнæджы хъæлæсты: Дзæбидыр сыкъатæй гуыпп кæны дуртимæ, Сæгуыттæ сагтимæ ахъазынц цъæх фæзты. Акасти дарддæрмæ сау хæхты хæд оынмæ, Рухс цæстæй акасти уæнгрæуæг сычъитæм. Уалынмæ ауыдта: цуанон къæмбырыл Тагъдгомау февнæлдта авджыдзаг, чъиритæм. Лæдзæг æрсагъта, йæ топп ыл æрцауыгъта, Кувинаг сау къæйыл буцгомау авæрдта, Йе стыр фæлтæрд къухæй авджы дзых асæрфта, Стæй дын уæд даст сæрæй сæгъдзарм худ фелвæста. «О, зæронд Æфсати, ракæс мæм, рафæлгæс, Кувæг цуаноны рахизмæ бафæдзæхс, Райсом раджы мын дæхи та фæрæдау кæн, Хъæлзæнг сионтæй мын иу та фæлæвар кæн». Афтæ ыскуывта йæ фæдзæхсæг дуагмæ, Кувинагæй дæр, куыд æмбæлы, сахуыста. Чъиритæ, авджыдзаг авæрдта хызыны Æмæ йæ гæрзтæ йæ уæлæ æрцауыгъта. «О, уарзон цуанон, — зæронд æм радзырдта, Де схæццæ базыдтой абон мæ сырдтæ та. Иучысыл раздæр дын де ’мбæлтты асырдтон, Фæлæ дæуимæ нæ халын мæ дзырдтытæ. Дзырд ис цуанонæй: чъиритæ, авджы дзаг, Хъуамæ стæй алыхатт радта æмбæлæггаг, Зонæд æй — уæд уый æмбæлд у мæ хорзæхыл. Ды дæ хæс фидаг дæ, — сионтæ д’ амæттаг». Цæхæрцæст бафале айнæджы хъæлæстæй, Фæсрындзæй бакасти къæдзæхы рæбынмæ... Кæмттæ ныццарыдтой хъримаджы гæрахæй. Зæронд та араст и аходæн хæрынмæ.
* * * Æхсызгон зарджыты тыххæй, Фылдæр цæмæй кæнынц намыс, Æрдзы — фæлдисæджы — тыхæй Æрвыст нæ дæн ныр цардмæ æз. Мæгуыр адæм — мæ мад, мæ фыд, Æдых нырма — нæ зæхх, нæ цард. Æмæ сæ сагъæстæ, сæ фыд Мæнæн куы сты мæ хуыздæр зард. Мæгуыр Ирыстонæн нывонд — Йæ урс сæрæй бæттын мæ ард — Кæнын мæ зæрдæ ’мæ мæ зонд, Мæ куынæг бон, мæ цыбыр цард. ХÆСТЫ БЫДЫРЫ Махау се знæгтæн, Афтæ æнæбары, Тугисæг фæуой, Нæ цард нын чи халы. Байрæзтæн мæгуырæй, Цард нæма федтон, Нартхоры кæрдзынæй Мæхи нæ бафсæстон. Мæ зæронд фыдæн Йæ уæззау æргъом Ме ’ккоймæ райсон, Мæхицæн куыд загътон, Афтæ мæм бадзырдтой: «Рабыр, æнæмыггаг, Хæстмæ, æфсады... Цагъайраг оæстаг...». Æз дæр рараст дæн, Цы бон мæ уыди! Æмæ байсæфтæн, Мæ хæдзар байхæлди: Сау зилгæ нæмыг мын Мæ риу басыгъта, Игæртæй ахызт, Уæнтæ срæдывта.
Уазал удхæссæг Мæ разы ’рбалæууыд. Мæ риу мын нылхъывта, Мæ хурхыл бахæцыд. Мæлæтæй нал тæрсын, Нал мæ ныууадздзæни, Фæлæ мын мæ цæстытыл Чи æрхæцдзæни? Сау сыджытæй мæ Чи ’рбамбæрздзæни? Мæ марды уæлхъус Чи æркæудзæни? Хæрзбон, Ирыстон, Нал дæ фендзынæн, Дæ цæугæдонæй Нал баназдзынæн. О мæ мадыхай, Байсæфт дæ фæллой... Цытæ кæндзынæ, Куы дæм бадзурой: «Дæ иунæг хъæбул Ызнаджы фæрцы Дзæгъæл быдыры Йæ туджы мæцы». Уастæн, се знæгтæн, Махау, æнæбары Тугисæг фæхæтой, Нæ цард нын чи халы! РАЗМÆ! Хур арвыл куы хъазы, Фæтынгдæр и бон. Цагъайраджы дугæн Æрцыди кæрон. Кæм ыстут, лæппутæ! Цæмæй ма тæрсут?!. Æрцæут, — ысласæм Æлдарæн йæ уд!
Сырх бæрзæй æвæрдта Нæ тугæй сæтой. Йæ сæрæй йын сисæм Нæ удты фæллой! Хуыскъ кодта йæ уæзæй Нæ тугдадзин, зонд. Нæ сонт-иу йæ хъæрæй Æрбаци зæронд... Фæзын-ма, цы хуыссыс, Æлгъыстдзыд хæххон! Фæзын-ма, ныккæнæм Æлдарæн тæрхон. Фæдисхъæр фæцыди, Нызмæлыд нæ ком. Куы бамбæхсай барæй, — Æлгъыстаг — дæ ном! Дæлдзæхæй нæм дзурынц Нæ лæг-нывæндтæ; Сæ ингæнтæ тонынц Нæ сæрхъызойтæ. Сæ дæндæгты къæс-къæс Æлдарыл цæуы. Æлдар дæр ыстасы, Æлдар дæр кæуы... Кæм ыстут, лæппутæ, Æрцыди нæ дуг! Гъæйтт, размæ! Ныккалæм Æлдарæн йæ туг! ФЫН Æз федтон мæ фыны нæхи хохбæстæ. Æнæ худæй бадтæн нæ хъæуы фæстæ. Æнæвгъау мæ хъæбысмæ цæссыг мызти, Мæ зæрдæ фырмæстæй ыскъуыди, рызти. Нæ цæгатмæ кастæн, — нæ цæгат ныссау, Хæрз талынг фæззыгон хæххон æхсæвау. Фыдæлтыккон уымæл нæртон хизæнтæ Куы сысты ныр иууыл цъæх дуры цæндтæ. Æдзынæгæй кастæн: нæ хъæды зæнджы
Хызтысты къæрцхъусæй дыууæ сæныччы. Рæдывтой, æхсыдтой мæцкъуыйы хъæдтæ. Бæрæг у — нæ фесты кæрдæджы хъæстæ. Сæ сæрмæ та фæзы, æртæ лæппуйы Сæ худтæй куы ахстой цъæх гæлæбуйы. Нæ сыл уыд хæлæфтæ, бынбæгъæввæдтæ; Сæ нарæг астæутыл — фæсалын рæттæ. Уыдысты цъыхыры сæ мæллæг зæнгтæ. Сæ къæрид кæрцытæ — лыстæг кæрдæнтæ. Сæ цъæхахст, сæ хъæрæн нæ уыди кæрон, Сæ къуыззиттæй арыдта уазал сау ком. Сæ фарсмæ — цъыфласæн, йæ былтыл — ызмис, Уым иу ус æрласы хуычъыты куырис. Сæ тæккæ бын, донбыл, æндæр мæгуыр ус Къуымбилтæ куы тауы: нæ йын кæнынц хус. Йæ комкоммæ иукъорд бæгъæмсар лæджы Æгуыппæгæй абухынц бур æлыджы. Сæ цуры та бирæ чындздзон чызджытæ Æккæйттæ куы кæнынц уæззау тæсчъытæ. Мæ цуры та сабитæ ихсыд саппыл Цæрддзу кæнынц иумæ цъæх лæджирттæгыл. Кæмæн дзы йæ къухы — кæрдзыны къæбфр, Кæмæн та, мæгуырæг, хуычъыйы бур сæр... Мæхи сæм æрцæйластон галиу фазыл... Уалынмæ фехъал дæн... Уымæл базыл Мæ цæстысыг донау ызгъордта, мызти, Мæ зæрдæ фырмæстæй ыскъуыди, рызти. ХУРЫ ТЫН Бон бæлвырд фæцъæх. Райхъал ис нæ зæхх. Йе ’ргом хуыз фæзынд. Базмæлыди сындз. Цъиутæ дзы тæхынц. Арвыл хур ысзылд. Дзуры мæм бынмæ Лæгæтмæ мæнмæ Худгæ хъæлæсæй: «Райхъал у, лæгай, Диссæгтæ фенай Ды дæ тар цæстæй. Фен-ма: зæхх кæсы, Амонд ын хæссы Ныр мæ зæрин тын. Чи у буц мæнæй, Уымæ сон-рын нæй, о§4
Уый нæ зоны зын»... Рахызтæн, бæргæ. Хуры рухс хæрдгæ Алæууыд уырдыг Æмæ мæм дзырдта, Раст цыма зыдта Рагæй дæр мæ хъыг: «Дæ фыды зыдтон. Раст цыма ызнон, Зæрдыл ма лæууы. Фæлæ — ныр уыныс, — Абон тавын æз Ингæны кæрдæг. Гъе, дæу дæр мæ цæст Нал ахсдзæн. Æрмæст, О мæгуыр сахъ лæг, Æз дæ ингæныл, Сау уæлхæдзарыл Тавдзынæн кæрдæг. Зон, дæ фырты дæр, Бон уа йе изæр, М’ арммæ та хъæуы... Æз уыдтæн, æз дæн! Хуры ирд рухсæн, О лæг, нæй мæлæн!.. Цасфæнды мæ хъау... Ценнæ дæ мæнау: Æз уыдтæн, æз дæн!..». АРД ДЫН ХÆРЫН Ард дын хæрын æз нæ Ирæй, нæ бæстæй, Ард дын хæрын æз нæ цъитиджын хæхтæй, Ард дын хæрын æз нæ бæсты дауджытæй, Ард дын хæрын æз нæ фыдæлты стджытæй, Ард дын хæрын æз нæ фæтæджы цыртæй, Ард дын хæрын æз йæ фæдзæхстгонд дзырдæй Ард дын хæрын æз йæ Хетæджы дзуарæй, — Куыд æз мæ бæстæй, нæ адæмы барæй Никуы ацæудзынæн дардбæстæм, ууыл, Амæлын дæр мæ кæй фæнды сæ риуыл... Бауарзтон рагæй нæ сæнары фæздæг, Бауарзтон рагæй нæ уазал цъæх фæззæг, Бауарзтон Къасарагомы цæуджыты, Бауарзтон ноджы нæ хæлд æрчъиджынты... Курын мæхицæн æз иннæ хæрзтимæ Иу ингæн мæгуыр къоборгалджынтимæ!
ФÆЗЗÆГ Нæ хъæдæй булæмæргъ нæ зары, Мæ цæст дзы нал ахсы сыфтæр, Кæмдæр ма бæрз хæрз æнæбары Йæхиуыл бур хæцы, æндæр... Фæззæг æрцыди, мигъ æрбадти Нæ нарæг уазалбын кæмтты. Нæ хохæй дзывылдар фæтахти, Æрцарди сатæгбын рæтты. Фæззæг, фæззæг, цæй тыхст дæ махмæ. Куы ниуыс алы къуымы дæр. Æппынæдзух нæм комæй — рагъмæ Зæрдæйыл уæз кæныс фыддæр. Фæцу нæ тагъддæр, æз — дæ уазæг! Мæ уд дæ цъæх мигъæй тæрсы. Хъæздыг куынæ у махмæ уалдзæг, Уæддæр нæм зæрдæ дзы нæрсы. БУЛÆМÆРГЪ Булæмæргъ зарыд нæ хъæды, Уалдзæджы арфæ зыдта. Фæззæг æрсæрфта нæ хъæды, Зæрдæ йæ уындæй куыдта. Булæмæргъ дардмæ фæтахти, Зоны та уалдзæг кæмдæр. Махæн та фервæзæн нал и, — Зымæг нæ домдзæн фыддæр... Булæмæргъ, буц маргъ, тæхуды, Иу аз дæ цардæй фæцæр!.. Адæймаг мæргътыл дæр худы... Цымæ, кæй цард у хуыздæр?.. КЪОСТАЙЫ КОЙМÆ Сыст-ма, нæ фæтæг, дæ сау ныккæндæй, Бахъуыди та нæ дæ сæр мах ныр тынг. Дудгæйæ бадæм дæ уды мæрдæй, Ирыл ысирвæзт сырх зынг.
Сагсур фæсивæд æфхæрд у, æбон, Сæфы далæ кæмдæр... Сыст-ма, æмæ нæм фæстæмæ æрхон Рагон амонд ды уæддæр. Раджы, дам, дуне нæ номæй рызти, Хастам бæрзæндты нæ сæр. Адæмты астæу нæ ном, дам, уыди, Хъуысти хæрз дардыл нæ хъæр... Фен-ма, нæ бæстæн сæ арæнты ныр: Сау хох бынтондæр ныддур. Зæрдæты мары бынтон та быдыр, Уыйау куы фæуид фыдгул... Сыст-ма, фæзын нæм, нæ иунæг фæтæг! Сæфæм æнæ дæу... Сыст тагъд! «Уарзут кæрæдзи, мæ Иры зæнæг!» Иу хатт ма бафæраз загъд. * * * Кæй уыдзæн дæ зæрдæ, дæ къух, Дæ сау цæст кæмæ-иу кæсдзæн? Дæ зæрдæйы чи ис æдзух, — Зæгъ-ма мын, дæ карз мæрдтыстæн! Мæ риуы ныссагъдтæ, мæ хур. Мæ бон нæу дæ ферох кæнын. Мæ зæрдæ фæрысти, ныддур. Æрбайхъус, — æргом дын зæгъын: Нæ зонын, куыд уыдзæн мæ цард Æнæ дæу, мæ рухс хуры тын... Хæрын дын нæ рухс хохæй ард — Æдзухдæр дæ фæдыл хæтын... ЗÆРВАТЫКК Ратæх, зæрватыкк, ныллæгдæр. Азар фисынæй дæ зарæг. Уалдзæг нæм фæци хæстæгдæр. Зæрдæ нал агуры хъарæг. Ды куы фæзыныс нæ бæсты, Уæд мæ тыхст зæрдæ ныххуды. Ратæх, ратæх-ма мæ рæзты, Азар, барæвдау рыст уды.
Ды мæ тыхдæттæг дæ хохы: Æз куы фехъусын дæ зарæг, Уæд уæлахиз кæнын тохы Цардимæ, мæ ныфс, мæ дарæг... Арвæй мæм æрцу ныллæгдæр, Акæн фисынæй дæ зарæг. Демæ ком вæййы уæрæхдæр, Зæрдæ нал фæкуры хъарæг. ЦÆР!.. Кæмттæн сæ нарджытæй нал хъуысынц хъарджытæ, Нал кæуы сидзæр сыдæй. Мæгуыры къæхты бын ниуынц йæ марджытæ, Фидынц сæ бонтæ фыдæй. Алыран тар хъæдты, алыран сау хæхты Бадынц, тæрхæттæ кæнынц. Бирæгъау фезмæлынц, мæйдары фæсвæдты Холымæ тындзынц, бæллынц. Ныхæсты сабитæн, ыскъæтты сæлхæртæн Моллойау хинтæ кæнынц. Сау рæстæг куырмытæн, адæмы фæлхæрттæн Рухсы ’фсон дардæй дæттынц. Урс нарсткъух нард булкъон, бирæгъхуыз тарст къæрных Фезмæлынц кæмтты кæмдæр. Адæмы сусæгæй тугæйдзаг даргъ цыргъ ных Радарынц калмау уæддæр. Талынджы фисынтыл, дуры бын æрхыты Хъарынц фыдсылау сæ уд... Банцайут, цъаммартæ! Сау туджы пырхыты Ма ’хсут нырмæйау уæ худ. Аппарут пъагæттæ, акалут дидитæ, Дзыбыры къæдзыл хæцут. Райсут-ма къахæнтæ, къахут-ма цъититæ, Уе ’ккой-ма дуртæ хæссут!.. Ма тæрс, хур — кусæг лæг, ма тæрс, фæллойгæнæг, Не ’ппæтæн рагæй дæ сæр. Булкъонты фыдæнæн, тæнджынты фыдæнæн Хорзæй, дзæбæхæй мын цæр!.. НЫББАР МЫН, ИРЫСТОН!.. Ныббар мын, Ирыстон, — мыййаг, кæд дæ рынæй Мæ сау зæрдæ искуы бынтон дзаг нæ уыд. Кæд искуы йæ хъалæй дæуимæ цæрынæй Фæлмæцыд мæ сонт туг, хъыг кодта мæ уд...
Ныббар мын... Фæлæ дын дæ уазал урс сæрæй Дæ хъæбул ныр абон йæ сомы бæтты: Йæ сонт туг куы банцайа уæнгты йæ хъæрæй, - Биноныг æруыдзæн дæ нарæг кæмтты. Чысанæй Лабæмæ дæ мæгуыр сабитæн Æнæвгъау куы скæндзæн йæ лæмбынæг зард. Йæ фæндырæн хъистæ дæ низтæй куы сбийдзæн, Дæ фæлтæрд зæрдæйыл сæ ’рхафдзæни раст; Дæ мæгуырты знæгтæм дæ размæ æхсиддзæн, Сæ цуры дæ риуæй фæсурдзæн дæ маст. ХУРМÆ О, фæлæуу-ма, хур, Тагъд кæдæм кæныс. Уазал сау хохæй Ды цæмæн лидзыс? Æви мах уындæй Кæмтты тар хуызæй, Иннæтау, тæрсы, Хур, дæ тынты зæй? Æви арф кæмтты, Ихсыд къуылдымты Исты хъыгдары, Хур, дæ рухс тынты? Æви зæрдæтæн, Хохаг тыхст лæгæн, Хур, æвгъау дæ ды, Хур, рæвдауæгæн?.. Ма лидз, атав уал Ды нæ зæрæдты. Ма лидз, барæвдау Ды нæ сонтыты... Нæй, нæ фехъуыстай, Хур, мæ ныхæстæ, Хохы урс цъуппæй Та ныйиртæстæ... Аскъуый, басау у Мах тæригъæдæй. Бонмæ ниудзыстæм Мах дæр не скъæттæй.
ХУЫМГÆНÆГ Ахæрут, мæ галтæ, Хуссары цъæх хос. Мах та уын фæсалæй Абийæм сæрбос. Ифтонг дзыбыримæ Бонивайæны Ралæудзыстæм иумæ Фаджысджын хуымы. Фидар, арæхст къухæй, Фатæхсты хуызæн, Асадздзынæн хуымы Не згæхæрд æфсæн. Даргъауæдз хуымæн æй Раст йæ хæдсæр уæд Баппардзыстут ирдæй Ауæдзмæ сымах. Тауинаг нæ хуымы, Афтæ-иу фæкæс, Дзагармæй уæд заргæ Байтаудзынæн æз. Фæззæджы сырх кæрвæдз Мах æркæрддзыстæм Æмæ иумæ минас Хорз фæкæндзыстæм: А лæппу йæ галты Зымæджы тъæнджы Бафсаддзæн зыгуымæй Хъарм дзаг мусонджы. Бинонтæн — æнæвгъау Хъарм хъæбæр кæрдзын. Фаг къуымæл, махсымæ Хорз æрмтты фæрцы. Сиддзыстæм фæйнæрдæм Гъæйдæ-гъа, дзæбæх, О, фæуон уæ фæхъхъау, Галтæ, дзыбыр, зæхх!..
Ахæрут, мæ галтæ, Хуссары цъæх хос, Мах та уын фæсалæй Абийæм сæрбос. ФÆЛЛОЙГÆНÆГ Сонты бонты дæр æз хъалты нæ фæзмыдтон. Царды рохтæ-иу фæлывдмæ нæ фæзылдтон. Бадынмæ, хъазынмæ, Мад, фыды азыммæ Никуы бахастон мæ сæр. Комбын — уæлыгæсæй, радфыййау — рагъсæрты, Афтæмæй цардтæн-иу рагуалдзæг, даргъ сæрды. Хъæуты-иу фæззæджы Хъыг кодтон фæздæджы... Гъей-джиди, афтæ ма цæр! Уыйфæстæ срæвдз кодтон, гъæйтт-мардзæ, схъæл цæвæг. Цæй-ма, цы фæдæ, цы, хъæстыты схъæлдзæуæг! Хорз-иу æй байдаудтон, Фæтæн-иу адастон — Хуртыуанæн-иу бæззыд. Алы аз уалдзæгмæ ифтонгæй бафснайын Даргъ адæг, хорз дзыбыр; цъæх хосæй бафсадын Сау хъила уæнгуыты, Цкурайы фæрдгуыты, Арвы фатау та — сæ цыд. Саумæр зæхх базмæнтæм; байтауын тауинаг. Цæлуарзаг, мах куыст ды ма рахон фауинаг: Фæззæджы тæмæны, Куыст хынцæн заманы Фендзыстæм мусы нæ куыст... Гъей-джиди, бафæраз дзурын, хъæрæй сидын: Иу бон æз дæр уæд ысфæнд кæнин хæс фидын. Байгæрдин кæритæ. Дунейы хæлдриутæ Айрох кæниккой сæ рыст. ДУРТÆ Уадз цин кæна бæлас, Уадз хъазæд уал зæхх. Уадз хъазæд гæлæбу Йæхицæн дзæбæх. 31о
Ныр уалдзæг у — хур сæм Йæ тынтæ дæтты, Æмæ уал дзы алчи Фыдбоны сæтты. Фæлæ та нæ зымæг Фæсхох, мыййаг, нæй! Фæиртæсдзæн рухс хур Йæ улæфынæй. Цы фæдæ, гæлæбу? Цы ниуыс, бæлас? Уæ, тагъддæр-ма, уазал, Ды зæххы нылвас! Мах — иугъæдон мыггаг, — Нæ мæгуыр хуызæй Куы никуы цух кæнæм Зымæгæй, сæрдæй. Мах зымæг нæ кæны Æндæртау хъуынтъыз. Йе уалдзæг нæ ивæм, Кæйдæртау, нæ хуыз. Мах искæй улæфтæй Нæ ивæм нæ конд, Йе алкæйты зондыл Нæ бæттæм нæ зонд. Мах иугъæдон фестæм Зымæгæй, сæрдæй!.. Уадз мачи нæ уарзæд, Мах искæй кой нæй!.. ФЫЙЙАУ Аривæд-ма уал кæн, Ме ’фсæст урс фосы дзуг. Хорз дæ барæвдаудзæн Урс зæйы ихын нук. Æз та уал дæ фарсмæ Ме ’рчъитæ арæхсон. Уыйфæстæ хызынæн Хъулон бос сыздухон.
Хæлар дын æрбауæд — Уымæлбынты кæрдæг. Дæ сæрмæ уал уæд сагъд Фæлвæрайы лæдзæг. Тутыры куыдзæн та Йæ дзыхы фестæд дур. Фæлмæн дæм ракæсæд Бæрзæндты хъазæг хур. Дæ изæр бæлвырд у: Рагъсæры хизæнтæ. Хорз уал дæ бафсæстой Комрæбын уымæлтæ. Мæ фыййау фысæн уал Мæ къусыл фæбæрæг. Цæу, сæгъты къордæн дæр Арæх у дзæгæрæг. Æхсæвы бынат дын — Къуырфбыны тыгъд дарæн. Фыййауæй, хъомгæсæй — Зард, кафтæй фæлварæн. Ардыгæй фæззæгмæ Мах рæгътыл зилдзыстæм: Адæгты — фæлмæнтæм, Рагъгæрон — ногдзыдтæм. Цы кæрдæг бакайай, Уый уыдзæн дын хæлар. Зымæджы бонтæм та Уын дард бæстæ Хъызлар... Аривæд-ма уал кæн, Ме ’фсæст урс фосы дзуг. Хорзæй дыл разилæд Фыййауы ’нæмæт дуг... ХУРМÆ О, зæгъ-ма мын, хур, Зæгъ, дæ хорзæхæй, Тарфæй хъæлдзæгæй Ды цæмæн кæсыс?
Даргъ дæ рухс тынтæ Ды цæмæн уадзыс Ирд хæрдгæ хуызæй Дардмæ алырдæм? Уаллон, зулчъытæ, Хъæндил, цъысцъысаг Фаг куы ныхъуырынц, Хур, дæ царды хос! Ды фыдæй нырмæ Хъарм цæмæн кæныс Гом, бæгънæг уды, Раст, хъæбулы тавд? Хæхтыл, денджызтыл Иу цæмæн кæныс? Кæмттыл, быдыртыл Тагъд цы разилыс? Гъе, зæронд куыдз ма Сау, мæйдар æхсæв Афтæ разилы Фосæн с’ алыварс!.. Æмæ, бакæс дæм, Уæд дæ артдзæсты Фаг æфсæст гæды Рыг куы не скалдзæн. Хъуын-хъис не ’рхæцыд Уалдзæг, даргъ сæрды, Хур, дæ гом фæрстыл, Йе дæ ирд сæрыл. Кæнæ базыдтай Искуы хъалдзинад? Йе цæуыннæ дæ Ды зынæрвæссон?.. О, зæгъ-ма мын, хур, Хъал цæуыннæ дæ, Æрдзæн царды хос Ды, ды куы дæттыс? Уæдæ ракæс-ма, Махмæ а зæххыл Бирæ хъал куы у, Хур, йæ хус сæрæй. оЗ.4
* * * Бирæтæ мæ цæстмæхъус хонынц адæмæн адджын. Мæ хæлар, мæ бæстаг, мæ уарзон, Хуымæтæджы ма стау ды мæн. Хæрз дзæгъæлы хоныс, уый базон, Мæн адæмæн хион, лымæн. Æз адæмæн адджын уæд уаин, Уæд кæниккой хорзæй мæ кой, — Сæ царды сæраппонд куы таин, Сæ низæй куы кæнин сæргой. Мæгуыр лæгæн уарзон уæд уаин, — Мæхимæ куы исин йæ зын, Йæ цæстыты сыджы куы наин Мæ уды, мæ цард-бон, мæ фын. Мæн сидзæргæс хорзæй уæд мысид, Уæд бадид йæ дзыхы мæ ном, — Йæ кæуын мæ риумæ куы хъуысид, Йæ цуры куы лæууин фыдбон. Уæд ракæнид хъарæг мæ мардыл, Нæ уаид мæ ингæн дæр рох, — Æз абон куы кусин йæ цардыл, Йæ сæрыл куы самаин тох... Мæ хæлар, мæ бæстаг, мæ уарзон, Хуымæтæджы ма стау ды мæн, Хæрз дзæгъæлы хоныс, уый базон, Мæн адæмæн хион, лымæн... УАРЗЫН ДÆ, ХОХ!.. Бонæй, æхсæвæй, Буцæй, фыддзæфæй Нæу мæнæй рох Райгуырæн хох. Уарзын дæ, хох! Комæй, уæд дагъæй, Тигъæй, уæд рагъæй, Фыййæуттæ, фос, Хуссайраг хос — Не сты мæ рох! Зиууонты зарæг, Цъититы хъарæг Хохæй бынмæ Хъуысы мæнмæ. Уарзын дæ, хох!
Даргъ сæмпæрчъитæ, Кусджыты джитæн, Уаддымды ных, Зæйты тымыгъ — Не сты мæ рох! Рагуалдзæг зымты Митхъулон хуымты, — Уадæй æвдæрзт, — Ахсы мæ цæст. Уарзын дæ, хох! Саппы хуычъытæ, Зæйласт хуысчъытæ, Лæгæты арт, Мæгуырты цард — Не сты мæ рох! МАМИОН ХЪАРАДЗАУ Балладæ Куырдтаты бал раздæхт фæстæмæ... (Паддзах ын хæрзиуæгæн радта Æнахъаз цыдæртæ, лæгъстæмæ, Стæй нæ бæттæнмæ æртардта). Йæ разæй — йæ хуынд лæг Хъарадзау, Йæ сæйраг фырт ноджы йæ фарсмæ. Цæлыччы быдырмæ фыд раздзау Кæсæджы бал рацыд сæ размæ... Хæст сырæзти фат æмæ кардæй, Сæ сæрмæ ныллæууыд тыгъдызæй. Цæлыччы лæгъз байдзаг ис мардæй, Ныккасти йæ риумæ хъуынтъызæй... «Куы судзы мæ зæрдæ. Тагъд дон мын!» — Хъарадзаумæ дзуры йæ хъæбул. «Фæгæдзæ кæн, уром дæ домын!..» Уæд уалынджы лæппу фæзæбул: Фат ныхы фæйнæджы ныффидар. Хъарадзауæн абадт йæ дзыхы: «Гъеныр, хур, дæ фæндон — дæхи бар: Сæууон дон куы февзæрд дæ ныхы!..». Цæргæсау æроатахт йæ фыртмæ: «Æнусмæ ныр басаст дæ дойны!..». Сыбыртт дæр нæ сыхъуыст йæ дзырдмæ: Æрбатар ис хъæбул æмбойны... Хъарадзау сындæггай йæ нымæт Йæ фырты цур айтыдта дардыл Æмæ йыл, æдыхстау, æнæмæт, Бæласау, ныффæлдæхт йæ кардыл.. Ы6
ХОСДЗАУ Мсе цæстытыл уайынц, Америкæйы ирон адæмæй чи кусы, уыдон. Мæйдар æхсæв... Фæбоны ’рдæм... Фæрухсдæр и мæ уат. Хъæхъхъаг куыдзау та рудзгуытæм Лæбуры, тоны уад. Æнæ хынцæй, æнæсцухæй Йæ тугтæ калы арв. Йæ сынтæджы, гом, фаст дзыхæй, Хуыссы Хосдзау хæрз тарф... «У-у-у-у», — уæныг галау, Ныууасыди гудок: «Дæумæ дзурын, кæм дæ, Хосдзау, Фæгæпп лас тагъддæр, рог!» Хосдзауы цæстыл ауади Керзон-мистер æд ус. Сæ галуанмæ фæцæйуади Мистрисс — фæлурс, хæмпус. Керзонимæ дæларм-дæларм Йæ галуанты æрзылд... Хæрз фидар у сау Томы царм! Фæци та уый йæ зылд: Æмæхсæвæг фæгæпп ласта Сæнтсау буарджын Том. Кæрт, уынгтæ та куы амарзта. Йæ сæр, йæ къæхтæ — гом. Йæ иунæг чызг цъæх чыргъæдты Æрбахаста сæ хæлц Буц, пух къайæн. Сæ хъарм уæтты Цæттæ — сæ худ, сæ кæрц. Керзон, мистрисс зæрдæбуцæй Цæттæ кæнынц сæхи: Джазбанды хъæр сæ нард хъусæй Æрцахстой — бон фæци... «Тагъд шахтæмæ ныххиз, ныллæс, — Кæм дæ, Хосдзау, гъæтт, тагъд, Дæ бинонтæм æркæс, фæкæс, Сыдæй куы кæнынц цагъд!..» зЗо
Кæлмдзæф лæгау куы фестъæлфыд Йæ хуыссæны Хосдзау. Ныззæмбыдта, ныуулæфыд, Йæ сæр ма уыд уæззау. Йæ радмæ йæ тындзын хъæуы, Уый бамбæрста йæ уд. Йæ рон бæтгæ куы рацæуы, Йæ дæлармы — йæ худ... Æмбæлынц ыл йæхиуонтæ: Сæ ныккæндтæй лæсынц. Фæлурсхуызæй сæ бинонтæм Цæуынц æмæ тындзынц. Мæйдар æхсæв... фæбоны ’рдæм... Фæрухсдæр и мæ уат. Хъæхъхъаг куыдзау та рудзгуытæм Лæбуры, тоны уад. Æнæ хынцæй, æнæсцухæй Йæ фæттæ калы арв... Цæр уал, мистер, — фæлæ дугæй Нæ бамбæхсдзынæ арф! Цæр уал, мистрисс. Джазбанды хъæр Еросмæ хонæд дæу. Сар, додой мын уæ удты сæр! Хосдзау — Хосдзау уæд нæу, — Кæм фæлдахы ызгъæр цæндтæ, — Ингæн сымахæн арф Куы не скъахой йæ рыст цæнгтæ, Куыд уыл кæуа уæ арв!.. ÆЗ ЦАГЪАЙРАГ НÆ ДÆН Æз цагъайраг нæ дæн. Æз нæ хæссын къæлæт. Фæлтау дардыл мæ туг, Донау, уайæд, кæлæд! Ды нæ зоныс, сæрæй, Мæн куыд уарзта мæ мад, Йе мæ авдæнхъæдыл Æхсæв-бонмæ куыд тад.
Раст, куыд абон, уынын Æз йæ фæлурс цæсгом. Цыма дарын мæ сæр Æз йæ былтæм æнгом. Дардæй уайы йæ зард, Ахсы хъарæг мæ хъус. Зон — йæ цæстысыгæй Нырма судзы мæ рус. Ды нæ зоныс, сæрæй, Зарæг-хъарæг мæнæн Уæд уыдысты фæдзæхст, Карз, лæмбынæг, фæлмæн: «Дар мæ бонтæ зæрдыл, Хъус мæ куыдмæ дзæбæх, Кæннод ралгъитдзæн, зон, Дæу нæ бæстæ, нæ зæхх. Уыд мæгуыр лæг дæ фыд, Рæгъты калдта йæ туг, Фæлæ никуы уыди Махæн не скъæты хъуг. Фæззæг — хорыл йæ куыст, «Хор, хор!» — кодта-иу сæрд, Фæлæ уизза, хуычъы Уæддæр махæн — нæ хæрд. Зæхх — йæ дзабыр фылдæр, Хурæй дардта хæдон. Дуг, цагъайраг — нæ дуг, — Уый нæ домдта бынтон! Айрæз, байрæз, мæ хур, Акæн дзидзийы хъуыртт, Кæд дæ фыдæлты туг Тохы райсис, йæ фырт!..». Дзидзи дадтон æз фаг, Цæссыг — йемæ дзæвгар. Æхсыр тугыл æфтыд, Цæссыг риуы ысмал.
Хъарæг хъустыл цæуы, Зарæг хъуысы мæнмæ, Æмæ, бон уа, æхсæв — Тохмæ сидынц, бæргæ... Додой, сар мын йæ уд, Мæнмæ исчи, мыййаг, Йе куы ’вдиса къæлæт, Йе мæ хона уæййаг!.. Æз цагъайраг нæ дæн, Æз нæ хæссын къæлæт! Фæлтау, донау, мæ туг Дард æнхъæвзæн кæнæд. САБИТÆН Чи у ныр не ’нхъæлцау, Чи у нæ ныфс — Сабитæ, кæстæртæ, Рæзат нын хорз! Сомбон — нæ дарджытæ Не скаст, нæ тых, — Сабитæ, рæзгæтæ, Сонæй уат хызт! Не ’зæры лæдзджытæ, Цæстыты рухс — Сабитæ, кæстæртæ, Фидар нын уат. Чи у нæ ныгæнæг, Чи у нæ цырт, — Рæзгæтæ, сабитæ, Цард уын уа фаг. Мах уын уæ фыдфынтæ Исæм, хæссæм Ингæнмæ, сау мæрмæ Не ’ккæйтты фаг... Кæстæртæ, сабитæ, Рæзут, цæрут! Махæн цы нæ бантыст, Бантысæд уын!
ХОХАГ ЛÆГ САХАРЫ, кæнæ «ÆЗ ПОЭТ ДÆН!» Фелъетоны бæсты Къулгæрæтты дын фæцæуын Иуизæр æнкъардæй. Чидæр даргъ уынджы æрцæйуад. Ауыдтон æй дардæй. Каст бæрзæндты. Сæмбæлдыстæм, Уæхскæй мæ ныкъкъуырдта: «Цавæр галхуыз дæ, цæй фос дæ!» — Тагъдгомау ысдзырдта. «Бахатыр кæн, æз — дæ уазæг, Хохаг лæг цы зоны!» Бамбæрстон æй, бафиппайдтон — Лæг мæстæй фæтоны. «Хохаг дæ, цы дæ — цæмæйзон. Зон-иу, æз поэт дæн!» Зæрдæ бакатай, фæуыргъуы, Гъе, куыддæр фæйед дæн... Дарддæр ацыдтæн. Мæхи та Къулрæбынмæ ласын. Дойныйæ кæнын мæ хъуырмæ... Иу ран дон ныуазын. Иу лæг алæууыд мæ фæстæ. Къухтæ тилы ’дзухæй... Хохагмæ кæцæй ис амонд: Атахт къопп мæ къухæй. «Фесæфтай мæ, ай цæй хуы дæ», — Лæг мæм уым куы феххæл, — Дон ныуазын дæр нæ зонынц... Дондыппырæй фехæл!» «Хорз лæг, къопп ды скъуырдтай къухæй... «Банцай, æз поэт дæн! Мæн мæ сагъæстæ нæ уадзынц...» Ноджы та фæйед дæн. Дарддæр акодтон мæ фæндаг: Иу лæг та — мæ разы. Риуыл тынг бæрзонд куы хæцы, Сæрыхъуынтæй хъазы.
Рахиз къухæй тилы лæдзæг, Галиу къух та... дзыппы. Къепкæ — дæлармы, хæрзарæзт, Раст, куыддæрид нывы. Худмæ бахъазыд мæ зæрдæ, Хохаг лæг — хæдзардзин. Баластон мæхи хæстæгдæр: Аргъæй йæ куы ’рфæрсин! «Хорз лæг, худ уæййаг уыдзæни, Цас у аргъ, зæгъ-ма мын...» Лæг дын фестъæлфыди, фесхъæл... «Гъæйтт, мæ хæдзар бабын», — Загътон ма, фæлæ мæм фездæхт: «Гъæй, джауыр цъулбертæ, Цъаммар, мæгуырты фыд-цармхор, Хæйрæджы æмцегтæ. Уарийау фæлгæсут дардмæ, Калмау — уедзаг маргæй, Марут мæгуырты фыдбонæй, Дугъ’ сыл уайут саргъæй. Фæлæ зонут, ныр æрцыди Тугцъиртæн сæ кæрон. Мах сæ холыйаг куы кæнæм. Нал сæ хæры халон...». Катай бацыди мæ риуы: «Цæй, ныр куыд, цы ма уон!..». Уалынмæ кæсын: мæ сафæг Уæлæ тигъæй ф’аууон... Къæхтæ нал цæуынц мæ быны, Риуы зæрдæ ризы. Уайы лæдзæгджын мæ цæстыл, Сæры магъз нытътъизы. М’ амондæн — мæ цуры бандон, Сабыргай æрбадтæн. Мид-зæрды нæхимæ, хохы, Кæмтты, рæгътыл хаттæн. Фæлæ тынг бирæ кæм хæссынц Хохагæн йæ сæнттæ: Иу та февзæрди мæ фарсмæ. Фелвæста фыссæнтæ.
Исдугмæ фæкасти сабыр, Сæрыл-иу фæхæцыд: Раст, цыма мæ мастæй уый дæр Лалымау ныррæсыд. Гъестæй фестъæлфыд кæлмдзæфау, Гæххæтмæ фæуырдыг. Афыссы... кæсы дыууæрдæм. Дугъонау ыстыррыкк. Иу цæсты ныкъуылдмæ гæххæтт Сау хъулæттæ фестад. Аныгуызта йæ йæ дзыппы, Худ æркодта, фестад. Рох нæ уыд мæ фæндаг риуæй: Гал мæм уыд, уæныг гал. Чидæр бавдæлди — мæ галы Бахордта сæныккау. Хохæй рараст дæн: фæхæссон Сахармæ мæ хъæстаг, Кæд, мыййаг, фыдгулы тагъддæр Фесафид мæ рæстад. Махмæ, хохы, уыд фыссæг лæг Уалдзæгæй ыстæмдæр. Зæрдæ адзырдта — зæгъон ын: «Афысс-ма мæнæн дæр... Иу гыццыл гæххæтт мын афысс. Хъаст кæнын... мæ гал мын...». Лæг мæм, сау калмау, фæзылди, Нал уыди йæ хъалыл. «Æз гæххæттытæ нæ фыссын!.. Æз æрмæст поэт дæн!.. Цас ма ис зæххыл сæнтдзæфтæ?.. Зар, фысс ахæм йедтæн!» Раст загъта мæ «фыссæг» — сонтау Адæн. Зæрдæ тарыл Сæмбæлд. Сау зыр-зыр ныккодтон. Нал уыдтæн мæ галыл. «Чи ’рцыд, уымæн ма цы хос и!» Аккуырстон та дарддæр, Раст, хуымон галау. Уындæй та — Донласт куыдзæй — таддæр...
Комкоммæ мæ разы — рудзынг. Дуне ныв дзы разынд1. Утæппæт хъомвосы хуызтæн Тынг зын уыд сæ базынд. Астæуæй дзы — иу егъаудæр — Раст мæ гал — цæрмыстыгъд. Хъусæй ма — æцæг тæрхъусдзаст, Цух — сæрæй та уыйхыгъд. Бацин дын кодта мæ зæрдæ. Гъе, цыма мæ къобор Не скъæты мæ баздæхынмæ Æнтыдæй ныггобор. Бафæрс зæрдæйы йæ митæй: Худæг æм фæмидæг, Сидæны, цыма, куывды бадт, «Бодзтæй» йæм уыд сидæг... Уалынмæ кæсын: мæ галхуыз Се ’хсæн ралæст телтæн. Иу богъ, къамбецау, фæласта: «Ма худ: æз поэт дæн!..». Уыцы иу ыстъæлфт фæкодтон. Галиу цæст ныдздзагъыр, Рахиз — фæндагмæ ныццавтон: Атахтаин рагъыл! Исдуг тагъдгомау мæхицæн Авæрдтон ныфсытæ: «Кæд фынтæ уайы мæ цæстыл, Бады мыл пъæззытæ...». Фæлæ никуы æмæ ницы: Нæй кæрон мæ фынæн... «Цон, цæуон, цыдæрид федтон — Бинонтæн зæгъдзынæн. Хъуамæ азымджын дæр ма уон: Бирæ фесæфт галтæ. Цæй, цы хъуыддаг уын ыскæнон Царцатæ ’мæ Нарты?.. 1 Пролетарон проспекты иу дуканийы рудзынгыл, хъазæнты æхсæн, уыдис иу хуызист. Йæ уæлæ фыст: «Осетинский поэт < ....> Цена 50 р.» (Лвторы фиппаинаг). о4-4
Тагъд-тагъд араст дæн æз хохмæ. Фæлæ, баууæнд, де ’стæн, Дзедойы сæр дæр ма хъуыстон: «Зон-иу: æз поэт дæн!..». Æнкъард дæн æз, тыхст у мæнæн мæ зæрдæ... Мæ риуы судзы арт, æддæмæ тоны, тоны. Æмæ йын нæй фæндаг. Мæ риуы — арт, æндон мыртæ — мæ хъуыры. Мæ сæры та... Цæй, ма мæ фæрс фæлтау. Нæй, нæй гæнæн: æрцыд æмбисонд, зон — цъаммар, æдых цыдæр Гефесты къухæй мæн Кавказы сау хохмæ ныббаста фидар. Мæ цæнгтыл ис рæхыс. Рæхыс — мæ къæхтыл, Мæ зæрдæйыл — гуыдыр, мыхуыр — мæ былтыл... Æнкъард дæн æз, тыхст у мæнæн мæ зæрдæ. Цæмæй зыдта уæд Байрон, æмæ ардæм, Кавказы хохы цъасмæ, Гарольды пæлæз æвæндонæй æрхаудзæн, æмæ хæххон фыййау уый йе уæнтыл æркæндзæн. Æнкъард дæн æз... Тыхст у мæнæн мæ зæрдае... Нæ уырны мæн æппындæр ницы, ницы. Хуыцау, зæгъгæ, фæкæнынц. Зæронд цыдæр... Кæй хъæуы уый та! Фæзæгъынц «уарзон...». Зæронд Вакхы фæдон — Хæтæд йæхицæн. Куы мæ хъæуа, мыййаг — мæхæдæг æм зындзынæн. Лымæн... Нæй, нæй лымæн! Фæлывд, бийын — гъе, уыдон ысты хуыцау зæххыл. Куы дæм дзура дæ фыд, дæ къухмæ дын куы дæтта 4§0
уый хъазынæн бæндæн, — ма, ма йæ райс — уый калм у, калм, æдылы. Куы дын дара дæ мад дæ авдæны йæ дзидзи, — ысом æй тагъд фæстæмæ — уый марг уадзы дæ риумæ. Куы дæм худа дæ хо, куы дыл узæла искæд, — фæлидз йæ разæй тагъд. Ызнон, йе дысон, зон, уый узæлыд раст афтæ дæ карз фыдгулыл, о! Дæ карз фыдгулæн уый куы кодта пъа æмæ хъæбыстæ. Кæсы дæм уартæ чидæр, фæхоныс де ’фсымæр ды уый, ома, дам, иу пецы ысфыхтыстæм кæддæр. Бецау дæ бон, цæй мæгуыр дæ, уæвгæ дæр! Цыргъ кодта абон кард дæ марынмæ уый дурыл. Уынын — рæвдауыс ды дæ хъæбулы дæ зæнгтыл, дæ дзыхæй йын куы исыс ды дæ комдзаг. Дзæгъæл у уый, — уынын, куыд абон, йæ къух дыл сисдзæн сом, куыддæр фæтыхсай, афтæ. Ды бадтæ дысон уартæ уым, дæ цуры бадти чызг. Дæ сонт туг хъазыд уæнгты, рысти дæ риу фырцинæй. Хуыдтай ды амондджын дæхи, дæ къайы бæсты ды уыдтæ рæвдз раттыныл дæ уд. Мæгуыр дæ бон! — Æндæрæхсæв æз раст гъеуым куы федтон бадгæ уый æндæримæ. Хъæбыстæ кодтой. Чызг дзырдта, дæуæн цы дзуры, уыдон. Нæ, нæ! Фæлывд у цард, фæлывд. Нæй ницы ’нæ сайдæй йæ мидæг!.. Дыууæ Титаны ис æрмæст:
Тыгъд æмæ Афон. Æцæг ысты гъеуыдон, гъеуыдонæй мын зæгъ! Конорус зилы тыгъды. У буц йæхицæй. Уадз уæд. Æз зонын — уый тыгъд нынныхъуырдзæни искæд. Тыгъды хуылфы фæцæудзæнис йæ хъуыртт! Тæрсын æз Афонæй, тæрсын — Кронос у дурзæрдæ бынтон. Кæны цæуæт, цæмæй сæ фæстæмæ бахæра, гъе, уымæн. Æлгъыст фæуæд, æлгъыст. Ысцыргъ та кодта, зонын, йæ дæндæгтæ мæнмæ дæр... Æнкъард дæн æз... Тыхст у мæнæн мæ зæрдæ. Цæрæд, кæй хъæуы, уый. Мæнæн нæу хъауджыдæр — цæрон æви мæлон. Æрмæст ма уый зæгъын: кæдмæ кæса мæ цæст, ингæны сыджыт мæ нылхъива цалынмæ бынтон, уæдмæ æз дзурдзынæн æргом рæстдзинад дунетыл хъæрæй. Æмæ сæрæй æз не ’ркувдзынæн никæд, нæ, лæджы фыртæн. Æлдармæ макуы ратт дæ бар, сæргуыбырæй дæхицæн адджын ма кæ цард, фæлтау — мæлæт! Гъе, уый фæдзæхсын æз, кæд мæм ис хъусæг, уæд. Æмæ хъуамæ уа — мæнг хъæргæнæг нæ дæн. Дæн уацхæссæг! О, о, дæн уацхæссæг æрцæуинаг дугæй!.. ПРОМЕТЕЙЫ СЫНТÆГ Мах — хæхты цот — нæ сау ныккæндсад йæ дуар ныссастам. Уæд нын цыт!.. Сæрибар — уый йæ сæр нæ фæндæн, Сæрибармæ куы у нæ цыд. 43о
Ныххæлдтам мах фыдæлты къона, Нæ рæхыс раппæрстам бынтон... Ныммæл, ныссæф, джауыр тыхтона! — Æрцыд, уый зон, дæ сæфты бон... Зæронд дунейыл мах цырагъæн Куы бафтыдтам ыстыр сырх арт. Сæрибар ныр — нæ дзуар махæн, Сæрибарæй бæттæм нæ ард. Нæй, нал ратдзыстæм мах нæ бартæ Лæджы фыртæн, уый зон, дзыллæ! Кæм нæ цыдысты дзыбыр, галтæ, — Уым ныр — æрдхæрæны тыллæг. Кæм калдтой ир, гуырдзы сæ тугтæ, Кæм кодтой кæсæг, хъулгъа тох, — Уым хизы колхоз ныр йæ дзугтæ. Æнусон изгард аци рох. Нæры Кавказ. Мæй, хур дзы хъазынц. Уыны йæхи Кавказы арв. Йæ дæттæ — ирд: йæ сæг ын ласынц, — Ныгæны сæгтæ Каспи арф. Нæры Кавказ. Кæсы бæрзæндты. Кæсы ’мæ райы. Хъуысы зард: «Сæ рæхыс атыдтой мæ цæнгтæ, Мæ уæлæ рæзы, ’хсиды цард...». ФÆСТАГ ХЪÆБЫС Æрцыдтæн æз дардæй. Бæллыдтæн дæ уындмæ, Мæ иубæстон адæм, мæ райгуырæн хъæу. Нæ сæгæйдзаг хæдзар, фæзындтæн дæ хуындмæ, Фæлæ мæм дæ ракаст ныры онгау нæу: Ныссау ис дæ къона, дæ рæхыс дæр царæй Къæдзтæ-мæдзтæй артмæ нæ тавы йæхи. Нæ сæнары мæсыг ныффæлдæхт бындзарæй, Дæ уæлхæдзар нал ис бæрзæй быд мæхъи. Дæ быны уыд не скъæт. Гыцци уым æвгъæды Йæ буц фыртæн бадти, — хъуыды ма кæныс? Хъæмпæй уыд йæ лыстæн. Уæд кæвдæсы гæды Йæ лæппынтæй хъазыд. Фæтарсти сæ фыс. Гыцци дæр ыстъæлфыд: хъæбул у хæрз адджын, Йæ хъæбулы цæнгтæ нымæтæй тыхта...
Нымæт, о цъæх нымæт, куыд-иу уыдтæ кадджын, Гыцци дæ сырх зæлдаг йæ фыртæн хуыдта. Мæхæдæг дæр абон æрвитын мæ арфæ Зæрдæйæ, цъæх нымæт, зæрдæйæ дæуæн! Дæ фæрцы куы скастæн бæрзонд хохæй арвмæ, Фæхъомыл дæн, цъусгай фыййау дæр ысдæн... Хур зилы. Цард ивы... Æрзылдтæн нæ бæстыл. Æз ахастон дардыл мæ дыууæ цæсты. Цард хъулон-мулонæй æрзылди мæ рæзты: Фæкафыдтæн хъазты, хæцыдтæн хæсты... Хур зилы. Цард ивы... Ныр абон æрбакæс: Мæ цæсгом нынцъылдтæ, ныггæмæх мæ сæр... «Мæ райгуырæн ыскъæт, уыдтæ мын æвгъæдгæс, Сынтæн та мын рафтау дæ тарваз ныр дæр!» — Гъе ахæм фæндимæ куы ’рцыдтæн æз дардæй, Фæлæ дын куы загътон: нырмæйау нæ дæ; Ингæнау мыл уазал æмбæлы дæ цардæй, Дæ уындæй нырризы, нырризы зæрдæ... Мæ фыдæлты хæдзар, æцæгæлон цæстæй Кæрæдзимæ абон æдзынæг кæсæм. Æцæгæлон зæрдæ... Æндæр царды хъæстæ... Мах царды хæс не ’ккой, нæ риуты хæссæм!.. Хур зилы. Цард ивы... Мæ райгуырæн хæдзар, Нæ астæу куы февзæрд егъау айнæг хох. Ды аззадтæ фале... Æртондзæн дæ хæлд цар... Баба дæр ныссæфдзæн... Дзæгъæл у йæ тох... Дзæгъæл у, хæрз дзæгъæл йæ тох, о, бабайæн: Дæ цæджындз ныссасти, дæ бындур ысмæнг, Цæй лидзæн ма вæййы бабайы æмбайæн, Кæм ма йæ фæхæссынц йæ къæхтæ, йæ зæнг... Ды аззадтæ фале... Цы ма дын кæндзынæн? Нæй амардæн хостæ, нæй асастæн хос! Кæд байзæддаг искуы æрфæрса, — зæгъдзынæн: «Баба афтæ царди, ныссæфти æд фос!..». Ды аззадтæ фале... Ыздæхын фæстæмæ... Ыздæхын фæстæмæ, нæ сæгджын хæдзар. Æцæг ма дын иу хатт зæгъын æз хæстæгмæ: «Хæрзбон у! Мæ митæ ныббар мын, ныббар! Мæн иннæрдæм айста йæ фæйлауæн цардæн... Цæй, чи зоны, искуы ма ’рыфтон дæумæ: Фæагурынц музеймæ йе стæгдар мардæн. Æз зонын, фæдзурдзысты гъеуæд мæнмæ. Дæ систы хæлдтытыл фæбаддзынæн бирæ, Фæкæндзæн мын куырм уыг дæ хабар, дæ кой. Æрхæсдзынæн музеймæ зæронд нымд Ирæй Æвдисæнæн алцы, цыдæрид зæгъой». 4Ео
НÆ ТÆРСЫН ÆЗ Нæ тæрсын æз дæуæй, мæлæт, уый зон! Ис бирæ, бирæ низтæ — рын, уæд сон. Цыбыр у цард, - уæддæр куы ивы фæлтæры фæлтæр. Æрдзы кæд никуы хæлы тох, мæнæй уæддæр нæ кæны рох: уыдзæн, уыдзæни цард. Кæд а зæххыл — уый зонын æз бæлвырд æмæ хъæрæй зæгъын мæ дзырд — Хæрз бирæ нæу йæ дуг, — уæддæр уыдзæни цард, хæстæг уа, дард. Æцæг, пигмейтæ ис хæрз бирæ, арæх. Нæуæг уард митыл дæр нæ уадзы фæд сæ къах. Мæлæт сæтты, гъе, ахæмты, ’мæ а зæхх ныхъуыры уыдоны æнцонæй. Ахх! Цæй мæгуыр у пигмей!.. Нæ дæн æз ахæмтæй, нæ дæн! Мæ фæд хæрз арф æмæ уæрæх зындзæн, Ирыстон, зон, дæ риуыл. Æууæндын абон æз мæхиуыл — æмæ мын нæй мæлæн. Фыцы мæнæн мæ туг. Æрмынæг уæвæн нæй гъеуымæн риуы. Мæ тугдадзин мæнæн — æгæрон. Æгæрон тыгъд — мæ зæрдæ. Нæй, нæ чиуы мæнæн мæ къах, æнусты сæрты йæ куы айсын размæ, уæд. Нæ уырны мæн мæлæт. Æмгæрон нæ цæуы абон, зон, мæ сæрмæ, — куыдфæнды дзурут-иу сымах, — мæлæты кой. Æз зонын — цæуæт мысдзæни мæн. Зындзынæн æз йæ хъæрмæ. Нæ бауромдзæн ингæн мæн, ныссæтдзынæн мæ чырын! Ысуинаг дуг уыдзæн мæнæн лымæн... Нæ дæн, нæ дæн, зæронд Ир, æз дæ зарæг: фæстæмæ æз мæ фыны дæр нæ бырын. Кæд хаттæй-хатт ды фехъусыс мæ хъарæг, уæд-иу уый зон — æндæр мардыл фæкæуын.
Æндæр вæййы мæ низ, фæлæ дын æй нæ зæгъын. Фæзынут, цæй, кæмæн у размæ йæ цæстæнгас, йæ каст! Цæуын уæ разæй æз. Ныхасмæ æз нал хæссын мæ хъаст... Æрцу, о нæуæг Ир! Уæрæх — мæнæн мæ риу, парахат риуы — зæрдæ. Æрцу æмæ йæ цъир! Æрцу æмæ йæ цъир — æз байтыгътон мæ тæрттæ! Æрцыд, æртахт нæ цъæх уалдзæг, Нæ цъæх уалдзæг, нæ худæндзаст. Хъус, рудзынгæй æрбафсæрста Бул-булы зард уæрæх... Кæс, зæрватыкк — нæ буц уазæг, — Йæ базыртæй ысхъазыди. Ысулæфыди хъæд. Нæ бæрз бæлас нæ кауы раз Йæ цæссыгтæ куы асæрфта, Йæ цæссыгтæ куы асæрфта, Куы ныттылдта йæ сæр. Хæххон уддзæф, фæлмæн уддзæф Рæвдауæгау куы расæрфы Йæ уадултыл йæхи. Хæххон уддзæф, фæлмæн дымгæ, Кæс, нæзытыл куы сæмбæлди, Куы сæмбæлди, куы ныууыгъта, Гъе, уыдоны тыхджын. Сæ мæрдхуыссæг куы астъæлфыд, Куы асхъаудтой сæ цæстытæ, Сæ цæстытæ рæвдзæй. Хæрис тала нæ донгуырон Йæхинымæры бахуды, Къæдз-мæдзытæ куы авæййы, Ысраст вæййы нæуæг. Уый хуримæ тын нывæнды, Уый уалдзæгæй рæвдыд исы: Ма йыл бахуд, ма! Йæ мæнгдзæстæй, кæс, ферттывта Æвзистæнгас цыллæ къуыбыр — Йæ хъæбул у, гъе, уый! Нæуæг улæфт, нæуæг уынæр Мæ рыст хъустыл куы сæмбæлы, ЭЗО
Куы сæмбæлы, куы ацæуы Мæ къабæзты мæнæн... Тæхудиаг, ныр фаг цæнгтæ! — Мæ хъæбысы куы ныттухин, Нæ буц уалдзæг, æз дæу!.. Æрцыд, æртахт нæ цъæх уалдзæг, Нæ цъæх уалдзæг, нæ худæндзаст. Æгас нæм цуай, æгас нæм цуай! Дæ сæрвæлтау — мæ сæр! УАДЗ ХЪУЫСÆД МÆ ЗАРÆГ Уадз хъуысæд мæ зарæг Мæнæн абон дардыл, Уадз байсыса хъарæг, Тых никæм уа зардыл. Кæнын æз мæ кадæг, Мæ бæстæ, дæ кадæн. Кæнын æз мæ зарæг, Мæ бæстæ, дæ радæн. Хур, дзаг у дæ тынтæй Мæ риу мæнæн абон. Хур, фервæзтæн зынтæй, Куы фесæфти сау бон. Уадз рисса ызнагæн Йæ зæрдæ мæ цинæй. Нæй цардæн æртасæн Кæлæн æмæ хинæй — Хур митæй нæ тæрсы, Нæ йæм хъары уазал, Хур уадæй нæ кæрзы — Нæу уымæй йæ адзал! Кæнын æз мæ зарæг Ызнагæн йæ сæфтыл, Кæнын æз мæ зарæг Ызнаджимæ хæсты! Куы зарын мæ зарæг Ыссæдзаздзыд бæстыл, Куы зарын мæ зарæг Æз йе ’нтыст, йæ рæзтыл!
МÆХИЦÆЙ МÆХИМÆ Адæм, дæ фырт дæн, дæ хъæбул дæн æз, Адæм, дæ туг æмæ де стæг дæн æз. Адæм — мæ фыд; æндæр уæдæ, чиу?!. Адæм — мæ мад; æз дадтон йæ риу. Хъул-иу мын чи радта? — Адæм — мæ фыд. Сгуы-иу мын чи радта? — Адæм — мæ фыд. Аргъау мын чи кодта? — Адæм — мæ мад. Гага мын чи хаста? — Адæм — мæ мад. Йе мын уæлыгæсæй чи хаста гуыл? Йе-иу мын чи зарыд хъæды зæнгыл? Чи мын лæвæрдта æрчъийы рæхсæн? Чи-иу мæ батавта къухты æхсæн? — Адæм — фæллойгæнæг, иууылдæр — ды!.. Адæм, мæ ахсджиаг, иууылдæр — ды! Уарзын дæ, уарзын хъæбулы уарзтæй, Уарзын дæ суанг мæ сонты азтæй... Адæм, дæ фырт дæн, дæ хъæбул дæн æз! Адæм, дæ туг æмæ де стæг дæн æз! * * * Æмæ зарыд булæмæргъ нæ донбыл, — Уым бæрз бæлас, — урсзæнг, дондзæст зади: «Ам ызнон тъæнджытæ кодта уазал, Ам ызнон чырс бадти зæххыл, хихтыл. Ам ызнон ды дидинæг нæ уыдтай, Ам ызнон йæ холы хордта бирæгъ!» Хъуыстон, хъуыстон ноджыдæр æз зардмæ, Æмæ зарыд булæмæргъ нæ донбыл: «Ам дæ фыд ызнон хъуынтъызæй бадти, Дымгæ хъазыд зæрондæн йæ тæрттыл, Дымгæ фаста тонгæ уырзтæй зачъе, Кæрц — йæ къæрид — уыд æмпъызт тæбынæй, Уад æвæрдта кæрцы ’мпъызты миттæ,
Къæхтыл æрчъи, о, дæ фыдæн йе ’рчъи, Ой, куыд ныссалд! Фадхос зæххыл ласта!..» Хъуыстон, хъуыстон ноджыдæр æз зардмæ, Æмæ зарыд булæмæргъ нæ донбыл: «Ам ныр хъармæй бафсæст бæлас, — базон! Ам чырс нал ис — тауы хур йæ хæрдгæ! Æрдз йæ гауыз дндинæгæй уафы — Уый æфсады царды хосæй, — базон!» Хъуыстон, хъуыстон ноджыдæр æз зардмæ, Æмæ зарыд булæмæргъ нæ донбыл: «Рацу, рауай — дидинæг дын — бадæн, Рацу, рауай — хур та дын — рæвдауæг; Хъазæнт нæууыл ам дæ чызг, дæ лæппу, Хъазæнт нæууыл ам рын-сон куы нал и». Афтæ зарыд булæмæргъ нæ донбыл, Æмæ зæрдæ урс уæрыккау кафыд: Уый фыдæлгъыст йе знонæн æрвыста, Зарыд зарæг абон æмæ сомæн. ТЕРК Терк — рагон Терк, нæ номдзыд Терк — Æрджынарæджы хъазыди. Уый дысон балцы Каспимæ Дайраны комæй рацыди. Цæуы ’мæ кафы, бахъазы — Уыдзæни райсом арф фурды. Йæ фæндаг гæрды, — н’ ауæрды — Ыссы ’мæ луары сау дурты. Эфир йæ сæрты ленкгæнгæ Тæхы ’мæ тындзы хуымгæндтæм; Кæны фæлмæн пъа æфсиртæн, Хæддзуйæ уайы хуыккæмттæм. Фæзынди арвыл Бонвæрнон, Зæхх исы сæрæй сау кæрдæн.
Æрба^т æртæх. Куы барттивы; Йæхи дзы найы таугæрдæг... Терк Бонвæрнонмæ бахудти, Йæ хъæбысы йæ акодта. Нызмæлыди, куы анкъуысти, Æрджынарæджы азгъордта. Кæсы^йæм къуыппæй даргъ бæлас, Йæ цонгыл бады зараг цъиу... Дæ фæхъхъау фæуон, уыцы маргъ, Йæ зæрдыл зарæг дараг чиу!.. Зар, зар, мæ цæст, сæрибар маргъ, Æрвит, ызгъал æндон мыртæ, — Хæстонæн зарæг — уартæмдых. — Уадз хъусой Терк, йæ донбылтæ!. * * * Цæуы мæ цард... Йæ буц дарæс лæзæры; Кæны æдых, рынчын лæгау, мæ дзырд... Нæ бантыст фаг... Мæ бонты рухс фæлтæры Нæ самадтон мæхицæн, нæ, æз цырт... Æцæг мæ туг фыцынæй не ’нцад царды, Æмæ тынтæ нывæстон дардыл тынг. Уыдтæн цæттæ нывонд хæссынмæ бартыл. Уыд тых, хъару; мæ зæрдæ та — сырх зынг. Фæлæ... цы, цæй?!. Фæндтæ!.. Фæндтæ кæй хъæуынц? Мæ зæрдæ буц у иу хъуыддагæй ’рмæст: Мæ разы тагъд уæд фидæн бонтæ ’рлæууынц. Сæ сурæт сын куы ахсы хорз мæ цæст... Уæ бон мын хорз, нæ байзæддаг, нæ цæуæт! Дæттын уæм æз æнусы сæрты къух! Зæрдæзæгъгæ изæртæ уыл æрцæуæд.
Мæ фыны æз сымах уыдтон æдзух... Уæ фынджы цур уæгъд бандон — курын - уадзут: Уæ куывдмæ мын æнæ фæзынгæ нæй. Мæ гаджидау уыдзæн: «Сæрибар уарзут, Ут хызт, ут хызт кæддæриддæр рынæй!» ГЕРМАНЫ ХÆСТЫ ЗАРÆГ Далæ комы хæрæ мигъ фæзынди, Æмæ арв ныннæрыд, арв нырттывта, Судзгæ цæхæртæ зæхмæ куы кæлы, Зæхх ныррызти, зæхх нынкъуысти, уæдæ. Уый хæрæ мигъ куынæ у, хæрæ мигъ, Уый арв куынæ нæры мигъты ’хсæнтæй, Уый арвы ’рттывд куы нæу, арвы ’рттывд, Æмæ арвы цæхæртæ куынæ сты, — Уый нæм залиаг калм æрбабыры, Залиаг калм Германы бæстæй, Авдсæрон маргхæссæг залиаг калм, Хæлбурцъгæнгæ, хæлбурцъгæнгæ, уæдæ. Йæ комы тæф сау мигъау куы сбадти, Йæ хъæлæсæй цæхæртæ куы калы, Йæ сау дзæмбытæй хъæдтæ куы цæгъды, Хæхтæ куы гæрды, хæхтæ куы халы. Ой! Фæдис, фæдис, Иры фæсивæд, — Ма йæ ’рбауадзæм, ма йæ ’рбауадзæм, Кæннод нæ хæхтæ фæнык фестдзысты, Нæ рæсугъд быдыртыл арт сирвæздзæн. Ой! Фæдис, фæдис, Иры фæсивæд! Лæгæвзæрст, бæхæвзæрстæй рацæут — Тохы бон ыскодта, хæсты дуг æрцыд, Лæджы сæр бахъуыд, лæджы сæр, уæдæ. Ой! Фæдис, фæдис, Иры фæсивæд — Нарты буц цот — Нарты буц байзæддаг! Худинаг ма ’руадзæм нæ адæммæ, Худинаджы бæсты мæлæт хуыздæр!
МÆЛÆГ ÆФСÆДДОНЫ ФÆДЗÆХСТ «Хурæргом æрбауа, хауæггаг æрбауа, Уастæн, нæ сафæг, нæ рын! О гыцци, о гыцци! ’Нæ цæстыл хæцæгæй Мæнæ æдзардæй мæлын... Дысон мæм тагъд дымгæ сау уац æрбахаста, Сау уац, мæ ныййарæг мад: Раппæрста, дам, нын, ра, не знаг нæ сау рæхыс — Рагон фыдæлты ном, кад; Фехæлдта, дам, нын нæ къона йæ бындзарæй; Н’ артыл нын ауагъта дон... О мæ ныййарæг, дæ фарн мæм, цæй, ма хъусæд — Бауæндон дзурын æргом: Сыхбæсты, хъæубæсты — ничи йæ рафаудта, Ничи дзы загъта «æвзæр»; Номджын, хæдæфсæрм, хæднымд, уæд куыстуарзаг уд, Кодта хæдзары та бæр. Ахæм уыд, гъе, мæ мад, ахæм дæ иунæг чындз, Афтæ йæ хуыдтай ды дæр. Иу цъаммар, дам, ын куы скодта, куы, судзгæ маст... Бафснайдта, зæгъы, йæ сæр. Уый дæр ма гъа, фæлæ, о, мæ зынг бахуысса, — Де ’фхæрд та, де ’фхæрд, мæ мад! — Иуизæр, дам, дæ нæ уатæй дæ дзыккуйæ Раппæрста расыг салдат... Мастæй мæ хæд хъуырмæ, судзгæ, цъæх арт уадзгæ, — Афтæмæй ме ’фсургъы фæд Хæстæн йæ тæмæнмæ, хæстæн йæ цырынмæ, О гыцци, бацыди уæд. Иуырдæм акарстон, иннæрдæм афсæрстон... Бантыст дæ фыртæн дзæбæх... Фæлæ йæ ’ндæр æфсургъ рахаста тарф хæстæй — Мæлæты саубазыр бæх... Риуыл, мæ риуыл куы сæмбæлди судзгæ ’ндон, Фæсонтæй ахызт, мæ мад. Игæры фæрчытæ зæхмæ æркалдысты, Тугæй мæ алыварс — цад... 52о
Ой-джиди, гыцци, дыккаг мард кæд акæнон, Кæннод кæд ферох уыдзæн Де ’фхæрд, нæ бæсты ’фхæрд, не ’дзард фæлтæрты сæфт Ме ’мхуызон мæрдты æхсæн!.. Зонын, кæудзынæ мыл, зонын — дзыназдзынæ... Хорз у кæуын дæр, уæдæ! — Йе ’лхынцъ, дам, райхалы, суадзы йæ тыппыртæ Хъарм цæстысыгæй зæрдæ. Фæлæ, мæ ныййарæг, асастæн, амардæн Нал кæны хосгæнæг хос. Стæй уæд дзыназынæй, дзурынц, фыдæй нырмæ Никуы фæчындæуыд фос. Гыцци, Ирыстоны рагæй хуыздæр æгъдау Хиуыл фæхæцын куы уыд. Никуы, дам-иу куыдтой, никуы, сæ хъæбултыл Номдзыд мад, схæссæг хорз фыд... Гыцци, кæуинаг-иу ахæмы куы хуыдтой, Ницæйагæй чи ’рвыста цард, Æмæ фыдмийагæй искуы кæмæн æрцыд Сабыр, æнцадæй йæ мард. Номджынæй чи фæцард, номимæ чи амард, Уыдон та рагæй нырмæ Хъарджыты, мыййаг, мæрдадзы нæ фæмысынц, Нæ, мæ мад, — байхъус мæнмæ! — Фæлæ сын зарджыты арынц сæ хорз нæмттæ, Номы зарæг у сæ цырт. Хъарæгæй нæ, фæлæ зарæгæй куы кæнынц Сгуыхт лæгæн ном æмæ цыт. Хъусыс Хазбийы кой, хъусыс Чермены кой, Хъусыс Къостайы кой дæр — Тохы бон, цины бон азæлы алыхатт Иры сæ зарджыты хъæр... Гыцци, мæ номæй къæмдзæстыг нæ уыдзынæ — Æгадæй нæ мæлы дæ фырт. Уый тыххæй абон мæ тугæйдзаг хъæлæсæй Ирæн куы дæттын æз дзырд. 05.8
Хъарæг мыл ма кæнæд, зарæг мыл азарæд, Курын, мæ райгуырæн зæхх, Дзаг хъæлæсæй-иу мыл илæлæй ныккæнæд. Иры чызджытæн дæр зæгъ: «Хъуытазхъæлæс æмæ мырмырагдзых чызджытæ, Бахъуыд уæ, ба, мардзæ, сæр — Мæнæ уын быдырты фæндырæй цæгъдинаг — Фехъусут дардмæ мæ хъæр! Хъуытазхъæлæс æмæ мырмырагдзых чызджытæ, — Уе знаг æрбауа сæргой — Мæнæ уын хохы та уадындзтæй уасинаг... Уадз дуртæ дæр хъусой мæ кой!». Ма ку, тыхгæнæг тæригъæд нæ фæзоны, — Ма ку, мæныстæн, мæ мад!.. Сау дуг, фыдлæг, зæгъы, бирæ нæ фæхæссынц — Бирæ нæ вæййы сæ рад! Додой йæ къона — рæхджы бон сæргой кæндзæн, Баууæнд мыл, баууæнд, фыдгул! Æмæ та ногæй нæ хæстнад Ирыстоныл Ракæсдзæн, ра, уæдæ, хур!.. * * * Гыцци, куы цыдтæн, уæд авдæнæй бахудти Саби, — ныххатыр мын кæн... Адджын, дам, куы вæййы, адджын, фырты фырт дæр, Бабæззын æй кæн лæгæн. Ракæндзынæ йын йæ мад, уæд йæ фыды кой — Дарæд нæ хъуыддаг зæрдыл. Аккаг куы скæна уый искуы цагъары цард — Ма фенæд хур бон бæстыл!.. * * * Хауæггаг æрбауа, удæнцой ма фена, Уастæн, нæ сафæг, нæ рын, — Ацы рухс дунейыл мах чи нæ бауагъта Адджын бинонтæй цæрын!..» 5§0
ХÆСТЫ БЫДЫРÆЙ Хæствæлладæй æз искуы ’нцад куы ’рбадын, Мæ нывæрзæн куы акæнын цъæх дур, Мæ фынтæ мæм куы ’рбауайынц чыргай, — Уæд мæм дæ ныв куы ’рбадавынц, дæ хуыз, Мæ ныфс, мæ тых, мæ царды рухс, чызгай! Куы скæсы хур, куы ’рнывæнды йæ тынтæ, Уæд дæр дæ хуыз куы фæзыны сæ хæлтты, Æмæ уæд дард куы алидзынц мæ зынтæ, Мæ сæнттæ мæ куы ахæссынц уæлæрвты; Æмæ уæд цард куы фæвæййы мæ хай, Мæ ныфс, мæ тых, мæ царды рухс, чызгай! Мæ фазыл тагъд куы фæцæйбырын знагмæ, «Йе æз, йе ды», зæгъгæ, куы ’рцæуы афтæ, Мæ адзал уым куы ’рбалæууы мæ фарсмæ, Мæ удмæ мын куы ’рбацæйуайы кафгæ, Æмæ æртæх куы ауынын мæ разы, — Уæддæр дæ ныв йæ дондзæсты фæхъазы... Æмæ та цард куы фæвæййы мæ хай, Мæ ныфс, мæ тых, мæ царды рухс, чызгай!.. Цы нæ вæййы — куы ’ркæла туг мæ рустыл, Æмæ, гъеуый куы ’рцæуа, куы, дæ хъустыл Æмæ дын к’ уа хæрз зын, цыфæнды зын, Уæддæр-иу мæм, СЛ§9
мæ царды рухс, фæзын!.. Фæзын-иу мæм, мæ цæфтæ-иу мын бабæтт Дзæбæх, бæстон дæ фæлмæн къухтæй ды, Æмæ мын уæд фыдгулы цæф нæ рисдзæн, — Сæ бæттæн сын сæ рис йæхимæ исдзæн, Æмæ та уæд ыслæудзынæн мæ къæхтыл... Фæлæ, мыййаг... Куы ахауа мæ къабаз, Фæлæ, мыййаг... Куы рахауа мæ цæст, Куы цæуа цъæй мæ хъустæ ’мæ мæ фæрстæй. Гуылмызтæй дæм куы ’рцæуон, йе цæнкуылтæй, Уæддæр-иу мыл уæлæхох ма су, ма, Æмæ-иу мæ бынтон рохуаты ма уадз: Кæн-иу мæм, цæй, фæлмæн ныхас æрмæст, Æмæ-иу мæ ма фæнæм дæ цæстæй. Æмæ уæд дæр уыдзæни цард мæ хай, Мæ ныфс, мæ тых, мæ царды рухс, чызгай!.. ЫЗНОН ЦЫМА УЫД УЫЙ... Коцойты Лрсены номыл Ызнон цыма уыд уый... Æз хъазыдтæн сырх хъултæй, Фырæй-иу тæу фæцæйарæзтон хатгай, Æмæ-иу мын уæд ме ’мбæлттæ мæ къухтæй Мæ сырх хъултæ куы акъахтой, куы, радгай, Кæнæ-иу мæ мæ тæрттæй хорз ныууыгътой. Бæргæ-иу сæм хъæбæрдзыхæй ысдзырдтон, Фæлæ-иу мæ гъеуæд сæ быны ’ртыхтой. Æркуыдтон-иу, уæддæр хатыр нæ куырдтон, Хылгондæй-иу фæпырх ыстæм уæд уынджы, Дыууæ-иу нæ кæрæдзи фæдыл н’ ацыд;
Кæс, æмæ алчидæр йæхæдæг рыджы Йæхиимæ гæпгæпгæнгæйæ хъазы. Фæлæ йæ маст кæм хæссы сонтæн бирæ! Æхситт... къуыззитт... Æмæ та, кæс, æмбырдæй — Кæл-кæл, чыр-чыр, æвзыгъдæй хъултæ уилæм... Фæци нæ хъазт... Æз ацыдтæн æмбылдæй... Ызнон цыма уыд уый... Æз хъазыдтæн фæдæгъдæй; Цыдтæн уæлгæс, хылдтæн уæлæмæ тигътæм, Ысдæн фыййау, зæйтæ-иу уагътон рæгътæй, Ыскъæрдтон дугъ чысбын лæбырдты сæгътæй, Ыстæй та-иу фæзарыдтæн фаг мигътæм. Ызнон цыма уыд уый... Фæлæ ныр, кæс: мæ рустæ — Уырынгтæ, ’мпылд; æрæмбæрзта сæ халас; Мæ сæр — гæмæх, зæл нал ахсынц мæ хъустæ, Цы гæнæн и — ысхос мын кæн, цу, марадз. Мæ фæззæг мыл æрцыд, æрцыд æваст!.. Цыбыр у цард — ыскаст æмæ ныккаст!.. Цыбыр у цард! Фæлæ йæ бонтæй ма бар — Уый бонтæй баргæ нæу, фæлæ фæллойæ, Дæхи йæ цырынмæ, йæ арфмæ бахъар, Æмæ дæ фæззæджы уыдзынæ хызт фæсмонæй. Дæхи йын ратт, æмæ дын уый дæр ратдзæн Дæ бæсты фарн, дæ адæмæн йæ хорзæх, Мæрдон рæстæг уæлæуыл бонтыл бафтдзæн, Æмæ дæ цард сæдæ уыдзæни, хорзæй! * * * Цымæ, ныр та кæй рад у, Кæмæ бауасыд халон?.. Цы уынын, цы, мæ цæстæй, Æмæ цы уыдтон фарон! Гъе, афтæ у цард, афтæ, Æууæнк ыл нæй æппындæр. Фæлæ уæддæр бæгуы, 6æ, Æмбара йæ нæ фылдæр! Æгъгъæд у, цæй, æгъгъæд у Хæрдты кæсынæн. Цардмæ Лæмбынæгдæр æркæсут Æмæ йæ хатут дардмæ... Нæ дуг заман у махæн, Заман, заман, нæртон дуг! Чи бахаудзæни цардмæ,
Чи сисдзæни йæ сонт уд... Мæ Ир, мæ уарзон бæстæ, Дæ ном, дæ фарнмæ дзурын — Бындурон уæнт дæ риуыл Дæ байзæддаг, дæ хъæстæ! <ИРЫСТОН> Скъуыддзæгтæ Æфхæрд, ыссæст уыд, мæгуыр, гæвзыкк уыд Октябры размæ Цæгат Ирыстон. Сындзджын фæндагыл мæйдары хатти, Кæрон нæ уыди йæ тыхст, йæ рыстæн. Хъæбатыр Амран Кавказы хохмæ Æфсæн рæхыстæй уыд баст хæрз фидар. Æмæ йын цъиусур йæ ныфсджын риуæй Æхсæвæй-бонæй тыдта йæ игæр. Хæст, тохмондагæй йæ фыдызнагмæ Мæстæй куы сыгъди, цъæх арт куы уагъта, Æмæ йæ цæссыг, рондз, тугæмхæццæ Нæ хæхтыл калди, æмæ сæ ’хсадта. Уæддæр ызнагæн — бæсты хицауæн — Сæттын нæ куымдта, нæ каст йæ коммæ. Йæ ныфс нæ састи, æнхъæлмæ касти Хъæбатыр Амран йæ райгæ соммæ. Зыдта бæлвырдæй — бæсты хицауæн — Хъуынахор удæн — кæрон уыдзæни: Фæзындзæн искуы зæххон диссаг гуырд Æмæ йын йемæ амонд хæсдзæни. Æмæ мæнæ арв нырттывта, Арв нырттывта ’мæ ныннæрыд, Зæхх нынкъуысти, зæхх нызмæлыд. Зилгæ дымгæ сыстад бæстыл, Тухгæ уад фæзынди бæстыл, Æмæ бафтыдысты мигътыл. Мигъты, сау мылазон мигъты, Арвы цъæх риуæй фæсырдтой. Арв фæзынд æмæ йæ уæлæ Хуры хурзæрин ысхъазыд, Райтыдта йæ тынтæ тигътыл, Хæхтæ, быдыртæ нырттывтой. Уый Октябыр уыд, Октябыр! — Стыр Уырысы кусæг адæм, Иннæ адæмты æмдзæдис, Сыстадысты уæд тыхджынæй Æмæ бавнæлдтой сæ бартæм.
Æндон рæхыстæ ныссастой, Æмæ адæмæн сæ уæнгтæ Сысты афтæмæй сæхи бар. Паддзахады рохтæ райстой. Цардарæзты рухс фæндагыл Кусæг лæг æрлæууыд фидар. Уыди рæстæг, æмæ та ныл Тугцъир бонджынтæ сæ дзæмбы Ног æрæвæрынвæнд кодтой. Æмæ нæм уæд сахъ æмбæлттæ, Киров æмæ номдзыд Серго, Ам куы фæзындысты иумæ, Уаритау — цæрдæг, æвзыгъдæй. Айстой разамынд сæхимæ, Сырх отрядты разæй хæсты Бацыдысты, ’мæ нæ бæстæ Тугдзых сынтытæй ыссыгъдæг, Æмæ хур ныккасти Ирмæ. * * * Нæ рæсугъд хæхтæн, нæ айнæг хæхтæн Сæ хуылф у йедзаг зынаргъ хæзнатæй: Æвзист, сызгъæрин, ызды ’мæ цинкæ, Графит, джынасу — æнæ нымадæй. Ирон лæгæн-иу хæдхæцæг паддзах Ыстонг бирæгъау йæ царм ыстыгъта, Фæлæ, куырм уыгау, йæ цырыхъхъы бын Цы хæзнатæ ис, — гъеуый нæ уыдта. Фæллойгæнæг лæг йæ цæхæр цæстæй Ныккаст нæ хæхтæн сæ арф хуылфытæм, Ысбæрæг кодта, ысбæлвырд кодта, — Кæмдæриддæр ис хæзнайы хъæстæ. Бынмæ ныггæрста, бынмæ ныххызти, Динамит тоны нæ хæхты фæрстæ. Цæуы уæлзæхмæ нæ хæхты хæзна, Æндæр куы фестад нæ рæсугъд бæстæ. Зæронд Садонæн, зæронд Мызурæн, Фароны митау, сæ кой дæр нал и. Уым кусæг адæм паддзахы дуджы Куыстой лæгдыхæй, сæ туг-иу калди. Ныр Садонгомы æрзæткъахæнтæ, Мызурыбыны æрзæткусæнтæ Хæдархайд сысты кæрæй-кæронмæ, Æмæ дзы куысты куы райы зæрдæ. Паддзахы дуджы ирон мæгуыр лæг, Мызурыбынæй, æрзæт ласгæйæ,
Уæлладжыргомы цъыф фыдвæндагыл Йæ бонтæ ’рвыста кæугæ, нæтгæйæ. Йæ сæмæн састи, йæ уыттыр хауди, Йæ уæрдон сагъди цæмджын арф доны. Фылдæр хатт та-иу йæ дарæг хайуан Æд уæрдон, далæ, ныххæррæгъ комы. Ныр Алагирмæ уæрæх фæндагыл Æрзæт куы ласы хæдтулгæ уæрдон. Гъеуырдæм поезд йæ размæ уайы, Æмæ æмбæлы æрзæт йæ раны. Йæ ран та уымæн ис Дзæуджыхъæуы, Рæвдзгуыст завод æм йæ дзых уым дары, «Электроцинк» у йæ ном гъеуымæн. Æрзæты сойтæ гъеуый лæмары Æмæ сæ ратты кæдзус ызгъæрæй Нæ буц Цæдисæн, нæ паддзахадæн. Зындгонд у завод Советон бæсты, Æмæ дзы уымæн нæхи рæвдауæм. Куы сырæзт махмæ Беслæныхъæуы Нартхоры куысты тыхджын комбинат. Æгас Советон Цæдисы мидæг Гъеуый куы ахсы фыццаджы бынат. Фæзынд нæм дарддæр æндæр заводтæ. Дæттынц пайдатæ зæххы хæзнатæй. Дзырдæн æрхæссæм нæ авджы завод Æмæ ма бирæ — дæстæй нымадæй. Нæ фæрæздæттæн сæ хыгъд, сæ нымæц Советон дуджы куы фæфылдæр ис Фыццаг рæстæгæй æхсæз хатты бæрц, Сæ рард фæллой та, зынаргъ хæзнатæй, Дыууын фондз хатты фылдæр фыццагæй. Хъæууон куыст кодтой, хъæууон æрмæстдæр Нæ ирон адæм фыццаг заманы. Ныр куы сæвæрдта мах ахæм раны Æмæ индустрион ысси Ирыстон. Нæ дæттæ хъалæй æмæ тызмæгæй Ызгъордтой хæхтыл, ызгъордтой кæмтты, Емылыкк бæхау, сæрдæй, зымæгæй. Ныр сæ æрцахстам, ныйифтыгътам сæ, Æмæ нын дарынц Ильичы цырагъ. — Электрон цырагъ — нæ арæзтæдты, Электрон цырагъ — нæ буц колхозты. Æрцыди арæзт Джызæлы доныл Бæрзондæлхъывдон электростанцæ. Нæ уыд йæ размæ æндæр йæ кондыл, Æмæ Цæдисы фыццагдæр баци...
* * * Хъæздыг у махæн нæ рæсугъд быдыр, Йæ саумæр сыджыт — рæдаудæр мадæй: Цы дзы аппарай, — бæстыл ыскъуыйы, Æрзæбул вæййы бынмæ фырзадæй. Фæлæ фыццаджы гъеуыцы зæххæй Мæгуыр ирон лæг кæм уыди хайджын! — Æрцæуæг æлдар, нæхи æлдæрттæ — Гъеуыдон хордтой зæххæн йæ дзаджджын. Ныр уыцы зæххыл кæрæй-кæронмæ Куы сырæзыди хъæздыг колхозтæ, Æмæ куы исы ирон лæг абон Колхозы куыстæй йæ царды хостæ. Фыдфынау мысы йæ царды фарон. Æфсæн бæх æмæ хæдцæугæ гутон, Хæдтулгæ уæрдон, æхсырф хæдгæрдгæ, Хæдифтыгъд æмæ хæдтæргæ наййаг — Гъеуыдон та нын — йæ кусæнгæрзтæ. Хуымы га махмæ дæтты сыгъдæгæй Æвддæс кæнæ та æстдæс центнеры Рæсугъд тыллæгæй, хæрзхъæд тыллæгæй. Нæ хъæутæм бакæс — дыргъдон æгасæй, Дидинæг — уалдзæг, фæззæг — æлæмтæ — Бæлæсты сæртæ бынмæ æртасынц. Уынайлаг фæткъуы, хърупсаг кæрдо — Æмбал нæ арынц уынд æмæ адæй; Цæст сæ ныхъуыры, дзыхы куы тайынц. Бæрзонд хизæнтæ, рæсугъд хизæнтæ, Сæрдыгон бакæс — нывæфтыд гауыз. Сæ зад кæрдæджы, сæ дидинæджы Фæцæйныгъуылы хаст, хъомыл далыс. Гъеуыдон иууыл колхозон дзугтæй, Бæмбæджы хуымау, сæнтурс куы дарынц. Фæсривæд хурбон, изæры хизы Дæрддзæст фыййæуттæ сæ цуры зарынц. Æвзаргæ къуымбил, уæд бур-бурид цыхт, — Уый фосы лæвар — нæ колхозонтæн. Нæ фермæты нын мыггагджын хъомвос, Æхсырджын хъомвос куы хæссынц алкæм Нæ хъомтæмзилæг стахановонтæ. Æмæ азæй-азмæ хъæздыгдæргæнгæ Куы цæуынц махæн нæ фæллойбонтæ: Цыхт, царв, хъуын, нард фыд, æппæт халсартæ, Æвзаргæ хорæй — дзаг хордон, гонтæ...
* * * Нæ хæхты суæрттæ — æвдадзы хостæ, Сырсыргæнгæйæ хæрдмæ лæбурынц. Рухс, сатæг рæттæ; сæ сæууон уæлдæф Лæгæн йæ фæллад, йæ рынтæ суры. Уыдис Цъæййаггом фыццаг заманы Зындгонд æрмæстдæр нæзы цырагъæй. Гъеуый уæй кодта цъæййаг лæг хъæуты, Æргъом нæ хызти бынмæ йæ рагъæй. Ныр айхъуыст дардыл æндæр хъуыддагæй Цъæйæн йæ хорз кой нæ буц Цæдисы: Йæ санатори рæуджыты низæн Æрмæй исæгау йæ судзаг исы. Уым байгом ноджы фæлладуадзæндон. Æвæдза, иу мæй, æрмæстдæр иу мæй Фæцарди сæрды уым лæг йæхицæн, — Уæд цалдæр азы йæ уæнгты мидæг Фæллад нæ уыдзæн, йæ сæр нæ рисдзæн, Æмæ йæ зæрдæ йæ куыстмæ райдзæн. Хур æмæ цъити, мæй æмæ хæхтæ Кæрæдзиимæ куыдтæ фæхъазынц, — Гъеуый цæрæнбон йæ цæстыл уайдзæн. Дард нæу Зæрæмæг, Цъæймæ хæстæг у, Æввахс сæм ноджы — Тиб æмæ Нар дæр. Хæрдмæ æнхъизынц уым диссаг дæттæ, Æргом куы сафынц тыхст низтæй цалдæр. * * * Тырнаг уыд рагæй ирон лæг рухсмæ, Фæлæ йын дугтæ йæ фæндаг истой. Уæддæр нæ састи, æфсæрста размæ, Амæлттæгæнгæ ’мæ удаистæй. Æмæ йæ къухы куыддæртæй бафтыд Рухсы ’хсидавæй зынджы ыстъæлфæн. Мин æвдæм сæдæ нæуæдз æстæм аз Нæ фыццаг чиныг мыхуырæй рацыд. Хъуыды йæ дарæм мах уыцы азы, Ирон зæрдæйы нæй уымæн сæфæн. Раст ацйаз сæххæст ирон æвзаджы Грамматикæйыл фондзыссæдз азы... Ирон музæйæн йæ фыццаг къахдзæф, Йæ фыццаг бонтæ уыдысты тасы. Уæддæр нæ фæтарст æмæ ныззарыд Ивгъуыд æнусы æхсайæм æзты.
Æстайæм азты «Ирон фæндыр»-ы Мæстæйдзаг хъæлæс фехъуыст нæ бæсты. Æрцамыдтой йын йæ хъистыл уымæн Ирон æвзыгъд гуырд цæхæрцæст уари — Къостайы ’нгуылдзтæ, аив амындæй, Бæрзонд сау рындзыл нæ уарзон Нары. «Ирон фæндыр»-ы æхсарджын мыртæм Æфхæрд Ирыстон сабыр ныхъхъуыста. Нæ фæсивæдæн сæ тырысайыл Йæ туджы ’ртахæй Къоста ныффыста: «Цæйут, æфсымæртау, Раттæм нæ къухтæ Абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ! Скæнæм нæ тырыса Дзыллæйы номæй, Рухсмæ æнæзивæг Цомут æнгомæй! Растдзинад уарзынæй Скæнæм нæ фæндаг. Гъæйтт-мардзæ, магуса, Фесæф, нæуæндаг!..» Æнæзивæгæй бæргæ цыд рухсмæ, Бæргæ тырныдта ирон лæг цардмæ, Фæлæ ныббадти йæ уæлæ пъæззы Æмæ йæ змæлын нæ уагъта размæ. Æмæ Октябыр æрцыд нæ фарнæн; Ирон лæг райгуырд нæуæг йæ мадæй. Æцæг ирд рухсы уæрæх фæндагыл Рæвдзæй, æвзыгъдæй цæуынц нæ адæм. Дыууын рухс азы ирон культурæ — Йæ формæ уымæн — национ формæ, Йæ апмæ гæсгæ социалистон — Ахæм культурæ рæзт бонæй-бонмæ. Æнахуырдзинад фесæфт бындурæй! Хъæуæй, сахарæй — фаг махмæ скъола, Уым ахуырады рæсуг суадонæй Нæ рæзгæ фæлтæр йæхи æфсады! Фыццаг рæстæгæй фынддæс хатты бæрц Не скъоладзауты æрттивгæ ’фсадæн Куы фæфылдæр ис йæ хыгъд, йæ нымæц. Паддзахы дуджы æнæхъæн Кавказ Бæллыд æрмæстдæр уæд иунæг вузмæ. Фæлæ нæ хъæлæс, йæ курыны хъæр 1 Нæ хъуыст паддзахæн йæ къуырма хъусмæ. Ныр абоны бон ис фондз хорз вузы Æрмæст нæхимæ, нæ чысыл бæсты. оё.8
Рæвдзæй, рæсугъдæй сæ куыстæй кусынц. Фæзынди ноджы ахуыр-иртасæг Институттæ дæр нæ бæсты цалдæр. Гъеуыдон иууыл, цырын куырдадзау, Куы цæгъдынц махæн фæрæзтæ цардæн: Нæ кусæндæттæн — инженер, техник, Нæ рынчындæттæн — куыстуарзаг дохтыр, Цæттæ агроном ныххæцыд абон Нæ дзаджджын зæххæн йæ фидар рохтыл. Ис не скъолатæн фаг ахуыргæнæг. Наукон кусæг — хæдчиныг адæм — Фæзынди ирæй сæхицæй бирæ. Нæ царды фæндаг æдæрсгæ хатæм. Цæгаты Иры фыццаг заманы Ирон æвзагыл нæ уыд театр. Ныр ис. Ысгуыхтæй кæны йæ хъуыддаг, Фæзынд рæсугъдæй йæ куыст нæ цардыл. Хæрзарæхст артист, аив фысджытæ, Аив нывгæнæг, фæндыры дæсны — Куы рæзынц къордæй гъеныр нæ бæсты! Нæ газетты хыгъд дæстæй нымайæм, Ыспарахат ис нæ чиныграуагъд. Иронау дзурынц намысджын Пушкин, Шевченко, Шиллер, уæд Руставели, Толстой, Акаки, нæ зынаргъ Горький; Иронау дзуры Шекспиры гени! Къостайы «Фæндыр» нæ Иры хъæуты Уыдис ыстæмдæр зынаргъ ызгъæрæй. Ныр уый — кæмдæрид — быдырæй, хохæй, — Сæдæ сæдæтæй æмæ фылдæрæй Нæ рухс Цæдисы æнгом бинонтыл Куы зилы, зары цъæхснаг хъæлæсæй, Ыссæдз æвзагыл уый семæ дзуры Ызнаджы ныхмæ — сæрибаруарзаг — Цæуы сæ разæй, бырсы, лæоуры. Нæ рагон цардæй гæзæмæ цыдæр Зыдтам мах раздæр кæйдæрты дзыхæй — Гуырдзы, Ром, Бердзен — уыдон анналтæй. Æмæ гъеуый дæр æрмæст лæгдыхæй. Уыд йе ’ннæ тары, æнусты тары. Ныр æм рухс бакаст нæхи амалтæй, Æмæ нæ фарон бæлвырд æвзарæм. Нæ рагон тыхджын ысгуыхт фыдæлтæ — Алантæ — махæн, сæ буц цæуæтæн, _ Ыстыр культурон хæзна ныууагътой — Уый — Нарты эпос. Зындгонд у бæстæн. Ныгæд уыд махæн гъеуыцы хæзна.
Ныр æй ыскъахтам æнусты бынæй, Æмæ дунейы рухсы быркуымæ Æрхаста Ир дæр зынаргъ æвæрæн. Ныр цирхъæлвæстæй йæ тинты кæрцы Ахиллы æмрæнхъ лæудзæн Батырадз!.. Зæфцæй-иу махæй куы сæфти бирæ — Кæм æфтыд дохтыр мæгуыры къухы! Советон дуджы нæ медицинæ Ыстыхджын; алран — рынчындон хъæуты, Куынæг куы кæнæм мæлæты тыллæг, Йæ даргъ цæвæгыл бынмæ æрхæцыд — Йæхи бар нал у, фыццаджы хуызæн, Нæ бæстæм йе ’рцыд кæнæ йæ фæцыд. Нæ сывæллæттæн — нæ дидинджытæн — Рæвдауæндæттæ, рæвдауæг адæм. «Æнæниз уæнгты æнæниз уд ис!» — Нæ девиз махæн у абон ахæм. Колхозон лæгæн, фæллойгæнæгæн — Кино, газеттæ, театр, клубтæ, Аив изæртæ, кафт, зард, кæм лекци — Фæлладуадзæн бон æппынæдзух дæр... Фашистон сырдтæ нæ рухс Цæдисмæ Куы ’рбалæбурдтой фæлывд, мæнгардæй, Уæд сыстадысты ирон адæм дæр Ызнаджы ныхмæ кард æмæ уартæй. Фæдисы цыдæй цыдис ирон лæг Нæ нарæг кæмттæй нæ лæгъз быдыртæм! Советон Цæдис бахъахъхъæнынмæ Цъаммар фыдгулæй — фашистон рынæй. «Советон Цæдис — нæ фыдыбæстæ, Советон адæм — уæд не ’фсымæртæ, Сæ цин нæ цин у, сæ хъыг нæ хъыг у», — Ирон адæммæ ис ахæм зæрдæ. Æмæ куыд бадой æнцад сæхицæн, Сæ риутæ седзаг куыннæ уой мастæй, Кæд нæм ныббырста фыдгул, фыдызнаг Æмæ нæ судзы хæсты цъæх арты?!. Кæд нын уый халы нæ цард, нæ рухс цард Нæ кусæг къухтæй цы цард сарæзтам, Кæд нын уый исы нæ бирæ бартæ, Нæ туджы пырхæй цы бартæ райстам! Куыд уыдзæн уый та, æмæ нæуæгæй Нæ бæрзæй рисса цагъары ’фсондзæй!
Куыд уыдзæн уый та, æмæ ма искуы Нæ кæрдзын тулæм нæ туг, нæ рондзы! Фыдæй-фыртмæ дæр ирон адæмæн Уыдис сæ тырныд сæрибар цардмæ: «Дæ царды мидæг бæлл кад, æхсармæ!» — Фыд-иу йæ фыртæн фæдзæхста афтæ. Йæ фыдыбæсты сæраппонд царди, Йæ фыдыбæсты сæраппонд марди, Æнæ фæцудгæ, æвзыгъд Нæртон лæг. «Тыхфæлварæн уыл куы кæна исчи, Уæд-иу ын йæ тых сæттут, фæсивæд!» — Фæдзæхста афтæ сæ хистæр Нартæн Зæронд Уырызмæг йæ сидты мидæг. Æмæ, æцæгдæр, тыхы фæдыл-иу Куы фæзынд исчи сæ бæстæм Нартæн, — Æгас хæдзар-иу уæд нал ыссардта — Йæхи туджы зæй-иу æй фæласта, Йæ урс ыстæгдар уыд цырт йæ мардæн. «Фыдвæдæй, — зæгъы, — æвæд хуыздæр у», — Уыдис-иу Нартæн сæ ныхас ахæм. Æмæ кæддæрид гъеуыцы фæдзæхст Сæ зæрдыл дардтой нæ адæм махæн. Фæлтæр фæлтæрæн гаджидау уагъта. Фæлтæр фæлтæрæн хъæрæй фæдзæхста: «Къуымых кардæй, зæгъ, фæрæт хуыздæр у, Æгады цардæй мæлæт хуыздæр у!» Абхаз-инæлар зынгæфтауынмæ Куы ’рцыд æд æфсад Цæгаты Ирмæ, Уæд рæвдзæй тохмæ куы цыд ирон лæг Уыцы дзырдтимæ Хазбийы сидтмæ. Æмæ сæд’ азы мæлын нæ уадзы Хазбийы зарæг, рæсугъд нæргæйæ, Нæ уарзон хæхты, нæ буц быдырты Гъеуыцы хъæлæс ирон зæрдæйы. Нæ хæхты тигътыл, нæ хæххон систыл, Нæ хъæуты уынгты, нæ рухс горæтты, Нæ цæуæнрæтты, нæ кусæндæтты Къостайы дзырдтæ æрттивынц иууыл: «Тугæйдзаг хид калгæйæ, Æгъатыр знагæн Цагъайраджы куыст Цæйнæфæлтау кæнай, Фæлтау сæрибарæй Амæлын хуыздæр у!»1 1 Къоста — «Кæуæг айнæг». (Авторы фиппаинаг.)
Ирыстон рагæй лымæндзинадæй Уыд баст йæ номджын, хорз сыхæгтимæ. Æмæ-иу семæ уый къорд хатт ацыд Хæцынмæ, тохмæ сæ фыдгултимæ. Гуырдзыстонимæ мах мысæм хорзæй Нæ фароны цард, нæ ивгъуыд бонтæ. Нæ уыд æнæхай нæ фыдæлты цард Йæ рухсдзинадæй, йæ бирæ зондæй. Мах мысæм хорзæй, гуырдзы дæр афтæ, Сослан-Дауыты, Тамары рæстæг, Боренæ-рæсугъд, Бурдухан-рæсугъд1 Ыскодтой раджы мах тугæй хæстæг. Ыстыр Уырысы ыстыр адæмæй Мах зонæм абон фыд, мады рæвдыд. Фæлæ фыццагдæр уыд махыл йе ’ххуыс, Йæ аудæнæй нæ цард куы рæзыд. Йæ хорз зондахаст æнхъæвзта Ирмæ, Йæ рухсдзинадмæ нæхи куы хъардтам, Нæ цард ыл бастам, нæхи дзы хастам; Нæ дыккаг æвзаг у йе ’взаг махæн. Сæдæ азты бæрц ыстыр Уырысæн У баст нæ хъысмæт йæ хъысмæтимæ, Æмæ цыдысты ызнаджы ныхмæ Йæ сахъ фырттимæ нæ фырттæ иумæ: Донайы былтыл ирон барджытæ Æвдай æвдæмы сæ фæд ныууагътой. Сæ карды ферттывд, сæ топпы нæрын Ызнаджы риуы уым тас куы уагътой. Цыппæрæм азы сау самурайтæн Ироны нæмыг сыгъта сæ зæрдæ. Ирон цонгæй сын ирон фæринк кард Уæд иу риуыгъдæй къуырдта сæ сæртæ. Цыппæрдæсæмæй ыстдæсæм азмæ Ирон полчъытæ Карпаты хæхты Фыдгул, ызнагæн, фыд-зæрдæ знагæн Йæ туг куы калдтой йæхи сау зæххыл. Хæсты быдыры ирон æфсæддон Фæстейы зади — рагæй-æрæгмæ — Æрмæстдæр гъеуæд, æмæ-иу æфсад Хæсты быдырæй куы здæхт фæстæмæ. Нæ фыдæлты фарн мæрдтæм нæ бацыд, Нæ сын фесæфтам сæ хорз æгъдæуттæ. Æмæ ныр абон, — хъазуаты бон, — Нæ Фыдыбæсты хъæбатыр хæсты 1 Ирон чызджытæ — Гуырдзыйы паддзæхты устытæ XII æнусты. (Лв- торы фиппаинаг.) ы?
Хæссы бæрзæндты йæ сырх тырыса Ирон лæджы фырт, ирон æфсæддон! Хæцы фæранкау цъыф, салд сур зæххыл Хæднæргæ топпæй. Фыдгулы зæрдæ Джебогъыл исы æмæ йæ фæстæ Обæуттæ уадзы фашистты мæрдтæй. Тæры, ыскъæры æндон мæсгуытæ Æмæ куы сæтты ызнаджы фидар. Тæхы бæрзæндты — цæхæрцæст уари — Æндон сырх къæвда, æндон тыгъдызæй Ызнагыл уадзы æмæ йæ судзы. Раст арвы ферттывд — йæ ми, йæ хуызæй! Дæлдæтты уайы, йæ нау дзы найы, Кæны фашистты нæлгæфты холы. Æфсургъыл бады, тæхы ’мæ уайы — Къæбутырдыгæй ызнагмæ згъоры. Чызгæй, лæппуйæ сæ рæзгæ удтæ Ысуæлдай кодтой нæ сахъ фæсивæд. Нæ бæсты сæрыл сæхи ’рхæссынмæ Хæсты быдыры нæ кæнынц зивæг. Советон лæгæн — зæронд уа, ног уа — Æнæуæрст куы у Советон бæстæ — Йæ алы къуым дæр йæхи къуым хоны Æмæ йæм кæсы хъæбулы цæстæй. Хæцыд ирон лæг Орёлы, Курскы, Хæцыд, домбайау, Сталинграды, Хæцыд Хъырымы, Дон, Днепыры цур — Йæ бæсты сæрыл, йæ бæсты кадыл. Кæдæмдæриддæр — йæ цыд æвзыгъдæй. Мæлын кæм хъæуы, йæ уд уым ратты, Кæннод фæстæмæ цæуы ысгуыхтæй. Ирон æфсæддон хъæбатыр гуырдтæй Ис минтæ абон хæрзиуæгджынтæ. Сæ койæ рæзæм, цæрæм сæ цинæй, Хæссæм сæ куывдтæм бæрæчетт хуынтæ. Ыссæдз сахъ гуырдæн нæ чысыл Ирæй Æрцыд аккаггонд цытджын, бæрзонд ном — Советон Бæсты Геройы хорз ном. Сæ кой у хъуыстгонд æгас Цæдисыл, Ыскодтой махæн цæсгом сæ кадæй. Цæрæнт нын бирæ, ысгуыхæнт ноджы, Нæ фарн сæ хизæд фыдгул, ызнагæй! Цъæх арвы фæринк, æндонсисджын маргъ, Йæ тæхæн — мигъæй æврагъы астæу. Уый — Цоколаты хæрзконд Геннади Æмæ Чочиты æнæрцæф лæппу — Фыдгулы, арвау, куы цæвынц растдæр.
Уæд Милдзыхы фырт! Хæднæргæ топпæй Уый куы самадта, рæвдзæй, æвзыгъдæй, Хæсты быдыры кад, номы мæсыг Иры дзыллæйæн ызнаджы стджытæй. Нартæ-иу, зæгъы, судзины бын дæр Куынæ ивгъуыдтой фат æмæ ’рдынæй! Доййаты лæппу нæ Нарты кæнон Куы кæны абон уæд топпæхсынæй. Дæлдон — сæ цæрæн, æргъай кæсагау, Уый — Хъоцъыйы фырт, Къессаты лæппу! Фашистты наутæ куы скæнынц уыдтыл Æмæ сын мæлæт куы хæссынц фурдты. Кæнæ дын, зæгъы, уæд Тогуызы фырт, — Ызнаджы æндон хъæхъхъаг «фæранктæй» Дæсгæйтты ссыртæ чи ныммур кодта Йæ сармадзаны цырын сырх артæй! Æфсæдты раздзог, разамонджытæ Ысхъомыл бирæ нæ чысыл Ирæй — Сæ цæст нæ сайы, æмæ фæранктау Ызнаджы фæдыл куы кæнынц зилæн Æмæ йæ иу ран нæ уадзынц никæм, Æхсæвæй-бонæй, сæрдæй-зымæгæй. Йæ туг ын калынц, зынг ыл æфтауынц, Йæ тых ын сафынц мæсты, тызмæгæй. Нæ Сырх Æфсады раздзæуджыты ’хсæн, Сæ номдзыд, фидар рæнхъыты мидæг Ирон адæмæй дæс инæлары Куы сты нæ бæстæн йæ хæстæ фидæг. У хъал Ирыстон Плийы фыртæй — Нæ Сырх Æфсады ысгуыхт инæлар Æмæ Советон Бæсты Геройæ. Ироны зæрдæ ироны риуы Уæрыккау кафы йæ рæсугъд койæ. Нæ Иры фидауц, нæ хорз ном хæссæг — Цæлыччы сахъ фырт, уæд Мамсыры фырт, Ыстæй уæд ноджы Сланы фырт дæр. Сæ дугъæтты фæд, Æрфæны фæдау, Хæсты быдыры фæсвæд цæуæнты Нæ сæфы никæд, — цæрой нын бирæ! — Æмæ мигъ уадзы фашистты уæнты... Нæргæ сармадзан — гъеуый сæ хотых, Сæттынц ызнаджы æфсæн фидæрттæ Дыууæ Нæртоны, æвзыгъд, цæхæрцæст — Карсаны сахъ фырт, Хетæджы хъæбул, Ызнагæн — мæлæт сæ иунæг ныдздзæхст. Уæлдæфон наутæн æгæрон тыгъды Фæндагамонæг куы вæййынц уыдон —
Уый Дзусы хорз фырт, Харебайы фырт! — Фыдгул, ызнаджы кæнынц дывыдон... Советон сыджыт — сæ ныййарæг мад, Нæ цытджын парти — уый се схæссæг фыд, Сæ зæрдыл дарынц нæ бæсты фæдзæхст: «Нæ фыдæлты ном æгадæй хизут, Æвдисут рухсæй нæ ирон цæсгом, Нæ бæсты æфхæрд ызнагæй исут!» Советон адæм сæ Сырх Æфсады — Сæ хъахъхъæнæджы — хæрз бирæ уарзынц. Уый у сæхи туг, уый у сæхи стæг, Æмæ йæ алкæд сæ зæрдыл дарынц: Вæййынц къæвдайы зæрдæйæ йемæ, Сæ цæстыл уайы тымыгъ æхсæвты, Йæ рыст сæ риумæ цъæх ихау хауы, Йæ цинæй зæрдæ тынтæ нывæнды. Нæ Фыдыбæсты хæсты рæстæджы Цæгат Ирыстон нæ Сырх Æфсадæн Æрæмбырд кодта хæринаг, дзаума Дæсгай вагæттæ, — хуынæн, лæварæн. Нæ Фыдыбæсты хæсты рæстæджы Нæ колхозонтæ куы тауынц ал’ аз Уæд мингай гатæ æфсæддон фондæн Æмæ куы кæнынц гъеуымæй ахъаз. Хæдтæхæг науты сгуыхт эскадрили — «Владикавказы тыхджын хъахъхъæнæг» — Фыдгул, ызнагæн йæ сæрты зилы Æмæ йыл калы тæвд, судзгæ цæхæр. Цæугæ мæсгуыты æндон колоннæ «Цæгаты Иры колхозон», — зæгъгæ, Хæсты быдыры лæгæрды размæ, Ызнаджы тыхтæ сæтгæ, ыссæндгæ. «Ызгъæрджын поезд Владикавказаг» Ызгъæрджын калмау æхситтæй хъазы, Сыф-сыф куы кæны æмæ фашисттæн Мæлæты хостæ æвзыгъдæй ласы. Ысты гъеуыдон Цæгаты Иры Фæллойгæнджыты лæвар нæ бæстæн, Нæ Фыдыбæстæн йæ тохы заман, Нæ хæстон тыхтæн — æххуыс сæ рæзтæн. Хæстон уавæрыл мах рацарæзтам Нæ куыст, нæ архайд нæ хæсты бонты. Æрмæстдæр нунæг хъуыды ис махмæ: «Æппæтдæр тохæн, æппæтдæр хæстæн, Цæмæй æрбауа сæргой фыдызнаг, Цæмæй уа ихсыд бынтон йæ хъæстæ!» Кавказы хæхтæм куы бырста не знаг,
Бæрзонд арвæй ныл цæхæр куы калдта, Æндон сармадзан йæ арф сау дзыхæй Мæлæт куы тыдта нæ лæгъз быдырты, — Уæддæр хуым кодтам, рæвдзæй, æвзыгъдæй Тыдтам нæ хуымтæ, нæ хор æфснайдтам, Фыстам йæ хæстæ нæ паддзахадæн. Нæ сæйраг сахар — Дзæуыджы хъæуæн Йæ кусæндæтты нæ кусæг адæм Сæ куыст нæ уагътой æмæ куы цагътой Уæлахиздзинад нæ Фыдыбæстæн. Мах ацыдыстæм ыссæдзгай минтæй Æмæ ызнагæн йæ цæуæн рæттæ Æхгæдтам арф æрх, бетоны систæй. Нæ сæйраг сахар, нæ бæсты зæрдæ Мах фестын кодтам æнæбасæтгæ, Æнæфæцудгæ æфсæддон фидар, Æмæ йæ къултыл гермайнаг сырдтæ Куы ныппырх кодтой сæ цъаммар сæртæ... Йæ зæрдыл дардзæн гермайнаг фашист Дзæуыджы хорз хъæу, Джызæлы быдыр — Йæ къухмæ не ’рхауд Кавказы дæгъæл, Нæ дзы бакодта Кавказы гуыдыр! Фæранкау размæ цыди гуырдзиаг, Бырста домбайау уæд украинаг, Узбек дæр семæ, таджик дæр — афтæ. Цыдысты не ’мрæнхъ нæ мит-æфцджытыл. Уырыссаг сахъ гуырд — Барбашов-герой Уыди сæ разæй. Бецау! — æдзардæй Йæ туг ныккалди Иры сыджытыл! Цыт сын — нæ хæхты, нæ уарзон кæмтты! Бæрæг уыдзысты Советон бæсты: Æрттивгæ майдан «Кавказ хъахъхъæнæг» Æвдисдзæн алкæм сæ рухс цæсгæмттæ! * * * Нæ уарзон бæстæм — Цæгаты Ирмæ — Куы ’рбалæбурдта гермайнаг фашист — Хъæхъхъаг, æрра сырд, тызмæгæй ниугæ. Æмæ нæ зæххæй ахъаззаг гæбаз Йæ цъаммар ныхты уымæн куы бахауд, — Уæд сау млазон мигъ нæ уæлæ ’рбадти; Уыдис æнтъыснæг, тугуарæн сахат: Нæ рæсугъд хъæутæн сæ пиллон калди, Фыдмитæ кодта ызнаг — фыд-зæрдæ; Æппæрста хурмæ фыдæлты рæхыс, —
Фыдæлты номæн — йæ кад, йæ намыс, — Æмæ йын кодта гъеуым æвзæртæ; Дон уагъта артыл, куы хæлдта къона, Дымгæмæ дардта артдзæсты фæнык; Чындздзон чызджы риу, зæронды зæрдæ, Сывæллоны сæр — тыдта йæ нæмыг; Хæрæджы саргъ сыл æвæрдта иууыл — Лæгæй уæд, усæй, чызгæй, лæппуйæ; Ныййарæг мады йæ хуыссæнуатæй Æппæрста уынгмæ йæ урс дзыккуйæ. Хъæриуы бур хох, уæд урссæр Уаза Уыдтой бæрзондæй гъеуыцы митæ. Мæстæй сæ фæрстæ цъæх арт ысуагътой, Цæссыг æркалдтой æнусон миттæ. Куынникуы федтой æбуалгъ митæ Нæ рагон хæхтæ сæ бирæ царды! Иу, кæнæ дыууæ хатты куынæ уыд Нæ фæлтæрд Кавказ хæст, тохы арты! Нæ, — уыдон федтой Чингис-Ханы дуг, Нæ, — уыдон зонынц Темыры бонтæ. Фæлæ дзы ахæм æнтъыснæг сау мигъ Куы никуы бадти сæ фидар уæнтыл. Уæддæр сæ сæртæ куы не ’ркъул кодтой Цъаммар ызнагæн йæ разы н’ адæм. Æмæ-иу йемæ мæлæтдзаг тохы Куы бацыдысты æвзыгъдæй алкæм. Лæгæй-лæгмæ-иу ирон лæг хæсты Лæууыди иуæй ыссæдзы ныхмæ. Нæ райгуырæн зæхх — нæ ныййарæг мад — Йæ домбай риуæй нæ кодта хицæн; Зыдта æнæмæнг — нæ Сырх Æфсад та Кæй æрхæсдзæни сæрибар Ирæн. Гъеуымæн фесгуыхт, гъе, Æрыдоны Уæд Ботъойы фырт. Нæ уыдзæн рохы: Гермайнаг сырдты зыд балы ныхмæ Уый хæрз иунæгæй куы бацыд тохы, Хъазыуат тохы ’мæ сæ ныццагъта, Йæ уæздан уд дæр мæлæтмæ радта. Ирон нæ уагъта йæ маст ызнагæн, Йæ туг дзы иста, æмæ фашисттæй Зынгхуыст фæкодтой дзæвгар сæдæгæ Нæ партизантæ — нæ тугисджытæ. Лæвæрдтой уыдон хæрз бирæ æххуыс Хæсты рæстæджы нæ Сырх Æфсадæн, Æмæ дзы бирæ ныр махæн не ’хсæн Йæ цард æрвиты кад æмæ радæй.
* * * Æз нæ хастон къæлæт, æз нæ уыдтæн цагъар, Æз сæрибар мæ уды йас уарзтон. Кæд-иу искуы, мыййаг, мæ цард нал уыд мæ бар, Уæддæр зæхмæ мæ уæраг нæ уагътон. Æмæ кувгæ, табу æз нæ кодтон, мыййаг, Бонджын, хъалæн, тыхджынæн, уый базон! Мæнмæ ницы и ’лхæд, нæй мæм ницы уæййаг, Бийын, сайын мæ сæрмæ нæ хастон! Фæлæ цардтæн, ды зон, æз мæ туджы мыздæн, Цардтæн ме ’рмтты фæллойæ мæхицæн Æмæ кодтон хъæувæтк æз мæ хъæуы рæвдзæй, Кодтон мардыкæнд, цины куывд хицæн. Уарзын сгуыхт лæджы æз, уæд йæ фæхъхъау мæ сæр, Кад, æгъдау ын кæддæрид кæндзынæн: Уæд йæ цæрæнбон бирæ! Куы нал уа, уæддæр... Цæй, цыртæн ын æз дуртæ хæсдзынæн! Фæлæ й’ алыварс, кæс, чидæр зилæн кæны Æмæ исы йæ фынгæй къæбæртæ. О, къæбæртæ, къæбæртæ!.. Æмæ сæ хæры Фаг йæ къуымрæбын — бакæс-ма — уæртæ! О, хæр сæ ’мæ сæ хæр, фæлæ, гормон, уæд та Цæй, йæ сæраппонд акæс йæ фæстæ! Уый дæ цæрайæ цард, уый тыхсти ’мæ куыдта, Зон, дæ рыстæй тыдтой-иу йæ фæрстæ. Фæлæ гуыбындзæл дæ ды, ис дæ роны та дур Æмæ фынгыл къæбæр, зæгъгæ, нал ис — Уæд æй уайтагъддæр ды, зонын, схонис фыдгул, Æмæ йæ талынджы искуы ныммарис. Стæй та ’ндæрæн уæд ды йæ фæдыл бырис, Гæды, рувасхуызæй та йæм дзурис: «Уый æз афтæ... Куыддæр... вæййы... ма кæ мыл дис... Ныр дæ уындæй мæ зæрдæ ысбуц ис!» Æз мæ фыны дæр дæу, уастæн, бирæ цæрай, Дæу, дæу уыдтон, æвдисæн — нæ хæхтæ! Зонын, арæх вæййы царды арæх, ай-гъай — Раджы Байрон йæ куыдзæй цы загъта. <Л18
Æмæ хæраймаг нæ дæ — цæй, цы кæнай æндæр? Ды дæ кæнæг дæхæдæг нæ уыдтæ. Фæци афтæ дæ конд, æмæ хæр, æмæ цæр Æмæ хъал кæн дæхæдæг дæ уындæй. Фæлæ ма кæн мæ кой — æз дæ балæй нæ дæн, Мæнæн адæмимæ у мæ фæндаг. Æмæ адæм кæм уой, уым мæнæн дæр — цæрæн, Уым уыдзæни мæнæн дæр цæрæнваг. Ма кæс зулмæ дæр, ма, ды уæхсчы сæрты, цæй! Æз дæ баскъæрин цъысымы, лагъзы, Фæлæ афтæ мæ конд, зон, нæ фæци æрдзæй — Цæргæс тыгъды бындзытæ нæ ахсы! с^о
(^ с^оо^ ^^^) ПРОЗÆЙÆ ФЫСТ ÆМДЗÆВГÆТÆ ХЪРЫМАГ МИНИАТЮРÆТÆ I Хур бынтондæр аныгуылд... Бадын æнцад-æнцой, сæнтты аныгъуылдтæн, афтæмæй, ден- джызы хæд былыл. Денджыз æмæ арв кæм хицæн кæнынц, уый бæрæг нæу: дыууæ дæр фæздæгхуыз фæлмы ныгъуылынц гори- зонты. Денджыз — сабыр. Æрмæст хатгай æрбауылæн кæны, æмæ гæзæмæ сыр-сыр хъустыл сæмбæлы. Тар, — рухсы цъыртт никуы- цæй хъары цæстытæм. Фæлæ... кæсын, æмæ дон, денджызы дон, растдæр, донæй иу уадздзаг, горизонтæй мæ размæ, — горизон- ты ’рдыгæй фæтæндæр, куыд мæнырдæм та — нарæгдæр, — зына- нæзына фæирд ис. Ирд кæны тынгæй-тынгдæр, раст, цыма исчи æвзист ызмис таугæ æрбацыди, афтæ. Цъусдуг рацыд, æмæ уыцы уадздзаг тæмæнтæ скалдта: æвзист æруарыд, — фæдзырдта мæ зæрдæ, æмæ арвмæ скастæн. Рагъæй мæй ысзынди, чысыл ра- ленк кодта арвыл. Кæсын та денджызмæ: уддзæф, фæлмаст уд- дзæф денджызы авг уæлцъарыл йæхи æрбауагъта. Денджыз баз- мæлыд, фæлмаст сывæллон куы райхъал уа æмæ йæ мидбылты худгæйæ йæхи куы базмæлын кæна, афтæ. Доны ирд уадздзаг фæци, гæдыбæласы сыфтæртæ мæйрухс æхсæв гæзæмæ дымгæйæ куыд фезмæлынц, тæмæнтæ калгæ, раст афтæ. Кæй арæхст къухы куыстытæ сты уыдон се ’ппæт? Æрдзы арф риумæ аивтон денджызæй мæ цæстæнгас: диссæгтæ. Зæрдæ сæ райы. Мæн тыххæй ыстут уе ’ппæт дæр, мæн тыххæй! Æз — уæ хицау! Барæй кæм нæ дæттат уæхи мæ къухмæ, уым та тохæй, карз тохæй. Æз — хицау, æрдзы хицау!.. Мæ ном — адæймаг. Цы диссаг рæсугъд дзырд у: «Адæймаг». Цы хъару, цы ныфс дзы хъуысы, цы?1. II Æрталынг ис... Денджыз, цыма уый дæр бамбæрста æхсæвы тых, фегуыппæг ис. Æрмæст фæйлауæнтæ сæ ритм нæ халынц. Кæд сабыр ысты, уæддæр æрбацæллахъ кæнынц, былыл сабу- хынмæ фæхъавынц, фæлæ, цыма сæ хуыссæг ахсы, фæстæмæ денджызы сабыргай аныгъуылынц. Афтæ ма фæкæны дзидзи- о§Р
дай буц сывæллон йæ мады хъæбысы, дзидзи æфсæстæй йæ фæлмæн хуыссæг куы ацахсы, уæд: фестъæлфы, мидбылты худ- тæй йæ цæсгом базмæлы, дзидзи рацагуры йæ чысыл фындзæй, йæ дзыхы йæ акæны, йæ мылытæй йæ иу лæмæгъ æлхъывд æркæ- ны, стæй.. ыстæй та афынæй вæййы, дзых дзидзийæ фæиртасы æмæ та йæ сæр фæстæмæ йæ ныййарæджы риумæ æрбауадзы. Рагъæй арты пиллон ыскалд, æмæ дзы разындис ыстыр æрхуы тасы был. Чысыл фæстæдæр тас йе ’ппæт дæр разынди арвыл, сырх-сырхид, артæй цы зынг рахауы æмæ ранæй-рæтты æртху- тæг кæуыл абады, раст ахæм зынджы æнгæс. Ноджы фæстæдæр арвыл иудзæвгар рауади æмæ йæ хуыз фæивта: ноггуырд сы- вæллоны цæсгом, цыма фынæйæ райхъал ис; йæ цæстæй нæма ракаст, афтæмæй йæ мидбылты бахудти. Денджызмæ ныккастæн: сывæллоны цæсгом мæ разы ден- джызы уыцы худæндзастæй зыр-зыр кæны. Мæ зæрдыл æрба- лæууыд Насреддин-моллойæ иу хабар. Насреддин-молло иуизæр цъайæ дон исынмæ рацыди. Къæрта ауагъта цъайы. Куы байдзаг ис къæрта, уæд æй Насреддин фæстæмæ ласынвæнд кæны, фæлæ къæрта нæ комы: цъайы сисы дурыл ныххæцыди. Ныккасти Насреддин цъаймæ, цы ’рцыди къæртайыл, зæгъгæ, æмæ цъайы мæйы хуыз ауыдта. Гъæтт, сæр мæ бахъуыд: мæй цъайы ныххауд- та, загъта Насреддин æмæ удисæгау бæндæн сиваз-сиваз кæны. Фыр ивæзтæй бæндæн фескъуыд, æмæ Насреддин цъайы цур фæуæлгоммæ ис. Йæхи ныххырхта, уæдæ цы уыдаид! Йæ цæф- тыл хæцгæ, къæхтæ хъилæй, афтæмæй арвмæ фæкомкоммæ æмæ йыл ауыдта мæйы. «Хуыцауæй бузныг, — зæгъгæ, фæкодта На- среддин, — фервæзын кодтон мæйы. Мæ цæфтæн дæр бар сæхи...» Скастæн арвмæ: мæй, цыма уыцы æмбисонд фехъуыста тæккæ уыцы сахат мæ риуæй, фыццагау цъынддзæстæй æмæ гоби мид- былты худтгæнгæйæ арвыл раленк кæны, стыр гуымбыл царвы куыд ленк кæна, афтæ. Цымæ, æцæг, хъустæ куы уаид хуы- рычъе мæйыл, уæд цал ахæм æмбисонды фехъусид йæхиуыл, цал поэты арвыстой сæ зарджытæ мæйы бæрзонд кады бандоны размæ, цал уарзон зæрдæйы улæфтытæ кодта мæйы бын, мæйы ном аргæйæ! Фæлæ уый — хуырычъе — цæуы ’мæ зилы тыгъды, æнæкæ- рон тыгъды, æнусмæ фæлмæн хуыстæй хуысгæйæ, æнусмæ фæл- мæн мидбылты худтгæнгæйæ! Уадзы хæрдгæ тынтæ зæхмæ, буц фынтæ уынын кæны ден- джызæн, хæхтæн, хъæдтæн, денджызы былыл цы ’взонг къай сыбар-сыбур кæны, уымæн, афтæмæй арвыл ленк кæны зæронд æмæ ноггуырд нарст рус, цардæй æфсис, хъал, хуырычъе мæй! Хорзæй баххæст кæн дæ фæндаг, мæй, дæ хистæр æфсымæр хуры къухмæ нæ ратт æнæ сон, æнæ рынæй! 6*
КАДДЖЫТÆ МУЛДАР Уый хъæды къæрныхтæ нæ бадынц, — Йе сугдзау не ’ндзары, мыййаг, — Цæхæрцæст фæсивæд æд уадындз Сæрибар агурынц сæ фаг. Кæсгон нымæтау æхсæв хъæды Йæ быны батыхта бæстон, Цæст ахсы хорз Æрфæны фæды, Йæ зарæг байтынг код^та дон. Цырынæй судзы арт. Иæ цуры Тыгуырæй бады сагсур бал. Сæ иутæ худынц, иннæ дзуры, Куыд у зынаргъ лымæн, æмбал... Фæци сæ хъазт, сæ уадындз банцад. Фæци уæд се ’хсæвæр дæр хæрд... Бæргæ, куы сæ уаид ныр хъарм уат, Фæлæ иттæг домаг нæу сæрд... Сæ къæхтæ арты ’рдæм, уæлгоммæ, Сæ сæрты бын — ыстыр кæлдым, Бæллаг нæу тынг æмбæхст лæг бонмæ, — Æхсæв æдасдæр вæййы уым... Мулдар æнцад æрбадт сæ кæрон, Бæрзонд мæра бæласы цур. Йæ риумæ цин нæ цæуы ’мгæрон, Йæ зæрдæ сагъæстæй ныддур. Фæйнæрдыгæй йæм дзурынц, хатынц: «Мулдар, цы у дæ сагъæс, циу? Æркур-ма тагъддæр уæртæ уадындз, — Сæдæ лæгæй цы домы иу! Дæ цæсгом бон — æхсæвæй тардæр, Æхсæв дзы рухсдæр у ингæн. Æнæкæрон нæ вæййы цард дæр — Уæд та дæ хъæстытæ фæкæн». Къæхты бынæй йæ улæфт сыхъуыст, Цыма йæхиуыл худти, раст. Куы фестъæлфыд, йæ зæрдæ сæнкъуыст, Йæ сæр фæхъил кодта æваст. Йæ цæстытæ цæхæр ыскалдтой, Налхъуыт-налмасау, мæйдары, Сæ сæнтсау сыгтæ донау калдтой Фыдцъылыз зæхмæ ’нæбары. «Фæдзурон, — загъта уæд йæхицæн, — Фæдзурон ахсæв, цæй, мæ цард.
Мæ зæрдæ кæд, мыййаг, йæ низæй Фæуид гыццыл, хæрз гыццыл дард»... Æмæ дзырдта Мулдар лæмбынæг: «Фæлахс, хæрз ихсыд у нæ зæхх. Йæ фæззæг — ниуд; ингæн — йæ зымæг, Сæрд, уалдзæг дæр нæ кæны цъæх. Йæ цард — гæвзыкк, æдых — йæ адæм... Гъе, ахæм ран фæзындтæн æз. Фысты кæвдæс уыди мæ авдæн, Мæ авдæнгæс — нæ Мила куыдз. Мæ фыд мæнæн уыди тызмæг лæг... Фæлæ йæ не суагъта йæ цард. Æххуырсты куыстытæй нырхæндæг, — Кæйдæр кæрты æрцыд йæ мард. Дыууæ ’фсымæрæй мах йæ фæстæ Куы баззадыстæм... Цу ’мæ цæр! Кæрдзыны къæбæр-иу мæ цæстæй Нæ федтон ’гас къуыри, фылдæр. Æфсæнбын лæдзæджимæ хаттæн, Хуычъы йе уизза — уый мæ хæрд. Йæ ад нæ базыдтон æз артæн, Лæгæт мæ уат — фæззæг, уæд сæрд. Зымæг-иу ыскъæтмæ æрæфтыд Мæ рыст буар, мæ хус гуыбын. Мæ сонты бонты æз уыргæфтыд Фæдæн кæйдæр æргъæмтты бын... Ысхъомыл дæн уæддæр куыддæртæй: Æвдудон у, бæлвырд, мæгуыр; Мæ хистæр байрæзти фыддæртæй, Уæддæр нæ фæтасыд йæ гуыр... «Цæрдзыстæм», загътам, «нæй æрбадæн», — Зыдтам, — куыст цардæн у фæрæз. Куыстам. Кæрæдзийæн бар радæн Нæ лæвæрдтам — мæ хистæр, æз. Фæлæ йæ цард æнæ нывондæй Кæм арвыста гæвзыкк, мæгуыр? Æрсырдта мах дæр дуг нæ сонтæй, Нæ сæумæ н’ ацыди фæткыл... Фыд аз, фыд заман ныл æркодта, Нæ нæм æрцыд æппындæр хор. Нæ цæстытæй-иу туг ызгъордта... Сыдæй фæцагъды адæм къорд... Уæд иубон хъалонмæ нæ кæрты Æрбалæууыдис иу лæг тагъд. Æваст нæ хæдзармæ лæгæрды, Лæбуры, тоны, къахы загъд. Йæ размæ рацыдтæн мæхæдæг,
Лæгъстæ кæнын: «Хатыр, ныууадз, Цы самæлттæ кæна мæгуыр лæг, — Æнæзындгонд куынæ у аз». — «Нæй, нæй, ыссар, цъаммар, цагъайраг!» — Йæхæдæг тагъдгомау фæзылд, Æмæ, цыма уыдтæн йæ байраг, Йæ ехс мæ бæрзæйыл æрзылд... Æнæнцой уæд, лæгæй фыццагдæр Йæ бартæ чи радта лæгмæ!.. Гъе, раст, куыдзæй, куыдзæй æгаддæр Фæкасти лæг гъеуæд мæнмæ. Мæ туг ысфыхт, мæ зонд фæтары, Мæ къухы ферттывта мæ кард. Фæлæ... уæу-уæй, уæддæр — куыд бары, Цагъарæй чи ’рвиты йæ цард! — Мæ разы февзæрди мæ хистæр Æмæ мын рацахста мæ къух. Кæнут-иу ахæмты фыд изæр, Æмæ уæд цард кæндзæни рухс. — Фæлæуу, — ныххæцыдис, ныффидар Мæ хъуырыл. Дзуры мæм хъæрæй: «Дæ митæй ноджыдæр нæ ивар Ныффиддзыстæм æртывæрæй. Фыста нæ фыд йæ хъалон раздæр Нæ сыхæй, æмæ уыд нымад, Хъæувæтк æрвыста алы аз дæр — Кæд уыд мæгуыр, уæддæр — нæ мад. Цæрдзыстæм мах дæр. Цæй, цы стыхстæ, Цæуыл сафыс, зæгъ-ма, дæхи? Æлдары тыхимæ нæ тыхтæ Нæ барæм. Ахæм лæг кæм и?!» Кæнæм хъуырдухæн æмæ тухи — Мæ хистæр ма кæм уадзы кард. Уæдмæ, кæсын, æмæ нæ тугцъир Фæлыгъди, — бафснайдта йæ цард. Мæ маст ысхæццæ ис мæ хъуырмæ: Æнæ ныккæлгæ йын нæ уыд. «Мæ хистæр! Кæс уæдæ дæ гуырмæ, Дæ тæригъæдхæссæг — дæ уд. «Цæрдзыстæм», загътай, фæлæ абон Æрцыд, æрцыд дæ кæрон, зон! Дæ сау туг акæндзæни суадон, Дæ удæн уæд бынат — зындон. «Цæрдзыстæм!..» Зон, фæцæры уаллон Дæ цардæй, фаджысты йæ фаг Фæабухы. Фæлæ дæ баллон Нæ дæн: æз хъуамæ уон æрдаг...
Цагъайраг дуг цæмæй уа къаддæр, — Дæ хуызæттæн лыг кæн сæ таг! Уæд хъалонис цæудзæнис дарддæр, — Нæ уыдзæни ныфсджын, уæндаг. Дыууæ фыдæй ныр æз мæ кардæй Сæ иуы бафснайон, уæддæр...» Мæ хистæр уым æрхъил ис мардæй, Фæтахти дард йæ цъаммар сæр. Мæ кард ын асæрфтон йæ хъуынтыл. Мæ бæхыл баппæрстон æз саргъ. Мæхи ныффæдзæхстон фыдфынтыл. Мæ цардæн базыдтон йæ аргъ. Мæ мад йæ тæригъæд ысхъардта Мæ удæн. Нал дзуры мæ ном. Йæ фæлмæн зæрдæйæ фæтардта Йæ уарзон хъæбулы бынтон. Сæ къух мыл систой иууыл адæм. Хæстæгæй, хионæй — фыддæр. Æрдхæрæн дунетæн æрбадæн, Æлгъыстыфыд ысси мæ сæр. Хæтын, цæуын, æз дардыл зилын, Мæхицæн нал арын бынат. Æз уаллонау нæ уарзын хилын, Йе ме рагъыл нæ хæссын над. Хæтын... Бон хуримæ фæдзурын, Æхсæв та мæимæ — мæ дзырд. Куы дард æлдаратæм лæбурын, Куы та мæм хъæды смуды сырд... Гъеуый — мæ цард. Куыдфæнды домут Мæн ныр. Фæлæ цагъайраг дуг Уæддæр уа хъуамæ хæлд, уый зонут, Фæлтау кæлæд, кæлæд уадз туг! Кæнæ дæхи дæ кардыл амар, Кæннод та басæтт, — нæй фæрæз! Дæ цардæн нæй æндæр хорз амал. У хæст нæ цард! Хæцын фæраз... Циу мад йе фыд, кæннод æфсымæр, Куы ’вæрой удыл уаргъ, къæлæт?! Æгъгъæд, æгъгъæд! Нæ цард ыссымæр Ехсы цæфтæй. Фæлтау мæлæт! О, о, мæлæт, мæлæт æлдарæн!.. Кæн тох, лæбур, æргæвд, ыссæнд: Туг у хæзна зæххæн йæ цъарæн. Лæгæн — мæсыг ыстджыты цæнд... Гъеуый — мæ дин, гъеуый — мæ хуыцау, Сæрибармæ гъеныр — мæ куывд. Лæг-нывæндтæ дæр ын, тæрхъусау,
Хæсдзынæн — мауал сын уæд хыгъд! Уадз мæн ныр чидæриддæр хонæд: «Æфсымæрмар, æлгъыст Мулдар». Фæлæ-иу афтæ уый дæр зонæд: «Мулдарæн у уæнгæл æлдар!..». Гъе, ахæм динимæ ныр уе ’хсæн Æлгъыст Мулдар æрвиты цард... Йæ хицау дæр мæнæн мæ ехсæн Нæ ацæудзæни, зонут, дард». Фæци йæ дзырд. Æркъул нс дурыл, Йæ сæрты атахти хуыссæг... Фæдзæхсын æз нæ худгæ хурыл, — Сæрибаргур, кæцы у ’цæг: Ныссабыр хъæд... Сырдæй уæд, маргъæй Хуыссæгæй исынц адджын хай, Йæ хуынчъы калм хæрз хъæхъхъаг маргæй Ныр йе ссыр дзаг кæны мыдгай, Йæ фæтк — æхсæв хуыссын у тарфæй. Фæнды йæ нæм, ныссæтт ыл талм, Фæлæ куы фæзына бон арвыл, Мæгуыр йæ бон, кæй фена калм!.. Ныссабыр хъæд... Æрмæст ма комы Йæ зарынæй нæ банцад дон. Уый хуыссæгæн сæттын нæ комы, Нæ хынцы уый æхсæв, уæд бон, Нæ зоны ’лдар, нæ фиды хъалон, Нæ йын ары тых низ, фыдгул. Бырсы, цæуы, лæгæрды хъал дон, Тæрсынц йæ уылæнтæй зынг, дур... Фæзынди мæй бæрзонд йæ сæрмæ, Тæмæнтæ калы, ’рттивы дон; Ызгъоры, уайы, ’мæ йæ хъæрмæ Сæдæ хъæлæсæй зары ком. Ыстулы Бонвæрнон дæр рагъæй. Хуыссы æнцад-æнцой лæг-бал, Кæм иу лæг иннæуыл дыдагъæй, Чи иунæгæй, æнæ æмбал... Хæрзфынтæ фенæд, — бон-изæрмæ Хæрзномджын тохы чиу фæллад. Йе чи нæ бахаста йæ сæрмæ Æлдары ехс, æлдары над. Рæсугъд сæм ракæсæд уæлвонгæй Нæ хурзæрин, нæ хуры цæст, Цæмæй сæ фæринк кард сæ цонгæй Йæ кæнон бакæна æххæст!
гыцци Бон фæтынг ис. Хур æрттивы. Зæхх ныуулæфыди. Хох, Кæс, йæ мæрдон хуыз куы ивы. Хатын — нал у хъæд фыдох. Цæст нæ донбылтыл фæхæцыд. Рон — хъæдабæйæ сыл — цъæх, Хæрисæн йæ хих фæрæсыд. Акæс — саппыл хъазы сæгъ... Зонын — уалдзæг у ныр, уалдзæг, Зонын — нал цæудзæни зæй, Зонын — куыд чындзхон буц уазæг, Ныр рæвдыд ыстæм æрдзæй... Бадын донгуырон æнцадæй. Уайы ’нæрынцойæ дон. Донау рагон царды цадæй Уайынц сау бонтæ æргом. Æмæ ды, сæ хуыз ды куы дæ, О, ды, ме схæссæг гыцци! Дæлæ лыстæнмæ фæцыдтæ: «Ой, цæй хъæбæр та ныцци!» Базмæстай йæ æмæ дзурыс: «Рацу, тагъддæр рауай, ра!» Æз — дæ фарсмæ, ды — мæ цуры. Аргъау. Аргъау, гъæйдæ-гъа... Зымæг, систа та нæ де ’хситт. Де ’хсæв та куыд даргъ у, куы! Нымæт дыууæйыл куы ’ххæссид... Ивазæм, фæлæ... бæгуы. Нæй, нæ ивæзы. Дæ кæрцæй Мæн нынныуæрстай уæд ды. Не ’хсæн сабыргай йæ бæрзæй Атъыста нæ цъæх гæды. Гино аргъæуттæм дæсны уыд, Гино аргъæуттæ кæны... Уæд нæ дæлфæдтæм æрхуыссыд Сидзæр гоко ’мæ хъæрзы...
Далыс зайгæ-зайын амард, Далыс — гокойæн йæ мад. Гоко йе ’мгокотæй адард, Нал у уыдоныл нымад. Мады дзидзийæн — сывæдæг, Мады æхсырæн — сылы. Къуымты разилы йæхæдæг, Бафты комдзагыл хылы... Бахъарм ыстæм ныр цыппарæй: Гоко, гино, ды ’мæ æз. Аргъау аскъуыд, цыма барæй, — Хуыссæг адомдта йæ хæс... * * * Райсом раджы. Халас — царыл, Урс хъæдабæйау, куы сбадт. Бадыс артдзæсты сæнарыл. Дзурын дæм: «Фæсал мын ратт!» Нæй — мæ ныхас дæм нæ хъуысы: Зынгыл «фу-фу-фу» кæныс. Цæстыл цæстысыг нæ сысы — Фæздæг... басыгъди дæ дыс... Уалынмæ ысхæцыд арт дæр. Къонамæ фæхастай мæн. Зынг мæм фестъæлфыди. Дарддæр Абадтæн. Кæуын. Дæуæн... Нæй дæуæн мæнмæ фæкæсæн — Уæртæ хъæр кæны баба: «Не скъæты хæрæг ныссæдздзæн, Фаджыс алыран — обау!..». Ды фæцæуыс. Æз дæ фæдыл Уайын. Гом-æгæрццæй — дугъ. Ахастай мæ. Кæвдæсхъæдыл Бадын. Раппæрста мæ хъуг. Былтæ — фаджысы. Сæрфыс мæ. Ниуын. Ды — мæнæй фыддæр. Бакодтай мæ ногзад фысмæ, Асдæрдта мын уый мæ сæр.
Ис мæ ныр рæвдауæг — ма тæрс! Кæн дæ фаджысты кой ды... Уайтагъд та дæ чъылдым агæрз: Тæскъ дæ «сæрдæнæй» сæрды. Фестæм. Хæдзары та сагъæс: Гæды тæрхæгмæ фæуад, Ахста мыст. Æрхауди. Акæс: Тасæй быламыхъ ныккалд. «Ой, куыд бабын дæн, — дзыназыс, — Бацарæфтыд дæн бынтон!» Къуымты ссады тæпп нæ арыс: «Цæй, цы кæнон, цæй, куыд уон!» Раккой кодтай ды дæ дзæкъул. Куыроймæ цæуæм — ды, æз. Дзæкъул иуæрдæм куы фæкъул. Дзурыс: «Фæдджийыл тынг хæц!» Æз бæргæ хæцын, куыд зонын. Куы фæкæлын, куы хæрз цырд Адзортт-дзортт кæнын. Фæтонын Фæдджи — ’гасæй у æмбыд. Мæнæ куырой. Дон æм нал ис. Хи та барæвдз кодтай ды. Галиу къух ныцъцъæх ис, рахиз Дурæй дойнаг их сæтты. Разылд куырой. Уаг æруагътай, Фæлгæтæгмæ у дæ каст. Уайтагъд цæстысыг æртагътай: Хатын — нал уромыс маст. Хъарæг, судзгæ хъарæг хъуысы, Куырой иууылдæр кæуы. Цæссыг уадултыл нæ сысы, Рустыл гагатæй цæуы. Куырой, къада куырой, зилы. Кæс, æнæбары — йæ зылд. Гæркъæраг йæхи ныттилы. Байхъус, бамбар сын сæ дзырд: «Уæй! Хыррытт, хыррытт, цæй, иумæ. Уæй, хыррытт! Мæгуырæг ус, Рухс нæ ныккæсдзæн дæ риумæ, Цасфæнды фæллой кæн, кус.
Сар — дæ сæр, дæ уæнгтæ — ’нтъыснæг, Гом-æгæрцц — дæ саби сонт. Уæй, хыррытт. Мæрдон — дæ хуыссæг, Хъарæг дын фæци нывгонд!..». Сау ус бакæуы, дзыназы: «Гъæтт... мæ бон, мæ сæры бон, Гъæтт... Дæдæй! Ыстонг фыд азы, Саумæр, айс-иу мæ бынтон, Кæннод нал дæн, нал, мæ сæрæн. Судзгæ сау фыдты тыхсын!» Нал ис бауромæн хъæрæн. Хъарæг куыройыл тыхсы... Хъарæг зарæг уыд гыццийæн, — Сæфта зæрдæйæн йæ низ. Куырой — тад усæн йæ сийæн — Уæд фæлварæндон уыдис. О, лæджыхъæдæн мæрдадзы Хъарæг, хъарæг уыд нысан. Уым сæ тыппыртæ куы уадзы Бирæ гыццитæн зиан. Куырой аривад: æрмæфтау Цас лæхуринаг у, цæ! Фестъæлфыдтæ ды кæлмдзæфау: Тагъд, баба та дæм хæцдзæн! Де ссад авгæдтай. Цы фаг у?! Фæлгæтæг дæр ма сæрфыс... — Стонг мын у, гыцци! — О, ма ку! Мæнæ... не ссад... кæс... уыныс! Дзæкъул баппæрстай ды де ’ккой. Араст ыстæм. Фæлæ кæм! Чи ма уæнды, чи, ныр йе ской, Фæлæ ’ххормаг... Зæнгтæ... Нæм! Нæ, нæмынæй дын нæ уыдзæн. — Сис мæ, гыцци... де ’ккой, цæй! — Ниуыс: — О, мæ бон! Мæ хуызæн Хур цæмæн фены, кæцæй! —
Хилыс сабыргай нæхимæ, Де ’ккой — дзæкъул, ууыл — æз. Ды мæ къух æлхъивыс риумæ. Хилыс къулы... Æммыст фæз!.. Афтæ арвыстай дæ бонтæ, Иу сæ нннæмæй — фыддæр. Цард дæ бадомдта дæ сонтæй. Ницы, ницы у фырт дæр!.. * * * Бонтæ иннæ бонты ивынц — Рад ис алцæмæн дæр, рад. Мæнæ, кæс, дæ цот дæм сидынц, О, сæ ныййарæг, сæ мад! Ракæс, ракæс-ма дæ цæстæй! Ракæс, мауал у æнкъард! Фен, куыд аивта нæ бæстæ, Фен, куыд фендæр ис ныр цард! Кæс, дæ чызг куыд цæры, уымæ, Кæс, куыд у, цы у йæ куыст — Хъазгæ рараст ис йæ хуыммæ, У дæ сагъæстæй уый хызт. Кæс, йæ къæхты бын — ысгæллад, Уат, уæд милæнгом — йæ уат. Дысон ауагъта йæ фæллад. Не ’вдæрзта, дæуау, уый уад. Раджы фестадис уый абон... Акæс — ифтонг ын æппæт. Къухтæ аирд кодта сапон, Нæу йæ хæринаг йæ мæт. Файнуст... файнуст дæр цæуыннæ, Хорз у уый дæр царды, хорз, Фæлæ ис кæсæг дæ чызгмæ, — Хъус — йæ ном хуыйны колхоз. Рамбырд кодта уый йæ зæйцы, Фезгъорынц сæхæдæг, кæс. Былæй, артæй сын нæ тæрсы, Ис сын, ис, рæвдауæг, гæс.
Хъазынц сабитæ — нæ дарæг. Хур, сæууон хур сæ хынцы; Дардыл айхъуысы сæ зараег, Хæхтæм, быдыртæм тындзы: «Тав нæ, хур, худ нæм, хур! Мах ыстæм амондгур. Ма тæрс, ма, ма нын тæрс — Мах дын — гæс, мах — дæ гаес. Хуры рухс, рухс тынтæй Ацæудзæн царды зæй Бæстæтыл, дунетыл. Зæрдæ дар сабитыл! Сабитæ, — ног фæлтæр, — Айрæзæм хъæлдзæгдæр! — Гыццитæ, мадæлтæ, Дарут ныл зæрдæтæ. Акусут ерысæй! Акусут ерысæй! Иу, дыууæ, иу, дыууæ, Иумæ цом иууылдæр. Уæд æртæ, уæд цыппар, Иумæ цу, рæзгæ бал!» Айхъуыст зарæг дардыл. Быдыр Райдзаст. Кæс — гыццийы чызг Кусы ерысæй. Йæ фыртыл Уый нæ калы цæстæй сыг. Бон йæ куысты хай фæкæндзæн. Йе ’мбал — зиугусæг бæлттæ. Уый йæ лæджыхай нæ нæмдзæн. Сихор, æхсæвæр — цæттæ.
Куырой йе скъола ныр нал у, Хъарæг фемгъуыдта фæткæй: Уымæй нал æвзарынц хъару. Фаджыс нал хæссынц тæскъæй. Зарын, чиныгæй æвзары Ныр йæ лæджыхъæд дæ чызг. Уый дæр ма ’нхъæлай хæдзары, Йе куырой — йæ бынат, уынг. Нæ, гыццийы чызгæн абон У æндæр йæ цины ран, Зоны, зоны йын йæ афон, Хонынц ын йæ ном та стан. Кæс, йæ куысты бон фæхицæн, Хъазгæ, худгæйæ фæци. Бады ныр дзæбæх йæхицæн, Бады саоиты гыцци. Райста чиныг. Чиныг райста... Мæнæ Царциат — кæс, гыцци! Дæу... дæу фаджысы зæй ласта, Уый та цы, цы хай фæци!!! Райста чиныгæй йæ кæрдих, Зæрдæйæн ма циу дзæоæх? — Иу къорд иннæтæй куы фæдих, Зарæг айхъуысти уæрæх: «Уалдзæджы улæфт мæ риумæ хъары, гъей, гъей! Бирæ фæцæрат, ме ’мгусæг чыртæ, гъей! Файнусты зæрдæ мæнмæ чи дары, гъей, гъей! Дардыл куы зилынц нæ буц быдыртæ, гъей! Зæрдæйæн дзæбæх гъеуыдон куы сты, гъей, гъей! Чи бафæллайа ерысæй куысты, гъей! Худинаг ын уæд, худинаг ын уæд, гъей, гъей! Фæкæудзысты йыл йæ рæзгæ цæуæт, гъей! Зарæджы хъæлæс нæ ном куы дзуры, гъей, гъей! Фыссæджы къух дæр нæ ном куы фыссы, гъей! Нæ кой куы вæййы нæ худгæ хурмæ, гъей, гъей! Иры быдыртыл нæ зарæг хъуысы, гъей! Нæ урссæр хæхтæ нæ цинæй худынц, гъей, гъей! Нæ фæрстæ надæй куынæуал дудынц, гъей! Терчы уылæн нын нæ низтæ ласы, гъей, гъей! Ныгæны Каспи нæ фыдбылызты, гъей! Нæ дуджы зæрдæ нæ куыстæй хъазы, гъей, гъей! Ма бафæллайæм ерысæй куысты, гъей!!!».
Бон фæтынг ис. Хур æрттивы. Зæхх ныуулæфыди. Хох, Кæс, йæ мæрдон хуыз куы ивы. Хатын, нал у хъæд фыдох. Зонын — уалдзæг у ныр, уалдзæг, Зонын — нал цæудзæни зæй. Зонын — куыд чындзхон буц уазæг, Ныр рæвдыд ыстæм æрдзæй. Æмæ хъус, мæ сидтмæ байхъус, О мæ хойыхай, дзæбæх: Цæр! Хъæлдзæг, æвзыгъдæй бакус! Зон, дæ фæндаг у уæрæх. Уыд гыцци. Игæрæй марзта Хæхтæ, къæдзæхтæ, уæддæр Хорæй йе стонг дæр нæ саста. Ды ныр амондимæ цæр! УÆХАТÆДЖЫ ФЫРТ ЧЫСЫЛ ГУЫЙМАН Дыгурон таурæхъ Уыд ма фынафон... Уæлиау арвыл Тæмæнтæ калдта Æмæ худт Боброн, — Йæ хуыссæн афтæ Фæуагъта хъармæй Гуыйман цæхæрцæст. Хызын — йæ фарсыл, Æрчъитæ — къæхтыл, Йæ уæнтыл — цухъхъа, Сæныкдзарм — худæн. Хъыримаг ифтонг Æфтыд йæ уæхскыл, Йæ фарсыл — хъама, Лæдзæг — йæ къухы, — Гъеуый — йæ фæлыст. Фæраст ис хохмæ, Сычъи, дзæбидыр Цæгъдынмæ хохмæ Гуыйман фæраст ис. Æмбалæн йемæ Уыдис хуыздæрæн Йæ иунæг æрдхорд — 0§4
Хъасбол, мæнгард лæг. Уыд ноджы йемæ Йæ куыдз цуанон, — Силæм къуыбырхъус. * * * Хур сæмбæлд хæхтыл, Тæмæнтæ калы Рæууон, рæсугæй Бæрзондæй цъити. Æрттивынц хуыртæ Æртæхæй дардмæ, Æхситтæй зарынц Рагъ, рындзтæй зымтæ. Фæцæуы дагъы Хъасбол уæлæмæ, Гуыйман дæр цъассæй Фæлгæсы рындзтæм... О, мæнæ диссаг: Куынæ ис бæстыл Æппындæр асæст Йе мигъы сау цъупп, — Уæд арв куыд нæры, Куыд нæры хохы? Йæ цæхæр афтæ Куыд кæлы рындзтыл?! Уый арв нæ нæры: Фæлдахы сырдты Йæ хъыримагæй Гуыйман, чысыл лæг... * * * Уыд бон йæ тынгыл. Физонæг кодта Сычъийы фарсæй Гуыйман цæхæрцæст. Хъæлдзæгæй зарыд, Æнхъæлмæ касти, Æнхъæлмæ касти Гуыйман Хъасболмæ. Æрцыд фæстагмæ Афтидæи уый дæр. Сырх туджы зилы Йæ цæсгом иууыл. — Фæуадз уал сихор, — Гуыйманмæ дзуры, — Кæс, далæ дагъы Дзæбидыр дзугтæй!
* * * Фæуади рындзмæ Гуыйман цæхæрцæст; Кæсы, ’мæ дагъы Æппындæр ницы. — Сæрæй, нæ зынынц, — Хъасбол та дзуры, — Хæстæгдæр бахиз, Цæй, тагъддæр рындзмæ; Æз дыл хæцдзынæн, Æри дæ фæдджи... — Дæлæмæ рындзæй Фæлгæсы дагъмæ, Фæлгæсы дагъмæ Гуыйман цæхæрцæст. * * * Йæ тых-йæ бонæй Нысхойы рындзæй Мæгуыр Гуыйманы Мæнгард Хъасболат. Дæ фыдгул афтæ: Ныммур ис комы, Ныммур ис къæйтыл Гуыйман цæхæрцæст. Æрмæст ма иу хъæр Фæцыди дардæй: «Мæ номхæсс а-у, Силæм — мæ уарзон, Фæ-у хъæргæнæг Ды тагъд мæ мадмæ, Ыстæй Хъасболæй Мæ туг дæр агур»... * * * Зылд хæхтыл уддзæф, Рæууон, рæсугæй, Ыстæй тыхдымгæ Фæзынд йæ бæсты, Уый цъити уайтагъд Мæстæй ыссыгъди Мæнгарддзинадыл. Дымгæ — йæ улæфт.
Æрбадти дурыл Хъасбол, мæнгард лæг. Йæ сæры зилынц Хъуыдытæ ахæм: «Гæвзыкк, мæгуырæй Фæцард йæ куырм фыд. Йæ мад сылыгур Цыди мæ мадмæ. Фыдæй-фыртмæ дæр Сæныччы хъусæй Туг никуы суагътой. Æртæ сæбæччы Зæд, дуаджы номыл Сæ къæй нæ федта, Уæддæр Æфсати, — Мæ куыдз — йæ нывонд, Йæ фосæн фосгæс Гуыйманы кодта. Хъаруйæ — йе ’мдзаг — Мæн къахдзæф кæнын Нæ уагъта цуаны Гуыйман æппындæр... Ныр хуысс уым комы, Ныххау дæлæмæ! Хуыр, дур — дæ ингæн, Æртæх — дæ мæрддзаг. Ныххæрдзæн рувас Дæ хъустæ ахсæв, Дæ цæст дын сау сынт Ыскъахдзæн райсом... Æз уал æввонгæй Ныххæссон абон Дæ сырдты хъæумæ... Зæгъдзынæн: коммæ Æз иунæг цъилæй, Кæсут, æппарын Дзæоотæ къайгай. Гуыйманæн алыгъд Иæ амонд дардмæ: Афтидæй хъæумæ Нæ уæнды ’рцæуын... Йæ кард ысласта... Фæцæуы сырдмæ... Ысуагъта хурхыл Уæд сион сырдæн Йæ кард Хъасболат...
* * * Силæм фæлывдæй Нæ цыд Гуыйманыл: Нæ уыд йæ ахуыр, Уый уадза искæй Хæстæг йæ сырдтæм Чысыл Гуыйманæн. Ныццавта уайтагъд Йæхи Хъасболыл. Уæд де знаг афтæ: Ыстыдта зæнгæн Силæм йæ хæцъæф. Бæргæ ма кодта Хъасбол амæлттæ, Фæлæ йын фаркгай Ыскодта йе гъдтæ Силæм къуыбырхъус. * * * Хъæр-ахст ныккодта Хъасбол — фыд-зæрдæ... Æнхъæвзы донау Йæ туг фæйнæрдæм. Дæлгоммæ ахауд, Мæцы йæ туджы. * * * Хур хъазгæ рагъæй Йæ был ныддардта, Йæ тын ма дардæй Ныдзæвы хохыл. Æрттивы цъити Рæууон, рæсугæй. Йæ улæфт кæмттæм Æрвиты фагæй. Куы райста къухмæ Эол йæ фæндыр, Йæ хъæлæс бæстыл Фæйнæрдæм хъуысы. Мæрдон хуыст къæйтыл Кæны Хъасболат. Уыг къахдзæн уымæн Йæ сау цæст ахсæв. Дæлиау комы Силæм нынниуы: Гуыйман, дæ мардыл Кæны уый марой!
БАДИЛОН СИМД Хъуыбаттæм абон Уыдзæн ыстыр куывд: Афицер райста Йæ фырт Афайæн. ^ыгурыл айхъуыст Йæ хабар дардыл, Ызнон фæйнæрдæм Бæхджынтæ ацыд: — — Цæут! Æркæнут, Хуыздæр кæм арут Дыгуры кæмттæй Гал, хорз тохъхъылтæ: Раст хъуамæ райсом Афай йæ фыртæн Ыскæна буцæй Куывд, куывд æнæмбал! Цы сты, цы, Нартæ! Цы уыди Нартæм? Хуыздæр цæмæй уыд Æхсæртæггатæн Сæ хæдзар, цæй-ма?!. Сылтаныхъ... Марадз, Æппæлæнт Нартæ Сæ Зилахарæй... Цы нæры дардыл Сæ кой ныр Нартæн?!. Æндæр у рæстæг: Мæ бон у абон! Ныр хъуамæ адæм Кæной мæ койтæ, — Дзырдта сæрхъилæй Афай Бадилон. — Æрвиты ноджы Уый барæг ахæм: «Цæугæ Кæсæгмæ, Уым ме ’мсæр чи у, Уый хъуамæ ам уа, О, хъуамæ ам уа — Мæнæн мæ куывды!» Уыд ноджы хонæг Цымимæ, Ларсмæ Тæгайы фырттæм Бæхджын æд хъузон.
* * * Уыд уалдзæг... Райсом... Тæмæнтæ калы Сæ хъæу Хъуыбаттæн. Чызгæй, лæппуйæ Кæнынц æмæрттывд. Чыргай ивылынц Афайтæм адæм. Рæу-уддзæф тауы Фæйнæрдæм зарæг. Йæ кæрт уæрæх у Афайæн. Акæс: йæ къуымты — бирæ Дыгурæй адæм. Уыдысты раджы Хъуымийаг уыдон, Ныр дæр Хъуыбаттæ Хæцынц сæ рохтыл: Зæххæй-иу царди, Зæххæй, хуымгæнæг. Æмæ кæм уыди Гæппæл мæгуырæн — Æххуырстæи царди Фыдæй-фыртмæ дæр. Æрцыди уалдзæг — Куынæ байтауай, — Гæдыйы уаст дыл Кæндзысты а-змæг Дæ цæуæт къуымтæй. Зæхх уыд Хъуыбаттæм Уæлдæйттæй, арæх. Дыгурæй бирæ Уыд оаст сæ кауыл Хъуыбаттæн рагæй Зæххы сæраппонд. Гъеныр дæр, уартæ, Кæнынц лæггæдтæ: Фацбай æргæвды, Кæс-ма, нæл фыстæ. Æртгуызæй кусы Гæстæн æнæ худ; Хъанцау у дондзау; Тазе та сугтæ Сæтты уæхскуæзæй. * * * Хур арвыл хъазы... Йæ хид лæдæрсы
Хъанцауæн ныхæй. Тазе ма цæнгтæ Тыххæй куы исы. Йæхимæ ласы Тазейы фæрæт, Гæстæнæн хурмæ Йæ сæр æрттивы, Фæтоны тæвдæй Йæ риу фæйнæрдæм. Фацбай ма ’взыгъд у, Фæлæ куы тыхсы: Тъæппытæ хауынц Йæ фæрстæ хурмæ... Бон райы, хъазы... У сатæг агъуыст — Æфснайд, уæд райдзаст. Уæлейы бады Сафар, сæ хистæр Хъуыбаттæн, бакæс. Бæмбæг у йе ’взаг, Сындз та — йæ зæрдæ. Фыдæй-фыртмæ дæр Уыдис, гъе, ахæм Сæ конд Хъуыбаттæн. Йæ рахиз фарсмæ — Джанхот — Кæсæгæй, Уæд йе ’ннæ фарс та — Тæгайы буц фырт Зæронд Тæтæрхъан. Дæлдæр сæ цуры — Хæрзконд Амырхан — Тугъанты хистæр — Фæлмаст, æрмахуыр Нæл фысы хуызæн. Рæдау кæрдзыныл, — Цæл уарзын баззад Сæ туджы рагæй Тугъантæн гаккæн. Сæ дæле бадынц Елхъан, Мысырби, Стæй афтæ дарддæр — Сæ агуырд адæм... Йæ тарфмæ бахызт Сæ куывд Хъуыбаттæн, «Куыд уыд?» — куы фæрсай, Уæд дын зæгъдзынæн: «Куыд-иу уыд, афтæ,
Куыд-иу уыд, афтæ Сæ куывд Хъуыбаттæн: Бæрæчет бирæ — Хæрдæй, ныуæзтæй. Лæууы сæ разы Сæ хъал фæсивæд. Зæрдæдзæбæхæн Сæ гаджидæуттæн Кæрон дæр нал ис. «Хуыцауы хорзæх, Паддзахы хорзæх, Цæй, уæд Иналы! Йæ цинтæ арæх Кæнæнт Иналæн!» — Куывта сæ хистæр Хъуыбаттæн афтæ. Лæууыд йæ кæрон Инал дæр бадтæн. Æрттывта иууыл — Уæхскæй уæд тарæй. * * * Цæуы къæрцц-æмдзæгъд; У хъазт йæ тынгыл. Лæууынц æмгуыппæй — Чызгæй, лæппуйæ. Цъæхснагæй зары Сæ фæндыр. Чидæр Бæхыл æрхъазы... Уæд хъазтмæ бахызт Инал-афицер. Фæзынд ыл, абон Кæй уыд бæрæгбон: Йæ худ бæрзонддæр Куы систа ныхыл, Кæнынц сырх æрттывд Цæстæй, уæд русæй. Йæ фæдыл уайы Рæвдзæй йæ къæбыс. Æрцагътой фæндыр. Инал йæ куыдзæн Кæны къæрцц-æмдзæгъд. Фæлæууыд куыдз дæр Йæ фæстаг къæхтыл. Ыстæй йæм къухтæ Æрцагъта дардæй
Иналы буц хо — Фæлурс Залихан. Фæуад æм сау куыдз, Йæ къæхтæ ’рхафта Æдæрсгæ чызгæн Йæ дари разыл, Ныххудт Залихан, Ныххудт Инал дæр... Цыд хъазт йæ уагыл... Æрттивы рухс хур, Тæмæнтæ калы, Йæ тынтæ дардæй Æрвиты зæхмæ. Æрвиты амонд, Æрвиты буц фын... Ныхъуыры сау мæр Йæ тынтæ хурæн: Йæ сæр ысдардта, Кæс, зæххæй уартæ Рæсугъд дидинæг. Йæхи уый цардмæ Æвдисы абон Æмæ йæм цард дæр Тындзы æргомæй. Кæсы уæлвонгæй Фæйнæрдæм бæлас, Сыфтæр фæхæцыд Йæ цæнгтыл иууыл. Бæрзонд ысбадти Йæ цъуппыл сауцъиу. Йæ зарæг хурмæ Æрвиты сауцъиу, Уый зары цардæн. Уый уарзы хуры. Фæнды йæ зардмæ Цæрын цæрдуды, Цæрын парахат... * * * Йæхи сабыргай Æрбайсы хъазтмæ, Бецау, Фацбай дæр. Бæрзонд, фæтæнуæхск.
Куыстуарзаг, сабыр — Фацбай йæ мадæн Уыди хæрз иунæг. Йæ фыд нырхæндæг Фыд куыстæй раджы: Æххуырстæй хатти Хъуыбаттæм ал’ аз. Кæмдæр ныссыди, Фыд низ ыссардта, Æмæ йыл сынтæг Ысси æнувыд... Фæци конд кусарт Фацбай цæхæрцæст. Физонæг бурæй Лæвæрдта рæвдзæй Хъуыбатты фынгтæм. Сæ бадт Хъуыбаттæн Ныр цыд кæронмæ, Лæггад цы хъуыди, — Фæкодта иууыл. * * * Нæй никуы царды Ыссарæн фидыд Æлдарæн æмæ Æххуырст, æфхæрдæн. Куы сфыцой иумæ Сæ фыдтæ аджы, Уæддæр сæ басæн Ысхæццæ кæнæн Нæй никуы, никуы! Фæлæ ма зæрдæ Фæкæсы коммæ, Йæ мидæг сонт туг Куы сфыцы, гъеуæд!.. * * * Фæтых ис фæндыр Фацбайыл уайтагъд, Йæхимæ ласы Фацбайы æмдзæгъд... Æрлæууыд хъазтæн Йæ кæрон лæппу, Цырæгътæ судзынц Йæ цæсты, бакæс.
Тæмæнтæ калы Йæ цæсгом иууыл. Æрбауад уайтагъд Фацбаймæ чидæр Æмæ йæ симдмæ Фæкæны уартæ... Йæ бырынкъ зулмæ Хæссы Залихан. Йæ рахиз фарсмæ Кæсы æдзухæй; Æнæрвæссонæй Ысхуды хатгай, Фацоайæ хизы Йæ дари къаба... Йæ сæрæн нал у Фацбай æфсæрмæй. Йæ сур хид акалд, Йæ сæр дæр зилы. Фæстагмæ рахызт — Ысуагъта чызджы... Уæнтæхъил æмæ Сæргуыбыр — афтæ Фæцæуы хъазтæй Фацбай сабыргай... Йæ разы, мæнæ, Инал куы февзæрд: «Кæй уæндыс, цъаммар, Ды та æфхæрын!» — Зæгъы Фацбайæн, Æмæ фæхæцыд Йæ кардыл чызгхуыз. Мæстæй ыссыгъди Фацбай фæтæнуæхск... Йæ галиу къухæй Æрцахста карды, Йæ рахиз къухæй Æрзылд Иналыл. Ыссыд йæ цъæхахст Хъуыбаттон гуырдæн. Ызгъорынц балгай Хъуыбаттæ хъæрмæ... * * * Мæнæн дзырдæуыд: Сæрдыгон иу саг Ызгъордта хъæды — Бæстæ — æппæтæн
Сæ сурæт иста. Уыдис ын дойны. Фæйнæрдæм касти Дон, суадонагур. Æмæ йыл сæмбæлд. Зыдæй ныуазы, Кæны æлвæстæ, Нæма басасти Йæ дойны сагæн, — Æрбафтыд афтæ Кæцæйдæр ниугæ Куыйты агъуыд бал. Ныккодтой куыйтæ Гъеуыцы иу цæф Сæхи, æмхуызон, Нæ сæрджын сагыл. Рæдувынц куыйтæ Йæ фыдтæ сагæн. Æрхаудта... Нал уыд — Йæ зæрдæ банцад. Æрттывта нæууыл Йæ туг æртахгай, Æмæ дзы надта Йæ тынтæ буц хур. * * * Нæ разынд ронбæгъд, Бæргæ, Фацбай дæр, Фæлæ цы кæна, Цы кæна иунæг! Цæвынц, рæхойынц Лæгæй, лæппуйæ Хъуыбатты мыггаг. Æрхауди дуртыл, Фацбай — æдзард уд, Æрхауди дуртыл, Æрцыд йæ кæрон... Залихан мардæн Æрлæууыд къахæй Йæ фæтæн риуыл Æмæ йæм дзуры: «Гъеуый дын ме ’фхæрд...». Æппынфæстагмæ Иналы сау куыдз Æрзылди мардæн Йæ алфамбылай,
Ыстæй, зыдгæнгæ, Ысдæрын систа Фацбайы ныхæн Йæ туджы ’рхæмттæ... * * * Дард нал уыд куывдæн Йæ фæуын, афтæ Фæхъуынтъыз арвæн Йæ кæрон дардыл. Фæтулы хур дæр Йæ сæрты хъæуæн... Фæцæуы цудгæ Афай, æфсæст лæг. Йæ уатмæ бацыд, Æрхуыссыд буцæй... Æддейæ арвæн Ыссыд йæ нæрын. Æртæхтæ хауы: Бæрæг у арвыл — Уыдзæн тыгъдызæй. Ныхсдзæн Фацбайæн Уый ныр йæ тугтæ. Афай та уаты Кæндзæн мæрдфынæй... ТЕРЧЫ ЦУР I Сабитæ — нæ дарæг! — Райы уæ мæ зæрдæ, Байрæзæнт уæ сæртæ, Ут рын, сонæй хызт. Аргъæуттæ ис бирæ, Хъусут сæ уæхæдæг, Хъусдзысты уæ зæнæг Ноджыдæр фылдæр. Абон уын æз аргъау Кæнынмæ нæ хъавын, — Аргъæуттæн дæр та нын Разындзæн рæстæг.
Иу хабар æрæфтыд Фаронæй мæ зæрдыл... Кæд лæуут мæ фæндыл — Радзурон æй уæд... Æмæ стæй разы дæр Ценнæ уат, нæ зонын! Исты уæ нæ хонын Цъысыммæ, мыййаг. Ивгъуыд бонтæ зонын Хос у, хос, æвдадзау — Фидæн бонтæм раздзау Уæд рæвдздæр у цыд. Хъусут, уæдæ цадæг Дзурдзынæн æцæгтæ. Уæнт уæ зæронд лæгтæ Ме ’вдисæн, уæд та... II Зонут мын мæ фыды. Уый фыды нæ зыдтат... Цардбонæн йæ фыд ад Бавзæрста бæстон. Уый фæци уыргæфтыд Кусынæй æххуырсты. Рафтыди зынгуысты... Амард, нал ис ныр... Иухатт раджы цæндыл Бадтæн йемæ хурмæ... Хъазынæн æз дуртæ Равзæрстон дзæвгар. Дур, уæдæ цы ардта Хъазынæн уæд саби?! (Ахæм хъазæн нал и Хъуыдæджы дæр ныр). Хъазыдтæн мæхицæн, Амадтон «хæдзæрттæ». Загъта-иу мæ зæрдæ: «Ныр дынджыр лæг фест! 0^08
Амаин уæд систæ, Исин уæд сæнæрттæ, Хауиккой мæм нæрдтæ Хисты уæд, бæргæ! Кæннод мæм нæ хауы Тъанджы мур дæр, хъус дæр, Дзæгъæлы æдзухдæр Зилын фынгтыл ныр, Æмæ уайынц былтыл Комыдæттæ риумæ — Хистæр лæгтæ иумæ Куы фæхæрынц бæрзæй...» Бадт баба дæр дурыл. Йе ’рчъитæ рæхсадта. Каст æмæ нæ ардта Æрчъийы цæгуат: Уæлфадмæ нымбыд ис, Нал хæцыд йæхиуыл. Уыд гæппæлтæ иууыл. «Гъæй-джиди, сæгъдзарм!..» Бацъапп-цъупп æй кодта, Фадхос дзы ныуæрды Хъавгæйæ — нæ уæнды, — Ку’ атона, мыййаг. Къахыл æй ыскодта. Сыстад, митмæ бацыд, Иуварсырдæм азылд, Митæй къухтæ ’хсы. Сæвдылдысты къухтæ Чъизийы: ныууагъта; Тæрттыл сæ æрхафта, Зæнгтыл сæ сæрфы. Цæнды ’нцой æрбадти. Бауадтæн йæ цурмæ, — Не ’ргæмттæ та хурмæ Сарæзтам дзæбæх. Фасын ын йæ зачъе Тонæгау мæ уырзтæй. Бузныг уыд мæ куыстæй, Хатыдтон, баба.
Цæсты хаутыл чъиутæ Сасмы хæст ныккодтой; Донау сыл ызгъордтой Цæссыгтæ бынмæ. Асхъаудтон бабайæн Тагъдгомау йæ цæст дæр... Дзуры мæм фæстæдæр: «Аных-ма мæ, хур!» Батылдтон мæ иу дыс. Фæсонтæ фæныхтон, Фæсонтæ фæныхтон Фаг бабайæн æз. Уыйфæстæ йæм дзурын: «Сараз-ма мын исты. Кæннод та мын хисты Райсом ратт ысгуы. Уыйхыгъд дын æз ахсæв Къахдзынæн æппытæ, Кæрдзынты æппытæ, Хъæбæртæ та — мæн. Ноджы дын гыццийæн Афыцын кæндзынæн Ахуыйæн кæрдзынæн — Туагдоныл цымгæ». «Хорз», — зæгъгæ, ысдзырдта. Раст цыма ныккæндæй, Раст цыма мæм цæндæй Марды хъæлæс хъуыст: «Хисты дын ысгуы дæр Ратдзынæн, мæ зæрдæ... Амондджын фæлтæр дæ Ныййардта дæ мад. Мах фæлтæр æндæр уыд: Ницы уыдтам цардæй, Хур нæм касти дардæй, Тавс дзы ’ппын нæ уыд!..» Иу хатт ма тыхст улæфт Фæллад риуæй сыхъуыст, — Растæн, цыма, сæхсыст Масты цæджджинаг.
Хатыдтон: æрлæууыд Судзгæ маст йæ зæрдыл, — Рагон маст йæ зæрдыл Æрбалæууыд æваст. Адаудта йæ зачъе Ризгæ уырзтæй хъавгæ. Уыйфæстæ мын афтæ Радзырдта баба: III «Уалдзæг у куыстуарзаг. Канддæр та нæ хохы... Макуы-иу кæн рох ды Уалдзæджы хъуыддаг. Митхъулон куы фæуой Хъугæмттæ — нæ хуымтæ, Рагъгæрæтты зымтæ Уасыныл куы суой, — Мауал кæн дæхицæн Хъарм хуыссæн уæд адджын, Кæннæуæд хъуагджын — Алцæмæй фæззæг. Адæмæн сыджыт у, О мæ хур, сæ дарæг; Махæн та нæ хъарæг Алы бон — зæххыл. Зæхх нæ хæхты махæн Тугæй у хъазардæр, Ацу ’мæ йæ балхæн! — Не ’фты къухы уый. Удæй йæм æнæвгъау Бакæнæм æмхасæн: Туджы цъыртт — йæ хъацæн, Уæнты хид — йæ мæр. Хуым æхсæст куынæ уа Хуыры хæлттæй, дуртæй, — Фæззæджы йæм къултæй Чи ’ртулы бынмæ, —
Уæд нæ ныхсы дзыбыр Арф йæ фаг дæлæмæ, — Фесхъиуы уæлæмæ, — Аззайы ызгъуыд. Ноджы — хуыр фæвæййы Дæлсыджыт; нæ уадзы Тауинаджы уадзын Зæххы бын уидаг. Бирæ нæу йæ сыджыт, — Иу аз дæр нæ лæууы. Хъацын æй фæхъæуы, — Фаджыс у йæ хос. Фаджысæн йæ ласæн — Зымæджы, йе — уалдзæг. Рагацау кæн цалцæг Дзоныгътæ, дæ куыф. Дзоныгъхъусаг арæх Махæн нæу нæ хъæдты, Рагацау фæхъæуы Искуы ссарын уый. Уыйфæстæ дæ дзыбыр Уæд дæ кой, дæ сагъæс. Адæмыл цæст ахæсс, Бацагур цæдис. Хорз цæдис куынæ уа, — Маст æмæ кæнды фыд, — Алыбон — хæрз æлвыд, Сайдæй дыл цæудзæн: Хи галæн-иу ратдзæн Хорз цъæх хос; дæ галæн Алыхатт дæр сайæн — Сау зыгуым дæтдзæн. Конд фæци дæ гæппæл, — Ма ныххуысс æхсæв дæр, — Сараз ын æмбæндтæ, Хъахъхъæн æй дзæбæх. Зон, кæннод хæрз дзæгъæл Бакодтай дæ куыстаг, — Алыбон — æлгъыстаг, Алыбон дын — загъд; а!?2
Кæм хæрæг æд къæлæу, Кæм рæуæд, кæм далыс, Кæм сыхаджы нард фыс — Иууыл — хуымы, кæс! Хуым æвзар куы скæна, — Базил æм къæпийæ, — Зивæгæй нæм бирæ Фесафы йæ куыст. Уыйфæстæ та — рувæн. Рывд — хуымæн йæ кæнæг; Бахсæд ын йæ кæрдæг Къухы уырзтæй хорз... Иухатт дын æнæнхъæл Ацыд рæвдз мæ хъуыддаг, Бакодтон мæ куыстаг Хорз æмæ дзæбæх. (Раджы уыд уый, раджы. Уыд дæ фыд дæ карæн, Цумахъом хæдзарæн, Адæ-гъа, фæци.) Бирæ хъæуы царды! — Фидын мæ хъуыд хъалон... «Цæй, дзæгъæл цы бадон — Быдырмæ цæуон!» Араст дæн, ныццыдтæн... Уыд уым иу хъæу — Къардиу... Кодзыртæй дзы царди Цалдæр хæдзары. Уыд хуымгæрдæн рæстæг. Бацыдтæн æххуырсты, Кад кæм уыд нæ куысты! — Сомырдæг — бон мызд. Кусгæ та — сæумæйæ Хурныгуылдмæ растдæр; Талынгæй-иу раздæр Не ’рцыдтæн куыстæй. Хæрд — кæрдзын, махсымæ. Сарайы — мæ хуыссæн. Буцдæрæн мæ лыстæн — Ног фæлвых кæрдæг.
Бакуыстон дæс боны, Афтæ дын æрбасаст Ме ’хсырф — амонд ракаст Хохаг лæгмæ, кæс! Радзырдта мæ фысым: «Нæй хайыр дæ куыстæй!» Æмæ мын мæ мыздæй Баурæдта сом. Фесæфти дзы иу карк, Æмæ мæм лæбуры, Алвыдтæ мын дзуры — Адавтай, дам, æй. «Нæ», зæгъгæ, мæ зæрды Ис зæгъын, фæлæ мæ Сæппарын уæлæмæ Нал уадзы ныхас. Туг ысфыхт, мæ зæрдæ Хойы риу, фырмæстæй Уæд æрхауд мæ цæстæй Судзгæ цæстысыг. Нал бамбæрстон дарддæр, Куыд, цы ’рцыдис, уыдон, Цалынмæ æруыдтон: Лæг лæууы дæргъæй. Фындзы хъæл æрыстыгъст, Былты туг куы кæлы, Улæфт дзы нæ цæуы — Бауадзыг ис лæг. «Гъæйтт, мæ хæдзар фехæлд, Туг фидын мæ бахъуыд. Сау цъулбер куы сагъуыд, Байсæфта мæн дæр!» Амонд ма мæм касти — Ничи уыд нæ цуры. «Лидзгæ» — зæрдæ дзуры, «Лидзгæ, айс дæхи!..» Къулæй ма мæ рифтаг Раскъæфтон куыддæртæй. Рагæпп кодтон кæртæй, Лидзыныл ысдæн.
Туацъæйыл — мæ фæндаг. Бахæццæ дæн донмæ... Иу тæрфы уæлгоммæ Æрхуыссыдтæн чысыл... Рæуджыты дзаг уæлдæф Цъирын хорз мæ риумæ... Зарыд цъиу... æз цъиумæ Бахæлæг кодтон: «Хъалон дæр нæ дары, Никуы уыд æххуырсты; Цъулберы фыд уырзты Никуы уыд мæнау!» Сау сагъæсы исдуг Бафтыди мæ рыст сæр: «Фесæфти мæ мызд дæр, Дзæгъæлы — мæ цыд...». Къутæртæ — мæ цуры... Иумæ дзы фæкастæн... «Бар йæхи мæ тарстæн... Нал мæ раййафдзæн!» Къутæртыл — хуымæллæг... Хохаг лæг — хæдзардзин. Фегуырдис мæ тарф цин, — «Ратонон дзы, цæй!» Махмæ ам хуымæллæг Тугæй у хъазардæр. Домаг у нæ цард дæр, Раст куы зæгъон, уæд: Мардыкæнд йе цингуывд Бахъæуы хæдзары, Æмæ уæд кæм ары Лæг хуымæллæг ам! Февнæлдтон... Рæдувын... Байдзаг ис мæ рифтаг, Ратыдтон ма иу таг Мæцкъортæй дæр даргъ. Атыхтон дзы уайтагъд Иу гуцъула ноджы, — Бацыд ныфс мæ туджы — Нæй хæдзармæ уæз!..
Уалынджы æвиппайд Алæууыд мæ фæстæ Иу даргъ лæг æд гæрзтæ... Атахти мæ уд. Ацахста мын фидар Иу къухæй мæ бæрзæй Æмæ ехсы гæрзæй Райдыдта нæмын. «Зæхгæс мæ æрцахста, Хъазахъхъæн сæ зæхгæс!» Бамбæрстон: ныр цæргæс Дзылыйы хæрдзæн!.. Нæй хæцæн: дæн ронбæгъд, Уый та у æд гæрзтæ. Ноджы дын мæ фæстæ Чи у зилæг, чи?! «Се ’взаг сын нæ зонын, Нæ — тæлмац, нæ — хион... Цæй, фæлтау фæлидзон», Ахъуыды кодтон. Иу къуырд æй ыскодтон... Феуæгъд дæн... ызгъорын... Асенк ластон доны — Лидзын, уæдæ цы?! Адард дæн. Мæ улæфт Улæфты æййафы. Хур зынгау æндавы — Нал уыдис мæ бон. Иу ран уыд бæлæстæ, С’ аууоны æрбадтæн. Дойныйæ дæр мардтæн, — Бахус ис мæ ком. Бадудынц ных, æрфыг; Къухæй сæ ысгарын — Бамбæрстон, кæй хъары Сисбынтæй мæ туг. Донбылмæ фæцыдтæн, Цæхсадтон мæ хъæнтæ, Иучысыл мæ зæрдæ Сагъæстæй фæцух.
Фæлæ та мын мастæй Айдзаг ис фæстæмæ; Нал мæ ’ндæвтой цæфтæ, Айрох ис мæ над — Баззадис мæ рифтаг Джауыры дзæмбыты; Ацахста мæ хъуыды: «Гал марæггаг — хъуг!» Ме ’фсин мæ хæрдзæни, Амæлдзæн фырмæстæй, Хъисыны гæбæзтæй Бахуыдта хордзен. Рарвыста мæ балцы, Исты кæд æрхæссин, Бинонтæм фæкæсин Дарæсæй, хæлцæй. Æз уый нæ, — мæхион... Фæрныгæн ныууагътон... «Нæй гæнæн» та загътон. Рарастдæн... Цæуын. Къах ма хорз кæм исын, — Куы цæугæ, куы бадгæ; Худгæ та ды бакæ — Зæрдæ фестад дур. Дыккаг бон изæрæй, Адæ-гъа, куыддæртæй, Тард куыдзæй фыддæртæй Ам уыдтæн, мæ хур. Сабитæ мæм уайынц: «О, баба... гагатæ!» Иу мын кæны пъатæ, Иннæ та — хъæбыс. Барухс и мæ зæрдæ Бинонтæн сæ уындæй, Адард ысты зынтæ, Ницыуал мæ рыст. Бирæ у, хæрз бирæ, Бинонтæн сæ сагъæс: Низ... хæринаг... дарæс... Адæймаг тыхсы.
Гъе, уæддæр зæрдæйæн Хур ысты; тыхст сахат Адæймаджы алхатт Буц рæвдыд кæнынц. Иудзæвгар фæкодтам Цинтæ ’мæ ныхæстæ, Иууыл цыма бæстæ Мах уыд, афтæ, раст. Уыйфæстæ мæ хабар Радзырдтон кæронмæ, Æмæ суангдæр бонмæ Ахаста нæ куыд. Нал урæдта ме ’фсин Цæстысыг æппындæр. Нал уæндын хъæрзын дæр, — Цавддурау фæдæн... Бон ысрухс и. Бæстæ Райхъал ис, æрттивы, Хуры рухсмæ ивы Алыран йæ хуыз. Февзæрди та риуы Тых, хъару, ныфсытæ, — «Бар — йæхи: хуычъытæ Бирæ ис нырма! Лæг у конд амалæн, Хызт куы ’ййафæм низæй, Уæд цы кæнын исæй, — Ис дæр та уыдзæн!..» Уалынджы мæм уынгæй Фехъуыст хъæр, фæуайын, Хинымæры райын: «Кæд æхсызгон уац Боныцъæхыл исчи Фарнимæ æрхаста... Йе та исчи айста Кæд, мыййаг, мæ зын, Æмæ мын ныфсытæ Авæрдзæн зæрдæйæ...». Афтæтæ, цæугæйæ, Ахъуыды кодтон. 0^18
Рахызтæн: мæ разы Лæг лæууы тызмæгæй. Уазалдæр зымæгæй Уыд йæ уынд мæнæн. Базыдтон æй: къулер Дзæгъæлы нæ фæзынд. Афтæ ма æвзæр сынт Холымæ тæхы. «Цал хатты дæм уыдтæн? Алыбон цæудзынæн? Æви дын кæндзынæн, — Кæд, зæгъыс, лæгъстæ? Бафид тагъд дæ хъалон, — Кæннод хорз нæ уыдзæн. Æз дæ хуызæн куыдзæн Зонын йе ’гъдау хорз!..» «Багæдзæ кæн!.. Зонын, Фидын мæ кæй хъæуы; Фæлæ, цæй, нæ хъæуы Чи ратдзæни хæс? Хæдзары та, баууæнд, Ницы ис мæхимæ. Иу къуылых сæгъимæ, Цæй, цы кæнон, куыд?..» Уыцы зылд фæкодта, Цæсгом туджы разылд. Тыргъы къуымты разылд — Ницы дзы ары. Уыйфæстæ фæраст ис Ыскъæтмæ, — йæ къахæй Сад мæ сæгъ, æндахæй Нарæгдæр ысси. Раласта йæ, сæгъы... Далæ йæ фæкæны... Мастæй хъуыр æхгæны, Фæлæ марадз, цæй! Сабитæ йæ фæдыл Райдыдтой уым ниуын... Сæгъæн ма йæ чиуын Ауыдтам æрмæст.
Гъе, мæ хур, нæ цард-иу Афтæмæй æрвыстам. Бон, æхсæв нæ хынцтам, — Гуыбын хус уæддæр!..» Адаудта йæ зачъе, Цæсты чъиу ысхъауы Æмæ мæ ыстауы, Дзуры мæм фæрсмæ: «Аных-ма мæ иу хатт, — Уадзынц арт мæ фæрстæ. Зон, хæдоны хъæстæ Афæдз не сты ныр». Батылдтон та дыстæ, Райдыдтон ныхынтæ... «О баба, ныцъцъынд дæ, — Ма бафынæй у!» Нал æм фехъуыст ныхас, Хуыссæг æй æрбырста... Ратылдтон мæ дыстæ. Æмæ — дугъ хъæмæ... IV Уырдыгæй фæстæмæ Рацыд бонтæ бирæ. Аивгъуыдта Ирæй Фурдмæ дон дзæвгар. Афонмæ бабайæн Йе стæгдар дæр нал ис. Нал æй домы сау низ — Сау фæнык ныцци... * * * Диссаг та куыд нæ у Цард уæддæр, æвæдза?! Бæстыл цин куы ’нхъæвза, — Хур куы тава хорз, — Уæд нæ цæвы риуы Зæрдæ ’мхуызон, баууæнд; Уадз æмæ йæ фауæнт, — Искæй кой йæ нæй.
Дзаг фынгыл дзы хатгай Айрох вæййынц низтæ. Марадз, зæгъай, исты Сагъæс ма дзы уа. Хатгай та — æндæр хуыз Фестдзæни бынтондæр, Раст цыма, гъе, сонт дæр Никуы уыд æппын — Дзаг фынгыл — æнтъыснæг, Хъазты та — мæрдджынхуыз. Бинонтæн — хъуынджын куыдз, — Алкæуыл — хъуыр-хъуыр... * * * Иуахæмы та дын Къардиумæ ныфтыдтæн. Рагæй дзы нæ уыдтæн, Загътон: «Фенон — цон!» Дис дæр ыл цы кæнон, Диссаг дæр куыд нæ у — Зæрдæйыл куы ’рлæууы Рагон цард, гъеуæд?!. Раст баба æххуырстæй Кодзыртæм кæм куыста, Цард фыдæй кæм фыста, Уыцы ран, гъе, раст, Сырæзти нæуæг хъæу, — Хъæлдзæг æмæ райдзаст. Цæстæн — цин йæ бакаст, Зæрдæйæн та — ныфс. Азылдтæн йæ уынгтыл — Адæм дзы — мæ бæстаг. Митдзæгъдтæн сæ фæстаг Нæу, мыййаг, æххуырст. «Мидæмæ! Хæдзармæ!» — Иу ранæй мæм дзурынц, Риууæрæхæй худынц Иууылдæр — цæрдхуыз.
Бацыдтæн. Уат — райдзаст, Куывд уыдис йæ тынгыл. Алы минас — фынгыл Нозт æмæ хæрдæй; Сау бæгæны къусы Сойдзæстытæ дары — Сыфтæрты бын тары Сау хъæлæрдзы, раст. Чъиритæ — тæнцъæрттæ, Цыхт сæ мидæг хъазы. Æфсин сыл царв уадзы Хъалацы дзыхæй. Мурзæг фæрскæй ноджы Бур физонæг фынгтыл; Нардæмхæццæ фыдтыл Нурыдзæхдон конд. Карчы лывзæ — ’хсырыл, Хъацæнтæй — бæстон зылд. Хъайла фынгтыл номдзыд. Хъазы фыд — фылдæр. «Мидæмæ, нæхион, Мидæмæ!» — хъæлдзæгæй Хистæрæй, кæстæрæй Иумæ уыд сæ дзырд. Сыстадысты. — Сбадут! — Нæ, нæ! — хистæр дзуры, — Дзаг ныуазæн куры. Сиды мæм хæстæг. Бацыдтæн æм, цæнгтæ Айтыгъта фæйнæрдæм, Раздæхтис мæнырдæм — Хъарм хъæбыс мын, пъа. Уыйфæстæ мын айста Къух, мæ къух рæвдаугæ. Цины мыртæ таугæ Райдыдта ныхас: «Ды куыдтай дæ сонтæй Махæн фаг нæ цардыл, Хохы цъассы мардыл Бахынцтай ды мах.
Чи нæ цард Зыруджы: Фыны дæр-иу зæйтæй Тарсти, кæнæ къæйтæй, Дурцæвынæй тарст. Захъа дæр хуыздæр ран Ницы уыд Зыругæй. Никуы бафсæст сугæй, Хорæй та — бынтон. Не ’ннæтæ дæр афтæ — Гом æмæ æгæрццæй хафтам. Сынт нæ фæрстæй Н’ атыдтаид мур... Акæс ныр дæхæдæг: «Уиззатæ», «хуычъытæ», — (Мысыс ма дæ дзырдтæ?) Нал ысты нæ хæрд! Нал тулæм нæ «риуæй» Галуæрдон, куыд раздæр, — Кусы нын трактор, «Цонг» ын нæу «мæцъис»... Айс-ма ныр ныуазæн — Гъе, цæмæй нæ цардыл Ды ныззарай дардыл Абоны дзыхæй!..». Райстон сыкъа... Ме ’взаг... Бандзыг ис... ныссалди... Сыкъамæ æртагъди Цины цæстысыг... Иу дзырд дæр мæ къухы Нал бафтыд. Ныуазын... Афтид сыкъа садзын Лæууæджы къухты. Хистæр нæм фæдзырдта: «Бадгæ ут, мæ хуртæ!» Хъазгæ æмæ худгæ Алчи сбадти уæд. Зарæг айхъуыст бадтæй, Аив зарæг, дардыл, Тохы зарæг бартыл Азæлы уæрæх.
Хистæр та фæдзырдта: «Байхъусут та цъусдуг, — Ралæууыди рухс дуг, — Ма нын фесæфæд! Фидар уæд нæ колхоз! Фидар уæд нæ фæтæг! Фидар уæм нæхæдæг, Колхозон адæм! Райстам абон, хуртæ, Комæй кургæ лæвар — Алырдæм фæфæлвар, — Зæхх уæддæр у мах. Фидаргонд æрцыдис Махыл зæххы дзаджджын. Нал уыдзæни хъаджджын Хорæй хохаг, нал. Сахарæй нын абон Акт — гæххæтт æрхастой, Зæххæй нын æрбарстой Н’ алыварс нæ фаг. Мах уыдзæн йæ пайда ’Нусмæ дæр, мæ хуртæ, Саутæ ’мæ нæм буртæ Нал ис ныр... Цæрут!..». Зарды хъæр фæйнæрдæм Азæлгæ куы айхъуыст, Сызмæлыдис агъуыст Адæмы ’мдзæгъдæй... Кæстæртæй уæд иумæ Аивæй куы дзурын: «Бахатыр кæн, — курын, — Фенын мын кæн хъазт...». Хистæртæй бар райстон... Сыстадтæн мæ фынгæй... Рахызтыстæм. Уынгæй Барухс ис мæ риу. Фæсивæд æмбырдæй Хъазты кафы, зары; Къахы ныхтæм хъары Фæндыры хъæлæс:
«Сауцæст лæппу бригадир у; Бирæ мын цæра — Раджы бадаг, раджы фестаг, Ой-дæ, ри-рæ-ра. Арвы риуыл куы сæрттивы Боны стъалы сæрд, — Сауцæст лæппу хуымты астæу Февзæры гъеуæд. Арвы ’рттывдау — йæ цæстæнгас, Февналынмæ — арт, Карды комау — йæ дзыхы дзырд, Хъазы уæнгты цард. Даргъдзыкку чызг тасгæ-уасгæ Рагсарæй, гъе, раст, Зад хуымы йæ тæккæ фарсмæ Февзæры æваст. Куысты тарфмæ куы бахъары Саудзыкку йæхи. Чи ралæудзæнис йæ ныхмæ — Ахæм лæг кæм и?!.» Хъазт уыдис йæ тынгыл, Хъуысти зарæг дардыл, Цины зарæг цардыл, Цингæнджытыл хъуыст!.. * * * Сабитæ, гъеуый уын... Гъе, хуртæ, мæ хабар, Чердæмфæнды абар, — Нæй зæгъæн гæды... У мæнæн мæ дзырдтæн Рагон Терк æвдисæн... Дзурут-иу сæ дисæн Фæстагæттæн дæр!..
САТАЙ-ХАН Хæххон таурæхъ Кæд, цы рæстæджы æрцыди Ацы цау, зæгъгæ, куы фæрсат, — Уæд дзуаппæнхъæл уæ рæстæг Уæгъды фесæфдзæн, мæ хуртæ, Уæгъды фесæфдзæн, уый зонут: Фарон хъусæй хорз нæ хъусы, — Сæг ын сæхгæдта йæ хъустæ, Æмæ уын дзуапп æнцоныл Уый уæ фæрстытæн нæ ратдзæн. Фарон зоны ’рмæстдæр дзурын, Æмæ йæм лæмбынæг хъусут. Мæн мæ сæнттæ дысон тары Рæгътыл ахастой, уæд хæхтыл, Æмæ иу ранмæ ныфтыдтæн. Урссæр къæдзæхтæ мын бирæ Уым фæныхас кодтой. Уазæг, Куыд сæ уазæг, афтæ хъуыстон, Хъуыстон хабæрттæм къæрцхъусæй, Хъуыстон æз фыдæлты даутæм. Ракæндзынæн дзы ныртæккæ Иунæг æз, æрмæстдæр иунæг. Кæд уæ зæрдæмæ фæцæуа, — Райсом дæр та-иу мæм хъусут. Царди ’мæ уыдис зæронд лæг Далæ Ногъайы быдыры. Хуынд йæ ном Батыр. Зæнæгæй Уыд æрмæст Батырæн иу чызг; Иунæг чызг-бындар Батырæн Уыд цæрынæй уæд хæрынмæ. Цард Батыр йæ чызджы хурæй, Уыййеддæмæ йыл ныттар ис Хур, æрвон хур, — афтæ батад, Афтæ базæронд ис, баруад. Зокъо ма ныввæййы афтæ, Сонт хурмæ фæстынд уæлæуыл Искуы ку’ аззайы, мæгуырæг! Уыд бæсты фидауц Сатай-хан, (Афтæ уыд йæ ном нæ чызгæн), Ы.26
Титыччы фæрдыг — Сатай-хан, Дойныйæн æй анызтаид Адæймаг — уыд, раст, гъе, ахæм!.. Циу дæ дидинæг йæ цуры. Циу, цы, де стъалы йæ фарсмæ!.. Арвы ’рттывдау уыд йæ фæзынд, Хуры тынау уыд йæ бахудт, Хъуазы хуызæн уыд гуырвидауц, Наз бæласау уыд йæ арæзт, Дидинæджы зæнг — йæ астæу. Разагъды чызг уыд Сатай-хан. Айхъуыст быдыртыл йæ хорз кой, Айхъуыст Ногъайыл йæ хорз кой. Æмæ усгурæй сæ хæдзар Цух куынæуал задис иу бон. Фæлæ, марадз-зæгъай, ком сæ Ратта искæмæн Сатай-хан... Далæ Терчы фале царди Иу лæппу, Науыр — йæ ном та. Фарон иуахæмы ’рбафтыд Уæд Науыр Ногъаймæ балцы — Балцы... цас балцы? — æлхæдта Бæх, йæхицæн бæх æлхæдта. Цæй, куыд уыд, цы уыд — цы зонын, Фæлæ бахаудта Батырмæ... Уыд тæвд бон. Æрæнцад кæрты. Рацыди Батыр. Саламтæ Радтой уазæг æмæ фысым. Аныхæстæ кодтой исдуг, — Афарстой кæрæдзи номæй. Уæд Батыр хъæрæй фæдзырдта: — Чызг, кæм дæ? — тæвд бон у абон, Уазæг дард балцæй æрцыдис — Дон ын рахæсс, тагъд, йæ ком дзы Ауазал кæна, мæ хъæбул! Раст зæрватыккау куы фæзынд Уæд Сатай-хан кæрты уайтагъд. Цъайы былмæ дын фæуади, Фелвæста дзы дон. Æркодта Къусы дзаг. Рæвдз, тасгæ-уасгæ Уазæджы размæ æрбацыд,
Радта къус, йæхæдæг дарддæр Ацыд, цæстытæ æруагъта Зæхмæ æмæ раст æрлæууыд. Райста къус Науыр йæ къухмæ... Фæлæ къух ысхæссыи дзыхмæ Нал уыдис йæ бон, мæгуырæг — Хур æм цыма ’ркаст æвиппайд, — Афтæ чызджы фендæй тартæ Байдыдтой кæнын йæ дыууæ Сау, фæрдыджы хуызæн, цæсты. Барызтис гæдыбæласау. Систа ма хæрз æнæбары Дзыхмæ къус, фæлæ, байтаман! — Дон та-ма ды схуыпп кæн, марадз! Ис æм сусæгтæ хæрз бирæ Уарзондзинадмæ, æнæмæнг! Ацу ’мæ йæ бамбар, базон, Цæй, куыд базмæлы уæд зæрдæ, Куыд, цæмæй ныссæххæтт ласы, Чи дзы аныхсы цыргъ фатау! Базыр-зыр кодта уæд чызг дæр. Нал уыдис Науырæй рæвдздæр. Ау, цы йыл æрбамбæлд уайтагъд? Ау, куыд нал хæцы йæ уæнгтыл? Арв æй кæд, мыййаг, æрцавта! Йе йæ кæд цæсты фæчынди! Нæ, уый арвы цæф нæ уыди, Нæ, фыдцæст дæр æм нæ бакаст, — Уый дыууæ зæрдæйы бартæ Иумæ агурынц сæхицæн... Æз Бæстытыхæй куы уаин, Уæд мæ куысты сæр ыскæнин, Ахæм дыууæ риуы сонтæй Хицæнтæ цæмæй нæ кæной... Фæлæ... цæй, цы дзурон дарддæр — Ахæм зынг кæмæ фестъæлфыд, Уый мæ афтæ дæр æмбардзæн... «Цæй, хæрзбон!» — зæгъгæ, ма схаудта Уæд Науырæн уым йæ дзыхæй, Баппæрста йæхи тагъд саргъмæ Æмæ рараст ис сæхимæ. Фæндагыл цæуы, ызмæлæг Никуы ис бæстыл æппындæр,
Афтæмæй йæ разæй згъоры Сау æндæрг — Сатай-хан, растдæр, Къутæр — фæндаггæрон иу ран — Рагæпп кодта бæхæй уайтагъд: «Ды — мæ уд!» — йæ хъæр куы фехъуыст. Баппæрста йæхи ’мæ пыхсыл Бахауди; йæ ных æрыстыгъст. Ацыд дарддæр, æмæ сау чызг, Нæй, нæ хицæн кæны риуæй, Цæстæй нæ, фæлæ йæ риуæй, Сонт цырын риуæй æппындæр. Ацыд. Цъайы цур æрæнцад, Уæд Сатай-хан дæр йæ уæлвæд Донмæ уым йæ каст ыскодта Æмæ ахсы доны авджы Уый Науыры хуыз æрмæстдæр. * * * Царди Терчы цур уæд иу хан, Ногъайы æлдар Мырза-хан. Хæйрæг бацыдис йæ туджы, Фисынмæ фæнд дзы фæзындис: Хъуамæ бакæна тыхмитæ, Хъуамæ раскъæфа уый чызджы, Хъуамæ суа йæ ус Сатай-хан. Иубон бабадти йæ бæхыл, Баскъæрдта Батыры кæртмæ, Ратæлæт дын кодта фосау Мæгуыр Батырæн йæ чызджы. Афтæ акæнынц: «Тыхы дон Ласы тынг дзæбæх хæрдмæ дæр». Царди ханимæ Сатай-хан. Фæлæ царди ’рмæстдæр буарæй. Зæрдæ та уыдис Науыры... Æмæ зæрдæйæн ысбæттæн Нæй — цыфæнды йын фæкæнай. Чи зоны — куыд уыд, цы уыдис? — Фæлæ ссардтой тагъд фæндæгтæ Уæд Науыр æмæ Сатай-хан, Тагъд сæ кæрæдзи ыссардтой... Æмæ йе ’ууæлтыл фæзындис Уæд Сатай-ханæн йæ хъуыддаг.
Ханæн фехсайдта йæ зæрдæ. Къахын райдыдта йæ усы, Балцы-иу куы цыди искæд, Алыхатт дæр-иу уæд ехсæй Усы рацавта уæлбæхæй Æмæ-иу æм афтæ баздæхт: «Искуы ис мæнæй хуыздæр лæг?» Нал фæрæзта уæд Сатай-хан Алыхатт йæ лæгмæ хъусын, Æмæ та йæ иуахæмы Лæг куы афарста уæлбæхæй, Уæд Сатай-хан дæр фæрæвдз ис: «Терчы фаллаг фарс хуыздæр лæг Ис дæуæй, Науыр æй хонынц». Фембæрста Мырза-хан уайтагъд Усы ныхæстæ ’мæ ацыд Терчы фаллаг фарс Науырмæ... Къуылдымæй куы кæсы коммæ Уæд Науыр æмæ дын уайтагъд Барæгыл йæ цæст куы андæгъд. Бамбæрста Науыр зæрдæйæ, Хорз уазæг кæй нæ у цæуæг. Ахæм тас нырма Науыры Никуыма бацыд ныры онг. Ахъардта дзы сагъæс, æмæ Дзуры хинымæры афтæ: Кæд тæппуд лæг уа, уæд донæн Агурдзæни уый йæ тæнæг, Кæд хъæбатыр уа, — уæд доны Уыцы иу ыскъæрд кæндзæни. Уæд кæсы, ’мæ бæлццон донæн Тагъд йæ иугуыры æрбацыд. Рахызти. Науыры хæд раз Уайтагъд февзæрди æвзыгъдæй. Дзуры йæм Науыр: «Кæд ардæм У дæ фæндаг, уæд — хæстæгдæр!» Дзуапп ын радта уæд Мырза-хан: «Раст дæумæ, дæумæ — мæ фæндаг! Рахызти йæ бæхæй уазæг. Бакодта йæ фысым уатмæ. Æхсæвы, куыд æмбæлд, афтæ Уазæгæн æгъдау ыскодта: Аргæвста йын бæх, хæрзхаст бæх.
Бахордтой. Мырза-хан дзуры: «Байхъус мæм, Науыр, ныхасмæ: Терчы рахиз фарс ды цæрыс, У дæ зæхх, ды дæ йæ хицау. Галиу фарс та у мæ бæстæ. Иу Терчы донæй нæ бæхтæ Нуазынц райсомæй, изæрæй. Терчы доны хъæр æдзухдæр Дзуры, о Науыр, дæ буц ном. Ногъайы быдыры дымгæ — Уый та ахæссы фæйнæрдæм Дард мæ ном. Зæгъ-ма мын, уæдæ: Цы, цы нæ фаг кæны царды Æз æмæ дæуæн, мæ фысым? Цæй, сывæллæттау цы дзурæм? — Фегад мын кодтай мæ усы, Ныр æз дæр хъуамæ афтæ Бакæнон дæуæн дæ хойæн!» Дзуры уæд Науыр Мырзамæ: «Аххосджын мæхи æз хонын, Фæлæ афтæ дæр цæмæн уа — Ногъайаджы ус йæ мойæ Кæд фылдæр уарзы Науыры?!». Рахызтис хæстмæ сæ ныхас, Тох ыстыхджын ис мæлæтдзаг. Ногъайаг бæргæ æвналы, Фæлæ фæуд кæны йæ хъару, Нæ, хъаруйæ ницы скæндзæн, — Хиндзинады сæр æй бахъуыд: «О Науыр, ыскæс-ма арвмæ — Уый цæй маргъ фæтæхы арвыл?» Арвмæ фездæхта йæ цæсгом Уæд Науыр, æмæ Мырза-хан Къæхтæ ракъуырдта Науырæн, Ахаудис Науыр уæлгоммæ... Абадт ын Мырза йæ риуыл... Уайтагъд басгæрста йæ зæрдæ Уым Мырзайы кард Науырæн... Ноджы бавдæлди фыдызнаг — Ралыг ын кодта йæ сонт сæр, Хордзены мидæг æй бæхыл Авæрдта ’мæ ’рцыд сæхимæ. Уым Сатай-хан бады уаты. Баппæрста йæм сæр Мырза-хан
Æмæ йæм хъæлдзæгæй дзуры: «Мæн уырны, кæй нал зæгъдзынæ, Ис ма ныр мæнæй хуыздæр лæг!..». Уæд куы базоны Сатай-хан Уым йæ уарзоны сæр уайтагъд. Фелвасы йæ тагъд йæ къухмæ, Пъатæ райдайы, хъæбыстæ Сæры къуыдырæн Сатай-хан. Раскъæфы йæ, згъоры, лидзы. Мæнæ ’рбахæццæ ис Теркмæ. Донбылæй йæхи нылвæста Æмæ аныгъуылди Терчы... Сæры къуыдыр дæр уæд — йемæ. Дарынц адæм уый сæ зæрдыл Æмæ уарзæттæн сæ номыл Терчы уыцы был нырмæ дæр «Сатай-те», зæгъгæ, куы хонынц, Ома, дам — «Сатайы бæрзонд». ÆМЗОРАТЫ ЧЫСЫЛ ÆМЗОР ÆМÆ ДЗЛАТЫ САУ РÆСУГЪД Ирон кадæг Далæ, зæгъы, мæ хуртæ, Æрджынарæджы Уæд Дзлаты мæсыджы цард æмæ уыди, Цард æмæ, зæгъы, уыд Дзлаты сау рæсугъд. Уый кондæн ныййарæг мад никуы ныййардта, Уый уындæн ысхæссæг фыд никуыма схаста, — Ахæм рæсугъд уыд, гъе, Дзлаты бадæг чызг. Иры зылд, Кæсæджы, æз лæг дæн, зæгъгæ, Афтæ йæхиуыл йæ зæрдæ чи дардта, Уыдонæй уыцы чызгмæ курæг чи не ’рцыд, Ахæм дзы нал баззад, ахæм, куы зæгъынц, Ы32
Фæлæ Дзлаты рæсугъд никæмæн куымдта. Уæнтæхъил, сæргуыбырæй фæстæмæ здæхтысты Адæмы хæрзæджытæ Дзлаты мæсыгæй. Бирæтæ-иу дзы, оирæтæ, зæгъынц, Зæрдæдзæгъæл дæр фесты, зæрдæдзæгъæл. Уæд, зæгъы, Æмзоратæн сæ чысыл Æмзор Хъаны куы цард, хъаны, буц æмæ рæвдыдæй Æмæ, зæгъы, алыбон цуан куы кодта Зæрдæйы дзæбæхæн стыр Терчы былтыл. Æмæ та иуахæмы зилгæ рацыди Терчы былгæрæтты аццыты фæдыл. Аццытæ цæгъдгæ, рацыди Терк-Терк Æмзораты буц лæппу, уæд чысыл Æмзор. Æмæ, зæгъы, афтæмæй сæфтыди, сæфтыд Æрджынарæджы — Дзлаты цурмæ. Фæкомкоммæ, зæгъы, ис Дзлаты мæсыгмæ Æмæ дисы бацыдис, стыр дисы, Æмзор; Æмæ, зæгъы, мæсыгæн уæд йæ фæлгуырæй Нал æмæ нал иста йæ дыууæ цæсты. Уæд, зæгъы, уыцы афон рудзынгæй ракаст, Мæсыджы рудзынгæй, Дзлаты сау рæсугъд. Йæ дæллагхъуыр Бонвæрнон тыбар-тыбур кодта, Арв дзы йæхи уыдта, мæйтæ дзы хъазыди, Хуртæ дзы худтысты — бæстæ ныррухс ис.
Æмæ, зæгъы, уайтагъд куы фемдзаст сты Чысыл Æмзор æмæ Дзлаты сау рæсугъд. Бирæ фæкастысты, бирæ, куы зæгъынц, Сæ кæрæдзи уындмæ дыууæ сонт уды. Стæй уæд чысыл Æмзор йæ цæстытæ ’риста Дзлаты сау рæсугъдæй æм’ аздæхт фæстæмæ. Араст ис фæстæмæ Терк-Терк, уæдæ цы! Æмæ изæрмилтыл куы ныххæццæ ис Æнкъард æмæ фæлурсæй далæ йе ’мцегтæм. Фынг ын æрцарæзтой, уæдæ цы уыдаид! — Фæлæ фынгмæ йæ къух дæр не ’ркодта Æмзор. Хуыссæн ын бакодтой, фæлæ йæ хуыссæг Кæдæмдæр фæтахтис, æввахс æм не ’рцыд... Райсомæй куы сыстад, куы рацыд æддæмæ, Уæд гæдыбæласау рызт, дзой-дзой кодта... Цас рацыд, чи зоны! Фæлæ тад æмæ руад, Халасдзыд дидинæгау цæхæрцæст Æмзор. Уæд дын æм иурайсом йе ’мцеджы ус дзуры: «Ды, бæлвырд, сæфтыдтæ Дзлаты мæсыгмæ, — Æмæ, бæлвырд, фембæлдтæ Дзлаты рæсугъдыл, Æмæ дæ сонт уд йæ мидæг баззади. Ныр байхъус, нæ буц хъан, æз дын хос ыскæнон: Райсом кæд хурбон уа, уæд раст бонрæфты Дзлаты сау рæсугъд Теркмæ рацæудзæн
Йæ фæсдзæуин чызгимæ йæхи найынмæ: Денджызы хъазау Дзлаты сау рæсугъд Доны куы фæбады сусæны мæйты. Ленчытæ кæндзæни Теркæн йæ иугуыры. Ды бавдæл — фæцу уыцы афонмæ Терчы былмæ. Бæлæгъæн уым ист’ амал скæ, Æмæ-иу бæлæгъы уæлгоммæ ныххуысс, Æмæ-иу афтæмæй бæлæгъ доны ауадз. Дон æй ласдзæни — бæлæгъы, уæдæ цы! Æрхæццæ дæ кæндзæн Дзлаты рæсугъдмæ, Стæй, гъеуæд, мæ хур, — дæ хъару ’мæ дæхæдæг!.. Бон ивайын райдыдта, афтæ дын Æмзор Фестад æмæ рараст ис Æрджынарæгмæ. Терчы был æрæнцад Дзлаты комкоммæ, Уым бæлæгъ сарæзта, стæй бæласы бын Æраууон кодта ’мæ бонасадæн кæны, Бон йæ тынгыл уыдис, афтæ дын кæсы, Æмæ уæртæ мæсыгæй, Дзлаты мæсыгæй, Рахызти æддæмæ Дзлаты сау рæсугъд. Йæ фæсдзæуин чызг дæр цæуы йæ фæстæ. Терчы хæд былмæ дын куы ’рбахæццæ сты, Уым тулдз бæласы бын уазал, сатæджы Фæсдзæуин чызг, уæлæ, гауыз куы ’ртауы.
Дзлаты сау рæсугъд дын гауызыл куы ’рбады Æмæ куы раласы йæ дари фæлыст Æмæ Терчы былмæ йæхи куы байсы. Донгæрон куы ’рбады, йæ дыууæ урс къахы Фадхъулты онг, уæдæ, доны куы ауадзы. Хуримæ куы худы, арвимæ куы хъазы, Афтæмæй й’ алфамблай урс дидинджытæ Куы тоны æмæ сæ донмæ куы ’ппары. Дидинджытæ фыццаг лæууæгау акæнынц, Лæууæгау акæнынц, стæй сæ уæд дон Ассæнды æмæ сæ аскъæфы йемæ. Бирæ-бирæ фæхъазыд, стæй уæд дондзиуау Йæхи Теркмæ æваст иу зыввытт ныккодта... Исдугмæ нал фæзынд, стæй йын йæ дзыкку, Йæ даргъ цыллæ дзыкку, дон куы сфæйлыдта. Айвæзта йæ цæнгтæ æмæ кæсагау, Фурды ’ргъай кæсагау, ленчытæ систа. Теркæн йæ иугуырмæ куы оахæццæ ис, Уæд, зæгъы, чысыл Æмзор бæлæгъы абадт Æмæ йæхи раскъæрдта Терчы дæлæмæ. Куы ’рцæйхæццæ кодта Дзлаты рæсугъдмæ, Уæд фæсдзæуин чызг йе ’хсинмæ дзуры: «Гъеуыцы бæлæгъы-ма æрцахс, дæ цуры!» Дзлаты сау рæсугъд бæлæгъмæ февнæлдта,
Æмæ йын Æмзор йæ къух райахста. Куыннæ фæтарстаид Дзлаты сау рæсугъд! Йæ хъæлæсы дзаг ныцъцъæхахст ласта. «Ма фæтæрс, сау рæсугъд!» — зæгъы йын Æмзор. Чызг йæхи фембæрста æмæ йæм дзуры: «Хорз лæппу, уæдæ, бæхы йæ къахæй Нæ фæахстæуы, фæлæ йæ барцæй!» Чысыл Æмзор ын уæд йæ къух феуæгъд кодта Æмæ йын фæхæцыд йæ цыллæ дзыккуйыл. «Ай хуымæтæджы гуырд куынæ у», зæгъгæ, Ахъуыды кодта Дзлаты сау рæсугъд Æмæ дын дзуры чысыл Æмзормæ: «Кæд афтæ у, хорз гуырд, уæд, цæй, æгъдауыл, — Суадз мæ, æмæ цом æрдзурæм бæстон!» Цы ма йын загътаид уæд чысыл Æмзор! Суагъта, уæдæ цы, Дзлаты рæсугъды. Чызг донæй рахызти, йæ дарæс ыскодта. Чысыл Æмзор дæр уæд æрбахызт донбылмæ, Æмæ рараст кодтой Дзлаты мæсыгмæ. Цæугæ-цæуын Æмзор бакасти чызгмæ: Йæ пылыстæг къухтæ æрттивынц чызгæн, Йæ хъазхъуыр дæр, уæдæ, куыннæ ’рттывтаид! Æрбахæццæ сты мæсыджы цурмæ, Æмæ Æмзормæ дзуры сау рæсугъд:
«Уæлæ саухъæдрæбын æртæ рувасы — Уыдон куы рацахсай, гъеуæд — мæ мойаг!» Æмзор сæ асырдта æмæ сæ рацахста, Æмæ сын сæ цæрмттæ фæхицæн кодта Æмæ сæ бахаста Дзлаты рæсугъдмæ. Дзлаты рæсугъд та дзуры Æмзормæ: «Далæ дзуттытæ ыстыр Мæздæгæй Даритæ æрбаласынц дыууадæс цæдæй, Уыдон мын ды райсом мæ сыстын афонмæ Куынæ схæццæ кæнай мæ тæккæ кæртмæ, Уæд афтæмæй, хорз гуырд, мæ мойаг нæ дæ!» Фæраст ис чысыл Æмзор æмæ, дын, фæцæуы. Стыр Теркæн йæ иугуыр куынæуал равзæрста. Басæррæтт дзы ласта æмæ иудзæвгар Никуыцæйуал фæзынд, никуыцæйуал, уæдæ. Æмæ Дзлаты рæсугъд нырдиаг кодта: «Фесæфтон мæ мойаджы, ныр ма цы кæнон?! Уоуу! мæхи дзыхæй йæ куы бабын кодтон!..». Уалынмæ чысыл Æмзор фаллаг фарс фæзынд. Йæ дарæс алæмæрста æмæ фæцæуы. Дзуттыты ныййæфта, уæдæ цы уыдаид! Байста сын сæ чырæ, рараст ис фæстæмæ, Чызджы рабадынмæ æрбахæццæ ис, Ы38
Дыууадæс цæдыл æм даритæ ’рбаласта. Фæлæ та йæм, зæгъы, Дзлаты сау рæсугъд Ноджы Дзлаты сæрæй афтæ куы дзуры: «Фæцу мын, уæдæ, далæ Хъара-ногъаймæ Æмæ сын сæ рæгъау сыскъæр мæ кæртмæ, Гъеуæд, гъе, æнæмæнг уыдзынæ мæ мойаг!..». Фæраст та ис Æмзор Хъара-ногъаймæ. Ныххæццæ ис, раскъæрдта ногъайы рæгъау. Фæдис æй расырдтой, хæст бацайдагъ ис. Цæгъдын сæ байдыдта, цæгъдынтæ, уæдæ, Фæлæ йын йæхи дæр сасирау ыскодтой... Нæ, зæгъы, ныууагъта уæддæр йæ рæгъау — Схæццæ йæ кодта Дзлаты мæсыгмæ. Кæртмæ йæ баскъæрдта, йæхæдæг, зæгъы, Цъæх нæумæ рацыди æмæ уыцы ран, — Йæ саргъ йæ нывæрзæн, йæ нымæт йæ уæлæ, — Афтæмæй æрхуыссыд мæлæтдзаг цæфтæй. Райсомæй, зæгъы, уæд Дзлаты сау рæсугъд Кæртмæ куы ракæсы, куы бацин кæны: «Рæгъæуттæ мæнæ сты, схæццæ та мын ис!» Кæсы ноджы, æмæ далæ цъæх нæууыл Сау нымæт куы ауыны, сау нымæт, уæдæ. Фæсдзæуин чызджытæм фæдзуры сау рæсугъд: «Ацæут æмæ йæ ардæм ракæнут!..».
Чызджытæ рацæуынц, нымæт ысхъил кæнынц, Æмæ чысыл Æмзор мардæй куы лæууы, Тугæй йæ фæйнæфарс сцад ис, афтæмæй. Разгъордтой фæстæмæ чызджытæ уырдыгæй, Дзлаты рæсугъдæн хъуыддаг радзырдтой... Рауади мæсыгæй Дзлаты сау рæсугъд. Æрхæццæ ис уайтагъд Æмзоры цурмæ. Æрхаудта дæлгоммæ лæппуйы риуыл, Кæуынтæ райдыдта, кæуынтæ, уæдæ. Йæ хъарм цæстысыгæй Æмзоры цæфтæн Сæ туджы хъæбæртæ уæд куы ныхсадта, Куы сæ ныссæрфта йæ цыллæ дзыккуйæ. Стæй уæд сыстади æмæ чызджытæм Афтæ куы дзуры Дзлаты сау рæсугъд: «Терчы дыууæ фарсы-иу дыууæ ингæны Скъахут æмæ-иу нæ гъеуым бавæрут!» Йæхæдæг февналы æмæ йæ ронæй Хæсгард фелвасы, сау болат хæсгард. Йæ хурхыл æй, зæгъы, авæры, йæ хурхыл... Цъæх нæуу сырх адардта уайтагъд йæ тугæй. Дидинджыты хъусты сырх-сырхид æртæхтæ Сæууон худгæ хурмæ тæмæнтæ скалдтой. Æмзоры фарсмæ йæ туджы уымæлыл
Уайтагъд æрхауд, бецау, Дзлаты сау рæсугъд. Фæсдзæуин чызджытæ се ’хсины фæдзæхст Сæ зæрдыл дардтой æмæ куы скъахтой Терчы дыууæ фарсы дыууæ ингæны. Иуы дзы бавæрдтой Дзлаты рæсугъды, Иннæйы бавæрдтой чысыл Æмзоры... Цас рацыд, чи зоны, фæлæ ингæнтыл Бæлæстæ æрзади, бæлæстæ, зæгъынц — Иуыл — фæткъуы бæлас, иннæуыл та — кæрдо, Æмæ, зæгъы, уæд Терчы дыууæ фарсæй Сæ кæрæдзимæ æрбатасыдысты, Æрбатасыдысты дыууæ бæласы Æмæ, зæгъы, афтæмæй сæ кæрæдзийыл Куы ’ртыхстысты, куы, æнгом æмæ фидар. Райхалæн сын нæ уыд сæ кæрæдзийæ, Афтæмæй лæууыдысты дыууæ бæласы Æрджынарæджы, Дзлаты комкоммæ... Афтæ уыд сæ хъуыддаг, афтæ, гъе, куы зæгъынц, Дзлаты рæсугъд æмæ чысыл Æмзорæн... Се ’рцыдмæ фæцæрут, се ’рцыдмæ, мæ хуртæ, Ацы рухс дунейыл хорз æмæ дзæбæхæй. Уæ сæрæй æрду дæр макуы ахауæд, Уæ къахы ных дæр макуы ысриссæд!..
СЫРХÆФСÆДДОН ДЗУРДЗÆН I Хъазт, куывд, мыййаг, нæу Хæст, æфсымæртæ. Байхъусут-ма мæм Цадæгдæр чысыл. Иуахæмы та Тох ысцырын ис — Знаг та бирæгъау Размæ ’рбафсæрста. Ихуарæгау ныл Боны-бондæргъы Калди ’ндон цæхæр. Зæхх рызти, сыгъди. Арвы фæтæнæй Нал зынд худы йас. Риу æмбæлди уым Знаджы риуимæ. Бомбæ, минæ, кард, Танк, джебогъ, нæмыг — Алцыдæр йæ куыст Кодта уыцы ран. Туг, сырх-сырхид туг, Уади суадæттæй... Раст изæрмилты Æхст фæкъаддæр ис. Не знаг фесчъил ис. Лидзы. Сурæм æй. Фидаргонд рæттæ Фесты махонты. Бон æрталынг ис, Хæст дæр банцади. Бадын иунæгæй Къудзийы рæбын. Афтæ иунæгæй Уым куыд аззадтæн, — Уый зын зæгъæн у. Дис уæм ма кæсæд: Арæх рауайы Афтæ стыр хæсты. Бадын иунæгæй, Топп — мæ иу къухы, Иннæ къухæй та Фарс куы нылхъывтон, Фарс, мæ рахиз фарс,
Дуды судзæгау, Хатын æй дзæбæх, Не ’мбарын æрмæст, Циу, куыд æрцыди? Кæм, кæцы ран дæн? Чи ис м’ алыварс? Куыд, цы бакæнон?.. Цъусдуджы фæстæ Бамбæрстон мæхи. Тарст амалджын у: Абастон мæ фарс. Дудгæ ма кæны, Фæлæ ’нцаддæр у. Бацыди мæ ныфс, Рог цæф дæн, зæгъгæ, Æмæ кæрдæгыл Ауагътон мæхи. Мæй — йæ цалхы дзаг Арвыл сбырыди. Тар фæлæзæры, Лидзы знаджы ’рдæм. Туджы кæлæнты Найы мæй йæхи. Туг уа, дон уа, уый Мæйæн нæу уæлдай! Кæрдæджы уæлæ, Урс дидинæгыл Акалынц тæмæн Туджы æртæхтæ... Сабыр. Зæхх — æнцад... Уддзæф мыл бæстон Мадау узæлы... Ой, цы дзæбæх уыд!.. Уалынджы мæ хъус Ахсы тарф хъæрзын Стæй ирон ныхас: «Ам... ам... ничи... ис?!» Фестъæлфыдтæн уæд. Схъил кодтон мæ сæр... «Хъустæ мæ, мыййаг, Сайгæ кæд кæнынц?!» Нæ — нæуæгæй та Райхъуысти хъæрзын. Фазыл бырæгау Акодтон уæд тагъд. Бахæццæ йæм дæн. — Чи дæ, ’мбал? — фæрсын.
Лæг мæм курæгау Къухтæ сивæзта. — Ау, ирон дæ ды?! — О, ирон дæн æз! — О, æхсызгон хорз Баййафай, æмбал!.. — Ма тæрс, лæуу хъæбæр — Дон кæд аназис? — Аназин... бæргæ... Дон... Фæлæ кæм и?! — Авæрдтон ын дон. Сулæфыд дзæбæх: — Охх! Æрцардтай мæ, Бузныг, стыр бузныг! — Арфæтæ уал уадз, — Дзурын æм, бецау, — Фæлæ цæф кæм дæ? — Фенон дын дæ цæф. — Цæф?.. Нæ зонын... Кæм... — Бахъæрзыдта та. — Ма тæрс, мауал тæрс, Хос кæндзыстæм ныр! — Февнæлдтон æм цырд, Асгæрстон æй, ой: Фарс ыл нал уыди... Къах дæр ахаудта. — Нал дæн æз... Фæдæн, — Арф ныуулæфыд, — Ды сæрæгасæй Сыфт Ирыстонмæ Æмæ-иу фæдзур Уым мæ хабæрттæ Иры чызджытæн, Иры лæппутæн. Уарзтон царды цин, Уарзтон хуры рухс, Уæд фæллой кæнын, Уæд æмгардзинад. Фæлæ иу цъаммар — Сау хъуыназæрдæ — Бирæгъы лæбурд Кодта алырдæм... Дон ын доны ад Мауал ракæнæд, Хор та хоры ад, Кæй фæзагъдæуы!.. Баззади мæнæн
Мад, ныййарæг мад. Мад дын ис — куыннæ! Зоныс мады ад. Уый цæры (’мæ мын Загъта хъæуы ном. Загъта мады ном, Стæй йæ мыггаг дæр)... Базын-иу кæн ды, Басгар-иу мын æй. Хабæрттæ уыныс — Радзур-иу ын сæ... Уым нæ хъæуы цур Ис Къостайы цырт. Арæх-иу бадтæн Уыцы цырты раз. Радзур-иу, уæдæ, Радзур цыртæн дæр: Баххæст дын кодтон, Ба, дæ карз фæдзæхст: Дурзæрдæ знагæн Туджы хид калгæ Æз цагъары куыст Цæйфæлтау кæнон, Уыйфæлтау мæлæт Хæсты быдыры Райстон абон æз Уæд сæрибарæй! Ме ’взонг цæсгом у Ирд нæ бæсты раз, Æмæ мæм мæлын Зын куынæ кæсы. Зонын: знаджы дуг Бирæ н’ ахæсдзæн — Тугæй акалдзæн Тагъд нæ фæллæйттæ... Цæй, хæрзбон гъеныр, О мæ иубæстаг... Ой, мæ цæстытæ Тартæ байдыдтой... Курын... Курынма... Ноджы иу хъуыддаг: Ма-иу мæ ныууадз Ам ды уæлсыджыт...— Банцад дзурынæй... Скаст мæм курæгау, Айста мын мæ къух, Базыр-зыр кодта.
Улæфт улæфты Сурын байдыдта. Иу хыррытт, дыккаг... Уыйадыл фæци... Хæст хæст у, ай-гъай — Мард дзы диссаг нæу, Фæлæ мæрдтæ дæр Не сты иухуызон: Знаджы амарын Цин у зæрдæйæн, Хионы мард та Зæрдæ агайы. Иудзæвгар куыддæр Адзæгъæлтæ дæн, Стæй дзыхъхъ къахынмæ Бавнæлдтон бæстон... Бузныг рухс мæйæ — Ног чындзы хуызæн Уый цырагъдарæй Хорз фæлæууыди... Къахын дзыхъхъ. Фæдæн. Арф кæм уыдаид! Марды бахастон Дзыхъмæ, уæдæ цы! Адаргъ æй кодтон... Йе ’взонг цæсгомыл Хъарм цæстысыгтæ ’Ркалд мæ цæстытæй... Цинелæй йæ хорз Бамбæрзтон фыццаг, Стæй йыл сау сыджыт Калын байдыдтон. Калд фæдæн. Мæ худ Систон, радзырдтон: «Радтай ды дæ цард Н’ адæмы сæрыл, Рухсаг у, хорз гуырд! Адджын дын фæуæд, Мады хъæбысау, Ацы саумæр зæхх! Ам дæ обауыл Ал’ аз уалдзыгон Зайдзæн дидинæг, Урс æрттивгæйæ. Афтæ царды дæр Ног кæндзæн дæ ном, — Никуы йæ ’руадздзæн Рохмæ байзæддаг!»
II Бонтæ рацыди, Знаджы зоныгыл ’Рлæууын кодтам мах, Æмæ хæст фæци. Æз сæрæгасæй Æцæг æрцыдтæн ныр, Фæлæ зæрдæйы Ис гъеуыцы ’мбал, Рухсаг ын зæгъут Смах дæр, æмгæрттæ! Стæй уæ курын уæд Ноджы иу хъуыддаг: Цомут, иумæ йын Абон бацæуæм Мах йæ ныййарæг, Йе схæссæг мадмæ Æмæ йын фыццаг Ракæнæм хъыгтæ, Стæй йын раттæм уæд Дзырд æмхуызонæй: «Кæд дæ хъæбулæн Тохы цæхæры Адæмы сæрыл Бахуыссыд йæ зынг, Нана, гъе, уæддæр Ды дæ зæрдæмæ Ма кæс, ма хъыг кæн - Рох нæ уыдзынæ: Мах фырты дардæй Дæу фæдардзыстæм, Сбуц дын кæндзыстæм Д’ ацыды бон дæр». ДЫУУÆ ЗÆРВАТЫЧЧЫ ÆМÆ ДЫУУÆ СЫХАДЖЫ АРГЪАУ Сæрд рæстæй æмæ хæларæй Арвыста йæ рад нæ бæсты Æмæ аивгъуыдта, ацыд. Хур дзæвгар-дзæвгар куы ахатт, Æмæ бонæй-бон мынæгдæр Райдыдта кæнын йæ зынг цæст.
Нал тавы, куыд тавта, афтæ, Сабыргай ма хилы арвыл, Раст фæллад бæлццоны хуызæн. Уазал дымгæ уайы тигътыл, Мигъты комрæбынтæм суры, Сур цъæх мигътæ хъæутæм уайынц. Уый — æрбырсы фæззæг, фæззæг! Мигъ йæ бæх у, уад — йæ улæфт. Алчи дзы йæхи æфснайы. Калм ныттымбылтæ ис арф ран, Хæфс дæр хъуынайы ныллæсти, Дуры бын йæхи нымбæхста. Арс йæ хуыккоммæ фæцыди Æмæ дзы йæ дзæмбы сдæрдзæн, Афтæмæй æрвитдзæн бонтæ. Мæргътæй бирæ атахт дардмæ, Хъарм бæстæм сæхи фæистой Уалдзæджы æрцыдмæ, тæккæ! Фæлæ иу зæрватыкк кауыл Бады, уазалы ныргъæвсти, Ихæнæй, бецау, куы ризы. Галиу базыр ма ысцæгъды, Фæлæ рахиз базыр михыл Баззади, кæс-ма, зæбулæй. А сæрды йын æй йæ хъæлæй Иу фыдуаг лæппу ныссаста, Æмæ нал у, нал, тæхынæн! Бады кауы михыл, цъиты, Уазал сæлфынæг æй домы, Схуылыдз ис, бецау, æгасæй. Хатгай ма йæ тыхст, йæ рыстæй «Цъипп-цъипп», — зæгъгæ, афтæ скæны Саст æмæ уынгæг хъæлæсæй. Уалынджы дын мæнæ уынджы Иу хъæддзау æрцæуы хъæдæй, Суджы уæрдоны сæр бадгæ.
Æмæ зæрватыччы уасын Айхъуыста куыддæр æгъдауæй,— Баурæдта тагъд йæ бæхы. Хъусы хъæддзау лæг лæмбынæг, Уæдæ, цымæ, уыцы тыхст уаст Чердыгæй цæудзæни, зæгъгæ. Хъусы ’мæ кæсы фæйнæрдæм Æмæ уайтагъд зæрватыччы Ауыдта уым кауыл бадгæ. Рахызтис йæ сугты сæрæй, Бацыдис сындæггай каумæ, Састбазыр тыхст маргъы размæ. Зæрватыкк, бецау, фæтарсти, «Цъипп-цъицп», загъгæ, скодта тынгдæр, Базмæлыд, йæхиуыл схæцыд. Атæхынвæнд æм бæргæ уыд... Фæлæ кæм — фæиртæст михæй Æмæ каурæбынмæ ’рхаудта. Лæг куы федта ’намонд маргъы, Уæд ысуынгæг ис йæ зæрдæ, Дзуццæджы æрбадт йæ разы. Арæхстгай йæ систа зæххæй Æмæ йæ фæлмæн рæвдаугæ Бакодта йæ кæрцы роны. Рараст ис, æрцыд сæхимæ Хъæддзау лæг; йæ бæхы суагъта, Бафснайдта йæ, базылдис æм. Бацыд хæдзармæ. Йæ ронæй Райста зæрватыччы ’мæ йын Бабаста дзæбæх йæ базыр. Хъарм ран ын бынат ыскодта, Дон, хæринаг ын йæ разы Цæвæрдта, куыд æмбæлд, афтæ. Мад йæ рынчын сывæллонмæ Куыд зила, гъеуый хуызæн æм Зылд æгас зымæджы дæргъы.
Байгас ис йæ базыр маргъæн, Сдзæбæх ис æмæ хъæлдзæгæй Хъазын райдыдта йæхицæн. Уалынмæ æрцыди уалдзæг. Цъиутæ хъарм бæстæй фæстæмæ Райдыдтой тæхын фæд-фæдыл. Зæрватыкк дæр дын æддæмæ Сабыргай тæхын куы систа Æмæ йе ’мбæлттыл æмбæлди. Лæджы хæдзары дын ахстон Скодта зæрватыкк йæхицæн. Æмæ дзы къуыртты ныббадти... Сæрд та аивгъуыдта æмæ Мæргътæ хъарм бæстæм тæхыныл Сысты, уæдæ ’ндæр куыд вæййы! Иубон куы уыдис, уæд мæнæ Зæрватыкк йæ ахстоны раз Сбадт; цъыбар-цъыбур куы кæны. Цыма «цæй, хæрзбон, мæ фысым!» Зæгъгæ, зæгъы, раст гъеуыйау. Лæг æм хъусы ’мæ нынкъард ис. «Цымæ мæ нæ ферох кæндзæн Фидæн уалдзæгмæ мæ уазæг? — Дзуры мæгуыр лæг йæхицæн. — Цæй-ма, бавзарон, — бæрæг ыл Скæнон!» — æмæ йын сырх æндах Бабаста дзæбæх йæ къахыл. Атахт зæрватыкк æмæ дын Лæг хъыг кæнынтæ куы сисид, Растæндæр цыма йæ хъæбул, Й’ ахсджиаг хъæбул дард балцы ис, Уый хуызæн. Къуыридæргъы йыл Нал хæцыд хуыссæджы цъынд дæр. Зымæг ыл ныддаргъ ис лæгыл: Ахæм даргъ зымæг ыл никуы, Никуыма ыскодта царды!
Фæлæ ацыди йæ рæстæг Зымæгæн. Æрцыд та уалдзæг, Хъарм уалдзæг æрцыди мæнæ! Мæргътæ та тæхынц фæстæмæ. Зарынц зарджытæ; сæ зардæй Бæстæ схъæлдзæг ысты иууыл. Зæрватыкк дæр дын куы ’ртæхид Æмæ уыцы ’мраст йæ фæндаг Лæджы хæдзармæ куы скæнид! Абадт й’ ахстоны къæсæрыл, Фароны ахстоны былыл Æмæ сцъыбар-цъыбур кодта. Цыма дард бæсты хабæрттæ Дзырдта мæгуыр лæгæн тагъд-тагъд, Уый хуызæн уыдис йæ бакаст. Лæг куы федта зæрватыччы, — Базыдта йæ ’ндахмæ гæсгæ, — Уæд хæрдмæ фæхауд фырцинæй, Ахстоны цурмæ фæуади Æмæ, «дзибæ, дзибæ!» — зæгъгæ, Дзуры худæндзастæй маргъмæ. Зæрватыккæн дын йæ дзыхæй Цавæрдæр мыггаджы гага Лæджы размæ уæд куы ’рхауид. Дисгæнгæйæ систа зæххæй Уыцы гага лæг йæ къухмæ Æмæ кæртмæ ахызт, ацыд. «Цымæ, ай цы уа?» — зæгъгæ, дын, Цæхæрадонмæ фæуади Æмæ гага уым ныссагъта. Иукъорд боны рацыд, афтæ Гага ’взар ысуагъта зæххæй, Насгæрдæджы хуызæн æвзар. Рацыди та цалдæр боны, Æмæ уыцы ’нахуыр æвзар Дидинæг æфтауын систа.
Дидинæджы бынаты та, — Ноджы иукъорд боны фæстæ, — Уæд æнахуыр нас куы ’рзаид. Æмæ дын нæрсын куы сисид Уыцы нас уæд бонæй-бонмæ, Стыр куы ныннæрсид, хæрз дынджыр. «Ныр цæттæ уыдзæни», зæгъгæ, Иуахæмы лæг амалтæй Насы батылдта йæ кæртмæ. «Цымæ, ц’ ад кæндзæни? Цæй-ма, Сфыцон дзы уæд та ныртæккæ», — Загъта лæг йæхинымæры. Фæрæтæй æрцавта насы. Нас фæсаст, æмæ йæ хуылфæй Ракалди сыгъзæрин æхца. Хабар уайтагъд хъæуыл айхъуыст, Æмæ адæм мæгуыр лæгыл Байдыдтой æмбырдтæ кæнын. Иу сыхаг уыд мæгуыр лæгæн, Хуынд Гæдо — хæлæг чи уыдис, Ахæм, саузæрдæ адæймаг. Уайтагъд мæгуыр лæджы уæлхъус Февзæрд уый дæр иннæтимæ Ронбæгъд æмæ худаистæй. Сыгъзæрин æхцайы кæри, Ирд тæмæнкалгæ куы федта, Уæд фырхæлæгæй ысрызтис. Афæлдæхт цъæх-цъæхид иууыл. Ма мæ бамбарой, зæгъгæ, дын Лæгæн арфæтæ куы кæны. Арфæтæ кæны былæлгътæй, Фæлæ мидæгæй йæ зæрдæ Уадзы арт, цъæх арт, хæлæгæй. Нал фæлæууыд æмæ лæджы, Раст, æнæхин мæгуыр лæджы Афарста Гæдо æвиппайд:
«Ахæм хæзна насы мыггаг Чердыгæй бафтыд дæ къухы, Уый мын зæгъ, мæ уарзон сыхаг». Мæгуыр лæг дæр ын йæ хабар Радзырдта кæрæй-кæронмæ... Ацыдис Гæдо сæхимæ... Фæззæджы дын бавдæлди ’мæ Иу зæрватыккæн йæ базыр Дурæй асаста йæ кæрты. Фелвæста^йæ, хæдзармæ йæ Бахаста. Йæ базырмæ йын Зилын байдыдта. Фæзылд æм. Бадзæбæх ис маргъы базыр. Фæлæ бадт уæддæр æнкъардæй, Рыст, æфхæрдхуызæй æрвылбон. Хины рæвдыд-иу æй кодта Саузæрдæ лæг иуæй-иухатт, Хорз хæринаг ын лæвæрдта. Фæлæ зæрватыкк йæ сæрыл Никуы схæцыди уæлæмæ Тас зымæг-зымæджы дæргъы. Уалдзæг ралæууыди, мæргътæ Райдыдтой тæхын фæстæмæ, Бæстæ схъæлдзæг ис æгасæй. Зæрватыкк æддæмæ ратахт, Йе ’мбæлттимæ фембæлд уынджы, Семæ ратæх-батæх систа. Ахстон скодта хорз йæхицæн Раст Гæдойы рудзынджы сæр, Уым-иу бадт æхсæв, къæвда бон... Фæззæг та æрцыди мæнæ. Зæрватыккæн дæр йæ зæрдыл Хъарм бæстæм тæхын æрæфтыд. Иубон куы уыдис, уæд бады Й’ ахстоны ’мæ нал æнцайы, Нал, — цъыбар-цъыбур куы кæны.
Хъусы йæ Гæдо. Хуыздæрæн Раджы сцæттæ кодта маргъæн Уый зæлдаг æндах йæ къахæн. Радавта йæ ’мæ йæ ’рбаста Зæрватыччы къахыл уайтагъд, Стæй йæм дзуры мæнæ афтæ: «Цу, тæхгæ, мæ хуры чысыл, Æмæ-иу мын рагуалдзæджы Хорз мыггаг æрхæсс, хъус, демæ, Мæнæ мæгуыр лæгæн цавæр Хорз хæзна мыггаг æрхаста Зæрватыкк, раст ахæм мыггаг...». Атахт зæрватыкк йæхицæн Дард хъарм бæстæм; уым фæцарди Уалдзæгмæ, куыд æмбæлд, афтæ... Уалдзæг ралæууыд. Гæдо дын Рагацау йæ кæрты кæрон Хуым ысцæттæ кодта рæвдзæй. Каст æнхъæлмæ: абон — райсом Зæрватыкк æртæхдзæн дардæй Æмæ йын мыггаг æрхæсдзæн... Уалынмæ дын уæд æцæгдæр Зæрватыкк æртахти мæнæ. Абадт й’ ахстоны ’мæ уасы. Бауади Гæдо йæ размæ. Æмæ йын æнахуыр мыггаг Маргъ æрæппæрста йæ цурмæ. Фестад цъил Гæдо фырцинæй, Мыггаджы нæмыг дын тагъд-тагъд Кæртмæ раскъæфта йæ къухы. Уым æй конд хуымы ныссагъта. Цас рацыд, — нæ зонын, фæлæ Мыггаг равзæрд, цъæх ысдардта. Зилы йæм Гæдо дæр рæвдзæй, Рувы йын йæ алывæрстæ, Дон ыл уадзы ’хсæвæй, бонæй.
Æвзар рæзы æмæ рæзы, Насы, ’нахуыр насы хуызæн Сси æмæ нæрсынтæ систа. Нал æй уадзы уæгъд нæ Гæдо — Бон йæ алфамбылай зилы, Фесты йæм æхсæв йæ уатæй. Нас нæрсы, нæрсы фæйнæрдæм! Иукъорд боны рацыд, афтæ Къутуйæ дынджырдæр фестад. «Ныр, бæлвырд, цæттæ уыдзæни», Зæгъгæ, афтæ йæм йæ зæрдæ Дзурын райдыдта Гæдойæн. Бахъавыди тар æхсæвмæ, Тынг мæйдар, талынг æхсæвмæ — Тарст уынæгæй æмæ уымæн. Гъа, ныр адæм схуыссыдысты, Афтæ рацыди йæ кæртмæ Æмæ насы ралыг кодта. Тулы йæ хъæдын мæцъисæй, Æмæ йæ тыхтæй, амæлттæй Батылдта йæ фæскъонамæ. Фырцинæй цы ракодтаид, Уымæн ницыуал æмбæрста Зыд æмæ кæрæф гæбæр лæг. Цæстытæ ныхъхъоппæг ысты, Уæнгтæ ризынц, зæрдæ стæлфыд Æмæ риссы цины рыстæй. Нал хъæцы Гæдо æрхъæцмæ. «Цæй, æфснайон тагъддæр æхца», — Дзуры хинымæры афтæ. Иу дынджыр чырын æм уыди, — Бауадис æмæ йæ тагъд-тагъд Къуымæй насы цурмæ ’рдавта. Бакаст насмæ, чырынмæ дæр. «Ам нæ бацæудзысты ме ’хца», — Ахъуыды кодта нæ Гæдо. 15§0
Къуыммæ та фæуад æмæ дзы Иу хъуынджын дзæкъул æрдавта, Рифтаджы зæрæдтæ ноджы. Райста кард — дынджыр цыргъ дана. (Марадз зæгъ, æмæ фæрæтæй Бауæнда лыг кæнын насы: Тарсти, зæгъгæ, сыгъзæринтæ Зæхмæ ’ркæлдзысты гæр-гæрæй Æмæ йæ фæуыдзæн зонæг.) Кардæй хъавгæ, хъавгæ насы Дзуарæвæрд хæххытæ ’ркодта Раст йæ сæрæй суанг йæ бынмæ. Æмæ... мæнæ диссаг, диссаг: Насы цъар дын змæлын систа, Стæй цыппар дихы куы фæци. Æмæ рахаудта тымбылтæй Сау залиаг калм йæ хуылфæй. Базмæлыд, уылæны змæлдау, Фелвæста йæ сæр уæлæмæ, Басыф-сыф кодта, дымгæйау, Комхæлиу, æвзагæлвæстæй Айвæзта йæхи бæндæнау Æмæ атыхсти Гæдойыл, Уайтагъддæр æртыхст Гæдойыл. «Уæуу!» — зæгъгæ, ныцъцъæхахст ласта Зыд, кæрæф Гæдо фыртарстæй, Ацъæх ис — цæсгомæй, къухæй. Къæхтæй ма бæргæ архайдта, Фæлæ йæ нылхъывта сау калм Æмæ йæ куы ныххурх кодта... Уыдоны ’рцыдмæ дзæбæхæй, Амондæфсисæй фæцæрут! Аргъау-чъиппа дæр сымахыл. с^о
^^ С^х^ ^^Р) ЛИТЕРАТУРОН-КРИТИКОН УАЦТÆ ЦЫ У, ЦАВÆР У АИВ ЛИТЕРАТУРÆ ÆМÆ ХÆРЗ ЦЫБЫР НЫХАС НÆ КРИТИКТÆМ А фæстаг аст-фараст азы Ирыстоны дæр æмæ æгас Уæрæ- сейы дæр тынг арæх æвзæрын байдыдтой поэттæ, «аив фыс- джытæ». Уый цæмæн афтæ у, ууыл æз нæ фæдзурдзынæн, мæ бон дæр, æвæццæгæн, нæу, фæлæ мæ чысыл аныхас кæнын фæнды, кæд мæм хъусæг уа, уæд, цы у, цавæр у аив литера- турæ, ууыл. Алы дзырд дæр, хъæлæсæй чи схауа кæнæ фыст чи ’рцæуа, уый у уый тыххæй, цæмæй дзурæг-фыссæг æмæ хъусæг-кæсæг кæрæдзи бамбарой. Дзурæг-фыссæг кæнæ исты фæкуры, кæнæ дзы исты фæриссы, тыхст вæййы, æмæ йæ тыхсты сагъæстæ фæкæны, кæнæ йæ, фæстагмæ, фæфæнды, цæмæй хъусджытæн- кæсджытæн исты бамбарын кæна, исты фæндыл сæ сардауа, са- раза æмæ ацæуын кæна, уый, кæд йæ зонд, йæ хъару, йæ фадат фæамонынц, уæд. Цæмæй, цы сфæнд кодта дзурæг-фыссæг, уый йæ къухы бафта, уый тыххæй амæлттæ кæны: иуæй-иу дзурæг- фыссæг йе ’ргом ратты хъусджыты-кæсджыты х ъ у с т æ м; иннæ — сæ з о н д м æ; аннæ та — сæ з æ р д æ м æ. Хъустæ, зонд æмæ зæрдæйы æхсæн æз фидар гæрæнтæ, мыййаг, н’ аразын, фæлæ сæ уый тыххæй хицæнтæ кæнын, æмæ хъавды сæр куы иумæ тынгдæр вæййы, куы та иннæмæ, иу ныхасæй, йе уæнгты низ æмæ зын, йæ зонды архайд, йæ зæрдæйы фæнд цæмæй ху- ыздæр æмæ рæсугъддæр æмбæрстгонд æрцæуой хъусджытæн- кæсджытæн, ууыл у йæ куыст дзурæгæн-фыссæгæн æмæ куыд æмæ цæмæй арæхстджындæр у, цæмæй æмæ кæцæй æххæстдæр у йæ хъару, афтæмæй уымæй, уыцырдыгæй архайы, кусы. Хъу- стæй дарддæр йæ бон, йæ хъару бадзурын кæмæн нæу, уый дзу- ры хъустимæ (хуымæтæджы хъæр, хуымæтæджы дзырд, хуы- мæтæджы писмо æмæ æнд.). Зонд æрыхъусын кæныны хъару, тых кæмæ ис, уый зондимæ скæны йæ куыст (философи, публи- цистикæ æмæ æнд.). Зæрдæсагайыны миниуæг кæмæн вæййы лæвæрд, уый та зæрдæйæ саразы мысан. Уыйфæстæ алкæмæн дæр йæ хъару ’мæ йæхæдæг, й’ аххос дæр йæхи æмæ йæ арфæ дæр! Тыхми дзы нæй: дæхи дзæбæх ысбар тæразыл, æмæ кæ- Цырдæм уæзгæдæр уай, уыцырдæм ратт де ’ргом. Ыстæй уæд куыд хъавай æмæ цы нæмыгæй æхсай, афтæ уыдзæн дæ цуаны хъуыддаг. 151о
Кæцырдæм у ацы ’ртæ фæндагæй й’ арæзт, йæ хъавд аив литературæйæн: хъустæм, зондмæ æви зæрдæмæ? Зæрдæмæ! ... Фæлæ зæрдæ арф ныгæд у, фидар æхгæд у риуы фæйнæ- гæй, лыстæг сты йæ тугдадзинтæ! Йе скъахынæн даргъ ныхтæ хъæуы; йæ байгом кæнынæн — лæмбынæг хъавæг, цæхæрцæст хъавæг! Уыдон куынæ уой — никуы ’мæ ницы. Додойæ-сарæй зæрдæ нæ тæлфы; сонт, тæлтæг хъæртæй зæрдæ нæ тæрсы; зонды стъæлфæнæй зæрдæ нæ судзы; былæл- гъты ныхас уымæ нæ хъары; аразгæ худтмæ йæ хъус нæ дары; кæнгæ æууæлтæй йæхи нæ сайы; æмдзæгъды хъæрмæ зæрдæ нæ кафы! Зæрдæ куы тæлфы тарфуынгæг хъæрзтсей, Зæрдæ куы тæрсы сабыр арф дзырдæн, Зæрдæ куы судзы зæрдæйы зынгæй, Зæрдæмæ хьары зæрдæйы ныхас, Зæрдæ ныххуды зæрдæйы худтмæ, Йæхи рæвдауы аивджын нывтæй. Кафын æй кæны фæндыры хъæлæс, фæндыры буц цагъд, фæндыры зарæг, фæндыры тарф худт! Аив литературæйы хъуамæ алцыдæр уа аивтыл арæзт. Йæ аивтæ та цæмæй ысты аив литературæйæн? Аив литературæ у дæсныйад (искусство), куыд архитектурæ, куыд музыкæ æмæ æнд. Алы дæсныйадæн дæр ис хицæн æрмæг (материал). Зæгъæм, архитектурæйæн — дур, сыджыт æ. æнд., музыкæйæн — мыртæ. Аив литературæйæн та — дзырдтæ. Алы ’рмæгæн дæр ис хицæн гъæд (хъæд): дуртæ, сыджыт, мыртæ æ. æнд. Æмхуызон не сты — иу дзы рæсугъддæр, хуыздæр у, иннæ та фыдуынддæр, æвзæрдæр. Афтæ у дзырдты хъуыддаг дæр. Аив литературæ уарзы дзырдтæн сæ тæккæ рæсугъддæрты, сæ тæккæ аивдæрты. Фæлæ канд рæсугъд дзырдтæй нæу йæ конд, йæ аивдзинад аив литературæйæн. Рæсугъд дуртæ, хорз сыджыт æмæ архитек- торы арæзт аивконд агъуыст иу куыд не сты, кæнæ рæсугъд мыртæ ’мæ музыкæ, афтæ иу не сты рæсугъд дзырдтæ ’мæ аив литера- турæ. Æрттиваг мрамор дуртæ кæрæдзийыл куы срæдзæгъдтæ кæнай, уæд уый архитектурæ нæма у, рæсугъд зæлланггæнаг мыртæ гам-гум куы кæной, уæд уый æмæ музыкæ иу не сты. Афтæ у рæсугъд дзырдты ’мæ аив литературæйы хъуыддаг дæр. Алы дур, алы мыр, алы дзырд — уыдонæй алцыдæр хъуамæ уа йæ бынаты. Афтæ куынæ уа, уæд аивдзинад, рæсугъддзинад никуы ратдзысты. Фæлæ бынат дæр æххæст хъуыддаг аразæг нæу. Цæмæй зæрдæмæдзæугæ уа архитектурæ, музыкæ, аив ли- тературæ æ. æнд., уый тыххæй дзы бауадзын хъæуы уд, нывæ- рын хъæуы зæрдæ. Уыцы ’ртæ хъуыддаджы: 1) рæсугъд, аив Ы58
æрмæг, 2) æрмæгæй алцæмæн дæр аккаг бынат, 3) уд æмæ зæрдæ, — уыдон ысты дæсныйады (искусство) æнæбайсгæ хæйттæ. Уыдон куынæ уой дæсныйады (искусство), уæд мард у. Уый куы нæ уа, уæд се ’ппæт дæр, мард уæлсынт куыд саразой, уымæй уæлдай нæ уыдзысты. Бафæрсдзысты мæ: «Цавæр уд, цавæр зæрдæ?» Уый иттæг раст фарст у, фæлæ йын æз ацы ран уæддæр дзуапп нæ ратдзы- нæн, уый тыххæй æмæ кæнын ирон аив литературæйы кой, уымæ та нырма, мæнырдыгонау, ахæм фарстаимæ бауырдыггæнæн нæй. Аив литературæ нæм куыд райгуырди Къоста æмæ ма ноджы гыццыл кæйдæрты фæрцы, афтæ йæ къахыл лæууынхъом дæр куы фæуид, уæд бæргæ истытæ дзуриккам. Сывæллон куы нæма райгуыры, уæд æй, цавæр дæ, цы дæ, уымæй ничи фæфæрсы; куы райгуыры, уæд дæр афтæ, цалынмæ фæхъомыл вæййы æмæ йæхи æмбарын байдайы, уалынмæ. Ахуыр дæр æй гъеуæд фæ- кæнынц, истæуылты дæр æй гъеуæд фæдомынц, уый дæр сонт хъæртæй нæ, фæлæ рæвдаугæйæ, уый тыххæй æмæ сонт туг тæрсаг у. Рæвдыд, зылд куынæ баййафа сывæллон, уæд кæнæ мæлгæ кæны, кæннод та рыгъдæй баззайы, йе ’мгæртты нал ай- йафы. Махæн, ирон адæмæн, нырма хъæуы æрмæст уый кой, цæмæй нæ аив литературæ (æз кæнын æцæг аив литературæйы кой) рæзын байдайа. Нæ гуырд нырма ’мбу гаччы быры. Йæ къухыл ысхæцæг ын куы фæуид, йæ къахыл куы ауаид, йæ уæраг куы фæфидар уаид, йæхи ’мбарынхъом куы фæуид, йæ хуыз ын куы фениккам, уæд, гъæй-дæ-гъа, фæрсын æй байдаиккам: «Ца- вæр туг æнхъæвзы дæ тугдадзинты, цы зæрдæйы уаг тъыссæн кæныс дæ риуы?». Афтæ уыди ’гас дунетыл, алы дзыллæтæм æмæ кæддæрид- дæр. Афтæ хъуамæ уа махмæ дæр. Аив литературæйæн йæ туджы хатт æмæ йæ зæрдæйы уа- джы агъоммæ дæр йæ хуыз фенын хъæуы. Туджы хатт æмæ зæрдæйы уаг хуызы аивдзинæдты бынтон нæ мынæг кæнынц. Зæгъæм, Гомер, Байрон, Шекспир, Шиллер, Пушкин, Лермон- тов — уыдон кой нæ зæрдыл куы ’рыфты, уæд, аив литературæ цыдæриддæр у, уымæй нæ цæсты раз февзæры. «Цавæр уд, ца- вæр зæрдæ» — уый кой нæм æппынфæстагмæ ’рцæуы, фæлæ уайтагъд, сæ коймæ цæсты гагуытæ цæстыхуынчъыты нал фæ- цæуынц — риу, цыма йæм фондзыссæдз чындзы ’рбахастæуы, йæ дуæрттæ байтындзы, айрох кæны йæ рыстдзинæдтæ; зæрдæ, фынфенæгау, аив фæндыры хæрз адджын хъæлæсмæ рæсугъд- дзинады фурды, кæсагау, ленчытæ байдайы. Кæд Гомер гречъы паддзæхты тыххæй зарджытæ мысыд, кæд Байрон зынæрвæссон романтик уыди, кæд Шекспир, Шиллер мæгуыр лæджы сагъæс- тæй мæрдтæм нæ бацыдысты, кæд Пушкин, Лермонтов Байроны тæвагæй хайджын уыдысты æмæ хаттæй-хатт адæмы уындæй се сæфт уыдтой, уæддæр мæн нæ уырны, уыдон искуы дзыллæты аив литературæйæ сырд æрцæуой, уый. Уыдон уыдысты, ысты 159о
æмæ уыдзысты аив литературæйы фидар цæджындзтæ; нæдæр æмбийгæ кæнынц, нæдæр цудгæ ’мæ сæтгæ. Афтæ, фыццаджыдæр уал аивдзинад æмæ зæрдæ, стæй уæд уыйфæстæ зæрдæйæн йæ уаг, зæрдæйæн йæ конд. Æмæ куыннæ: зæгъут-ма мын, уæ хорзæхæй, чи зæгъдзæн — цы адæмы раны- мадтон, уыдон дуне-дзыллæйы аив литературæйы историйы цыт- джын бынатты аккаг не сты, зæгъгæ. Чи æрбалæудзæни револю- цион фыссæг Верхарны хæрз аив фыстыты ныхмæ, иннæ ахæм Уæрæсейы пролетарон поэтты рæсугъд æмдзæвгæтæ æмæ æнд. ныхмæ! Кæд ахæмтæ ис, уæд уыдон, аив литературæ циу, уый не ’мбарынц, поэзи циу, уый нæ хатынц, æмæ уыдонимæ дзурын хæрз дзæгъæлы у. Нæ критиктæ! «Цавæр уд, цавæр зæрдæ?» — уыцы сонт хъæртимæ-иу лæ- джы хъуыры ма фæсæдзут! Зонын, ныр дæр та фехъусдзынæн: «идеалон, романтикон, сантименталон» æмæ ноджы æндæр «он»- тæ. Бирæ дзы федтон уыцы «он»-тæй «Размæ»-йы цъæрттыл, æрмæст сæм мæ хъус дæр никуы бадардтон, уый тыххæй, æмæ ахæм сонт митæ «галаган дæр нæ марынц». «Он» истæйы фар- сыл зайы. Махмæ та куынæ фарс ис, куынæ фæхсынхъус, уæд нæм «он»-тæ кæцæй февзæрдысты? Ныууадзæм фæзмæджы митæ, фæлæ уал ыссарæм аив фыс- джытæ æмæ аив литературæ, ыстæй уæд фарстатæ дæр дæтдзы- стæм, «он»-тæ дæр æрæмбырд кæндзыстæм. Нырма мигътæм дзурæгау у нæ хъуыддаг. Æнæ галæй кæвдæстæ бийын иттæг пайдайы куыст нæу. Дугъæн дугъон бæх ыссарынц раздæр, тохæн — фæринк кард, арт ысцырын кæнынæн та — зынг. Дугъон бæх хурыскæсæныр- дæм дæр уайы æмæ хурныгуылæнырдæм дæр. Фæринк кард æхсæв дæр лыг кæны æмæ бон дæр, рахизмæ дæр дзæгъæл кæны æмæ галиумæ дæр. Зæрдæйы зынг хи дæр тавы, æддагоны дæр судзы, фæнык кæны. Ыссарæм уал дугъон бæх, ыстæй йыл уæд кæцырдæм дугъ кæнын хъæуы, ууыл бафидаудзыстæм. Ыссарæм уал фæринк кард... Ыссарын уал хъæуы зæрдæйы сырх зынг, уыйфæстæ базон- дзыстæм, хи къона дзы барухс кæнын хъæуы æви дзы искæйы пиллон ыскалын хъæуы. Къæцæлын бæх нæ никуыдæм фæхæсдзæн: йæхæдæг хæсси- наг у. Хæрисын кард лымæны дæр нæ фервæзын кæндзæни, фыдгулы дæр н’ амардзæни. Сау æвзалы мæгуыры дæр нæ ба- тавдзæни, фæрныджы дæр нæ басудздзæни. Уыдонæй уадз æмæ сывæллæттæ хъазой! Ахæм хъазæнтæй «он»-тæ н’ арæзынц. Нæ критиктæ, адæймаг ыстур нæу. Сæрбосæй йæ тагъд-тагъ- ды н’ аккуырсын кæндзыстут размæ. Куы йæ аккуырсын кæнат, Ы_60
уæддæр уын дардмæ нæ фæхæццæ уыдзæни. Адæймаг у адæй- маг. Размæ йæ цæуын кæнынц æрмæст зонд æмæ зæрдæ. Фæ- уадзут уал «он»-ты кой, фæлæ уал ыссарут ахæм поэтты, ахæм аив фыссæджы, адæймаджы зæрдæйы хъустæ чи ’рцахса. Раст зæгъын хъæуы, æнцон нæу ахæм хъуыддаг поэттæн: зæрдæ кæсаджы лæппынæй уæлдай нæу, къухы нæ лæууы. Фæлæ йын мердыгонау хос ис: къухтæ тулын хъæуы хи зæрдæйы æхсидгæ туджы. Афтæ куы уа, уæд зæрдæ йæхæдæг æндæдзы къухтыл, кæсаг æнгуырыл куыд хæца, афтæ, æмæ йæ уæд хæсс, кæнæ йæ кæн, кæдæм дæ фæнда, уырдæм. Æрмахуыр уæрык- кæй уæлдай нæу зæрдæ фæдыл цæуынмæ — размæ, хуры рухсмæ, рухсы фурдмæ, фурды иугуырмæ! Равдисут нын ахæм поэты, æмæ йе «онты» нæ, фæлæ ма йын йæ фæрсчыты дæр акæсдзысты. ЦЫ У АИВ ТÆЛМАЦ ÆМÆ КУЫД ИВД У ИРОН ÆВЗАГМÆ «ИНТЕРНАЦИОНАЛ»? Нæ ныхас цæй фæдыл уыдзæн, уый бæрæг у ацы куыстæн йæ сæргондæй. Уый хъуамæ уа дыууæ хайæ арæзт: 1. Тæлмацы ’гъдæуттæ æмткæй райсгæйæ æмæ 2. «Интернационал»-ы тæл- мацтæ ирон æвзагыл. Аив тæлмацы ’гъдæуттыл æрдзурыны размæ, аив, ома, ны- вæфтыд уацмыс йæхæдæг цы у, уыцы фарстæн, мæнмæ гæсгæ, æмбæлы ацы ран цыбырæй дзуапп раттын. Аив литературæйæн йе ’рмæг у дзырд. Хъæздыг æмæ вазыг- джын у адæймаджы цард. Фæлæ, адæймаг йæ цард-цæрæнбон- ты цы дзырдты ’рмæгæй пайда кæны, уый йæ хъæдмæ гæсгæ ’мхуызон нæ вæййы. Ацы хъуыддаг нын нæ разы цæхгæр æвæры ахæм фарсг: уæдæ, цымæ, цавæр зынгæдæр æууæлтæ ис, аив уацмыс цы дзырдты ’рмæгæй арæзт у, уымæн, цæмæй хицæн кæны аив уацмысы ’взаг, æрвылбон кæмæй пайда кæнæм, уыцы ныхасæй? Дзырд у, кæимæ фæдзурæм, уымæн нæ зæрдæйы сагъæстæ, нæ хъуыдытæ зæгъыны фæрæз. Уый дзырдæн йæ нысан у. Ца- вæр ныхæстæ равзарын хъæуы уыцы нысан сæххæст кæнынæн, куыд хъуамæ арæзт уа уый тыххæй нæ хъуыдыйад — фылдæр хатт мах уый мæт нæ вæййы æмæ йæм нæ хъус дæр афтæ тынг нæ дарæм. Сæйрагдæр у, цæмæй нæм чи хъусы, уый нæ бамба- ра. Кæд æмæ не ’нкъарæнтæ æмæ нæ хъуыдытæн нæ цæсгомы змæлд æмæ нæ къухтæй бамбарынгæнæн вæййы, уæд мах ны- хасгæнгæйæ пайда кæнæм уыцы фæрæзæй дæр. Бынтон æндæр у хъуыддаг аив литературæйы уацмысты. Ам нывæфтыд ныхасæн æндæр у йæ культурæ. Ныхас хъуамæ сыгъ- дæг æмæ ’хсæст уа, хъуамæ бæлвырд фæткыл æвæрд уой дзырдтæ. Дзырды ’рмæг аив уацмысы хъуамæ тынг лыстæг, бæ- стон æмæ биноныг куыст уа. 11* 1б!о
Ныхас цæуыл цæуы, уый цæмæй бæлвырддæр бамбарæм, уый тыххæй мах хъæуы æппынкъаддæр æртæ фарстайы равзарын. Ысбæлвырд хъæуы, фыццаджыдæр — куыд хъуамæ равзарæм, аив уацмыс цæмæй амад у, уыцы хицæн дзырдтæ æмæ цы у сæ нысан. Дыккаг — дзырдтæ хъуыдыйады куыд бæттын хъæуы. Æртыккаг — дзырды ’рмæг мырты ’рдыгæй куыд арæзт у. Æрныхас кæнæм ацы фарстатæй алкæуыл дæр хицæнæй. Аив литературæ у аивады хуызтæй иу. Аивады хуызтæй ал- кæмæн дæр йæ рæсугъддзинад æвдисæг у, цы ’рмæгæй амад вæййы, уымæн йæ хъæд. Æрмæг йæхæдæг та у мыртæй кæнæ дзырдтæй, кæнæ ахорæнтæй, æлыгæй, дурæй æ. а. д. Æвдисæнæн райсæм нывкæнынад. Ахорæнтæ сæ хъæдмæ гæсгæ цауд æмæ æгъуыз куы уой, уæд, ахæм ахорæнтæй цы ныв саразай, уый дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, иууыл бæллиццаг нæ уыдзæн. Кæнæ райсæм музыкæ æмæ зард. Нотæтæ æмбис тыхыл арæзт куы уой, зарæджы, ’рмæст хъæлæсы арф цы мыртæ ’взæры, уыдоны йеддæмæ куы ницы уа, уæд бæлвырд у — музыкæйæн дæр æмæ зарæгæн дæр сæ нысан сæфт у. Куыд уынæм, афтæмæй æрмæг тынг бирæ ахады хъуыдда- джы. Уæлдай ыстырдæр у йæ ахадындзинад аив литературæйы уацмысты. Ацы фарстыл æз ам лæмбынæг æмæ бæстонæй дзу- рынмæ нæ хъавын, уымæн æмæ йе сбæлвырд кæнынæн æгæр бирæ рæстæг бахъæудзæн. Фæлæ уæддæр цыбырæй æнæ зæгъгæ нæй, цæмæй, «Интернационал» ирон æвзагмæ куыд тæлмацгонд у, уыцы фарстамæ рахизæм, уый тыххæй. Алы дзырдæн дæр ис йæхи сæрмагонд хъуыды, йæхи сæрма- гонд нысаниуæг. Райсæм иу цалдæр дзырды, — зæгъæм: бæх, ефс, уырс. Ацы дзырдтæн се ’ппæтæн дæр ис иумæйаг ном — бæх. Фæлæ ма сын уыцы номæй уæлдай ис, сæ нысаниуæг сын бæлвырддæр чи кæны, ахæм нæмттæ: ефс, уырс. Дзырдтæн сæ фылдæр сæ нысаниуæгмæ гæсгæ дих кæнынц хицæн къордтыл. Фыссæг хъуамæ тынг ирдæй æвзара алы дзырдæн дæр æрмæст йæ сæйраг нысаниуæг нæ, фæлæ йæ иннæ ’ппæт миниуджытæ дæр, хъуамæ йын й’ алы чысыл ивддзинад дæр раиртасын зона. Уыдон се ’ппæт иттæг æхсызгон хъæуынц алы фыссæджы дæр, цæмæй йæ ныхас бæлвырд æмæ биноныг уа, цæмæй йæ хъуыды кæронмæ ирдæй, бæлвырд æмæ ’ххæстæй зæгъын фæраза. Бæлвырддзинадæй уæлдай ма фыссæгæн йе ’взаг хъуамæ хъæздыг уа нывтæй æмæ арф æнкъарæнтæй. Ныхасæн æрмæст æмткæй йæ хъуыды бамбар, уый æгъгъæд нæу, ныхас нын хъуа- мæ нæ сæры магъз æмæ нæ зæрдæ скусын кæна, æмæ цард, куыд у, афтæмæй сыста нæ цæсты раз. Аив дзырдæн йæ хæс у но^жы, цæмæй агайа зæрдæ, цæмæй зæрдæйæн й’ алы фезмæлд æмæ улæфт дæр равдисын зона ’мæ фæраза. Нывтæ ’мæ зæр- дæйы ’нкъарæнтæ равдисынæн та бирæ мадзæлттæ ис, фæлæ сыл æз ныртæккæ ам нæ дзурын. СА162
Рахизæм дыккаг фарстамæ. Ныхасæн йе ’рмæг бæллиццаг у, хæрзхъæд у, уый æгъгъæд нæу, цæмæй уацмыс æнæаипп уа, уымæн. Абарæм-ма кæрæдзи- уыл аив литературæ æмæ аивады иннæ хуызтæ. Дзырдæн рай- сæм архитектурæ. Алчидæр æй зоны: рæсугъд мрамор-дур кæнæ та æндæр исты аразæн æрмæг кæрæдзийы уæлæ рæдзæгъдтæй самай, уæд уый архитектурæ нæ хуыйны. Æрмæг хъуамæ бæрæг æгъдау æмæ фæткыл арæзт уа, хъуамæ хъуыдыгонд уой кæддæ- риддæр эстетикæйы домæнтæ. Алы чысыл дур дæр хъуамæ йæ бынаты уа. Æвæццæгæн, афтæ ничи зæгъдзæн, æмæ, гæххæтт алыхуызон рæсугъд ахорæнтæй ныхъхъулæттæ кæн, уæд уый ныв у, зæгъгæ. Ныв ныв цæмæй хонæм, уый тыххæй ахорæнтæ хъуамæ бæрцæй æмæ аив æвæрд уой сæ бынæтты. Цас арæхст- джындæр æвæрд уа ахорæнты гаммæ, уыйас бæрзонддæр у аив нывæн йæ хъæд. Раст афтæ зæгъæн ис аив литературæйы уацмысты тыххæй дæр. Ныхасы æрмæг хъуамæ дæсны амад уа. Æнæуый, хуымæ- тæджы ныхас кæнгæйæ мах, бæгуыдæр ма, зонæм дзырдтæ кæ- рæдзиуыл ныхасын. Фæлæ уый иу хъуыддаг у. Æндæр ахсджи- агдæр хъуыддаг та уый у, æмæ нæ ныхас зæрдæмæ цас арф хъары, цас нывæфтыд æмæ цас аив у нæ дзырд. Бирæ цыдæртæ хъæуы зæрдыл дарын, дзырдтæ нæ фæд-фæдыл, аив равæрын куы бахъæуа, уæд. Се ’ппæтыл ам ныхас кæныны фадат нæй. Фæлæ æз иу чысыл æвдисæн æрхæссынмæ хъавын, цæмæй, дзырд дзырдыл ныхасын цас ахсджиаг хъуыддаг у, уый дзæбæхдæр æмæ бæстондæр бамбарæм. Шёпот. Робкое дыханъе, Трели соловья. Серебро и колыханье Сонного ручья. Свегп ночной, ночные тпени, Тени без конца. Ряд волшебных изменений Милого лица. Феты æмдзæвгæйы скъуыддзаджы иу мивдисæг дæр нæй; нæй дзы иу зæгъинаг дæр. Æнæуый, æрвылбон цы ’взагæй дзу- рæм, уым ыстыр аиппыл нымайæм ахæм хъуыддаг, фæлæ аив, нывæфтыд ныхас, куыд уынут, афтæмæй, уыцы ’гъдауæй æмбулгæ цы ракодта, æндæр цауддæр нæ фæци. Æртыккаг фарст — ныхасы мыртæн сæ ахадындзинад цы у, уый тыххæй. Адæймаг ныхас кæны хицæн мырты руаджы. Ныхасы мыртæ, куыд зонут, афтæмæй кæрæдзийы фæдыл алыхуызон æвæрд вæййынц. Дзырдтæ ’мæ хъуыдыйæдтæ уыцы ’гъдауæй æвзæрынц. Æнæуый, ныхасгæнгæйæ, мах мыртæм нæ хъус нæ дарæм. Сæй- рагдæр у ныхас бамбарын, уыййеддæмæ, мырты ’рдыгæй куыд арæзт у, уый махæй рохуаты баззайы. Бынтон æндæр хъуыддаг 163^
у аив ныхас. Мыртæ хаттæй-хатт уацмысæн йе ’ннæ миниуджы- тыл фæтых вæййынц. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ ныхасы мыртæм ис цавæрдæр, адæймаджы йæ уацары чи бакæны, ахæм «кæлæн- гæнæг» тых. Æз уый мæхæдæг дæр хатын, фæлæ уый, æвæццæ- гæн, уа диссаг нæу. Уыцы хъуыддаджы фæдыл мæнæ куыд зæгъы Лермонтов: Есть сила благодатная В созвучьи слов живых, И дышит непонятная Святая прелесть в них. Ыстыр æмæ цытджын Пушкин уыд мырты хъалондар, сæ уацайраг. Мырты сæраппонд-иу уый нывондæн æрхаста уырыс- саг синтаксисы иуæй-иу æгъдæуттæ: ...Но кто с тобою, Грузинка, равен красотою? («Бахчисарайский фонтан») Ныхасæн йæ аивдзинад чи халы, ахæм мыртæ ка æмæ кра цæмæй кæрæдзиуыл ма фембæлой, уый тыххæй Пушкин уырыс- саг синтаксисы æгъдæуттæм дæр йæ хъус нал æрдардта, афтæ- мæй уыцы ка æмæ кра кæрæдзийæ фæиртæста. Мырты уацары бирæ поэт бафты. Райсæм-ма ноджыдæр Пуш- кины: ...куда как весело: Вот вечер, вьюга воет. Кæнсе, зсегъæм, Бальмонты: Вечер. Взморье, вздохи ветра, Величавый возглас волн. Мыртæ иуырдæм дæр æмæ иннæрдæм дæр ахадынц. Зын дзурæн мыртæ куы скъорд вæййынц, уæд уый ыстыр зиан хæс- сы аив уацмысæн. Уымæ гæсгæ фыссæг хъуамæ цырддзастæй кæса ацы хъуыддагмæ æмæ мырты æдзæлгъæддзинадæй бахиза йæ уацмыс. Цы домæнтæ ранымадтам, уыдон тынг ахсджиаг ысты аив литературæйы. Уыцы домæнты аккаг чи нæ у, ахæм уацмысæн аив литературæйы уацмыс ысхонæн нæй. Цы загътам, уый хауы оригиналон уацмыстæм. Тæлмацгонд уацмысты тыххæй та нæ ноджы бæстондæр ныхас бахъæудзæн. Фыццаджыдæр уый зæгъын хъæуы, æмæ тæлмацгонд уацмыс дæр аив уацмыс кæй у. Уымæ гæсгæ йын мах йæ разы æвæрæм, оригиналон уацмысы раз цы домæнтæ ’вæрæм, ахæм домæнтæ. Æмæ, уæвгæйæ дæр: чиныгкæсæгæн цы уæлдай у, тæлмацгонд æви оригиналон уацмыс кæсы. Зæгъæм, мах М. Лермонтовы «Воз- душный корабль» куы кæсæм, уæд, немыцаг æвзагæй ивд у, уый мæт нæ нæй. Мах кæсæм диссаджы аив æмдзæвгæ, хатæм по- эзийы хæрзад æмæ Цейдлиц, æмдзæвгæ фыццагдæр чи æрымы- Ы64
сыд, уый нæ фæсонæрхæджы дæр нал вæййы. Афтæ у хъуыддаг кæддæриддæр. Æмæ раст у, мæнмæ гæсгæ, ахæм хатдзæг сара- зын: оригиналон поэтмæ цы миниуджытæ ис, тæлмацгæнæгмæ дæр хъуамæ ахæм миниуджытæ уа. Ацы ран мæн фæнды æрхæс- сын курдиатджын поэт æмæ тæлмацы стыр дæсны В. Жуковс- кийы ныхæстæ: «Поэт оригинальный воспламеняется идеалом, который находит у себя в воображении; поэт-подражатель (т. е. переводчик) в такой же степени воспламеняется образцом своим, который заступает для него тогда место идеала собственного; следовательно, переводчик, уступая образцу своему пальму изоб- ретательности, должен необходимо иметь почти одинакое с ним воображение, одинакое искусство слога, одинакую силу в уме и чувствах... Прекрасное редко переходит из одного языка в дру- гой, не утратив нисколько своего совершенства. Что же обязан делать переводчик? Находить у себя в воображении такие красоты, которые бы могли служить заменою, следовательно, производить собствен- ное равно превосходное. Не значит ли это быть творцом? И не потребно ли для этого иметь дарование писателя оригинально- го?» Æмæ ма ноджы дарддæр афтæ зæгъы Жуковский: «По одно- му только искусству присваивать себе чужие мысли, чужие чув- ства, чужой гений переводчик (ам Жуковский кæпы Крыловы кой. — Н.) имеет право на имя автора оригинального. Лафонтен, который не выдумал ни одной собственной басни, почитается, невзирая на это, поэтом оригинальным». Куыд уынæм, афтæмæй тæлмацгæнæг у оригиналон фыссæг, поэт. Æрмæст уый æндæр искæйы хъуыдытæ райсы æмæ сæ йæхи бакæны. Цавæр домæнтæ йын æвæрæм йæ разы? Фыццаджыдæр, уый зæгъын хъæуы, æмæ аив тæлмацæн æрмæст зыбыты иунæг принцип кæй ис — тæлмац хъуамæ адек- ватон уа, хъуамæ тæлмац æмæ йæ оригинал æмуæз кæной æмæ сын иухуызон аргъ кæнæм. «Тусклый и бездарный перевод та- лантливого, яркого творения, — зæгъы К. Чуковский йе статья «Переводы прозаические», зæгъгæ, уым, — есть тяжелая вина перед автором, неискупаемый грех перед культурой». Æмæ уый тынг раст у. Поэт, оригиналон поэт, хи ирхæфсыны тыххæй, мыййаг, нæ фыссы. Æхсæнад йæ размæ цы хæстæ æвæры, уыдо- нæн хъуамæ стыр æххуыс уой йæ уацмыстæ. Раст ахæм хæс æвæры тæлмацгæнæг дæр йæ разы. Уый тырны уымæ, цæмæй, йæ мадæлон æвзагыл цы литературæ ис, уый фæхъæздыгдæр кæна, бахæсса йæм ног хъуыдытæ ’мæ ’нкъарæнты рæсугъддзи- над æмæ афтæмæй балæггад кæна йæ адæмæн. Адæмæн пайда чи ’рхæсса, ахæм хорз фæндтæ хъуамæ уа тæлмацгæнæгæн йæ зæрды. Фæлæ фæндтæ фæндтæ сты, сæ сæххæст кæнын та ’ндæр хъуыддаг у. 165о
Ыстыр æмæ кадджын ысты тæлмацгæнæгæн йæ хæстæ. Уый бæлвырд у. Фæлæ хаттæй-хатт афтæ дæр рауайы, æмæ уый йæ адæмы литературæйы бæрзонд аивадыл æхсæст хоры бæсты цъæ- мæлтæ бакалы. Ирон æвзагмæ тæлмацы тыххæй дзургæйæ, тæлмацæн адек- ватон уæвæн нæй, зæгъгæ, чи зæгъа, чи зоны ’мæ ахæмтæ дæр разындзæн. Мах афтæ нæ зæгъæм, æмæ уыцы хъуыдыйæн æппын- дæр бындур нæй, зæгъгæ, фæлæ — бæгуыдæр — иуыл раст дæр нæм нæ кæсы. Æз, мæ бон куыд бауа, афтæ зæгъдзынæн уый тыххæй мæ хъуыды. Бирæтæ афтæ зæгъынц, æмæ, дам, тæлмац цы ’взагмæ кæнай, уый литературон æгъдауæй ныллæгдæр куы уа, уæд ыл иннæ ’взаг тых кæны. Æвдисæнæн фылдæр хатт уырысы ыстдæ- сæм æнусы литературæ ’рхæссынц. Уырысы литературон æвзаг, фæзæгъынц, уæд фыццагдæр ыслæууыд йæ къахыл. Нæма йæм уыд йæхи фæлтæрддзинад. Тæлмацгæнджытæ сæхи мадæлон æвзаджы нæма ссардтой фаг дзырдтæ, фаг ныхасы фæзилæнтæ, æмæ-иу афтæмæй се ’взагмæ ’рбахастой æндæр æвзæгты хицæн- дзинæдтæ æд синтаксис. Ацы хъуыддаг, мæнмæ гæсгæ, ирон æвзагмæ нæ хауы. Йæ ахадындзинад æмæ масштабмæ гæсгæ ирон литературæйæн уырыссагимæ барæн нæй. Уый бæлвырд у. Фæлæ, уырыссаг æвзагæй тæлмацгæнгæйæ, ирон æвзаджы фаг дзырдтæ ’мæ ныхасы фæзилæнтæ ма разына, зæгъгæ, уымæй гæды зæгъ- дзыстæм. Ацы ран æз чысыл ыской кæнынмæ хъавын, Хетæгкаты Къоста уырыссаг æвзагæй цы ’мбисæндтæ (баснятæ) раивта, уыдо- ны тыххæй. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ уыдон ныхмæ цыфæнды карз чиныгкæсæг дæр ницы зæгъдзæн. Уыдонæн уырыссаг æвзаг, æвæдза, ницы тых бакодта, се ’взаджы хъæд æмæ сæ аивдзинад æгæр диссаг у, æмæ, æвæццæгæн, æгас Ирыстоныл дæр уымæн æрзылдысты уыдон бæллиццаг ирон дарæсы. Æз цы ’вдисæн æрха- стон, мæнмæ гæсгæ, уый æгъгъæд у, цæмæй фидарæй æмæ æнæ иу гуырысхойæ зæгъæм: ирон æвзагæн йæ бон у, цы ’взагæй тæл- мац кæнæм, уыцы ’взаджы æмдых уæвын. Фæлæ ацы хъуыддаг æмткæй исын не ’мбæлы. Зонын хъæуы, цы хъуамæ тæлмац кæ- нæм, уый, цавæр уацмыс, чи у йæ автор, цас оригиналон у фыс- сæг йæхæдæг, цас бæрзонд у йæ дæсныйад, йæ культурæ. Цæмæй тæлмац оригиналы æмдых уа, уымæн гæнæнтæ ис. Уый фæдыл æз бафæлвардзынæн иуцалдæр ныхасы зæгъын. Ис ахæм æмбисонд: «Перевод, что женщина: если она краси- ва, она неверна, если она верна, она некрасива». Тæлмацгæн- джытæй бирæтæ æцæгдæр афтæ хъуыды кæнынц. Уыдон бирæ сагъæс фæкæнынц, уæдæ хуыздæр цы равзæрстæуа, зæгъгæ — рæстдзинад æви уацмысæн йæ аив хуыз. Уый раст нæу. Тæлма- ць{ хъуыддаджы рæстдзинад æмæ уацмысы аив хуызæн хицæн кæнæн нæй. Æцæг тæлмацгæнæгыл мах нымайæм æрмæстдæр уый, æмæ тæлмацгæнæджы миниуджытæй се ’ппæтæй дæр хайджын чи у. сл166
«Переводчик, — зæгъы К. Чуковский, — прежде всего талант... он такой же служитель искусства, как актёр (я бы сказал: как автор). Чем талантливее переводчик, тем полнее преображается в автора...» Тæлмацгæнæг, йæ уды хъæд æмæ йæ зæрдæйы хатмæ гæсгæ йæм хæстæг чи нæу, ахæм авторы ивынмæ хъуамæ ’вналгæ дæр ма кæна. «Как актёр выбирает роль соответственно со своим ам- плуа (характер роли, исполняемый артистом, в переносном смысле — специальность), — зæгъы дарддæр К. Чуковский, — так и пере- водчик должен выбирать для себя перевод, согласуясь со своим темпераментом, с характером своего дарования... Для того, что- бы переводить Бальзака, нужно (хоть отчасти) перевоплотиться в Бальзака, усвоить себе его темперамент, заразиться, насколько возможно, его эмоциональностью, следовательно, переводчик дол- жен заглядывать в недра творческой души автора. Точность пе- ревода иногда понимается в смысле фотографирования, что приводит их к переводам вроде «подстрочника». Они насилуют язык и, таким образом, рабская верность подлиннику переходит в рабскую измену. Переводчик — это не фотограф, а художник (портретист); а художник отличается от фотографа тем, что он творчески воссоздает образ». Тæлмацгæнæгæн цæмæй нывтæ аразын уа йæ бон, уый тых- хæй хъуамæ йæ дæсныйады ’гъдæуттæ бæлвырд уой, хъуамæ, уацмысы аивæй æмæ рæсугъдæй цы ис, уыдон ахса йæ хъус. Тæлмацгæнæджы æппæты фыццаг цæуыл ахъуыды кæнын хъæуы, уый — йæ дзырдуат. Бæлвырд у, æвзаг куынæ зонай, уæд тæлмацы хъуыддагмæ бавналын зын æмæ тæссаг у. Уый тыххæй æз мæ ныхас загътон. Загътон, аив уацмысæн йæ æрмæг дзырд кæй у, æмæ дзырдæн ыстыр ахадындзинад кæй ис. Тæл- мацгæнæг хъуамæ иттæг хорз зона æрмæст йæхи мадæлон æвзаг нæ, фæлæ, цы ’взагæй тæлмац кæны, уый дæр. «Свой язык, — дзырдта Ф. Батюшков, — надо знать так, чтобы на нём творить, чужой же так, чтобы на нём думать». Ахсджиаг, тынг ахсджиаг у æвзаг, фæлæ йын й’ ахадындзи- над уæддæр æгæр-æгæр кæнын не ’мбæлы. Бирæ афтæ хъуыды кæны, æмæ, цæмæй хорз тæлмацтæ кæнай, уый тыххæй æрмæст æвзаг зонын æгъгъæд у. Уый бынтон раст нæу. Иуæй-иуæн тынг уæрæх вæййы йæ дзырдуат, фæлæ дзы нывыл пайда кæнын нæ зоны, иннæ та чысыл æрмæгæй дæр дæсны архайы æмæ стыр хæзнайы уацмыстæ саразы. Не ’ппæт дæр æй фехъуыстам — Жуковский бердзенаг æвзаг нæ зыдта, афтæмæй уæддæр раивта Гомеры «Одиссея» æмæ, æнхъæлдæн, нырма уыцы тæлмацæй хæрзхъæддæр тæлмац нæма ис. «Не слова нужно переводить, а смысл и дух», — афтæ дзырдта Драйден. Дыккагæй, тæлмацгæнæг хъуамæ йæ зæрдыл дара оригинал æмæ тæлмацы синтаксис, сæ хуыз, сæ формæтæ. Уый æппынæ- дзух дæр хъуамæ хъуыды кæна, цы ’взагмæ тæлмац кæны, уыцы ’взагыл, хъуамæ хорз зона уыцы ’взагæн йæ логикæ ’мæ йæ эс- 1б7о
тетикæ, æмæ уæд йæ тæлмац дызгъуынтæ, зылынтæ ’мæ гæлиртæ нæ уыдзæн. Æртыккаг домæн — тæлмацгæнæг хъуамæ хорз æмæ бæстон ба[зона оригиналы ’взаджы хицæн æууæлтæ. Зындгонд у, алы фыссæджы ’взагæн дæр йæхицæн цавæрдæр лыстæг миниуджытæ кæй ис. «Стиль — что нос: у каждого другой», — афтæ дзырдта Карлейль. Иугæр æвзаджы æууæлтæ хæлд куы цæуой, уæд уац- мыс æппæтæй дæр хæлы, уымæн æмæ уацмысæн æнæ уыцы ми- ниуджытæ цæрæн нæй. Уыдон фыссæгæн йæ удыхъæд æвдисæг ысты. Зæгъæм, Лермонтов æмæ Гоголæн се ’взаджы хатт куыд хицæн у, афтæ хицæн у сæ туджы змæлд, сæ зæрдæты цæхæр, сæ темперамент. «Тот, кто не чувствителен к стилю, — фыссы К. Чуковский, — не вправе заниматься переводом: он фатально обречён на не- удачу, это — глухой, пробующий воспроизвести перед нами ту оперу, которую он видел, но не слышал». Æппынфæстаг — тæлмацгæнæг хъуамæ хорз бамбара уацмы- сы аивадон фæрæзтæ, рифмæты хъæд, ноджы авторы хъæлæсы æвæрд. Æппæт уыцы мадзæлттæй ма спайда кæн, уæд нæй раи- вæн, зæгъæм, Эдгар Пойы поэмæ «Халон». Гъе, адон ысты æгасæй дæр, æз аив уацмысы тæлмацы тых- хæй цы ’гъдæуттыл æрдзурынмæ хъавыдтæн, уыдон. Ныр рахизæм иннæ фарстмæ æмæ, нæ разы цы домæнтæ æрæвæрдтам, уыдонимæ абаргæйæ ’ркæсæм «Интернационал»ы тæлмацтæм. Махмæ æдæппæт ис фондз тæлмацы. «Интернационал» ирон æвзагмæ хицæнтæй-хицæнтæй раивтой Барахъты Гино, Гæдиаты Цомахъ, Гулуты Æндыри, Бутаты Хъазыбег æмæ Хъоцыты Би- дзина. Уыцы тæлмацтæй чи раздæр фæзынд, уый ысбæрæг кæ- нын мæ къухы нæ бафтыд. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, хъыгаг у, уымæн æмæ æнæ уый тæлмацы эволюци раиртасæн нæй. Фыццаг мæм æрбафтыд Барахъты Гинойы тселмац, æмæ уымæй райдайдзынæн мæ ныхас. Зæгъын хъæуы, «Интернационал»-ы гимны фæдисы хъæр æмæ тохмæ сидæг хъæлæс тæккæ сæйрагдæр миниуæг кæй у. Уый райдайы æвастхъæрæй. Фæдис æмæ тохмæ сиды дунейы ссæст æмæ ’фхæрд дзыллæты зарæг (уырыссагау: «Вставай...»). Фыццаг дзырд, æрмæст фыццаг дзырд мах не уæнгтыл ысхæ- цын кæны, риумæ ныххизы, сагайы зæрдæ. Гиномæ хъуыддаг æндæрхуызон у. Уыцы тох æмæ фæдисмæ сидæг хъæлæс Гинойы тæлмацы æнцад хъæлæсмæ раивта æмæ хъустыл ауад, мæнæ аргъуаны кæй фæкæнынц, ахæм æнцадгай ивылгæ иугæндзон зарæг: Æгас дунейы кусæг адсем, 1 Цагъарæй чи хæссы къæлæт, Нæ зонд куы фыцы рагæй махæн, Хæстмæ нæ хоны: «Райс мæлæт». 0468
«Интернационал»-ы замманайы райдайæн Гинойы тæлмацы зынгæ дæр нал ракодта. ... проклятьем заклеймённый, Весь мир голодных и рабов, зæгъгæ, ацы дзырдтæ Гино раивта афтæ: Æгас дунейы кусæг адæм, Цагъарæй чи хæссы къæлæт. Фыццаджыдæр, хъуыдыйад иронау арæзт нæу. «Цагъарæй чи хæссы къæлæт...» — ничи дзуры афтæ. Фæлæ, уæвгæ, цы нæ вæййы! Чи зоны, кæд, мыййаг, Гино исты ног ыздæхт æрхъуы- ды кодта? Чи зоны... Фæлæ йæ уæд хъуамæ ирон æвзаджы ’гъдæуттæм гæсгæ сарæзтаид. Ныр куыд у, афтæмæй та нæ фи- дауы, стæй йын, раст куы зæгъæм, уæд рæстмæ бамбарæн дæр нæй. Ноджы ма иу аипп. Гимны уырыссаг тексты ахæм бæлвырд ныхæстæ ис: Вставай, проклятьем заклеймённый, Весь мир голодных и рабов. Гинойы тæлмацы та афтæ у: Æгас дунейы кусæг адæм... Кусæг, кусгæ чи кæны, уый хонæм. Æмæ ахæмтæ бирæ ис. Ам хъуыды, æнæмæнг, бæлвырддæр æмæ ирддæрæй равдисын æмбæлди. «Проклятьем заклеймённый», зæгъгæ, ацы ныхæстæ та æппындæр не ’рцыдысты тæлмацгонд, афтæмæй та стыр ахс- джиаг ысты. Зарæджы цы хъуыдытæ ис, уыдон æппæтæй дæр хъуамæ тæл- мацгонд æрцæуой. Уыимæ æвзагæн тыхмитæ кæнын нæ хъæуы. И в смертный бой вести готов, — зæгъгæ, ацы рæнхъ Гино ратæлмац кодта: Хæстмæ нæ хоны: «Райс мæлæт». Ам æгъгъæд уыд, мæнмæ гæсгæ, «хæстмæ нæ хоны» зæгъын. Фæлæ Гинойы, æвæццæгæн, чысыл фæтыхсын кодта дзырд «смертный». Гино йæ ратæлмац кодта: «Райс мæлæт», зæгъгæ, фæлæ «смертный» æмæ «райс мæлæт» иу не сты. Ыстæй æнæ- уый дæр, пролетариат ызнаджы къухæй хъуамæ, æнæмæнг, мæ- лæт райса — уый цас бæллиццаг у! Хъуыддаг та æцæгæй иннæр- дæм у: пролетариат нæ, фæлæ эксплуататорты кълас цæуы сæфтмæ пролетарты къухæй. «Весь мир насилья...», зæгъгæ, ацы ныхæстæ Гино тæлмац кæны: «Тыхæй конд дуне». Ам дæр та бæлвырд нæу хъуыддаг. Цы амоны, цымæ, «тыхæй конд дуне»? Куыд æмбарын хъæуы «тых»? Æгас дуне дæр алыхуызон тыхтæй арæзт у, æмæ уым æвзæрæй цы ис? Пролетариат уыцы тыхтимæ куынæ ’взары, мыййаг, йæ хъару, уыдонимæ, мыййаг, куынæ у йæ тохы сæр. 1690
Гуырысхойаг мæм фæкасти дарддæр мæнæ ахæм рæнхъ: Ныр ницы чиу — уыдзæн æппæт. Ирон чиныгкæсæг ацы иыхæстæ нæ бамбардзæн, уымæн æмæ сæ хъуыды хæлд у. Тæлмацгæнæг ам, чи зоны ’мæ, иууыл ах- хосджын нæу. Ацы бынат уырыссагау дæр иууыл аив нæ рауад. («Кто был ничем, тот станет всем»), Фæлæ йын уæддæр контек- сты бамбарæн ис — ома бартæ кæмæ нæ уыд, йæ цард ыссæст æмæ цагъарæй чи ’рвыста, уыцы кусæг кълас куы фæуæлахиз уа, уæд уыйфæстæ суыдзæн æппæтдæр. Гино ацы ныхæстæ хи- цæнæй райста æмæ йыл рæдыд дæр, æвæццæгæн, уый фыдæй æрцыд. Ноджыдæр ма йæ зæгъын, тæлмацгæнæг хъуамæ тынг лыс- тæг æвзара алы дзырдæн дæр йæ хуыз æмæ йæ апп, йæ нысани- уæг. Мæнмæ гæсгæ, «Интернационал» уырыссаг æвзагмæ чи тæлмац кодта, уый дæр æмæ Барахъты Гино дæр уыцы алы ху- ызтæм æмæ чысыл фæзилæнтæм сæ хъус фаг не ’рдардтой. Рахизæм иннæ строфамæ. Никто не даст нам избавленья... Гино йæ ратæлмац кодта афтæ: Æнхъселмæ ма ксесæм кæмæдæр. Ацы рæнхъæн дыууæрдæм у йæ хъуыды. Дыууæрдæм бам- барæн ис мæнæ ахæм хъуыдыйадæн дæр: Нæхи ма равдисæм бæрæгдæр. Æнаипп нæу Гинойы тæлмац дарддæр дæр. Нæ æзнаг хьуамæ кьухы баст уа. «Нæ æзнаг...» Нæ фидауы иронау афтæ дзурын æмæ дзургæ дæр ничи кæны. Ирон лæг фæзæгъы: не знаг. Кæнæ куыд бамба- рæн ис, цымæ, мæнæ ацы ныхæстæ: «...хъуамæ къухы баст уа»? Цы строфайы кой кæнæм, уым иу рæнхъ — Ни бог, ни царъ и не герой,— зæгъгæ, уый та бынтондæр æнæ тæлмацгондæй баззад. Дунейы пролетарты гимн тæлмацгæнгæйæ ацы ныхæстæ рохуаты ныу- уадз, уый ыстыр аипп у. Ноджы дарддæр: Æмбырд лæгмар æмæ куыйтæн. Уырыссаг тексты уый афтæ у: И если гром великий грянет Над сворой псов и палачей. , Гинойæн ацы рæнхъытæ, куыд æмбæлы, афтæ ратæлмац кæнын йæ бон нæ оаци. Иронау æппындæр чи нæ фидауы, ахæм бынæттæ дæр дзы ис («Æмбырд лæгмар», «Нæра кæд арв... куый- тæн»). Ы7°
Бæллиццаг нæу Гинойы тæлмацæн йе ’взаджы хъæд. Фæлæ, аивдзинадæй, ахорæнтæй цас хъæздыг у, зæгъгæ, куы бафæр- сæм, уæд зæгъæн ис: æххæст уæвынмæ ма йæ бирæ цыдæртæ хъæуы. Мæнæ ахæм дзырды хæйттæ: мсе — ма, нæ — се, ма — ма, в — ф Гинойы тæлмацы æгæр арæх фембæлынц фæрсæй- фæрстæм. Уый гимны аивдзинад ирон æвзагыл тынг халы. Æгæр арæх ысты тæлмацы тексты вазыгджын дзырдтæ: «фервæзын кæндзæн», «суæгъд кæндзæн», «æввонгхортæн». Уый дæр иууыл хорз нæу. Уыдон аив не сты æмæ æгæр арæх куы свæййынц, уæд зарæг æвзæр прозæйы хуызæн рауайы. Аив æмæ рæсугъд цы нæ у, уымæй хъуамæ алы тæлмацгæнæг дæр йæхи бахиза. Барахъты Гинойы тæлмац та æвзаджырдыгæй дæр, ыстæй æнæ- уый аивдзинадæй дæр мæгуырау у. Æркæсæм ныр Гæдиаты Цомахьы тæлмацмæ. Цомахъ «Ин- тернационал»-ы тæлмац райдыдта, «нæ рад æрзылди», зæгъгæ, ахæм ныхæстæй. Уырыссаг тексты ахæмæй ницы ис. «Проклять- ем заклеймённый», зæгъгæ, ацы дзырдтæ Цомахъ раивта: «Æлгъы- стыл чи уыди нымад». Куыд уынут, афтæмæй ацы ран хъуыды раст ивд не ’рцыд. Никто не даст пам избавленья. Ацы рæнхъ Цомахъ ратæлмац кодта «Цæй, чи нын ратдзæни сæрибар?», зæгъгæ. Риторикон фарстмæ хорз миниуджытæ ис, фæлæ фарст хъуамæ бынаты уа. Мæнмæ гæсгæ, тохы зарæджы фæрстытæ нæ фидауынц. Ам хъуамæ алцыдæр бæлвырд уа, гимн цы хæст æмæ тохмæ сиды, уыдон сæхæдæг куыд бæлвырд ысты, афтæ. Добьёмся мы освобожденья Своею собственной рукой. Чтоб свергнуть гнет рукой умелой, Отвоевать своё добро, — Вздувайте горны, куйте смело, Пока железо горячо. Ацы бынат Цомахъ раивта афтæ: Нæ тых, нсе хъару сты нсехи бар, Нсе бартæ райсдзыстæм æцæг. Цсемсей нысссеттæм не ’фсондз мах дæр, Цæмсей нсе фæнд нсехимæ уа, Цæвут дзсебугсей тынг уæлдайдсер, Зынг ма у не ’фссейнаг нырма. Цомахъы поэтикон куыстæн мах бирæ аргъ кæнæм, æмæ уæвгæ æмбæлгæ дæр кæны, фæлæ æнæгæды куы зæгъæм, уæд ацы рæнхъытæ уырыссаг текстæй дард лæууынц. Мæнмæ гæсгæ, кæрæдзиуыл дзæбæх нæ бадынц, ныхæй- ныхмæ æвæрд ысты мæнæ ахæм хъуыдытæ. Нсе тых, нсе хьару сты нæхи бар. 171о
Ацы рæнхъæн йæ хæд фæстæ бынтон æндæр хъуыды зæгъы тæлмацгæнæг: Нсе бартсе райсдзыстæм æцæг. Ыстæй та чысыл дарддæр: Цæмсей нæ фæнд нæхимсе уа. Зын бамбарæн у: пролетартæн сæ бартæ сæ къухы сты æви ма сыл тох хъæуы. Цæмæй ныссæттæм не ’фсондз мах дæр. Ам бынтон уæлдай у: «мах дæр». Пролетартæй уæлдай ма, цымæ, Цомахъ кæй кой кæны? Цæвут дзæбугæй тынг уæлдайдæр, Зынг ма у не ’фсæйнаг нырма. Уырыссаг текстæн æндæр у йæ хъуыды. Уым афтæ у: «Взду- вайте горны», ома ысзынг кæнут æфсæйнаг æмæ нæ бахсидут ныртæккæ, æвæстиатæй, цалынмæ ма тæвд у, уæдмæ. Цомахъ та афтæ зæгъы, æмæ цыма æфсæйнаг чидæр ысзынг кодта, æмæ ма цалынмæ зынг у («нырма»), æрмæст ма йын уæдмæ ис æхсидæн. Лишь мы работиики всемирной Великой армии труда. Ацы рæнхъытæ Цомахъ раивта: Нæ зонд — хæссæг, фæллой — нæ дарæг. Мæнмæ уый æгæр уæгъдибар тæлмац кæсы, Æгæр дард ацыд Цомахъ ам дæр та уырыссаг текстæй. Фæуæд дæлдзæх нæ уаг... Чи зоны ’мæ «уаг», зæгъгæ, уый Цомахъ «царды уаг» хоны, фæлæ цæмæй бæрæг у? Уырыссаг тексты ахæмæй ницы ис. Цомахъы тæлмацы æгæр ысты хъæры интонаци æмæ, дык- каг хатт кæй фæзæгъы, ахæм бынæттæ. Уый æвзæр нæ уаид. Æрмæст ахæм фæрæзтæй пайда хъæуы лирикон уацмысты. «Ин- тернационал»-æн йæ уырыссаг æмæ немыцаг текстты сын ысса- рæн нæй. Цомахъы тæлмацы та æнæхъуаджы бирæ сты («Нæ рад æрзылди...», «Сыстут, сыстут...», «Нæ маст нæ хуылфы ’хси- ды... Сыстут, Æфхæрд, цагъар, æрцыд нæ рад»). Тох æмæ фæ- дисы зарæджы бæсты «Интернационал»-æй рауад цавæрдæр æмбисмæ лирикон æмдзæвгæ. Фæлæ уæддæр, Цомахъы поэти- кон хъару мæгуырау у зæгъæн нæй. Цомахъ тырныдта уымæ, цæмæй гимнæн йæ барст ма фехæла, цæмæй рифмæгæ иууыл- дæр нывыл уой. Йæ тæлмацы кæд аиппытæ ис, уæд уыдон, æвæц- цæгæн, æрмæстдæр уыйхыгъд æрцыдысты. Цомахъы тæлмацы раппæлинаг дæр бирæ ис. Фыццаджы- дæр — æвзаджы сыгъдæгдзинад. Цомахъы ’взаг у тасаг, рæуæг, æнцонæмбарæн æмæ зæрдæйæн æхсызгон. Йæ ныхасы здæхт 0172
æгасæй дæр у иронау. Цомахъ æвзагæн тыхмитæ нæ кæны. Йæ дыккаг хорздзинад Цомахъæн — рæсугъд ныхасы уаг, нывæф- тыд дзырд. Байхъусæм-ма йæм: Интернационал у Æфхсерд дзыллæты уарт. Кæнæ: Æрттивдзæн махæн хур уæларвæй Йæ хъазгæ царддæттæг цæстæй. Тæлмац уырыссаг æвзагæй у, уый йыл зынгæ дæр нæ кæны. Бæрæг у, Цомахъ тынг хорз кæй бамбæрста хъуыддаг, тынг арф æй кæй айста йæ зæрдæмæ. Цомахъ æрмæст тæлмацгæнæг нæу, уый йæхæдæг у ориги- налон поэт. Чи зоны ’мæ нын нырма æрмæст иунæг Цомахъ фе- нын кодта «Интернационал» ирон дарæсы. Цавæр у уыцы да- рæс, цас аив у, ууыл нæ дзурæм, фæлæ дарæс ирон дарæс кæй у, уый, мæнмæ гæсгæ, дзырддаг æмæ гуырысхойаг нæу. Гулуты Æндырийы тæлмац. Æркæсæм фыццаг строфамæ. «Проклятьем заклеймённый», зæгъгæ, ацы ныхæстæ Æндыри ра- ивта: «Æлгъыст, æлгъыстæй». Иронау афтæ ничи дзуры. Æз зо- нын, ахæм дзырд ис библийы, фæлæ ам йæ бынаты нæй. Ыстæй мæм æнæуый дæр аив нæ кæсы. Иронау фæзæгъынц: æлгъыст- дзыд («Æлгъыстдзыд фæци») кæнæ: æлгъысты фыд («Цы ’лгъы- сты фыд æй баййæфта, нæ зонын», «Цы фыд дæ баййæфта»), Кипит наш разум возмущённый ивд у афтæ: Нæ зонд фырмæстæй судзы, судзы. Иронау «зонд»-æй, «судзы», зæгъгæ, ничи дзуры. Фæзæгъынц «фыцы» кæнæ «æхсиды», фæлæ уый дæр раст нæу. Растдæр уаид «туг фыцы», «туг æхсиды», зæгъгæ, зæгъын. «Нæ туг фыцы, æхсиды...» Уый бынтон æндæр хъуыддаг у — ома дарддæр фæ- разæн æмæ барæн нал ис, лæг йæ хъуырмæ сси æмæ йæ маст нал уромы. Цомахъы тыххæй загътам. Уый уырыссаг текстæй æгæр дард ацыд. Æндыримæ та бынтон æндæрхуызон сахъат ис. Уый та æгæр хæстæг лæууы уырыссаг текстмæ. Дзырд «освобождение» Æндыри раивта: «ирвæзт». Мæ хъуыдымæ гæсгæ, уый раст нæу, уæдæ зæрдæйæн исты ’хсызгондзинад дæтты, зæгъгæ, уый зæ- гъæн дæр нæй. Æндæр ран ацы дзырд, чи зоны ’мæ, йæ бынаты уыдаид. Зæгъæм: нырма сæ ирвæзт (сæ фервæзт) дыууæйыл у. Фæлæ Æндырийы тæлмацы нæ фидауы. «Отвоевать своё добро» ивд у афтæ: «Цæмæй та не ’рцæуа нæ сæфт». Бынтон æндæр хъуыды! *73о
Гино ’мæ Цомахъæн куыд нæ баци сæ бон, афтæ Гулуйы- фырты бон дæр нæ баци гимны мæнæ ацы бынат ратæлмац кæ- нын: Вздувайте горны, куйте смело, Пока железо горячо. Æндыри йæ раивта афтæ: Нæхи куырдадзы ’фсæйнаг хойут, Нырма æфсæйнаг калы тæвд. «Æфсæйнаг калы тæвд»... Иронау афтæ дзурæн нæй. Зæ- гъæн ис: «Æфсæйнаг калы тæф», фæлæ «калы тæвд» ничи дзуры. Æндæр исты ахæм аиппытæ мах Гулуйы-фырты тæлмацы нæ бафиппайдтам. Фæлæ дзы æбæлвырд бынæттæ ис. Æндырийы мах уый тыххæй аххосджын, мыййаг, нæ кæнæм. Æндыри ныр- ма ныр райдыдта ирон æвзагыл фыссын1. Æвзаг иттæг хорз куынæ зонай, уæд цыфæнды цырддзаст æмæ курдиатджын фыссæгæй дæр бирæ лыстæг хъуыддæгтæ аирвæзы. Æндыри ирон æвзаг хорз куы зыдтаид, уæд йæ тæлмац, æнæмæнг, бирæ бæллиццаг- дæр рауадаид. Æз афтæ уымæн зæгъын, æмæ Æндырийæн йе ’мдзæвгæ зæлланггæнаг у, мыртырдыгæй йæм фау æрхæссæн нæй, зындзурæн æмæ дызгъуын ныхæстæ дзы не ссардзынæ. Бутаты Хъазыбеджы тæлмац. Ам æз, фыццаджыдæр, уый зæгъинаг дæн, æмæ Хъазыбег оригиналæн йæ ритм æмæ йæ барст кæй не ’рцахста. Оригинал у ямбæй фыст. Тæлмацгæнæг ацы барст бынтондæр сæмхæццæ кодта. Бутайы-фырты тæлмацы ис ыссарæн хорей æмæ анапест иумæ («Æфхæрæг ссардзæн мæ- лæт»), дактиль æмæ амфибрахи иумæ («Ног дуг æрлæудзæни æхсарæй»), амфибрахи æмæ хорей иумæ («Дард ласæнт нæ зæх- хæй сæ къах»), сыгъдæг амфибрахи («Хур скæсдзæн, нæ фæл- лой — нæ дарæг») æмæ, æппындæр бамбарæн кæмæн нæй, ахæм барст («тыхгæнæг, стигъæг — схъиудзысты дард»). Гимны ба- зард: «Это есть наш последний» æ. а. д. тæлмацгонд у цавæрдæр æндæрхуызон барстæй. Бутайы-фырты тæлмац, куыд уынут, афтæмæй аив тæлмац ысхонæн нæй. Бутаты Хъазыбегæн ис йæхи цавæрдæр сæрма- гонд дзырдуат, æмæ оригиналæн йæ хуыз базонæн нал ис. Иуны- хасæй, куыд дæм дæ зæрдæ дзуры, афтæ тæлмац кæн, æмдзæв- гæйы барстæн аивæн ис, цалдæр барсты сæмхæццæ кæн, уæдæ дæм уыцы бар дæр ис. Ис дын ноджы оригиналмæ дæхицæй ног истытæ бахæссыны бар. Ис... Фæлæ ахæм тæлмац тæлмац нæ хуыйны. Æрмæст æвзаджырдыгæй куы ’ркæсæм Бутайы-фырты тæл- мацмæ, уæд дæр дзы бирæ дызгъуын бынæттæ ссардзыстæм. 1 Гулуты Æндыри «Интернационал» ратæлмац кодта 1922 азы, ирон æвзаг бынтон хорз куы нæма зыдта, уыцы рæстæг. о!74
Нæ зонд, нæ маст сфыхт цъæх арты. Нæй иронау афтæ дзурæн, æмæ уæвгæ дзургæ дæр ничи кæны. Кæнæ дарддæр: Нæхуыдтæг хи къухæй нæ фæрн уаг, Нæхуыдтæг райсдзыстæм нæ бар... Нæ хорзæх райсæм мах уæддæр... Цымæ, куыд æмбарын хъæуы «нæ фæрн уаг», кæнæ «нæ хорзæх райсæм»? «Фæрн уаг» ма «фарны уаг» бамбарæн ис, фæлæ «нæ хорзæх райсæм», зæгъгæ, уымæн та æппындæр нæй равзарæн. Баззад ма нын æркæсинаг Хъоцыты Бидзинайы тселмац, фæлæ йыл æз дзурынмæ нæ хъавын, уымæн æмæ, Бутайы-фыр- ты тæлмацы тыххæй цы загътон, уый Бидзинайы тæлмацмæ дæр хауы. Бидзинайы тæлмацы дæр кæрæй-кæронмæ хæлд у «Ин- тернационал»-æн йæ барст, йæ ритм («Цæй, сыст, ма дæ уæд не знаг рох», «Нæ риу фидар куы у, куыд къæдзæх», «Цæмæй рап- парæм уаргъ нæ рагъæй»). Уымæй уæлдай Бидзинайы тæлмацы ис иу къорд, махмæ бынтондæр худæг чи кæсы, ахæм бынæттæ. Зæгъæм: «Нæдæр аллах, нæдæр паддзах», «Знагæн ныттонæм мах йæ хъис». Бидзина фехæлдта ноджы рифмæты æвæрд. Уырыссаг тексты рифмæтæ сты, АВАВ, зæгъгæ, ахæм форму- лæмæ гæсгæ арæзт. Бидзинамæ та мæнæ афтæ: Хæрам дуне мах бындзарæй Ныббырст кæндзыстæм, стæй та, стæй Мах ног цард скæндзыстæм рæстæй, Куыд ничиуал сæфа сыдæй... Ацы строфа мын мæ зæрдыл æрбалæууын кодта «элоквенци æмæ поэтикон æндæр хиндзинæдты профессор» Тредиаковскийы. Растæндæр цыма уый æрмдзæф у, афтæ мæм фæкаст, фæлæ уайтагъд мæхиуыл фæхудтæн: кæцæй зыдта Тредиаковский ирон æвзаг, ыстæй кæд æмæ кæд амард! Нæ, уæдæмæ Бидзина, æвæц- цæгæн, йæ рагон фыдæлты уацары бахауд æмæ уый хуызæн фыссын райдыдта. Æмæ уымæн дæр, æвæдза, чысыл «дæсны- йад» нæ хъæуы! Аив дзырд, нывæфтыд ныхасæн мах йæ разы æвæрæм, æппынкъаддæр, æртæ домæны: 1) аив ныхасы алы дзырд дæр хъуамæ уа ирд, бæлвырд æмæ хъусæн æхсызгон; 2) дзырдтæ кæрæдзиуыл бæтгæйæ мах хъуамæ æппынæдзух дæр тырнæм уымæ, цæмæй хъуыдыйад аив æмæ рæсугъд арæзт уа. Дзырд æрмæст афтæмæй сæххæст кæны йæ нысан; 3) мах хъуамæ тынг лыстæг æркæсæм нæ ныхасы мыртæм, хъуамæ сын хорз базо- нæм се ’ууæлтæ æмæ сæ æххæстæй ыспайда кæнæм нæ поэтикон куысты. Æппæт уыцы домæнтæ зæрдыл даргæйæ ма æз фæстагмæ зæгъын, цы тæлмацты кой ракодтон, уыдонæй иуæн дæр «Ин- 1750
тернационал»-ы уырыссаг тексты æмрæнхъ æрæвæрæн нæй. Ныв- тæй дæр æмæ æнæуый эмоционалон æгъдауæй дæр уыдон зынгæ цауддæр ысты. Цас бæлвырд æмæ цас æххæст тæлмац у «Интер- национал» ирон æвзагмæ, зæгъгæ, куы бафæрсæм, уæд ма нæ, чи зоны, ноджы æндæр исты аиппытæ ранымайын бахъæуа. Фæлæ хъуыддаг æрмæст уый мидæг нæй. Иннæтæй хуыздæрыл банымаинаг ысты Гæдиаты Цомахъы æмæ Гулуты Æндырийы тæлмацтæ. Цомахъы тæлмац, уæлдæр куыд загътон, афтæ — йе ’взаджы хъæдмæ гæсгæ у сыгъдæг æмæ рæсугъд. Æндырийы тæлмацы дæр, кæд, Цомахъмæ цы хорз ми- ниуджытæ ис, уыдон се ’ппæт не сты, уæддæр йе стих у зæланг- гæнаг, йе ’взаг — лæгъз. ХУЫТЪИНАТЫ ЦЫППУ. «СИДТ». Æмдзæвгæтæ æмсе зарджытæ «Рæстдзинад»-ы рауагъд, 1931 аз, 128 фарсы Аив литературæ у кълассон хотыхтæн сæ сæйрагдæртæй иу. Аив, æцæг аив литературон ысфæлдыст адæймаджы зæрдæ сбæр- зонд кæнынмæ, адæймаджы зæрдæ фæфæлдахынмæ хорзырдæм дæр, фыдырдæм дæр æндон мæцъисæй уæлдай нæу. Уымæ гæсгæ кусын хъæуы, цæмæй аив литературæ фæллойгæнæг адæммæ ’ввахсдæр кæна, ууыл. Æрмæст ахæм аив литературæ, æмæ йæ бон кæмæн бауыдзæн фæллойгæнæг адæмы зæрдæтæ раст фæн- дагыл бафтауын, æрмæст ахæм аив литературæ, пролетартæ æмæ колхозонты зæрдæтæ социализм аразыны ’рдæм чи фæлдаха. Фæзынди ирон æвзагыл, «Сидт», зæгъгæ, Хуытъинаты Цып- пуйы æмдзæвгæты ’мбырд. Ацы цыбыр афæлгæсты зæгъинаг ыстæм цыбыр ныхæстæй чиныгæн æрмæст йæ раздзырды тыххæй. «Цыппумæ нæй æнкъарддзинад»... «Цыппуйы фыстыты хъуыдытæм куы ’ркæсæм, уæд се ’ппæт дæр ысты баст нæ социалистон арæзтад æмæ культурон револю- цийы хæстыл; Цыппуйы æмдзæвгæтæ сæ хъуыдытæм гæсгæ сты, нæ рæстæг цы агуры, ахæмтæ». Афтæ дзуры раздзырд фыссæг — Дзагурти Губади (II, 16 фарс). Ралæуу, ралæуу, цсей, нæ уалдзæг, Хур нæ батава дзсебæх; Цъиу нын раксена йæ зарæг, Царды хос та радта зæхх!.. Ныр æдзухæй тымыгъ ниуы... Митæй бæстæ у æхгæд... Адæм — кука... Цуанон зилы — Сырдтæн агуры сæ фæд... Дои ныйих и.... Ы76
Хъсед ныббæгънæг, Стæм кæнынц нæ хор, нсе хос. Нозт, æндæрсей хъуаг сеййафæм, Скъсетпы уасынц сгпонгæй фос... Бон сервигпæм мах æнкъардæй, Къуымтпы куыстп у раст фынсей... Чи фсеразы ахсем цардæй!.. Фесæф, зымсег, фессеф, цæй!.. («Зымæгон зарæг», 37 фарс) Кæнæ мæнæ иннæ ахæм: Æрдз та фсебур ксены дардыл — «Буц цард», «серттывдсен» — ксерон. Бадынц ма сау мигътæ арвыл... Схъуынтъыз, фæцыбырдæр бон... Цъиутæ фæтæхынмæ хъавынц! Чи та ма хъусдзæн сæ зард... Фæззæджы тар бонтæ зарынц: Къуымтæм та бахиздзæн цард. Хъусинаг тар бон æрхæссы, — Сæрд, дам, йæ бонтæ фæци... Бампъузæд алчи йæ кæрцы, Барæхсæд алчи æрчъи... («Фæззæджы къæсæрыл», 118 фарс) Дыууæ ’мдзæвгæйы дæр фыст ысты 1928 азы. Кæсæг йæхæ- дæг ахъуыды кæнæд, кæддæра ацы æмдзæвгæты, социалистон арæзтад æмæ «культурон революцийæн» цы феххуыс уа, ахæ- мæй исты ссарид. Кæд автор социалон «зымæг» æмæ «фæззæджы» кой кæны 1928 азы, уæд у, Октябры революцийы дæс азы дæргъы арæз- тытæ чи нæ федта, кæй нæ уырныдтой, сæфынæй сын чи тæрсы, ахæм. Кæд æмæ Хуытъинайы-фырт метеорологон, астрономон «зы- мæг» æмæ «фæззæджы» кой кæны, уæд та у ахæм, социалистон арæзтадмæ йæ хъус чи нæ дары, дуджы тохæй дард чи у, царды фæйлауæнтæ кæмæ нæ хæццæ кæнынц, æрмæст йæхи зæрдæйы чи цæры. Куыдфæнды уæд, уæддæр Дзагурти Губадийæн йæ бон нæу, æмæ ма сразы уа, ацы ’мдзæвгæты ’нкъарддзинад йеддæмæ зæрдæ тохмæ, социализм аразынмæ кæнæ культурон революцимæ цы бацырын кæна, ахæмæй кæй ницы ис, ууыл. Дарддæр Губади фыссы: «Цыппуйы фыстыты формæ куы райсæм, уæд, йæ сидт куыд хицæн кæны Цыппуйы иннæ фысджыты æхсæнæй, афтæ йæ формæ дæр у хицæн; йæ формæ дæр сиды, размæ кæны кæсæ- джы, здахы йæ социализм аразыны ’рдæм... Цыппу цы формæ- ты хуызы фыссы, уый у нæ литературæйы мидæг ног»... (16 ф.) 12* 172о
Кæд зæрдæйæ зæгъы Губади ацы ныхас, уæд, мердыгонау, тынг хорз не ’мбары аив литературæйы формæтæ. Райсæм æппæты фыццаг æмдзæвгæ «Дыууадæс кафты» (Мæнмæ гæсгæ, Цыппуйы æмдзæвгæшæн сæ тæккæ хуыздæр- тæй иу). Дуг — нæ дуг — Куы сси советон, Раст уæдæй йæ уарз! Æз Дыууадæс кафты скодтон Хуры Алы Фарс... æмæ дарддæр. Ацы ’мдзæвгæ, куыд æмбæлы, афтæ куы ныффыссæм: «Дуг — нæ дуг — куы сси советон, Раст уæдæй йæ уарз! Æз дыууадæс кафты скодтон Хуры алы фарс» — уæд у мæнæ ахæм формæйæ фыст: Раджы уæйыгмæ лæскьдзæрæн Иу мæгуыр лæг цард. Нал уыд мæгуыр лæг йæ сæрæн, Удхарæй йæм мард. (Къоста. «Лæскъдзæрæн») Райсæм æндæр æмдзæвгæ. Ма тыхс! Мауал тыхс! Хæс у, — Стыр хæс у Махæн раивын Сагъæс зарæгмæ... («Ныфс», 45 фарс) Ацы ’мдзæвгæ та хъуамæ уа афтæ фыст: Ма тыхс, мауал тыхс. Хæс у, стыр хæс у Махæн раивын Сагъæс зарæгмæ. У фыст мæнæ ахæм формæйыл: Аскъуый, атъæпп у — Тагъд, цы зæрдæ дæ. Кæд æппынæдзух Риу цы рæхойыс! (Нигер) ОГ78
Ацы формæ у тынг рагон формæ, уырыссаг фыссæг Кольцо- вы формæ. Ноджы дарддæр: Нæ фæллой — нæ дарæг; Нсе царды æндах. Æртагъди Мæ фындзæй Уæз- зау Хиды ’ртах. («Хъазуатон лæгæрдæг», 54 ф.) Ацы ’мдзæвгæ та у мæнæ ахæм формæйыл фыст: Мæ гутон, мæ галтæ — Мæ фæндыр, мæ зонд. Мæ кадæг, мæ зарæг — Мæ цард хоры конд... Нæ дзыллæйы зæрдæ — Мæ хуымгæнды хай. Нæ бæсты сагъæстæ — Мæ фæззыгон най. (Къоста. «Ныфс») Æркæсут-ма: Нæ фæллой — нæ дарæг, Нæ царды æндах. Æртагъди мæ фындзæй Уæззау хиды ’ртах. Дыууæ ’мдзæвгæйы ’хсæн æрмæст уый уæлдай ис, æмæ фыццаг поэзийæ æмæнхъызт кæны, риуы хизы, зæрдæйы лыс- тæг уидæгтыл нæртон фæндырдзæгъдæгау æрхъазы, лæг йæ ах- сты фæвæййы. Се ’ппæт формæтæ равдисынæн ныртæккæ амал нæй (бынат мæ нæ уадзы), фæлæ æз афтæ зæгъын, æмæ классикон фор- мæйæ дарддæр нæ ацыд Цыппу. Кæд дзы искуы классикон фор- мæтæй уæлдай исты фæзыны, уæд уый вæййы классикон фор- мæты хæлд хуыз. Хæлд хуыз та сæ уымæн хонын, æмæ Цыппу нæуæг, пролетарон аив литературæйы формæтæ нæ, фæлæ клас- сикон формæтæ дæр æххæстæй нæма базыдта. Губади куыд зæгъы, афтæмæй, «Цыппу цы хуызы формæ- тæй фыссы, уый Маяковскийы аив бавнæлдтытæм хæстæг лæууы» (16 ф.). Уый æппындæр раст нæу. Иуæй-иу дзырдтæ хицæн рæнхъытыл кæй фыссы, уый нæу Маяковскийæн йæ формæты сæйраг хъуыддаг. Маяковскийы формæтæн сæ апп уый у, æмæ дзы ритмикон хъæлæсдзæф (уда- рение) ивд цæуы логикон хъæлæсдзæфæй. Маяковский йæ фыс- 179о
тыты хæрз аивæй хъазы декламацион (ораторон) прозæйæ, ло- гикон хъæлæсдзæфтимæ. Æвдисæнæн райсæм мæнæ ацы скъуыддзаг Маяковскийæ: Хорогио вам. Мёртвые сраму не имут. Злобу к умершим убийцам тугии. Очистительнейшей влагой вымыт грех отлетевшей души. Боишься! Трус! Убьют! А так полсотни лет ещё можешь, раб, расти. Ложь! Я знаю, и в лаве атак я буду первый в геройстве, в храбрости. («Война и мир») Ацы ’мдзæвгæ у фыст цыппар æмæ æртæ хъæлæсдзæфджын стихтæй. Уыцы формæ хæлд нæу сæрæй-бынмæ. Хуыздæр хатыны тыххæй стих райдайæг рæнхъытæ фыст ысты галиу кæронмæ хæстæгдæр. Нæ, Маяковскийы формæтæ ахæм не сты, Маяковскийы тех- никæ æндæр техникæ у. Цыппуйы формæтæ æмæ техникæимæ сын иу ран æвæрæн нæй. Формæйы тыххæй ма иу ыскъуыддзаг æрхæсдзынæн кæс- джыты цæсты размæ Цыппуйы æмдзæвгæтæй: Дунейы мæгуыртæ Махонты фæзмынц. «Тас нæ ныхмсе рæзы», — Не знæгтæ зæгъынц. Уый тыххæй, гъе, махмæ Додойтæ кæнынц. Немæ гуыпп-гæрахмæ Ногæй тынг бæллынц. Хъахъхъæнæг нæ фæллой Сырх Æфсад уыдзæн, — Не ’ппæты хъаруйæ Дзуапп сын «хорз» уыдзæн! («Сырх Æфсад») С*180
«Уæлдай тыхджын фыст у «Сырх Æфсад», зæгъгæ, фыссы Губади (11 фарс). Чи зоны. Фæлæ ахæм рифмæтæ: фæзмынц — зæгъынц, кæнынц — бæллынц, уыдзсен — уыдзсен — ысты фор- мæйæн йæ хæрз мæгуырау нысан. Ацы дзырдтыл уал лыг кæнын мæ ныхас æз Цыппуйы ’мдзæв- гæты формæты тыххæй. Кæд Губади разы нæ кæна мемæ, уæд ныхас кæнынæн бирæ бонтæ ис. Кæрон кæнын мæ ныхасæн: 1. Раст нæу Губади, Цыппумæ сæрæй-бынмæ æнкъарддзи- над нæй, зæгъгæ, уымæй. Ис æм. Равдыстам æй. 2. Раст нæу Губади ноджы уымæй, æмæ Цыппуйы формæтæ нæуæг революцион формæтæ кæй хоны, Маяковскийы формæ- тыл сæ кæй бары. Формæ ’рмæст рифмæтæй æмæ дзырдтæ хи- цæн рæнхъытыл ныффыссынæй нæу, ыстæй Маяковский пролет- литературæйы аппæй дæр æмæ формæйæ дæр авторитет нæма у. 3. Раст нæу Губади фæстагмæ уымæй, æмæ, ’рмæст иуырды- гæй кæй æркаст Цыппуйы фыстытæм. Иунæг сау æндæрг дæр дзы никуы бафиппайдта. «Цыппу ыстыр талант у, тынг æххæст у алцæмæй дæр, йæ мæсыг амайын фæци æмæ ныр кады лæвæрт- тыл æнцад-æнцонæй йæхи ауадзæд», — зæгъынмæ хъавы Губади. Æцæг, Губади зæгъы: «Цыппу йæхиуыл дарддæр куы баку- са, ахуыр куы кæна, уæд... ысхиздзæн аив литературæйы уæл- дæр бæрзæндтæм...» (17 фарс). Фæлæ уæддæр Губади нæ зæгъы, куыд æй бакусын хъæуы Цыппуйы, цæуыл æй бакусын хъæуы, куыд æмæ цæуылты хъуа- мæ ахуыр кæна йæхи аив литературæйы æууæлтæй, цæмæй æцæг аив литературæйы бæрзæндтæм ысхиза, уый тыххæй. 4. Тынг раст зæгъы Губади, Цыппуйæн социалистон царды ныв йæ фæндты тынг бирæ бынат кæй ахсы, уымæй. Уый у Цыппуйæн йе стыр миниуæг. Фæлæ æз афтæ зæгъын: фæндтæ фæндтæ сты æмæ фæндтæй бирæ хæттыты баззайынц. Фæндтæ æмæ аив литературæ иу нæма сты. Губади хъуамæ бацамыдтаид, тызмæгæй нæ, фæлæ фæл- мæст-фæлмæнæй, фыд йæ хъæбулæн куыд амона, афтæ, — цы сты аив литературæйы аивдзинæдтæ, цы амалтæ ис, литературон дзырд зæрдæтæм цæмæй хъара, уымæн. Губади загъта, аив лите- ратурæйыл цы хæс æвæрд ис, уый, фæлæ иу улæфт дæр не скод- та, уыцы хæс сæххæст кæныны тыххæй аив литературæйы цы сфæрæз хъæуы, уыдон сæраппонд. Нæуæг аив литературæ пролетартæ æмæ колхозонты зæр- дæмæ куынæ хиза, уæд никуы æмæ ницы, йæ хæс нæ бафид- дзæн. Зæрдæмæ цæмæй хиза, уымæн та ’гъдæуттæ ис. Губади уыцы ’гъдæутты тыххæй ницы загъта. Хъуагджынтæ у Губадийы литературон афæлгæст. 181^
ÆДЗАРД ЗЫНГХУЫСТ (Хъамбердиаты Мысост) Уый раджы уыд. Сывæллон ма уыдтæн. Мæ мад хосдзæут- тæн фыццаг хосмæ цæуæн бон хаста аходæн æмæ мæн дæр акод- та йемæ. Ыссыдыстæм. Фыццаг хатт уыдтæн æз уыгæрдæны ’мæ джихтæ кодтон. Ысбадын мæ кодтой къуылдымыл, аходæн хæ- рынмæ кæм хъавыдысты, уыцы ран. Мæ разы фæци иу диди- нæг. Ахæм дидинæг никуыма федтон æз уыйагъоммæ: хъæумæ хæстæг ахæм дидинджытæ нæ зайы; кæд дзы зайы, уæддæр сæ, æвæццæгæн, алы змæлæг ыссæнды, æмæ се ’цæг хуыз равдисын сæ бон нæ бавæййы. Диссаг, ыстыр диссаг мæм фæкаст уыцы дидинæг. Сывæллон ахæмтæм æнæ февналгæ нæ вæййы, фæлæ æз хæстæг бацæуын дæр иæ бауæндыдтæн дидинæгмæ. Бадтæн æнцад-æнцой æмæ æдзынæгæй кастæн дидинæгмæ. Мæ цæстытæ йæ аныхъуырдтой, фæлæ уæддæр йæ зæнгыл тæмæнтæ калдта дидинæг; сæууон æртæхтæ ма йæ сыфты хъусты рафæлив-бафæ- лив кодтой сæхи. Уддзæф-иу куы аныдзæвд дидинæгыл, уæд-иу сабыргай, æмбаргæ лæгау, иуырдæм акъул кодта йæ диссаджы сæр, æртæхтæ дæр-иу куыддæр фæдæргъæццон ысты, сæ хуыз- иу фæивтой. Ыстæй та-иу дидинæг фæстæмæ систа йæ сæр, ба- тыбар-тыбур-иу кодтой сæууон æртæхтæ æмæ та-иу дидинæджы хъусы сæхи амбæхстой. Уддзæф-иу мæ былтыл асæрфта йæхи, æхсызгон, хæрз æхсызгон аромат-иу сæмбæлд ме ’нæхсад фын- дзыхуынчъытыл. Арф-арфид-иу афардæг ис мæ фындзы диди- нæджы аромат. Ахæм адджинагæй никуыма фæхъæстæ сты ме ’мбудæн оргæнтæ. Уый уыд æцæг, æнæ исты хæццæ, сыгъдæг аромат. Абоны онг дæр мæ нæ рох кæны. Хур хæрдгæ хæлттæ уагъта йæ бæрзондæй, дидинæгмæ нывæста йæ хъазгæ-райгæ тынтæ. Дидинæг сæ ахста æмæ дзы йæхицæн хуыдта алыхуызон æрттивгæ хæдон. Йæ сæр-иу ысраст кодта, фæстæмæ-иу фес- хъæл ис, дыууæрдæм-иу аратас-батас кодта йæ тасгæ-уасгæ гуыр, æмæ-иу йæ цъæх цæстыты ферттывта уыгæрдæны аивдзинад, арвы худт, уæлдæфы хъазт, сæрдыгон боны тæмæн, рог ирд- гæйы мæргъты цъыбар-цъыбур, хосдзауты зарæг, цæвæджы зæл- ланг. Дидинæг хъазыд йæхицæн, дидинæг царды ад зыдта, амонд ын хаста хур... Дывдывгæнгæ ’рбатахти иу мыдыбындз, æрзилæнтæ кодта дидинæджы алыварс; куы иу халыл абады, куы иннæйыл, йæхи- иу ахафта иннæ дидинджытыл дæр: бирæ алыхуызон тихалджытæ ’мæ дидинджытæ ма уыди йæ алыварс, фæлæ се ’ппæтæн дæр сæ хуыз иста уыцы дидииæг. Æппынфæстагмæ абадти мыды- бындз мæ дидинæгыл, аныгъуылди йæ хъусы, афæстиат дзы ис дзæвгар, ыстæй йæхи систа æмæ уыцы иу растæй атахти рæуæг уæлдæфы. Дидинæг йæ сæр банкъуыста. Нæ бамбæрстон, хъыг ын уыд æви разы уыд, уазæг æм кæй уыд, ууыл, фæлæ æз мæ цæст нæ хицæн кæнын дидинæгæй. Кæсын, æмæ дидинæджы СЛ1?2
зæнгыл, уидагмæ ’ввахс, йæхи æртыхта иу сау хъуынджын гыц- цыл калм... — Гъæ, лæппу, дон-ма рахæсс! — фæхъæр мæм кодта хос- дзаутæй иу. Бæргæ мæ нæ фæндыд дидинæгимæ хицæн кæнын, фæлæ араст дæн уæнтæхъил æмæ сæргуыбырæй дон хæссынмæ... Дидинæджы нал федтон, афтæмæй рацыдыстæм хъæумæ... Æртæ боны фæстæ та ссыдыстæм ыссивынмæ (æз та цæй ыссивынæн бæззыдтæн, фæлæ уæддæр ацыдтæн ыссивджытимæ). Ыссардтон та мæ ибоны бынат, фæлæ... мæ дидинæг йæ сæрæй нал хъазыд: къоппæй ахауд йæ тæккæ бындзарыл, афæлдæхт æмæ баруад. Аходæн афон та ссивджытæ æрæмбырд ысты... Чидæр дзы ссардта мыд... Гъеуæд базыдтон æз фыццаджыдæр мыды ад... Никуы мæ ферох уыдзæн!.. Арф, тынг арф ныххызтысты мæ зæрдæйы уыцы дидинæ- джы уынд æмæ мыды ад. Æмæ ныр мæ зæрдыл куы ’рлæууынц, уæд та сæ цуры февзæры æндæр дидинæджы ныв, уый вæййы... Мысосты ныв. Айрох вæййы фыццаг дидинæг. Мæ разы ’рба- лæууы Мысост æмæ мæм йæ цъæх цæстытæй бахуды. Ыстæй та дидинæг дæр февзæры йæ фарсмæ. Диссаджы ’мхуызон ысты уыцы дидинæг æмæ Мысост — уын- дæй дæр, адæй дæр æмæ цардæй дæр!.. Мысосты базыдтон 1927 азы, сæрды. Кæд карæнæй æмка- рæнтæ нæ уыдыстæм, уæддæр нæ зæрдæтæ кæрæдзи бамбæр- стой. Кæрæдзи кæй æмбарæм, уый кой нæм ныхасы мидæг ни- куы ’рцыди, æнæдзургæйæ ’мбæрстам кæрæдзи... Цы хæстæ æвæрдтой сæ разы Мысосты рæзгæ зонд æмæ æхсидгæ зæрдæ? Байхъусæм ын йæхимæ: Цомут мемсе царды рохмæ Æмæ царды ад ыссарæм! Цомут, бахизæм уæлхохмæ Æмæ уадындзæй ныззарæм! Цомут, уадындзы хъæлæстæй Кусæг адæммæ æрсидæм!.. («Сидт») Тынг хорз æмбæрста Мысост, цы хæс дары æхсæнадæй, уый. Мысост, йæ хъару цы уыдис, уымæй тындзыдта йæ хæс бафи- дынмæ. Фæнды мæ мæн мæ бонты таджы Ыссарын тых, ыссарын бар. Мæ царды уалдзыгон фæноаджы Мæхимæ базонын æхсар. 183^
Фæнды мæ рагуалдзæг ызгъалын Зæххы цæсгомыл хор æрмæй, Æхсæв æнцад доны куыд калы Æвзист уæларвы зæрдæ — мæй... («Фæндон») Революцион дуг арф бынат ахсы Мысосты зæрдæйы. Рево- люци — Мысостæн йæ цин, революци — Мысостæн йæ цард, йæ бон, революци — Мысостæн йæ хуры хай. Хъæлдзæг базмæлыд нæ бæстæ, Цард дзы ’нхъæвзы æмæ ’хсиды («Сидт») Йæ цæстæнгас у арæзт размæ. Мысост зыдта, кæй аивгъуыд- та зноны сау бон, кæй йын нал ис æрыздæхæн фæстæмæ. Фыццагмæ нал ис ныр ыздæхæи, Куыд нæй кæнæн «нырæй» «ызнон». («Ард») «Фыццаджы зондыл» йæ къух систа Мысост æмæ къахæй- къухмæ аныгъуылд «ног заманы». Гъай-та, гъа та ма! Къухæй ауыгътон. Уæд мæ сау хъама Къулыл сауыгътон. Ма кæ, ма мæ ’фхæр, Уастæн, заууат уай. Ма кæ, ма мæ хæр Абон, сау катай! Ма урхæсс кадæн мæн, Уæ, фыццаджы зонд. Ногдæр адæмæн Ног сæ уаджы конд. Номдзыд рагбон мæм Кадау нал кæсы. Ивгъуыд афонтæ Зæрдæ нал мысы. Рацу, ног заман! Къух дæм бауыгътон... Æз мæ сау хъама Къулыл сауыгътон! («Хъама») СЛА.84
Искæд бон мæ фысгп куы сива, — Æз фæзардзынæн уæддæр: Абон уарзын ног фæсивæд, Уарзын абон ног фæлтæр! («Уарзын») Мысост тынг уарзта цард. Мысосты тынг фæндыд цæрын, царды йæ цæст ахста æппынæдзух циндзинад, худгæ хур æм уарзонæй æрттывта, æмæ уыцы райгæ царды мидæг йæ бонтæ, йæхи æнæхъæнæй лæвæрдта, цæмæй цард ноджыдæр хуыздæр- гæнгæ цæуа, уый тыххæй. Хур нæ гпынты зæхмæ луары, Зæххыл хуры цин — зынг уард. Царды зиууæттæн хæларæй — Баст мæ цард æмæ мæ зард! («Уарзын») Цард, дунейыл цард Мысост йæхи царды бонтæй нæ барста. Бирæ адæм ис нæ фæстæ — Бонты кьахдзæфтæй цы барæм? («Поэтæн») Ирыстоны советон æхсæнадæн Мысост йæ хæс бафыста йæ рæзгæ зæрдæйы æхсидгæ тугæй, йæ рæзгæ цырын зондæй. Цард цæмæй уæлдæр къæпхæнмæ схиза, ууыл Мысост бакодта йæ тохы хай. Уыцы куыстытæ Мысост бакодта аивадон ысфæлдыстады фæрæзтæй. Мысост, цы уыди, уымæй уæфт уыдис аивады хæрдгæ хæлт- тæй. Аив — йæ ацыд, аив — йе ’рбацыд, аив — йе сныхас, аив — йе схудт, аив, бынтон аив та — йæ зард. Мæ зæрдæ мæм афтæ дзуры, æмæ Ирыстоны хæхтæ советон дуджы Мысосты зарæгæй аивдæр зарæг нæма фехъуыстой сæ рагон сæгæйдзаг хъустæй, Мысосты зарæгæй адджындæр зарæг нæма бахызти сæ зæронд митæвдæрзт риутæм. Мысосты фæндыры хъæлæс «воспламенял бойца для битвы» (Лермонтов. «Поэт»). Цы хуызæн хъуамæ уа поэт? Куыд хъуамæ уой йæ конд, йæ уаг? Поэт, æппæты фыццагдæр, хъуамæ уа къæрцхъус. Канд хъустæ ’мæ цæстытæй нæ, фæлæ ма хъуамæ зæрдæйы тугда- дзинтæй дæр хъуса ’мæ уына поэт. Адæмыл кæд дыгай цæстытæ ’мæ дыгай хъустæ ис, уæд поэт хъуамæ æппæтæй дæр уа цæс- тытæ ’мæ хъустæ. Кæд адæймаг судзины бын уыны, уæд поэт хъуамæ мæлдзыджы зæрдæйы тугдадзинтæ уына. Адæймаг кæд адæймаджы ныхас хъусы ’мæ ’мбары, уæд поэт хъуамæ хъуса ’мæ ’мбара, адæймагæн йæ ныхбынты тугдадзин куыд цæвы ’мæ 185^
цытæ дзуры, уый. Поэт хъуамæ хъуса, уына ’мæ ’мбара адæмы цин, сæ сусæг улæфт, дымгæйы хъаст, йæ тырнындзинад, сыф- тæрты сыф-сыф, суадоны сыр-сыр, дидинæджы базмæлд, æртæ- хы ферттывд, хуры цин, мæйы мидбылты худт, фароны низтæ, абоны домын, райсомы нывæст. Къоста Нарты Уырызмæгæй цæйау загъта: — Авд хохы фæстæ мæгатæ Хос куы фæкæрдынц, Авд дæлзæххы бын дзынгатæ Снæр куы фæцæгъдынц, — Адсемсен сæ уæд фæдзуры Уыцы лæг ныр дæр... (« Лæскъдзæрæн» ) Ахæм хъуамæ уа поэт. Мысост уыцы миниуæгæй уыд ыстыр хайджын: Мечтою по воле проникнуть он мог И в нищую хату, и.в царский чертог. Была ему звездная книга ясна, И с ним говорила морская волна. (Баратынский. «На смерть Гёте») Мысосты æмдзæвгæтæм æркæс дзæбæх, зæрдиагæй, уæд зæгъдзынæ, Баратынскийы ныхæстæ фыст уыдысты Мысосты тыххæй, зæгъгæ. Мысост хатыдта хуры цин, Мысост хъуыста хуры худт, хъуыста ’мæ ’мбæрста, хъазты мидæг кафæг чызджы дзабыртæ цы хъуыды кодтой, уый; æмбæрста, цæуыл зыр-зыр кæны ’мæ цытæ дзуры фæндыр («Хъазты»), Мысост бамбæрста, циу, цавæр у ног царды тæф, уый, æмæ йæм йæ риуы дуæрттæ байтыгъта («Чызгимæ ныхас»); Мысост уыдта, стъалытæ куыд худтысты, уый («Æхсæвæттæ»); Мысост æмбæрста мæй æмæ доны сусæг ныхас, æмбæрста мæргъты ’взаг («Уарзын», «Ард»); æмбæр- ста сырдты ’взаг, бæлæсты ’взаг («Хъæды»). Поэтæн йæ дыккаг хæс у, æмæ, цы фехъуыста йæ къæрцц хъустæй, цы федта йæ цæхæр цæстытæй, уый хъуамæ арф нытъ- тъыссæн кæна йæ риуы, рафыца йæ йæ зæрдæйы туджы, анхъ- æвзын æй кæна йæ тугдадзинты, сæрвита йæ йæ сæрмæ æмæ йæ уырдыгæй æрхона фæстæмæ хорз уацимæ. Мысост кæддæриддæр кодта афтæ. Мысост былтæй нæ худ- ти, Мысост æвзаджы алгъæй нæ зарыд, Мысост алцыдæр иста зæрдæмæ ’мæ алцыдæр æрвыста зæрдæйæ. Йе ’ртыккаг æмæ йæ фæстаг хæс поэтæн у, æмæ кълассон хъустæй цы фехъуыста, кълассон цæстæй цы федта, кълассон зæрдæ æмæ кълассон зонды призмæйы цы ауагъта, сасирæй цы ’рлуæрста, уый хъуамæ кълассон аив æвзагæй зæгъын бафæра- за, базона; хъуамæ йыл кълассон аив фæлыст ыскæна. Мысост, куыд поэт, уыцы хæс бафыста æд пайда. Касти революционеры Ы86
цæстæй, хъуыста революционеры хъустæй, йæ риуы цавта рево- люционеры зæрдæ, йæ сæры магъз куыста революцион уагыл, йе сфæлдыстадæн радта аккаг формæ. Мысосты поэзи цæппузырау æнхъизы; Мысосты поэзи нал- хъуытау æрттивы, Мысосты поэзи хурау куы худы; хурау ных- худы, зæрдæмæ ныххизы ’мæ дзы скæны йæхицæн фæндыр. Фæндыры хъæлæс та дардыл куы хъуысы. Уый зары, цæхæр- цæст цардмæ куыд бæллыд; фæллойгæнæг адæмы царды цин куыд хуыдта; ног царды фæлтæрæн йæ «рæзгæ цард» куыд рад- та æмæ йæм кæй нæ каст æппындæр уый зын. Дæумæ бæллын, Сызгъæрин хур. Дæумæ цæуын Мсе амондгур. Дæуæн кæнын Мæ ризгæ зард, Дæуæн бæттын Мæ рæзгæ цард. Зæххыл æртав Дæ хъæстæтæ, Дæ цин æрдав Нæ бæстæтæм. Дæуæн кæнын Мæ ризгæ зард, Дæуæнбæттын Мæ рæзгæ цард! («Хурмæ курдиат») Æвгъау уыдис, æгæр æвгъау саумæр сыджытæн Мысосты рæзгæ курдиат. ÆНУСМÆ МЫСИНАГ Абон мæм Цæгат Ирыстоны фысджыты Цæдисы чидæртæ 6а- хатыдтой: «Хъамбердиаты Мысосты тыххæй-ма мысинæгтæ ныф- фысс!» Исдуг сын дзуапп нæ радтон. Фæуыргъуы дæн мæхими- дæг, асагъæс кодтон: мæ цæстыты раз та ’рбалæудзæн йæ худæн- дзаст цæсгом, мæ зæрдæ та мын сагайдзæн йæ фæлмæн цæстæн- гас; мæ зæрдыл та ’рбалæудзысты, йæ хъуыры цы рæсугъд фæндтæ фæбадтысты, уыдон... Цæй, фæлтау, нæ хъæуы. Фæлæ уайтагъд дыккаг хъуыды февзæрди мæ сæры: «Ау, æмæ цæмæ гæсгæ ма зæгъон æз кæстæр фæсивæдæн, цы зонын уыцы рæзгæ хæрзаив талайы тыххæй, уый!.. Ау, æмæ цæмæ гæсгæ ма равдисон æз æвзыгъд уарийы лæппыны сурæты штрихтæй иу-дыууæ?!» Фæс- таг хъуыды фæуæлахиз ис. Бирæ мын нæ бантысдзæн ныртæккæ (уырны мæ, рæстæг мын фæуыдзæн, æмæ уæд бæстондæр), фæлæ уал уæддæр æххæст кæнын æмбæлтты фæндон. 187^
Мысостимæ мах кæрæдзи базыдтам 1927 азы уалдзæджы. Æз цардтæн ам, горæты. Иубон мæм дуар æрбахостæуыд. Рака- стæн. — Мах агурæм Ннгеры. — Мидæмæ! Ам цæры, кæй агурут, уый. — Дæхæдæг дæ, бæлвырд? — Цæй, мидæмæ, стæй бæлвырддæр. Бацыдыстæм уатмæ. Раст зæгъын хъæуы: æз мæ псевдоним никуы хъæр кодтон, ыстæй йæ хъæргæнинаг дæр нæ уыдтæн, фæлæ мæм куы ’рбауырдыг ысты мæ уазджытæ, уæд мын гæ- нæн нал уыдис. — Мах дæ зонæм, — райдыдта иу, — кæсæм дын де ’мдзæв- гæтæ æмæ... Мах дæр уыцы куыстмæ схойынц нæ зæрдæтæ... Æз дæн Мысост. Фыссын... Ис мæм иудзæвгар æмдзæвгæтæ... Абадтыстæм, аныхас кодтам, æз къаддæр, уый фылдæр. Æрцыдис мæм фæрсынмæ, афтæмæй мын йæхи уайтагъд уынаф- фæтæгæнæг акодта. Æз адæймагмæ ме ’ргом тагъд аздахаг нæ дæн, фæлæ Мысостимæ сахатмæ æмгартæ фестадыстæм, кæд æз бирæ карджындæр уыдтæн, уæддæр. Рацыдыстæм уынгмæ; цæуæм æмæ бафтыдыстæм, хъæдын хиды был цы парк ис, уырдæм. — Æмдзæвгæты ’мбырдгонд рауадзæм иумæ, — дзуры Мы- сост. Æз æм ницы дзурын. — Ды тæрсаг дæ. Чидæртæ, поэты миниуæг æввахс дæр кæмæ нæ лæууы, ахæмтæ мыхуыр сæхи бакодтой, ды та иуварс лæу- уыс æмæ кæсыс. — Кæд хорздзинадæй исты саразон, уæд нæ фесæфдзæн... Искуы сæ исчи мыхуыр кæндзæн, — сабыргай ысдзырдтон. Мысост фестад, йæ цæстытæ цæхæртæ акалдтой: — Уый раст нæу, уый раст нæу! Радде сæ хъæуы уырдыгæй. Цы бар дарынц уыдон поэзимæ?! — Хорз, фендзыстæм, — зæгъгæ та сдзырдтон. — Нæ, нæ! Райсом та аныхас кæндзыстæм... Фæхицæнтæ стæм. Дыккаг бон та фембæлдыстæм. Ацыдыстæм «Сапицкийы будкæ»-мæ. Уалдзæг уыд йæ тæккæ тæмæныл. Æрдз æмæ Мы- состы ’хсæн уыд æххæст гармони. Фыццаг бон цы темæйыл ны- хас кодтам, ууыл дарддæр æрдзырдтам æмæ иу фæндыл ныллæу- уыдыстæм. Фыццаг фембæлды мæ йæ уацайраг акодта Мысост, фæлæ уырдыгæй йæ амæлæты бонмæ мæ ныхасыл дыууæ нику- ал загъта... Нал хицæн кодтам кæрæдзийæ. Иухатт та мын йе ’мдзæвгæ кæсы (уыдыстæм парчы). Æмдзæвгæ уыд фыст кæйдæр æмдзæвгæйы ныхмæ æмæ кæйдæр фæзмгæйæ. Æз ницы сдзырдтон. — Нæ йыл фæтых дæн, зæгъгæ, зæгъыс. Æмбарын дæ. Разы. — Нæ, уæддæр æй ныммыхуыр кæнын хъæуы. сл188
— Худинаг нæ уыдзæн? -Нæ... Бонтæ цыдысты. Мысост ацыд Мæскуымæ. Æз дæр ахуыр кæнын байдыдтон. 1930 аз. Мысостыл низ (рæуджыты туберкулёз) тых кæнын байдыдта. Уалдзæджы уыдис. Сталиниры Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны фысджытæн съезд уыд. Мах дæр уым. Цæмæн афтæ рауад, ууыл нæ фæдзурдзынæн, фæлæ съезды куыстмæ нæ хъус тынг нæ дардтам. Фæткæн-иу бауадыстæм райсомæй, ыстæй-иу рацыдыстæм горæтмæ æмæ... Низæй куыд тыхст, уымæ гæсгæ тынг æмхиц кæнын байдыдта Мысост нозтмæ. Æз æй нæ уагъ- тон, о, уæддæр ын бæрцæй фылдæр нæ лæвæрдтон. Æмæ-иу хаттæй-хатт йæхи фæтылиф кодта... Фæлæ та-иу мæ уайтагъд ыссардта... хъæлдзæгæй. Иуизæр бадтыстæм, съезд цы залы уыд, уым фæсте, æз æмæ Мысост дыууæ кæроны, не ’хсæн Дзерассæ. Тынг хъæлдзæг уыды- стæм. Уалынмæ Мысост ысхуыфыд, йæ кæлмæрзæн фелвæста йæ дзыппæй æмæ дзы йæ дзых ахгæдта. Кæлмæрзæн тугæй ай- дзаг ис. Фæтарстыстæм. Рауадыстæм æддæмæ. Ыскодтам æй, цы уаты цардыстæм, уырдæм. Æрхуыссыд æмæ та худын рай- дыдта: «Уый ницы у. Хъуыды дæр æй ма кæнут!» Чидæр мæм ысуад, президиумы дæм дзурынц, зæгъгæ. Ацыд- тæн. Иу минуты бæрц афæстиат уыдаин, афтæ мæм Дзерассæ æрызгъордта: — Мысост цыдæр кæны! Разгъордтам. Уаты йæ нал сæййæфтам — рынчындонмæ йæ аластой. Ацыдыстæм рынчындонмæ. Нæма ныххæццæ стæм, афтæ ныл нæхионтæй чидæртæ фембæлд, дохтыр дæр семæ, афтæ- мæй. — Фæсабыр ис, мауал цæут. Раздæхтыстæм. Райсомæй уайтагъд æрбамидæг ис фæстæмæ худгæйæ... Бауынаффæ кодтам, цæмæй йæ санаторимæ арви- тæм. Съезд фæци. Рацыдыстæм. Мысост дæр немæ. Хъуамæ Ка- лакæй ацыдаид. Изæрæй æрбахæццæ стæм Калакмæ. Сагъæсы бацыдыстæм, æхсæвиуат кæм кæндзыстæм, зæгъгæ. Куыддæр вагонæй рацæй- хызтыстæм, афтæ нæ иу лæппу-лæг фæурæдта: — Ды æмбал Нигер нæ дæ? — Дæн. — Иууылдæр ам ыстут? — Ома, чи иууыл? — Цæгат Ирыстоны фысджытæ? — Ам. — Уæдæ рацæут: æз уал уын æхсæвиуатгæнæн бацамонон. Уыйфæстæ ацæудзыстæм ресторан «Орианмæ». Уым уæм æнхъæлмæ кæсынц Гуырдзыстоны фысджытæ. 18ЕО
Уыцы ныхæстæгæнгæйæ иууылдæр æрбамбырд ыстæм. Лæп- пу-лæг уыд гуырдзиаг фыссæг. Федта нæ Сталиниры æмæ нæ иуæй-иуты йæ зæрдыл бадардта. Мах дæр æй зыдтам, фæлæ, иуæй, æхсæв уыд, иннæмæй, æнхъæл нæ уыдыстæм æмæ йæ фыццаг фендæй нал базыдтам. Уый та нæ базыдта уымæн, æмæ сæрмагонд вагзалмæ мах размæ æрвыст уыдис. Хъуыддаг афтæ рауад, æмæ не ’ппæт æхсæвиуатгæнæнмæ нал ацыдыстæм: нæ хонæг, æз æмæ ма ноджы не ’мбæлттæй иу (бæлвырд æй нал хъуыды кæнын) аластам файтоны дзаумæттæ, иннæтæ уыцы иу растæй ацыдысты ресторанмæ. Мах дæр дзаумæттæ бафснайдтам æмæ ’рцыдыстæм, иннæтæ кæм уыдысты, уырдæм. Æрбамбырд ысты Гуырдзыстоны фыс- джытæ. Фарстытæ, ныхæстæ... Уалынмæ радзырдтой, фынгмæ, зæгъгæ. Мысост йæхи мæнмæ ’рбаласта ’мæ дзуры: — Æз дæ цуры бадын. Нуазын та мын нæ уадздзысты, фæлæ- иу мын суар ныуазæн агуывзæйы коньяк æркæн. — Цом, æрбадæм уал, ыстæй бæрæг уыдзæн, — зæгъгæ йæм ысдзырдтон рæвдауæгау. Æрбадтыстæм. Фыццаг банкетæн йæ официалон хай, уый- фæстæ... Гуырдзы — цардуарзаг адæм. Нуæзт — донау, хæрд — уымæй фылдæр. Мысост мын мæ уæраг æрбасхой-æрбасхой кæны: — Æркæн-ма, афтæ куы загътай. Нæ йæм хъусын: тæрсын, исты та йыл æрцæудзæн, зæгъгæ. — Æркæн, дæ хорзæхæй, — дзуры мын мæ хъусы, — иу бон фылдæр, иу бон къаддæр, уый ницы у. Раст зæгъын хъæуы, æз дæр ахъуыды кодтон раст афтæ. Чи зоны ’мæ раст нæ уыдтæн, фæлæ мæ зæрдæ нал баурæдта, кæд мын фæстаг хатт лæгъстæ кæны, зæгъгæ. Æркодтон ын аивæй агуывзæйы чысыл коньяк. — Æркæн-ма дзы, æркæн-ма дзы, — схойы мæ къахæй. Нал бацыдтæн йæ зæрдæхъыджы. Ысхъæлдзæг ыстæм. Мы- сост дæр. Бон ныл æрбацъæх ис. Не ’хсæвиуатгæнæнмæ ма цæугæ бакодтам, фæлæ хуысгæ нал ныккодтам: мах рараст ыстæм ар- дæм, Мысост уым баззади, цæмæй уырдыгæй ацыдаид санато- римæ. Фæззæджы та фембæлдыстæм Дзæуджыхъæуы. Санаторийы фæстæ фæдзæбæхдæр ис Мысост, фæлæ бирæ нæ ахаста. Бо- нæй-бонвыддæр кæнын райдыдта. Æз цардтæн Хæххон Педаго- гон институты студентты æмдзæрæны. Иубон мæм уым æрбами- дæг ис Дзанайты Серге (Дзанайты Сергеимæ тынг лымæн уыдис Мысост). — Цы хур, цы къæвда дæ ’рбахастой, Серге? (Цæуаг мæм нæ ( уыд). — Цы хур, цы къæвда куы зæгъай, уæд мæ Мысост æрæрвы- ста дæумæ. — Цæй тыххæй? Ы90
— Елхоты цавæрдæр чызджы федта æмæ, дам, мын æй ракурут. — Ау, æмæ абон-райсом куы кæны? — Нæ зонын, мæнæн афтæ загъта: ацæуæд æмæ бафидауæд, нæ ныхас конд у, зæгъгæ. Ницыуал дзуапп радтон Сергейы ныхæстæн — бамбæрстон, уыцы фæндтæ ма Мысост адæргæй кæй кæны, уый, æмæ сагъæ- сы ацыдтæн. Сергей ма иучысыл алæууыд, ыстæй ацыдис. Æвæццæгæн, афтæ банхъæлдта, æмæ йæм мæ хъус нæ дарын... Уыйфæстæ мæм иуизæр, бæлвырд нал хъуыды кæнын, цал боны фæстæ, уый, фæхабар кодтой, Мысост йæ сæрæн нал у, зæгъгæ. Ыссыд- тæн æм. Бакастæн, цы уаты хуыссыд, уырдæм. Сынтæгæй нал зынди; батади, баруадис, цæсгом хилæй нал зынди. Куы мæ федта, уæд ма базмæлыныл афæлгъуыдта, фæлæ... нал. Бæрæг уыд, йæ кæрон кæй æрхæццæ ис, уый. Мæ зæрдæ ысуынгæг ис, æмæ рацыдтæн. Райсомæй мын раджы фехъусын кодтой йæ амæ- лæты хабар... БРЫТЪИАТЫ ЕЛБЫЗДЫХЪОЙЫ ДРАМÆТЫ ÆВЗАДЖЫ ТЫХХÆЙ Драмон уацмыс у дыууæуавæрон: иуырдыгæй, уый у аив литературæйы жанртæй иу, иннæрдыгæй та драмæ нысангонд вæййы сценæйы интерпретаци кæнынæн, сценæйы равдисынæн. Дыууæ уавæры дæр хъуамæ уой æмдых, кæннод уацмыс йæ хæс æххæст кæнын хорз нæ фæразы. Куыд фыццаг æууæл, афтæ дыккаг æууæлмæ гæсгæ дæр драмон уацмыс у аивады хуызтæй иу. Аивады хуызтæй та алкæцыйæн дæр ис хицæн æрмæг, сæр- магонд æрмæг. Зæгъæм: музыкæ арæзт у мыртæй, ныв — ахо- рæнтæй, архитектурæйы архайынц дуртæй, хъæдæй, чъырæй æмæ æндæр æрмæгæй. Драмон уацмысæн та (куыд аив литературæйы жанрæн) йе ’рмæг у дзырд. Кæй зæгъын хъæуы, æрмæджы хъæд цас хуыздæр уа, уы- йас, цы дзы фæаразынц, уый дæр хуыздæр вæййы. Зæгъæм ма: ныв æвзæр æнæхуыз ахорæнтæй конд куы уа, уæд тынг хуыз- джын нæ уыдзæн. Ахорæн гæххæттыл фæйнæрдæм куы лæса, куы дзы хъара, уæд нывы мидæг рельефон æгъдауыл æвдыст ницы рауайдзæн. Кæнæ райсæм архитектурæ. Дуртæ, хъæд æмæ иннæ ахæм æрмæг куынæ бæззой, уæд агъуыст уыдзæн æнæзæр- дæмæдзæугæ, тæссонд æ. а. д. Афтæ у, дзырдæй цы аивады ху- ызтæ арæзт цæуынц, уыдон хъуыддаг дæр. Дзырд у сæ бындур, сæ аразджыты бæгуыдæртæй иу. Уыцы хъуыддаг хорз æмбæр- стой дзырды дæснытæ се ’ппæт дæр. Зæгъæм, Гоголь афтæ загъ- та: «Со словом надо обращаться честно, ибо оно есть наивысший подарок бога человеку». Мах зонæм, дзырд «хуыцауы» лæвар кæй нæ у, фæллойады процессты фæрцы кæй равзæрди, уый, 191о
фæлæ нæ уæддæр нæ зæрдыл дарын хъæуы, æвзаг (дзырд) адæй- магæн ыстыр курдиат кæй у, уый. Пушкин дзæгъæлы нæ загъта: «Глаголом жги сердца людей». Æвзаджы тыххæй тынг бирæ дзурæн ис, стæй хъæугæ дæр кæны дзурын. Мæнæн ныртæккæ бирæ дзурыны фадат нæй уый тыххæй. Æрмæст уый курæг дæн, цæмæй нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм, а-фæстаг азты номдзыд фыссæг Горький цы тох самадта аив литературæйы æвзаджы тыххæй, уый. Горькийы ныхæстæ, денджызы уылæнтау, анхъæвзтой Советон Цæдисы алы къуым- ты. Советон литературæйы æвзаджы сыгъдæгдзинады сæрыл, йæ хæрзхъæды тыххæй цæуы стыр куыст. Æппæт Цæдисы Советон Фысджыты 1-аг еъезды дæр æвзаджы кой уыдис тынгæй. Загъ- той, æвзаджы хъуыддаг ахъаззаг хъуыддаг кæй у, уый. Æмæ куыннæ?!. Æвзаг у хъуыды æвдисæн, зæрдæйы уаг æргом кæнæн фæ- рæз. Фыссæгæн йе ’взагмæ гæсгæ ис тæрхон кæнæн йæ хъуыды- ты тыххæй: æвзаг хæццæ куы уа, уæд зонын хъæуы, фыссæгæн йæ хъуыдытæ дæр хæццæ кæй ысты, уый. Советон фысджытæн сæ тæккæ культурондæр æмæ зынгæдæртæй иу — Толстой А. съезды афтæ загъта: «Язык — это орудие мышления... Обращаться с языком кое-как — значит и мыслить кое-как, неточно, прибли- зительно, неверно». Æвзаджы сыгъдæгдзинад, рæсугъддзинад æмæ хъæздыгдзи- над тынгдæр хъæуынц драматургийы, уымæн æмæ драмæ вæййы фыст (уæлдæр куыд загътон, афтæ) сценæйы æвдисынæн. Сценæ та у, æвзаджы культурæ кæм æвзæры æмæ рæзы, ахæм бынат, æвзаг, æхсæнады царды бæззон чи уа, ахæм æндон æмæ тасгæ- уасгæ фидауцджын æвзаг кæм цагъд цæуы, уыцы куырдадз. Нæ курдиатджын драматург Брытъиаты Елбыздыхъо уыцы хабар тынг хорз æмбæрста æмæ, йæ бон цас уыдис, йæ фадат цас амыдта, йæ рæстæгмæ гæсгæ йын ирон культурæ цас амалтæ лæвæрдта, уымæ гæсгæ басгæрста ирон æвзаджы æвæрæнтæ, йæхи сæ бакодта, бакуыста сыл æмæ сæ ныууагъта махæн ыстыр хæз- найæн йæ драмæты. Æвзаджы кой куы фæкæнæм, уæд нæ нæ зæрдыл дарын хъæуы иу ыстыр хъуыддаг: æвзаг у идеологон фæзынд. Хабар афтæ у, æмæ иу ыстыр фыссæг дæр ахæм нæ уыди æмæ нæй, йæ уацмысты искæцыхуызон философон æмæ политикон идейæтæ чи нæ ’вдыста æмæ не ’вдисы, искæцыхуызон философон æмæ политикон цæстæнгасырдæм йæ зæрдæ здæхт кæмæн нæ уыди æмæ нæу... «Наблюдать, изучать и изображать смысл жизни без наличия мировоззрения никак нельзя. Да и не было в истории искусства случая, чтобы художник, изображая образную сущ- ность действительности, не руководился бы какими-либо поли- тическими и философскими симпатиями», — афтæ дзырдта Кир- потин Æппæт Цæдисы советон фысджыты съезды. Стæй канд С*!?2
Кирпотины загъдæй дæр нæу хъуыддаг, уый бæрæг у æгас марк- систон литературæйы теорийы æмткæй. Уыцы хъуыддаг тынг егъауæй æвдыст цæуы фыссæгæн йе ’взаджыхатты дæр. Горький советон литературæйы æвзаджы сыгъдæгдзинады тыххæй куы фыста, уæд уыцы фарст (ома ’взаджы фарст) баста кълассон тохы фарстимæ. «Но уже вполне бесспорпо, что засорение языка бессмыслицами является отражением классовой вражды, посколь- ку она принимает формы презрения, пренебрежения, насмешли- вости, иронии. Феодальное дворянство Англии, Франции вышу- чивало и осмеивало речь буржуазии, когда буржуазия начала говорить языком своих «светских» философов, своих литерато- ров и стала более грамотной, более «свободомыслящей», чем дво- ряне, воспитанные попами. В свою очередь буржуазия издева- лась над языком ремесленников, крестьян и обессмыслила его так, как наши крестьяне осмеивали, искажали, обессмысливали слова помещиков, дачников и вообще горожан», — афтæ фыста Горький. Брытъиаты Елбыздыхъойы драмæты æвзаджы тыххæй дзур- гæйæ, æнæ йæ политикон цæстæнгасы кой ыскæнæн нæй ницы амалæй. Брытъиаты Елбыздыхъо йæ литературон фæндагмæ рахызти ахæм историон фæлтæры. Уый уыдис 20-æм сæдæазы тæккæ райдайæны. Уыцы фæлтæр ирон адæмы царды уымæй бæрæг у, æмæ патриархалон цардарæзтæн йæ бындур ныззылди. Капита- лизмы дзæмбытæ Ирыстоны хæхты цъассытæм баирвæзтысты æмæ сæ барджынæй ызмæнтын байдыдтой. Ныссастой фыдæлты къонайы дур, æртыдтой фыдæлты рæхыс, кæд æй хурмæ нæма раппæрстой, уæддæр. Уыимæ ноджы кæмттæм банхъæвзтой ре- волюцийы идейæтæ. Фæллойгæнæг адæм политикон æгъдауæй сæхи æмбарын байдыдтой. Паддзахы æфсондзы бынæй фервæ- зыны идейæ ирон адæмæй иуæй-иу фæлтæртæ бамбæрстой наци- он сæрибардзинады идейæйы хуызы. Æмæ уый уыцы рæстæгмæ гæсгæ уыдис ыстыр революцион фæзынд, уый тыххæй æмæ мæнг кодта хæдхæцæг паддзахы бындуртæ. Брытъиаты Елбыздыхъо фæзынди гъеуыцы рæстæджы, йе сфæлдыстад райдайæны баст у уыцы идейæтимæ. Национ ызмæлды ахъаззагдæр хæйттæй иу у национ æвзаг ыстыхджын^кæныны куыст, æмæ йæм Брытъиаты Е. бавнæлдта хъæддыхæй. Йæ фыццаг пьесæ «Уæрæседзау» — уым тынг-тынгæй ралæууыдис Брытъиаты Елбыздыхъо, Уæрæсейы цы «Муссæтæ» фæци иу-дыууæ боны лакейтæй æмæ ирон æвзаг арвистон кæнын чи байдыдта, уыдон ныхмæ. «Муссæтæ» Уæрæ- сейæ стыр «хæзнайæн» ысхастой ыстыр «тæрттæджын кæрцытæ» æмæ мæнæ ахæм æвзаг: «паджалыстæн», «наплеват», «мордæ фæнæмын», «гæшпæда», «пъадавайдт кæнын», «предложит кæ- нын», «паперхнутцæ кæнын» æмæ ’ндæртæ. Ис ахæм теоритæ, æвзаг, дзырд «хуыцауы» къæлæтджыныл чи авæры, кувгæ йæм чи кæны. Уыцы теоритæ раст кæй не сты, 13* 193^
уый, мæнмæ гæсгæ, æргом хъуыддаг у. Æвзаг æрмæст æвзаджы тыххæй никуы уыди. Брытъиаты Е. дæр æм ахæм цæстæй нæ касти. Уый зыдта, цæмæй адæмимæ кæрæдзийы æмбарой, цæ- мæй хæдхæцæг паддзахы ныхмæ хæцыны идейæ се ’хсæн ыс- тыхджын уа, уый тыххæй хъæуы æвзаг. Уырыссаг æвзаг ирон фæллойгæнæг адæм не ’мбæрстой. Дзурын хъуыд семæ иронау. Гъе, уымæн уыдис йæ тох Брытъиаты Е. «Уæрæседзауты» æвза- джыхатты ныхмæ. Æвзаг, ирон æвзаг Елбыздыхъойæн уыдис хæцæнгарз... Куыд арæзта ирон æвзаджы æрмæгæй йæ уацмыстæ Бры- тъиаты Е.? Драматурджы æвзагæй театр домы æртæ хъуыдда- джы: 1. Бæлвырддзинад. 2. Персонажты æвзаг цæмæй индиви- дуализацигонд уа, уый æмæ 3. Æвзаг архайдæн (ызмæлдæн) æх- хуысгæнæджы бынаты æвæрд цæмæй уа, уый. 1. Бæлвырддзинад. Æз уæлдæр загътон, драмон уацмысæн йе ’рмæг у дзырд, зæгъгæ. Ноджы загътон, æрмæг цы уа, æрмæгæй цы арæзт цæуа, уый дæр ахæм уыдзæн. Бирæтæ ацы хъуыддаг афтæ ’мбарынц, æмæ рæсугъд дзырдтæ, «сыгъ- дæг» дзырдтæ, зæгъæм, «сыгъдæг» ирон дзырдтæ дæм арæх куы уа, уæд дæ уацмысы хъæд дæр æнæаипп уыдзæн, зæгъгæ, æмæ фæкæнынц фыссæгæн ахæм уынаффæтæ: «Де ’взаг хъæздыг кæн, дзырдтæ агур — Пушкин уырыссаг æвзаг ахуыр кодта зæронд устытæм. Крылов хицæн фыссæн чиныгимæ зылди базæртты, æмæ-иу, ыстæм цы дзырдтæ уыдысты, ахæмтыл куы фембæлди, уæд-иу сæ афыста, стæй-иу æй фысгæ-фыссын куы бахъуыдыс- ты, уæд-иу сæ йе ’вæрæнтæй исын райдыдта». Уыцы уынаффæ хорз у, фæлæ æххæст уынаффæ нæу. Фыссæгæн йæ дзырдуат хъуамæ хъæздыг кæй уа, уый æнæмæнг хъуыддаг у. Куынæг дзырдуатимæ зонды лыстæг фæзилæнтæн æмæ лыстæг къалиу- тæн равдисæн нæй, зæрдæйы лыстæг уидæгты змæлд сæргом кæнын къухы не ’фты. Фæлæ уæддæр дзырдуаты хъæздыгдзи- над хъуыддаг кæронмæ нæ хæццæ кæны. Мæнæ куыд дзырдта Толстой А., уæлдæр цы съезды кой ыскодтон, уым: «Я пробовал заводить записные книжки и подслушивать фразы. Когда я вкле- ивал их затем в ткань рассказа — получалось почти то же, как если бы живописец приклеил к портрету нос, отрезанный у по- койника. Я изучал классиков, но у меня не было ключа к тайнам языка Пушкина, Гоголя, Щедрина, Толстого и т. д. Вот, предпо- ложим, пять слов. Любым их сочетанием вы можете составить фразу, которая будет понятна и даже передаст вашу мысль. Но только одно единственное, — к данному случаю, к данному мгно- вению, к данному окружению предмета, — одно единственное для данной писательской индивидуальности сочетание слов произведёт на читателя особенное воздействие: он увидит, всеми чувствами, всеми рефлексами воспримет образ, вашу мысль, то есть воспримет художественно». Уый раст у, тынг раст у. Æмæ куыннæ! Пушкины драмæ, «Борис Годунов», зæгъгæ, уымæн йæ 0,194
кæрон ахæм ремаркæ ис: «Народ безмолствует». Нæ зонын, кæмæ куыд кæсы, фæлæ, мæнмæ гæсгæ, уыцы дыууæ дзырды дисса- джы стыр ныв æвæрынц, чи сæ бакæсы драмæйы фæстæ, уый цæстыты раз. Афтæмæй дзырдтæ та сты хуымæтæджы дзырдтæ. Æндæр ран сæ куы загътаид Пушкин, æндæр фадæттыл баст куы уаиккой, кæм ысты, уыцы бынаты куынæ уаиккой, уæд æз афтæ зæгъын, æмæ сæм ахæм тых нæ уаид. Кæннод райсæм Гоголы сæрæй-бынмæ. Фæзæгъы хуымæтæджы дзырдтæ. Нæ ал- кæцыдæриддæр сæ фæзæгъы. Фæлæ сын Гоголь ахæм фидæрттæ саразы, ахæм ран сæ сæппары, æмæ кæсæг хуыздæрыл нал фæ- домы. Афтæ, дзырдуаты хъæздыгдзинад хъуыддаг лыггæнæг нæу сæрæй-бынмæ. Æрмæгæн ма хъæуы дæсны, ахæм дæсны, æмæ дзы алцыдæр йæ бынаты чи сæвæра. Рæсугъд мрамор, хорз хъæ- дæрмæг æ. а. д. кæрæдзийыл куы ныррæдзæгъдтæ кæнай, уæд уый архитектурон куыст нæма уыдзæн. Афтæ дзырдты хабар дæр. Кæм ис уæдæ æвзаджы секрет? Кæцырдыгæй йæм бацæуын хъæуы æмæ йын æрцахсын хъæуы йæ дæгъæлтæ? Куыд æй аху- ыр кæнын хъæуы, цæмæй аивады фæрæз ысуа, уый тыххæй? Æвзаджы равзæрд æмæ рæзындзинад куыд æвдисынц, уымæ гæсгæ дзырд кæддæриддæр баст уыди æмæ у, уынæн кæмæн ис, хатæн кæмæн ис, исты эмоци чи сайы, исты ассоциаци чи сайы, ахæм исты нывимæ, хуызимæ, суанг иртæст (отвлечённый) иде- йæтæ куы райсæм, уæд уыдон дæр. Дзырд куы фæзæгъæм, уæд нæ хъуыдыйы, нæ цæсты раз æнæ исты ныв æрбалæугæ нæй. Уыцы ныв куы хуызджындæр вæййы, куы та æнæхуыздæр, куыд æй зæгъæм, цы фадæтты мидæг æй зæгъæм, уымæ гæсгæ, стæй сæ хицæнæй куы зæгъæм, уæд дæр. Зæгъæм, ахæм дзырдтæ: революци, хæст, тымыгъ, къæвда, хæрын, тарст, абана æ. а. д. Математиктæ æмæ физиктæ афтæ зæгъынц, æмæ, дам, иртæст (отвлечённый) идейæ нывимæ (с образом) баст куы уа, уæд, дам, уый варвары уаг у. Стыр культурон адæймагæн, дам, йæ хъуы- дыкæнындзинад абстрактон вæййы. Зын зæгъæн у, математик иртæст тыгъды (в отвлечённом пространстве) исты иртæст ыс- тъæлфыл куы хъуыды кæна, уæд йæ хъуыдыйы исты æгъдауыл хуыз ма уа, уый. Æвзаджы бындур у хуыз. Алы дзырд дæр хъу- амæ исты æфтауа адæймаджы цæстытыл, исты æвдиса адæйма- джы хъуыдыйæн, исты эмоци, исты ассоциаци хъуамæ сайа. Цæттæ дзырдтæй, штампæвæрд дзырдтæй æцæг фыссæг, ысфæл- дисыны миниуæг, аив хуызтæ сфæлдисыны миниуæг кæмæ уа, уый никуы архайы. Брытъиаты Е. æвзаг штампæвæрд æвзаг нæу. Уый уыдис, ысфæлдисыны тых кæмæ уыдис, ахæм фыссæг. Ие ’взаг уыд йæхи æвзаг æмæ дзы арæзта аив нывтæ йæ хъуыды- тæм гæсгæ. Ленин иу ран афтæ загъта: «Нам истерические поры- вы не нужны. Нам нужна мерная поступь железных батальонов революции». Литературон æвзаджы фарсты фæдыл уыцы ны- хæстæ куы рафæзмæм, уæд афтæ зæгъын хъæуы: мах сæнтдзæф, 195^
фæлыст æвзаг нæ хъæуы. Мах хъæуы нывæвдисæг, эмоци сайаг цыргъ æвзаг, æмæ ахæм æвзагæй фыста Брытъиаты Елбыздыхъо: æхсæст мæнæуы хуызæн, сатæг æхсæры хуызæн, æнцон дзу- рæн, æнцон æмбарæн, йæхæдæг йæ драмæ: «Маймули — рухсаг, æгас цæуæд Ирон Тиатр», зæгъгæ, уым куыд загъта: «фæринчы риуыгъдау» — йе суагъд, «æхсæры къæрццау», æмбæлы зæр- дæйыл. Райсæм-ма мæнæ ахæм бынæттæ: «Б е с æ. Ды ам кæцæй дæ? Цæмæн дæ? Н ы ф с. Ныртæккæ дын дон куы лæвæрдтон, уæд мæ нæ федтай? Б е с æ. Уæд? Лæппуйæ нырмæ мæ сæнтты кæй мысыдтæн, уый дæ? Хъæды, быдыры дидинæджы пуцалмæ кæсгæйæ, сæ рæсугъддæры къуырфæй мæнмæ ды зындтæ? Денджызы былыл, уылæнты хъазтæй мæхи рæвдаугæйæ, уылæны урс барцыл дæу ахста мæ цæст? Уæдæ арвы мигъы къуымбилтæ нымайгæйæ, сæ бæмбæг цъуппытыл дæу уыдтон? Æхсæвы фидауц — рæсугъд ыстъалытæн сæ рæсугъддæры дæу тыххæй уарзтон? Ардæм дæр мæ уымæн ыссайдта рæсугъд хæххон зым, дæ хуызæн чи уыд? Æцæг загътай, æрцыд мыл хорз. Мах, хæххон адæм, ыстæм мæ- линæгтæ. Уыцы мæлинæгтæй кæд исчи амондджын уыд, уæд уый æз дæн! Н ы ф с. Мæ урс дадалитæм æрбакæс. Рагон дæн æз. Сæдæ азтæ минуттау ызгъордтой, мæ уарзон. Сæдæ зынтæ мын мæ зæрдæ хæлдтой, мæ дуне. Уæдæй абонмæ æнхъæлмæ дæумæ фæкастæн. Рухс у мæ зæрдæ, æгайтма фæзындтæ. Фæлæ дæ амондæй ма фæбузныг у, æрра Бесæ: хорз ыссардтай, фæлæ стырдæр фыд баййафдзæн дæ сæр... («Амыран», 1-аг акт, 4-æм фæзынд) Иу дзырдæй, поэтикон лексикæйы ’рдыгæй куы бацæуæм Брытъиаты Е. драмæтæм, уæд сæм, ирон æвзаджы рæзт куыд уыд æмæ ныр дæр куыд у, уымæ гæсгæ, фау æрхæссын зын у. Йæ поэтикон лексикæйы тыххæй куы зæгъæм хицæнæй, уæд та афтæ зæгъын хъæуы: Брытъиаты Е. лексикæйæ хъæздыгдæр ирон аив литературæйы, ирон фысджытæй никæй лексикæ у. 2. Персонажы æвзаджы индивиду ализаци . Горь- кий йе статьяйы «О пьесах», зæгъгæ, уым афтæ фыссы: «Дей- ствующие лица пьесы создаются исключительно и только их ре- чами, т. е. чисто речевым языком, а не описательным. Это очень важно понять, ибо для того, чтобы фигуры пьесы приобрели на сцене, в изображении её артистами, художественную ценность и социальную убедительность, необходимо, чтобы речь каждой фигуры была строго своеобразна». Хъуамæ алы персонажæн дæр йæ зонды ахаст, йæ зæрдæйы уаг, йæ туджы хъæд, пьесæйы цы роль æххæст кæны, уый бæрæггонд цæуа йе ’взагæй. Брытъиаты 0,196
Елбыздыхъойы драмæтæм уыцы миниуæг ис. «Уæрæседзау»-ы герой Муссæйæн йе ’взаг — йæ сурæт. «Дыууæ хойы» персо- нажтæ се ’взагæй кæрæдзиимæ хæццæ нæ кæнынц, Мусон — гæды, налат, селфына сылгоймаг, йæ дзыхы дзырд — йæ гакк; Асиат, Ханысиат — æфхæрд, æнамонд чызджытæ. Сæ дзыхы дзырдæй бæрæг у, цы хъару, цы раны сты, цы’ фæндагыл лæуд ысты, уый. Буцæ — буц, æнæмæт, æнæсагъæс, Мусоны къулба- дæг фырт. Йæ ном, йе ’взаг — йе ’вдисæг. Б у ц æ (æрбацыд). Хъаз донмæ куы кæса, уый каст куы кæныс. Нырма дæ уат дæр æнæмарзт. Фезмæл — уазджытæ ’рба- цæуынц. А с и а т. Цæй уазджытæ та сты? Æнæ ардæм цæугæ сын нæй æви? Иннæ уатмæ сæ акæн. Б у ц æ. Хъуыддаг сæ ам ис! А с и а т. Цы та у, чи сты? Б у ц æ. Лакатæ сты! А с и а т. Цы нæм агурынц? Б у ц æ. Чызг, чызг, Асиат-æхсин! А с и а т. Цы? Б у ц æ. Чызг дын куы загътон. Усгур ысты, афтæмæй чызг агурынц. (Асиат цъылып аппæрста æмæ сагъдауæй баззад.) Цы та ныджджих дæ? Ханысиат кæм ис? Нæ та дæ фæнды? Хуыцауыстæн, Саламджерийæ хуыздæр дæ нæ ахæсдзæн. Цы хуызæн бæх ын ис, уый зоныс? Уыцы бæхæн йæ дыууæ цæсты Косеры цæстытæй рæсугъддæр ысты. Саламджерийæн йæ иу ехсы аргъ чи нæ у, Уастырджистæн, ахæмтæ дæм хъавыдысты ку- рынмæ. Сылваз Пупæтæ-йедтæ. (Асиат æм комкоммсе ныккаст мæстыйсе.) А с и а т (цыдæр фæхъуыды кодта). Чи у, цавæр Саламдже- ри у? Б у ц æ. Лакайы-фырт. А с и а т. Хорз бæх ын ис, зæгъыс? Б у ц æ. Ай-гъай. Бæхбæттæнмæ йæ чидæриддæр бафæрс- дзæн: «Кæй хайуан у уый?» А с и а т. Æмæ, «Пупæ» кæй хоныс, уый бынтон фистæг у, бæх ын нæй? Б у ц æ. Дынджырхъус хæргæвсы та бæхыл чи нымайы? А с и а т (къахæгау). Баивис мæ уыцы бæхыл сæрмæ-сæр, и? Б у ц æ. Уадидæгæн. А с и а т. Æмæ мæ куынæ фæнда, уæд та? Б у ц æ. Цæуылнæ дæ фæнддзæн, æрра дæ? А с и а т (ахъуыды кодта). Уæдæ мын бæхы аргъ йеддæмæ нæ кæныс? Б у ц æ. Цæуылнæ — ирæд мæ рох у, æнхъæл дæ? Бæх — мæнæн, ирæд — хæдзарæн. А с и а т. Уæй? Б у ц æ. Æнгузы хуызæн. 192о
А с и а т. Ме ’вастæй уæ бон нæу! Б у ц æ. Аскъæфын дæ кæндзыстæм. Де ’гомыг митæ, дæ фыдбылызтæй нал фæразæм. Ды уал уат амæрз, æз Ханысиаты рацагурон. Фæстæдæр аныхас кæндзыстæм... («Дыууæ хойы», 2-аг ныв, 4-æм фсезынд). Афтæ иууылдæр. Ирон литературæйы иу хай ацы миниуæ- гæй æххæст нæу. Пьесæты дæр, иннæ уацмысты дæр персонажтæ фылдæр дзурынц æмхуызон æвзагæй. Царды афтæ нæ вæййы. Аивады дæр хъуамæ ма уа. 3. Æвзаг хъуамæ уа архайдæн æххуысгæнæ- джы бынаты. Ацы фарст канд æвзаджы фарст нæу. Уый у баст драматурджы дæсныйады фарстимæ. Драматург хъуамæ уынгæ кæна фысгæ-фыссын, йæ персонажтæ сценæйы куыд хъаз- дзысты, уый. Диалог хъуамæ хъазтимæ баст уа. Дзырдтæ хъуа- мæ персонажты змæлдæй æвзæрой. Уæд ахæм ремаркæтæ: «æнкъардæй», «хъселдзæгсей», æ. а. д. нæ фæхъæуынц. Дзыр- дæй бæрæг вæййы, куыд хъæуы, уый. Дзырдтыл хъуамæ чъын- ды уа драматург, фæлæ дзырдтæй алкæцы дæр хъуамæ кæсæ- джы зæрдæйыл æмбæла. Ахæм уагыл фыст ысты Брытъиаты Е. драмæтæ, тынгдæр та «Дыууæ хойы». Райдайæны загътон, театр æвзагаразæн бынат у, зæгъгæ. Брытъиаты Е. уый тынг хорз æмбæрста æмæ систа ирон æвзаг культурон бæрзонд бынатмæ. Советон фысджытæй бирæтæ, Уæрæсейы дæр æмæ иннæ национ бæстæты дæр, советон литера- турæйы æвзаджы рæзыны фæндæгтæ раст нæ бамбæрстой. Раст у, литературон æвзаг хъуамæ фæллойгæнæг адæмы æвзаг уа. Фæлæ адæмы ’взаг, зæгъгæ, æмæ адæмы ’взагæй æрбайс, аппа- ринаг дзы цы ис, уый дæр, уæд хъуыддаг хорз нæ рауайдзæн. Зæгъæм, ирон зынгæ фысджытæй иу, Гæдиаты Ц. йæ радзырды фыссы: «Фæмызтой, Дæхци, фыдæлты намысыл дæ фырты лы- мæнтæ». Ис ма ахæм рæттæ бирæ ирон аив литературæйы. Уый хорз фæндаг нæу. Ахæм натурализм, ахæм æнæуаг æвзагыл ног адæймаг культурæ нæ аразы. Пролетарийæн, æппæт культурон бынтæ йæхи чи бакодта æмæ кæны, уымæн ахæм ног «вульга- рон» æвзаг райсæн нæй. Бæлвырд у, адæмы ’взаджы æнæхсæст дзырдтæ бирæ кæй уыдис æмæ ма кæй ис, уый. Фæлæ уый уыдис уымæн, æмæ адæмы, фæллойгæнæг адæмы, сæ фадат, сæ мæгуыр- дзинад культурæйы къæпхæнтыл уæлдæр ысхизын нæ уагъта. Ныр уыцы фæллойгæнæг дзыллæтæ сæхæдæг царды рохтæ сæхи къухмæ куы райстой, зæххыл чи нæма уыд, ахæм нæуæг куль- турæ куы аразынц, уæд сæ æнæхсæст æвзаг нал хъæуы. Хорз цæхæрадонгæс рагуалдзæг йæ цæхæрадоны дыргъы бæлæстæ куыд æрæхсæды, афтæ фæллойгæнæг адæм сæ цардуалдзæджы сæ «рагон» царды æхсæдинæгтæ æрæхсæстой æмæ сæ ноджы æрæхсæддзысты, æмæ сæ бынаты сæвзæрди æмæ æвзæрдзæн ног талатæ, ног дыргъбæлæсты талатæ. Ирон литературæйы æвза- о!?8
джы культурæ бæрзонд чи систа, уыдонæн сæ тæккæ раззæгтæй æмæ бæгуыдæртæй иу у Брытъиаты Е. Æмæ ныртæккæ, ирон фæллойгæнæг адæм сæ культурæ аразынмæ лæмбынæгæй куы бавнæлдтой, уæд сæ æрбæрæг кæнын хъæуы сæ культурон бынтæ, уыимæ, æвзаджы культурон бынтæ дæр. БРЫТЪИАТЫ ЕЛБЫЗДЫХЪО Ирон аив литературæйы рæзты ис цавæрдæр сæрмагонд ми- ниуæг. Иннæ литературæтæй алкæмæн дæр ис сабийы дуг. Уыцы рæстæг литературæ нывыл дзурын нæма зоны, йæ къахдзæф уæндон нæма вæййы. Ирон литературæ ахæм дуг нæ зоны. Ирон музæйы фыццаг цæуæт литературæмæ æрбацыдысты гæрзифтон- гæй, Афинæ-Палладæйау. Европæйы, стæй иннæ адæмты клас- сикон литературæ ’виппайды нæ фæзынд. Уый бирæ къæпхæн- тыл рахызт, бирæ афонты дæргъы цыд йæ рæзты фæндагыл. Ирон литературæйы арвыл цы фыццаг ыстъалытæ фæзынд, уыдон уыдысты йæ райдайæн дæр. Ирон аив литературæ æмæ литературон æвзаг саразæг Къоста ныр дæр ма у йæ корифей. Афтæ зæгъæн ис ирон театр æмæ драматургийы бындурæвæрæг Брытъиаты Елбыздыхъойæ дæр. Брытъиаты Елбыздыхъо литературон куыстмæ бавнæлдта Къостайы фæстæ. Елбыздыхъойæн йæ уавæртæ хуыздæр уыды- сты. Елбыздыхъо амондджындæр разынд. Уымæн уыд Къостайы литературон æмæ алы ’хсæнадон фæллæйттæй фæпайда кæны- ны фадат. «Мæ зæрдæ æнцад у: ис фидар бындур нæ литерату- рæйæн, не ’взагæн. Пушкин уырыссаг литературæйæн цы у, Къо- ста та махæн у уый», — афтæ фыста Елбыздыхъо, Къостайæн йæ амæлæтыл дæс азы куы сæххæст, уæд. «Къостайы номимæ баст у ирон литературæйы цард. Къостайы чиныг раздæр дæр уыди æмæ ныр дæр у фыццаг ахсджиагдæр чиныг ирон æвзагыл... Къостайы фыстытыл ахуыр кодтой æмæ схъомыл нæ фæсивæды æнæхъæн фæлтæр». Елбыздыхъо литературон куысты йæхи фæлварын райдыд- та, реалон скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд. 1902 азы фæзынд йæ пьесæ «Уæрæседзау». Уый ирон Мельпоменæйы фыццаг лæ- вар у. «Уæрæседзау» уыд æмæ ныр дæр у ирон æвзагыл æппæты зындгонддæр уацмыстæй иу. Уый хорз æвдисы хæххон адæмы цард зæронд заманы. «Господин Купон безжалостно переряжи- вал гордого горца из его поэтического национального костюма в костюм европейского лакея», — афтæ загъта, уыцы рæстæджы кой кæнгæйæ, Ленин. Зæхх кæмæн нæ уыд, уыцы хæххон адæмæй-иу бирæтæ сæ хъæутæ ныууагътой, цардагур цыдысты Уæрæсемæ. Уыдонæн сæ иу хай заводтæм æмæ фабриктæм афтыд æмæ афтæмæй Уæрæ- сейы пролетартимæ иу зонд, иу фæндагыл ныллæууыд. Йæ иннæ 199о
хай та-иу бонджынты фæсдуар лæггадгæнгæйæ царди æмæ-иу бахауд, йæ алыварс цы хæлд æгъдæуттæ уыдта, уыдоны уацары. «Уæрæседзау»-ы æвдыст æрцыд раст ахæм адæймаджы фæлгонц. Уый уыд уæды историон уавæрты тæригъæддаг нывонд. Муссæ цалдæр дзырды базыдта уырыссагау, æмæ ныр йæ райгуырæн хъæумæ куы ’рыздæхт, уæд æй йæ мадæлон æвзагыл дзурын нал фæнды. Худæгау нæм кæсы Муссæйы хабар, фæлæ ирон царды уыимæ сагъæссаг дæр у йæ уавæр. Йе ’взаг, йе ’гъдæуттыл йæ къух систа Муссæ, фæлæ сын сæ бæсты, бонджынты фæсдуæрт- ты цы федта, æндæр йæ бон ницы у раттын. Худинаг æм кæсы, цумæсæрф æмæ фæсдзæуин кæй уыди кæмдæр, ууыл басæттын æмæ, Уæрæсейы куыд царди, уый зыгъуыммæ равдисынмæ хъа- вы: «Уый æмæ кусгæ исты кодтон? Мурдæр ницы! Бон-изæрмæ кънйазы хуыссæны бад æмæ песнйатæ пет кæн!» Фæлæ йе ’мбæ- стæгтæ дæр афтæ ’нцон асайæн кæм ысты! Йæ гæды йын йæ цæстытыл бакодтой. Мæсты кæны Муссæ, йæ бакаст æгуыдзæг, æнæсæрæн æмæ тæригъæддаг у. Елбыздыхъойы уацмыс æгасæй дæр цардæй ист у. Муссæйы ном бирæтыл ысбадти. Ирон цардыл чи не ’рвæссы, былысчъил- тæ йыл чи кæны, ахæм лæджы фæхонынц Муссæ. Æвæццæгæн, Муссæйы хуызæтты тыххæй фыста Елбыздыхъо: «Ирон лæг дæс ныхасы уырыссагау куы ’мбара æмæ сæ æрдæг- цъæррæмыхстытæй ныффыссын куы зона, уæд писмо уырысса- гау фыссы. Ирон æмæ уырыссаг дамгъæтæ кæрæдзийæ чысыл йеддæмæ нæ хицæн кæнынц. Æмæ уымæ гæсгæ уыцы дæс дзыр- дæн, æвæццæгæн, æндæрхуызон ыспайда кæнæн уыдаид». Раст у Елбыздыхъо. Бæгуыдæр, уый пайдадæр уыдаид, уымæн æмæ йæ хъуыдытæ йæ мадæлон æвзагыл хуыздæр са- рæхстаид зæгъын. Муссæйы «æвзаг» та бæрзонд культурæ æвди- сæг, мыййаг, нæу. Елбыздыхъо хорз æмбæрста, литературæ æхсæнадон царды стыр хотых кæй у, литераторы хæс та у йæ рæстæджы раззагдæр æмæ хуыздæр хъуыдытæн лæггад кæнын. Литературæ æмæ фыс- сæгæн сæ нысан цы у, уый тыххæй Елбыздыхъо материалистон цæстæнгасыл лæуд уыди. «Иуырдæм дæр æмæ иннæрдæм дæр фыссæг хъуамæ бæлвырд къласы идеолог уа, хъуамæ йын раир- таса йæ психологи æмæ йын афтæмæй ысныв кæна йæ бæллицтæ æмæ, цæмæ тырны, уый», — фыста Елбыздыхъо, «Ирон литера- турæйы хъысмæт», зæгъгæ, ахæм куысты. Къостайы фæстæ Елбыздыхъо у ирон аив литературæйы тæккæ курдиатджындæр минæвар. Уый ысхызт драмон аивады тæккæ бæрзонддæр къæпхæнмæ, фæлæ йæ курдиат æмæ хъару сæ тæмæ- ны куы бацыдысты, национ темæтæ ’мæ сюжеттæй æппæт дунеон фарстатæм куы рахызт, уæд ыл фæтых ис æнæхатыр мæлæт. Елбыздыхъо стыр аргъ кодта ирон литературæ саразæг Хетæг- каты Къостайæн. Уыимæ, æнкъард уыд йæ зæрдæ, ирон литерату- ^200
рæйы Пантеоны Къоста иунæг кæй у, ууыл. «Къостайы фыстытæ кæсгæйæ хъомыл кодта нæ фæсивæды æнæхъæн фæлтæр. Фæлæ ирон литературæйы Пантеоны Къоста иунæг у. Æрмæстдæр Къос- тайы «Сидзæргæс»-ы æрхæндæг æмæ ’нкъард хъæлæс азæлы по- эзийы кувæндоны, æмæ «Додой» ысфæлдисæг зæрдæрисгæ æмæ ’нтъыснæгæй хæрз дзæгъæлы æнхъæлмæ кæсы зынаргъ æмæ бæл- лиццаг уазæгмæ. Хæрз дзæгъæлы! Æхгæд у кувæндоны дуар, æмæ мидæмæ нæ бадардта йæ сæр нæдæр æнæныфс лæппу, нæдæр, йæ сæр кæмæн ысурс, ахæм зæронд лæг. Æмæ йæ чи зоны, кæд уы- дзæн, цымæ, кæд æрбалæудзæн исчи нæ сидзæры раз?» Ацы ныхæстæ Елбыздыхъо фыста, Стыр Октябры социалис- тон революцийы нæрын куы нæма райхъуыст, паддзахы Уæрæсе «адæмты ахæстон» куы уыд, фæллойгæнæг дзыллæ, се сфæлды- стадон тыхтæ сын чи оæтты, уыцы рæхыстæ кæй атондзысты æмæ национ культурæйы дидинæг æфтауæн дуг кæй æрцæудзæн, уый æппæты куы нæма уырныдта, ахæм рæстæг. «Æркæсæм-ма лыстæгдæр ирон адæмы цардмæ. Æмæ уæд бамбардзыстæм нæ литературæйы мæгуырдзинад. Ис уыцы цар- ды йæхи сæрмагонд æууæлтæ, литературон формæты рæзт æмæ рæсугъд фæндтæн фадат чи нæ дæтты», — фыста Елбыздыхъо. Æмæ, бæгуыдæр, уый афтæ уыд, фæлæ ныр афтæ нал у! Ныр ис æппæт фадæттæ дæр, цæмæй ирон литературæйы æппæт хуызтæ дæр рæзгæ цæуой размæ. Ирон Парнас адæмæй æмызмæлд кæны. Ирон фæллойгæнæг адæмы цæуæт иу иннæйы фæдыл фидар къахдзæфтæй хизынц уæлæмæ йæ фæхстæм æмæ йæ цъупмæ, æмæ уым Геликоны суадоны сатæг донæй уадзынц сæ дойны. Ныр гом у аивады куывддоны дуар. Цæуынц æм мидæмæ ирон фæсивæд æмæ урссæр зæрæдтæ. Ирон литературæйы Пантеоны Къоста дæр иунæг нал у, йæ фарсмæ ис ирон адæмы ахсджиаг хъæбул — Брытъиаты Елбыздыхъо... Елбыздыхъо уыд ыстыр курдиаты хицау, уый æнæкæрон бирæ уарзта йæ бæстæ, уый уыд æнæзæрдæхудт æмæ æнæнцой кусæг йæ адæмæн. Елбыздыхъо æрæвæрдта фидар бындур иры драма- тургийæн. Уый сарæзта ирон театр. Иуæй-иутæ, ис-нæй, уæддæр тых-тухитæй агурынц Елбыз- дыхъойы сфæлдыстады цавæрдæр сау æндæрджытæ. Æмæ чысыл истытæ раиртæстой, зæгъгæ, уæд сæм гигантон прожектортæ са- разынц. Елбыздыхъойы сфæлдыстады хорзæй цы ис, уый та фæз- дæджы бын фæвæййы. Тæрсын хъæуы уыдонæн сæ уайдзæфæй. Уый нын ничи ныббардзæн. Елбыздыхъо уыдта йæ уарзон адæмы хъизæмар цард, рынчын уыд йæ адæмы низтæй, агуырдта уыцы тыхст цардæй фервæзыны фадат, раппар-баппар кодта йæхи дыу- уæрдæм, чи зоны ма-иу царды талынг бынæттæм дæр бакаст, ца- лынмæ йын йæ фæндаг Стыр Октябры революци не срухс кодта, уæдмæ. Уæд уый æмраст, æнæфæцудгæ араст йе сфæлдыстадон фæндагыл æмæ ныффыста, Ирыстоны нырмæ дæр ма æмбал ыс- сарæн кæмæн нæй, ахæм алæмæты драмон уацмыстæ. Кад æмæ йын цыт! Зæрдиаг арфæ йын Елбыздыхъойæн! 201о
«ХÆДМÆЛ ХЪАСТ», æви «ХÆДМÆЛ КРИТИК», КÆНÆ ТА ÆНДÆР ИСТЫ? Газет «Рæстдзинад»-ы 128 №-ы, 1934 азы, 9-æм июны, цып- пæрæм фарсыл ис иу «статья», йæ сæр хуыйны афтæ: «Хæдмæл хъаст», Дзесты Куыдзæджы радзырдыл дыууæ ныхасы». «Ста- тьяйæн» йæ автор у Доцоты Дудар. Критикæ тынг æхсызгон хъу- ыддаг кæй у, уый дзырддаг нæу, æз дæр ыл нæ дзурын. Фæлæ критикæ хорз уæд у, пайда уæд у, æмæ уагыл куы уа, æгъдауыл куы уа. Æгъдау æмæ уагыл та уæд уыдзæн, æмæ критик диалек- тикон-материалистон методологийæ ифтыгъд куы уа, æххæст куы уа, нæ дуг — ыстыр дуг — цас домы, уыйбæрц æм ахуырдзинад куы уа, аивад циу, уый куы зона, уый куы ’мбара, аив литерату- рæйæи йæ спецификæ цы у æмæ, литературон уацмыс æвзарынмæ чердыгæй бацæуын хъæуы, уый куы зона, уæд. Доцойы-фырты «статьяйы» уыцы миниуджытæй ницы ис. Доцойы-фырт, йе «ста- тьямæ» гæсгæ, литературон ахуырдзинадæй у, мæнæ, «авгау», зæгъгæ, кæй акæнынц, афтæ. Доцойы-фырт кæд логикон æгъдæуттыл домы Дзесты Куы- дзæджы, уæддæр логикон æгъдæуттæм гæсгæ фыст нæу йе «ста- тья». Логикæ иæ, фæлæ грамматикæйы элементарон домæнтæ дæр не ’ххæст кæны Доцойы-фырт. Уый фыссы: «Дзесты Куыдзæг у не ’взонг фысджытæй. Ирон литературон фронтмæ фыццаджы- дæр 1924—32 азты чи ракъахдзæф кодта, уыцы фæлтæрæй». Зонын хъæуы, ирон советон лнтературæ æрмæст 1923—24 азты зынын кæй райдыдта æмæ Дзесты Куыдзæг ирон советон литературæйы ветеран кæй у, уый. Цæмæн у Куыдзæг æвзонг фыссæг? Уæдæ ма 1924 азы размæ кæй бацамонинаг у Доцойы- фырт ирон фæсоктяброн литературæйы мидæг, Дзесты Куыдзæ- гæй фылдæр бынат дзы чи ахса, ахæм? Стæй уæд аст азы дæргъы цавæр къахдзæф кодта Дзесты Куыдзæг? «Пролетарон фыссæг хъуамæ бацæуа хæстæг, лæмбынæгæй сахуыр кæна, цы темæйыл фыссинаг вæййы, уый»... — афтæ фыссы Доцойы-фырт. Ацы хъуыды раст у, æрмæст бæллæх уый у, æмæ йæ Доцойы-фырт йæхæдæг не ’ххæст кæны. Нæ зоны, ныртæккæ ССРЦ фысджытæ пролетарон, зæхкусæгон æмæ æндæр ахæмтыл кæй нæ дих кæнынц, уый. ССРЦ фысджытæн ис иу цæдис, Советон фысджыты цæдис. Фæлæ ма уый дæр ницы кæны. Хатыр ын уæд. Бынтон диссаг уый у, æмæ Доцойы- фырт фыссы, æппындæр кæй нæ зоны, ахæм фыссæджы тых- хæй. «Куыдзæг 1929 азы агъоммæ фылдæр фыста радзырдтæ, фæлæ дзырд уыдоныл нæ цæуы», — зæгъгæ, фыссы Доцойы- фырт. Фæрсын нæ «критичы»: уæдæ ма цы фыста Дзесты Куы- дзæг 1929 азы размæ дæр æмæ уыйфæстæ дæр? Ирон литера- турæ зоны Дзесты Куыдзæджы æрмæст радзырдтæ фыссæгæй. Æцæг, Дзесты Куыдзæг кæддæр ныффыста иу-дыууæ æмдзæв- О202
гæйы, фæлæ уыцы æмдзæвгæты кой нæдæр Куыдзæг йæхæдæг кæны, нæдæр æндæр исчи. Кæд дзырд Куыдзæгæн йæ радзырд- тыл нæ цæуы, уæд ма цæуыл? Мæнæ уый та йæ «логикæ» æмæ йæ иннæ ахуыргонддзинад: «Бæргæ, нæ бон куы бауаид маркс-ленинон цæстæнгасæй раир- тасын фыссæджы сфæлдыстад æгасæй дæр, уæд уый тынг хорз уаид. Æз дзурдзынæн æрмæст фыссæджы хъæнтæ æмæ йæ æнты- стдзинæдтыл аивадон литературæйы». Ацы цитатæйы æз æппын- дæр ницы аивтон. Куыд у, æнæхъæнæй, æз дæр æй афтæ рафы- стон. Литературæмæ æввахс чи лæууы, æцæг логикæйы уагыл чи хъуыды кæны, уыдоны фæрсын: ам цавæр «логикæ» ис? Уæлдæр загътон, Доцойы-фырт нæ зоны, Дзесты Куыдзæг цы фыссæг у, уый, зæгъгæ. Уый раст у. Уæдæ цæмæн кæны мæнæ ахæм ныхæстæ: «Беслæнарæзт» æмæ «Додти тæрхъус куыд æрцахста», уыцы дыууæ радзырдæй фæстæмæ Куыдзæджы сфæл- дыстады нæй радзырдтæ нæ ног царды бындурыл». Æппæты фыццаг уый зæгъын хъæуы, æмæ Дзесты Куы- дзæгмæ «Беслæнарæзт» æмæ «Додти тæрхъус куыд æрцахста», зæгъгæ, ахæм радзырдтæ нæй. Ис æм æндæр радзырдтæ: 1. «Дис- саджы куырой»; 2. «Додти тæрхъус кæд æрцахсид». Дыккагæй та уый зæгъын хъæуы, æмæ, стæмтæй фæстæмæ, уыдон дæр æрмæст тематикæйæ, Куыдзæджы радзырдтæ иууылдæр ысты ног цардыл. Кæд дæ нæ уырны, Доцойы-фырт, уæд райс Дзесты Куыдзæджы чиныг æмæ дзы бакæс ахæм радзырдтæ: 1. «Фæс- таг аргъау»; 2. «Госæ»; 3. «Дæндаг ныссасти»; 4. «Дыууæ æфсы- мæры»; 5. «Æндæр зиу»; 6. «Хъандыуайы фæсмон»; 7. «Зæрон- дæй æртасыди»; 8. «Æнæмард æрдиаг» æмæ æнд. «Авторæн дæр йæхи цардыл асагъæсгæнгæйæ нæй зæгъæн, ома цардæй у ног фысджыты хуызæн æрыгон, нæй зæгъæн, ома Куыдзæг йæ аивадон литературæмæ гæсгæ, йе сфæлдыстадмæ гæсгæ, хæссы сгуыхты ном...» Цымæ, цы зæгъынмæ хъавы Доцойы-фырт? Цымæ, цы хоны «аивадон литературæ»? Цымæ, кæм уыдис ахæм «гуыппырсар критик» нырмæ? Цымæ ма цытæ зæгъид, ахæм уагыл фыссыны бар ын ратт, уæд? Цымæ, кæй ном зæгъид Доцойы-фырт, афтæ йæ куы бафæрсиккам: зæгъ-ма, дæ хорзæхæй, Доцойы-фырт, ирон фæсоктяброн советон аив литературæйы мидæг хуыздæр прозаиктæ чи сты? Кæй зæгъын æй хъæуы, Доцойы-фырт уыцы фарстæн ницы ’мбары. Æз афтæ зæгъын: Дзесты Куыдзæг у советон фыссæг, кур- диатджын фыссæг, ирон аив литературæйы æрцахста стыр бы- нат, ирон аив прозæйы Куыдзæджы номæй ыстырдæр нæмттæ нырма бирæ нæ разындзæн. Ис æм хъæнтæ дæр, фæлæ уыцы хъæнтæ сты æндæр, композицион хъæнтæ. Доцойы-фырт уыдон бамбарыны онг нæма сырæзыд. Уый бæрæг у йæ «критикон» фыццаг фыстæй. Ахæм хъæнтæй Уæрæсейы номдзыд советон фысджытæй дæр бирæ æнæ хай нæу. 203о
Доцойы-фырт фыссы: «Махæй домы цард царды хуыз æцæг хуызы æвдисын радзырдæй, кæцы ахса историкон архивы ми- дæг æцæг документы бынат, уыййеддæмæ ныхæстæ фантасти- кон æгъдауæй рагон таурæгътæ æмæ кадджытæй фылдæр кæм уыд». Æппæты фыццаг та ацы ныхæсты фæдыл Доцойы-фыртæн уый бамбарын кæнын хъæуы, æмæ литературæ уый тыххæй нæу, цæмæй «историон архивы» документтæй лæууа. Литературæ у идеологийы хицæн формæ, йæ функци та у: а) цард, дуне-дзыллæ кълассон позицитæй бамбарын, базонын; б) уыцы базынды бын- дурыл — цард, дуне-дзыллæ аивыны фæрæз, ома кълассон хо- тых. Доцойы-фырт фыссы «царды хуыз æцæг хуызы æвдисыны» тыххæй, æвæццæгæн æй фæнды реализмы тыххæй зæгъын, фæлæ реализм куыд æмбаргæ у, уый хорз нæ зоны. Хъуыддаг афтæ у, æмæ фыссæг фотограф нæу, аив фыст та — фотографион хуы- зист. Цæмæй æцæгдзинад ысфæлдыстады уагæй равдиса фыс- сæг, уый тыххæй йæ хъæуы сфæлдыстадон фантазийы сæр (твор- ческая фантазия, зæгъгæ, кæй хонынц, уый). Уымæ гæсгæ, кæд Куыдзæг йæ радзырды, «Хæдмæл хъаст», зæгъгæ, уым ахæм нывтæ бакодта, Доцойы-фырт кæй нæ федта, цы идейæ равди- сынмæ хъавыд, уымæн та æххуыс ысты (уыцы идейæмæ та фау нæй), — уæд Куыдзæгмæ аххосагæй æппындæр ницы ис. Кæн- нод цы лаз хæссы Доцойы-фырт Куыдзæгмæ мæнæ ацы ран: «Уæ, хуыцау, табу дæуæн, хуыцау... Хуыцау, хуыздæр боны хæстæг чи бакодта, хуыздæр арфæ кæмæн ракодтай, уый æмбал бакæн ацы хæдзары дæр». «Кæд фыссæг нæ зыдта ирон куывд ахæм хъуыддаджы ми- дæг, уæд аипп нæ уыдис, кувын чи зоны, ахæмы бафæрсын», — зæгъгæ, фыссы Доцойы-фырт, уæлдæр цы цитатæ ис Куыдзæ- джы радзырдæй, уый тыххæй. Дыккаг хатт фæрсын: цы аипп ыссардта Доцойы-фырт уыцы куывды? Кувджытæ æмхуызон нæ фæкувынц. Ирон куывд «Отче наш» нæу. Ивæн ын ис. Иу ку- вæг иу дзырдтæ фæзæгъы, иннæ кувæг та — иннæ. Алы хъæуы, алы комы æмхуызон нæ куывтой. Кæд Доцойы-фырт ахæм ку- ывд никуы фехъуыста чындз хæсгæйæ, уæд уый Куыдзæджы аххос нæу. Нæ, Доцойы-фырт, критичы æууæлтæй дæм нырма ницы ис, демæ дзурын хæс дæр нæу, æгæр фæбуц уыдзынæ дæхицæй, акæса, æз дæр полемикæ расайдтон, зæгъгæ. Дæ фыст Куыдзæгæн нæдæр пайда у, нæдæр зиан. Æз дæр Куыдзæджы сæрыл нæ дзурын, мыййаг. Мæ дзурыны хъуаг нæу: Куыдзæг Куыдзæг у æмæ Куыдзæгæй баззайдзæн. Æз æрмæст ахæм фарст æвæрын. Нæ мыхуырон фæрæзтæ дё «статьяйы» хуызæн æнæпайда фыстытыл цæмæн хардзгонд цæуынц? Мыхуыр ыстыр хъуыддаг у. Мыхуыр хъомыл кæны дзыллæты. Уыцы хъомылкæнындзинад хъуамæ æвæрд уа раст 02°4
фæндагыл. Литературон хъомылдзинадæй цух ысты нæ фæси- вæд, не скъолайы кусджытæ, не скъоладзаутæ. Æмбарын кæнын сын хъæуы, цы у литературæ, цæмæн ахъаз у, куыд равзарын хъæуы аив литературон уацмыс, уыдон æппæт. Уымæ гæсгæ, нæ мыхуыры йæхицæн хъуамæ бынат ара æрмæст ахæм æрмæг, уыцы фæрстытæн дзуапп раттынæн æххуыс чи уа. Литературон ахуырдзинад ыстыхджын кæнын хъæуы. Уый тыххæй нæм хуыздæр фæрæзæн (нæ фадæттæм гæсгæ) ис лите- ратурон фарс газет «Рæстдзинад»-ы. Уыцы литературон фарс хъуамæ уа йæ кадыл: æрмæгæй дæр, уындæй дæр, кондæй дæр. Литературæ «историон архивы документ», у, зæгъгæ, хъуа- мæ ахæм методологон ляпсустæ ма уа уым. «Маркс-ленинон цæс- тæнгасæй раиртасын фыссæджы сфæлдыстад æгасæй дæр, уæд уый тынг хорз уаид. Æз дзурдзынæн æрмæст фыссæджы хъæнтæ æмæ йе ’нтыстдзинæдтыл аивадон литературæйы», — афтæ, уæл- дæр куыд бацамыдтон, фыссы Доцойы-фырт. Ау, кæд маркс- ленинон цæстæнгасæй кæсгæйæ не ’взары Доцойы-фырт Куы- дзæджы фыстытæ, уæд ма «æрмæст» цавæр æгъдауæй дзуры «хъæнтæ æмæ æнтыстытыл аивадон литературæйы»? Æз афтæ зæгъын, æмæ Доцойы-фырты «статьяйы» хуызæттæн мыхуыры бынат лæвæрд куынæ цæуид, уæд хуыздæр уаид: уыдон цы бы- нат ахсынц, уым пайдайы æрмæг цæуид мыхуыргонд, гонорар дæр дзæгъæлы нæ сæфид, «историон архивы» теоритæ дæр нæ хæлиу кæниккой æмæ рæзгæты зондыл нæ тыхсиккой. ДЗЕСТЫ КУЫДЗÆГ - «ХÆХТЫЛ» Радзырдтсе, 1-аг чиныг. «Рæстдзинад», Орджоникидзе, 1932 аз Ирон аив литературæ Октябры революцийы фæстæ æмæ уый фæрцы размæ иттæг бирæ кæй ацыд, уæлдайдæр та хыгъдмæ гæсгæ, уый тынг æргом хъуыддаг у, уый дзырддаг нæу, æмæ йыл æз дæр дзуринаг нæ дæн. Æз æрмæст уый зæгъинаг дæн, æмæ ирон фæсоктябры аив литературæйы алы жанртæ æмхуы- зон нæ рæзынц. Драмон жанртæ бынтон чысыл бынат ахсынц, фæлæ эпосон жанртæ дæр, куыд æмбæлы, афтæ нæ рæзынц. Кæд нæ поэтты рæнхъытæ нымæцмæ гæсгæ хъæздыг кæнынц бонгай, уæд нæ прозæ уыцы амондæй нæ фæхайджын. Афтæ- мæй та аив прозæ, мæнмæ гæсгæ, ныртæккæйы дуджы бирæ ах- сджиагдæр у ирон скъолаты практикæйы мидæг. Цæмæн сабыр- дæр рæзы аив прозæ æмæ прозæйæ фысджытæ цæмæн къаддæр ысты хыгъдæй, ууыл лæмбынæгæй нæ фæдзурдзынæн ацы ран, æрмæст цыбырæй афтæ зæгъын: аив прозæ фылдæр, тынгдæр цæттæдзинадыл домы фыссæджы (æмткæй нæ зæгъын, фæлæ, ныртæккæ ирон аив литературæ æмæ йæ кадртæ цы раны сты, уымæ гæсгæ). Кæд «æмдзæвгæ» афыссыныл бирæ бадын нæ 20§О
хъæуы, кæд «æмдзæвгæ» бирæ хъуыды, бирæ фенын æмæ бирæ зоныныл нæ домы, кæд уыцы куысты поэты къухы æфты дæс- ыссæдз «куплеты» афыссын иу æрбадтыл, æрмæст рифмæтæй хъазын хъулæй хъазæгау куы зонай, уæд, стæй сæ амыхуыр кæ- ныны хъуыддаг дæр дыккаг бонæй фылдæр нæ хæссы, цæмæй поэты ном къуыримæ «Санаты Семы» номау айхъуыса Ирысто- ны, уый тыххæй, уæд прозаикон уацмыс къухы уа ’нцæнттыл не ’фты. Уый домы бирæ фенындзинад, бирæ зонындзинад, бирæ бафæллой кæнын. Æмæ ахæм миниуджытæ кæмæ ис, уыцы нæмттæ нымæцæй ирон аив литературæйы бирæ не сты. Нымæ- цæй бирæ не сты, фæлæ ирон литературæйы сæ уæз бирæ у. Уыдонæй иу у Дзесты Куыдзæг. Стыр хæзна бахаста Дзесты Куыдзæг ирон литературæмæ, стыр хорз хъуыддаг бакодта «Рæстдзинад», Куыдзæджы ра- дзырдты æмбырдгонд мыхуыры кæй рауагъта, уымæй. Чиныджы ис фынддæс радзырды. Чиныг йæ апмæ гæсгæ кæны дыууæ дихы; фыццаг дих æвдисы социалистон арæзтады фæлтæр Ирыстоны, дыккаг дих та — «фыд-заманы фæлхортæй» ма Ирыстоны талынг фæскъуымты цы баззад, уыдон. Иу ра- дзырдæй дæр дзы, нæ бæззы, зæгъгæ, зæгъæн нæй. (Æцæг, «Кæй аххос уыд» бирæ лæмæгъдæр у иннæтæй). «Хорхæссæг», «Фæс- таг аргъау», «Госæ», æмæ «Дæндаг ныссасти», зæгъгæ, ацы ра- дзырдтæ сты тынг фидар бынаты аккаг ирон литературæйы, æмæ, уæвгæ, ахæм бынат ахсгæ дæр æркодтой. Хуссар æмæ Цæгат Иры ’хсæн фæндаг уа, зæгъгæ, уый цас ахсджиаг хъуыддаг у, уый хъуамæ алы ирон адæймаг дæр зона. Цалынмæ уыцы фæн- даг фæзына, уалынмæ дзæгъæлтæ кæндзысты кæрæдзийæ «Тем- сыртæ» æмæ сæ фырттæ «Додитæ» æфцæгыл, хаудзысты был- тæй, сæфдзысты тымыгъы. Æрдз тæригъæд нæ зоны, басæттын æй хъæуы. «Уæй, цæй æнамонд боны райгуырдтæн, цæй, — йæ дзыхы дзаг ныббогъ кодта Темсыр. Никæмæ фехъуыст йæ хъæр. Æгомыг къæдзæхтæ бæзджын кæрцы тыхтæй мигъы аууон фы- нæй кæнынц, хъуыды дæр нæ кæнынц хорхæссæджы. Бирæ фæндаггонтæ фæцыд ай хуызæн бонты сæ хъæбысты. Уазæгсур гуымирытæ иу цæуæджы дæр нæ афæндараст кодтой сæ къæсæ- рæй». («Хæхтыл»у 17 фарс.) Раст зæгъы, иттæг раст зæгъы Дзесты Куыдзæг. — «Уазæгсур гуымирытæ» бирæ «Темсырты» фæныхъуырдтой, уыдонмæ хъæр нæ хъуысы, къуырма сты. Фæлæ «Додитæ» дæр сæ фыдæлты хал хæрдзысты, цалынмæ æфцæгыл цæуой, уалынмæ. Æфцæгыл та сын æнæ цæугæ нæй: сæ цард афтæ домы. «Никæмæ фехъуыст хъæр»... Нæ, уый мæн нæ уырны, Куы- дзæг! Хъæр хъуамæ фехъуыса! «Цæст — амонæг, æмæ цæст ницы уЬшы». Уый раст у. Хъуамæ æфцæг цæрдхуынкъ фæуа, æмæ дыууæ Иры кæрæдзийы феной. Уæд сæ экономикæ дæр æмæ сæ культурæ дæр размæ сæхи айсдзысты стыр къахдзæфтæй. 02°б
Ницæмæй фау æрхæссæн ис «Хорхæссæг»-мæ — аппæй дæр, формæйæ дæр. Дæлдæр нæу уыцы миниуджытæй «Фæстаг аргъау» дæр. Фæци Бæтæгты дуг. Аивгъуыдтой уыдон цардæй. Байхæлд сæ «къона». Царды рад ис Аким, Бидыр, Мурат, Симæ — уыдонмæ. Æцæг, «Бæтæгты аргъæуттыл» уæлхох кæнын нæ хъæуы. Зынаргъ ысты уыцы аргъæуттæ цардарæзты хъуыддаджы. Æфхæрд уыди, мæгуыр уыди, рыст уыди, талынг уыди хæх- хон сылгоймаг. Октябры революци йæ ракодта уæрæх фæндагмæ. Рæсугъд у фæндаг. Паддзахвæндаг нæ, нæ! Æндæр фæндаг. Æну- сон сæджы чъиуæй, уæззау бæлæгъ-арынджы цурæй, гуымиры арахъыстон гарзæй, фæныкгуыбын кæрдзын æмæ хоры къутуйæ рахызт социализммæ фæндаг — Стыр Октябры арæзт фæндагмæ. Дзесты Куыдзæджы радзырд «Госæ»-йæ æххæстдæрæй æвдыст никуыма æрцыд ирон сылгоймаджы фыццаг цард æмæ йæ ног фæндагмæ рахызт. Курдиатджынæй æвдисы Дзесты Куыдзæг кълассон тох æмæ социалистон арæзтад ирон хъæуы йæ радзырдты: «Дæндаг ныс- састи», «Дыууæ æфсымæры», «Æндæр зиу». Æвдисы, ирон фæл- лойгæнæг лæг йæ зæронд зæрдæйы хъæд куыд ивы æмæ ног царды уылæнты куыд ныгъуылы, уый йæ радзырдты: «Хъанду- айы фæсмон», «Зæрондæй æртасыд». Рæсугъд æвдыст цæуынц чиныджы, фыд-заманы фæлхæрт- тæй ма царды цы баззад æмæ цардарæзтæн цæлхдур чи у, уыдон, «Фыдгæнд», «Пъæззы» æмæ «Хæдмæл хъаст», зæгъгæ, уыцы радзырдты. Нæ фыссæгæн йе стырдæр миниуджытæй иу у уый, тынг хорз кæй зоны ирон адæмы цард — Хуссарæй, Цæгатæй, ивгъуыд цард æмæ ног цард дæр. Фыссæгæн ахсджиаг у, цæй тыххæй фæфыссы, уый зонын. Дзесты Куыдзæгмæ уыцы хъуыддаджы фау ничи æрхæсдзæн. Цæйдæриддæр тыххæй фыссы йæ радзырдты, уый зоны хорз, федта йæ, сахуыр æй кодта. Хъæздыг у йе ’взаг, бирæ хорз фа- дæттæ йын аразы йæ куысты. Бæстон бынат æрцахста Дзесты Куыдзæг ирон аив литерату- рæйы. Курдиатджын фыссæгæй равдыста йæхи. «Рæстдзинад» хъуамæ бакуса, цæмæй Дзесты Куыдзæгæн йе ’ннæ радзырдтæ дæр рацæуой хицæн чиныгæй, ууыл. Ахæм уацмыстæ (зæгъæм, «Диссаджы куырой» æ.æнд.) ирон аив литературæйы бирæ нæй æмæ хъуамæ хæццæ кæной адæммæ. Æцæг, афтæ бакæнын хъæудзæн рауагъдадæн, цæмæй, фыц- цаг чиныджы цы хъæнтæ ис, уыдон дыккаджы мауал уой. «Хæх- тыл» хорз уагъд нæу. Йæ гæххæтг хуыздæрхъуаг у, йæ шрифт дæр афтæ. Ис дзы бирæ корректурон рæдыдтæ. Иудзырдæй, чиныгæн йæ хуызы бæллиццагæй ницы ис. Ахæм зынаргъ æрмæг хуызджындæрæй æвдисын хъæуы адæммæ. 2Р1о
Дзесты Куыдзæгæн йæхи тыххæй та ахæм фæндон ис, цæ- мæй уый йæ курдиатмæ йæ цæст тынгдæр фæдара, бакуса йыл, йæ фæндæгтæ йын бахсæда. Аив прозæйы аргъ уæлæмæ исæг æгъдæуттæй иу у интригæ. Æз афтæ зæгъинаг нæ дæн, æмæ нæ фыссæджы уацмысты уыцы момент нæй, зæгъгæ. Æз æрмæст уый зæгъын, æмæ уыцы момент цас тынгдæр уа, уыйас уацмыс фылдæр кæсæг ары йæхицæн. Ис Дзесты Куыдзæджы радзырдты композицион хъæнтæ дæр. Хаттæй-хатт уацмысæн йæ сæйраг тагыл фæрссаг тæгтæ сыз- дыхсынц æмæ йæ кæсæджы цæстæй фæцæйæмбæхсынц. Ахæм рæттæ ис радзырд «Госæ»-йы. Зæгъæм, IV сæры райдайæн, кæнæ йæ кæрон «Даргъ нарæг фынгтæ»... æ. а. д. Уыцы бынæттæ цыма хицæн буаргъæдтæ сты, уым сæ бынат нæ уыд, афтæ фæ- зыны лæгмæ, радзырд кæсгæйæ. Раст зæгъын хъæуы, бирæ ис Дзесты Куыдзæгмæ тынг аив фæзилæн рæттæ, æппындæр æнхъæл кæй нæ вæййы кæсæг, ахæм рæттæ. Зæгъæм, радзырд «Фыд- гæнд»-ы. «Уæд та ныууадзæм кæмттыл зилын. Кæд фæуиккам! Бахъæуид ма нæ уæд æрзилын Гудистыл, Гсантыл, Къахыртыл, Къуыдаргæмтты, фæлæ. Ехх! Цæй чысыл дæ, Ирыстон, æмæ цæй бирæ сты дæ талынг къуымтæ!» Фæлæ æнаив фæзилæнтæ уæддæр ысрæстытæ хъæуы. Ис радзырдты, æцæг тынг ыстæм, синтаксисон хъæнтæ дæр. «Хъули сæхимæ куы бацыд, уæд фосы фыййауæн кæртæн йæ иу къуымæй иннæмæ каудуарыл æрбаскъæрын кодта...» (89 фарс). Зын æмбарæн кæсы мæнмæ ацы фразæ. Æцæг, ай фыссæджы синтаксис у, зæгъгæ, уый дæр мæ тынг хорз нæ уырны, уый тыххæй æмæ, «Рæстдзинад»-ы типографийы мыхуыргæнгæйæ, хаттæй-хатт ахæм «сæрбихъуырæйттæ» рауайы, æмæ фыссæг йæ- хионты нал фæзоны. Æвзагæй тыхджын у, зæгъгæ, загътон Дзе- сты Куыдзæг. Нæ фысджытæй бирæ уыцы хъуыддагæй Куы- дзæджы æмцыд нæ акæндзæн. Фæлæ уæддæр Куыдзæгмæ дæр ис дæрзæг бынæттæ... «Иннæ Зæлийы бæхы ’рдæм уыцы иу æнтъæрд аласта» (85 Ф.). «Цыма йæ астæубос халы, афтæмæй æрбацæуы Гæмси...» (91 ф.). «Уыцы мадæй рацæуын дæм ра- гæй дæр æгад касти, фæлæ дæ фарсмæ цы хъазахъхъаг булкъон ис, уый с... сбыр æмæ скадджын уай» (82 ф.). Ахæм примитивон æвзаг æмæ ахæм примитивон, натуралис- тон хуызтæй хъæздыг кæнæм нæ аив литературæ, зæгъгæ, уыцы фæндагыл ныллæууын, мæнмæ гæсгæ, хорз нæу. Фæстаг фæндон ахæм ис: Куыдзæг хъуамæ райса фæтæн- дæр кæттаг, хъуамæ бафæлвара парахатдæр нывтæ аразыныл — ахорæнтæй ифтонг у, хъуамæ нын равдиса прозæйы жанртæн сæ дынджырдæр хуызтæй. Бирæ лæвæрд кæмæн вæййы, уымæй фылдæр фæагурынц. Ныфс нæ ис нæ зынаргъ фыссæгæй. 0,208
ДЗЫРДЫ ДÆСНЫ Цалдæр дзырды Хетæгкаты Къостайы тыххæй «Самые, по-видимому, простые и обыкно- венные предметы часто бывают в своей сущностн самыми важными и великими». Белинский. «Две детские книжки». Циу, цавæр у аивад, æмткæй, ыстæй аив литературæ, хицæ- нæй райсгæйæ, куыд аивады ахъаззагдæр хуызтæй иу, — уый нæ рæстæджы хъуамæ ВУЗ-ы алы студент дæр зона, æмæ йæ зонгæ дæр кæны. ВУЗ-ы студент, зæгъгæ, уымæн зæгъын, æмæ уый зонындзинад исы, куыд теоретикон зонындзинад. Уыййеддæмæ аивады тых, аив литературæйы тых æнахуыргонд адæймаг дæр æвзары. «...Социалон уагæй къæрцхъус чи у, уыцы кусджыты сæры уыдон æппæт гуырын кæнынц æнкъард хъуыдытæ... Урай- лаг, Мамин-Сибирячы чиныг куы бакасти, уæд фыссы: «Цы хорз фыста Мамин! Мах карчы цъиутæ та? Газет райсдзынæ, бакæс- дзынæ критикæ, рафысдзынæ чиныг, кæс, — критикæ фыста лы- мæн. Чиныг æппындæр ницæйаг, æнкъард, бамбарæн дзы ницы ис, цыма уырыссагау фыст нæу, афтæ. Цыдæр бакæнын хъæуы уыцы быдыргъыты ныхмæ, цыдæр зæгъын хъæуы фысджытæн, сахуыр сæ кæнын хъæуы адæймаджы уагыл фыссын»...* Рагон куырм цæйау загъта, адджын ме ’взаг хаты, фæлмæн та мæ уырз, зæгъгæ, хъуыддаг афтæ у. Фæлæ адджын хæринаг адджын хæ- ринаг цæмæн вæййы, фæлмæн та — фæлмæн, уый бамбарын- хъом адæм се ’ппæт нæ вæййынц. «Цыдæр зæгъын хъæуы фыс- джытæн, сахуыр сæ кæнын хъæуы, адæймаджы уагыл цæмæй фыссой, афтæ», зæгъгæ, дзæгъæлы нæ фыссы урайлаг кусæг. Уый (кусæг) æмбары аив литературæйы «ад», фæлæ литерату- рон уацмысæн цæмæй хорз «ад» уа, уый тыххæй цы хъæуы, уый нæ зоны. Уый тыххæй зæгъы: «Цыдæр зæгъын хъæуы фысджы- тæн». ВУЗ-ы студент дæр хаты «ад», ыстæй ма уымæй дарддæр ноджы теоретикон æгъдауæй зоны, литературæ кълассон идео- логи кæй у, уый. Фæлæ йæ дарддæр куы бафæрсай, цавæр спе- цификон æгъдæуттæм гæсгæ æххæст кæны аив литературæ йæ идеологон хæстæ, зæгъгæ, уæд уыцы студент дзуапп раттынмæ тынг рæвдз нал разындзæн. * «Всё это вызывает у рабочих, социально-чутких, невесёлые мысли. Уралец, прочитав книгу Мамина-Сибиряка, пишет: «Как хорошо писал Мамин! А наши цыплята? Возьмёшь газету, прочитаешь критику, выпи- шешь книжку, глядь, — критику-то куманёк писал. Киижка ни к чёрту, скучно, понять ничего нельзя, как будто не по-русски писано. Что-то надо сделать с этим барахлом, надо что-то сказать писателям, научить их писать человечески»... (М. Горький. Статьи о литературе и литературной технике. ГИХЛ, 1931 г., стр. 25). 14* 209о
Æз ацы ран мæ разы ахæм хæс не ’вæрын, литературæйы спецификæйыл æрдзурон, зæгъгæ. Литературæ стыр хъуыддаг у, аив литературæмæ бирæ хицæндзинæдтæ ис. Ахуыр æй цы дисциплинæ кæны (литературæзонæн — литературоведение), уый дæр тынг уæрæх æмæ арф дисциплинæ у. Ис ын ахæм хицæн хæйттæ: литературæйы истори, методологи, критикæ, поэтикæ. Æввахс æм лæууынц лингвистикæ, истори æ.æнд. Æз дзы рай- синаг дæн æрмæст иу хай — поэтикæ, цæмæй уыимæ бастæй иу дыууæ ныхасы зæгъон Хетæгкаты Къостайы поэтикон дæсны- дзинады тыххæй. Поэтикæ, поэтикон дæсныдзинады технологи, фаг бынат нæма ’рцахста советон литературæзонæны. Аивады формалон момен- тыты анализæй цыма тæрсæгау кæнынц, афтæ у. «Формалон моментытæ», зæгъгæ, куы ской кæнай, уæд дæ уайтагъд «форма- лист» акæнынмæ ахъавынц. Уый раст нæу. «Формализм» æмæ аивады формалон моментыты анализ — уыдон иу не сты. Фыц- цагæй хи хизын хъæуы, дыккаг та нæ хъæуы тынг æхсызгон. Раст зæгъын хъæуы, аивады формалон моментытæ сæхуыд- дæг баст ысты идеологийыл. Эпитеттæ, метафорæтæ, аллегоритæ, барстытæ — уыдон се ’ппæт дæр ысты баст идеологийыл. Рай- сæм ахæм метафорæтæ: Пчела из кельи восковой Летит за данью полевой. (Пушкин) Ацы ран «кельи» æмæ «даныо» сты метафорæтæ. Пушкин сæ райста йæ къласæй, цы ’хсæнады царди, уыцы æхсæнадæй. Со- ветон поэтмæ ахæм метафорæтæ нæй, æмæ йæм хъуамæ ма уа. «Кельи» нал ысты, «дань» дæр нал ис. Царды цынæуал вæййы, уый аивады дæр «аив ахорæны хуызы» нал вæййы. Кæнæ райсæм ахæм эпитеттæ: «царственная роза», «звуки рая», «таинственный сумрак», «богоподобная Фелица» æ. а. д. Ахæм эпитеттæн советон литературæйы уæвæн нал ис. Рай- сæм иоджы барстытæ (сравнения). Безыменскиймæ йæ уацмысы «Политхайады хицауы æхсæв» ис ахæм барæнтæ: «звёзды, как зёрна», «Пахнет ночь пшеничным хлебом». Буржуазон фыссæг та загътаид: «зёрна, как звёзды» æ.а.д. Цæмæн? Уымæн, æмæ сæ эстетикæ хицæн уыдис. Уыдон фыстой «стъалыты», «мæйы», «розæйы», «ароматы» ’мæ æндæрты тыххæй. «Пахнет ночь пшеничным хлебом», зæгъгæ, — уый уыдонмæ гæсгæ уыда- ид, куыд не ’мбæлы, ахæм «прозаизм». Советон литературæйы поэтикæ нырма йæ аразыны стадийы ис. Фæлæ хъæугæ тынг æхсызгон кæй кæны, уый гуырысхойаг нал у, тынгдæр та сове- тон фысджыты фыццаг съезды фæстæ. Аивады техникæ хи 6а- кæныны проблемæ ныртæккæ æвæрд у советон фысджыты раз, уæлдайдæр та æвзонг фысджыты раз. Уыцы фарст баст у куль- турон бынты фарстимæ. Æз дæр Хетæгкаты Къостайы кой тынг- дæр уый тыххæй бабастон поэтикæйы фарстайыл. 0210
Къостайы тыххæй бирæ ныхас æрцыд æмæ цæуы. Цæугæ дæр ма æркæндзæн. Къостайы тыххæй нырма «æцæг» ныхас ничи загъта. Къостайы тыххæй фыссын хъæуы монографитæ. Æрмæст, ныр куыд фыссæм, афтæ нæ, фæлæ æцæг фыст, аив литературæ цы у, уый æмбаргæйæ. Кæм ис Къостайæн йæ тых? Цæмæн ыл афтæ æнувыд ысты ирон адæмы фæллойгæнæг фæлтæртæ? Цæ- мæн æй æвæрæн кæнынц сæ зæрдæты? Къоста иунæг нæу. Къостайы кой бæттын хъæуы литерату- рæйы классикты нæмттимæ. Мах зонæм, Советон Цæдисы Пушкины хæлæфæй кæй кæ- сынц, уый. Цæмæн? Ис ахæм критиктæ, Пушкины революцио- нер чи кæны, æмæ йæ афтæ бирæ кæй кæсынц, уый йын йæ «революционердзинадимæ» чи бæтты. Уый раст нæу: Пушкины кæсынц уымæн, æмæ стыр дæсны фыссæг у... «Не видит он (Ло- мов) того, что в классиках читателя-рабочего увлекает не идео- логия, а фабула, внешняя занимательность книги, обилие в ней содержания, наблюдений, знаний, её изобразительное мастерство, т. е. как раз всё то, чего ещё нет и пока не может быть у боль- шинства молодых писателей, вследствие их малого знакомства с техникой литературной работы. Фадеев, Шолохов и подобные им таланты пока ещё — единицы. Но как мы видим, рабочий класс совершенно правильно оценил их достоинства художника слова» (М. Горький. Статьи о литературе и литературной технике, ГИХЛ, 1931 г., стр. 26). Къоста у ирон литературæйы классик. Дыккаг хатт зæгъын: мах Къостайы кой бирæ фæкæндзыстæм. Цалынмæ ирон дзы- хæй дзурæг уа зæххыл, уалынмæ Къостайы койæн æнæ кæнгæ нæй, уый тыххæй, æмæ йæ историон «амонд» афтæ раййæфта. Алы нацийæн дæр ис «Къоста». Уырысæн — Пушкин, Украи- нæйæн — Шевченко, Гуырдзыйæн — Шота Руставели, Грекъæн — Гомер æ. а. д. Ирон адæмæн та сæ «Пушкин», сæ «Руставели», сæ «Шевченко», сæ «Гомер» — Хетæгкаты Къоста. Кæй зæгъын æй хъæуы, кæй ранымадтон, уыдонæн сæ масштаб, сæ базырты ариуыгъд æмхуызон нæу. Чи дзы цы фæлтæры царди ’мæ дзы алкæмæн дæр йæ наци цы бынат ахста йæ историон дуджы дзыл- лæты ’хсæн, цас хъомыл уыд, афтæ дзы алкæмæн дæр у йæ таланты рæзт, йæ зонды горизонт, йæ афæлгæст цардмæ, йе ’нтыстдзинæдтæ. Уырыс, Грекъ, Гуырдзы, Украинæ, — уыдо- нæй алчидæр йæ историон хибазонындзинад, йæ национ культу- рæйы райгуырæн сахат, йæ авдæны бонтæ, йæ царды уалдзæг — бæтты «йæ лæджы» номимæ. Уырыс — Пушкинимæ, Грекъ — Гомеримæ, Гуырдзы — Руставелиимæ, Украинæ — Шевченко- имæ, ирон адæм та Къостаимæ. Чи гуырысхо кæны, Шота Рус- тавелимæ революцион идейæтæ кæй нæй, ууыл: Тамар, гпебя пою, гпы — солнце не заходящей красогпы, Твой сгпан гпочёный шонко — стпроен, и крогпкий лик являешь шы. Тамар, эфир молниеносный, словесный луч целебных тправ, 2Цо
Ларец познаний, ключ, текущий среди эдемовых дубрав. В щедротах ты подобна морю, высоким духом — неоесам. Ты — милосердье и смиренье, и упоение глазам. Из края в край, идя с победой, и славой тронув грудь струны, Ты победителей сразила, они тобой побеждены, Ты с богом разделила сшрасти его взнесённого креста, В горах ты утвердила веру, их высота тобой свята. Все люди власть твою признали, и люди ль тонко слились в хор? Тебе подвластны львы в равнине, тебе послушны барсы гор. Тебя зовут светила — солнцем, тебя возносят семь планет. Но для певцов ты не доступна, и до тебя дороги нет. (Шота Руставели. — Посвящение к поэме «Носящий барсову шкуру»), Ус-паддзах Тамары стауы, уымæн зары уыдæттæ. Æмæ йæ уæдæ афтæмæй советон Гуырдзыстон йæ культурæйæн тырыса цæмæн кæны? Националистытæ сты гуырдзы, æмæ уымæн? Нæ. Уæдæмæ, уæлдæр цы загътон, уымæ гæсгæ. Æз афтæ нæ зæгъын, æмæ, классикон бынты кой кæнгæйæ нæ социологон анализ кæнын нæ хъæуы, зæгъгæ. Хъæуы, тынг хъæуы сбæрæг кæнын, цавæр социал-экономикон мæрæй рав- зæрдысты иу кæнæ иннæ классичы уацмыстæ. Сбæлвырд хъæуы, цавæр социалон ызмæлдтыты хуызтæ ’вдыст æрцыди йе сфæл- дыстады, фæлæ аив литературон уацмысæй хуымæтæджы бæгъ- нæг социал-экономикон документ аразæн нæй. Афтæмæй социо- логон метод цæуы вульгаризацигонд, æввахс кæны пародимæ. «... Рассматривается весь круг деятельности того или иного писателя, определяется степень его влияния на современников и потомство, разбирается дух его творчества вообще, а не частные красоты или недостатки, берутся в соображение обстоятельства его жизни, дабы узнать, мог ли он сделать больше того, что сде- лал, и объяснить, почему он делал так или этак; и уже по сообра- жении всего этого решают, какое место он должен занимать в литературе и какой славой должен пользоваться». (Белинский). Мæнмæ гæсгæ йæ афтæ хъæуы æвзарын фыссæджы сфæл- дыстад. Ахæм фæндæгтыл бацæуын хъæуы Къостамæ дæр. Æз, райдианы куыд загътон, социологон анализ нæ кæнын ныртæккæ Къостайы сфæлдыстадæн — уыцы хæс не ’рæвæрдтон мæ разы. Фæлæ йын раст социалон анализ куы скæнæм (уымæн та æнæ кæнгæ нæй), уæддæр уый æгъгъæд нæ уыдзæн, цæмæй, Къоста цы бынат æрцахста ирон литературæйы æмæ ма ныр дæр зæрдæмæ афтæ арф цæмæн цæуы, уый цæмæй ысбæлвырд уа, уымæн. Ацы фарстæн ис æрмæст иу дзуапп, уæлдæр кæй рад- тон, уый: Къоста цæуы æмæ цæудзæн зæрдæмæ æрмæст уый тыххæй нæ, æмæ ирон мæгуыр адæмы тухийы цард кæй равды- ста, Уæрæсейы хæдхæцæг паддзахы ныхмæ кæй тох кодта, на- цийы сæрибардзинады идеолог кæй уыдис, фæлæ ма Къоста цæуы æмæ цæудзæн зæрдæмæ уымæн, æмæ дзы ирон адæм уындзыс- 0212
ты, сыгъдæг айдæны куыд уынай, афтæ сæ историон хибазонын- дзинады сахат, сæ национ культурæйы райгуырæн бон, сæ цар- ды уалдзæг. «Трудность заключается не в том, чтобы понять, что гречес- кое искусство и эпос связаны известными формами общественно- го развития. Трудность состоит в понимании того, что они ещё продолжают доставлять нам художественное наслаждение и в известном смысле сохраняют значение нормы и недосягаемого образца. Почему детство человеческого общества там, где оно развилось всего прекраснее, не должно обладать для нас вечною прелестью, как никогда не повторяющаяся ступень! Греки были нормальными детьми. Обаяние, которое исходит от их искусст- ва, не стоит в противоречии с той неразвитостыо общественной ступени, на которой оно выросло. Наоборот, обаяние это являет- ся результатом указанной неразвитости и неразрывно связано с тем, что те незрелые общественные отношения, при которых оно возникло и только и могло возникнуть, никогда не могут повто- риться снова». (К. Маркс. К критике политической экономии). Марксы ныхæстæ Къостамæ æххæссынц æви нæ? Æххæссынц, ирон адæмы историйы масштабы. Къостайы сфæлдыстад «сохраняет, в известном смысле, значение нормы и недосягаемого образца» æви нæ? Ай-гъай! Къостайы сфæлдыс- тад зæрдæмæдзæуындзинадæй нырма ирон литературæйы у иунæг. Цымæ, цæмæн афтæ у? Уымæн, æмæ Къоста уыдис кур- диатджын поэт; уымæн, æмæ хæст уыдис дæсныдзинадыл; уымæн, æмæ ирон æвзаг, ирон адæмы культурæ, историон фæлтæр — уыдон цыдæриддæр лæвæрдтой, уыдоны Къоста, Куырдалæго- ны куынцгомау, йе сфæлдыстадон куырдадзы рацагъта, синтезмæ сæ ’ркодта. Къостайы культурон бынтæй спайда кæныны проблемæ æрæ- вæргæйæ, кæцырдæм хъуамæ скæнæм нæ цæстæнгас? Къоста- йæн йæ дæсныйадмæ. Æмæ уый раст уыдзæн? О, раст уыдзæн. «Мы не отрицаем наследства», — сказал он (Ленин) лет 35 тому назад и всю жизнь свою, всей своей работой доказал, что действительно не отрицает ничего ценного в буржуазной культу- ре. Мне кажется, что самым ценным в нём он считал технику, «мастерство» во всех областях труда, и в области литературы тоже... Вопрос об отношении к литературе классиков сводится к вопросу о мастерстве. Всякая работа требует мастера. Старинная пословица совершенно правильно отметила, что: «Всякое дело мастера боится, а иной мастер дела боится». Для того, чтобы не бояться дела, нужно хорошо изучить материал, овладеть им. Бо- ятся дела только те, кто его не знает или плохо знает. Такие люди, будучи испуганы сложностью дела, конечно, не способны развивать его и стараются упростить. Результат упрощения обык- новенно таков: сбил, сколотил — есть колесо! Сел да поехал, — эх, хорошо! Оглянулся назад — одни спицы лежат... 213о
К разряду упростителей принадлежат люди бездарные, бес- памятные, а также «рвачи», людишки, которые спешат занять видное место, паразиты... Должны ли выдвиженцы рабочего клас- са, молодые литераторы, учиться делу живописи словами у ста- рых мастеров? Совершенно ясно, что должны, потому что им необходимо усвоить и освоить приёмы работы, «секреты мастер- ства...»* (М. Горький. Статьи о литературе и литературной технике, ГИХЛ, 1931 г., стр. 16—31). Цы хонæм дæсныйад? Аивадæн йе спецификæ у хуыз (образ). Аив литературæйы хуыз арæзт цæуы дзырдæй, дзырд у йе ’рмæг. Æрмæг цы уа, æрмæгæй цы саразай, уый дæр уымæ гæсгæ уыдзæн. Цавæр у Къостайы æрмæг? Фау æрхæссын æм тынг зын у. Къостайы по- этикон лексикæ æвзæрст мæнæуæй уæлдай нæу. Ирон æвзаджы къæбицы зынаргъ æвæрæнæй цыдæрид уыдис, уыдон Къоста йæхи бакодта. Фæлæ хицæн дзырды хорзæй хорз уацмысы хор- зы ’хсæн бирæ зæхх ис. Æрмæгæн дæсны хъæуы. Мраморы рæ- дзæгъдтæ архитектурон уацмыс нæма сты. Æрмæгæн алцыдæр хъуамæ йæ бынаты уа. Къостайы уацмысты алы дзырд дæр ис йæ бынаты, æрмæст иу бынаты. Къоста йæ кæм сæвæрдта, уырдыгæй йæ чысыл куы фæиртæсын кæнай, уæд уайтагъд уацмысы аивдзинад æндæр- хуызон фæуыдзæн. Къоста æвзагæн тыхмитæ нæ кодта, дзырд- ты сæ «дыууæ хъусæй» нæ ласта, ферхæц-ферхæц нæ кодта дзургæ-дзурын. * «Бынтæ нæ нæ хъæуынц, зæгъгæ, мах ууыл лæуд не стæм», — загъта уый (Ленин) иу-35 азы агъоммæ, æмæ йæ цардæй, йæ куыстæй æнæхъæ- нæй равдыста, буржуазон культурæйы æргъагæй цы ис, уый кæй не ’ппæр- ста, уый. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ буржуазон культурæйы уый зынаргъ- дæр хуыдта техникæ, «дæсныдзинад» — фæллойады алы облæсты дæр, литературæйы дæр афтæ... Классикты литературæмæ цы цæстæй кæсын хъæуы, уыцы фарст æппынфæстагмæ æнцайы дæсныдзинады фарстыл. Алы куыстæн дæр хъæуы дæсны. Рагон æмбисонд тынг раст у: «Алы хъуыддаг дæр дæсныйæ тæрсы, фæлæ иуæй-иу дæсны та хъуыддагæй тæрсы». Цæ- мæй хъуыддагæй мауал тæрсай, уый тыххæй сахуыр кæнын хъæуы æрмæг, хи йæ бакæнын хъæуы. Хъуыддагæй æрмæст уый тæрсы, æмæ йæ чи нæ зоны, кæнæ йæ æвзæр чи зоны. Ахæм адæм (хъуыддаджы стырдзинадæй, зындзинадæй чи фæтæрсы) хъуыддаг размæ акæнын, хъуыддаг сырæзын кæнынхьом не сты, æмæ йæм уæлæнгай цæстæнгасимæ бауайынц. Уæлæн- гай цæстæнгасы результат та ахæм у: «Цъапп-цъупп — æмæ дын цалх! Сбадт æмæ фæцæуы, — гъей, цы хорз у! Фæстæмæ фæкасти — цалхы дæндæгтæ азгъæлдысты...». Уæлæнгай цæстæнгас дарджыты нымæцмæ хауынц æнæминиуæг адæм, ноджы «тонагæнджытæ», зынгæ бынæттæм бахауынмæ чи тындзы, ахæмтæ, паразиттæ. Кусæг кълас размæ кæй æргъæвы, уыдон, æвзонг литератортæ, зæронд дæснытæм ахуыр кæной, дзыхы дзырдæй ныв кæнындзинадыл, æви нæ? Æнæмæнг хъуамæ ахуыр кæной, уый тыххæй, æмæ уыдоны хъæуы базонын æмæ хи бакæнын куысты фездæхтытæ, «дæсныдзинады секреттæ». О^14
Хиаразгæ нæу йæ синтаксис Къостайæн, ирон æвзаджы нор- мæтæй æрдуйы бæрц никуыдæм фæзылди, уымæн афтæ зæлдаг уадзæгау цæуынц дзырдтæ йæ хъæлæсæй. Райсæм «Ирон фæндыр» æмæ йæм æркæсæм кæрæй-кæ- ронмæ. Алы дзырд дæр дзы ис йæ бынаты, алы хъуыдыйад дæр дзы арæзт у, адæм куыд дзурынц, афтæ. Æвзагæн тыхмитæ нæ кæны Къоста. Ныббар мын, кæд-иу дæм мæ зарæг Кæуæгау фæкæса, мыййаг... Тызмæгæй мæм ма кæс, Мсе фыды зæронд. Дæ зæрдæмæ ма хæсс Мæ зæрдæйы конд... ...Хорз фыййау пыхсы дæр ары йæ фосы фæд... Кæцыфæнды æмдзæвгæ райс, — алкæцы дæр афтæ. Дзырд у хуыз аразыны фæрæз. Къоста нын дыууæ-æртæ дзырдæй нæ разы авæры стыр рæсугъдарæзт нывтæ: Халон баргъæвст сындзыл, Уад тымыгъ хæссы. Сау айнæджы рындзыл Нары хьæу хуыссы... ...Артдзæсты кæрæтты, Фæныкмæ æнгом, Бадынц сывæллæттæ, Чи бæгънæг, чи — гом... ...Адæммæ кæм нæу фыд-зæрдæ Иуцæстон сæтой! Хоры кьутуйау — йæ тæнтæ, Бинаг был — кæфой. Къостайæн йæ алы хъуыдыйад, йæ алы строфа дæр у ныв. Бынтон æнæфауд та у Къостайы уацмыстæн сæ композици: йæ нывтæ арæзт сты, стæй кæрæдзийыл баст цæуынц, куыд æмбæ- лы, афтæ, нормалон уагыл. Уыцы миниуæгæй ирон æвзонг лите- ратурæ у цух. Фæллойгæнæг адæм — дзырдæй уа, зæрдæйы уагæй уа, зон- дахастæй уа, сагъæсæй уа — ахæм у Къостайæн йе сфæлдыстады уидæгты рæвдауæг, æфсадæг, хъомылгæнæг. Гъе, ам ис Къос- тайæн йæ тых. Къоста иста æрмæг адæмæй æмæ фыста адæмæн. Аивад у адæмы, йæ уидæгтæ хъуамæ ацæуой адæмы ’хсæн, афтæ дзырдта Ленин. «А можно ли быть оригинальным, не будучи народным?» — фыста Белинский. «Адæмон», зæгъгæ, кæд искæ- мæй зæгъæн ис ирон литературæйы, уæд Къостайæ. Уымæн ахæм арф бынат æрцахста Къоста адæмы ’хсæн, адæмы риуты, æмæ 2Т5о
йæ уымæн нæ рох кæнынц, ыстæй йæ уымæн никуы ферох кæн- дзысты. Къоста дзырдта зæрдæйæ, йæ пъеро тылдта йæ зæр- дæйы туджы. Гъе, уымæн цырын кæны зæрдæтæ, уымæн æнхъæв- зы адæймаджы тугдадзинты. Цы сты аив уацмысы миниуджытæ, зæгъгæ, фæрсы Л. Толстой, æмæ дæтты ахæм дзуапп: а) æнцон æмбарæн цæмæй уа; б) рæсугъд куыд уа, æмæ с) авторы зæр- дæргомдзинад (искренность) куыд æвдиса. Къостайы уацмыстæ уыцы миниуджытæй мисхалы бæрц дæр цух не сты. Уыцы ми- ниуджытæй Къоста у фæзминаг. Æмæ Къостайы культурон бын- тæй спайда кæныны проблемæ куы æрæвæрæм, уæд æм, мæныр- дыгонау, иттæг тынг кæсын хъæуы ахæм цæстæй. КЪОСТАЙЫ БИБЛИОГРАФИЙЫ ТЫХХÆЙ Къостайы литературон бынтæ мах нырма, куыд æмбæлы, афтæ нæ зонæм. Афтæмæй та бæлвырд у, уыцы бынтæ ирон национ, национ — йæ хуызмæ, социалистон — йæ апмæ гæсгæ чи у, уыцы культурæйы рæзтæн цас бирæ ахъаз ысты, уый. Къос- тайæн йæ цард æмæ сфæлдыстады тыххæй нæм абоны онг — Гæдиаты Цомахъы статьяйы кой куынæ кæнæм, уæд иу нывыл, иу хуызæн куыст дæр нæй. Фæлæ уыцы статья дæр фæлварæн у. Иннæ куыстытæ се ’ппæт дæр ысты тынг уæлæнгай фыст. Къоста уыд æмæ ныр дæр у ирон адæмы тæккæ егъаудæр поэт. Уый сарæзта ирон литературон æвзаг æмæ бындур ыскод- та ирон аив литературæйæн. Къоста уыд хæдхæцæг паддзахы цыфыддæр ызнаг. Къоста уыд мæгуырты зарæггæнæг, пролета- риаты разамындæй Стыр Октябры революци аразынмæ чи ’рцыд, уыцы мæгуырты зарæггæнæг. Фæллойгæнæг Иры историйы Къостайы фæзынд ыстыр хъу- ыддаг у, æмæ йын йæ цард, йе сфæлдыстад хъуамæ, куыд æмбæ- лы, афтæ сахуыр кæнæм æмæ базонæм. Фæлæ уый тыххæй æппæт æрмæг дæр хъуамæ нæ къухы уа. Уыцы æрмæг та мах кæнæ æппындæр нæ зонæм, кæнæ та алырæтты лæууы æнæмбырдæй æмæ йын сахуыр кæныны фадат нæй. Къоста йæ публицистикон статьятæ фылдæр мыхуыр кодта «Петербургские ведомости» æмæ «Северный Кавказ», зæгъгæ, ахæм газетты. Куыд ысбæрæг кодтам, уымæ гæсгæ-иу Къоста арæх фыста йæхи ном нæ, фæлæ æндæр нæмттæй. Уыцы нæмттæ мах нырма нæма зонæм. Къостайæн йæ царды тыххæй дæр æппæт æрмæг нырма æмбырдгонд нæу. Цы бакуыстам, уый у хæрз чысыл. Къостайы тыххæй æрмæг æмбырд кæныны хъуыддаг дард- дæр хъуамæ бæлвырд æгъдау æмæ уагыл æвæрд æрцæуа. Уый у 1 Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны наукон-иртасæг институтты тæккæ ахъаззагдæр хæс. Тынг ахсджиаг у Къостайы тыххæй библио- графи саразын. Ацы чиныджы цы æрмæг дæттæм, уый æрмæст 02.16
фыццаг къахдзæф у, фæлæ, чи зоны, уый дæр исты ’ххуыс фæуа Къостайы æххæст библиографи саразынæн. Афон у Къостайы литературон бынтæм лыстæг æркæсынæн. Афон у, цæмæй Ирыстоны фæллойгæнджытæн зæгъæм, сæ уар- зон Къостайы тыххæй зæгъын цы ’мбæлы, цы аккаг у, уый. АДÆМЫ ПОЭТ Нæ дзыллæйы зсердсе — Мæ хуымгæнды хай. Къоста. 1906-æм азы 1-æм апрелы банцад йæ кусынæй хæххон адæм- ты сæрхъызойы нæртон зæрдæ, атар ис паддзахы сатрапты цæс- ты сындз, паддзахы фæсдзæуинты æнæхатыр ызнаг, æрæхгæдта йæ цæхæр цæстытæ, мæгуыр фæллойгæнæг адæймаджы сæрыл йæхи нывондæн чи хаста, ахæм лæг, — дæс æмæ ссæдз азы размæ амардис ирон адæмы стыр поэт Къоста. Фыд-дуг, фыд-заман æвзæрстой æгас Уæрæсейы фæллойгæ- нæг адæм дæр, Къоста куы райгуырдис æмæ куы царди, уæд. Паддзахы хицауад йæ цъыф цырыхъхъы бын ыссæста, фæллой- гæнæг адæмæн зæрдæ фæлæууинагæй цыдæриддæр уыд, уый. Уæрæсе уыдис цагъайраджы æфсондзы бын. Паддзахы полити- кæйæн йæ разы уыдис ахæм нысан: сæрибар уарзыны цæхæры стъæлфæн кæмдæриддæр уыд, уый мынæг кæнын. Бынтон фыд- дуг та скодта хæххон адæмтыл. «Цардарæзт æппæтæй дæр цъист кодта хæххон адæмы, тардта сæ рындзмæ, æнæбын ранмæ. Ацы ран дæр паддзахиуæг кодта бынæттон администрацион хивæнд- дзинад, вакханали æмæ адæмы стигъындзинад. Хæххон адæмы ’хсæн цы паддзахадон кусæндæттæ уыд, уыдон фронтоныл цы рагон лозунг уыди: «Бпайе е! 1трега» («дих кæн æмæ хицауи- уæг кæн»), уый ныхæстæ фыст уыдысты: ардау иу нацийы иннæ- уыл, æмæ уыдон кæрæдзиимæ кæй быцæу кæной, уый руаджы фидар кæн дæхи уавæр, дæхи хицауад. Дзырд хæссын, фæдыс- мудын, провокаци, ардауын — уыдон уыдысты æхсæнады низ. Адонмæ ма куы бафтауæм, хæххон адæм пырхытæ кæй уыды- сты, уый, ыстæй сæ гæвзыкк цард, сæ талынгдзинад æмæ се ’нæмбаргæдзинад, — уæд хæххон адæмты царды ныв уыдзæнис æххæст». (Гæдиаты Цомахъ. «Хетæгкаты Къоста — хæххон ирон адсемы поэт».) Иттæг сыгъдæгæй æвдисы Къоста йæхæдæг, цы уавæры уыды- сты хæххон адæм уыцы заманы, уый: Фидар рæхыстсей нын не уæнгтæ сбастой... Мард нын нæ уадзынц, нсе хсехтсе нын байстой, Стырæй-чысылæй нæ уистæй нæмынц. («Додой») 213о
Æрцыдтæн... Мæхицæй фыддæр Мæгуырæй куы ссардтон дæу дæр, Мæ уарзон, мæ иубæстон адæм. («Ракæс» ) Тар хъæдмæ бацыдтæ, пыхсы ныдздзæгъæл дæ, Стонг фосæй — сонтдæр, зыддæр. Иугæйттæй агурыс фароны хæтæлтæ! Стонг фосау сæфыс ды дæр... («Æнæ фыййау») Къоста царди, гъе, ахæм фыд-заманы. Къоста федта Уæрæсейы паддзах æмæ йæ хицæутты цъаммардзинæдтæ, Къоста хæххон фæл- лойгæнæг адæмтимæ бавзæрста уыдон æфхæрд æмæ йæхицæн ны- санæн сæвæрдта уыцы цъаммардзинæдты ныхмæ тох кæнын, сæри- бардзинадмæ сидын, размæ, рухс цардмæ фæндаг амонын. Я счастия не знал, но я готов свободу, Которой я привык, как счастъем, дорожитъ, Отдатъ за шаг один, который бы народу Я мог когда-нибудъ к свободе проложитъ. («Я смерти не боюсь») Мæ хæлар, мæ уарзон! Ныммæл мын фæсмонæй — Ды искуы хæддзуйæ куы скæнай æлдар!.. Мæ хæлар, мæ уарзон! Дæлдзæхæй-уæлдзæхæй — Кæмдæриддæр дæ — тагъд мæ хъæрмæ фæзын... Хъæр мæрдтæм дæр хъуысы. Куы бамбæхсай барæй, Уæд усы кæрдæны мыггагмæ фæхæт!» («Катай») Я смерти не боюсъ, — холодный мрак могилы Давно меня манит безвестностъю своей, Но жизнъю дорожу, пока хотъ капля силы Отыщется во мне для родины моей. («Я смерти не боюсь») Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин, Куы бафидин искуы мæ хæс, * — Уæд афтæ æнкъардæй нæ зарин, Нæ хъуысид мæ кæуынхъæлæс. («Ныстуан») Фæлæ кæй уыд сулæфыны бон, кæм уыд зæрдæйы фæндиаг сызмæлæн, кæм уыд сæрибар уарзаг зæрдæйæн йæ фæндтæ апа- рахат кæнæн, нысанмæ æдæрсгæ къахдзæфтæй бацæуæн?!. Тæхуды, йæ дзыллæйы раз Чи ракæны барджын ныхас.. («Тæхуды») 0218
Къоста кæддæриддæр уыд æмæ ис фæллойгæнæг адæмы ’хсæн. Кæд ын цыфæнды зындзинæдтæ ’взарын кодтой паддза- хы хицæуттæ, сырдтой йæ, йæ фæндæгтæ йын æхгæдтой, кæд ын низ ыссарын кодтой, уæддæр йæ нысанæй иннæрдæм нæ азылд. Йæ уырыссаг æмдзæвгæтæй иуы афтæ дзуры Къоста: цас мæ дарддæр сурой мæ бæстæй, цас фылдæр зындзинæдтæ æвза- рон, хæсты уæвгæйæ, уыйбæрц мын адджындæр кæндзæн мæ бæстæ, тынгдæр зыланг кæндзæн мæ зарды хъæлæс рæхысты, ома хъадаманты, хъæрмæ. Æцæг, раст зæгъын хъæуы, уыдис Къостайы царды ахæм фæлтæртæ, æмæ-иу ын цард куы ахгæдта, талынг мигътæ-иу йæ алфамбылай куы ’рзылдысты, уæд-иу хаттæй-хатт йæ развæндаг хорз нал уыдта, æмæ-иу кæнæ йæхимидæг фæуыргъуыйау æмæ- иу йæ иунæджы хъарджытæ райдыдта йæхиуыл, кæнæ та-иу фыдæлтыккон царды ’рдæм йæ зæрдæ ахсайдта. Фæлæ уыцы мотивтæ сæйраг не сты Къостайы сфæлдыста- ды. Дзæгъæл хуымæтæджы хъавыд йæ тырыса Къостайы номæй сисынмæ 1919 азы ирон реакцион интеллигенци. Къоста уыдо- нимæ нæ уыд æмæ нæй. Афтæ сæм дзырдта Къоста йæ удæгасæй, афтæ сæм дзуры ныр дæр. Къоста уыцы патриархалон мигъы астæуæй дæр йæ цæстæн- гас дардта, хъизæмар чи кæны, бæгънæг чи у, æххормаг чи ’вза- ры, уыцы Ирыстонмæ. Къостайæн йæ цырын зæрдæйы æвæрд уыдис «Сидзæргæс», æмæ дзы æппындæр рох никуы кодта. Дис- саджы «Ирон фæндыр»-ы сыфтæй махмæ кæсы ссæст ирон адæм, æфхæрд ирон адæм, бæгънæг, æххормаг ирон адæм, Къоста йæхиуыл кæй нымадта, стæй, йæхи кæмæй хуыдта, уыдон: Адæмæн сæ рæсугъд уæттæ Хъармæй, райдзастæй лæууынц. Махæн та нæ сывæллæттæ Уазал лæгæты ксеуынц. («Мæгуыры зарæг») Къостайы сфæлдыстадæй кæсы мæгуыр хæххон хъæу: Йæ сихор, йе ’хсæвæр — йæ мæт. Йæ уат — ыскъæт, зыгуым — йæ лыстæн, Хъæбæр — йæ цъæх хуыссæн нымæт. («Мæгуыры зæрдæ») Иттæг раст загъта Къоста: Нæ хæхтæй, нæ тыгъд быдыртæй Æмхуызон нæ иуæн дæр нæй, Кæм кусæм, кæм цæуæм, кæм бадæм! Ирон фæллойгæнæг адæмæн сæ дарæг хæхтæ ’мæ быдыртæ лæвæрд æрцыдысты паддзахы фæсдзæуинтæн, паддзахы сатрап- тæн. Фæлæ Къоста ссардта æндæр хуымгæнд, фæлмæндæр сы- джыт, хæмпусдæр зæхх: 219о
Нæ дзыллæйы зсердæ — Мæ хуымгæпды хай. Афæлдæхта уыцы бæркадджын зæрæстон зæхх хæдгутонæй (о, хæдгутонæй, уымæн æмæ нæ уыдис æмбал уыцы заманы Къо- стайæн Ирыстоны) — йæ хъисфæндырæй байтыдта ставд тауи- наг — йæ кадæг, йæ зарæг. Къоста йæ цырын зæрдæ сæфтыдта æмæ йæ нывæрдта ирон фыййауы риуы, сидзæргæсы, мæгуыр хохаг лæджы, ирон лæппуйы, ирон чызджы риуы. Дзæгъæл хуымæтæджы афтæ уарзон нæ уыди ирон фæллой- гæнæг адæмæн Къоста, дзæгъæл хуымæтæджы не сси сæ зæрдæ- ты апп, дзæгъæл хуымæтæджы йæ не скодтой сæрибары эмб- лемæ, мæгуырты сæрыл дзурæджы символ революцийы. Дзæ- гъæл хуымæтæджы йæ нæ тъыссæн кæнынц ныр дæр сæ зæрдæты Ирыстоны колхозонтæ. Нæ уыд æмæ нæма ис Ирыстоны Къос- тайæ номдзыддæр фыссæг Цæгатæй, Хуссарæй, хохæй-быдырæй, зæронд фæлтæры æхсæн дæр æмæ рæзгæ сабиты ’хсæн дæр. Цæмæн афтæ адджын уыд æмæ у Къоста зæрдæйæн, цæмæн дзы арф бынат ары, цæмæн хъары риуы, кæм ис йæ тых Къос- тайæн? Къостайæн йæ тых уым ис, æмæ адæмон кæй у, æцæг адæ- мон. Къостайы хуызæн нырма ирон литературæйы адæмон ысфæл- дыстадмæ хæстæг ничима бацыд. Къостайы сфæлдыстады æвдыст цæуы адæмы æцæг цард: сæ тухитæ, сæ мæгуыр цард, се ’фхæрд, паддзахы заманы кæй æвзæрстой, уый. Къоста дзуры æцæг адæ- мы ’взагæй. Къоста басгæрста ирон æвзаджы æвæрæнтæ, йæхи бакодта ирон æвзаджы бирæ хъæздыгдзинæдтæ. Къоста систа ирон æвзаг тынг бæрзонд. Къоста уыдис ыстыр курдиатджын поэт, йæ хъуыдытæн ард- та аккаг формæ, йæ алы дзырд дæр лæмæрста йæ зæрдæйы туг- дадзинтæй. Дыккаг хатт æй зæгъын: реакцион, контрреволюцион эле- менттæн сæ хъуыдыйы дæр ма уæд Къостайы ныв сæ тырысамæ баивазын. Къоста уыдонимæ никуы уыд. Æз хъуыды кæнын ахæм хабар — ыстæй йæ канд æз нæ хъуыды кæнын — Нары фæсивæд æй се ’ппæт дæр зонынц. 1920 азы Нары фæсивæд æрæмбырд ысты æмæ сфæнд кодтой Поты фæзы, Къоста-иу уæлыгæсæй лæджирттæгдзуан кæм кодта, уыцы Поты фæзы Къостайы но- мыл сыджытæй обау ыскæнын. Уыцы хъуыддаджы нæ бацыд Къостайæн йæ хæстæгдæр æфсымæртæй иу — тынг бонджын лæг (уыцы заманы), афтæ иу-дыууæ мины бæрц фысвос кæмæ уыд, ахæм: «Цы мын уыд, цы, Тины фырт (Къостайы фыды номæй Тинтæ хуыдтой). Æрра уыд æмæ æрра зарджытæ кодта, цы æхху- ыс мын фæци: искуы мын йе хос æркарста, йе мын хуым бакод- та? Сæнттæ цагъта ’мæ мæгуырæй амард. Фæлтау йæхицæн царды хосы хъуыдытæ кодтаид!» О220
Кæсут, уыцы лæджы Къостайы мæт нæ уыд, фæлæ, гъе, йæ фосы мæт уыд. Уымæн æмæ-иу уыцы фæзы йæ фос дардта, æмæ тарстис, обау дзы куы скæной, уæд дзы фосдарæн нал уыдзæн, зæгъгæ. Къоста лæууы нæ разы, куыд мæгуырты сæрыл дзурæг, куыд паддзах æмæ йæ хицæутты ныхмæ тохгæнæг. Къоста дзырдта хъæздгуыты ныхмæ: Вам пужны обширные виллы С фонтанами в пышном саду... Мне вашего счастья не нужно — В нём счастья народного нет. Къоста æнхъæлмæ кастис, сывæллон йæ мадмæ куыд æнхъæлмæ кæса, афтæ революцийы рухс тын фæзынынмæ: Хоть бы луч показался рассвета, Хоть бы треснуло сердце в груди! «Рухс тын» фенын ын нал бантыст, фæлæ зæрдæхæлд фæци, паддзахы жандармтæ йын йæ цырын риуыл ныллæууыдысты сæ цъыф цырыхъхъæй. Фæлæ, æвæдза, «рухсы тын» дæр бирæ нал фæци «мæйхор- ты» уацары: Октябры стыр революци æрхаста, Къоста æдзар- дæй кæй тыххæй ацыд мæрдтæм, уыцы фæллойгæнæг мæгуыр ирон адæмæн æппæт фæллойгæнджытимæ сæрибардзинад, цард аразыны мадзæлттæ. Ирыстоны, Къостайы заманы паддзахы сат- раптæ, паддзахы фæсдзæуинтæ вакханалитæ кæм арæзтой, си- дзæргæс цуайнаджы уæлхъус æхсæлыты артыл кæм архайдта, агмæ йæ цæсты сыг сусæгæй калгæйæ, уыцы Ирыстоны абон цъæх дарынц колхозон быдыртæ, зæйы ластæн хуыцауæй рад цы хохы баззад (Къоста), уым хизынц колхозон фос. Гъе, уымæн, ахæм дуджы цæргæйæ, махæй хъуамæ рох ма уой, Къоста æмæ Къостайы хуызæттæ кæд цардысты æмæ сæф- тысты паддзахы хицæутты ныхмæ тохы, уыцы æнтъыснæг рæс- тæджытæ. Уадз æмæ фæллойгæнæг адæмы цот зоной, цы царды уагтæ æрвыстой сæ фыдæлтæ, уый, уадз æмæ æрцæуинаг фæл- тæртæ æмбарой, куыд уæззау уыд паддзахы уаргъ, бонджынты æфсондз, уый. 15-æм майы Советон Ирыстон мысдзæни Хетæгкаты Къос- тайы ном æмæ йын æрхæсдзæн салам колхозон быдыртæй, соци- алистон куыстуæттæй, социалистон скъолатæй, — ног социализм аразæг фæлтæр кæм хъомыл кæны, уырдыгæй. ХЕТÆГКАТЫ КЪОСТА Ирыстоны адæмон поэт Хетæгкаты Къоста райгуырд 1859 азы 15-æм октябры Цæгат Ирыстоны, хохы, Нары хъæуы. Йæ фыд Хетæгкаты Елызбары фырт Леуан уыд хæххон милицæйы 22!о
прапорщик. Къоста ма хæрз чысыл уыди, афтæмæй амард йæ мад æмæ йæ æппындæр нæ зыдта. Иæ сидзæры хайыл Къоста бирæ хъарджытæ кодта фæстæдæр: . . . . я в пору малолетства Жестоко был лишён капризною судьбой Свяшенной радости ликующего детства: Играть под звуки песни матери родной... Афтæ фыста Къоста йе ’мдзæвгæ «Да, я уж стар», зæгъгæ, уым. Уыцы ’нкъард хъуыдытæм-иу уый фæстæмæ раздæхт йæ иннæ ’мдзæвгæты дæр. Тæхудиаг, буц хъæбулæй Йæ уалдзæджы царды хурæй Чи бафсæст йсе мады хъæбысы! («Тæхуды...») Къоста сидзæрæй куы баззад, уæд æй йæ фыд сæ хæстæ- джыты бар бакодта, йæхæдæг та цард Дзæуджыхъæуы, йæ куыст æппынæдзух дæр уым кæй уыдис, уый тыххæй. Дзæгъæл мсе ныууагъта мсе фыд, Нæ зонын мæ мады рæвдыд, — зæгъгæ, фыста Къоста æндæр æмдзæвгæйы («Раксес»), йæ сабийы бонтæ мысгæйæ. Къостайыл иу-фондз азы цыдаид, афтæ йæ фыд дыккаг ус æрхаста æмæ Къостайы дæр йæ хæдзармæ ракодта. Ыстыр зæр- дæрыстæй мысы Къоста йæ цард йæ фыды хæдзары — нæ йæ бауарзта йæ фыды ус. Йæ рард дæр — ысхуыстæй, Йæ рæвдыд дæр — над. Йæ цума — рæхуыстæй, Тъеуый, дам, дын — мад. Æфхæрд æмæ æвæгæсæгæй царди Къоста. Хæрз æвзонг ма уыди, афтæмæй-иу æй уæлыгæс арвыстой. Хъæумæ ’ввахс, уæл- мæрдты, уыд йæ хизæн. Йæ хызын йе ’ккойы, афтæмæй-иу йæ мады ингæны къæйыл бирæ фæбадти. Хъæбæрхоры кæрдзын-иу хъарм цæссыгæй ысуымæл. Къоста фыццаг ахуыр кодта Нары скъолайы, ыстæй та Стъа- раполы гимназы. Гимназы ахуыргæнджытæ уайтагъддæр бафип- пайдтой, лæппу нывтæ кæнынмæ тынг зæрдæргъæвд кæй у. Ыс- тыр разæнгардæй архайдта Къоста гимназы спектакльтæ ара- зынмæ. Гимназы Къоста ахуыр кодта къазнайы хардзæй, фæлæ фæндзæм кълассы дыккаг аз куы баззад, уæд æй цæрыны амæлттæ кæнын бахъуыд йæхи. Æнæхъæн дыууæ азы фæтухи кодта аф- тæмæйты, ыстæй йæ бон куынæуал уыди, уæд 6-æм къласы фæстæ гимназы йæ ахуыр ныууагъта æмæ бацыд Бетъырбухы Аивæдты академимæ. Уым ын радтой хæххон стипенди. 0222
Къоста Академийы фæци æртæ азы. Бирæ йæ бæргæ нал хъуыди каст фæуынмæ, фæлæ, Къостайæн стипенди цы ’хцатæй фыстой, уыдон паддзахы фæсдзæуинтæй иу — Баталпашинскæйы уезды хицау — бахордта. Дарддæр цæмæй цардаид, уый йын нал уыд, æмæ 1883 азы Къоста ныууагъта Академи. Гæнæн нæ уыд æмæ уыйфæстæ, Бетъырбухы ма куы цард, уæд фылдæр арæзта хуыцæутты нывтæ — иконæтæ. Фæлæ Къоста æндæр куыст æмæ ’ндæр хъуыддæгтæн рай- гуырд. Йæ райгуырæн бæстæ хъæрзыдта хæдхæцæг паддзахы фæсдзæуинты бын. Фехъуыст уыцы уæззау хъæрзын Къостамæ дæр дард цæгатаг сахармæ. Æмæ йæ зæрдæ ’нцой нал зыдта. Ыссыди Къоста йæ райгуырæн бæстæм — Дзæуджыхъæумæ. Æнкъард æмæ зæрдæриссæн нывтæ федта Къоста йæхи цæс- тытæй: Мæ цсестысыг донау мызти, — Мæ зæрдæ фырцинæй рызти, — Куы скастæн нæ цъитиджын хæхтæм. Æрцыдтæн... Мæхицæй фыддæр, Мæгуырæй куы ссардгон дæу дæр, Мæ уарзон, мæ иубæстон адæм. Нæ хæхтæй, нæ тыгъд быдыртæй Æмхуызон нæ иуæн дæр нæй Кæм цæуæм, кæм кусæм, кæм бадæм. Къоста йæхи нывондæн кæмæн æрхаста, уыцы хæххон мæ- гуыртæ хъизæмары цардæй цардысты, ыскасты бон сæ нæ уыд. Паддзахы фæсдзæуинтæ ’мæ бынæттон феодалтæ мæгуыр хæх- хон адæмы сæфтмæ ’ртардтой — Йæ-уæууæй, не знаг нæ былмæ фæтæры, Кадмæ бæлгæйæ æгадæй мæлæм! — афтæ фыста Къоста йæ «Додойы» зарæджы. Поэты риуы ссыгъди маст æмæ райхъуыст йæ мæстæлгъæд зарæг. Дзыхæй-дзыхмæ йæ айстой адæм. Сæрибармæ, тохмæ сидтысты Къостайы ныхæстæ æмæ арф бынат уымæн ыскодтой адæмы зæрдæты. Къостайы алыварс æмбырд кæнын байдыдтой мæгуыр хæххон дзыллæ. Къоста сси уыдонæн сæ сæрхъызой, сæ тохы тырыса. Фæлæ паддзахы фæсдзæуинтæ дæр æнцад нæ бадтысты. Уыдон райдыдтой, «æнцонæй» Къостайæ цы ’гъдауæй фервæ- зой, ууыл архайын. Æмæ сын ахæм фадат фæцис. Дзæуджыхъæуы уыд ирон сылгоймæгты скъола, фæлæ Тер- чы зылды уæды хицау Каханов скъола сæхгæнын кодта. Уыцы хабарæн йæ хæдуæлвæд скъола кусын райдыдта, фæлæ, йæ бай- гом кæныныл чи архайдта, уыдон æфхæрд баййæфтой. Къоста- йæн æртæ боны æмгъуыд радтой, ыстæй хаст æрцыд Терчы об- лæстæй «за подстрекательство живущих во Владикавказе осетин к подаче неправильных прошений и неузаконенных адресов». Уыцы хабар æрцыд 1891 азы. 223о
1895 азы Сенаты тæрхонмæ гæсгæ Къостайæн радтой Терчы облæсты цæрыны бар, фæлæ Къоста, паддзахы администраци дзы уæддæр йæ маст исдзæн, уый зыдта æмæ Стъараполы баз- зад. Уым Къоста алыхуызон æхсæны куыстытæ кодта. Бирæ фыста Къоста уыцы рæстæг «Северный Кавказ», «Петербургс- кие ведомости», «Сын отечества» æмæ ма ноджы æндæр газетты. Йæ фыстыты Къоста æвдыста хæххон адæмты хъизæмары цард æмæ паддзахы фæсдзæуинты цъаммар æмæ æдзæсгом митæ. Ногæй та дзы сæ маст райсын ысфæнд кодтой паддзахы къæбы- латæ. Дыккаг хатт æрвыст æрцыд Къоста Терчы облæстæй, ацы хатт та Херсонмæ фондз азы æмгъуыдæй. Уыцы рæстæг хъуамæ дунейы рухс федтаид «Ирон фæндыр». Чиныг мыхуыргонд æрцыд 1899 азы, фæлæ йæ ныуурæдтой, æмæ афоныл нал рацыд. 1900 азы Къоста паддзахмæ хъаст куы балæвæрдта, уæд ын Терчы облæсты цæрыны бар радтой, æрмæст Дзæуджыхъæуы зылд æмæ Дзæуджыхъæуы — ома Ирыстоны — куыд нæ царда- ид, афтæ. Куы «ссæрибар» Къоста, уæд йæ зæрды уыд йе ’ппæт тыхтæ дæр аивад æмæ литературон куыстæн ыснывонд кæнын, фæлæ фыдцæрдтытæ, кæмдæр искæйы бæстæйы, хасты рæстæг — æппæт уыдон йæ æнæниздзинадыл фæзындысты, фæрынчын стæгнизæй, ыстæй уыйфæстæ та бынтондæр æрхаудта, йæ зонд дзæгъæл кæнын байдыдта. 1903 азы æрсади ’мæ хуыссæнæй йæ бон сыстын нал уыди, афтæмæй йæ ардыгæй, Дзæуджыхъæуæй, Лабæмæ йæ фыды хæдзармæ аластой. Уым æм йæ хо Уæлгъа зылди. 1906 азы 1-æм апрелы Къоста амард. Цалдæр боны фæстæ йын йæ мард Дзæуджыхъæумæ сластой æмæ йæ баныгæдтой 10-æм апрелы. Мардмæ йæм фæцыдысты Ирыстоны алы къуымтæй. Мар- ды уæлхъус ныхæстæ ракодтой. Дзырдтой уырыссагау, гуыр- дзиагау, сомихагау, иронау. Афтæ уыд хæххон мæгуырты зарæггæнæг Къостайы цард. Къоста фыста дыууæ ’взагыл: иронау æмæ уырыссагау. Йе сфæлдыстады тæккæ ахъаззагдæр бынат ахсы «Ирон фæндыр». Уыцы чиныгæй Къоста фидар бындур сарæзта ирон аив литерату- рæйæн. Ирыстоны, æвæццæгæн, ахæм къуым нæй, æмæ Къостайы чингуытæ кæм нæ кæсынц, йе йын йæ зарджытæ кæм нæ зарынц. Ирыстоны ахæм лæг нæ разындзæн, æмæ Къостайы уацмыстæй æнæ чиныгмæ кæсгæйæ чысыл исты уæддæр чи нæ радзура. Къостайы поэзийы сæйрагдæр ахаст у лиризм. Цыдæриддæр ныффыста Къоста, уыдон ысты йæ цырын зæрдæйы тугæй фыст. Я каждое слово, Прежде, чем им поделиться с тобой, Вымолил с болью у счастья былого И оросил непритвориой слезой, — афтæ фыста Къоста йе ’мдзæвгæ «Я не поэт», зæгъгæ, уым. С>224
Къоста уырыссагау цы ’мдзæвгæтæ ныффыста, æмæ ацы ’мбырдгондмæ чи бахауд, уыдон дæр æгæр ыстæмæй лирикæ рахонæн ис. Кæд æмæ сæ хъæд, сæ аивдзинадмæ гæсгæ уыдон йæ ирон æмдзæвгæтæй бирæ цауддæр ысты, уæддæр дзы ис ахæмтæ дæр, æмæ уырыссаг классикон лирикты æмдзæвгæты æмрæнхъ æрæвæрæн кæмæн ис. Æмдзæвгæтæй уæлдай ма Къоста уырыссагау ныффыста ко- меди «Дуня». Куыд уынæм, афтæмæй Къостайы литературон бынтæ бæр- цæй афтæ бирæ не сты. Фæлæ ирон адæмы æхсæнадон хъуыды куыд рæзгæ цыд, уый бамбарынæн ыстыр ахсджиаг у йе сфæл- дыстад. Тынг ахады уый ирон аив литературæйы. «Ценность ис- кусства измеряется не количеством, а качеством», — афтæ дзырдта Горький Советон фысджыты фыццаг съезды. Къоста... Зынаргъ ын у æмæ йæ сыгъдæг зæрдæйæ сдзуры кæддæриддæр ацы ном ирон фæллойгæнæг. Алыхуызон хъуы- дытæ ’мæ ’нкъарæнтæ расайы йе ской. Хæдхæцæг паддзах æмæ йæ фæсдзæуинты æбуалгъ митæ, мæгуыр хæххон лæджы сагъæс æмæ ноджы, тохмæ, сæрибармæ чи сидти, фæллойгæнджыты зæрдæты арт чи сыгъта, уыцы «Ирон фæндыр»-ы зарджытæ, стæй ноджы йæхæдæг, æнцой чи нæ зыдта, уыцы тохгæнæг поэт. Къоста ахуыр кодта уырыссаг литературæйыл. Цыдæриддæр хорзæй уыд уырыссаг литературæйы, уыдон айста йæ зæрдæмæ. Хæстæг ын уыдысты Къостайæн, уæлдайдæр та революцион де- мократийы поэзи, хицæнæй та — Некрасов. Ацы хъуыддаг Къо- стайы сфæлдыстадыл тынг фæбæрæг. Къостайы поэмæ «Кому живётся весело», зæгъгæ, уымæн ис дыккаг сæргонд: «Подража- ние Некрасову». Некрасовы тæваг фæзынд мæнæ ахæм æмдзæв- гæтыл дæр: «Недопетые куплеты», «За заставой» æмæ æнд. Къоста ахуыр кодта Пушкины ’мæ Лермонтовы поэтикон дæс- ныйадыл. Уый хорз зыны Къостайы уырыссагау фыст поэмæ «Фатимæ»-йыл. Иронау цы уацмыстæ ныффыста Къоста, уыдонæн æрмæг иста, йæ алыварс цы цард уыдта, уырдыгæй. Уыцы ’рмæг лæ- вæрдта ирон мифологи, адæмы цард, уæлдайдæр та мæгуыр адæ- мы цард æмæ хицæнæй фыййæутты цард. Йе ’ппæт цард дæр, йе сфæлдыстад Къостайæн баст у ирон мæгуыр адæмы цард æмæ бæллицтимæ. Музæ уымæн хиирхæф- сыны хос никуы уыд. «Я не играю беспечно стихом», зæгъгæ, фыста Къоста йе ’мдзæвгæ «Я не поэт», зæгъгæ, уым. Йæ арм сын фынгæн дардта адæмæн, уыдон уыдысты йæ сагъæс, йæ мæт — æмæ уый уыд йæ царды нысан Къостайæн. Я счастия не знал, но я готов свободу, Которой я привык, как счастьем, дорожить, Отдать за шаг один, который бы народу Я мог когда-нибудь к свободе проложить. («Я смерти не боюсь») 15* 22§о
Адæмы амонд, адæмы сæрибар æмæ хуыздæр, рæсугъддæр фидæны сæраппонд йæхи нывондæн æрхаста Къоста, хæсты быдыры — хъæбатыр хæстон. Я грудью грудь насилия встречаю И смело всем о правде говорю. Къоста ацы дунейы тыхджынтæн лæгъстæ нæ кодта, нæ тар- сти рæхыстæ ’мæ хъизæмар цардæй, хасты фæуынæй, йæ тох, йæ цард уыд сæрибар. Я не боюсь разлуки и изгнанья, Предсмертных мук, темницы и цепей... Везде для всех я песнь свою слагаю, Везде разврат открыто я корю. В тюрьме ясней мне чудится свобода, Звучнее песнь с бряцанием цепей. Къостайы фидарæй уырныдта, æфхæрд, ыссæст æмæ хъизæ- мар цардæн кæрон кæй уыдзæн. Революцийы æртытæ йæ цæс- тытыл уадысты, уыдта, фæллойгæнæг дуне æмæ адæмы сой чи цъиры, уыдоны ’хсæн мæлæтдзаг тохы нывтæ. Æмæ поэтæн йæ риуы равзæрди цин: Ночь близится к концу... Ристалище раздора, Безумной храбрости, насилья, грабежа Уже становится ареною позора, Разврата, пошлости, бесчестья, кутежа... Минуты сочтены... Повсюду бьют тревогу, Уж брезжит луч зари, играя на штыках... Къоста адæмон у. Йе стих, йæ аивадон фæрæзтæ, йе ’взаг уый адæмæй исы. Нæй Къостамæ тыххæй арæзт ныхæстæ, мæнг, бындур кæмæн нæй, ахæм хъуыдытæ. Бæрзонд у йæ поэтикон дæсныйад, йæ социалон ахаст у цыргъ. Æппæт уыдон тынг зы- наргъ миниуджытæ сты. Æмæ ирон адæмы тæккæ уарзондæр поэт дæр уымæн ысси Къоста. Ноджы ма иу сæрмагонд миниуæг ис Къостамæ. Уый у ин- тернационалон. Весь мир — мой храм, любовь — моя святыня, Вселенная — отечество моё! — зæгъы Къоста. Къоста уыд фæллойгæнджыты поэт. Зæххыл цы адæмтæ цæры, уыдонæй уымæн уæлдай нæ уыд. Уый уыдонæй фыдæхы цæстæй никæмæ каст. Люблю я целый мир, люблю людей, бесспорно, Люблю обиженных, беспомощных сирот... Асæй нæ, фæлæ сæ хъæдмæ гæсгæ Къостайы литературон бынтæн ыстыр аргъ ис. Æмæ уыцы бынтæ хъуамæ бацæуой Со- 0226
ветон Цæдисы адæмты хæзнадонмæ. Хъуамæ нæ рох ма уой Горь- кийы ныхæстæ. Советон фысджыты фыццаг съезды йæ кæрон- бæттæн ныхасы уый афтæ загъта: «Количество народа не влияет на качество талантов. Маленькая Норвегия создала огромные фигуры Гамсуна, Ибсена. У евреев недавно умер почти гениаль- ный поэт Бялик и был исключительно талантливый сатирик и юморист Шолом Алейхем, латыши создали мощного поэта Рай- ниса, Финляндия — Эйно-Лейно. Нет такой маленькой страны, которая не давала бы великих художников слова». ПУШКИНЫ ПОЭТИКÆЙЫ ТЫХХÆЙ ЦАЛДÆР ДЗЫРДЫ Дуне-дзыллæты поэзийы гигант — Пушкины поэтикæйы тых- хæй дзургæйæ, æз мæхимæ уыцы хæс, мыййаг, нæ исын, æмæ ногæй, нырмæ литературæйы цы нæма фæзынди, уыцы фарсты тыххæй, ахæмæй исты зæгъон. Нæ, æз мæ разы æвæрын æрмæст ахæм хæс: ирон райдайæг поэтæн чысыл кæд феххуыс кæнин, Пушкины поэтикæйы тыххæй, Пушкины уацмысты формæйы тыххæй, Пушкины дæсныйады сæйрагдæр æууæлты тыххæй ли- тературæйы бæстондæр бæрæггонд цы ’рцыди, уыдонмæ йæ хъус цæмæй бадара, йе ’ргом сæм цæмæй аздаха, уыцы хъуыддаджы, зæгъгæ. Пушкины поэтикæйы фæрстытыл, раст зæгъгæйæ, фыст дзæв- гар ис, фæлæ уæддæр абоны онг Пушкины поэтикæйы хицæн- дзинæдтæ кæрæй-кæронмæ бæлвырдæй ахуыргонд нæма ’рцы- дысты. Афтæмæй уыцы стыр диссаг фæндырдзæгъдæджы уац- мысты идейæтæ адæймаджы зæрдæмæ цы формæйы руаджы, цы дæсныдзинады фæрцы бахизынц, уый базонын та æнæ ахсджиаг хъуыддаг, мыййаг, нæу. Æмæ уæдæ, цæй фæрцы ахæм æххæст у Пушкины формæ, æмæ уæдæ, цæй фæрцы афтæ рæсугъд æмæ зæлланггæнаг у Пушкины æмдзæвгæ? Хъуыддаг афтæ у, æмæ Пушкины æмдзæвгæ иу исты факто- ры фæрцы нæу афтæ æххæст, афтæ тыхджын, афтæ лæгъз, афтæ æрттиваг, фæлæ къорд факторы æнæхъæн комплексы фæрцы. Пушкин йе ’мдзæвгæ срæсугъд кæнынæн, йе ’мдзæвгæ схъацы- нæн цы алыхуызон фæрæзтæ ары, уыдонæн кæрæдзийæ ахицæн кæнæн нæй, уыдонæй алкæцы дæр æрмæст йæ бынаты фидауы, Пушкин ын цы бынат ыссары, æрмæст уыцы бынаты. Иу фæ- рæз, зæгъæм, эпитет, барæн кæнæ æндæр исты, æмхуызон функци не ’ххæст кæны Пушкинмæ алы контексты. Иу фæзылдæй, иу фездæхтæй Пушкин алыран алыхуызон пайда кæны. Иæ хицæн дзырдтæ, йæ синтаксис, йæ хъацæн фæрæзтæ, йæ интонаци, цæй тыххæй фыссы, уый, йæ идейæ — уыдон се ’ппæт кæрæдзийыл баст ысты Пушкинæн, кæрæдзийæ сын ахицæнтæ кæнæн нæй. 222о
Æппæты фыццаг Пушкин архайы ууыл, цæмæй æнцон æмба- рæн уа, цæмæй йе ’взаг хуымæтæг уа: «Читаю отчёт какого-нибудь любителя театра: «Сия юная пито- мица Талии и Мельпомены, щедро одарённая Аполлоном». Боже мой! Да поставь: «Это молодая хорошая актриса»... «Презрен- ный завистливый Зоил, коего неусыпная зависть изливает усы- пительный свой яд на лавры русского Парнаса, коего утомитель- ная тупость может только сравниться с неутомимой злостью»... Боже мой, зачем просто не сказать: лошадь; не короче ли: «Г-н издатель такого-то журнала». Точность и краткость — вот первое достоинство прозы. Она требует мыслей и мыслей — без них блестящие выражения ни к чему не служат; стихи — дело другое, впрочем, в них не мешало бы нашим поэтам иметь сумму идей гораздо позначительнее, чем у них обыкновенно водится», — афтæ фыста Пушкин 1822 азы йе статья «Начало статьи о русской прозе», зæгъгæ, уым. Пушкины поэтикæйы хицæндзинæдтæй иу уый у, æмæ дæт- ты цæстуынгæ нывтæ, мæнæ аив нывгæнæг куыд дæтта, афтæ: Мелькают мимо будки, бабы, Мальчишки, лавки, фонари, Дворцы, сады, монастыри, Бухарцы, сани, огороды, Купцы, лачужки, мужики, Бульвары, башни, казаки, Аптеки, магазины моды. Балконы, львы на воротах И стаи галок на крестах. («Евгений Онегин») Кæннод «Медный всадник»-ы донивылд цы бæллæхтæ ба- кодта, уый тыххæй дзургæйæ: Обломки хижин, брёвна, кровли, Товар запасливой торговли, Пожитки бледной нищеты, Грозой снесённые мосты, Гроба с размытого кладбища Плывут по улицам... Пушкины пейзажы тыххæй Белинский афтæ зæгъы: «Кста- ти, об изображаемой Пушкиным природе. Он созерцал её удиви- тельно верно и живо». Æмдзæвгæтæ «Туча» и «Обвал» — Белин- скиймæ гæсгæ сты «живопись в поэзии». Пушкины пейзаж хаттæй-хатт ысвæййы цардыуаг æвдисæг пейзаж: И с шумом высыпал народ, Шатры разобраны; телеги Готовы овннуться в поход. Всё вместе тронулось — и вот 0228
Толпа валитп в пустых равнинах. Ослы в перекидных корзинах Дегпей играющих несутп. Мужья и брагпъя, жёны, девы, И сгпар, и млад вослед идугп; Крик, шум, цыганские припевы, Медведя рёв, его цепей Нетперпеливое бряцанье, Лохмогпьев ярких песгпрогпа, Детпей и сшарцев наготпа, Собаки лай и завыванье, Волынки говор, скрип тпелег. («Цыгане») Ацы ран, иннæ рæтты хуызæн, Пушкин хуымæтæджы ныма- дæй (ома ранымайгæйæ) дæтты æнæхъæн ныв. Пушкинмæ арæх арæм параллелты системæ, арæхдæр — æмрæнхъ — ныхæй-ныхмæ æвæрдты системæ. Райсæм æмдзæвгæ «Приметы»: Я ехал к вам, живые сны За мной вились тполпой игривой, И месяц с правой стпороны Сопровождал мой бег ретивый. Я ехал прочь: иные сны. Душе влюбленной грустно было, И месяц с левой стороны Сопровождал меня уныло. Мечтанью вечному в тиши Так предаёмся мы, поэты; Так суеверные приметы Согласны с чувствами души. Пушкины сфæлдыстады рæсугъддзинад æмæ хъуыды кæрæ- дзийæ хицæнтæ нæ кæнынц. Сыгъдæг лиризм æмæ темæйы рай- тыгъд логикон арф хъуыдыйы фæдыл — Пушкины бæрæггæнæн- тæй иу. Цы лирикон æмдзæвгæ райстам, уый Пушкин афтæ ара- зы: фыццаг строфа: Я ехал к вам: живые сны За мной вились толпой игривой, И месяц с правой стороны Сопровождал мой бег ретивый, — у тезисы хуызæн. Дыккаг строфа: Я ехал прочь: иные сны, Душе влюблённой грустно было, И месяц с левой стороны Сопровождал меня уныло — та у антитезисы хуызæн. Æртыккаг строфа: 229о
Мечтапью вечному в тиши Так предаёмся мы, поэты; Так суеверные приметы Согласны с чувствами души — уый та у синтез. Фыццаг строфайы алы рæнхъæн дæр ис параллел дыккаг строфайы: Я ехал к вам — я ехал прочь. Живые спы — иные сны. И месяц с правой стороны — и месяц с левой стороны. Æмæ уыцы параллелтæ сты ныхæй-ныхмæ. Афтæ арæзт у ноджы «Я помню чудное мгновенье», ахæм рæттæ ис «Евгений Онегин»-ы æмæ ноджы йе ’ннæ уацмысты. Иу дзырдæй, уый зæгъын хъæуы, æмæ Пушкин тырны, йæ уацмыстæ, суанг йæ лирикон æмдзæвгæтæ дæр, логикон æгъда- уæй раст арæзт цæмæй уой, сыгъдæг, бæлвырд хъуыдытæ сæ рæсугъддзинадимæ баст цæмæй уой, уымæ. Логизацийæ дарддæр Пушкин тырны уымæ, цæмæй йæ уац- мыстæ лиризмæй, эмоцийырдыгæй тыхджын уой. Уый охыл Пуш- кинмæ уынæм алыхуызон фæрæзтæ. Иу дзырд кæнæ къорд дзырды цалдæр хатты зæгъын (пов- торыХ Райсæм «Евгений Онегин»-æй ахæм бынæттæ: К тому ж они так непорочны, Так величавы, так умны, Так благочестия полны, Так осмотрительны, так точны, Так неприступны для мужчин, Что вид уж их рождает сплин. Простим горячке юных лет И юный жар, и юный бред... Хаттæй-хатт ахæм рæсугъд кæныны фæрæз баиу вæййы ана- форæимæ (ома — æмхуызон райдайæнимæ): А только-ль там очарованья? А розыскательный лорнет? А закулисные свиданья? А примадонна? А балет? Ахæм æгъдау ноджы арæхдæр у Пушкинæн йæ лирикон æмдзæвгæты. Куыд хъацæнтæ, куыд уацмыс ысрæсугъд кæныны фæрæз, Пушкин тынг арæх æмæ алыхуызон æгъдауæй пайда кæны рито- рикон фигурæтæй: риторикон ыздæхт, риторикон фарст æмæ риторикон æвастхъæр. Что пирует царь великий В Питербурге-городке? Отчего пальба и клики И эскадра на реке? Озарён ли честью новой Русский штык иль русский флаг? («Пир Петра Первого») С>230
Ахæм рæттæ тынг бирæ ис «Полтавæ»-йы: Кто при звездах и при лупе Так поздно едетп на коне? Чей это конь неукротимый Бежит в степи необозримой? Æмæ йын дзуапп дæр дæтты йæхæдæг: Казак на север держит путь} Казак не хочет отдохнуть Ни в чистом поле, ни в дубраве, Ни при опасной переправе... Но где же первый, званый гость? Где первый, грозный наш учитель, Чью долговременную злость Смирил полтавский победитель? И где ж Мазепа? Где злодей? Куда бежал Иуда в страхе? Зачем король не меж гостей? Зачем изменник не на плахе? Ацы скъуыддзаджы риторикон фæрстытæ иугонд ысты, раз- дæр цы фæрæзы тыххæй дзырдтам, уыимæ, ома иу дзырд цал- дæр хатты зæгъынимæ. Дарддæр строфайы Пушкин фарсты хуызы дæтты дзуапп ацы (уæллаг) строфайы фарстæн: Пред ними хутор... Что же вдруг Мазепа будто испугался? Что мимо хутора промчался Он стороной во весь опор? Иль этот запустелый двор, И дом, и сад уединённый, И в поле отпертая дверь Какой-нибудь рассказ забвенный Ему напомнили теперь? «Полтавæ» ахæм риторикон фигурæтæй æмæнхъызт кæй кæны, уый руаджы эмоционалон æгъдауæй у бæрзонд, хъæздыг, зæрдæмæ хизгæ. Риторикон фæрстытæй æмæ дзуаппытæй иттæг хъæздыг ысты «Бахчисарайский фонтан», «Евгений Онегин». Что движет гордою душою? Какою мыслью занят он? На Русь ли вновь идет войною, Несёт ли Польше свой закон, Горит ли местию кровавой, Открыл ли в войске заговор, Страшится ли народов гор, Иль козней Генуи лукавой? («Бахчисарайский фонтан») 231о
Дарддæр строфайы — дзуапп: Нет, он скучает бранной славой; Устала грозная рука. («Бахчисарайский фонтан») Кæнæ «Евгений Онегин»-ы: Гм! Гм! читатель благородный, Здорова ль ваша вся родня? Врагов имеет в мире всяк. Но от друзей спаси нас, боже! Уж эти мне друзья, друзья! Об них недаром вспомнил я. Кого ж любить? Кому же верить? Кто не изменит нам один? Поэзийы тынг ыстыр бынат ахсы интонаци. Пушкинæн йæ поэтикон дæсныдзинæдтæн сæ тæккæ ахъаззагдæртæй иу уый у, æмæ интонацион уагæй йæ уацмыстæ алыхуызон ысты. Хицæн дзырдтæ, синтаксис, ритм — уыдонæй Пушкин пайда кæны, цы ныв æвдиса, уый куыд домы, уымæ гæсгæ. Зæгъæм, афтæ: са- бырдзинад куы ’вдиса, уæд йæ интонаци дæр афтæ у; кæд æмæ исты цырындзинад æвдиса, уæд йæ интонаци дæр афтæ свæййы. Зæгъæм: Тиха украинская ночь. Прозрачно небо. Звёзды блещут, Своей дремоты превозмочь Не хочет воздух. Чуть трепещут Сребристых тополей листы, Луна спокойно с высоты Над Белой Церковью сияет И пышных гетманов сады, И старый замок озаряет. Ацы ран Пушкин æвдисы украинæйаг æхсæвы сабыр рæ- сугъддзинад, æмæ йе ’мдзæвгæ — хицæн дзырдæй, синтаксисæй, ритмæй — иууылдæр у афтæ организацигонд, цæмæй уыцы ныв æвдыст æрцæуа æнæхъæнæй. Фæлæ йæ цырындзинад æвдисын куы бахъæуы Пушкины, уæд йæ синтаксисы конструкци уайтагъд аивы, саразы йæ æндæр уагыл, цыбыр хъуыдыйæдтæ, æмбæттæн дзырдтæ цыдæр фæ- вæййынц: Швед, русский — колет, рубит, режет. Бой барабанный, крики, скрежет. Кæнæ: Пестреют шапки. Копья блещут. Бьют в бубны. Скачут сердюки. ^232
В строях равняются полки. Толпы кипят. Сердца трепещугп... («Полтава») Цыты ныхас кæнын æй бахъуыди, зæгъгæ, уæд Пушкин йæ хъæлæс æруадзы æмæ сабырæй, зæлдаг уадзæгау, райдайы йæ ныхас: И пращ, и стрела, и лукавый кинжал Щадят победителя годы. («Песнь о вещем Олеге») Ацы ран Пушкин, цæмæй йæ ныхас сабыр уагыл ацæуа, уый тыххæй йæ ныхасмæ бирæ бахаста æмбæттæн дзырд «и», æмæ аф- тæмæй, интонацион æгъдауæй, йе ’мдзæвгæ скодта эмоционалон. Тынг арæх уынæм Пушкинмæ паузæтæ, цыма дзырдтæ фæуа- дзы, афтæ. Фæлæ хъуыддаг афтæ у, æмæ уыцы рæттæ, уыцы «згъуыдтæ» æххæстгонд цæуынц психологон æгъдауæй: С ней речь хотел он завести И — и не мог. («Евгений Онегин») Ам «и — и не мог» уыцы паузæ зæрдæйы уаг кæны, зæгъæн куыд нæй, афтæ ’ргом. Тропатæй куыд пайда кæны Пушкин, йæ поэтикон семан- тикæ куыд хъæздыг æмæ оригиналон у, уый у стыр фарст, фæлæ дзы цыбырæй афтæ зæгъæн ис: уыцы ’гъдауæй Пушкины ныхмæ уырысы поэзийы хъуамæ мачи ’рлæууа. Æвдисæнæн райсæм ахæм пример: Гадает ветреная младость. («Евгений Онегин») Где в бурях рано отцвела Моя потерянная младость. («Погасло дневное светило») Минутной младости минутные друзья. («Погасло дневное светило*-) И младость пылкая толпами Стекается вокруг. («Торжество Вакха») При кликах юности безумной. («Друзья») Ам «младость», зæгъгæ, уыцы дзырдæн цал эпитеты дæтты Пушкин? Стæй се ’ппæт дæр ысты ’нæнхъæл эпитеттæ — поэты стыры нысан. Гъеууыл лыг кæнын мæ цыбыр ныхас Пушкины поэтикæйы 233о
тыххæй, æрмæст ма зæгъын дыууæ дзырды. Пушкин хицæн мыр- ты ’рдыгæй куыд лыстæгæй æвзæрста дзырдтæ, уый тыххæй. Ыстыр поэттæ се ’ппæт дæр дзырдтæ ’взарынц мырты анало- гийы принципмæ гæсгæ. Уыцы принципыл Пушкин тынг хæцы- ди, хаттæй-хатт-иу уыцы принципы тыххæй Пушкин уырыссаг æвзаджы грамматикæйы нормæты сæрты дæр ахызти. Зæгъæм: «Бахчисарайский фонтан»-ы уый куы ныффыста: ...но кто с тобою, Грузинка, равен красотою? — уæд бафиппайдта йæ синтаксисон рæдыд («равен»-ы бæсты фыссын хъуыдис «равна») æмæ йæ сфæнд кодта афтæ сраст кæнын: Равна, грузинка, красотою. Фæлæ ка ’мæ кра кæрæдзимæ хæстæг кæй цыдысты, уый йæм хорз нæ фæкасти, æмæ ныууагъта фыццаг редакци. Йæ эпитеттæ дæр Пушкин æвзары мырты принципмæ гæсгæ, зæгъæм: /. И внемлет арфе серафима... 2. Могильный гул, хвалебный глас. 3. На урну Байрона взирает. 4. Но и теперь никто не кинет. Пушкины бирæ æмæ зынаргъ культурон бынтыл дзургæйæ, зæрдыл дарын хъæуы Пушкинæн йæ дæсныдзинады фарст дæр. Дуне-дзыллæты поэзийы астæуккаг цæджындзтæй ну — Пушкин — йæ хъæздыг идейæтæн цы аккаг формæ ардта æмæ цы фæ- рæзтæ агуырдта, цæмæй уыцы идейæтæ зæрдæмæ уæрæх фæн- даг арой, уый тыххæй — уыдонмæ лæмбынæгæй æркæсын æмæ сæ сахуыр кæнын ыстыр хæс у алы поэтæн дæр, кæд æй фæнды, йæ поэтикон дæсныдзинад цæмæй фæбæрзонддæр уа, уый, уæд. БОЦИТЫ БАРОНЫ СФÆЛДЫСТАДЫ ТЫХХÆЙ Боциты Барон ирон советон аив литературæмæ ’рбахызт 1925 азы. Уыцы аз йе ’мдзæвгæ «Кæд худой, уæд худæнт», зæгъгæ, уым Боциты Барон фыссы: Æрбадтæн æз абон фыссыныл бæстон. Мсе сисæй нæ хонын мсехи уын хæстон. Мæ хьару нæ барын хуыздæрæй лæгыл. Бынтондæр нæ уарзын цæуын сез фæдыл. Æз сирын нсе зонын, нсе фсеразын гæпп. Æз дугъон нæ хонын мсе байраджы ссепп. Фсенды мсе, куы зонин фысджытсен ссе хъсер, Гыццылгай куы радтон гъеуымсен мсе ссер. Ксед худой, усед худсент, ссе худын у ’ртах, — Нсе фæцуддзсен иуварс сæ худтæй мæ кьах, Мæ хьуыдыты хорзау нæ зонын фыссын, Нæ фыссæг, нæ кæсæг, гъеууыл тыхсын... 0234
Куыд уынæм, афтæмæй Боциты Барон тынг зæрдиагонæй ысфæнд кодта, фыссæг куы суаид, уый; тынг æй бафæндыд, куы базонид «фысджытæн сæ хъæр», уый тыххæй, æмæ гыц- цылгай радта «гъеуымæ йæ сæр», ома йе ’ргом адардта фыссыны æгъдаумæ. Фæлæ хъуыддаг афтæ у, æмæ кæд фыссыныл æрбадтн бæс- тон, уæддæр йæхимæ фаг хъару нæма ары, цæмæй хъæрæй зæгъа, æз дæр фыссæг дæн, зæгъгæ, уый тыххæй: «Мæхи уын нæ хо- иын мæ сисæй хæстон... Æз дугъон нæ хонын мæ байраджы сæпп», зæгъгæ, зæгъы фыссæг йе ’мдзæвгæйы. Хъуыдытæ йæм ис, фæндтæ йæм ис, йæ зæрдæ йын сагайдта рæстæг, диссаг рæстæг, ыстыр рæстæг, цард йæ кæнон бакодта. Ыстыр Октяб- ры фæрцы хохаг, фыд дуг фыд зилæнтæ кæм кодта паддзахы заманы, уыцы хохæй лæппу-лæг талынгæй рухсмæ рацыди; цæр- гæсы лæппын йæ ахстонæй куыд ратæха ’мæ уæлвонгæй, йæ базыртæй хъазгæйæ, тыгъдыл йæ цæст куыд адара, афтæ адард- та йæ цæст бæстыл, федта Октябры цин, Октябры рухс; йæ зæрдæ бахъазыд фырцинæй, бафæндыдис æй зарын, фæлæ... о, дæл- дзæх æрбауа йæ кой паддзахы сау дугæн, фæллойгæнæг адæй- маджы бастæй чи дардта, йæ цæстытыл ын тар хæрв чи ’вæрдта, рухсы цъыртт ын йæ риумæ чи нæ уагъта... Боциты Барон фыссын райдыдта, 24 азы йыл куы рацыди, уæд. Ирон фæсоктяброн фысджыты æхсæн иу дæр нæй ахæм, уый карæнæй чи райдыдта фыссын; кæуыл дзы цыд 16 азы, кæуыл 17—18, 19; уымæй фæстæдæр дзы ничн баззад, цæмæй фыссæджы номыл сис йæ къухмæ райса, уый тыххæй. Боциты Бароны хъуыддаг та афтæ рауад, æмæ уый, гуыр- дæй се ’ппæтæй хистæр уæвгæйæ, ахуыр кæнын райдыдта кар- джынæй, паддзахы заманы йæ фадат нæ баци, ахуырдзинадæй фаг фарк ратона, уый. Октябры фæстæ бацыди ахуыр кæнынмæ, æмæ йæ риуы цы змæлд уыд, уый ахуыры фæрцы цырен кæнын байдыдта, нал æй уагъта иу ран æмæ йæ бавналын кодта пъе- ромæ. Фæлæ уæддæр ахуырдзинадæй фаг рæвдзгонд нæма у æмæ тыхсы: Мсе хъуыдытæ хорзау нæ зонын фыссын. Нсе фыссæг, нсе кæсæг, гъе, ууыл тыхсын, — зæгъгæ, тарф ныккæрзы Боцийы-фырт, йæ фæндтæ сæргом кæ- нынæн фаг амæлттæ йæ къухы куынæуал фефты, уæд. Фæлæ гуызавæ нæ кæны уæддæр, тынг уæндонæй цæуы размæ æмæ зæгъы, кæй нал ныууадздзæн йæ куыст, афтæ. Мсе размсе мсе фæндаг мсенсен у усерсех. Фæстæдæр тæхдзæни рæсугъддæр мæ бæх, — гъе, ахæм ныфсимæ тырны Боцийы-фырт фыссæджы бынатмæ. Фæстæдæр Боциты Барон фыссы: Мæ тых, мæ ныфс, мæ зонд, мæ хьару Нывонд кæнын æмæ дæттын 235о
Советон цардæн, кæм мæ бар у Уæгъдибар хуримæ хæтын. Цæуын, уынын æмæ æмбарын, — Хъæддыхдæр райдыдта мæ цыд. Æндон мæцъисæй дард æппарын — Кæм ис бътон æмæ æмбыд. Мæнимæ оирæ ис æмбæлттæ, Мæ тых тыхтимæ у æндон. Нæхи хъару, фæрæз, амæлттæ Мæйдар æхсæв кæндзысты бон. Гъеуæд хъæддыхдæрæй хæсдзыстæм Нæ фурды къабæзтыл æхсæв. Æмхуызонæй гъеуæд зæгъдзыстæм: Нæ дзæбуг, ноджы тынгдæр цæв! Ныр та мæ тых, мæ зонд, мæ хъару Нывонд кæнын æмæ дæттын Советон цардæн, кæм мæ бар у Уæгъдибар хуримæ хæтын. («Дæттын». Тохы фæйлауæнтæ, 17 ф.) Ацы ’мдзæвгæ, мæнмæ гæсгæ, у Боциты Баронæн йæ кредо, йæ поэтикон программæ. Йæхицæй дзы бацыди тынг ныфс; по- этикон дæсныдзинадмæ бахæццæ дæн, зæгъгæ йæм ысдзырдта йæ зæрдæ, æмæ радта дзырд, Советон цардæн йæ тых, йæ зонд, йæ хъару кæй нæ бацауæрддзæн, уый тыххæй. Æрбадт æцæг бæстон æмæ райдыдта фыссын. Куыд уыди йæ поэтикон фæндаг Боциты Баронæн райдиа- ны? Иттæг æнæкъуылымпыйæ нæ рауад фыццаг йæ «байраг» Боцийы-фыртæн. Кæд советон цардæн йæхи ыснывонд кодта уый, — æмæ ууыл гуырысхогæнæн дæр нæй, — уæддæр советон лите- ратурæйы хæстæ хорз нæма бамбæрста. 1928 азы Боцийы-фырт фыссы æмдзæвгæ, «Нæуæг фыссæджы сагъæс», зæгъгæ, йæ сæр. Уыцы ’мдзæвгæйæ уый ног фысджыты номæй дзуры зæронд фысджытæй кæмæдæрты, æвæццæгæн, ног фысджытыл æнæрвæс- сон чи кодта, ахæмтæм. Уымæй раст у поэт, фæлæ, сæ ныхмæ дзургæйæ, йæхæдæг дæр фæцудыдта, «зæронд» фысджытæй чи бæззы, чи нæ бæззы, — се ’ппæтмæ дæр фæкодта иу тызмæг сидт æмæ сæм бакодта иу æртхъирæн: Ныр барæм, гъе, уæддæр мах дугъы нæ бæх — Хуыздæр бæх кæмæ уа, гъе, уыимæ ныр. Нæ байраджы гæппæй куыд риза къæдзæх, Дугъæттæн сæ разæй куыд кæна мыр-мыр. («Тохы фæйлауæнтæ», 13 фарс) Хиуыл æууæндындзинад æвзæр нæу — уый дæтты адæйма- гæн ныфс, ысхойы йæ размæ; фæлæ хъуыддаг афтæ у, æмæ уыцы размæ схойындзинады чысыл развæндагмæ кæсын хъæуы, 0236
кæннод, пайда чи у кæнæ цы у, — уый къæхты бын аууæрддзæн адæймаг, уæлдайдæр та, хъал æмæ «мыр-мыр»-гæнаг байрагыл куы бада, уæд. Цитатæ цы ’мдзæвгæйæ ’рхастон, уым Боциты Барон ноджы фыссы: Цырд байраг нæ уадзы йæ разæй бæхы, Къæмбыртыл гæппытæй нæ кæны тæрсгæ... Нæ фауиккой нæуæг фыссæгæн йæ куыст, Æппæлойтыл барид йæ хъару, йæ ном. Уæд Пушкины томты æмбулид йæ фыст... Хорз хаст байраг цырд кæй вæййы, уый гуырысхойаг нæу; уайынмæ дæр разæнгард кæй вæййы, уый дæр раст у, фæлæ «къæмбыртæм» кæй фæхæссы, уымæй дзы, сонт сывæллоны йед- тæмæ, ас барæг разы нæ вæййы. Нæй ахæм æмткæй закъон дæр, æмæ байраг йæ разæй бæхы ма уадза. Бæлвырд у, хъаугъайаг нæу, байрæгты дугъы хицæнæй кæй фæуадзынц, уый дæр, уый тыххæй, æмæ ас бæхтимæ, фæлтæрд бæхтимæ уайын, дугъы ’гъдæуттæм гæсгæйæ, сæ бон нæма вæййы. «Пушкины томты» амбулын дæр æвзæр хъуыддаг нæу, фæлæ у æгæр ныфсхастдзи- над, æнæхъуаджы хиуыл æрвæссондзинад. Уымæй дарддæр зæ- гъын хъæуы уый, æмæ уыцы «байраджы» хуыз Боциты Баронмæ у мæнг хуыз. 1933 азы поэт фыссы æмдзæвгæ «Ногæй та мæ байрагыл», зæгъгæ, (кæс «Цины бонтæ», 74 фарс) æмæ зæгъы: «Дæсæм аз ын дарын хъæбæрхор цæххимæ». Кæд æмæ байраг ног, райда- йæг фыссæджы поэтикон миниуæджы эмблемæ у, уæд дæс азы дæргъы байраг нæ вæййы, фæлæ зæронд бæхтæм баввахс вæййы. Ноджы дарддæр: базырджын бæх — Пегас рагон бердзенты (гречъы) мифологимæ гæсгæ уыдис Зевсы бæх, фæстæдæр та йæ хуыдтой музæты бæх, поэтикон миниуæджы бацырындзинады эмблемæ. Советон литературæйы ис æндæр обрæзтæ, нæ фæл- тæрмæ хæстæгдæр чи у, ахæмтæ, æмæ пайда кæнын хъæуы ахæм- тæй. Ис ма Боциты Баронмæ райдианы æндæр сау æндæргтæ дæр. 1928 азы уый Мæскуыйы фыста ахæм æмдзæвгæ: Сау къæвда сау мигътæй уары, Сау хæхтæй рахæссы сыг; Бирæйы зæрдæ фæзары, Бирæ та райдайы хъыг. Зонын, дзæбæх къуым кæмæн ис, — Бамбæхсдзæн къæвдайæ арф: Зонын, мæгуырыл кæудзæнис Уæлдæфæй ниугæ йæ арв. Хохы та афонмæ уайы Лæзгъæрты астæуты дон. Хæдзары хуыккомæй найы 237о
Сидзæрты ала цæсгом. Афонмæ дымгæ фæтæры Къæвдайæн коммæ йæ мигъ. Комы рæбыны æвзæры, Чи зоны, асæстæй их. Гъæй-джиди, мигътæн сæ хуылфы, Уаргæйæ бакал цæхæр; Кардимæ февзæр сæ хуылфы Бауром уыдон сæр-сæр! Абон уæд афтæ нæ бæллин Арвы нæрынмæ бынæй. Ме знæгтыл иу хатт ныххæлин, Иу хатт сæ аласта зæй. («Тохы фæйлауæнтæ», 14 фарс) Зæгъын хъæуы уый, æмæ ацы æмдзæвгæйы Боциты Барон, — фæндыдис æй, нæ йæ фæндыдис, уæддæр, — политикон рæ- дыдтытæ кæй ыскодта, уый. Æмæ æцæг: сау къæвда кæд æрдзон фæзынд у, уæд цавæр мæгуырыл куыдта 1928 азы, цавæр си- дзæрты ала цæсгæмттæ æхсадта? Кæд æмæ æрдзон фæзынд нæу, уæд та бынтон диссаг; цавæр ызнæгтæ («Сау къæвда») æфхæрд- той 1928 азы мæгуырты, сидзæрты, советон хицауад кулакты, куыд кълас, ликвидаци кæнынмæ куы бавнæлдта хъæууон хæ- дзарад коллективизацийы бындурыл, уæд? 1929 азы Боциты Барон ноджы фыссы æндæр æмдзæвгæ «Дунейы хъуыдытæ», уым зæгъы: Тас дунейы хъуыдытæ иумæ Мæ хъару куы бауид æмбырд, Кæй риу уæд æрлæууид мæ риумæ, Кæй дзырд уæд нымбулид мæ дзырд? Уæд хорз мыггаг хуымты фæтауин, Нæ хъæуид сæ рувын лæгæн. Мæ хъуыды уæд афтæ нæ фауин, Ыскъахид нæуæг зонд лæгæи... Æгас дунейы хъуыдытæн маркс-ленинон ахуырадмæ гæсгæ, ысиу уæвæн ис æрмæст æнæкълассон æхсæнады, социалистон- коммунистон æхсæнады. Кълассон æхсæнады адæмы хъуыдытæ иумæ æрæмбырд уы- дзысты, зæгъгæ, ахæм зондахаст марксистон зондахаст нæу. Ыс- тæй уæд фыссæг афтæ кæм зæгъы: «Ыскъахид нæуæг зонд лæ- гæн», зæгъгæ, уым цы зæгъынмæ хъавы? Цавæр ног зонд? Марк- сизм-ленинизм æгъгъæд зонд нæу? Нал фаг кæны нæ поэтæн? Цавæр эклектикон зонд, «ног зонд» ыскъахинаг у? Уыцы æмдзæв- гæйæн йæ кæроны Боциты Барон зæгъы: Кæд абон фæсус хъæрæй зарын, Нæма зонын зардæн хъырнын, Гъе, уæддæр мæ зæрдæ æз дарын, Кæй зондзынæн зарын, бырсын. 0^238
Тынг раст зæгъы поэт, «фæсус хъæрæй» ма кæй зарыди, кæй иæма зыдта «зардæн хъырнын» 1929 азы дæр дзæбæх, уымæй. Фæлæ та ногæй йæхицæн ныфс кæй радта, уымæй тынг хорз бакодта: 1929 — 30 азтæй фæстæмæ райдыдта Боциты Барон йæ поэтикон программæ æххæст кæнын ноджы ныфсджындæрæй, зæрдиагдæрæй, кæд поэтикон дæсныдзинадыл иттæг тынг нæма фæхæст и, уæддæр. Уæлдæр загътон, Боциты Баронæн йæ поэтикон программæ советон цардæн кусын кæй уыдис, уый. Нæ бацауæрста йæхи- уыл поэт, цæмæй уыцы программæ æххæстгонд æрцыдапд, ууыл. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ ирон советон фысджытæй иу дæр Бо- циты Бароны фарсмæ не ’рлæудзæн, мæнæ æз дæр советон бæс- тæйы æрвылбон цардмæ дæ хуызæн къæрцхъусæй лæууын, зæгъгæ, уыцы хъуыддаджы. Боциты Баронæн йæ поэтикон ыс- тырдæр миниуæг у уый, æмæ Советон бæстæйы цардарæзты, Коммунистон партийы разамынддзинады цыдæриддæр ногæй фæзыны, уымæ уайтагъд æнгом балæууы æмæ йын йе ’ххуысы хай ратты. Мæнæ НЭП-ы азтæ. Боциты Барон кæсы æмæ уыны нэпмæнты, мæстæй сæм йæ дæндæгты къæс-къæс цæуы. Ирон адæмы царды ма фæсреволюци ис бирæ ахæм æгъдæуттæ, царды размæ цыд къуылымпы чи кæны. Зæгъæм: сабатизæр уæлмæрд- тæм цæуын, уым фыдох хуыз æмæ хъæлдзæг зæрдæйæ минас кæнын, нуазын. Боциты Барон хурмæ хæссы уыцы хъуыддаг, æмæ сылгоймæгтæн сæ цæсты раз æвæры, уый æрдиаггаг кæй у, уый («Уæлмæрдты балцы»). Фæллойгæнæг адæм паддзахы зама- ны уыдысты ахуырдзинадæй иртæст. Революци сын радта ахуыр- мæ уæрæх фæндаг; Коммунистон парти æмæ Советон хицауад сæхицæн æрæвæрдтой нысанæн, цæмæй æнахуырдзинад фæл- лойгæнæг дзыллæты ’хсæн сæфт æрцæуа. Боциты Барон сиды: Цæй-ма, цæй, кусæг лæг, Цæй-ма, цæй, хуымгæнæг. Цомут... Талынг цард — худинаг, Хорз хьуыддаг — дзуринаг, Сагъæс æркæнæм лысгпæг. Талынг цард басудзæм, Ерысæй бакусæм. Ма кæнæм ахуырад рох. («Агурынц хурмæ фæндаг», Т. Ф., 29 ф.) кæнæ: Бухар-худ, лæппуйæн зæгъ-ма йын, Де ’нахуырдзинады цæвгæ! («Бухар-худ», Т. Ф., 76 ф.) Ирон хъæуы, куыд æгас советон Цæдисы, райдыдта стыр хъуыддаг — коллективизаци. Боциты Барон сиды ирон фæллой- гæнæг адæммæ, цæмæй зæрдиагонæй бацæуой уыцы хъуыддагмæ. 239о
Коллективизацийы заманы ис адæмы ’хсæн ахæмтæ, раздæр эк- сплуатацигонд чи цыди, æххуырсты куыстæй йæ уыргтæ кæмæн ныххаудтой æмæ ма чи нæ оазыдта йе знаджы æмæ йæ хъахъ- хъæнгæ чи кæны. Боциты Барон сын æфтауы сæ цæстытыл сæ рæдыд. («Михел æмæ Илас», Т. Ф., 66 фарс.) Советон хицауад бавнæлдта, цæмæй хъæууон хæдзарад ма- шинизацигонд æрцæуа, цæмæй фондз азы пълан цыппар азмæ сæххæст уа, уыдонмæ. Боциты Барон сиды ирон фæллойгæнæг адæммæ, æххуыс сын кæны йæ фыстæй, цæмæй уыцы хæстæ сæххæст кæнын сæ бон бауа. Мæнæ промфинпълан сæххæст кæ- ныны хæс, мæнæ соцерысæй куыст, кадрты тыххæй фарста, ло- дырты ныхмæ тох, — Боциты Барон фыссы уыцы хъуыддæгтæн се ’ппæтыл дæр. Ирон колхозон быдыртæ равдыстой ыстыр ыс- гуыхтдзинæдтæ, ысхъомыл кодтой бирæ геройты, паддзахад ыс- тыр хæрзиуджытæ кæмæн радта, колхозон арæзтады раздзог чи у ’мæ фæзмын кæй хъæуы. Боциты Барон æвдисы уыдоны су- рæттæ: «Пленкайы изæр» («Цины бонтæ», 30 ф.), «Хъæбатыр бæхгæсæн», (Т. Ф., 124 фарс), «Орденджын Сафирæтмæ» («Цины бонгпæ», 55 ф.), «Колхозон чызгæн». Советон Цæдисы алфамбылай ис капиталистон паддзахæдтæ. Уыдон Советон Цæдисмæ сæ дæндæгтæ тугдзых бирæгътау цыргъ кæнынц, тырнынц, цæмæй зæххы цъарыл туджы зæй ауадзой æмæ фæллойгæнæг дзыллæты уæззау æфсондзы бын дарой, сæ фæллойæ сын ыстыр тынтæ уадзой. Боциты Барон тох кæны уыцы тугцъирты ныхмæ, сиды фæллойгæнæг дзыллæмæ, цæмæй цæттæ уа йæхи бахъахъхъæнынмæ («Тохы бонтпæ»., Т. Ф., 73 ф., «Америкæн» Т. Ф., 86 ф.). Советон Цæдис хъахъхъæны æндон æфсад — фæллойгæнджыты цот. Боциты Барон сыл кæны рæ- сугъд зарджытæ («Æндон æфсад», «Хьахъхъæнæм нæ бæстæ», «Цины бонтæ»). Ацы зарджыты тыххæй афтæ зæгъын хъæуы, æмæ уыдон ысты Боциты Баронæн ыстыр ысгуыхтдзинад. Боци- ты Баронæн йæ тематикæ актуалон кæй у, уый тыххæй раздæр загътон, фæлæ йæ хъуамæ зæгъон дыккаг хатт. Дунейы фæллойгæнæг дзыллæты фæтæг у Ленин æмæ йыл Боциты Барон зæрдæбын ныхæстæй фыссы уацмыстæ. Ленинон национ политикæйы рæсугъд дыргъ — Ирыстон — Республикæ. Поэты зæрдæ банæрсти уыцы стыр циндзинадæй æмæ ныззарыд: Республикæ у ныр мæ бæстпæ! Хæххон фæллойгæнæг адæм сæ сæрибарыл куы тох кодтой урс бандæты ныхмæ, уæд сæ фæтæг уыд Серго Орджоникидзе. Кæй зæрдыл нæ лæууынц хæххон фæллойгæнæг адæмæй, Сер- го, йæхиуыл æнауæрдгæйæ, куыд цыди сæ разæй, се знæгтимæ куы тох кодтой, уæд. Боциты Барон уыцы цæхæрцæст хъæба- тыр болыиевикыл фыссы: Хæххон мæгуыртпы сырх худгæ хурæй Ды ’фсæсгпай гпохы, — фæтпæг ды уыдгпæ. О240
Сæ тохы боны ызнаджы мурæй Ды куы ныууагътай, фæдис ды ’рцыдтæ. Гæрзарæхст ифтонг, Серго, сырх бæхыл. Йæ бæхвæд бæрæг у Кавказы хæхтыл. Царды дидинджытæ — сабитæ, сывæллæттæ. Уыдон дæр рох- уаты нæ баззадысты поэтæй — радта сын зарджытæ («Сабийы зарæг», «Сывæллæтты зарæг»). Фыдцæф æнæ нос ныууадзгæ нæ цæуы. Фыдмитæ фæкод- той урс æфсæдтæ — бирæгътæ — Ирыстоны фæллойгæнæг адæ- мæн, сæ цъыф къахæй æрцыдысты хæхтыл, æбуалгъ митæ фæ- кодтой. Æвдисы уыдон дæр поэт йæ кадæг «Комы хъæбысы», зæгъгæ, уым. Боциты Баронæн йæ фæстагдæр фыстытæй зынгæдæр у ка- дæг «Октябры цин». Поэт йæ зæрдæйы цин æппæтæй равдыста уыцы кадæджы. Æрæмбырд кодта стыр социалистон Октябры революцийы лæвæрттæ æмæ сæ радзырдта. Боциты Барон у болыпевикон партийы уæнг. Царды дæр æмæ йе сфæлдыстады дæр Барон йæ разы æвæры хæсæн, цæмæй партийы хаххыл æнæцудгæйæ цæуа, цæмæй тох кæна, партийы хаххы ныхмæ чи цæуы, уыдонимæ. Советон аив литературæйы цыдис ыстыр кълассон тох. Уыцы тох тынг карз формæйы йæхи равдыста ирон аив литературæйы дæр. Буржуазон националисттæ æмæ троцкисттæ, цас сæ къухы æфтыд, цас сын сæ фадат амыд- та, уыйбæрц нæ ауæрстой ызнаггады куыст кæныныл ирон лите- ратурæйы. Боциты Барон йе сфæлдыстадæй кæддæриддæр уыдис тохгæнæг уыдоны ныхмæ. Æцæг, раст зæгъын хъæуы, Боциты Барон ацы тохы æруагъ- та рæдыд дæр, иу æмдзæвгæйы дзы кæмдæр æмгуыстмæ куы сидти, уæд. Æмдзæвгæ «Республикæ» — уым Боциты Барон фыссы: Республикæ у ныр мæ бæстæ, Æз та — йæ зарджытæн сæ куырд... Ацы фæстаг рæнхъ чи у, ууыл æнæ аныхасгæнгæ нæй. Кæд æмæ Боциты Барон «зарджыты куырд» йæхи йæ политикон цырд- дзастдзинады тыххæй хоны, уæд раст у. Фæлæ уæддæр уый зæгъæн нæй, æмæ айдагъ политикон ифтыгъддзинад æгъгъæд у, зарджыты куырд цæмæй уай, уымæн. Раст у, йæ кой тынгдæр кæй хъуысы Боциты Баронæн, фыл- дæр æй кæй зонынц адæм, уый. Фæлæ уæддæр зарæджы куырд уæвынæн поэтикон дæсныдзинадæй рæвдздæр уæвын хъæуы, уый тыххæй æмæ советон литературæ йæ разы æвæры ахæм хæс, цæмæй канд идейон æгъдауæй нæ, фæлæ аивдзинадæй дæр цæ- мæй раззагдæр литературæ уа дунейыл, афтæ. Советон литера- турæ пайда кæны, аив литературæ йæ историон фæндагыл цы формæтæ скодта, уыдонæн се ’ппæтæй дæр, ноджы, уымæй уæл- дай, агуры ’мæ ары алы ног формæтæ. 16* 24Ю
Дарддæр аив литературæ архайы нывтæй, аразы нывтæ, æмæ уыцы нывтæн сæхимидæг вæййы, поэт кæнæ фыссæг цы фæ- зæгъинаг вæййы, уый. Зæгъæм: Хетæгкаты Къоста йе ’мдзæвгæ «Сидзæргæс»-ы иу ран дæр никуы зæгъы, сидзæргæстæ ’мæ си- дзæртæ тæригъæд ысты, зæгъгæ. Кæнæ, сæ сæрыл тох самайын хъæуы, уый дæр. Фæлæ кæсджытæй чи нæ нырризы сидзæргæс æмæ сидзæрты тæригъæдæй. «Литературная техника создаёт об- раз», — афтæ зæгъы Горький. Литературон уацмыс композицион æгъдауæй хъуамæ уа орга- низацигонд; хъуамæ дзы уа экспозици, бæттæн, кульминаци, рай- хæлд. Æцæг, лирикон уацмыс эпикон уацмысты уагыл арæзт нæ цæуы, фæлæ уым дæр хъуамæ уа композицийы принциптæ: зæр- дæйы уагæн, фæндтæн сæ сæвзæрд, сæ рæзт, сæ истæуыл ахи- цæн. Зæгъæм, Къостайы ’мдзæвгæ «Фесæф». Дарддæр, хуызтæ арæзт цæуынц æвзагæй, зæрдæйы уаг æргомгонд цæуы æвза- джы фæрцы. Уымæ гæсгæ æвзаг хъуамæ уа сыгъдæг, алы дзырд дæр хъуыдыйады хъуамæ ара йæ бынат. Æркæсæм уæлæнгæйтты ацы домæнты цæстæй Боциты Ба- роны ’мдзæвгæтæм. Райсæм примерæн «Ногæй мæ байрагыл». Мæ байрагыл ногæй Æрсагътон цæфхæдтæ, Мæ байрагæн ногæй Æз радтон нæмыг. Йæ хуыррытт та — рогæй, Æмдзæгъд кæны къæхтæ, Фæтæхы та ногæй, Куыд топпы нæмыг. Дæсæм аз ын дарын Хъæбæрхор цæххимæ, — Фыццаг азы нæмыг Нæ фæци дзæгъæл. Дзæгъæлы нæ зарын Мæ дугъон бæхимæ — Мæ цардæн йæ фæрдыг, Мæ риуы дæгъæл. Мæ байраг — мæ зæрдæ, Йæ нæмыг — мæ сагъæс, — Æрвылбон ын ногæй Хъæбæрхор дæттын... æ.а.д. Æз загътон, байраджы обрæз мæнг обрæз кæй у, уый. Но- джыдæр æй зæгъын, фæлæ ма йæм æфтауын: поэт зæгъы: Мæ байраг — мæ зæрдæ, Йæ нæмыг — мæ сагъæс... Кæд байраг поэтæн йæ зæрдæ у, уæд ма чысыл раздæр та афтæ цæмæн зæгъы: 0242
Дзæгъæлы нæ зарын Мæ дугъон бæхимæ... Куыд зары поэт йæ зæрдæимæ? Цæмæн дыууæ дихы кæны йæхи — «йæхæдæг» æмæ йæ «зæрдæ» хицæнтæ сты? Кæй нæ ахъуыды кодта поэт ацы обрæзыл, уый дызæрдыггаг нæу. Зæгъæм æмдзæвгæйæн йæ композицийы тыххæй. Нæй дзы фæдфæдылдзинад, иу ныхас зæгъы цалдæр хатты æмæ цалдæр раны. Афтæ райдианы кæсæм: Мæ байрагæн ногæй Æз радтон нæмыг... Дыккаг строфайы дæр та кæсæм: Дæсæм аз ын дарын Хъæбæрхор цæххамæ... Цыппæрæм строфайы та ногæй поэт фыссы: Æрвылбон ын ногæй Хъæбæрхор дæттын... Загътон æмæ та зæгъын: лирикон æмдзæвгæйы, эпикон уац- мысы хуызæн, хъуамæ уа фæдфæдылдзинад. Афтæ фыстой, по- этикон дæсныдзинадæй æххæст чи у, уыцы поэттæ. Зæгъæм: Пушкин, Лермонтов, Байрон, Гейне, Маяковский, Къоста. Ли- рикон уацмысы композицийыл кусыны хъуыддаджы ахуыр кæ- нын хъæуы уыдонмæ æмæ уыдоныл. Райсæм æмдзæвгæ æвзаджырдыгæй. Ис æмдзæвгæйы рай- дианы ахæм бынат: Йæ хуыррытт та — рогæй, Æмдзæгъд кæны къæхтæ... Фæстаг рæнхъ ирон æвзаджы грамматикæйы рамкæты нæ цæуы. Зæгъын хъуыд афтæ: «Æмдзæгъд кæны къæхтæй»... Ива- рон хауæны бæсты дзырд зæгъын хъуыд архайдон хауæны, æмæ уыдаид хорз. Фæлæ поэт æвзаджы тыххæй нал ахъуыды кодта, раззаг дзырд «цæфхæдтæ» — зæгъгæ, уымæн æй рифмæ куы бахъуыдис, уæд. Раст загъта Байрон: «Рифма — это могучий па- роход, увлекающий поэта против течения здравого смысла». Примерæн æз ацы ’мдзæвгæ æвзаргæ нæ ракодтон. Æндæр æмдзæвгæтæ куы райсæм, уæд уым дæр ыссардзыстæм компози- цион хъæнтæ («Æмб. Ленины ингæнмæ», Ц. Б.у 41 ф.) æмæ æвзаджы лæмæгъдзинæдтæ. Зæгъæм: Æмдзæвгæ «Æндон зарæг», зæгъгæ, уым поэт Къостайы нывтæ «Мæгуыры зæрдæ»-йæ хъа- вы æндæр хуызты æвдисынмæ æмæ фыссы: Ис кад мæгуыр лæгæн йæ куыстæн, Йæ сихор, йе ’хсæвæр — цæттæ; Йæ уат — рæсугъд, фæлмæн йæ лыстæн, Йæ къухы — цардыхос гæрзтæ... 243о
Кæд мæгуыр лæгæн йæ «къухы цардыхос гæрзтæ» ис (æмæ уый афтæ у), уæд ма лыстæныл цæмæн хуыссы? Лыстæн цавæр- фæнды фæлмæн уæд, уæддæр — лыстæн æмæ лыстæн. Ацы ран æвзаджы ляпсус расайдта йæ фæдыл политикон рæдыд дæр. Æмдзæвгæ «Нæ райгуырæн бæстæн», зæгъгæ, уым поэт фыссы: Ыскалдтай, Ирыстон, дæ цæсгомы фист. Ацы бынат æппындæр æмбæрстгонд нæ цæуы: кæд фисты кой кæны поэт, уæд зæгъын хъуыд: «Акалдтай, Ирыстон, дæ цæсгомы фист». Кæд æмæ Ирыстоны ног цæсгомы тыххæй исты зæгъинаг уыд, уæд та дзырд «фист», зæгъгæ, уый бæсты ссарын хъуыд æндæр дзырд; фæлæ та ам дæр поэты бахъыгдардта рифмæ — «хуызист». Æмдзæвгæ «Октябры фæлтæр», зæгъгæ, уым ис ахæм бынат: Акæс-ма, се ’хсæнæй бомбæйау чи зары, Уый та у захъхъайаг Долæйы фырт... Ам дзырд, «бомбæйау», зæгъгæ, йæ бынаты нæй. Кæд хорз зары лæппу, уæд бомбæйы хъæры музыкалон мыртæ бирæ нæй. Кæд æмæ поэт зарæгæн йæ тых, йæ хъаруйы кой кæны, уæддæр пролетарон хицауад афтæ нæ зæгъы, æмæ йæ зарджытæ музыка- лон æгъдауæй æххæст ма уой, зæгъгæ. Нæ, ам дæр та дзырдыл нæ ахъуыды кодта поэт. Дыккаг хатт зæгъын: æз примертæ агургæ нæ фæкодтон — арæх ысты ахæм бынæттæ Боциты Бароны уацмысты. Æмæ кæд йæхимæ уыйбæрц хæс райста, цæмæй Ирыстоны зарджытæн куырд уа, уæд æй бирæ фылдæр бакусын хъæуы нырма поэти- кон дæсныдзинадыл. Куырд та хъуамæ уа, кæд йæ байраг дыу- уадæс азы дæргъы бæх нæма сси, уæд хъуамæ суа æмæ хъуамæ йæ уадыл ахуыр кæной æцæг «байрæгтæ» — æвзонг фæсивæд. Хицæнæй зæгъын хъæуы иу къорд дзырды Боциты Баронæн йе стырдæр уацмыс «Саст рæхыс»-ы тыххæй. Ирон аив литературæ уæрæх кæттæгтæ нæма райтыгъта, зæгъгæ, куы зæгъæм, уæд хъуамæ ма фæрæдийæм. Афтæмæй йæ разы та тынг рагæй нырмæ лæууы ахæм хæс, цæмæй цард, ирон фæллойгæнæг дзыллæты цард, парахатæй, кæрæй-кæронмæ равдиса. Боциты Барон тынг уæндонæй, тынг разæнгардæй бав- нæлдта стыр эпикон уацмыс ныффыссынмæ æмæ йæ схуыдта «роман». Роман у, куыд зонæм, афтæмæй, эпикон жанртæн сæ тæккæ ахъаззагдæр, цард уæрæхæй, кæронмæ чи ’вдисы, ахæм. Роман домы фыссæгæй, цæмæй уый цард хорз зона, царды ныв- тæй йæм иттæг бирæ æвæрæнтæ уа, ыстæй ноджы цæмæй аив литературон хъацæнтæй хæрз хъæздыг уа. Боциты Бароны уац- мыс «Саст рæхыс» йæ асмæ гæсгæ, ыстæй авторы фæндмæ гæсгæ дæр у ахсджиаг уацмыс, фæлæ «Саст рæхыс»-ы хуызæн егъау уацмыс абоны онг иунæг критикон статья дæр нæма расайдта. Фыссын æмæ дзурын та уыцы уацмысы тыххæй тынг хъуыдис, уымæн æмæ ирон аив литературæйы цæмæй дарддæр ахæм уац- ^244
мыстæ зына, ыстæй сæ фысджытæ раст фæндагыл цæмæй лæу- уой, уый тыххæй фыццаг фæзынгæ уацмысæн хъæуы раст аргъ ыскæнын. Æз ныртæккæ мæхимæ ахæм хæс нæ исын, æмæ «Саст рæхыс»-æн бæстон аргъ ыскæныныл ныллæууон, æххæст анализ ын радтон. Уый у сæрмагонд куыстаг, ыстæй уымæн нырма гæ- нæн дæр нæй, уымæн æмæ уацмыс фыст нæма фæци. Фæлæ абон Боциты Баронæн йе сфæлдыстадæн йе ’ппæтыл ныхасгæни- наг кæй ыстæм, уымæ гæсгæ бафæлвардзынæн «Саст рæхыс»-ы тыххæй дæр мæ хъуыды зæгъын. Аив литературæйы, канддæр та стыр эпикон уацмысы, хъуа- мæ æвдыст цæуой типикон адæм, типикон æгъдæуттæ, типикон фæзындтæ. «Писатель реалист, — фыссы Энгельс — должен, кроме верности деталей, стремиться к тому, чтобы показать «типичес- кие характеры» в типических обстоятельствах». Ахæм домæнимæ куы бацæуæм, «Саст рæхыс»-ы цы адæм æмæ ’гъдæуттæ ’вдисы Боциты Барон, уыдонмæ, уæд нын афтæ æнæ зæгъгæ нæй, æмæ уыдон типикон не сты, зæгъгæ. Цавæр ирон бинонтæ сты Цæлыччы бинонтæ, куынæ дзы хистæр бæрæг ис, куынæ фырт!?. Чи зоны æмæ иу хъæуы кæнæ иу хицæн бинонты ’хсæн ис ахæм æгъдæуттæ. Фæлæ литературæ, куыд загътон, афтæмæй хъуамæ ’вдиса, типикон чи у æмæ цы у, уый. Типикон нæу Цæлыкк йæхæдæг дæр. Æмæ куыннæ: Цæлыкк сагъæс кæны йæхимидæг æмæ йæ æфсæрмы — худинаджы бына- ты кæй сæвæрдта йæ фыд, уый тыххæй ысдзырдта: — Рæдийгæ баба дæр кæны. Кæй йæ нæ бахъахъхъæдтон мæ худы, уымæй мæн аххос у, фæлæ æвзæрæй æвзæрдæртæ бирæ ис. — Цытæ, «сау лæппу»? — Æвзæрæй æвзæрдæр — æвзæр бон, æвзæр рæстæг, æвзæр дуг... æ. а. д. («Саст рæхыс», 108 фарс). Ирон адæммæ типикон æгъдау уый уыд, æмæ фырт фыдмæ ахæм уæндонæй дзура, зæгъгæ, уый йæ бон нæ уыд, афтæ фы- дæн дæр. Адат сын ахæм бартæ нæ лæвæрдта. Типикон фæзынд уыд адат, æмæ хъуыддаг афтæ ’вдисын хъуыд. Дыккаг та уый у, æмæ мæгуыр хохаг саби, фыййауæй хъæдтæ ’мæ дуртæ йеддæмæ чи ницы уыдта, хуры рухс кæй цæстытыл никуы аныдзæвыд, уый ахæм арф зонды ныхæстæ кæцæй кæны, ахæм арф хъуыды- ты кæцæй аныгъуылы? Зæгъын та: чи зоны, иу лæппу, зæгъæм, Боциты Барон йæхæдæг уыд ахæм бирæ фенæджы хуызæн, фæлæ уый типикон нæ уыд хæххон гомгуыбын сывæллæттæн. Уыдон уыдысты æнæфенгæ, сæ зæрдæйы кæд исты бирæ сагъæстæ уыдис, уæддæр сæ афтæ сыгъдæгæй дзурой сæ дзыхæй, уый сæ фадатмæ гæсгæ сæ бон нæ уыд. Иуы примерыл цард æвдисæн нæй. Горький фыссы афтæ: «Как нельзя построить дом из одной штуки кирпича, так нельзя описанию одного факта придать характер типичного и художественного, правдивого явления...» æмæ ноджы: «Описав одного знакомого ему извозчика, чиновника, рабочего, литера- 24§о
тор сделает более или менее удачную фотографию именно одно- го человека, но это будет лишь фотография, лишённая социаль- но-воспитательного значения, и она почти ничего не даст для расширения, углубления нашего познания о человеке, о жизни. Но если писатель сумеет отвлечь от каждого из двадцати, пяти- десяти, из сотни лавочников, чиновников, рабочих наиболее ха- рактерные классовые черты, привычки, вкусы, жесты, верова- ния, ход речи и т. д., отвлечь и объединить их в одном лавочни- ке, чиновнике, рабочем — этим приёмом писатель создает «тип», это будет искусство». Кæд æмæ фыссæг йæхи царды уаг равдисынмæ хъавыди, уæд та йæ райсын хъуыд æндæр жанр. Зæгъæм: Горькийы фæн- дыдис равдисын йæхи царды уаг æмæ ныффыста роман нæ, фæлæ: «Детство», «В людях» æмæ «Мои университеты». Раст куы зæгъгæм, уæд мæнмæ афтæ кæсы, æмæ Боциты Барон лæмбынæгæй нæ бакуыста йæ уацмысыл. Раст нæу уац- мысæн йæ арæзт: кæд æмæ, раздзырды куыд ис, афтæмæй Цæ- лыкк йæхæдæг ракуырдта фыссæгæй, цæмæй йын йæ «тын бауа- фа, уый», уæд хъуамæ ныхас Цæлыккæн йæхи дзыхæй цыдаид кæрæй-кæронмæ дæр. Фыссæг та дзуры йæхицæй. Ис уацмысы бирæ бынæттæ, ныхæй-ныхмæ чи у, ахæмтæ. Зæгъæм, 9-æм фар- сыл кæсæм: «Фæлтау алы бон дæр уæлыгæс цæуин сæрдыгон бон, уæддæр уазалы зындæр фæцæрæн у», — зæгъгæ-иу дзурын райдыдта йæхи хуызæн мæгуыр лæппутæн... 10-æм фарсыл та кæсæм: «Цæгат фарс кæд цардис, æмæ-иу сæ хъæумæ хур кæд нæ кастис, уæддæр-иу уый хуры тынтæм никуы бабæллыдис». 16-æм фарсыл та кæсæм ноджы: «Цæлыкк хуры рухс куы фед- та, уæд, райсомы хæххон сæууон уазалы фæстæ, хуры хъарммæ цин кæнын байдыдта». Бæрæг нал у, Цæлыккæн хур æхсызгон уыд æви йын хъауджыдæр нæ уыдис, уый. 106-æм фарсыл фыс- сæг фыссы афтæ: «Куыд диссаг у хæххон дымгæ дæр? Кæмæ нæ бакалдзæни бырæттæ, ахæм нæй, æвæццæгæн, фæндаггонæй, — аууоны бадæджы йеддæмæ. Сау æмæ уæзданæй не ’взары. Уымæ гæсгæ мæгуыр æмæ хъæздыгæн дæр иу аргъ кæны!..». 107-æм фарсыл та кæсæм афтæ: «Уæвгæ, дымгæ дæр æмхуызон цæстæй нæ кæсы адæммæ. Цæлыкк мæсты кодта дымгæмæ, фæлæ уый мастæй тыхджындæр уыдысты дымгæйы фæйлауæнтæ»... Бæ- рæг нал у, «æмхуызон цæстæй кæсы дымгæ адæммæ» æви сæ хицæнтæ кæны. 132-æм фарсыл ис ахæм бынат: «Уыцы лæг фабрикæй æрбацыд йæ куысты фæстæ æмæ йæ дзабыртæ ласын кодта йæ сылгоймагæн. Ус арынджы хыссæ змæста æмæ, æрæгмæ кæй кодта дза- быртæ ласынмæ, уый тыххæй йæ лæг арынджы уæлхъусæй йæ дзыккутæй радавта хæдзары астæумæ æмæ йæ æрæвæрдта йæ цырыхъхъы цæфхады бын»... Цы уыд лæгыл — дзабыртæ æви цырыхъхъытæ? (Кæс но- джы 118—119-æм фæрстæ.) Бирæ рæтты сыгъдæг æвдыст нæ 0246
цæуынц хуызтæ. Зæгъæм, фыццаг хайы райдианы кæсæм афтæ: «Хæххон хъæу. Æлыг сыджытсæр ныллæг хæдзæрттæ. Цæга- тырдыгæй комы хохрæбын цыппар хохы ’хсæн уæрццау нын- ныгъуылдис Цæлыччы хъæу. Бæрзонд хохæй æркæсгæйæ, раст цыма нау денджызы ленк кæны, уыйау зындис уыцы хъæу»... Хъæу нынныгъуылд, уæрццау, афтæмæй фыссæг фыссы: «...раст цыма нау денджызы ленк кæны, уыйау зындис уыцы хъæу»... 61-æм фарсыл кæсæм: «Марадз, мæнæ мын ме ’ргъом æрис. Къæвдайы ыздыйы путы хуызæн ныууæззау ис æмæ ма йæ тых- хæй-фыдæй æрхæццæ кодтон»... Ыздыйы пут дæр пут у. Æндæр истæйы путæй уæззаудæр нæу. Ыстæй æргъом кæд путæй уæз- заудæр нæ уыдис, уæд афтæ зын хæссæн дæр нæ уыд. «Сæ мид- бынат рацу-бацу кодтой ныхасы бадджытæ» — кæсæм 116-æм фарсыл. Мидбынат бадджытæ куыд рацу-бацу кодтой? Дзыр- дæн, раздæр куыд загътон, афтæ, фаг аргъ нæ кæны фыссæг. Уый йын у тынг ыстыр сахъат. Дзырд у, обрæз цæмæй индиви- дуализацигонд цæуа, уый фæрæз. Дзырд фыссæгæн у, обрæзтæ цæмæй арæзт цæуынц, уыцы æрмæг, æмæ хъуамæ уа хорз, æвзæрст, сыгъдæг. «Язык является непосредственной действительностью мыс- ли» — фыссы Маркс. «Так же, как токарь по дереву или металлу, литератор дол- жен хорошо знать свой материал — язык, слово, иначе он не в состоянии изобразить свой опыт, свои чувства, мысли, не сумеет создать картин, характеров и т. д.» — фыссы Горький. «Со словом надо обращаться честно» — фæдзæхсы Гоголь. «Обращаться с языком кое-как значит и мыслить кое-как: неточ- но, приблизительно, неверно», — дзырдта советон фысджыты 1-аг съезды А. Толстой. «Саст рæхыс»-ы — 106-æм фарсыл кæсæм: «Мæнæ фæнда- джы фæрстæм акæс, уæд даргъ нæзы бæлæсты дымгæ базмæлын кæны, фæндаджы рыгтæ сыл бакалы æмæ та алыхуызон сыф- тæртæ бумбулийау хъазгæ ахæссы хæхты къуымтæм»... Фæн- даджы алыварс нæзыты йеддæмæ æндæр бæлæстæ нæй, — фыс- сæг сæ кой нæ кæны; нæзыйæн та сыфтæртæ нæй, афтæмæй дымгæ та хæссы «алыхуызон сыфтæртæ». Уый куыд рауайы? Дарддæр фыссæг зæгъы: уыцы сыфтæрты дымгæ «хæхты къу- ымтæм» ахæссы, зæгъгæ. Хæхтæн къуымтæ нæй, фæлæ сын рындзтæ ис; къуымтæ та ис кæмттæн. «Нæ нывонд дыгæрды- джы нын тыххæй атардтой æмæ нын æй ауæй кодтой», афтæ кæсæм 154-æм фарсыл. Ирон адæммæ дыгæрдыг нывонд никуы кодтой, дыгæрдыг у сыл, фосы мыггагæй сыл нывонд никуы код- той. Кæд искуы иу хъæуы уыдис ахæм æгъдау (уæвгæ мæ уый уырнгæ нæ кæны), уæддæр уый типикон æгъдау нæу ирон адæмæн. Уацмысы ахæм бынæттæ тынг бирæ ис. Дзуринаг сыл нал дæн, хъæугæ дæр нæ кæны — кæсджытæй, æвæццæгæн, алкæ- мæн дæр зындгонд ысты. Фæлæ зæгъын хъæуы, фыссæг йæ уац- 242о
мысыл кæй нæ ахъуыды кодта, кæй йыл нæ бакуыста, уый. Ыс- тыр уацмысыл бирæ кусын хъæуы. Уый зæрдыл дарын хъæу- дзæн Боциты Баронæн, йæ уацмысыл дарддæр куы куса, уæд. Мæ ныхасæн кæнын ахæм кæрон. Боцигы Барон ирон сове- тон литературæйы ныртæккæ ахсы бирæ бынат идейон бæрзонд- дзинадæй, актуалон æгъдауæй, политикон цыргъдзинадæй. Кæд æм йæ поэтикон фæндаджы райдианы чысыл рæдыдтытæ уыдис, уæд уыцы рæдыдтытæ тынгдæр уыдысты, литературæйы хæстæ хорз кæй нæма бамбæрста, фаг ахуырдзинад æм кæй нæ уыдис æмæ поэтикон дæсныдзинадæй лæмæгъ ифтыгъд кæй уыдис, уый руаджы. Боциты Барон йе сфæлдыстадæй у коммунистон партийы раст хахх хæссæг, коммунистон парти æмæ советон хицауад сæ разы цы хæстæ æрæвæрынц æрвылбон, уыдоныл кусæг ирон фæллойгæнæг дзыллæты ’хсæн. Боциты Барон у ирон советон фысджытæн сæ зындгонддæртæй иу, тынгдæр та йæ зарджытæй («Колхозон чызгæн», «Æндон æфсад» æ. æнд.). Йе сфæлдыста- ды ис хъæнтæ. Æз сыл æрдзырдтон, фадат цас амыдта, уыйас. Фæлæ уыцы хъæнтæ сты, фервæзæн кæмæй ис, аиуварс кæнæн кæмæн ис, ахæмтæ. Æз сыл дзæвгар кæй фæдзырдтон, уый æрмæст уымæн афтæ рауадис, æмæ мæ фæнды, цæмæй поэт лæм- бынæгдæрæй куса композицийыл, дзырдыл, обрæз аразыныл, æмæ уæд йе сфæлдыстад ноджы тынгдæр пайда хæсдзæн ирон фæллойгæнæг дзыллæтæн сæ ног рухс цардарæзты. Фыссæджы хъæнтыл дзургæйæ, хъуыддаг хъуамæ афтæ æвæрд ма цæуа, цæмæй йын цæлхдуртæ æвæрæм, цæмæй фæкæла, йæ зæрдæйы ныфс асæтта. Советон платформæйыл чи лæууы, уыцы фыссæ- джы хъæнтыл ныхас хъуамæ уа феххуыс кæныны уагыл арæзт. Идейон æгъдауæй бæрзонд бынат цы фыссæг ахсы, уый ыстыр фыссæг у, æрмæст ма литературон дæсныдзинадæй йæхи куы баифтонг кæна, уæд. Литературон дæсныйад та у, къухы баф- тæн цы хъуыддагæн ис, ахæм. Боциты Барон ыссардта йæхимæ стыр полотнотæм рахизынæн ныфс. Лæмбынæгдæрæй сыл куы куса, уæд тынг бирæ пайда æрхæсдзæн ирон советон литерату- рæйæн. Домæм дзы уыцы лæмбынæгдæрæй куыст. КЪОСТА ÆМÆ ИРОН ЛИТЕРАТУРÆ Æвæццæгæн æмæ рæдыд нæ уыдзæн, мах нырма ирон адæ- мы истори хæрз чысыл зонæм, зæгъгæ, куы зæгъон, уæд. Раст ахæм уавæры ис ирон литературæйы истори дæр. Ир ивгъуыд заманты куыд цардысты, ууыл дзургæйæ нæм уымæ гæсгæ бирæ аиппытæ разыны. А-фæстаг азты Иры историйæ чысыл цыдæртæ базыдтам. Иу ’къорд фарстайы рæстмæ лыггонд æрцыдысты. Нæ литературæйы историйæ уый зæгъæн нæй. Ам нырма бирæ ис, лыстæг æркæсын кæмæ хъæуы, ахæм фарстатæ. 0,248
Цæмæй алы фыссæгæн дæр йæ ахадындзинад ысбæлвырд кæнæм, уый тыххæй уал ын фыццаджыдæр хъуамæ базонæм йæ бынат литературæйы рæзты. Къостайы тыххæй иæм цы фыстытæ ис, уым ныхас сæйраг- дæр дыууæ хъуыддагыл цæуы: 1) Къоста у ирон музæйы фыц- цаг хъæбул æмæ 2) Къостайы размæ нæм литературæ нæма уыд, Къоста у йæ бындурæвæрæг, йæ аразæг. Уыцы хъуыдытæ мæм иууыл æнæаипп нæ кæсынц. Раст куы зæгъæм, уæд ирон литературæйы быдырты фыццаг ауæдз Къос- та нæ акодта. Фæлæ уымæй Къостайы ном ныллæгдæр, мыййаг, нæ кæны, къаддæр нæу йæ ахадындзинад. Мах ын, Къоста ирон музæйы фыццаг хъæбул у, зæгъгæ, уый тыххæй кад нæ кæнæм. Ирон литературæйы истори Къостайæ нæ райдыдта. Къостайы размæ фыстой Æгъуызаты Иуане, Колыты Аксо, Хъаныхъуаты Инал æмæ Мамсыраты Темырболат. Къостайы размæ литературæ мах хорз нæма зонæм, фæлæ уæддæр афтæ зæгъæн ис, æмæ литературæйы фæд-фæдыл, иу фыссæг кæнæ цалдæр фыссæ- джы кæрæдзийы ивгæ куы фæцæуынц, ахæм рæзт дзы нæ уыд. Колыты Аксо Æгъуызаты Иуанейы тыххæй ницы зыдта. Хъа- ныхъуаты Инал нæ зыдта сæ дыууæйы дæр. Ницæмæй баст у, йæ размæ чи куыста, уыдонимæ Мамсыраты Темырболат. Афтæ цæмæн рауад, уымæн бирæ аххостæ ис. Къостайы размæ цы автортæ ранымадтам, уыдоны фысты- тæй мыхуыргонд æрцыд æрмæст дыууæ уацмысы: Колыты Ак- сойы æмдзæвгæ «Чырыстийы райгасы бон»1 æмæ Мамсыраты Темырболаты æмдзæвгæ «Сагъæстæ»2. Зын зæгъæн у, Къоста ацы уацмыстæ зыдта æви нæ. Фæлæ ам æрмæст ирон литерату- рæйæн йæ рæзты тыххæй нæу нæ ныхас. Æз дзурын йæ райда- йæныл. Ирон литературæ саразыны хъуыддаджы Къостайы размæ чи уыд, уыдонæн цас бантысти, ууыл æз ныртæккæ нæ дзурын. Белинский Пушкины схуыдта æнæхъæн денджыз, йæ размæ цы уырыссаг поэттæ цард, уыдон та, уыцы денджызмæ чи кæлы, ахæм чысыл æмæ стыр дæттæ. Денджыз бирæ егъаудæр, ыстæй ахсджиагдæр у æнæуый дæттæй, фæлæ дзы æнæ уыдон денджыз нæ рауаид, зæгъы Белинский. Къостайы поэзи дæр у денджыз, фæлæ йæм исты дæттæ кал- ди, æмæ уыдон руаджы сденджыз ис, зæгъгæ, уый зæгъæн нæй. Къостайы размæ ирон æвзагыл чи фыста, уыдон тæваг æппын ницы хуызы фæзынд Къостайы сфæлдыстадыл. Къостайы ’мдзæв- гæтыл уыдонæн сæ фæд ыссарæн нæй. Фæлæ Къостайы сфæл- дыстад, дæттæ кæмæ нæ калдысты, ахæм денджыз ысхон æмæ ууыл дæ ныхас фæу, уый æгъгъæд нæу. Раттын хъæуы дзуапп ахæм фарстайæн: уæддæр ирон литературæ æмæ, æмткæй райс- гæйæ, æппæт ирон культурæйæн дæр Къоста йæ райдайæн цæ- мæн ысси? 1 Ш и ф н е р . Осетинские тексты. 2 Миллер. Осетинские этюды, ч. 1. 249о
Къостамæ бирæ цыдæртæ^ ис фæзминаг. Уый уарзта сæри- бар, йæ 1^ард-цæрæнбонты уый ыстыр тох кодта æфхæрд лæджы сæрыл. Йе сфæлдыстады сæйрагдæр æууæлтæ уыдысты гума- низм, адæмондзинад, реализм. Хæдхæцæг паддзахы фыд дуджы демократон дзыллæты ’хсар æмæ стыр фæлтæрддзинад баиу кæныныл æнæрынцойæ чи куы- ста, мæстæлгъæд æмæ ныфсджынæй адæмы сæрыл ыстыр хъаз- уаты чи бацыд, Къоста уыд ахæм фысджытæй. Адæмы ’хсызгон чи хъуыд, ахæм уацмыстæ чи фыста, йæ уацмысты фæллойгæнæг дзыллæты хъару ’мæ диссаджы курди- ат чи равдыста, сæрибар æмæ рухс амондмæ чи сидти, Къоста уыд ахæм фысджытæй. Царды бирæ фæзилæнтæ хуымæтæг æмæ ’нцон æмбарæн æвзагæй зæгъын чи фæрæзта, дзырды стыр дæсны чи уыд, Къо- ста уыд ахæм фысджытæй. Цард арф чи ’мбæрста ’мæ бирæ сфæлдыстадон хъару кæй риуы ’хсысти, Къоста уыд ахæм фысджытæй. Æвæццæгæн æмæ нæ фæрæдийдзынæн, афтæ куы зæгъон, æмæ æппæт уыцы æууæлтæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ кæй цыдыс- ты ирон литературæйы. Æз уый зæгъынмæ хъавын, æмæ, Къос- тайы фæстæ цы ирон фысджытæ царди, уыдонæн ахсджиаг кæй уыдысты кæддæриддæр уыцы æууæлтæ, æрмæст иутыл тынг- дæр фæзындысты, иннæтыл къаддæр. Иры фысджытæн уыцы хъуыддæгты æрмæст иунæг Къоста уыд фæзминаг. Гъе, уымæн афтæ тынг ахады Къоста канд ирон литературæ нæ, фæлæ æгас ирон культурæйы дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы — ам мах иу хъуыддаг æдзухæй дæр зæрдыл дарын хъæуы. Ирон литературæйыл дзургæйæ, мах хъу- амæ кæддæриддæр иртасæм æмæ хицæн кæнæм кæрæдзийæ Октябры агъоммæ литературæ æмæ советон литературæ. Зынд- гонд у алкæмæн дæр, иу иннæйы кæм ыссæнды, уыцы ’хсæнады иу национ культурæйæн уæвæн нæй. Уый дыууæ дихы кæны: иуырдыгæй — адæмы культурæ, уæрæх дзыллæты домæнты ак- каг чи у, аннæрдыгæй та — ’фхæрæг къласæн чи кусы, уыцы культурæ. Йе статья «Критические заметки по национальному вопросу», зæгъгæ, уым В. И. Ленин афтæ фыста: «Есть велико- русская культура Пуришкевичей, Гучковых и Струве, — но есть также великорусская культура, характеризуемая именами Чер- нышевского и Плеханова. Есть такие же две культуры в украин- стве, как и в Германии, Франции, Англии, у евреев и т. д.». Ацы ныхæстæ аив литературæмæ дæр хауынц. Зæронд æхсæнад ма куы уыд, уæд литературæйы рæзт цыди дыуу^æ фæндагыл. Уый тынг хорз равзæрста М. Горький. Иæхи сæрмагонд фæндагыл цыд бонджынты ’мæ мещанты литературæ, адæмы ’фхæрджыты фарс чи уыд, уыцы литера- турæ. Ыстыр хъуыддагæй ницы сарæзта уый царды. Нæ дзы уыд ыстыр фысджытæ. Уыдон уыдысты, фыццаг бынаты сæвæ- 0,250
рæн кæмæн нæй, ахæм фысджытæ. Уыдон æрмæстдæр æппæлы- дысты, хицауиуæг чи кодта уæд, уыцы къласæй. Уыцы фæндаджы ныхмæ мах æвæрæм æндæр хахх, æндæр фæндаг. Уый у царды хъæнтæ бæрæггæнæг литературæ. Уыдон æндæр фысджытæ уыдысты. Уыдон уыдысты æппæт дугты дæр æппæты хуыздæр фысджытæ. Цæргæ-цæрæнбонты адæймаджы сæры магъз цыдæриддæр диссагæй сарæзта, фæллойгæнæг дзыл- лæтæм цы фæлтæрддзинад ис, æппæт уыдон баиу кæнгæйæ, уыцы фысджытæ стыр мастимæ тох кодтой адæймаджы ’фхæрд æмæ цагъардзинады ныхмæ. Ныхас цы хъуыддæгтыл цæуы, уыдон Октябры агъоммæйы ирон литературæмæ дæр хауынц. Къостайы тæваг ирон литерату- рæйы рæзтыл куыд фæзынд, ууыл дзургæйæ зæрдыл дарын хъæуы дыккаг фæндаг — критикон реализм. Уыцы фæндаг райдайы Къо- стайæ. Революцийы агъоммæ ирон литературæйы хуыздæр минæ- вæрттæ Гæдиаты Секъа, Коцойты Арсен, Брытъиаты Елбыздыхъо, Гæдиаты Цомахъ, Кочысаты Розæ, Хъороты Дауыт — се ’ппæт дæр уыцы фæндагыл рацыдысты. Реализм уыд ирон литерату- рæйы сæйрагдæр фæндаг. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, афтæ ’мбарын нæ хъæуы, ’мæ дзы ’ндæр фæндæгтæ нæ уыд. Къоста уыд реалист, фæлæ, романтизмы тæваг, активон, ре- волюцион романтизмы тæваг кæмæ фæхæццæ, ахæм уацмыстæ дæр æм ис (зæгъæм: «Плачущая скала», «Перед судом» æмæ æнд.). Уыцы романтизм ис нннæ фысджытæм дæр (Гæдиаты Секъа — «Азау»; Коцойты Арсен — «Сæумæрайсом», «Фынддæс азы», «Хус къæбæртæ», «Тазрет», «Ханиффæ» æмæ æнд.; Брытъиаты Ел- быздыхъо — «Худинаджы бæсты мæлæт», «Амыран»; Кочыса- ты Розæ — «Мæ уарзондзинад, æви мæ фыды ныхас»). Къоста цы бафæдзæхста, уыдоныл йæ къух ничи систа ирон фысджытæй. Уыдонæй алкæмæн дæр, Къостайау, йæ бон зæ- гъын у: «Я никогда своим словом не торговал, никогда ни за одну свою строку ни от кого не цолучал денег. И пишу не для того, чтобы писать н печатать... Нет! Ни лавры такого писания мне не нужны, ни выгоды от него». Къоста стыр ахсджиаг æмæ диссаджы фæзынд у нæ литера- турæйы. Уый уыд æмæ ныр дæр у, Иры дзыхъхъы æмбал ысса- рæн кæмæн нæй, ахæм поэтикон дзырды дæсны. Уый ирон лите- ратурæйы рæзтыл ахъаззаг тынг фæзынд. Белинский Пушкины тыххæй афтæ загъта, æмæ, дам, уый (ома Пушкин) «принадлежал к числу тех творческих гениев, тех великих, исторических натур, которые, работая для настоящего, приуготовля- ют будущее». Раст цыма Къостайы тыххæй ысты ацы ныхæстæ... Адæмы ’хсæн ыстыр кад кæмæн ис, ахæмтæ чысыл нæ ра- зындзæн ирон литературæйы. Уыдонæй иутæ фыстой револю- цийы агъоммæ, иннæтæ дæр райдыдтой уæд, фæлæ ма абоны бон дæр кусынц; æртыккæгтæ — нæ фысджытæн сæ фылдæр хай — литературон куыстмæ бавнæлдтой фæсреволюци, фæлæ уæд- дæр ыстыр хæсджын ысты се ’ппæт дæр Къостайæ. 2510
Брытъиаты Елбыздыхъо — ирон театры бындурæвæрæг. Уый йæ хæсыл нымадта, цард куыд у, афтæмæй йæ ’вдисын. Æвза- джы хæрзхъæд æмæ бæлвырддзинад — уыдон ысты йæ ахсджи- агдæр миниуджытæ нæ фыссæгæн. Уыцы хъуыддæгтыл Елбыз- дыхъо ахуыр кодта Къостайыл. Елбыздыхъойы хуыздæр драмæтимæ нымад у «Дыууæ хойы». Къостайы ныхæстæ арæх æмбæлынц ацы уацмысы. Драмæйы архайджытæй иу — хæххон фыййау — афтæ зæгъы Къостайы тыххæй: «Рухсаг уа Къоста, — йæ ныхæстæ цыма мæ цардмæ гæсгæ ныффыста». Елбыздыхъо тынг ыстыр аргъ кодта Къостайæн. Къоста ра- зæнгард кодта Елбыздыхъойы, бирæ сфæлдыстадон тых æмæ йын бирæ хъару лæвæрдта. Елбыздыхъойы боныджы ахæм фы- стытæ ис иронау: «Фидар у мæ зæрдæ, бындур ис нæ чиныгæн, не ’взагæн. Пушкин уырыссаг чиныгæн цы у, махæн Къоста уый у... Гуырысхо нæ дæн æз — алы хæдзары дæр зæды нывау ауыгъд уыдзæн Къостайы ныв». Елбыздыхъойы ныхæстæ, куыд уынæм, афтæмæй æцæг рауа- дысты. Къостайы ныв цы хæдзары нæй, ахæм Ирыстоны нæ ра- з ы н д з æ н. Ирон поэт, прозæйы бындурæвæрджытæй иу — Гæдиаты Секъа йæ литературон куыст райдыдта комкоммæ Къостайы фæзмгæйæ. Уый бæрæг у Секъайы бирæ уацмыстæй. Райсæм Секъайы æмдзæвгæ «Иунæг». Уый у Къостайы «Чи дæ»-мæ гæсгæ фыст, уый фæзмгæйæ. Суанг ма йе ’мдзæвгæты ’мбырдгонд дæр Секъа схуыдта «Ирон фыййау», зæгъгæ, Къостайы фæзмгæйæ (Къоста — «Ирон фæндыр»). Фæлæ уыцы рæстæг Секъайы сфæл- дыстады, æвæццæгæн, бирæ н’ ахаста. Йæ прозæйæ фыст уац- мыстæй Секъа стыр зынаргъ лæвар бакодта ирон литературæйæн. Уыцы уацмысты — ома Секъа æндæр искæйы фæзмы, зæгъгæ, уымæн дзы йæ кой дæр нæй. Фæлæ Секъа арф æмæ зæрдæбын ныхæстæй æвдисы мæгуыр, амондæй æнæхай хæххон адæмы цард æмæ уыцы ’гъдауæй тынг хæстæг лæууы Къостамæ. Гурджибети Блашка, курдиатджын поэт, фыста дыгуронау, фæлæ Къостайы тæваг ууыл дæр фæзынд. Къоста ма æгас уыд, афтæмæй йын Блашка йæ номыл ныффыста, зæрдæмæ арф чи хъары, ахæм æмдзæвгæ. Ка дин не скæндзæнæй кадæ, Ка дин нæ ратдзæнæй æгъдау?.. Ка сдзурдта, ниййергæй нæ мадæ, Адæммæ йе ’взагæй дæуау? («Къоста» ) Тынг фæзынд Къостайы сфæлдыстад Гæдиаты Цомахъы по- этикон куыстыл, уæлдайдæр та йæ райдайæны. Цомахъ у ирон культурæйы тæккæ зынгæдæр минæвæрттæй, зындгонд критик, литературæйы историк, æхсæнадон кусæг, поэт-революционер. 0,252
Тыхджын уарзтæй уарзта Цомахъ Къостайы. Цомахъ афтæ фыста йæ иу статьяйы: «Коста!.. Многочисленные и разнообраз- ные мысли и чувства, воспоминания и надежды вызывает это имя в душе осетина. Тут и гнёт, и произвол царского самодержа- вия и его местных агентов, тут и национальные мечты маленько- го, вконец забитого и угнетённого народа об освобождении, о собственной культуре, тут и призыв к борьбе и единению, тут и тонкие непревзойдённые ещё и доныне напевы-мотивы осетинс- кой бандуры ирон фандыра, тут и страдальческий облик поэта- борца и общественника, тут и любовь к «бедному своему народу и к бедному своему аулу...» И разве найдётся ещё в Осетии один человек, кто не слыхал о Коста, пропевшем свою призывную песнь с высот Нарских гор, кто 6 не слушал или сам не напевал, роняя слёзы, песню о «Матери сирот»! Къостайы сфæлдыстад тынг хæстæг æвæрд уыд поэт-рево- люционер Багъæраты Созуры зæрдæмæ. 1915 азы Созур афтæ фыста Къостайы тыххæй: Нур дæр ма нин ку цардайдæ — Бæргæ нæ гъудæй æ сæр, — Уæд абони игъустайдæ Нæ бæрзонд хуæнхтæй æ гъæр, («Къостай фæсмардæ») Гулуты Æндыри йæ поэтикон куыст райдыдта Октябры ре- волюцийы агъоммæ æмæ, йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй — Къо- стайы фæзмгæйæ. Æндыри иттæг хорз тæлмац кæны Къостайы уацмыстæ уырыссаг æвзагмæ. Йæ уарзон ахуыргæнæг Къостайы номыл Æндыри ныффыста цалдæр æмдзæвгæйы. Къостамæ цас уарзондзинад дары нæ поэт, уый хорз зыны гъе уыцы уацмысты. Йе ’мдзæвгæтæй иуы, «У могилы Коста», зæгъгæ, уым Æнды- ри зæгъы: Вот и могила бояна родимого! К ней издалёка я рвался душой, К ней, приютившей поэта любимого, Сыиа страдания неисчислимого, Жаждал предстать я с горячей слезой... Тынг фæзынд Къостайы тæваг ирон советон фысджытыл Цæгаты дæр æмæ Хуссары дæр. Поэт Епхиты Тæтæри йæ автобиографийы зæгъы, зæгъгæ, уый фыццагдæр фыссын Къостамæ гæсгæ, Къостайы фæзмгæйæ кæй райдыдта. Раст ахæм ныхæстæ ис, Боциты Барон, Плиты Харитон, Мамсыраты Дæбе, Ардасенты Хадзыбатыр, Плиты Грис, Хъайтыхъты Геор сæхæдæг цы автобиографитæ ныффыстой, уым дæр. Ысфæлдыстадон куыст кæнынмæ сæ фыццаг хатт фæцалх кодта Къоста. Къостамæ гæсгæ райдайынц фыссын Ирыстоны æрыгон поэттæ. Къоста æппæтæн дæр у поэтикон дæсныйады скъола. Литературон техникæ æмæ ’взаджы фарстаты Къостайæ 253о
дзырддзæугæдæр нырма ничи ис Ирыстоны. Къоста абон дæр цæры, абон дæр ис прон фысджыты ’хсæн. Ныр дæр Къоста у сæ разамонæг, сæ ахуыргæнæг. Уыдон ахуыр кæнынц Къостайы поэтикон дæсныйадыл, ноджы, адæмæн æнæзæрдæхудтæй куыд лæггад хъæуы, ууыл дæр. Къостайы тæвагæй хайджын у æгасæй дæр ирон литературæ. Къостайы сурæт никæд хицæн кæны ирон фысджыты зæрдæ- тæй. Ууыл дзурæг у, Къостайы номыл ирон литературæйы дзæв- гар уацмыстæ кæй ис, уыцы хъуыддаг. Хъуысаты Хъ. — «Певец народа», Нигер æмæ Епхиты Т. пьесæ «Къоста», Хъайтыхъты Г. поэмæ «Къоста», ноджы радзырдтæ, таурæгътæ, Плиты X., Гу- луты Æ. æмæ æнд. фыст къорд æмдзæвгæйы. Мæ ныхасы кæрон мæн фæнды зæгъын, цæмæй нæ фыс- джытæ сæ хъус æрдарой Къостайы иуæй-иу, махæн нæ абоны царды ахсджиаг чи у, ахæм миниуджытæм. 1. Къоста тох кодта бæрзонд аивад æмæ стыр дæсныйады сæ- рыл. «А стихи я пишу только в то врсмя, когда потребность выска- заться всецело охватывает всё моё существо», — фыссы Къоста. 2. Къоста уыд ыстыр хæдæфсарм адæймаг. Уый йæхи тыххæй дзурын нæ уагъта. Йе сæфт уыдта, йæхи чи стыдта, уыдонæй, по- эты хæс цас бæрнон æмæ ахъаззаг у, уый чи не ’мбæрста, ахæмтæй (Хъуыды кæнут, æвæццæгæн, Пёрышкины — пьесæ «Дуня»). 3. Къоста, мæнæ мын кад ыскæна исчи, зæгъгæ, уый тыххæй нæ куыста. Ном æм диссаг нæ каст. («Нет! Ни лавры такого писания мне не нужны, ни выгоды от него...») 4. Къоста цы у, уымæй у адæмон. Адæмы зæрдæ, сæ са- гъæстæ, сæ хъуыдытæ, сæ зондахаст — уый у æппæты сæйраг- дæр йе сфæлдыстады. 5. Тынг бирæ куыста Къоста йæ уацмысты формæйыл. Фор- мæйы хæрзхъæддзинадыл кусгæйæ, уый æххæст кодта Пушки- ны фæдзæхст. Пушкин литераторæй домдта хъуыды кæнын, уымæн æмæ æнæ стыр хъуыдытæ цыфæнды рæсугъд ныхæсты дæр ницы нысан ис æмæ бынтон дзæгъæлы сты. 6. Къоста иттæг хорз зыдта уырысы æмæ хурныгуылæн Ев- ропæйы литературæ. Литературæ зонын та алы фыссæгæн дæр ыстыр ахсджиаг хъуыддаг у. «Литература — наслаждение и рос- кошь ума», — дзырдта Белинский. Къостайы поэзи стыр æхсыз- гондзинад дæтты нæ зæрдæтæн æмæ нын зонды суадон у. 7. Къоста уыд ыстыр ахуыргонд лæг. Ирон чиныгкæсджытæ ахуыр кодтой Къостайы уацмыстыл. Къостайæн ирон литерату- рæйы цы бынат ис, ирон ахуыркæнынады дæр ын уыцы бынат ис. Уæдæ æнæфсисæй ноджы æмæ ноджыдæр нæ цæст æрда- рæм æмæ та ногæй кæсæм Къостайы рæсугъд фыст алæмæты уацмыстæ. Æнусмæ арфæйаг ысты уыдон нæ чиныг-ахуыры хъуыддаджы. Къоста лæггад кодта Музæтæн æмæ Зондæн. Мæлæт ын ма уæд, цæрæд æнусмæ йæ хорз ном! 0254
КЪОСТАЙЫ ПОЭТИКÆЙЫ ТЫХХÆЙ Анализ кæныныл фæлвæрд Наукон бындурыл Къостайы сфæлдыстадмæ абоны онг дæр хорз æркаст нæма ’рцыд. Къостайы тыххæй фыст бирæ ис, фæлæ уыцы фыстытæн сæ зынгæ фылдæр хай у арæзт æмткæй дзырд- тыл. Къоста уыдис дзырды дæсны, стыр аивыл фыссæг, æмæ, йæ аивдзинæдтæ цы уыдысты, уыдон рабæрæг кæнын — уый у ыстыр фарст, ыстыр хæс, æмæ лæууы ирон культурæ æмæ ирон аив литературæйы историкты раз. Рабæрæг кæнын хъæуы, цы фæрæзтæ кодта, цы мадзæлттæ ардта Къоста, цæмæй йæ рево- люцион, демократон идейæтæ поэзийы фæрцы фæллойгæнæг дзыллæты зæрдæмæ хъарой æмæ дзы арф бынат ахсой, уымæн, цы поэтикон формæтæ сфæлдыста йе ’нæмæлгæ уацмыстæн? Бирæтæ, — зæронд хъуыдыйыл ма чи хæцы, ахæмтæ, — чи зоны, зæгъынмæ хъавдзысты, зæгъын куынæ бафæразой, уæддæр: уый формалистон куыст у, зæгъгæ. Рагацау сын зæгъын: уый рæдыд хъуыды у, æмæ йæ ныууадзын хъæуы. Цæмæй фыссæджы, по- эты, драматурджы сфæлдыстад æнæхъæнæй, æххæстæй ахуыр- гонд цæуа, уый тыххæй раиртасын хъæуы уацмыстæн сæ фор- мæтæ. Формæты ахуыр кæныны хъуыддаг у фыссæджы сфæл- дыстады æмткæй ахуыр кæныны органикон хай. Æнæ формæ нæй уæвæн аив уацмысæн. Формализм æмæ поэтикон формæтæ ахуыр кæнын, — уыдон ысты дыууæ хицæн фарсты, æмæ сæ хæццæ кæнын нæ хъæуы. Формалон скъолайы, кæнæ формали- стыты рæдыд уый уыд, æмæ поэтикон аивдзинад, дæсныйад фыс- сæджы идеологийæ, уацмысы реалон мидисæй, аппæй хицæн кæй кодтой. Фæлæ, поэтикон дæсныйады проблемæтыл кæй куыс- той, уый та уыд формалистытæн сæ историон сгуыхтдзинад, сæ хорз миниуæг. Хъæуы ахуыр кæнын ыстыр фысджытæн сæ дæсныйад æви нæ? Ацы фарстæн дзуапп дæтты нæ дуджы стырдæр пролетарон фыссæг Горький. Мæнæ йæ дзырдтæ: I. «Классикты литературæмæ цы цæстæнгас дарын хъæуы, зæгъгæ, уыцы фарст кæны сæ дæсныйады фарстмæ... Рагон æмбисонды тынг хорз загъдæуыд: «Алы хъуыддаг дæр дæсны- йадгæнæгæй тæрсы, иуæй-иу дæсныйадгæнæг та хъуыддагæй тæр- сы». Цæмæй хъуыддагæй ма тæрсай, уый тыххæй хъуамæ хорз сахуыр кæнай æрмæг, фæуæлахиз ыл уай («Кусæг кьлас хъуа- мæ схъомыл кæна хи дæсныйадгæпджытæ кулътурæйæн»У. II. «Бирæтæ дзургæйæ рагæй быцæу кæнынц, классиктыл ахуыр кæнын хъæуы æви нæ, ууыл. Мæ фæнд: ахуыр кæнын хъæуы канд классиктыл нæ, фæлæ ма суанг ызнагыл дæр, зонд- джын куы уа, уæд. Ахуыр кæнын, зæгъгæ, ома фæзмгæ нæ, фæлæ дæсныйады фæзилæнтæ хи бакæнын». («Литературæйы тыххæй»)2. 25§о
III. «... нæ поэтты хорз зонын хъæуы уырыссаг поэзийы ис- тори, зонын сæ хъæуы, дзырды техникæйæн йæ цавæр фæзи- лæнтæй пайда кодтой ивгъуыд рæстæджы поэттæ, куыд рæзти, куыд хъæздыг кодта уырыссаг поэзийы æвзаг, куыд алыхуы- зæттæ кодта æмдзæвгæйы формæ»3. (Разныхас чингуыты сери — «Поэты библиотекæ», зæгъгсе, уымсе). IV. «Æз зæгъын, æмæ нæ критикæ у, куыд не ’мбæлы, афтæ иувæхсыг. Иудадзыг дæр кæны социалон-революцион педагоги- кæйы куыст, нæ ахуыр кæны æвзонг дæсныйадгæнджыты дæс- ныйадыл» («Прозæйы тыххæй»У. Горькийы дзырдты ныхмæ зæгъæн ницы ис. Æппынæдзух зæрдыл дарын кæй хъæуы, ахæм дзырдтæ сты. Номдзыд проле- тарон фыссæг тынг хорз зыдта, фыссæджы сфæлдыстадæн йæ сæйрагдæр йæ апп кæй у, фыссæджы зондахаст æмæ цардмæ, дунемæ цы цæстæнгас дары, уыдон кæй ысты, уый; фæлæ Горь- кий зыдта, дæсныйадæй æххæст цы уацмыс нæ уа, уымæй по- этикон уацмыс зæгъæн кæй нæй, уый дæр. Зындгонд нын ысты, цы дзырдтой поэтикон формæты тыххæй литературæйы теорийы корифейтæ — Аристотель, Гораций, Буало, Лессинг, Белинский æмæ æндæртæ, уый. Зындгонд ысты афтæ дунейы аив литерату- рæйы астæуккаг цæджындзтæ, дунейы аив литературæ уæлдæр, аив къæпхæнтæм чи иста, уыдоны хъуыдытæ дæр поэтикон фор- мæты тыххæй. Уыдон се ’ппæт дæр кодтой ыстыр аргъ поэтикон дæсныйадæн, поэтикон техникæйæн. Советон критикæ нырмæ йæ цæстæнгас хорз нæ дардта поэтикон формæйы фарстытæм. Нæ фæрæдийдзынæн, афтæ куы зæгъон, зæгъгæ, ирон аив лите- ратурæ йæ рæзыны хъуыддаджы тынг бакъуылымпы ис, поэти- кон техникæйы фарст иуварс кæй аззади, уый руаджы, уæд. Классикты литературон техникæ хорз базонгæйæ, ирон фыс- джытæ тагъддæр фæхæст уыдзысты литературон дæсныйады эле- менттыл. Тынгдæр æххуыс нын фæуыдзæн ацы ран Къоста, ирон аив литературæйы бындурæвæрæг æмæ йæ корифей, ирон лите- ратурон æвзаг саразæг. Ысфæлдыстады технологийы проблемæтæй Къостайы сæр цух никуы кодта. Уымæн нын æвдисæн — йе ’мдзæвгæтæ, йæ пис- мотæ, йæ критикон статьятæ. Æмæ афтæ куынæ уыдаид, уæд ницыйæ исты саразын дæр йæ къухы нæ бафтыдаид. Ницыйæ исты, зæгъгæ, уый уымæн зæгъын, æмæ, Къоста литературон аренæмæ куы рацыдис, уæд йæ разы лæгъз быдырæй дарддæр ницы уыдис. Иунæг æмдзæвгæ дæр не ’рыййæфта Къоста ирон æвзагыл. Тынг арæх дзурынц æмæ фыссынц, ирон фыццаг поэт уыдис Мамсыраты Темырболат, зæгъгæ. Уый раст нæу. Мамсы- раты Темырболат ирон литературæйы историйы стыр æмæ фи- дар бынат кæй ахсы, уый æнæмæнг у. Æрмæст миниуæгджын поэты къухы бафтдзæн ахæм æмдзæвгæтæ ныффыссын, куыд «Сагъæстæ», «Дыууæ ’мбалы» æмæ æндæртæ. Мамсыраты Те- мырболат равдыста æнæхъæн историон этап æгас хæххон адæм- 0256
ты цардæй. Кад ын, цыт ын — уарзон æмæ цырын зæрдæйы хицауæн. Фæлæ ирон аив литературæйы фæндæгты нывæст уæд- дæр уый нæ сарæзта. Уый арæхстджын къух нæ уыд ирон аив литературæйы рæзыны хахх амонæг. Чи зоны, уый уыд исто- рийы аххос, фæлæ, куыдфæнды уа, уæддæр факт фактæй баз- зайдзæн. Къоста, литературон фæндагмæ рахизгæйæ, нæ зыдта Мамсыраты Темырболаты ’мæ йæ ’мдзæвгæты. Уыдоныл нæ аху- ыр кодтой, Къостайы фæстæ чи фыста, уыдон дæр. Иудзырдæй, Мамсыраты Темырболаты сфæлдыстад 1922-æм азы онг ирон аив литературæйы рæзтыл ничердыгæй фæзынди, стæй йын уый амал дæр нæ уыд. Къоста, æрмæст Къоста уыд ирон литературæйы бындурæ- вæрæг. Бындурæвæрæг, зæгъгæ, уый дæр ма афтæ тынг диссаг нæу. Диссаг уый у, æмæ ирон поэзи, ирон æвзагыл æмдзæвгæтæ фыссын цы хаххыл ацæудзæн, уый кæй бамбæрста æмæ сбæл- вырд кодта Къоста. Мамсыраты Темырболаты ’мдзæвгæтæ арæзт ысты силлаби- кон системæйы бындурыл. Уыцы системæ ирон æвзагæн нæ бæз- зы. Къоста райста силлабо-тоникон системæ. Кæд Къостайы ныхмæ дзурджытæ уыд, — йæ цæргæйæ дæр æмæ йæ амæлæты фæстæ дæр, — ома уыцы системæ ирон æвзагæн нæ бæззы, ирон æвзагæн метрикон системæ хъæуы райсын, зæгъгæ, уæддæр, ис- тори æмæ практикæ куыд равдыста, афтæмæй Къоста разынди раст. Ирон æмдзæвгæ абоны онг дæр цæуы, Къоста цы системæ райста, ууыл. Уыцы системæ куынæ фидыдтаид ирон æвзагимæ, уæд афонмæ рабæрæг уыдаид. Фæлæ Къоста раст уыд, уый тых- хæй, æмæ, ирон æвзаг чи ахуыр кодта ’мæ кæны наукон бынду- рыл, уыдон абоны онг ахæмæй ницыма раиртæстой, æмæ Къоста цы системæйыл ныллæууыдис, уый ирон æвзагæн æцæгæлон у, зæгъгæ, цæмæй зæгъæм. Бæгуыдæр, Къостайы поэтикон дæсныйады, техникæйы ис бирæ хицæндзинæдтæ, Къостайæн йæхи ссаргæ фæзилæнтæ, тра- дицион фæзилæнтæй, канонгонд уавæртæй дарддæр чи хизы, ахæмтæ. Æмæ афтæ куынæ уаид, уæд Къоста Къоста дæр нæ уаид, хицæн, индивидуализацигонд поэтикон хуыз дæр не ’вди- сид. Уыцы хицæндзинæдты тыххæй уыдзæн загъд дарддæр, мæ бон куыд бауа сæ раиртасын, афтæ. Нырма уал зæгъын уый, æмæ Къостайæн йæ уацмысты формæ у, цы апп сæ æвæрдта, ууыл баст, йæ поэтикæйы хицæндзинæдтæ сты, цы царды уыд æмæ йæ разы цы хæстæ æвæрдта, уыдонмæ гæсгæ. Йæ поэтикон куыст Къоста никуы хицæн кодта йе ’хсæнадон куыстæй. Аива- ды куысты Къоста «аивады» тыххæй нæ бацыди, фæлæ Къоста аивады раз æвæрдта æхсæнадон хæстæ, аивадæй арæзта цард фæхуыздæр кæныны хос, фæрæз. Къоста иттæг хъæддыхæй ра- лæууыди декадентты ныхмæ, аивадæн цавæрдæр ног формæтæ чи агуырдта æмæ, уыцы формæтæ агургæйæ эстетизм, индиви- дуализм, эротизм æмæ морализмы чи аныгъуылди, аивад æхсæ- 17* 257о
надон хъуыддæгты тыххæй нæу, зæгъгæ, уыцы цæстæнгасыл хæст чи уыд, уыдоны ныхмæ. «Музæ, ныууадз, цæй, ахæм зарджытæ, æмæ алы мыр дæр йæ рæсугъддзинадæй кæм æппæлы, мæнæ раст хъал, æнæрвæссон къуыдипп чъизи æмæ быдыргъыджын адæмы раз йæхи куыд фæдары, афтæ. Уый бæсты мын акæн, йæ зæлланг адæмты зæрдæты цы зарæгæн айхъуыса, ахæм»5. Литературæ, поэзи у, Къостамæ гæсгæ, хæцæнгарз, адæй- маджы хъомыл кæнын æмæ æхсæнадон цард аивыны фæрæз. Формæйæн тынг ыстыр аргъ кæнгæйæ, формæ ’мæ апп (миди- сæн) кæрæдзийæ хицæнгæнæн нæй, зæгъгæ, уыцы цæстæнгасыл фидар хæцгæйæ, Къоста уæддæр иттæг фидарæй зæгъы, литера- турон уацмысы ахъуыды, апп сæйрагдæр кæй ысты, уый. Иæ писмотæй иуы Къоста кæны иу ирон фыссæджы кой æмæ фыссы афтæ: «Æз æй нæ зонын, — федтон æй æрмæст иу хатт. Уымæ (уацмысмæ) гæсгæ йæм æз нæ хатын, цард æмæ поэзи цы сты, ууыл сабыргай арф ныхъхъуыды кæна, зæгъгæ, уый»6. Ам Къо- ста уый зæгъы, æмæ поэт, фыссæг арф куынæ ахъуыды кæна, цардмæ уæлæнгай цæстæнгас куы дара, цы у цард, æмæ дзы поэзи цы ахады, уый фидарæй куынæ зона, уæд уацмысæн хорз рауайæн нæй. Гъе, ахæм принципыл хæст уыд Къоста æмæ йæ æххæст дæр кодта йе сфæлдыстады — йæ революцион-демокра- тон æмæ национ-сæрибардзинады змæлды идейæтæ, фæллойгæ- нæг адæмы, тынгдæр хæххон мæгуыр адæмы удхар царды нывтæ Къостайæн сты йæ уацмысты формæ аразæг. «Æз æнæмæтæй нæ хъазын æмдзæвгæйæ»7, — зæгъы Къоста. Мæхицæн кад, мæхи- цæн ном ыскæнон, кæнæ мæ уацмыстæй материалон пайда рай- сон, зæгъгæ, уый тыххæй нæ фыста, Къоста, фæлæ фыста, мæ- гуыр адæмы удхайраг царды нывтæй æмæ сидзæрты кæуынæй- иу йæ зæрдæ куы байдзаг ис, уæд, паддзахы сатрапты æвирхъау митæм кæсын-иу куынæуал фæрæзта, уæд. «Æз мæ дзыхы дзыр- дæй базар никуы кодтон, æз иунæг рæнхъæн дæр æхца никæд æмæ никæмæй райстон. Æмæ фыссын æз, фыссын æмæ мыхуыр кæнон мæ фыстытæ, зæгъгæ, уый тыххæй нæ... Нæ! Ахæм фыс- тæн мæ нæдæр йæ кад хъæуы, нæдæр йæ пайда... Æз фыссын уый, æмæ мæ рыст зæрдæйы мидæг мæ бон бауромын цæмæн нал вæййы»8... Къоста тыхмитæ нæ кодта йæ курдиатæн, — йе ’мдзæвгæтæ гуырыдысты фæллойгæнæг адæмы цардæй, æхсæнады фæрсты- тæй, хи ирхæфсынæн сæ нæ фыста, фæлæ йæ пъеро тылдта йæ зæрдæйы туджы. «Æмдзæвгæтæ та фыссын æрмæст уæд, æмæ, цы дæн, уымæй мыл, æнæ дзургæ (æнæ фысгæ) нæй, зæгъгæ, ахæм домындзинад куы ’ртыхсы. Фысгæ-фыссын дзы бирæ æмдзæвгæтыл кæугæ дæр фæкодтон, нервытæй рынчын инсти- туткæ куыд кæуа, афтæ»9... Æмæ афтæ куынæ уыдаид — Къоста йе ’мдзæвгæты йæ зæр- дæйы туджы куынæ фыхтаид, уæд сæ чи касти æмæ кæсы, уыдоны зæрдæтæм афтæ арф нæ хъариккой. Аристотель афтæ фыста: ^258
«Зæрдæтæ змæлын кæны уый, æмæ йæхи зæрдæ кæмæн ызмæ- лы, мæсты кæнын кæны уый, æмæ йæхæдæг мæсты чи вæййы»...10 * * * Уæдæ, цы загътон, уыдон зæрдыл даргæйæ, æрæвæрдзынæн, кæд ын исты хуызы дзуапп дæттын бафæразон, уæд ахæм фарст: цы техникон амæлттæ кодта Къоста, цы поэтикон фæзилæнтæ ард- та, цæмæй йæ уацмыстæ сæ кæнон бакодтаиккой, уый тыххæй. Цы сты Къостайы поэтикæйы хицæндзинæдтæ? Фыццаджыдæр райсдзынæн йæ дзырдуат. Дзырдæн тынг ыстыр аргъ кодта æмæ йыл, уымæ гæсгæ, кусгæ дæр бирæ кодта. «Мæ алы дзырд дæр, дæуæн зæгъыны агъоммæ, æз ракуырдтон рыстимæ, цы амонд мæм уыдис, уымæй, æмæ йæ суымæл кодтон æнæхин цæссыгæй»11. Æмæ ацы дзырд- тыл гуырысхогæнæн ницы амалæй ис. Иу дзырд дæр не ссардæ- уыдзæн Къостайы ирон уацмысты, афтæ зæгъæн кæмæй уа, ацы дзырд нæ бæззы æмæ йæ бынаты нæй, зæгъгæ. Къоста тынг хорз зыдта ирон æвзаг. Цыдæриддæр дзы æвæрæнæй уыдис ирон æвзаджы, уыдон йæхи бакодта æмæ сын æвзаргæйæ бынат ардта йæ уацмысты. Æвзагыл æнувыдæй кæй куыста, уымæн æвди- сæнтæ ис тынг бирæ. Æппæты фыццагдæр — йæ дзыппыдаргæ фыссæн чингуыты. Уым ис ахæм рæттæ: сарæзта уæрдоны цал- хы ныв, æмæ цалхæн йæ алы хайыл дæр фыст йæ ном: дæндаг, хамбохъ, гуыфхъæу, куыр, мæскъ, уыттыры къæбæлп. Дард- дæр ысхызт гуыффæмæ: ганым, сæрхъæд, ганымфæрск. Дард- дæр — гæркъайы ныв æмæ йыл фыст — «гæркъа». Уый бын — æфсондзы ныв æмæ дзы фыст: «стивдз», «тæ- бынг». Æндæр ран фыст хохаг хæдзары дзауматæ: «арынг — с дырой — сивыр; сыхырна — для просеивания зёрен; сасир; кæфой». Уыцы фарсыл ис ноджы ахæм фыстытæ: «Чинара — тæрс. Граб — фатхъæд — оси (æвæццæгæн, фыссынмæ хъавыд «осина» — Н). Клён — уисхъæд. Черноклён — тæгæр. Карагач — сывылдз. Ясень — кæрз. Бузина — фæдæгъд. Липа — сусхъæд. I. Хъоргъ — подвал под башней. Гæрæзе» (ирон фæсбыны хицæнхуыз. — Нигер). 259^
Æмæ хицæн дзырдтæ канд фысгæ нæ кодта, фæлæ ма сын агуырдта сæ уидæгтæ, сæ равзарæнтæ. Ис æм ахæм фыстытæ: «Æнæ тых — æдых. Æнæ фиппайгæ — æвиппайгæ. Æнæ фæстаг — æвæстаг. Æнæ цæрæг — æдзæрæг. Æнæ цæхх — æдзæхх. Æнæ тæрсгæ — æдæрсгæ». Ирон æвзаджы иу дзырды хай — мивдисæг — абоны онг дæр хорз бæрæггонд нæма ’рцыд. Æвæццæгæн, йæ формæты фарст лæууыдис Къостайы раз дæр, æмæ куыста сæ рабæрæг кæны- ныл. 1902 азы Къоста балæвæрдта гæххæтт, евангели ирон æвзагмæ ратæлмац кæныныл цы къамис куыста, уырдæм. Тæл- мацы æвзаг Къостамæ раст нæ фæкаст æмæ тынг мæсты кодта, ирон æвзаг кæй ысгалиутæ кодтой тæлмацгæнджытæ, ууыл. Цы гæххæтт ныффыста, уым Къоста æмбарын кæны къамисæн мивдисæджы формæтæ. Райста цалдæр дзырды æмæ сæ ивы афонтæ ’мæ цæсгæмттæм гæсгæ (тасындзæг кæнын). Райсæм дзы æххуысгæнæг мивдисæг. Къоста йæ ивы афтæ: Ныры афон, иууон нымæц. Æз — дæн Ды - дæ Уый — у Бирæон нымæц. Мах стæм (стæм — встаём) Сымах стут (стут — встаёте) Уыдон стынц (стынц — встают)13. Ис ма æрхæссæн æндæр дзырдтæн дæр, фæлæ, мæнмæ гæсгæ, æгъгъæд у, цæмæй нæ бауырна, Къоста ирон æвзагмæ тынг лы- стæг кæй касти, уый. Къоста зыдта ирон æвзаджы здæхтыты хицæндзинæдтæ. Уæлдæр цы гæххæтты кой кодтон, уым ис ахæм ран: «Хуссары ирон адæм уæлдай æнувыд ысты ахæм дамгъæтæм (ома мыртæм. — Н.) — Ш æмæ Ж. Цæмæн-ы æмæ дзурын-ы бæсты уыдон дзурынц шæмæн æмæ журын. Нары агауы (комы. — Н.) биноныг цæрджытæ цæмæн-ы бæсты дзурынц сæмæн, дзу- рын-ы бæсты — зурын. Цæгаты ирон адæм уæлдай æнувыд ысты ахæм дамгъæтæм (ома мыртæм. — Н.) — Ц, X æмæ Т, ноджы иуæй-иу кæмтты цæрджытæ хъусы нуæрттæ лыг кæнынц, бынат кæмæн нæй, ахæм мыртæй — Ж æмæ Ш-йæ. Фыццæгтæ мæнæ ахæм ныхас: æз сын загътон — зæгъдзысты: æз цын загътон, дыккæгтæ — æж шын жагътон æ. а. д.»14. Ацы хъуыддаджы фæстæ нæм, æвæццæгæн, диссаг нал фæ- кæсдзысты, Къоста «Ирон фæндыр»-ы фыццаг рауагъды тых- хæй цы писмотæ фыста, уыдон. О260
«...Æз дæ тынг зæрдиагонæй иу хатт æмæ дыууæ хатты нæ куырдтон æмæ дын нæ загътон, цæмæй, ме ’мдзæвгæтæ мыхуыр кæнгæйæ, мæ къухфыстæй иунæг иотæйы бæрц дæр иуварс ма ахизай, афтæ, суанг орфографийы онг дæр. Æз кæд иу, кæнæ иннæ дзырд афтæ ныффыссын, æндæргъуызон нæ, фæлæ, уæд- иу зон, æмæ фембарын, цы фæкæнын, уый. Æз сыл мæ сæры магъз бирæ фæриссын кæнын, æмæ дæуæн дæр æмæ чифæнды уа, уымæн дæр нæ ратдзынæн сæ ивыны бар, æнæ мæхи бафæр- сгæйæ æмæ æнæ исты æвдисæндзинад ыссаргæйæ, уæлдайдæр та æмдзæвгæты, иунæг мыр дæр уæлдай кæнæ хъаджджын кæм нæ хъуамæ уа, уым æмæ, алы дамгъæ дæр, раздæр ын автор цы бынат ысныв кодта, уый кæм ахсы, уым... ...Мæ орфографийы рæстдзинады тыххæй æз мæ ныхас хæс- сын дзурынмæ кæмдæриддæр (æндæр ран «кæцыдæриддæр аху- ыргонды раз». — Нигер) æмæ æмбæлди дæуæн, ыстæй, мæ ор- фографийыл разы чи нæ у, уыдонæн æппæтæн дæр, йæ аивд- тытæ кæныны агъоммæ бауырнын кæнын, исты ’вдисæндзинæд- ты фæрцы, сымах куыд фыссут, уый æнæ гуырысхойæ раст у, зæгъгæ... Дæу та, бахатыр кæн, фæлæ, æз ницы ’гъдауæй ыс- хондзынæн ирон æвзаджы Пушкин кæнæ Грот, æмæ уымæ гæсгæ дæ ми æз нымайын фыдракондыл, юридикон æгъдауæй дæр æмæ цæсгом-æфсæрмы æрдыгæй дæр дзуапп раттынмæ æртæрæн цæй тыххæй ис, ахæм»15. {Къостайы архив, 5/61). Йе ’взаг ысхъæз- дыг кæныны тыххæй Къоста тынг йæ хъус дардта æнæхъæн фра- зæтæм дæр, цыргъ дзырдтæм дæр. Йæ дзыппыдаргæ чингуыты ис ахæм фыстытæ: «ме стджытæ сын судзынмæ лæвæрдтон, мæ фыд хæрынмæ», «йæ цухъайæ йæ цалхы къуыдыр бамбæрзта». «О, фæлæуут, уазджытæ. Сырдоны хæдзар фехæлæд, — исты мæм нуазинаг куы уаид, уæд уын æй æз ацы хъæзын къусæй йеддæмæ æндæр истæмæй кæд баназын кæнин». «Байраг (Уырызмæджы хъулон бæх, æмæ къæбыс, Уырыз- мæджы егар)». Нарты тауырæхътæй йæм ис фыст æнæхъæн сюжеттæ дæр. Фæлæ уый тыххæй фæстæдæр... Ирон æвзаг хорз кæй зыдта, йæ закъонтæ йын кæй æмбæр- ста, уый Къостайæн фадат радта ирон æвзаг ног дзырдтæй фæ- хъæздыгдæр кæнынæн; йæхæдæг цы дзырдтæ сарæзта, ахæмтæ бирæ ис Къостайы уацмысты. Зæгъæм: 1. Фæсфæстагæттæ. «Абоны лæджыхъæд махæн нæ, фæлæ Фæсфæстагæттæн дæр цардыйаргъ кæд у»- («Хетæг») 2. Фæсном. и , «Æвæццæгæн, уымæн уыд «Мæйрухс» йæ фæсном». к«Хе- тæг») 3. Цардамонд. ( у &?>) «Цардамондæн сын лæвæрдта йæ уд дæр»- к«летсег»у 2бЛо
4, Ф о с-н ы м а д. «Фæлæ Хъуыбады Йсе фос-нымады Фынддæс нсе ары».. 5. X ъ æ у-с æ р. 6. А л х а т т. («Хъуыбады») «Йæ фос фæуагъта Хъæу-сæр уæзæгыл» («Хъуыбады») «Фæдзурынц æй алхатт, — Мæ фыдæй хуыздæр Лæг цуаны нæ ахатт»... («Чи дæ?») 7. Д æ р г ъ æ р ф ы г. «Йæ бонæй уа, уастæн, Дæргъæрфыг рæсугъд!» («Чи дæ?») Ацы дзырд кæддæриддæр мыхуыр кодтой «даргъæрфыг», æмæ афтæмæй хæлдтой æмдзæвгæйы ритм. Ахæм формæ Къоста рай- ста ирои æвзаджы закъонмæ гæсгæ: даргъ æндæр дзырдимæ ва- зыгджын дзырд куы радта, уæд дзы а-иы бæсты фæзыны æ, зæ- гъæм «дæргъдым» (даргъ + дымæг), «дæргъауæдз» (даргъ + ауæдз); кæнæ райсæм ахæм дзырдтæ: дæргъвсетин, дæргъæццон æ. а. д. 8. А л в а р с. «Авд лæппуйы зилынц у Фсатийы алварс». («’Фсати») 9. М æ р д æ р ц ы д. «Бафæлварут-ма, гъе, уыцы хорз миниуæг, — Исчи ныккæнæд мæрдæрцыды хъæр». («Лæг æви ус?») Ацы дзырд дæр ныронг мыхуыр кодтой афтæ: «мардæрцы- ды хъæр» æмæ афтæмæй æмдзæвгæйы ритм цыдис хæлд. Ам дæр, уæлдæр куыд загътон, афтæ а-йы бæсты æвзаджы закъон- тæм гæсгæ зыны æ. Зæгъæм, мæрдæхсæвæр (мард + æхсæвæр), мæрдхуыссæг (мард(ы) + хуыссæг) кæнæ ахæм дзырдтæ: мæр- дон (хуыз), мæрддзаг æ. а. д. 10. Дæрдбæлццон. «Хæдзаронтæ, хæдзаронтæ Фæг^æуынц уæм дæрдбæлццонтæ»... («Ногбоны зарæг») Ацы ран дæр у, уæлдæр куыд загътон, афтæ. О^ 262
11. И р æ д и с. «Ирæдисæн бар ыс Йе фыр, йе рсеусед». («Чи дæ?») Ацы дзырдæн ма ис æндæр формæ — ирæдисæгу фæлæ ирæ- дис дæр раст арæзт у — бирæ аналогитæ æрхæссæн ис ирон æвза- гыл: фыоис (фыдисæн-ы-бæсты); фыдхор (фыдхæрæг); лæгмар (лæгмарæг)у хьæдхой (хьæдхойæг) æ. а. д. Æвзаг у ахæм фæрæз, хуызтæ индивидуализацигонд цæй фæрцы цæуынц. Фыссæг цы хуызтæ, цы нывтæ февдисы, йе ’взаг дæр уыцы хуызтыл, уыцы нывтыл баст вæййы. Къоста æвдисы тынгдæр хæххон мæгуыр адæмы царды нывтæ, сæ цар- ды уаг, сæ зæрдæйы уаг. Йæ лексикæ дæр у баст уыцы хæххон адæмы цардыл. Уымæ гæсгæ Къостайы уацмысты ис бирæ зæ- ронд дзырдтæ — архаизмтæ. Мæнæ дзы иу къорд. 1. Ч ы з г а й. Мсе сагъсес, мæ кагпай — Чызгайсен йсе фыд. («Чи дæ?») Чызгай — ома чызг. Ахæм формæ уыдис ирон æвзаджы: усайу лсегайу чындзай, чызгай æ. а. д. 2. С ы н т. Иунæг лсеппу йын уыд сау куырм зсеронд фыдсен, Дарын сей байдыдта... абон йсе сау сынтсен Бахъуыд йсе сагой. («Уæлмæрдты» ) Сынты хъил, сынт — мард, кæнæ рынчын хæссæн (уыр. — «носилки»), Сынты хъилтæ-иу акодтой сагойы хъæдæй, срый- йаджы хъæдæй æмæ æндæртæй. 3. Æ ф с у р г ъ. Астсеуккаг æфсургъ лндзаг у фсендагсей. ( «Уæлмæрдты» ) 4. Ч Ъ е П С Де ’фсургъы агъдсей та чъепс-иу куыд фесхъиуа, Афтсе цæв бсехы. («Уæлмæрдты» ) 5. Е р æ д з ы п п. Адсемы фсезмгæйæ иухатт мсе ерседзыпп Ахастон тулдзджынмсе мемсе. («Ахуыр») Ерæдзыпп — æхсонджын топпы мыггаг. Уыдис ма ноджы ахæмтæ: мадзайраг, хъыримаг, уырыссаг æ. а. д. 263^
Къоста тынг хорз зыдта ирон адæмы царды уаг, рагон ирон æгъдæуттæ. Йæ уацмысты иуæй-иу бынæттæ баст ысты уыцы зæронд æгъдæуттимæ, æмæ сæ чи нæ зоны, уый уыцы бынæттæ нæ бамбары. Райсæм ахæм бынат «Чи дæ»-йæ: Ирæдисæн бар ис: Йе фыр, йе рæусед! Ам цæй кой кæны Къоста, цы зæгъы, уый бирæтæ не ’мба- рынц. Нæ йæ ’мбæрстой, Къостайы уацмыстæ мыхуырмæ чи цæттæ кодта, уыдон дæр. «Ирон фæндыр»-ы ацы бынат мыхуыр- гонд цыдис афтæ: Ирæд исæн бар ис: Гье — фыр, гъе рæуæд. (Кæс «Ирон фæндыр», 7-æм рауагъд, 93-æм фарс, кæнæ 8-æм рауагъд, 71-æм фарс). И р æ д и с, уæлдæр куыд загътон, афтæмæй у иу дзырд, ома ирæдисæг. «Ирон фæндыр»-ы редактортæ та дзы арæзтой дыууæ дзырды. Уый уымæн афтæ уыд, æмæ не ’мбæрстой, цæй тыххæй дзуры Къоста ацы ран, уый. Хъуыддаг афтæ у: раджы хохы ирон адæммæ уыд ахæм æгъдау, æмæ-иу ирæдисджытæн (чыз- джы хæдзайрæгтæн нæ, фæлæ-иу уыдон семæ уазæгæн кæй ба- хуыдтой ирæдисæгæн, уыдонæн) хъуамæ лæппуйы хæдзарæй, ирæдæй уæлдай, уыдаид лæвæрттæ. Чи-иу радта далыс, чи фыс, чи та фыр кæнæ род. Гъе, ацы ран Къоста кæны уыцы æгъдауы кой, ома мæ ирæд цæттæ у, фæлæ ирæдисджытæн дæр — барæв- заргæ хæйттæ: фырæй, родæй — кæй цы хъæуа, уыдзæн. Куыд зонæм, афтæмæй дзырдæн ис бындурон нысаниуæгæй дарддæр ноджы фæрссаг нысаниуæг; аив литературæйы дзырд- тæн канд сæ бындурон нысаниуæгæй нæ пайда кæнынц, фæлæ ма ноджы сæ фæрссаг нысаниуæгæй дæр. Аив литературæйы дзырдтæ дзурынц тынг арæх фæсномыгæй (иронау фæзæгъынц «дæлгоммæ дзырд», зæгъгæ), ома дзырд куыд фæзæгъынц, афтæ ’мбарын æй нæ фæхъæуы, фæлæ æндæр хуызы. Уыцы хъуыд- даг цæуы бирæ цæйдæрты фæрцы: кæнæ предметтæ ’мхуызон вæййынц, æмæ уымæн, кæнæ та се ’хсæн исты бастдзинад вæййы, æмæ уымæн. Дзырдтæй фæсномыгæй пайда кæнын, куыд зо- нæм, афтæмæй хуыйны троп. Къостамæ тынг арæх ысты уыдон, æрмæст уый зæгъын хъæуы, æмæ уыдон дæр ист ысты, адæм æрвылбон цы ’взагæй дзурынц, уырдыгæй, кæнæ та адæмон ыс- фæлдыстадæй. Мæнæ дзы иу къорд, категоритæм гæсгæ. Метафорæ (ома, дзырд комкоммæ æмбаринаг куынæ вæййы, фæлæ йæ æндæр хуызы æмбарын куы фæхъæуы, уый). I. «О, мæ хуры ха й». Æз дсе зарынмæ куы хъусын, Усед хъæлдзæгдæрæй фæкусын, ^264
О, мæ хуры хай, — Азар-ма чызгай! («Азар») Ам Къоста æцæг «хуры хайы» кой нæ кæны, фæлæ йæ «хуры хай» хоны «чызгайы». Ист у адæмы æрвылбон æвзагæй. 2. «У р с у æ р ы к к д ы н у о н». Ракæндзынæн дын мæ зарæг... Искуы ксед ысуис мæ дарæг, Урс уæрыкк дын уон, О, мæ бон!.. («А-лол-лай») Ацы дзырды тыххæй ма фæстæдæр ноджы уыдзæн ныхас, фæлæ уал уый зæгъын, æмæ та уый дæр ист у адæмы ’взагæй. 3. «Æ хсæв цырагъдарæй фæхатт æ». Лæппуйæ базæрондмæ гщрдтæ Мæстджынæй адæмы мæтæй. Æхсæв цырагъдарæй фæхаттæ Хæларæй, уарзонæй, рæстæй... («Марды уæлхъус») Ам дæр та дзырд «цырагъдарæй», зæгъгæ, комкоммæ æмба- ринаг нæу, фæлæ — æндæр хуызы. 4. «Ф æцыдтæ мæгуыртæн фыййа у». Дæ мадау бауарзтай нæ бæстæ... Фæцыдтæ мæгуыртæн фыййау... («Марды уæлхъус») 5. «Æхсины лæг, ф ы д ы з н а г а у, Арт бандзары йæхионыл». («Æхсины лæг») Тынг арæх ысты Къостамæ ахæм фæзилæнтæ, æмæ иу пред- мет, иу фæзынд иннæуыл куы абарынц, цæмæй, уый фæрцы цы фæзынды кæнæ цы предметы кой кæнынц, уый тынгдæр æмбæр- стгонд цæуа, уый тыххæй. Уыцы фæзынд арæх у аив литерату- рæйы, фæлæ дзы фысджытæ æмхуызон пайда кæнын нæ зонынц, нæ фæразынц. Хорз æмбæрстгонд цы нæ цæуы, уый абарынц, æвзæрдæр æмбæрстгонд цы цæуы, ууыл. Фæлæ Къоста иу пред- мет, иу хъуыддаг, иу фæзынд иннæуыл куы абары, уæд, цæй тыххæй дзуры, уый цæстыты раз æрбалæууы, зæрдæйы ных- хауы, æргом, сыгъдæг æмбæрстгонд æрцæуы. Мæнæ иу къорд ахæм а б а р æ н ы Къостайы уацмыстæй. /. Калмау мын мæ риу Судзгæ баууылдта Маст — зæрдæхалæн, — Йæ тых басæтта! («Фесæф») 2б5о
2. Махæн та псе гæдыйы уасгп Мардыл кæуæгау хъуысы... («Мæгуыры зарæг») 3. Зымæг нæ хæхты цух нсе уадзы, — Лæджы æмбæри, æруары мит... («Мæгуыры зæрдæ») 4. Дсе мидбылты худт, Дæргъæрфыг рæсугъд, — Фæскъæвда хур бон у лæгæн. («Усгуры хъынцъым») 5. Зындонæй фыддæр нсе цæрсен... («А-лол-лай1») 6. Дсе мадау бауарзтай нæ бæстæ. («Марды уæлхъус») 7. Мæ цæстысыг донау мызти. («Ракæс» ) 8. Иугай ныйистæм, ныууагътам нæ бæстæ, Фос дæр ма афтæ ныппырх кæны сырд! («Додой») 9. Æхсины лæг, фыдызнагау, Арт бандзары йæ хионыл. («Æхсины лæг») 10. Абон æм бакæс, — йæхи дын куыд сарæзта! Нарæг йæ астæу, чындздзон чызгау, балвæста. ( «Уæлмæрдты») //. Мады хъæбысау дын адджын уæд ацы зæхх. («Уæлмæрдты» ) 12. Нæ зонд — цыбыр, мæгуыр — нæ зæрдæ, Æдых, фæллад лæгау, нæ дзырд... («Салам») 13. Мигъ æнгом йæ быны бадти, Урс цагъд къуымбилау. («Æрра фыййау») 14. Уайсадæг чындзау мæм ноджы ныкъкъæмдзæстыг. («Ахуыр») 15. Рагæй сæрдасæнау рувас зыгъарæгмæ Дары йæ дæндаг. («Рувас æмæ зыгъарæг»)
16. Хотау кæрæдзийыл узæлæг акæнынц Уайтагъд ссехицæй, («Рувас æмæ зыгъарæг») 17. Стонг фосау сæфыс ды дæр. («Æнæ фыййау») Абарæнтæй (афтæ сæ схонæм) Къостайы хуызæн аив ирон поэзийы ничи пайда кæны, ноджы, куыд федтам, афтæмæй сæ фылдæр ист у адæмы ’взагæй. Ныхас рæсугъд цæмæй кæны, уыцы фæрæзтæй иу у э п и- т е т. Къостайы хуызæн хорз æмæ арæх эпитеттæ ирон поэттæй никæй уацмысты ис. Къостайы эпитеттæ седзаг ысты хъуыдыйæ, цыргъзонддзинадæй. Сæ иуæй-иутæ ысты лирикон, эмоциона- лон, æнæ ныв; иннæтæ та æвдисынц ныв, зæрдæйы конд, зæр- дæйы уаг, адæймаджы, æндæр предметы кæнæ фæзынды уавæр. Зæгъæм: /. Маст — зæрдæхалæн («Фесæф») 2. ...с у с æ г хьæрзын («Хæрзбон») 3. Дæргъæрфыг чызгай... 4. Дæ ф и д а у ц хъазтмæ... 5. Дæ с и м гæ кафтмæ... («Усгуры хъынцъым») 6. Дæ р æ в д ы д ныхас... 7. Дæ р у х с цæстæнгасу («Усгуры хъынцъым») 8. С а у х æ х х о н куыстæй... («А-лол-лай!») 9. ...нæ т ы г ъ д быдыртæй... («Ракæс») 10. ...з æрдæхалæн хъарæг. («Æнæ хай») //. Иу с а у къæдзæхы сæрæй («Æнæ фыййау») 12. ...6 у ц хъæбулы зæрдæ («Салдат») 13. Б у ц хæринагæн ын — кас... 14. Т а л ы н г къазармайы къуымы-иу батулдзæн, 26?о
15. С а у хъæмп — йæ гобан, йæ баз. 16. Фидиссаг цардæн йæ ад. («Салдат») 17. С а у айнæджы рындзыл («Сидзæргæс») 18. Дæу х у д г æ-хурæй Чи нæ бафсæста! 19. Йæ х ъ а р м хьæбысы Чи нæ ауызта!.. 20. Б æ р з о н д урс хæхтæ, 21. Æ н к ь а р д къæдзæхтæ, 22. Æ г о м ы г бæлас — Фыййауы уарзынц Æмæ йын зарынц 23. С æ с у с æ г ныхас. («Хъуыбады») 24. У р с æхсæрдзæнтæй... 25. Бадынц и х-зæйтæй. 26. С а у дуры цæндтæ; 27. Т а р хъæдæй нæ зынынц 28. А р ф у ы н г æ г кæмттæ. 29. У р с-у р с и д дзæнхъатæй 30. Саджы у р с сыкьатæй... 31.Дарддзæст лæппу... 32. С а у комы бынмæ 33. К а р з арахьхъ... («Æфсати») 34. ...С а у к у ы р м з æ р о нд фыдæн. («Уæлмæрдты») 35. ...Зачьетæ — урс-урсид. ( « У æ лмæр дты ») 36. Сæры къуыдыр дæр йæурс-урсид дæндæгтæ Барæй цыма сæ ныззыхъхьыр кодта. («Ус æви лæг») 31’. X ъ ы з т зымæг, т ы х с т зымæг. («Зымæг») Куыд уынæм, афтæмæй Къоста эпитеттæ дæр фылдæр иста адæмы ныхасæй. Фæлæ йæм ис æнæнхъæлгæ эпитеттæ дæр, æмæ сты тынг нывджын. Зæгъæм: ^268
Æнгуырдар-дзывылдар. ( « Дзывылдар») Хорз, иттæг хорз, иттæг рæсугъд пайда кæны Къоста ггтер- болæ ’мæ литотсейы комбинацийæ. /. уГас къæртайы дзаг ыл карз ахсæн аскъæры, — Карчы нæмыджы йас цыхт ын дзы равзæры. 2. Иу чысыл къоппæй мæцъисæй нæ фæразы Гуымбыл фæлдахын. ( «Уæлмæрдты» ) Афтæ хицæнтæй литотæйæ дæр æмæ гиперболæйæ дæр: /. Карды комæй йæм хид; халоны айчы хъузг — Лæгæн йæ хæдзар; 2. Судзины бын та дуар ’гасæй йæ хæдзармæ... ( «Уæлмæрдты») «Лæскъдзæрæн»-æн йæ фылдæр хай арæзт у гиперболæтыл. Зæгъæм: Раст йæ уæлфадæй куы уасынц Фараст уасæджы, Уый сын уæд сæ хъæр нæ хъусы, Ахæм къаннæг у! Иу хицæн фæзилæн ис Къостамæ, ирон поэзийы æппындæр чи нæ ис кæнæ дзы арæх чи не ’мбæлы, ахæм. Мæнмæ гæсгæ дзы уырыссаг поэзийы дæр Къостайы хуызæн ничи пайда кодта æмæ кæны. Уый у æвастхъæр. Тынг арæхстджынæй дзы хъацы Къоста йе ’взаг. /. Гъæй-джиди, — афтæ фæзæгъы йæхицæн... ( « Гъæй- джи ди!» ) 2. О, мæ хуры хай! 3. О, мæ бон-иу зæгъ... («Азар») 4. Уæ, мæ худинаг, Уæ, мæгуыр мæ уд! («Фесæф») 5. Тæхудыйаг, — буц хъæбулæй Йæ уалдзæджы царды хурæй Чи бафсæст йæ мады хъæбысы! Тæхуды, — æрæгвæззæджы... æ. а. д. («Тæхуды!») 6. Гъæй-джиди! Искуы дæ фыййау куы разарид Иу сау къæдзæхы сæрæй! («Æнæ фыййау») 269_и
7. О, мæ ныййарæг, æвзаргæ тын ма нывæнд. («Салдат») 8. Ох-хай, гъе! Не знаг нæ былмæ фæтæры... 9. Гъе, мардзæ, исчи! бынтон сæфт кæнæм! («Додой!») 10. Гъей, чызгай, цæмæн... («Фесæф!..») //. Гъей, цы хъал уыдтæн... («Фесæф!..») 12. Гъе, мардзæ, магуса! («Балцы зарæг») 13. О, мæ лæджы хай! 14. О, гыцци, кæд уыдзæн? 15. Гъæй-дæ-гъа! Кæуынæй Нал æфсæст сæ мад! («Сидзæргæс») 16. Оф, оф! — загъта ’Фсати. 17. Уæ, уæрæйдæ, ’Фсати!.. 18. Гъе, пыр, гъе, нæхион... («Æфсати») 19. Уый фæстæ — гъæй-дæ-гъа! — райста дзырдарæхсгæ Диссæгтæ дзурын. ( «Уæлмæрдты» ) 20. Гъопп! — зæгъгæ, йæхи Пуртийы зыввытт фæласта... («Æрра фыййау») 21. Офф, офф! уазæг, æз мыдимæ, — Загъта, — диссаг дæн, æрбалæуу! — Гъе, смаггæнаг! — мыд фæмæсты, — Ныр цы мæт кæныс мæ бæсты? («Булкъ æмæ мыд») 22. Цсей-ма, цы мæ кæньтс? 23. Цæй-ма, мæ мызд мын... 24. Гъе, дзæгъæл хæтæг! («Бирæгъ æмæ хърихъупп») 25. Ох-хай, гъе! — радзырдта къутæрæй сагмæ... 26. Рагæй æмхиц у нæ уæздан мыггагмæ Хъримаг, йæ хицау фæкæна дæдæй!
27. Ох-хай-гъе, — сæрджын саг уызынмæ дзуры: (<<Саг æмæ уызын») 28. Ох-хай-гъе! Уæртæ зæронд лæг! 29. Гъей, хорз лæг, ма бакæ! Худинаг, худинаг! 30. Ау, кæд дæхи у, уæд ма йæм цæмæ хъуызыс? 31. Уоу, мæнæ диссæгтæ, царциаты диссæгтæ! («Ахуыр») 32. Ох-хай, цы кодтай, цы? — рувас йæ хæд фæстæ Радзырдта рагъæй. 33. Ох-хай, фæрасыг дæн, — загъта, — дæ ныхæстæ — Карздæр арахъхъæй! («Рувас æмæ зыгъарæг») 34. Ох-хай-гъе! зиууæттæ загътой. 35. Гъе, æрра лæппутæ! — лæг та сæм радзырдта... 36. Гъсейтт, мардзсе! Сæр дын æвиппайды асхъиудта... («Лæг æви ус») 37. Цæй-ма, цæй, уæдæ мын астæн Исты дзуапп ыссар. 38. Ох-хай! Демæ æз нæ фæдæн, Радзур-ма лæгау!.. 39. Мæн къуылых дзынга фæразы, Гъери-гъа! дзæбæх. 40. Ох-хай-гъе, тæрхъус-лæппыныл Афтæ ма бахуд. 41. Ау, æмæ цы диссаг у, цы, Кæд къуырма лæг у. (« Лæскъдзæрæн») 42. Уæ, цъиусур, Ма мæм дзур! Уæ, рувас, Ма мæм уас! («Фыдуаг») 43. Усе, уасæг, уасæг! («Уасæг») 44. Циу, цы, циу? Цы кодтон, ау? 45. Ох-хай-гъе! Уæдæ дæ маст Махæн у хъуыдыйаг! («Цъиу æмæ сывæллæттæ»)
Къоста уыдис адæмы поэт, фыста фæллойгæнæг дзыллæты тыххæй æмæ, уымæ гæсгæ, цы ’взагыл дзырдта, уый лексикæйæ дæр^æмæ синтаксисæй дæр уыдис дзыллæты ’взаг. Йæ поэтикон лексикæйыл аныхас кодтон Къостайæн, цас мæ бон уыд æмæ мын мæ фадат цас бартæ лæвæрдта, уыйас. Иу- дыууæ дзырды — йæ поэтикон синтаксисы тыххæй. Къостайы поэтикон синтаксисы хицæндзинад æппæты фыц- цагдæр уый у, æмæ дзы нæй инверси, ома дзырдтæ хъуыдыйады сæ ахуыр бынæттæ нæ ивынц. Ирон æвзаджы ’гъдау афтæ у, æмæ бæрæггæнæн дзырд вæййы кæддæриддæр бæрæггæнина- джы разæй, зæгъæм: «рæсугъд бæстæ» («бæстæ рæсугъд» нæ, фæлæ); «Советон цæдис» («цæдис Советон» нæ, фæлæ); «рай- дзаст уат» («уат райдзаст» нæ, фæлæ) æ. а. д. Бæрæггæнæн дзырд бæрæггæнинаджы фæстæ æвæрд куы ’рцæуы, уæд рауайы æна- хуыр синтаксисон конструкци. Ныртæккæ ирон поэзийы ахæм конструкци æрцахста уæрæх бынат, æмæ, хорз у, æвзæр у, — уый тыххæй ницыма зæгъинаг дæн, æрмæст зæгъын уый, æмæ Къостайы уацмысты иунæг ахæм ран дæр нæй. Поэт, фыссæг тырны уымæ, цæмæй йæ ныхас кæсæджы зæрдæмæ фæцæуа, бахиза, сагайа йæ, бынат дзы скæна æмæ йæ йæхирдæм раздаха. Поэт архайы, цæмæй йæ ныхас эмоционалон уа, ууыл, æмæ агу- ры алы мадзæлттæ. Уый тыххæй йæ ныхасы куы фарсты инто- наци райсы, куы хъæры, куы йæ æваст фæлыг кæны, куы хъуы- дыйады хæйттæй фæуадзы. Уый у, цы зæрдæйы уаг æм уа кæнæ, цы ныв, цы фæзынд æвдиса, уымæ гæсгæ. Къоста ахæм фæзи- лæнтæй, ахæм фигурæтæй тынг арæх пайда кæны. Райсдзынæн сын сæ сæйрагдæртæ. I. Риториконфарст, ома, дзуапп цы фарст нæ агуры, ахæм, уымæн æмæ фарстæн йæхимидæг вæййы дзуапп; фарсты интонаци ма поэт (фыссæг) райсы æрмæст уый тыххæй, цæмæй йæ ныхас кæсæджы зæрдæ тынгдæр ныццæва. /. Мæ мæгуыр Ирыстон! Æрцæуæг æлдарæй, Тыхгæнæг хæддзуйæ дæ ма уæду ма, мæтп? Тыхгæнæг хæддзумæ ксед искуы фæндонæй, Æууæнкагæй радгпай, рæсгпæнхъæл, дæ бар?.. («Катай») 2. Фсатийæ зæронддæр Дауджытæм кæм и? («’Фсати») 3. Хъал митæ кæнын лæппуйау та ценнæ уыд?.. 4. Исчи йæ федгпа, цы, искуы хæцæнгæрзтæ Даргæ ныры уонг?.. 5. Науæд уæлбæхæй йæ исчи æмгаримæ Федта, цы, балцы?.. ( «Уæлмæрдты» ) С>272
6. Лæг ма цыфæнды фæуæд, фæлæ ерæдзыпп Ифтыгъд нæу, зæгъгæ, нæ загътон?! («Ахуыр») 7. Кæй чызг мыл ыскæндзæн зæрдæхалæн хъарæг, Кæй кæуынæй риздзæн къæдзæх? Кæй фæндыр ысцæгъддзæн мæ иунæджы зарæг, Чи уадздзæн мæ дугъы йæ бæх? («Æнæ хай») II. Риторикон ыздæхт, ома поэт (фыссæг), дзуапп раттын йæ бон цы объектæн нæу, ахæммæ (истæмæ) куы фæдзуры, уый. Зæгъæм, æрдзмæ, бæстæм, æнæбæрæг адæймагмæ æ.а.д. /. Мæ хæлар, мæ уарзон, æнæзонгæ уарзон! 2. Уæ, тæрхъус, Ма мæм хъус! — 3. Уæ, цъиусур, Ма мæм дзур! Æмткæй уый зæгъын хъæуы, æмæ Къостамæ хъæрон æмæ фарстон синтаксисон конструкцитæ тынг бирæ ис; тынг арæх пайда кæны уыдонæй. /. Йæ бонæй уа зæрдæ, — Куыд хивæнд у, куы? Зæгъ-ма йын: «Æвзæр дæ». Уырны йæ, бæгуы! 2. Кæцæй йæм фæсиды Сæрибары дуг? Цæмæн дзы æхсиды Цæджджинагау туг? 3. Йæ бонæй уа, уастæн, Дæргъæрфыг рæсугъд! — Кæм лæууы йæ хъазтæн Лæппуйы тæпп-уд! 4. Цæмæн-иу мæм касти Мæ сæфт хуры хай? Цæмæн-иу фæраст и Мæ рæзты чызгай? 5. Цæмæн-иу мæм бахудт Хъуызгæ мидбылты? Цæмæн мæ хъуыд агъуд, — Ливорджын дæн, цы? 6. Цы цæнгтæ мыл разад, Цы хосдзау уыдтæн! Фæлæ ма кæм баззад Уыгæрдæн мæнæн?! — 18* 273о
7. Гæппсел дæр мын нал уыд... Цы фæци мæ зæхх? Хæрнæгæн, дам, бахъуыд... Цу, исты сын зæгъ! 8. Цы нæ кодтон радгай, Цы нæ-иу уыдтæн?! («Чи дæ?») 9. Кæм сæ агура? Кæмæй сæ кура? — 10. Æлдар фыдлæг у, — Мæлын кæй фæнды?.. 11. Йæ хорз зарджытæн, Йæ хорз кадджытæн Кæрон кæм уыди? Æнæ фæхудгæ, Æнæ фæкæугæ Сæм чи лæууыди?! 12. Уæд фос куыд уарзта!.. («Хъуыбады») 13. Кæй барвитон курæг? Æфсæрм лæг кæм и? 14. Кæй барвитон курæг? Кæй та равдæла?.. («Чи дæ?») Уæлдæр загътон, Къостайы уацмысты иу дзырд дæр не ссар- дæуыдзæн, адæймаг афтæ кæмæй зæгъа, æвæдза, ацы дзырд уæлдай у, зæгъгæ. Къостайы æвзагæн йæ иу бæрæггæнæн но- джы у цыргъдзинад, æлвæстдзинад. Бирæ рæтты фæуадзы хъуы- дыйады хæйттæй, тынгдæр мивдисæг — зæгъинаджы. Æмæ уымæй ныхас хæлгæ нæ кæны, мыййаг, фæлæ кæны бирæ аивдæр. Цы дзырд фæуадзы, уый иннæ контекстæй бæрæг вæййы. Мæнæ ахæм конструкцитæ, силлепстæ. /. Нæ дзыллæйы зæрдæ — Мæ хуымгæнды хай; Нæ бæсты сагъæстæ — Мæ фæззыгон най... Дзаг хорæй — мæ хордон, Бæркадджын — мæ зæхх; Хæдтулгæ — мæ уæрдон, Мæ фæндаг — уæрæх... Ацы ран иунæг мивдисæг дæр нæй, æмæ уымæй æмдзæвгæ фыддæр нæ фæци, фæлæ рамбылдта бирæ. Ахæм конструкци дæтты энерги. ^274
2. Йæ уат — ыскъæт, зыгуым — йсе лыстæн, Хъæбæр — йæ цъæх хуыссæн нымæт. 3. Бадынц сывæллæттæ, — Чи — бæгънæг, чи — гом... 4. Мæ хæдон — четæнæй, Мæ куырæт — кæттаг, Мæ цухъхъа — цъæх тынæй, Нæхи хохбæстаг. 5. Мæ фысымтæ — радæй, Мæ хуыссæн — лыстæн... 6. Фыййауæн — уæлæфтау, Хæлын худ, хызын. Йæ къæбæр — æнæвгъау... 7. Арсы хъуын — йæ лыстæн, Тинтычъи — йæ баз. 8. Топп — ерæдзыпп, хъримаг, Бæх — саулох бæхтæ. 9. Йæ бумбули — базæн, Йæ нард фыд — бæркад... 10. Терк-Турчы бæстæ — мæ хæтæн, М} амæттаг — рæгъау. 11. Алы куыстæн — рад: Дзидзидайæн — мад. Хорз фыййауæн — фос; Бирæ фосæн — хос. Хоры кæндæн — зад; Хоры хæрдæн — кад. Сонт рæдыдæн — барст; Хорз зæрдæйæн — уарзт. Рагон мастæн — тад; Загъдкъахæгæн — над. Магусайæн — цæф; Цырд лæппуйæн — кæф! («Кæмæн цы?») Ам æнæхъæн æмдзæвгæйы иунæг мивдисæг дæр нæй. Ахæм конструкцийы руаджы лирикон æмдзæвгæ кæны бирæ хуыздæр. 12. Ифтонг — хызынæй, лæдзæгæй æрчъитæй... («Хæрзбон!») 13. Зæрватыкк — æнæхъыг, Æнæмаст цæрæг! Дæ зарæг — нæ дарæг, Нæ уалдзæггæнæг! 14. Хъызт зымæг, тыхст зымæг — Нæ катай, нæ мæт! 275о
Йæ бонтæ — фыдбонтсе, Йæ бахсæв — мæлæт. Нсе хъсеутсе — лæгæттæ, Нсе фезмæлд — зсейуат. 15. Нæ зонд — цыбыр, мæгуыр — нæ зæрдæ, Æдых, — фæллад лæгау, — нæ дзыро... 16. Цæргæсы бæллын, Уæларвы нæрын, Дымгæйы хъарæг, Цæф сæгуыты маст, Æхсæрдзæны хъазт — Фыййауы зарæг... Фæскъæвда хур бон, Уымæл ривæдоон, Рæсугъд хизæнтæ, Æфсæст фосы дзуг, Сæрибары дуг — Фыййауы сæнттæ... Зæрдæйы цин кæнæ маст куы уа, уæд ныхас даргъ нæ вæййы, фæлæ цыма æваст фескъуыйы, афтæ рауайы. Хъуыдыйадæй бирæ дзырдтæ ахауы, æмæ фæцыбыртæ вæййы. Мæстджын кæнæ цин- гæнæг адæймаджы æвдисгæйæ, ахæм конструкци тынг аив кæны поэтикон ныхас. Къостамæ уыцы конструкци арæх ис. /. Ма кæут, мæ хуртæ, — Дзуры сæм сæ мад, — Афыцой хъæдуртæ... Абадут æнцад!.. Æмæ куыннæ, йæ хъарæг йæ хъуырмæ цы усæн ысхæццæ ис, уый ма даргъ ныхæстæ кæныны бон уыд! 2. Абадут... фæуыдзæн Алкæй дæр йæ фаг... 3- Афтæмæй сын дуртæ Цуайнаджы фыхта; Афыцын æфсоны Байрох уа сæ хæрд... Ам зæгъæн уыд: «Афтæмæй сын дуртæ цуайнаджы фыхта, цæмæй афыцын æфсоны байрох уа сæ хæрд». Фæлæ йæ Къоста афтæ куы ныддаргъ кодтаид йæ ныхас, уæд хорз нал рауадаид ныв, зæрдæйы уаг раст æвдыст не ’рцыдаид. 4. Фæлидзон! — загъта... Йæ фос фæуагъта Хъæусæр уæзæгыл. 5. Фæндараст!.. Фервæзтæ нæ мæтæй... Поэзийы тынг арæх иу дзырд загъд цæуы цалдæр хатты, — кæнæ иу фразæйы, кæнæ, кæрæдзи фæдыл цы рæнхъытæ вæййы, ^276
уыдоны райдайæны; кæннод та, æппынфæстагмæ, алы строфайы райдайæны. Фæстаг дыууæ фездæхты хуыйнынц, куыд зонæм, афтæ, а н а ф о р æ, ома æмхуызон райдайæнтæ. Ахæм фездæхт у æвзагæн ыстыр эмоционалон фæрæз, уый бæрæг кæны зæрдæ- уынгæгдзинад, кæннод та кæсæджы æрыхъусын кæны, цы дзырд фæзæгъы цалдæр хатты, уымæ. Хаттæй-хатт вæййы ныв равди- сыны фæрæз дæр. /. Кæд, дыууæ, дыуусе та? — загъта... Кæд æртæ, æртæ цы давы... Ма кæ, ма... Ох-хай, цы кæнон, зæгъ, ох-хай, цы ма кæнон!.. 2. Йе йæ топпæй хъазт, Йе йæ бæхыл бадт, Йе йæ кæсгон кафт, Йе йæ цæгъдгæ зард... 3. Кæй чызг мыл ыскæндзæн зæрдæхалæн хъарæг? Кæй кæуынæй риздзæн къæдзæх? Кæй фæндыр ысцæгъддзæн мæ иунæджы зарæг? 4. Йæ къах нæ фæллад, Йæ зард нæ фенад Йæ цæугæ царды... 5. Йæ рард дæр — ысхуыстæй, Йæ рæвдыд дæр — над, Йæ «цума» рæхуыстæй... Ноджы кæс «Фыдуаг», «Уассег». Фæлæ ис Къостамæ æнæхъæн æмдзæвгæтæ дæр ахæм уагыл фыстæй, ома, анафорæ кæм ис, ахæмтæ. 6. Тæхудиаг, буц хъæбулæй Йæ уалдзæджы царды хурæй Чи бафсæст йæ мады хъæбысы! Тæхуды, æрæгвæззæджы, Хъæлдзæгæй, æнкъард рæстæджы, Йæ рагуалдзæг хорзæн чи мысы! Тæхуды, йæ фыды зæххыл, Йæ уарзон æмгарты рæгъыл Кæмæн хъуысы дардмæ йæ зарæг! Тæхуды, йæ гутонимæ, Хæрзифтонг бæхуæрдонимæ Йæ бинонтæн чи у сæ дарæг! Тæхуды, йæ дзыллæйы раз Чи ракæны барджын ныхас, Кæй фæрсынц, кæй равзарынц зондæй! Тæхуды, йæ уарзондзинад, Йæ хорз ном, йæ фыдæлты кад Чи уадзы уæлæуыл зæрондæй! 277о
Кæнæ райсæм æндæр æмдзæвгæ: Адæмæн сæ рæсугъд уæттæ Хъармæй, райдзастæй лæууынц, Махæн та нæ сывæллæттæ Уазал лæгæтты кæуынц... Адæмæн сæ чындзхонты хъазт Хæхтæ, къæдзæхтæ хæссы, Махæн та нæ гæдыйы уаст Мардыл кæуæгау хъуысы... Адæмæн сæ цæхджын фыдтæ Царæй фæныкмæ тæдзынц, Махæн та хæлынбыттыртæ Цары ахстæттæ кæнынц... Адæмæн сæ фæззæджы куыст Не ссы афæдзмæ куырой, Махæн та нæ афæдзы мызд — Тасæй иу хоры кæфой!.. Ацы æмдзæвгæйы уæз уагъд цæуы ахæм дзырдтыл: «Адæмæн сæ»... æмæ «Махæн та»... Ацы æмдзæвгæйы ма ис ноджы иу фæзилæн, ныхас аив чи кæны, ахæм — антитезæ, ома ныхæй-ныхмæ æрæвæрдтытæ. Ахæм уагыл арæзт ысты иуæй-иу рæттæ «Æхсины лæджы» дæр. Ыстур дæр ма йæхи рæгъау Нæ нымайы кæйдæр хъомыл... Æхсины лæг, фыдызнагау, Арт бандзары йæхионыл... Фæлæ уыйхыгъд ис Къостамæ параллелизмтæ дæр: Гадза бирæгъ æфсæстæй дæр Нæ ауæрды лæбурыныл — Æхсины лæг йæ бæстæй дæр Нæ ауæрды мæнг дзурыныл!.. Бирæ хæттыты Къоста йæ ныхас рæсугъд кæны хицæн мыр- тæй, хицæн дзырдты кæнæ сæ æнæхъæн фразæты арæх куы фæзæгъы, фæд-фæдыл, уæд. 1. Фæсмон фæкæна 2. Бæгънæг, бæгъæввад 3. Бът бауай, иунæг 4. /Сомæй коммæ хъазгæ 5. Дæ Эаргъ дæллагхъуыр ^278
6. Атылди, едæргъ и, Нал уыд йæ сæрæн. Лмонд йæ хъахъхъæнæг Лхæм æвзæрæн! 7. Гино, гино, гис! Хаттæй-хатт хицæн мыртæ нæ, фæлæ кæрæдзи фæстæ фæ- зæгъы Къоста, сæ нысаниуæг æмхуызон цы дзырдтæн у, ахæмтæ: Ракæс, рафæлгæс. («Æфсати») Кæнæ та иу дзырд дыууæ хатты: «О х-х а й! Цы кæнон, зæгъ, о х-х а й, цы ма кæнон?!. («Хетæг») Ис Къостамæ ахæм фæзилæн: ратты фарст æмæ фарстæн дзуапп дæр ратты йæхæдæг... Цы куыстæн бæззыдтæн Дзæбæхдæр мыздыл? Уæлыгæс фæцыдтæн Гуыбыны хæрдыл... Гæппæл дæр мын нал уыд... Цы фæци мæ зæхх? Хæрнæгæн, дам, бахьуыд... Цу, исты сын зæгъ!.. Æмвæнд ыстæм рагæй... Мад циу? Мад нæ фарс Хæцдзæнис дæндагæй... Фыд?.. Фыд у цьæх арс! Науæд уæлбæхæй йæ исчи æмгаримæ Федта, цы, балцы? Байраг сæ хæдзары никуы уыд, афтæмæй Абадт æввонгæй, — рæсугъд ифтонг алцæмæй, — Урс бæх — йæ разы... Ацы æгъдауæй тынг аивджын кæны йæ ныхас Къоста. Ахæм фæзилæн тынг уарзта Пушкин: Но где же первый, званый гость? Где первый грозный наш учитель, Чью долговременную злость Смирил полтавский победитель? И где ж Мазепа? Где злодей? Куда бежал Иуда в страхе? Зачем король не меж гостей? Зачем изменник не на плахе? 279о
ВерхоМу в глуши степей нагих, Король и гетман мчатся оба. Бегут. Судьба связала их. Опасность близкая и злоба Даруют силу королю. Он рану тяжкую свою Забыл. Поникнув головою, Он скачет, русскими гоним, И слуги верные толпою Чуть могут следовать за ним. Обозревая зорким взглядом Степей широкий полукруг, С ним старый гетман скачет рядом и т. д. Иу цалдæр хатты загътон, Къостайы поэтикæйы хицæндзи- нæдты сæйрагдæр у адæмондзинад, зæгъгæ, фæлæ та ноджы æнæ уыцы хъуыддаджы кой ыскæнгæ нæй. Къостайы æмдзæвгæты ис тынг арæх, ирон адæмы æвзаджы цы спецификон хицæн дзырдтæ æмæ дзырдты группæтæ ис, уыдон (идиомæтæ). Къостайы æвза- джы хъацæнты системæйы уыдон ахсынц тынг ахсджиаг бынат. Иу дзырд кæнæ цалдæр дзырды Къоста равдисы зæрдæйы уаг суанг йæ бынмæ, кæнæ цæсты раз авæры æнæхъæн нывтæ. /. Куыд ма цæрдзынæн Æнсе дсеу, амæттаг дын уон! 2. Урс уæрыкк дын уон... 3. Æхсныфæй ныуазынц мæ туг... 4. Уо, мæ ныййарæг, уæд дын æз æрбамæлон... 5. Мæ хæлар, мæ уарзон! Ныммæл мын фæсмонæй. 6. Цы дын зæгъон? — уæлæмæ дæр, Дæлæмæ дæр — нæ дзуринаг: Æхсины лæг — нæ сæфты хъæр, Нæ фыдты фыд, нæ худинаг!.. 7. Дудгæ фæбада Зæйы бын нæ дарæг, Мах чи фæсайдта!.. 8. Мады зæрдæ скъахта, — Царæфтыд фæдæн!.. 9. Ыстонг, уысмæн над Хуыцауы рæстæй. 10. Фæсмон фæкæна, Мæрдты дзыназа, Дæу чи ныййардта!.. 11. Уастæн, баззайой йæ быныл Даргъ кæрц æмæ худ. ^280
12. У а с т æ н , ма стæфса ссе хъармæй уТас нæртон зымæг... 13. Фесæфай, фесæфай, у а с т æ н , нæ фæсивсед! 14. Додой фæкæнат, мæ райгуырæн хæхтæ! 15. Рынчынæн «Æгæссад Д æ у æ д ! » — зсегъ, æндсер Иæ бахъуыд сахатæн Мсегуыры бон циу? 16. Нсе фсеци мæ мадæн Нæ файнуст, нæ тиу. Нæ йæм уыд фæкæсæг... Йæ мой йæм кæм бадт! — Æмæ йæ фыдвæззæг Фæкодта мæ мад. 17. Мæнкъæйыл фæуагъта. 18. Æккойæмæ ныхмæ Кæм лæууыд хæрæг! 19. Йæ бонæй уа, уастæн, Дæргъæрфыг рæсугъд. 20. Йæ дзыккутæ тоны, Æргæвдьт йæхи. 21.Абон йæ сау сынтæн Бахъуыд йæ сагой. 22. Терк-Турчы рæгъаумæ абон фæцыдысты. 23. Никуы ’мæ ницы . 24. Ай та сыхагимæ кайаг уыд арæнæй, Иумæйаг зæххытæ барста мæнг барæнæй, Ард сыл-иу хордта. 25. Мæ уды гага. 26. Дæ хуыцаумæ скæс! 27. Фæмæлæм, мæгуыртæг, Кæм ма ис р æ с т у д ? 28. Фæцæф дæ, мæ лымæн, с æ р æ й ? 29. М а к æ , м а, — мысты йас рæуæд Афтæ уæззау нæу. 30. Ма кæут, м æ х у р т æ... 31. Афтæмæй адæмæн Тугуарæн кодта. Ирон æвзаджы цыдæриддæр ис спецификондзинадæй, уыдон иууылдæр ыссардтой бынат Къостайы ’взаджы ’мæ йын аив- джынæй равдыстой йæ уацмыстæ. Белинский раст загъта: «Æмæ, адæмон нæ уæвгæйæ, ис оригиналон уæвæн?»16 Къоста у адæ- мон, æмæ уый фæрцы оригиналон. Æндæр æвзагмæ тæлмацгæн- 28!о
гæйæ, Къостайы ирон уацмысты уæзæй хауы тынг бирæ, уый тыххæй æмæ йæ поэтикæйы хицæндзинæдтæ, йе ’взаджы хъа- цæнтæн, йæ фæзилæнтæн æндæр æвзагыл равдисæн нæй. Æмæ, æвæдза, алы стыр поэты хъысмæт дæр афтæ у! Адæмы ’взагæй ист ысты ноджы мæнæ ахæм конструкцитæ: /. Бахъазыд дын æм йæ зæрдсе... 2. Уæд дын æм рувас Кæцæйдæр рауад... 3. Раджы та иу бирæгъ Нард хæдмæл хордта... æ.а.д. Къостамæ ис ноджы ахæм синтаксисон конструкцитæ: а) суинаг афоны бæсты мивдисæджы фæзæгъы ивгъуыд афоны: О, мæ ныййарæг, æвзаргæ тын ма нывæнд, — Цухъатæ дарæн мын нæй... Морæ фæсмынæй дæ буц хъæбулы зæрдæ Нал ысрух скодтай, мæ мад! б) Ныры афон ысуинаг афоны бæсты: Ацу-иу уырдыгæй! Ус кæуы хибарæй. Тынг рæсугъд аразы Къоста д и а л о г, фæлæ уым дæр пайда кæны, адæмы ’взаджы цы фæзилæнтæ ис, уыдонæй. Æвди- сæн — «Лæскъдзæрæн» кæнæ «Уæлмæрдты». Бынтон диссаг у Къоста нывтæ ’вдисынмæ. Гæзæмæ дзыр- дæй фылдæр нæ хардз кæны ныв кæнæ зæрдæйы уавæр, зæр- дæйы уаг равдисыныл: /. Хоры къутуйау — йæ тæнтæ, Бинаг был — кæфой. 2. ...Бирæ сывæллæттæ Ал-хуызон дзаумæтты, алы азыккæттæ, — Цъæх нæууыл хъазы... Чи дæ йæ фыд хоны, чи дæ йæ мад хоны... Иутæ бæгъæввæдтæ, иннæтæ ронбæгъдæй, Чи та æнæ худ. Худтæ — сæ рæтты тъыст, рæттæ — сæ хъуырты ’фтыд, Дзабыртæ — фæдджиты, фæдджитæ — сæртыл тыд... 3. Халон баргъæвст сындзыл... Уад тымыгъ хæссы. Сау айнæджы рындзыл Нары хъæу хуыссы. 4. Бон хурмæ иывæнды Рæсугъд хуры тын. Æхсæв æй æрфæнды Мæимæ хæтын... 0282
5. Раджы уæйыгмсе лæскъдзæрæн Иу мæгуыр лæг цард. Нал уыд мæгуыр лæг йæ сæрæпу Удхарæй йæм мард. æ.а.д. 6. Нæ зымæг ипгæн у, — Нæ зæйтæ — нæ мæт, Нæ фæззæг куыстæн у, Нæ уалдзæг — дзæнæт. Хур арæхдæр тавы, Ысулæфы зæхх. Сæгъ хъæмпæй нæ давы, Нæ хуссæрттæ — цъæх. Фæмил вæййынц хæхтæ, Фæбур вæййы дон, Æртæхынц нæм мæргътæ, Фæтынг вæййы бон. Фæзыны гæлæбу, Зынг фесты зæрдæ. Ацы фæстаг цыппæрдæс рæнхъы æнæмæнг ысты поэзийы перлтæ. Къоста тырныдта цыбыр дзырдмæ æмæ, афтæмæй, хъуыды арфæй æвдисынмæ. Уымæ гæсгæ йæм арæх исафоризмтæ: /. Лæджы, дам, бас куы басудзы, Уæд фу кæны йæ доныл дæр. 2. Нæу сусæг хорзæн йе ’цæг ном, Налатæн та — йæ фæсномыг. 3. Гадза бирæгъ æнгом дзуджы Быдыры дæр ныппырх кæны. 4. Гадза бирæгъ æфсæстæй дæр Нæ ауæрды лæбурыныл. 5. Рынчынæн, дам, æдзухæй дæр Йæ низы кой — йæ дзуринаг. 6. Стонг æмæ кæуынæй Лæг куы сфæлмæцы, Тарф у уæд йæ фынæй, Маспг æм нал хъуысы. 7. Уазал æмæ стонгæй Бирæгъ дæр тæрсы. 8. Стонг æмгъуыд нæ зоны. 9. Фæлæ нæ амонд Æнæ сæрнывонд Нæ хæссы бирæ. 283^
10. Æнæ аххосæй Фыййауы фоссей Нæ хæссы бирæгъ. 11. Лæгдзарм тсенæг у, Æлдар фыдлæг у... 12. Лæг цуанонæй мæрдтæм Хæстæгдæр цæры, Йæ мард та уæлмæрдтæм Нæ хæццæ кæны. 13. Куыст — цардæн фæрæз. 14. Коммæгæсы ма цæв, — Мастæн æй хæсдзæн. 15. Хивæндмæ дæ уайдзæф Худæгау кæсдзæн. 16. Ма худ аууонмæ æвзæрыл. 17. Хорзы-иу йæ цуры бафау. 18. Дунетæй хуыздæр куы фестай, Гъеу уæддæр дæхи уд ма стау! 19. Цæстмæхъус ныхас Фыдбылыз хæссы. 20. Алчи зыдгæнæджы Бирæгъ фæхоны. 21. Дæ фыдæлтæ — рухсагу Дæхæдæг мын бæзз! 22. Алкæмæн йе ’гъдау йæ гакк у кæмдæриддæр æ.а.д. Æмдзæвгæ «Кæмæн цы» сæрæй бынмæ арæзт у уыцы прин- ципыл. Къоста ирон аив литературæйæн канд йæ фидар бындурæ- вæрæг нæ уыдис, фæлæ ма уымæй дарддæр Къоста алыг кодта ирон æмдзæвгæты арæзты фарст дæр. Къоста райста силлабо- тоникон системæ, æмæ тынг раст бакодта, уымæн æмæ ирон æвзаг æмæ уыцы системæ кæрæдзиимæ иттæг хорз фидауынц. Æвди- сæн — ирон поэзийы истори. Ирон æмдзæвдарæзт ацыдис Къос- тайы фæндагыл, æмæ, куыд уынæм, афтæмæй къуылымпы ни- куы фæци æмæ нæ кæны. Полемикæмæ бахизыны фæнд мæм нæй, стæй нæ уый сæр хъæугæ дæр нæ кæны, фæлæ уый зæгъын, æмæ, метрикон систе- мæйы бындурыл фыссын хъæуы иронау æмдзæвгæтæ, зæгъгæ, афтæ чи дзырдта, уыдон раст позицитыл нæ лæууыдысты ’мæ здæхтой ирон æмдзæвдарæзт мæнг фæндæгтыл. 0,284
Къоста ныффыста иронау æрмæст иу æмæ ’ртиссæдз уацмы- сы æмдзæвгæтæй («Хетæг» дæр семæ, афтæмæй; нæ нымайын, Стъараполы гимназы ахуыргæнинæгты журналы йын цы ’мдзæв- гæтæ ис, уыдон). Кæд нымæцæй чысыл ысты, уæддæр сæ фор- мæты хъæздыгдзинадмæ гæсгæ тынг бирæ ахадынц уыцы иу æмæ ’ртиссæдз уацмысы. Фыст ысты ахæм бæрстытæй: 1) Дактиль — 16 æмдзæвгæйы 2) Амфибрахий — 15 » 3) Хорей — 14 » 4) Ямб - 8 » 5) Æндæр бæрстытæй — 8 æмдзæвгæйы (анапест æм нæй Къостамæ). Уыцы æндæр бæрстытæй фыст ысты ахæм æмдзæвгæтæ: 1. «Сагъæс»; 2. «Тæхуды»; 3. «Æхсины лæг»; 4. «Ногбонты за- рæг»; 5. «Ногбон æхсæвы»; 6. «Усгуры хъынцъым»; 7. «Фыд- уаг»; 8. «Скъолайы лæппу». Ацы ’мдзæвгæтæй иуæн дæр нæй бакæнæн силлабо-тоникон системæйы бæрстытæй иу рамкæты. Мæнмæ гæсгæ, уыдон ысты фыст ирон адæмон зарджыты уагыл барстæй дæр æмæ рифмæйæ дæр. Ирон адæмон зарджыты поэтикæйы хицæндзинæдтæ нырма бæрæггонд не сты æмæ уымæ гæсгæ зын зæгъæн у, уыцы хицæн- дзинæдтæ цы сты, уый. Æз афтæ зæгъын, æмæ адæмон зарджытæ барстæй æввахс лæууынц тоникон системæмæ, рифмæйы бæсты та дзы ис ассонанс. Ацы хъуыддаг у тынг ахсджиаг хъуыддаг. Иу къорд хæттыты загътон, Къостайы сфæлдыстад адæмон ысфæлдыстадимæ баст кæй у, уый. Афтæ зæгъын хъæуы Къостайы æмдзæвгæтæн сæ техни- кæйы тыххæй дæр. Зынгæ æвдисæн нын ацы ран — «Æхсины лæг». ЛæджЫу дам, бас куы басудзы, Уæд фу кæны йæ доныл дæр... Лæг сусæгæй куы нымудзы, Уæд нал сæтты йæ номыл дæр. Ам фыццаг дыууæ æмдзæвды иннæ дыууæимæ баст не сты хъуыдыйæ. Хъæуынц æрмæст уый тыххæй, цæмæй дзы рауайа æмзæлангдзинад. Афтæ у ирон адæмон зарджыты дæр: Фыййауы хызыны Уасæджы базыр... Нæ дын бакодтой, Ботас, Уазæджы хатыр. Куырдтаты аргъуанæн — Дурæй дзæнгæрæг... Ботасæн арвыстой Хурæй хьæргæнæг... æ.а.д. 285о
Уæлдай тынгдæр фæзынди ацы хъуыддаг Къостайæн йе ’мдзæвгæты рифмæйыл. Къоста «классикон» рифмæйæн ыстыр аргъ нæ кодта. Мæнæ куыд фыссы: «Æмдзæвгæ хъуамæ арæзт уа уагмæ гæсгæ... Рифмæйы кой нæ кæнын, — уый иттæг ахсджиаг нæу»17. Ацы ран Къостайы хъуыды у Пушкин, Бай- рон, Маяковский æмæ иннæты хъуыдыйы хуызæн18. Къостайы æмдзæвгæты «рифмæ» арæзт у æрмæст хъæлæсон мыртыл: 1. О, мæ ныййарæг, уæд дын æз æрбамæлон. Ма ку!.. Фæуром дæхи! Фенæм уал... Фесæфæд сау лæппу цардбæллон, — Чи мæ цы айса — йæхи! 2. Бæгънæг, бæтъæввад, Ыстонг, уысмæн над... 3. Сæрыстыр, ысхъæлдзырд, Æнæбарвæссон; Хъæубæсты — хьæды сырд... 4. Бирæгъ ысулæфыд, — Фервæзт нæ рынчын!.. Хърихъупп æм бадзырдта: — Цæй-ма, мæ мызд мын... 5. Мæ зонд, мæ фæндыл Нæ лæууы кæстпæр. Кæстæр мæ фæдыл Нæ цæуы хæстмæ. 6. Фæсмон фæкæна, Мæрдты дзыназа... 7. Фæлæ нæ амонд Æнæ сæрнывонд Нæ хæссы бирæ! Æнæ аххосæй Фыййауы фосæй Нæ хæссы бирæгъ!.. æ.а.д. Рифмæйы фарсты Къостамæ уыдис прогрессивон цæстæн- гас. Хæстæг æрбацыд ног рифмæйы принциптæм (Блок, Брюсов æмæ Маяковский). Кæроны рифмæйæ дарддæр ма арæх ис Къостайы æмдзæв- гæты химидæг рифмæ: 1. Æнгуырдар — дзывылдар... 2. Мит тайы, их сайы... 3. Йæ цæгат фæзæйнад... 4. Йæ фæдыл нæ хъæдыл... ^286
5. Нæ хуымтæ — кæндтытæ... 6. Цырд лæппу гæлæбу Æрцахста... 7. Нæ уалдзæг — дæ уазæг... 8. Хур судзы... Уырыдзы Хæрынæн бæззы... Чи хъæдæй рæгъæдæй Сырх мæнæргъ хæссы. 9. Хуыскъæлæй, æхсæрæй Кæм цæуынц рæтты! 10. Æхсæлы ызгъæлы... 11. Нæ хъæутæ — лæгæттæ... æ.а.д. Бирæ хицæндзинæдтæ ис Къостайы уацмысты графикæйы ’рдыгæй. («Уæлмæрдты» — ААВССВ; «Хъуыбады» — ААВССВ; «Кæмæн цы» — ААВВСС; «Скъолайы лæппу — АВАВС, АВАВС æ.а.д.) Къостайы поэтикон дæсныдзинадыл кæронмæ æрдзурын мæ къухы не ’фты — нæй мæм уыйбæрц хъару. Уымæ гæсгæ кæнын кæрон. Æрмæст фæстагмæ зæгъын Къостайы хорз миниуджы- тæй иуы тыххæй: йæ уацмыстæн сæ сæртæ (сæ нæмттæ) ысты цыбыр æмæ бæрæг кæнынц сыгъдæгæй, цæуыл дзы дзуры, уый. Зæгъæм: «Додой!», «Салдат», «Хъуыбады», «Уæлмæрдты», «Сагъæс» æ.а.д. УÆЛÆФТУАН 1. «Вопрос об отношении к литературе классиков сводится к вопро- су о мастерстве... Старинная пословица совершенно правильно отмети- ла, что «всякое дело мастера боится, а иной мастер — дела боится». Для того, чтобы не бояться дела, нужно хорошо изучить материал, овладеть им» (М. Горький. «Рабочий класс должеп воспитатъ своих мастеров кулътуры»), 2. «Многословно и давно спорят о том, надо ли учиться у класси- ков. Моё мнение: учиться надобно не только у классиков, но даже у врага, если ои умный. Учиться не значит подражать в чём-то, а значит осваивать приёмы мастерства» (М. Горький. «О л^тературе»). 3. «...поэтам нашим... нужно хорошо знать историю русской по- эзии и знать, какими приёмами техники слова пользовались поэты про- шлого времени, как развивался, обогащался язык русской ноэзии, как разнообразились формы стиха. Нужно знать технику творчества, дела» (М. Горький. Вводная статъя к серии «Библиотека поэта»). 4. «Я нахожу, что наша критика недопустимо односторонняя. За- нимаясь почти исключительно преподаванием социально-революцион- 287о
ной педагогики, она не учит молодых мастеров мастерству» (М. Горь- кий. «О прозе»), 5. Муза! Забудем мы эти аккорды, Где каждый звук лишь кичится красой, Как надушенный, напыщенно-гордый Франт пред оборванной, грязной толпой. Лучше пропой ты мне песню такую, Чтобы она прозвучала в сердцах». (Коста.«Музе») 6. «...к сожалению, я не знаю, — видел его только раза два. Судя по его «Æфхæрдты Хæсанæ» я не вижу в нем тихой вдумчивости в смысл и цель жизни и поэзии»... (Письмо к А. А. Цаликовой от 8/IX- 1899 г. Архив Коста, 3/9). 7. «Я не играю беспечно стихом». 8. «Я никогда своим словом не торговал, никогда ни за одну свою строку ни от кого не получал денег. И пишу я не для того, чтобы писать и печатать... Нет! Ни лавры такого писания мне не нужны, ни выгоды от него... Я пишу то, что я уже не в силах бываю сдержать в своём изболевшем сердце...» (Архив Коста, РН, 5161, стр. 3). 9. «...А стихи я пишу только в такое время, когда потребность высказаться всецело охватывает всё моё существо. Над многими сти- хотворениями я рыдал, как нервная институтка, когда их писал»... (Письмо к А. Цаликовой). 10. «Волнует тот, кто сам волнуется, и вызывает гнев тот, кто дей- ствительно сердится» (Аристотель — «Поэтика» — перевод Новосход- ского, Лнгр. 1927 г. стр. 6). 11. «...каждое слово, Прежде, чем им поделиться с тобой, Вымолил с болью у счастья былого И оросил непритворной слезой». (Коста. «Я не поэт...») 12. Къостайы фыст дзырдтæ иууылдæр фыссын ныры орфогра- фимæ гæсгæ. 13. Мивдисæг фыссын Къостайы орфографимæ гæсгæ, цæмæй зын- дгонд цæуа, цы хицæндзинад ардта Къоста дыууæ мивдисæджы ’хсæн. 14. Ам дæр ныууагътон Къостайы орфографи. 15. «Если я пишу то или другое слово так, а не иначе, то я пишу сознательно; я над ним долго ломал голову и не хочу ни тебе, ни кому бы то ни было позволить изменять их без моего ведома, бездоказатель- но, и тем более в стихотворениях, где не должно быть ни одного лиш- него звука или недостатка в нем, и где каждая буква занимает рассчи- танное заранее автором место... Правильность своего правописания я ’могу отстаивать, где угодно, и прежде, чем изменять ею без моего ведо- ма, тебе бы, да и всем тем, кто не согласен с моей орфографией, следо- вало доказать мне, что так, как ты пишешь — есть несомненно истина... 0288
А тебя, извини меня, я никак не могу признать ни Пушкиным, ни Гро- гом осетинского языка и потому поступок твой в данном случае считаю преступным, подлежащим и юридической, и нравственной ответствен- пости» (Письмо Г. Баеву. Лрхив Коста, 0/61). 16. «А можно быть оригинальным, не будучи народным?» 17. «Стих должен быть сложен по правилам... Я не говорю о риф- ме — она имеет второстепенное значение». 18. «Думаю, что со временем мы обратимся к белому стиху, рифм в русском языке слишком мало, пламень тащит за собою камень, из-за чувство выглядывает искусство, кому не надоели «любовь» и «кровь» (Пушкин). «Рифма — могучий пароход, увлекающий поэта против течения здравого смысла» (Байрон). «Концевое созвучие, рифма — это только один из бесконечных спо- собов связывать строки, кстати сказать, самый простой и грубый» (Ма- яковский). В. МАЯКОВСКИЙ ÆМÆ ИРОН СОВЕТОН ЛИТЕРАТУРÆ Революцийы стыр поэт Маяковский уыдис æцæг революцио- нер поэзийы мидæг. Уый йе ’ппæт тыхтæ дæр сарæзта уымæ, цæмæй ыссардтаид, социализмы дуджы аккаг цы æмдзæвгæтæ уыдаид, ахæмтæ. Маяковский у лирикои поэты ног тип. Уый у лирик-трибун, йæ алы уацмысы дæр хион æмæ æхсæнадон элементтæ рæсугъ- дæй^и баиу кодта, ахæм. Йæ поэзийы бындурондæр тенденциты тыххæй Маяковский йæхæдæг фыссы афтæ: «Стихотворение должно иметь в себе полный политический заряд: Надо, чтобы этот заряд нёсся по всей новейшей технике (бахахх æй кодтон æз. — Н.), обгоняя прошлые стрелятельные возможности». Маяковский тынг хорз зыдта ивгъуыд заманы литературæ, пайда дзы кодта йæхицæн, фæлæ ивгъуыд рæстæджы поэттæй иуы дæр нæ фæзмыдта... Уый йæхæдæг сарæзта ног этап по- эзийы историйы, сарæзта ног традицитæ. «Если встанут из гробов все поэты, они должны сказать: у нас таких стихов не было, и не знали, и не умели», — афтæ фыста Маяковский. Маяковский литературон аренæмæ куы рацыди, уæд уый тох кодта канд буржуазон æхсæнады арæзты ныхмæ нæ, фæлæ бур- жуазон аивады ныхмæ. Йæ поэтикон куысты райдианы Маяков- ский уыд иунæг. «Я одинок, как последний глаз у идущего к слепым челове- къ*(1913 аз). Уый йæхи схуыдта æмæ скодта, ссæст чи уыд, æмæ кæй ницæуыл нымадтой, уыдоны поэт. «Все эти провалившиеся но- сами знают — я — их поэт». («А всё-таки», 1913 аз.) 19* 289о
Маяковский архайдта, цæмæй йе стиль уыданд æнцон æмба- рæн, æхсæнадæй кæцы фæлтæрты тыххæй фыста, уыдонæн — дзыллæтæн. Маяковскийы литературон бынты ис ахæм жанртæ, æмæ йæ размæ поэзийы чи нæ уыд, фæлæ Маяковский йæхæдæг кæй сарæзта: маршытæ, æмдзæвгæтæй фыст фельетонтæ, агитацион æмдзæвгæтæ, рекламон æмдзæвгæтæ, лирикон сатирæ, публици- стон лирикæ æмæ афтæ дарддæр. Ритмикæйæ, рифмæйæ, хуызтæ аразынæй æмæ æвзагæй Маяковский баст у адæмон ысфæлдыстадимæ. Уæлдæр загътам, Маяковский дунейы поэзийы мидæг ног фæзынд у, зæгъгæ. Маяковскийыл сæхи ахуыр кæнынц дуне- йыл революцион поэттæ. Зæгъæм: Арагон, Бехер, Рафаэль Ал- берти æмæ æнд. Маяковский фæзындис æгас советон литературæйыл дæр. Советон хуыздæр поэттæ æххæст кæнынц Маяковскийы тради- цитæ. Ахуыр ыл кæнынц, политикон пафос æвзаджы дæсныдзи- надимæ, поэтикон дæсныдзинадимæ куыд иу кæнын хъæуы, ууыл. Ирон советон литературæ дæр у ыстыр советон литерату- рæйы иу хай æмæ уый дæр нæ фæцух ис Маяковскийы тæвагæй. Ирон поэттæй Октябры фæстæ чи райдыдта фыссын, уыдонæй ахæмтæ бирæ нæй, æмæ, Маяковскийы чи нæ фæзмыдта. Æрмæст уый зæгъын хъæуы, æмæ, Маяковскийы традицитыл ахуыр кæн- гæйæ, ирон советон поэттæ тынгдæр ахуыр кодтой, цæмæй хион æмæ æхсæнадон элементтæ сæ поэзийы иугонд цæуой, ууыл. Фæлæ Маяковскийæн йæ поэтикæйы хицæндзинæдтæ (йæ ритм, йæ рифмæ, ног дзырдтæ аразыны закъонтæ) ирон поэттæй або- ны онг дæр бирæтæ хорз нæма базыдтой, нæма сæ бамбæрстой æмæ сæ фаг нæ пайда кæнынц. Маяковскийы поэзийы политикон пафос тынг хæццæ кæны поэт Боциты Баронмæ. Советон æхсæнады æмæ йæ алфамбылай æрвылбон цы фæзындтæ уыдис, уыдонмæ Маяковский лæууыд тынг къæрцхъусæй. Нæ фæрæдийдзыстæм, Боциты Барон уыцы миниуæгæй ыстыр хайджын у, зæгъгæ, куы зæгъæм, уæд. Чи зоны æмæ Боциты Барон йæхæдæг нæ хаты, уыцы миниуæг ын Мая- ковскийы традициты лæвар кæй у, уый, фæлæ æнæмæнг афтæ у. Тынг фæзынд Маяковский поэт Епхиты Тæтæрийыл дæр. Епхийы-фырт фæлвæрдта Маяковскийæн йæ поэтикон формæ <±>æзмыныныл. Уый бæрæг кæны ахæм уацмыстæй: «Ленин» («Зæрдæ райы», 78 фарс)> «Колхозон фæззæг» («Зсердсе райы», 37 фарс) æмæ афтæ дарддæр. Маяковскийы формæтæ хи бакæныныл фæлвæрдтой ноджы ахæм поэттæ: Хуытъинаты Цыппу, Хъамбердиаты Мысост, Ар- дасенты Хадзыбатыр, Хъазыбегты Хъ., Мамсыраты Дæбе. Æппæ- ’тæй тынгдæр та Маяковский фæзындис поэт Хозиты Яковыл. Хозиты Яков тынг бирæ уарзта Маяковскийы, касти йын йе ’мдзæвгæтæ, тæлмац сæ кодта ирон æвзагмæ, фæзмыдта сæ, йæхи ^290
сыл ахуыр кодта. Æмæ йын цас бантыст, уый тыххæй ныртæккæ ницы зæгъинаг ыстæм. Фæлæ йе ’мдзæвгæтæ: «Иууылдæр фыс- сут лæгау паддзахадон ног æфстау», «У къæрцхъус, дзæгъæл каст ма кæн, сауджынтæй нæ совет хъахъхъæн», «Октябры сид- тон» æмæ æндæртæ Маяковскимæ гæсгæ кæй фæзындысты, уый гуырысхойаг нæу, уæлдайдæр та, Маяковский «РОСТА»-йы ку- сæгæй цы уацмыстæ фыста, уыдонмæ гæсгæ. Æмæ, æппынфæстаг, зæгъын хъæуы: советон дуджы курди- атджындæр поэт Маяковскийы тæваг тынг фæзынд ирон литера- турæйыл, фæлæ ма ирон поэттæ дарынц хæс — Маяковскийы поэтикæйы хицæндзинæдтæ базонын хъæуы хуыздæр. Уæд йæ поэзийы тых æцæг бацæудзæн ирон советон поэзийы уæнгты. ФЫДЫБÆСТÆ УАРЗЫН ÆМÆ ЗНАДЖЫ НЫХМÆ ХÆЦЫН - НАРТЫ КАДДЖЫТЫ АХСДЖИАГДÆР МИНИУÆГ Адæм хи æмбарынхъом куы фæвæййы, æхсæнадон цардмæ куы бахизы, уæд райдайы уымæ бæллын æмæ ууыл архайын, цæмæй йæ цард хорз цæуа, цæмæй йæ хъыг мачи дара. Уыцы фæндагыл лæугæйæ йæ къухы цы фефты, уый кæнгæ фæкæны, йæ къухы цы нæ фефты, уымæ та бæлгæ фæкæны. Цард хъæбы- сæй хæст у, цард тох у. Æмæ уыцы тохы мидæг адæм цы баййа- фы, уый æвæдæй нæ сæфы, фæлæ баззайы алы хуызты, æмæ фæстагæтты куы бафæнды, сæ фыццагæттæ, сæ рагон фыдæлтæ сæ царды даргъ фæндагыл куыдæй цыдысты, уæд уый базонын зын нæ вæййы: чиныг фæзыныны агъоммæйы царды ныв чины- джы фысты хуызæнæй баззайы адæмæн сæ аргъæутты, сæ тау- рæгъты, сæ кадджыты; чиныг куы фæзыны, уæд та — уый алчи- дæр зоны — чиныгзонæг адæм, чиныджы дæснытæ, историктæ, фысджытæ бахæссынц чиныгмæ, сæ рæстæджы цы вæййы, цы ’рцæуы, адæм цы баййафы æмæ цы бавзары, уый. Адæмæн сæ аргъæутттæ, сæ таурæгътæ, сæ кадджытæ сты сæ хорз чиныг. Уыдоны мидæг адæм джиппы уадзæгау рауадзы йæ царды нывтæ, йæ бæллицтæ; уыдоны мидæг фенæн ис адæмы хъару, адæмы удыхъæд, адæмы зæрдæйы уаг æмæ адæмы бæллицтæн. Адæмтæ се ’ппæт сæ царды уаг æмхуызон историон уавæрты нæ фервитынц. Уыцы историон уавæртæм гæсгæ рауайы сæ хъа- ру, сæ уæнджы конд, сæ зæрдæйы уаг, сæ удыхъæд æмæ сæ бæллиц, сæ идеалтæ дæр. Æмæ уыдон иууылдæр, куыд вæй- йынц, афтæмæй фæзынынц сæ аргъæутты, сæ кадджыты æ.а.д. Рагон бердзенты характер æмæ идеалтæ бæрæг кæнынц сæ эпо- сæй — «Илиадæ» æмæ «Одиссейæ»-йæ. Уыдон куы кæсай, уæд рагон бердзенаг дæ разы февзæры æд гæрзтæ, цы дарæс дардта, уым. Суанг ма, уыцы гæрзтæ æмæ дарæс куыд кодта, уыцы про- цесстæ дæр сыгъдæгæй цæстыты раз æрбалæууынц; фенæм ын 291о
йæ бадт, йæ хæрд, йæ цыд, йæ кафт, йæ хъазт, йæ уæнджы конд, йæ хъару, йæ зæрдæйы уаг — æппæтæй йæ характер æмæ йæ бæллиц — йæ идеал. Афтæ иннæ адæмты эпостæ дæр æвди- сынц сæ адæмы. Ирон адæмы рагон фыдæлтæ — скиф-сармат-алантæн дæр баззади сæ царды хуыз, сæ сурæт, сæ характер; сæ бæллицтæ, сæ идеалтæ æвдисынц сæ номдзыд эпосы — Нарты кадджыты. Раджы фæзындысты, тынг раджы, Нарты кадджытæ. Се ’рымы- сæг, сæ аразæг алантæ, чиныджы дæснытæй ноджы аивдæрæй равдыстой уым сæ диссаджы фыдæлтæ ’мæ сæхи цард. Цыдыс- ты бонтæ, рæстæджытæ. Царды цыди хæст, тох. Уый фæдыл ивдтытæ кодта. Аланты байзæддаг сæ фыдæлты хæзна — Нарты кадджытæ — лæвæрдта фæлтæрæй фæлтæрмæ; царды ивдтытæ сæ хуыз уагътой кадджыты, æмæ афтæмæй æрхæццæ сты мах ыстыр рæстæгмæ. Дугтæ сын тых нæ бакодтой, рыг сыл не сбадт, фæлæ ’рттивынц налхъуыт-налмасау. Мах байхъуыстам куырм зæронд лæгмæ: йæ хуыйы сæр йæ къухы, афтæмæй нын кад- джытæ ракодта; мах уыцы кадджытæ сызгъæрин дамгъæтæй чи- ныджы фæрстæм бахастам. Ныр, нæ къухтæ хорз ныхсæм, аф- тæмæй, цыдæр сыгъдæгдзинадмæ ’вналæгау, бавналæм уыцы диссаджы чиныгмæ; рафæлдахæм æй æмæ дзы уынæм нæ исто- рион фæндаг, нæ рагон гуыппырсар фыдæлты цард, се ’гъдæут- тæ, сæ цин, сæ хъыг. Уæртæ Нарты стыр ныхас. Уырызмæг йæ къæлæтджын бандоныл бады уæле, йæ пылыстæг лæдзæг — йæ хъæбысы, йæ уæнтыл — йæ тинты кæрц. Дæлдæр бадынц болат- рихи Хæмыц, нæрæмон Сослан, Гæтæджы фырт гæды Сырдон — арвы хин æмæ зæххы кæлæн, Нартæн рагæй-æрæгмæ фыдбы- лыз чи уыд, уый; сæ алфамбылай лæууынц Нарты сагсур фæси- вæд хæстифтонгæй. Ныхас кæнынц, тæрхон кæнынц Нарты гу- ыппырсар хистæртæ сæ царды уаг, сæ адæмы тыххæй. Фæсивæд хъусынц; хистæрты ныхæстæй иу дзæгъæлы нæ сæфы, — ах- сынц сæ фæсивæд æмæ сæ сæ зæрдæты арф тъыссæн кæнынц. Фесты конд сæ ныхас хистæртæ. Ныхасмæ ’рбацыдысты Нарты ’фсинтæ, зонынджын Сатана сæ разæй, афтæмæй. Æрбахастой фыдæлты стыр хæзнатæ — æртæ ’взист тыны. Сатана — Нарты цæугæ фынг æмæ кæлгæ нуазæн — хæзнатæ дæтты Уырызмæгмæ. Райста Нарты цытджын хистæр æртæ тыны æмæ дзуры: — Ацы фыццаг тын Нарты хистæртæ аккаг кæнынц... Æмæ дзырд ацыди, чи хуыздæр у Нарты фæсивæдæй, ууыл. Нарты Хæмыцы фырт болат Батрадз се ’ппæтæй æнæаипдæр разынди, æмæ йæ фыд Хæмыц айста æртæ тыны дæр. Æмæ мæнæ уыцы тæккæ сахат фæдисхъæр фæцыди: «Тыхы фырт Мукара ’рбабырста Дæллаг Нартмæ æмæ сын сæ чындздзон чызджыты ’мæ сæ уайсадæг чындзыты уацары фæкæны!»... Ныххæррæтт кодтой Нарт. Гæрзифтонгæй фæсурынц Тыхы фырты. Баирвæзт Кадзиты фыдмыггагмæ Тыхы фырт. Болат- риу Батрадз бамидæг ис Кадзитæм; сæрыскъуыд, цонгсаст фæ- СЛ2?2
кодта Тыхы фырты; ныццагъта Кадзиты мыггаджы; ракодта Нарты чызджыты ’мæ чындзыты; рахаста Кадзиты фæллой, æмæ Нарт куывд кæнынц. Бадынц иннабонæй-иннабонмæ Нарт уыцы куывды, хæрынц, нуазынц. Куывд йæ тынгмæ бахæццæ ис. Цæхæрцæст Сослан фæгæпп ласта æмæ дзаг фынджы былтыл акафыди. Цæхдон нæ акалд, къæбæры мур не ’рхаудта фынгæй. Фæсивæд сæхи хорз куы федтой, уæд сæм Сырдон дзуры: — Фат æмæ ’рдынæй ахъазут, фæсивæд! Сæхи райстой Нарты сагсур фæсивæд Зилахармæ. Хъазынц фат æмæ ’рдынæй. Айк мысанæн æвæрынц æмæ йæ ничи ивгъуы- йы. Болатриу Батрадз айкыл судзин æрсадзын кодта. Фæхъа- выд, æмæ фат судзины быны бауади. Фесты хъазт фат æмæ ’рды- нæй. Бацыдысты фурды былмæ. Сослан гал фелвасы æмæ йæ ныззыввытт кæны. Гал фурдæн йе ’ннæ фарс сæмбæлы. Рацы- дысты уырдыгæй. Æрбахæццæ сты Нарты гуырвидауц чызджытæ. Симд сарæзтой фæсивæд. Симгæ та афтæ кæнынц, æмæ хæхтæ згъæлынц, зæхх сæ быны лæпп-лæпп кæны... Цардæн æрмæст йе ’ддаг хуыз не ’вдисынц Нарты кадджытæ. Чи сæ сарæзта æмæ сæ цæсты гагуыйау цы адæм хъахъхъæдтой æнусты дæргъы æмæ сæ махæн ыстыр хæзнайæн чи ныууагъта, уыдонæн æрмæст сæ хуызтæ нæ уынæм Нарты кадджыты. Нар- ты эпос æвдисы цардæн йæ апп, йæ саразджытæн æмæ йæ ба- хъахъхъæнджытæн — сæ зæрдæйы уаг, сæ туджы хъæд, сæ бæл- лицтæ, иудзырдæй, сæ уды характер æмæ сæ идеалтæ. Æмæ, уæдæ, цавæр цардæй цардысты уыцы фæлтæрты нæ адæм, цавæр характер æмæ сæ цавæр идеалтæ домдтой сæ дугтæ? Цард хæст у. Æмæ дæ кæд дæхи бахъахъхъæнын фæнды, уæд уыцы хæстмæ дæхи цæттæ кæн, къæвда, хур, æхсæв, бон ма хынц, афтæмæй. Кæд дæхи бацæттæ кæнай — хорз. Фидары мад, дам, нæ куыдта, зæгъгæ, акæнынц ирон адæм. Кæд æмæ нæ бацæттæ кæнай дæхи, уæд... Уæд дæ сæфт бузныг у дæхицæй — никæйы фыд дын уыд. Сæ царды фылдæр бонтæ хæсты æмæ тасы мидæг æрвыстой алантæ ’мæ сæ байзæддаг. Иуæрдыгæй сæм бырстой, аннæрдыгæй сæ ’фсæрстой се знæгтæ. Ызнаг куы фæтыхджындæр уа, уæд хурбонтæ нæ баййафын кæндзæн. Ца- гъары къæлæт дыл сæвæрдзæн, æмæ нæ мæрдтæй уыдзынæ, нæ æгæстæй. Мæрдтæй уымæй хицæн кæндзынæ, æмæ дыл хур кæсдзæн, æрмæст дæ тавгæ нæ кæндзæн; ноджы уымæй, æмæ мард ницыуал фембары, ды та тухи кæндзынæ... Æгæстæй та уымæй хицæн кæндзынæ, æмæ дæ акъахдзæф, де сдзырд, де сулæфт дæхи бар нæ уыдзысты, цыма дыл пъæззы бады, афтæ æнтъыснæг уыдзысты де уæнгтæ. Цард дарын æмæ хæрынæн у, æмæ дын нæ даринаг уыдзæн, нæ хæринаг. Цардуд хъазгæ, худгæ фæкæны. Ды кæугæ ’мæ дзыназгæйæ ’рвитдзынæ дæ бонтæ. Цардуд йæ адæмимæ баст вæййы, йæ адæмы пайдайыл фæкусы, æмæ йæ адæм царды рухсæй хайджын куы вæййынц, уæд йæ зæрдæ урс уæрыккау фæкафы. Ды дæ адæмæн сæ хуыз нал æвзар- 293о
дзынæ, сау мылазон мигъ сыл æрбаддзæнис, æмæ уымæн, дæ сæры магъз хъуыдыйæн нал уыдзæн, дæ зæрдæ — хатынæн, æмæ нырхæндæг уыдзынæ. Цагъары хъысмæт афтæ у. Æмæ адæймаг цагъайрагæн нæ равзæрди. Æмæ кæддæриддæр адæмы фæлтæртæ цагъардзинадæй сæхи хъахъхъæдтой æмæ бæллыдысты сæрибар цардмæ. Æмæ тох кодтой цагъардзинады ныхмæ, сæрибары сæ- раппонд. Дуне-дзыллæйы хуыздæр эпостæ махæн æвдисынц уыцы хъуыддаг. Цагъардзинады ныхмæ та уæд тох кæнæн ис, æмæ дæ бæстæ, дæ адæмы куы уарзай, семæ уарзондзинады рæхыстæй баст куы уай, æрвылбон дæхи куы цæттæ кæнай тохмæ ’мæ зна- джы ныхмæ хæсты дæ удыл куынæ ауæрдай. Нарт-аланты — ирон адæмы эпосæн йæ лейтмотив у фыды- бæстæ уарзын æмæ знаджы ныхмæ тох кæнын. Эпосæн йæ сæйраг герой у Хæмыцы фырт Батрадз. Æрдæ- гæй уæлæмæ æндон уыд, æрдæгæй дæлæмæ — болат. Фæлæ йын уый æгъгъæд нæ уыд. Бады сывæллон лæппу Батрадз æмæ хъуы- ды кæны: «Æз ныр куыд дæн, афтæмæй куы баззайон, уæд мын искуы тыхгæнæг тых ыссардзæни. Цон, фæцæуон уæларв Куыр- далæгонмæ æмæ йын мæхи байсæрын кæнон». Араст ис Куырда- лæгонмæ. Нæ йын коммæ кæсы арвы Куырдалæгон: — Басудздзынæ, ’мæ æвгъау дæ — дзæбæх лæппуйы хуызæн мæм кæсыс! — Нæй æндæр гæнæн, Куырдалæгон! Хъуамæ мæ байсæрай, кæннод мын искуы тыхгæнæг тых ыссардзæни. — Басудздзынæ, — зæгъы та йын Куырдалæгон. — Байсæр мæ — кæнæ цæргæ, кæнæ мæлгæ! Ысразы ис Куырдалæгон æмæ байсæрдта Батрадзы: афтæ сси, æмæ дзы фат нал хызт, кард æй нал карста. Зæххон тых ын тых нал ардта. Хуыцауы бон дæр ын ницыуал уыд. Ныр цæттæ у ызнаджы ныхмæ Батрадз. Фидар уæд Нартæн сæ зæрдæ! Се знæгтæн додой сæ къона! Фæлæ йæхи фæсвæд дардта, йæ хъару йæ кæм хъуыд, кæм нæ хъуыд, уый не ’ппæлыд. Тых никæмæн кодта, тыхагур нæ цыд. Æрмæст æй уадзæг нал ис, зæгъгæ, уæд йæхи фæстæмæ нæ аласдзæн. Нарт нæ зыдтой Батрадзы. Бадти- иу дæлтъурыл æмæ-иу уым фæныкæй къусбæрттæ кодта. Уæд Нартæн сæ бæсты сæвзæрди Хъулонзачъе уæйыг. Сæ фос сын хизæнуатмæ нал уагъта, сæхи — æддæмæ ракæсын. Сæфтмæ цыдысты Нарт. Сæ фос цагъды кодтой. Зарды хъæр нал цыд сæ бæсты. Иуахæмы бадынц Нарты хистæртæ ’мæ та тæрхон кæнынц царды уаджы тыххæй. Æмæ Нарты цытджын Уырызмæг зæгъы: — Цæй, æмæ стыр куывд ыскæнæм. Æрхонæм куывдмæ æгас Нарты ’мæ нæхицæн фосгæс равзарæм — кæд æмæ исчи бахæс- сид йæ ныфс Хъулонзачъе уæйыгмæ. Куывд куы сцæттæ ис, уæд Уырызмæг хонджытæ арвыста æртæ Нартмæ. Хонджытæн бафæдзæхста, цæмæй адæмæй фæс- те макæйуал ныууадзой, афтæ. 0294
Ацыдысты хонджытæ, уæдæ цы! Æрæмбырд ысты Нарт. Уырызмæг ракуывта æмæ дзуры: — Нартæн фосгæс ацæуынмæ йæ ныфс чи хæссы, уый ку- нæггаг айсæд æмæ дзы ацаходæд. Ничи исы кувæггаг. Уырызмæг фæрсы хонджыты: — Исчи ма ис фæсте? — Ничиуал, — зæгъынц хонджытæ, — æрмæст ма уæлæ иу æнахъом лæппу фæныкæйдзæгтæй уынджы бады. — Ацæут æмæ йæ ракæнут тагъд, — дзуры Уырызмæг. Ацыдысты хонджытæ ’мæ лæппуйы ’рбакодтой. Уырызмæг та ракуывта ’мæ дзуры: — Нартæн фосгæс ацæуынмæ йæ ныфс чи хæссы, уый ку- вæггаг айсæд æмæ дзы ацаходæд! Ничи исы кувæггаг. Батрадз Уырызмæджы ныхæстæ нæ фехъуыста: къуымы лæппутимæ хъазыныл фæци. Уырызмæг та æртыккаг хатт дæр ракуывта: — Нартæн фосгæс ацæуынмæ йæ ныфс чи хæссы, уый ку- вæггаг айсæд æмæ дзы ацаходæд! Батрадз бауади, райста кувæггаг — æртæ гуыдыны ’мæ галы агъд, йæ дзыхы сæ баппæрстытæ кодта ’мæ та лæппутæм фæуад. Нарт дис кæнынц, ай чи у, цавæр у, зæгъгæ. Райсомæй раджы Батрадз æд уис, æд лæдзæг уæзæгмæ ра- уад æмæ ’нхъæлмæ кæсы, кæд раскъæрдзысты Нарт сæ фос, уымæ. Ыскъæрын райдыдтой адæм сæ фос. Батрадз фосы йæ фыццаг ыскодта ’мæ хуыздæр хизæн кæм уыд, уырдæм сæ ас- къæрдта. Уæйыг кæмдæр дард балцы уыди. Æмæ уырдæм базыдта, Нарт сæ фос кæй раскъæрдтой, уый. Æмæ уыцы-иу растæй Бат- радзы цур февзæрди ’мæ хъæр кæны: — Чи куыдз, чи хæрæг — чи бауæндыд йæ фос раскъæрын, æз ам цъиу атæхæг куынæ уадзын, уæд? «Куыдз дæр дæхæдæг æмæ хæрæг дæр, æвзæр ысмаггæнаг, кæд цъысымы цы бакодтай Нарты», зæгъгæ йыл фæхъæр кодта Батрадз. Уæйыг бамбæрста, хуымæтæджы лæгыл кæй нæ фембæлди, уый æмæ гæды лæгъзæвзагæй дзуры Батрадзмæ: — Хорз лæппу, Нарты Батрадзы нæ зоныс? «Цæуылнæ йæ зонын», зæгъгæ, фæкодта Батрадз. — Æмæ уæдæ йæ хъæзтытæ куыд ысты? — фæрсы Уæйыг. «Мæнæ куыд», зæгъгæ, Батрадз февнæлдта Уæйыгмæ, йæ быны йæ ’ркодта ’мæ йын йæ сæр ахауын ласта... Изæрæй йæ фос æфсæстæй æрбатардта Батрадз. Уæйыджы сæр дæр æрбаха- ста йемæ. Нарт цинæй куыннæ амардаиккой! Уæдæй фæстæмæ Нарт æдасæй хизын байдыдтой сæ фос уæрæх хизæнты, æмæ та сæ цард парахат къахыл ыслæууыдис. 295о
Макæйы мацæмæй хъыг дар, афтæмæй дыл исчи тыхфæлва- рæн куы кæна æмæ дæ куы ’фхæра, уæд уый цæй цард у! Нарт ахæм цард сæ сæрмæ нæ хастой. Ад сын нæ кодта. Иуахæмы та Нарты фæсивæд — лæппуйæ, чызгæй Нарты хъазæн фæз — Зилахары сарæзтой ыстыр хъазт. Сæ гуыппыр- сартæй уым ничи уыд Нартæн. Уæле хохæй Нарты хъазтмæ кæсы сохъхъыр уæйыг Æфсæроны хъал фырт Алæф æмæ дзуры йæ фыдмæ: — Цон, Нарты хъазтмæ ныццæуон, хорз дзы фæхъазон, фæ- хынджылæг кæнон Нарты фæсивæдæй, ыстæй сын изæры сæ дарæс ыстымбыл кæнон æмæ афтæмæй ысфардæг уон нæхимæ. — О, ма кæ, мæ фырт, Нартæн тыхгæнæг тых нæ ары — исты дыл æрцæудзæн, — дзуры Алæфмæ йæ фыд. Кæм байхъуыста йæ фыдмæ Алæф! Дыууадæс гуыдыны йæ роны ацавта ’мæ тигъ-тигъ рараст ис Нарты хъазтмæ. Иу ран хъом хызти. Бауад сæм. Дыууадæс хъуджы дзы радыгъта. Дыу- уадæс гуыдыны ахордта, дыууадæс хъуджы догъ-æхсыр анызта, йæ былтæ асæрфта ’мæ бухъхъытæгæнгæ фæцæуы дарддæр. Иу ран бæлас æд уидæгтæ стыдта, йæ уæхскыл æй баппæрста ’мæ афтæмæй ысмидæг ис Нарты хъазты. Æд уидаг бæлас хъазты астæу зæххыл нытътъæпп ласта. Нарты фæсивæд куыннæ фес- тъæлфыдаиккой! Сæ зæрдæ се ’муд куы ’рцыд, уæдосæ æрхæ- цын кодта Алæф симдыл. Симынц Нарты фæсивæд. Йæ зæрдæ кæимæ фæзæгъы Алæфæн, ууыл æрхæцы æмæ симы. Симы, æмæ, кæмæн йæ къахыл фæлæууы, кæмæн йæ цонг фелхъивы, кæмæн йæ фарс басхойы. Быхсынц Нарты фæсивæд — цы бон сæ ис — сæ гуыппырсартæй уым ничи ис, æмæ кæмæй фæтæрса Алæф! Фæхынджылæг кодта Нарты æнæрцæф фæсивæдæй бон-изæрмæ сохъхъыр уæйыджы хъал фырт. Изæрæй Нарты чызджыты ’взаргæ фæлыст рамбырд кодта ’мæ сæхимæ сфардæг ис. Сæры- стырæй дзуры йæ фыдмæ: — Уый дын дæ Нарт! Дзæбæх сæ куы фæхынджылæг код- тон! — О, ма кæн, мæ фырт, Нартæн тыхгæнæг тых никуыма ссардта; мауал ацу — исты фыдбылыз дыл цæуы! — дзуры та йæ фыртмæ Æфсæрон. Бахудт Алæф, йæ фыды ныхасыл йæ къух ауыгъта. Æмæ та дыккаг бон дæр араст ис Нарты хъазтмæ... Æфхæрæн митæ та фæкодта бон-изæрмæ Нарты фæсивæдæн, изæрæй та сын сæ дзау- ма ратымбыл кодта ’мæ та сфардæг ис сæхимæ ’мæ та ’ппæлы йæ фыдæн йæхицæй. — Æнхъæлдæн æмæ, саудзагъд æмæ къуыпных лæппу уым нæ вæййы, æндæр афтæ нæ уаид дæ хъуыддаг, — дзуры Алæфмæ йæ фыд. — Саудзагъдæй, урсцъарæй, къуыпныхæй, дзыхъныхæй — иууылдæр уым уыдысты Нарты фæсивæд, фæлæ мæм дзы фæрсмæ фæкæсын дæр ничи бауæндыд, - зæгъы Алæф. ^296
— О, ма кæн, мæ фырт, æз дæуæй хъалдæр уыдтæн, фæлæ нухатт, хæтæны уæвгæйæ, Нарты гуыппырсартыл фембæлдтæн. Ахъазон сæ, зæгъгæ, дын сæ хыл ракъахтон. Уыдон мæм фæ- зылдысты æмæ мын быны фыдмитæ бакодтой. Мæнæ уыныс — мæ цæст — уый дæр мын уыдон ыскъахтой, — дзуры йæ хъал фыртæн сохъхъыр уæйыг. Кæм та бакоммæ кастаид Алæф! Йæ къух та ауыгъта йæ фыды дзырдтыл. Æртыккаг бон та райсомæй раджы фестади, дыу- уадæс гуыдыны та йæ роны акодта, фæндагыл та дыууадæс хъу- джы догъимæ аходæн ахордта. Бæлас та стыдта æд уидæгтæ ’мæ та Нарты хъазты балæууыди. Бæлас зæххыл афтæ тынг ныццав- та, æмæ Нарты фæсивæд фыртарстæй хæрдмæ фæхаудтой. Æрхæ- цын та сæ кодта симыныл æмæ тæ сæ хынджылæг ыскъæры. Батрадз уыцы рæстæджы хохы сæр бадт, цæмæй йе ’ндон уазал кодтаид, уый тыххæй. Дыууæ боны дæр касти хохæй бынмæ *'мæ уыдта Алæфы митæ. Æртыккаг бон йæхи нал баурæдта Хæ- мыцы болат фырт æмæ зæгъы: «Ныр æртæ боны кæсын ардыгæй Нарты хъазтмæ, æмæ æртæ боны дæргъы Æфсæроны фырт хъал Алæф хынджылæг ыскъæры Нарты æнæрцæф фæсивæдæй. Нал у мæ бон Нарты фæсивæды тæригъæдмæ кæсын. Нæй мын абон æнæ цæугæ æмæ уæйыджы фыртимæ æнæ бавзаргæ: кæнæ мæлгæ, кæнæ цæргæ, æндæр гæнæн нал ис». Цъитийы ’рдæг раскъуыд- та, йæ сæрыл æй авæрдта, цæмæй тæвд нæ кæна, уымæн. Иæхи расхуыста хохы цъуппæй æмæ Нарты хъазæн фæзы сæмбæлди. Нарты фæсивæд Батрадзы куы ауыдтой, уæд куыннæ бацин код- таиккой. Фарн уæ хъазты, зæгъгæ, бадзырдта Нартмæ, стæй ба- уад Алæфмæ, æгас цу, зæгъгæ, йæм йæ къух бадардта. Алæф дæр æнæрвæссонау йæ къух райвæзта. Батрадз ын йæ къух фел- хъывта, æмæ дæ фыдгул афтæ, алауыз ис Алæфы къух. Афæ- лурс ис Алæф, бакастис Батрадзмæ æмæ йæ зæрдæ бауазал ис: саудзагъд æмæ къуыпных лæппу, йæ фыд ын куыд загъта, ахæм. — Симгæ ут, фæсивæд! — фæдзырдта Батрадз Нартмæ. Æрхæцыдысты Нарты фæсивæд æмæ хъæлдзæгæй симынц. — Уазæг, иумæ куы асимиккам æз æмæ ды, уæд куыд уаид? — дзуры Батрадз уæйыджы хъал фыртмæ. Симыныл бæргæ нал уыд Алæф, фæлæ ма йæ цы бон уыд! Æрхæцыдысты. — Нæртон симд, нæртон! — дзуры Батрадз Нарты фæси- нæдмæ. Æмæ стынг кодтой Нарт сæ симд. Хæхтæ згъæлынц, зæхх сæ быны лæпп-лæпп кæны. Батрадз Алæфæн йæ уæлфа- дыл фæлæууыд æмæ йын йæ цонг хæрдмæ скъуырдта. Дæ бал- гъитæг афтæ — къах асела ис, мæкъуыстæг фæсаст. Кæрдæйна- джы хуызæн ацис Алæф. «Гъæй-джиди, куы ма аирвæзин æмæ ма нæ хæдзары дуарæй куы бакæсин!» — хъуыды кæны Алæф. Фæлæ кæм — фесты йæ хъал бонтæ. Æгæргæнæг æгæр кæны! — Иу хатт ма дзæбæх симд! — дзуры Нартмæ Батрадз. Нарт ноджы тынгдæр бацырын кодтой сæ симд. Батрадз Алæ- фы фарс басхуыста. Фарс бамуртæ ис. Хорзау нал у Алæф. 293о
Тыхтæ-амæлттæй ма ласы йæ къæхтæ. Аирвæзыны кой кæны, фæлæ йæ уадзæг нал ис. Ахъазыдис ма дзы Батрадз иудзæвгар, араууæрд-баууæрд ма йæ кодта, æмæ, æвæдза, ныр ахъаззаг нал у, уæд æй ысуагъта. Алæф, феуæгъд дæн, зæгъгæ, куы бамбæр- ста, уæд ныййарц ис æмæ лидзы. Цалынмæ ма тæвд уыд, уæдмæ бæргæ ауад, цæф тæрхъусы хуызæн, фæлæ уайтагъд æрхауд æмæ ныддæргъ ис хохрæбын... «Æгады цардæй мæлæт — хуыздæр» — ацы ’мбисонд ирон адæммæ, æвæццæгæн, Нартæй баззад. Æмæ йæ фыдæй нырмæ нæ рох кодтой ирон адæм. Уыцы хъуыды бацыдис сæ зонды, сæ туджы, сси сæ девиз. Дзæгъæлы йæ нæ бавæрдтой тохы зарджы- ты мидæг ирон адæм. Æвзæр кардæй фæрæт хуыздæр у, Æгады цардæй мæлæт хуыздæр у, — афтæ ис Хазбийы зарæджы. Бацыдис уыцы хъуыды ирон аив литературæмæ дæр. Æмæ афтæ хъуамæ уа — уый у ирон адæмы характер, ирон адæмы бæллиц æвдисæг. ...Лучше умереть народом Свободным, чем кровавым потом Рабами деспоту служить! (Коста. «Плачущая скала») Уыцы ныхæстæ Къоста загъта ирон адæмы зондахаст æмæ туджы уагмæ гæсгæ. Уыдон уыдысты ирон адæмы девиз, æмæ адæмы цытджын поэт адæмы идеал хъуамæ равдыстаид. Æмæ йæ равдыста. Æмæ æгады цард та цавæр цард хуыдтой Нарт æмæ сæ бай- зæддаг? Цагъайраджы цард, ызнаджы тых куы уа адæймагыл æмæ уый куы быхса, уæд ахæм цард. Цыфæнды хорз цард куы кæнай, цыфæнды хорз миниуджытæ дæм куы уа, уæддæр искæ- цырдыгæй ызнагæй æфхæрд дæ æмæ афтæмæй дæ цард дæхи- цæн адджын кæныс, дæ хъарутæ, дæ хорз миниуджытæй разы дæ, — уæд дæ цард æмæ дæ хъару, дæ хорз миниуджытæ ницы сты. Æмæ цалынмæ уыцы къæм дæхицæй сисай, уæдмæ разы ма у дæ цардæй. Афтæ уыдысты Нарт. Æмæ канд сæ нæлгоймæгтæ нæ, фæлæ сæ сылгоймæгтæ дæр. Уымæй æнæрцæфдæр лæппу ма уæд, уæддæр Нартмæ искуыцæй ызнаджы тых кæд æрбах- хæст, уæд уыцы ’фхæрд цалынмæ райса, уæдмæ йын чызг нæ бакомдзæни. Æмæ йын цæмæн бакома — цы уыдзæн йæ цард æфхæрд мыггаджы ’хсæн! Цы уыдзысты йæ хорз дарæстæ, йе ’взаргæ хæринæгтæ, искуы йын йæ хъæбулæн исчи^йæ цæстмæ йæ мыггаджы ’фхæрд куы бадара, уæд? Ницы. Йæ фарсæй фæуыдзæн йæ хорз хæрд, йæ буц дарæс. Фæлтау уал йæ мойаг уыцы ’фхæрд сисæд йæ мыггаджы сæрæй, ыстæй уæд айдагъ кæрдзын æмæ донæй дæр цæрдзысты иумæ. ^298
Бæсты рæсугъд æмæ зæххы фидауц басгуыхти авд æфсымæ- ры иунæг хо - Агуындæ-рæсугъд. Иæ кой айхъуыст дардыл. Фæлæ йæ цæстæй ничи уыдта - æддæмæ нæ касти. Æрмæст-иу цу афоны Хъæндзæргæсы базыртæ йæхиуыл бакодта æмæ-иу арвыл æртæ зылды æркодта. Æрæмбырд ысты Нарты ’взаргæтæ ’мæ Уарпы сæр Нæртон симд самадтой, кæд, зæгъгæ, Агуындæ-рæсугъд ракæсид симдмæ ’мæ дзы исчи йæ зæрдæмæ фæцæуид. Симынц, фæлæ сæм Агу- ындæ-рæсугъд нæ кæсы йе ’рхуы мæсыгæй. Уырызмæг симды нæ уыд — кæмдæр хæтæны уыд. Æрбафтыд Нарты симдыл æмæ сæ фæрсы, цæуыл у сæ симд, уымæй. Уыдон ын сæ хъуыддаг радзырдтой. Уæдæ уын æй æз æркæндзынæн, зæгъгæ, араст ис Уырызмæг, Агуындæ-рæсугъд кæм царди, уырдæм. Зондджын, æрхъуыдыджын кæм нæ уыд Уырызмæг! Иæ къухы бафтыдис Агуындæ-рæсугъды Нарты симдмæ ’ркæнын. Нарты бæгуыдæртæ йæм радыгай цæуынц æмæ дзы курынц, цæмæй семæ расима, уый. Нæ разы кæны Агуындæ-рæсугъд — фау дзы хæссы ал- кæмæ дæр. Фæстагмæ йæм бацыд Хæмыцы фырт Батрадз. Агуын- дæ йæм дзуры: — Демæ бæргæ расимин, Батрадз, дæу йеддæмæ Нартмæ æнæаипп, æнæфау куы ничи у, фæлæ куыд расимон дæуимæ дæр, кæд Нарты фыдæлтæй иуы, Уон, зæгъгæ, йæ ном, уый раджы кæддæр Хъæндзæргæс ахаста ’мæ йæ хъомгæс ыскодта, æмæ удхарæй мæлы, æмæ ды ныры онг уый кой куынæ бакод- тай, уæд? Цыма йын йæ былтæ рариуыгъдæуыд, уыйау фездæхти фæ- стæмæ Хæмыцы болатриу фырт. Ницыуал ысдзырдта. Æмæ ма цы сдзырдтаид! Ахæм æфхæрды мидæг уæд дæ мыггаг, дæ адæм, уæд, йæ тугдадзинты æцæг лæджы туг кæмæн æнхъæвзы, уый ма йæхицæн адджын куыд ыскæна йæхи уды цард?!. Цæмæн æй хъæуы рæсугъд чызджы зæрдæ, цæмæн? Уæлдайдæр та уæд, æмæ йын уыцы рæсугъд чызг йæ мыггаджы худинагдзинад, йæ адæмы æфхæрд йæ цæстмæ куы дара, уæд?! Æмæ фæраст ис сæхимæ Батрадз æмæ бафарста йе ’нæныййаргæ мад Нарты ном- дзыд Сатанайы, чи уыди Уон, кæм ис йæ бæх, кæм ис йæ саргъ, уымæй. Загъта Сатана, цæмæй йæ фарста Батрадз, уыдон, ыс- тæй йын бацамыдта, куыд цæуын хъæуы Хъæндзæргæсы бæс- тæм, уый. Араст ис Батрадз, уæдæ цы уыдаид, Уоны агурæг. Бирæ фæцыди, бирæ тасдзинæдтæ бавзæрста, фæлæ уæддæр йæ къухы бафтыдис Нарты фыдызнаг æмæ тыхгæнæг Хъæндзæргæ- сы амарын æмæ Уоны Нарты бæстæм æрхæссын Хъæндзæргæсы бирæ ис-бонимæ. Цы ма загътаид уæд бæстырæсугъд Агуындæ дæр! Æмæ бары хайæн равзæрста Хæмыцы фырт Батрадзы. Номы чындзæхсæвтæ фæкодтой Нарт. Фæминас кодтой, фæхъазыдыс- ты иннабонæй-иннабонмæ, стæй уæд фæцыдысты сæ фæрныг хæдзæрттæм. Агуындæ ’мæ Батрадз та ус æмæ лæгæй баззадыс- ты ’мæ Нарты ’хсæн сæ кад, сæ номæн æмбал нæ уыди. 299о
Тыхæвзарæн чидæриддæр кодта Нартыл, уыдонæй йæ тых кæмæн нæ асастой, ахæм ничи разынд. Уæд та иуахæмы Нарты гуыппырсартæ фæцыдысты афæдзбалцы. Фæсте ма сæ баззады- сты ’рмæст зæрæдтæ, сылгоймæгтæ ’мæ æнахъомтæ. Иу тыхгæ- нæг, Тыхы фырт, зæгъгæ, уый куы фехъуыста, Нарты гуыппыр- сартæй сæхимæ ничи ис, уый, уæд бавдæлди ’мæ барвыста Нартмæ: «Уæ фыдæлтæ фыстой мæ фыдæлтæн хъалон. Ныр æй иу-цалдæр азы æз нал бацагуырдтон, æмæ хæрзаг зæгъут, нал æй бацагурдзынæн. Тагъд мын æй рарвитут, кæннод уæм фæцæ- уын, æмæ туг уары уæ къонайыл!» Катайы бацыдысты Нарт: «Фыдæй нырмæ куы никуы фе- хъуыстам, æмæ Нарт искæмæн хъалондар уыдысты, уæд ай ца- вæр хъуыддаг у!..». Уынаффæ кæнынц, цы бакæной, ууыл, фæлæ ницы хъуыды кæнынц. Æмæ хъуамæ цы ’рхъуыды кодтаиккой, — тыхгæнæджы ныхмæ æвæрын хъæуы тых, уый йæ хос. Æмæ сæм тых нæ уыд. Сæ тыхджынтæ уым нæ уыдысты. — Ницы ’рхъуыды кæндзыстут, Нарт, фæлæ бацæут Сата- намæ, æмæ уын уый исты бауынаффæ кæна, — зæгъы Нартæн Гæтæджы фырт Сырдон. Цалынмæ Нарт уынаффæтæ кодтой, уæдмæ сæм Тыхы фырт æрбафсæрста ’мæ, чызджы дзæбæх æмæ чындзы дзæбæхæй цы- дæриддæр ыссардта, уыдон йæ фыццаг ыскодта ’мæ афардæг ис. Сар æмæ кæнды фыд! Æрдиаг кæнынц Нарт. Уæд Сатана æртæ мыдамæсты ракодта, ронджы дурын рай- ста, кувæн къуыпмæ рауади ’мæ скуывта: «Хуыцæутты хуыцау! Мæхи хуыцау! Кæд мæ истæмæн ысфæлдыстай, уæд ме ’нæный- йаргæ лæппу — Нарты Хæмыцы фырт Батрадз — уæларв зæдтæ ’мæ ^ауджытимæ бады, æмæ ацы ран цы фесты, уый раттут!» Иæ куывд Батрадзмæ фехъуысти. Йæхи раппæрста уæлар- вæй æмæ Æхсæртæггаты уæзæгмæ ’рхауди. Бацыд сæхимæ. Са- танайы фæрсы: — Цы ’рцыди, мæ мад? Æмæ йын Сатана радзырдта хъуыддаг. Батрадз хæдзармæ дæр нал бацыд, фæлæ фæзылди ’мæ дæлæ фæцæуы. Тыхы фырт Нарты чызджыты ’мæ чындзыты фæкодта Ка- дзиты бæстæм æмæ йæхи уыдон уазæг бакодта. Батрадз æм бар- выста, Нартæн тых бакодтай æмæ дæм хæцынмæ ’рбацыдтæн, зæгъгæ. Тыхы фырт æм рарвыста фæстæмæ: «Кæд Нартæй дæ, уæд Нарты хæцæнбон у майрæмбоны æмæ мæм уæд фæзын!» Цы ма загътаид Батрадз! Раздæхти фæстæмæ. Тыхы фырт афтæ ’нхъæл уыд, æмæ майрæмбонмæ йæхи ба- цæттæ кæндзæн, Кадзиты дæр сардаудзæн æмæ кæд уыдон дæр исты æрхъуыды кæниккой. Æмæ æцæг афтæ дæр уыд: Кадзиты фыдмыггаг Батрадзæн хинтæ ’мæ кæлæнтæ сарæзтой — йе ’рбацæуæны йын ыскъахтой уæрм æмæ йæ уæле гауызтæй бамбæрзтой, цæмæй нæ зына æмæ дзы Батрадз ныххауа, уый тыххæй. ^ЗОО
Майрæмбон æрхæццæ ис. Батрадз фæзынди Тыхы фыртмæ. Хæцынтæ байдыдтой. Бæлæстæ æд уидæгтæ тонынц æмæ уыдо- нæй хойынц кæрæдзи. Сæ хæст рацыди фурды былмæ. Батрадз фурды йæхи ауазал кодта. Тыхы фырт фæтарсти ’мæ алыгъди ’мæ Кадзиты мæсыджы бамбæхсти. Батрадз фæцæуы йæ фæстæ. Фæлæ... Уæрмы ныххауд. Кадзитæ йыл уæле хъæд, дур калынц. Батрадз йæ цирхъ йæ сæрыл сæвæрдта, йæ ком хæрдмæ, афтæ- мæй. Хъæд, дур цирхъыл хауынц æмæ лыгтæ кæнынц æмæ йæ къæхты бынмæ згъæлынц. Уæрм дзаг кæны хъæды ’мæ дуры мурæй. Батрадз уыдоныл уæлæмæ-уæлæмæ цæуы. Уæрм бай- дзаг ис, æмæ Батрадз фæгæпп ласта. Тыхы фырты рацахста. Ралæууыдис ыл йе ’ндон тымбылкъухæй, æмæ, дæ фыдгул афтæ, хъыпп-сыпп нал ыскодта Тыхы фырт. Æрзылди Кадзиты бæс- тыл. Æнæмыггаг сæ фæкодта. Рахаста сын сæ фæллой, ракодта Нарты чызджыты ’мæ чындзыты ’мæ сæ сæ хæдзæрттыл сæмбæ- лын кодта. Кадзиты фæллой та байуæрста Нарты адæмæн. Нарты дуг ахæм дуг уыд, æмæ, сæ алфамбылай чи цард, уыдон ызнаджиуæг кæнынæй нæ ауæрстой Нартыл. Гæппæввон- гæй сæм цыма бадтысты, афтæ уыдис. Æмæ, æвæдза, ныр сæм баххæсдзынæн æмæ сын исты фыдракæнд мæ бон бауыдзæн, зæгъгæ, ахæм фадат-иу куы фæци се знæгтæн, уæд-иу уайтагъд фæзындысты Нартмæ, æмæ-иу сæ фæнд цæмæй сæххæст уыда- ид, ууыл архайдтой. Фæлæ ронбæгъд никуы разындысты Нарт. Уæд та ахæм хъуыддаг уыд. Нарты Сосланы ус Хуры чызг уыди. Æмæ Хызы æлдар ныффæнд кодта Сосланы усы аскъæ- фын. Æмæ йæ бæхы ’ууæрдын байдыдта. Авд азы дæргъы йæ фæхаста къæйгонд хорæй. Нарт ыстæры цæуаг куыннæ уыдыс- ты! Иуахæмы та фæцыдысты кæдæмдæр. Сослан дæр семæ. Хызы æлдар куы базыдта, Нарт сæхимæ не сты, уый, уæд рараст ис æмæ Хуры чызджы афардæг кодта. Йæ хæд уæлвæд Нарт дæр æрцыдысты стæрæй. Сослан бацыд йæ хæдзармæ æмæ, Хуры чызгыл йæ цæст куынæ ’рхæцыд, уæд Сатанайы бафарста. Сата- на æрхæндæг хъæлæсæй радзырдта Сосланæн Хызы ’лдары хъуыддаг. Ныххæррæтт кодтой Нарт æмæ рафсад кодтой Хызы æлдармæ. Фæлæ Хызы фидар басæттын сæ къухы нæ бафтыд, уымæн æмæ Хызы æлдар Нарты ныхмæ æрæмбырд кодта стыр æфсад, суанг ма дзы зæдтæ ’мæ дауджытæ дæр уыдысты. Хæмыцы фырт Батрадз та уыцы рæстæджы кæмдæр æмбæх- стæй бадт. Нарты зонынджын Сатана уæд бавдæлы ’мæ хъæрццыгъамæ фæсиды ’мæ йын зæгъы: — Атæх тагъд æмæ ссар ме ’нæныййаргæ лæппуйы — Батра- дзы. Кæд лæугæ кæны, мауал ысбадæд, кæд бадгæ кæны, тагъд фестæд æмæ йæ уæзæгмæ цæуæд. Кæд мын мæ ныстуан фæ- хæццæ кæнай, уæд дын мæ карчы цъиутæй — барæвзаргæ! 301о
Хъæрццыгъа атахти ’мæ уайтагъд Сатанайы ныстуан сæмбæ- лын кодта. Батрадз Нарты уæзæгыл балæууыд æмæ фæрсы Са- танайы: — Цы ныл æрцыди, цæмæ мæм дзурыс? — Цы ма ныл æрцæуа! Нырмæ цы нæ ’рцыд Нартыл, уый сыл æрцыди — Сосланы усы Хызы æлдар аскъæфта, — дзуапп радта Сатана. Батрадз Нартмæ фæхъæр кодта. Йемæ сæ айста. Æмæ Хызы фидар куы сзынд, уæд сæм дзуры: — Ме ’рдыны фатмæ мæ фидар бабæттут! Фидар æй бабастой фатмæ, уæдæ цы уыдаид! — Ныр мæ æрдыны цæвæрут æмæ мæ Хызы фидармæ фехсут! Куыд сын загъта, афтæ бакодтой Нарт. Батрадз йæ къухтæ ’мæ йæ къæхтæ пакайæ ахаста, фидары сисыл сæмбæлд æмæ йæ батыдта. Рацахста Хызы æлдары æмæ йæм дзуры: — Гъе, куыдз кæй ныййардта — Нарт афтæ бабын ысты, æмæ сын ды сæ чындзыты скъæфай?!. Рабынæй йæ кодта — æмæ дæ фыдгулыл дæр ахæм бон куы бакæнид — лыстæг мур æй ныккодта. Рахаста Сосланы ус Хуры чызджы ’мæ йæ йæ хæдзарыл сæм- бæлын кодта. Æфхæрд сыл сæмбæлд, тых сыл æрцыд, зæгъгæ, Нартыл, уæд, цалынмæ се ’фхæрд райстаиккой, цалынмæ сæ тыхгæнæ- гæн йæ тых асастаиккой, уæдмæ сæ кард йæ кæрддзæмы нал ныккодтаиккой, сæхицæн адджынæн хуыссæн нал бацагуырдта- иккой. Нарты болатрихи Хæмыцæн бирæ знæгтæ уыд. Æмæ сфæнд кодтой йæ фесафын. Æргомæй йæм кæм бауæндыдаиккой, фæлæ Сайнæг-æлдарæн цыдæр ныббастой, æмæ йæ уый æууæнкæй амардта. Базыдтой Нарты Æхсæртæггатæ сæ туджджыны. Бат- радз та сæхимæ нæ уыди. Æхсæртæггаты хистæртæ изæры ирд- гæйы райсомы ирдгæмæ фервыстой æмæ йын бафæдзæхстой: «Ацу, фæцу. Ыссар Батрадзы ’мæ йын зæгъ: дæ фыд Хæмыцы дын чидæр амардта!» Изæры ирдгæ райсомы ирдгæмæ фæхæццæ кодта Æхсæр- тæггаты хистæрты фæдзæхст. Райсомы ирдгæ ссардта Батрадзы ’мæ йын радзырдта хъуыдлаг. Батрадз уыцы ’нкъард уац куы фехъуыста, уæд йе ’фсæн арцыл æрæнцой кодта, æмæ йе ’ндон цæстытæй зды цæссыгтæ ’ркалди. Ыстæй йæхиуыл фæхæцыд æмæ ивазгæ къахдзæфтæй рараст ис сæхимæ. Æрхæццæ ис. Ба- фарста Сатанайы, чи у йæ фыды марæг, уымæй. Сатана йын загъта, дæ фыды дын Сайнæг-æлдар амардта, зæгъгæ. Айтæ- уыйтæ нал фæкодта Батрадз, фæлæ фæраст ис Сайнæг-æлдары агурæг. Фæхæццæ ис Сайнæг-æлдары бæстæм, ыссардта йæ фыды марæджы ’мæ йын йæ сæр акъуырдта. «Нæ баууæнддзысты Нарт, мæ фыды туг райстон, зæгъгæ, ууыл», — загъта йæхицæн Бат- О5.02
радз æмæ Сайнæг-æлдарæн йæ рахиз цонг ралыг кодта ’мæ йæ немæ рахаста. Æрхæццæ ис сæхимæ ’мæ дуарæй Сатанамæ бахъæр кодта: — Дæ барысчъи суадз, ме ’нæныййаргæ мад, мæ фыды туг райстон. Кæм ыл баууæндыдаид Сатана. — Сайнæг-æлдар ахæм лæг уыд, æмæ йын тыхгæнæг тых нæ ардта. Уæд ын Батрадз Сайнæг-æлдары цонг йæ размæ баппæрста. — Кæмдæр иу мæгуыр хъомгæсы цонг ракодтай, уыййеддæмæ Сайнæг-æлдар дæ къухы уа ’нцонтыл кæм бафтыдаид! — дзуры йæм Сатана. — Фæлæ райсом кæд тугсæлфынæг кæна æмæ дымгæ сызгъæрин хъис хæсса, уæд мæ æцæг бауырндзæн, дæ туг кæй райстай, уый. Райсомæй Сатана сæудары фестади. Ауади ныллæг ауайæн- ты, акасти бæрзонд акæсæнтæй: туг сæлфынæг кæны ’мæ дымгæ сызгъæрин хъис хæссы. Уый Сайнæг-æлдарыл йæ устытæ сæ рустæ тонынц, æмæ туг сæлфынæг уымæй кæны; ноджы тонынц сæ сæры хил, — сызгъæрин хъистæ уымæн хæссы дымгæ. Æрбауад фæстæмæ цингæнгæйæ Сатана ’мæ дзуры Бат- радзмæ: — Мæ дзидзи дын хæлар уæд — æцæг райстай дæ фыды туг. «Мæсыг хи дурæй сæтты» — ахæм æмбисонд баззад ирон адæммæ. Æмæ уый раст у: химидæг ызнаг æддагон ызнагæй æдасдæр нæу. Æддагон ызнагимæ куыд тох кæнын хъæуы, хи- мидæг ызнагимæ дæр афтæ тох кæнын хъæуы æнауæрдонæй. Æмæ стæй куыннæ! Иæ бæстыл гадзрахатæй чи зила, йæ адæмы уæй чи кæна, ууыл ауæрдын цæмæн хъæуы? Нартæй иу Бурæфæрныг хуындис. Ис-бонæй се ’ппæтæй дæр тыхджындæр уыд Бурæфæрныг Нартæй. Уыдис ын авд фырты. Æмæ тынг хъал уыдис йæ авд фыртæй Бурæфæрныг. Æмæ Сай- пæг-æлдарæн дæр хæрзгæнæг уый уыдис, Хæмыцы куы мардта Сайнæг-æлдар, уæд. Æмæ рохуаты нæ баззад Бурæфæрныг дæр Батрадзæй — йæ сæр ын акъуырдта Батрадз. Иæ авд фырты Батрадзмæ куы рафæдис кодтой, нæ фыды марæджы амарæм, зæгъгæ, уæд уыдонæн дæр кæфты цагъд ныккодта Хæмыцы бо- латриу фырт. Ууыл дæр нæ ныллæууыд Батрадз, фæлæ йын Нарты фыд- былыз — Сырдон æвзаг куы бакодта, дæ фыд Хæмыцы дын зæдтæ ’мæ дауджыты ардыдæй амардæуыд, зæгъгæ, уæд Батрадз Уар- пы фидар басаста — уым зæдтæ ’мæ дауджытæ бадтысты Нафы — æмæ сæ æнæцæнгтæ ’мæ æнæбазыртæ фæкодта. Æрмæст, гъе, уæд ыссыд йæ маст Батрадзæн, æрмæст, гъе, уæд нытътъыста йæ кард йæ кæрддзæмы. Нарты Уырызмæгæн райгуырди лæппу, æмæ уыцы уац ай- хъуысти дардыл, суанг ма йæ дауджытæ дæр фехъуыстой. Æмæ ЗОЗо
уæларв Сафа рараст ис æмæ Уырызмæгмæ ’рцыди æмæ куырд- та, цæмæй йын Уырызмæг йæ лæппуйы радта хъанæн. Уырыз- мæг ысразы ис. Сафа гал аргæвста ’мæ Нартæн куывд ыскодта. Уыцы куывды лæппуйыл ном сæвæрдтой, Айсана, зæгъгæ; ыс- тæй йæ Сафа ахуыдта йемæ уæларвмæ. Буц куыннæ дардтаид йæ хъаны Сафа! Цы хъуаг æййæфтаид Айсана! Рæзти лæппу, буц æй рæвдыдтой. Йæ уынд, йæ кондæн æмбал нæ уыди. Зæдтæ ’мæ йæм дауджытæ ’рцыдысты уынынмæ. Сафа куывд ыскодта, йæ уазджыты минасыл æрбадын кодта. Айсана та сын уырдыг лæууыди. Уазджытæ хорз куы фæминас кодтой, уæд сыстадыс- ты, рацыдысты ’мæ сæ зæрдæйы дзæбæхæн зæхмæ фæлгæсын байдыдтой. Кæсынц æмæ Нарты хъæумæ Агуыры ’фсæдтæ ’рба- бырстой æмæ йæ сæ бæхты фаджысы бын фæкодтой. Нартæн та сæ бæгуыдæртæ кæмдæр балцы уыдысты, æмæ, Агуыры æфсæд- тæн ныхкъуырд чи раттаид, ахæм нал уыд бынаты. Иу ранмæ ’ртымбыл ысты Нарты адæм æмæ симд сарæзтой — фыд-заманы сæ зæрдæ сæтгæ нæ кодта Нартæн, æнкъард, æрхæндæг нæ код- той! Симынц. Агуыры ’фсæдтæ дзы йæ уæнтыл фат кæмæн ныц- цæвынц, уый рогдæр асимы, кардæй йæ уæрджытæ кæмæн ра- къуырынц, уый хуыздæр акафы. Дис кæнынц дауджытæ: «Цæмæй конд ысты ацы Нарт — йе сæ фат куынæ хизы, йе сæ кард куынæ кæрды!» Ноджы уыцы рæстæджы Нарты Сосланы ус рацыди хъазтмæ — хурау худгæ кодта, Бонвæрнонау тыбар-тыбур — æмæ дон нызта; дон йæ хъуы- рæй æрттивæнтæ калдта ’мæ, хъуыры куыд цыди, уый зынди суанг уæларвмæ. Дауджытæ фæстæмæ баздæхтысты, æрбадтыс- ты та фынджы уæлхъус æмæ дисгæнгæ радзырдтой сæ фысым Сафайæн, цы федтой зæххыл, уый. Тынгдæр диссаг та сæм фæ- касти Сосланы усы хъуыддаг. Сæ ныхасмæ Айсанайæн йæ ду- рын йæ къухæй æрхауд. Æмæ йын Сафа зæгъы: — Дæ хал, дæ бæндæн фæхауа, кæд дын нырма ус афон нæма у — дæ дурын дæ къухæй куыд æрхауд?!. — Усы коймæ бæргæ не ’рхауд мæ дурын, — дзуры Айсана, — фæлæ Нарты хъæуы зæронд фыд æмæ мад ныууагътон, æмæ сæ афонмæ Агуыры ’фсæдтæ сæ бæхты къæхты бын фæкодтой, æз та ам кæрдзынтæ хæрын. Хъаны цард æм ницыуал касти, Нарт æфхæрд ысты, тых сыл сæмбæлди, уый куы фехъуыста, уæд, æмæ ракуырдта, цæ- мæй йын бар раттаид Сафа Нартмæ цæуынæн æмæ Агуыры ’фсæд- ты ныхмæ схæцынæн. Сафа дыууæ нæ загъта йæ хъаны ныха- сыл. Рараст ис Айсана гæрзифтонгæй Нартмæ æмæ, фырмæстæй цæхæртæ калгæ, Агуыры ’фсæдты цур балæууыд. Цæгъдын сæ байдыдта. Ныццагъта сæ æмæ Нарты фервæзын кодта. Нарт цыт æмæ кад куыннæ скодтаиккой Уырызмæджы фырт æмæ Сафайы буц хъан — цæхæрцæст Айсанайæн! О304
Цыфæнды хъæздыг цард, цыфæнды дзаджджын цард дæр нæ райстаиккой Нарт сæрибардзинады раз. Уарзтой сæ бæстæ, сæ адæмы, æмæ сæ сæраппонд цæрын дæр зыдтой æмæ мæлын дæр. Тыхы бын цæрыны бæсты, æфхæрды бынаты уæвыны бæс- ты мæлæт хуыздæр касти Нартмæ. «Нæ нæ хъæуы æнусы цард, фæлтау — æнусы кад æмæ кой», «Фыдвæды бæсты — æвæд!» — уый уыд Нартæн сæ девиз. Тыхфæлварæн-иу чи кодта Нартыл, уымæн-иу цалынмæ йæ тых асастой, уæдмæ-иу сæхицæн сæ цард адджын нал кодтой. Æмæ Нарты цытджын хистæр Уырызмæ- гæн йæ куывд кæддæриддæр уыди афтæ: — Уæ, хуыцау! Нæ кæстæртæй цардфæлварæн чи кæны, уымæн цард ратт! Уæ, кæстæртæ! Тыхфæлварæн уыл чи кæны, уымæн йæ тых куыд сæттат, уыйбæрц арфæ уæ уæд! Æмæ сæхуыдтæг дæр искæмæн æнæ аххосæй тых кæной Нарт, ууыл сæ нæ ардыдта, уымæ сын нæ куывта Уырызмæг. Æмæ-иу Нарты стыр куывды кæддæриддæр йæ аив хъæлæсæй базарыди: Уæ, Нарты æрдамонгæ, Æрдамонгæ стыр хæдзар. Астфисынон, цыппаркьуымон — Ахæм, ахæм фидаргонд у! Йæ цæджындзтæ, йæ цæджындзтæ Црнбеттыртæй ысуадзгæ сты, Й’ аххæрджытæ хьæздыг комæй, Хьæздыг комæй æрласгæ сты. Йæ уæладзæнтæ фарны комæй, Фарны комæй æрласгæ сты. Йæ рæхыс та уæларвæй уагъд, — Ахæм хорз хæдзар куы у. Тыхфæлварæн ныл чи кæна, Уымæн йæ тых саст уыдзæни. Æмæ цардфæлварæн, цардфæлварæн Кæнут, уæдæ, нæ фæсивæд; Арсау дзæмбыджын уат, Сау хьæды сагау сыкьаджын уат, Каркау бæдулджын уат, Æмæ хьæлдзæгæй бирæ цæрат, Уæ, нæ уарзон фæсивæд! ИРОН ПОЭЗИ ХÆСТЫ БОНТЫ1 Ирон фысджытæ хæсты рæстæг цы ныффыстой, уыдон æхсæн поэтикон уацмыстæ сæ ас æмæ сæ бæрцмæ гæсгæ ахсынц æппæ- ты стырдæр бынат. Нæ фысджыты Цæдисæн йæ фылдæр хай ысты поэттæ. Хæсты рæстæг уыдон чысыл нæ бакуыстой. 1 Нигер ацы ныхас ракодта фысджыты ’мбырды. 20* 305^
1941 азы сентябры мæйы рацыд ирон фысджыты фыццаг æмбырдгонд. Уыцы ’мбырдгонды фæзындысты Плиты Грисы, Боциты Бароны, Епхиты Тæтæрийы, Хъайтыхъты Георы, Арда- сенты Хадзыбатыры, Мамсыраты Дæбейы, Хъазыбегты Хъазы- беджы ’мæ Мамиты Гигайы уацмыстæ. Чысыл нæй уыцы ’мбырд- гонды, хæсты размæ кæй нæ зыдтам, ахæм хæрз æрыгон фыс- джыты ’мдзæвгæтæ дæр. Уыдон фыссынц хъæутæй æмæ сты адæ- мы маст æмæ хæрамдзинад æвдисæг. 1942 азы рацыд нæ фысджыты дыккаг æмбырдгонд «Мæлæт немыцаг оккупанттæн». Ацы ’мбырдгонды ссарæн ис ирон поэт- тæй бирæты ’мдзæвгæтæ. Фæсивæды фыстытæ дзы дзæвгар къад- дæр ис, æвæццæгæн, уымæн æмæ сæ фылдæр хæстмæ ацыдыс- ты. 1943 азы нæм иу æмбырдгонд дæр нæ фæзынд. Цæмæн, зæгъгæ, мыййаг, исчи куы бафæрса, уæд уый, мæнмæ гæсгæ, зындгонд у, ам чи бады, уыдонæн. Нæ республикæйы иу хай ызнаг бацахста. 1942 азы кæрон нæ фысджытæн сæ фылдæр эвакуацигонд æрцыд Дзæуджыхъæ- уæй. Нал куыста нæ чиныгуадзæн. Цалдæр æмдзæвгæйы фæ- зынд уыцы рæстæг æрмæст «Рæстдзинад»-ы (Епхигпы Т. поэмæ «Фаззæгптæ» æмæ æнд.). 1944 азы мыхуырæй рацыд нæ фысджыты æртыккаг æмбырд- гонд «Сидт тохмæ», зæгъгæ, иронау æмæ æндæр æмбырдгонд «Смерть немецким оккупантам» — уый та уырыссагау. Хицæн чингуытæй рацыдысты Боциты Бароны кадæг «Хъæбатыр Ха- дзымырзæ», Мамиты Гига ’мæ Баситы Мысосты ’мдзæвгæтæ. Фашизмы ныхмæ тох — уый у ирон поэзийы æппæтæй сæй- рагдæр æмæ ахсджиагдæр миниуæг хæсты рæстæджы. Нæ фыс- джытæн æнæуынон у ызнаг, æмæ уыдон сидынц ызнаджы ныхмæ æдгæрзтæй сыстынмæ. Уыдон сæ уацмысты равдыстой ыстыр уарзондзинад нæ райгуырæн бæстæм, нæ хъæбатыр Сырх Æфсадмæ. Уыдон уырны советон дзыллæты уæлахиздзинад. Ирон фысджытæ бæрзонд систой сæ зарæг адæмты ’хсæн хæлардзина- дыл. Гитлеры æрра бирæгъты фыдракæнд, нæ дзыллæйы хъæба- тыр тох равдисын — уый у сæ уацмысты сæйрагдæр нысан. Цас хорз сын бантысти уыцы хæс сæххæст кæнын, зæгъгæ, куы ба- фæрсæм, уæд зæгъын хъæуы, ирон поэттæн сæ хъару ’мæ сæ тыхтæ иухуызон кæй не сты. Уацмысæн йæ темæ æмæ йæ хъуы- ды, куыд зонут, афтæмæй æдзух йæ хæрзхъæдыл дзурæг нæ вæййынц. Советон адæм хæсты цæхæры дæр æмæ ам, фронты фæсчъылдым дæр, тынг ыстыр аргъ кæнынц æцæг фыссæг, æцæг поэты дзырдæн. Бирæ ’вдисæнтæ æрхæссæн ис уый тыххæй. Фæлæ йæ мах хъуамæ хорз æмбарæм — апп кæм нæй, ахæм хус æмæ уæлæнгай ныхас адæмы зæрдæмæ нæ хъары. Ирон поэзийы, бæгуыдæр ма, ис аив æмæ хæрзхъæд уац- мыстæ, фæлæ æрмæст лозунгтæ ’мæ риторикæйыл арæзт чи у, зæрдæ чи нæ агайы, ахæмтæ дæр дзы, кæд хъыгаг у, уæддæр чысыл нæ разындзæн. ^ЗОб
Раппæлинаг ысты, мæнмæ гæсгæ, мæнæ ахæм уацмыстæ. Плиты Грисы «Уæлахизы кадæг». Хуымæтæг, ирд æмæ æнцон æмбарæн у ацы ’мдзæвгæ, арф ысты йæ хъуыдытæ. Грис хъæбу- лы зæрдæ дары йæ райгуырæн бæстæм, æнæуыноны цæстæй кæсы знагмæ æмæ йæ уырны, цыфæнды зынтæ куы ’взарæм, уæддæр мах, советон адæм, кæй уыдзыстæм уæлахиз. Ныртæккæ нæ зæххыл цытæ цæуы, уыдон хорз бамбæрста Грис æмæ ацы ’мдзæв- гæйы бирæ ахсджиаг ныхæстæ зæгъын баци йæ бон. Лæгъзгонд у æмдзæвгæйæн йæ алы рæнхъ дæр, хæрзæхсæст у йе ’взаг. Чи зоны ’мæ, а фæстаг рæстæг нæ мыхуыры цы ’мдзæвгæтæ фæ- зынд, уыдонæй нæ бирæтæ хъæугæ дæр нæ кæнынц, афтæ ахс- джиаг мæм кæсы йæ апмæ гæсгæ Грисы «Уæлахизы кадæг». Епхиты Тæтæрийы ’мдзæвгæ «Цы мын дзырдта тулдз бæ- лас». Ацы ’мдзæвгæйы мæнг ницы ис, йе ’нкъарæнтæ сты арф; хъæздыг у нывтæй, хуымæтæг æмæ бæлвырд у кæрæй-кæронмæ дæр йæ арæзт; нæй дзы риторикæ. Фæлæ, раст зæгъын хъæуы, Тæтæрийы æмдзæвгæ бынтон æнæ аипп нæу. Чысыл хæлдтытæ у йæ иуæй-иу рæнхъыты мелодикæ. Уыцы фарст та, мæнмæ гæсгæ, ахсджиаг у. Тæтæрийы ’мдзæвгæйы мелос хæстæг лæууы адæмон за- рæгмæ. Уыцы миниуæг бæллиццаг у, алы поэтæн дæр ыстыр æххуыс уаид, бæлвырд æм куы ’ркæсиккам æмæ йæ лæмбынæг куы равзариккам, уæд. Фæлæ нæ поэттæ æмдзæвгæйы теоримæ сæ хъус нæ дарынц. Уый ыстыр хъыгаг у, уымæн æмæ цард бонæй-бонмæ ивгæ цæуы, размæ цæуы поэзи, ивынц йæ хуызтæ. Хъуамæ бæрзонддæр кæ- нæм мах дæр нæ дæсныйад, нæ поэтикон культурæ. Тæтæрийы ’мдзæвгæ «Адæмы тугисæг — Гитлеры удисæг» дæр бæлвырд, æнцон æмбарæн фыст у, иннæ поэтты ’мдзæвгæ- тимæ йын фемхæццæ кæнæн нæй. Фæлæ йе ’взаг... йе ’взаг хуыз- дæрхъуаг у. «Удисæг», мæнмæ гæсгæ, хицæнтæй фыссын хъæуы, кæннод зын бамбарæн у. Нæ хъус сæм цæмæй æрдарæм, уый аккаг ысты æрыгон по- эттæ Дулаты Цицка, Кучиты Валодя ’мæ Мыртазты Барисы уац- мыстæ. Мæнæ Дулаты Цицкайы æмдзæвгæ «Писмо хæсты бы- дырæй». Ацы ’мдзæвгæ зæрдæйæ фыст у, царды æцæгдзинад æвдисæг у, ис дзы хæстон лæджы ’нкъарæнтæ, нывтæ. Æмдзæвгæ зæрдæмæ хъары. Афтæ зæгъæн ис Кучийы-фырты ’мдзæвгæ «Фæдзæхст» æмæ Мыртазы-фырты ’мдзæвгæ «Цардбæллонæй» дæр. Се ’мдзæвгæты ис аиппытæ дæр, фæлæ сæ мах уый тыххæй азымы, мыййаг, нæ дарæм: уыдон ныртæккæ æмдзæвгæтыл ку- сынмæ не ’вдæлы, хæсты быдыры уый фадат нæй. Поэзи, цы у, уымæй, æппæтæй дæр у дзырды дæсныйад. Дзырд у аив литературæйæн йе ’рмæг, æмæ аив ныв саразынæн йæ тæккæ ахсджиагдæр фæрæз. Ирон литературæйы ’взаг æмæ уæлдайдæр та нæ поэзийы ’взаг бирæ хуыздæрхъуаг у. ЗОЗо
Æвзаджырдыгæй бынтон хæрзхъæд нæ рауад, мæнмæ гæсгæ, Епхиты Тæтæрийы «Бæхджын хæстоны зарæг». Ацы ’мдзæвгæ у зарæджы уагыл арæзт, уый у йæ хицæндзинад, йæ нывтæ сты ирон цардæй ист æмæ сæ чиныгкæсæг хорз бамбардзæн. Фæлæ композицион æгъдауæй уацмыс æххæст арæзт нæу. Фыццаг уал æххæстæй ысныв кæнын хъуыд бæхы, уыйфæстæ барæджы, кæнæ та иннæрдæм. Тæтæри та афтæ кæны: райдайы ныхас кæнын бæхыл, ыстæй бæхы фæуадзы ’мæ райдайы ныв кæнын барæ- джы, стæй та, йæ ныхас нæ фæвæййы, афтæмæй рахизы бæхмæ. Афтæ гæнæн нæй. Бæлвырд нывы бæсты рауад мираж. Тæтæрийæн йе ’ннæ ’мдзæвгæ «Бадæнæхсæвы хъарджытæ Гитлерыл», куыд æмбæлы, афтæ нæ рауад. Фыццаджыдæр Гит- лерыл хъарджытæ кæнын мах хъуыддаг нæу. Дыккагæй та, æмдзæвгæйæн йæ апп æмæ йæ сæргонд кæрæдзийæ дард лæу- уынц. Цы ныффыссай, уымæн бæлвырд æмæ, куыд æмбæлы, ахæм сæргонд ыскæн, уый дæр, æвæдза, поэтикон дæсныйадмæ хауы. Нæ поэттæн ууыл дæр ахъуыды кæнын æмбæлы. Хъайтыхъты Георæн йæ фыццаг æмбырдгонды фæд-фæдыл мыхуыргонд æрцыд цыппар æмдзæвгæйы: «Мæлæт ызнагæн», «Партизаны сидт», «Хъус, сылгоймаг» æмæ «Æххуыс кæнын мæ фыдыбæстæн». Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ уыцы цыппар æмдзæв- гæйы поэтикон сасирæй (кæд афтæ зæгъæн ис, уæд) дзæбæх куы балуарай, уæд ма дзы уыйфæстæ цы баззайа, уымæн зæгъæн ис — иу чысыл æмдзæвгæйы. Мæ хъуыды раст у æви нæ — уый уæ цæмæй бауырна, уый тыххæй уæ æз курын, æмæ сæ уæхæдæг лæмбынæг бакæсут. Æцæг поэтикон уацмыстæн æдзухдæр æлвæст вæййы се ’взаг, уæлдай дзырд, уæлдай ныхасæн дзы бынат нæй. Георы ’мдзæвгæты ахæмæй ницы ис. Кæй кой кæнæм, уыцы ’мдзæвгæтæ йе ’ннæ ’мдзæвгæтæй дæр цауддæр ысты. Мах арæх æрымысæм Некрасовы ныхæстæ: Сгпих, как монету, чекань Строго, отчётливо, честно, Правилу следуй упорно: Чтобы словам было тесно, Мыслям — просторио. Арæх сæ бæргæ фæдзурæм ацы ныхæстæ, фæлæ сæ нæ цард æмæ нæ куысты нысан не скодтам. Геормæ ахæм рæнхъытæ ис: Фашистты сæртыл бомбæ æппар, Хъæдты, быдырты, денджызты, фсезты... (Фыццаг æмбырдгонд, 33-æм ф.) Денджызæй, уæлдæфæй, сурсей Нсе тых-нсе бонсей знаджы цсевсем. (34-æм ф.) Деиджызы, уæлдсефы, кæнсе та суры — Хъуамæ дсе алы фарс лæмбынæг ксесай! (46-æм ф.) оз?8
Ацы рæнхъытæн сæ автор нæ ахъуыды кодта сюжет æмæ композицийыл. Нæй ацы ’мдзæвгæты зæрдæбын ныхас, ницы дзьт ис — æрмæстдæр бæгънæг риторикон æмæ æнæхъуаджы бирæ ныхас. Афтæ мæм кæсы, цыма автор иу аудиторийæ иннæ ауди- торимæ рацу-бацу кодта æмæ алыран дæр уыцы иу лекци каст, адæймаг йæхи куыд хъуамæ дара, куыд æй цæрын хъæуы, уый тыххæй. Раст зæгъын хъæуы, поэты хæс у адæмы-чиныгкæс- джыты ахуыр кæнын, фæлæ нæ хъуамæ рох ма уа: поэт ахуыр кæны царды æцæгдзинад, аив нывтæ æвдисгæйæ, хус агитаци ’мæ риторикон хъæрты руаджы нæ фæлæ. Цы сахъатдзинадыл дзурын, уый æрмæст Хъайтыхъты Ге- ормæ нæ хауы. Уыцы аиппытæ иннæтæй дæр кæмæдæрты сты. Фæлæ се ’ппæтыл ам дзурыны фадат нæй. Ирон фысджыты уацмыстæй дзæвгар ис ахæмтæ, æмæ ны- хас зæрдæйы арфæй кæм нæу, арф аивадон фæрæзтæ нæ, фæлæ чысыл исты ногдзинад дæр кæм нæй. Бирæ нæм ис ахæм по- эттæ, æмæ йе ’мдзæвгæ зарæгау кæмæн нæу. Бæлвырддзинады бæсты — иппæрд риторикæ, ирон æвзаджы æгъдæуттæм куыд- фæндыйы цæстæй кæсын — ацы миниуджытæ канд хæсты рæс- тæг нæ, фæлæ хæсты размæ дæр уыдысты нæ поэзийы. Чысыл уæлдæр æз загътон, поэзи размæ кæй цæуы æмæ йæ хуыз, йæ формæтæ кæй ивынц. Ивынц алыхуызон поэтикон жанртæ. Уыцы ивддзинæдтæн ис цавæрдæр бæлвырд фæтк. Зæгъæм, элегийыл цы уацмыс нымайæм, уымæн нæй сатирæ кæнæ басня схонæн. Фыццаг æмбырдгонды рацыд Мамсыраты Дæбейы æмдзæвгæ «Балладæ хъæбатыртыл». Мах зонæм балладæйы истори; бал- ладæ у эпикон кæнæ лирикон-эпикон жанры хицæн хуыз (тер- минты тыххæй ам быцæу нæ кæндзыстæм). Мах зонæм, куыд ивгæ цыд балладæ, суанг астæуккаг æнустæй райдай æмæ абоны бонтæй фæу. Мах зонгæ стæм англисаг балладæимæ, хъуыды кæнæм Робин-Гуды тыххæй балладæтæ, мах кастыстæм Шилле- ры, Жуковскийы, Пушкины, Лермонтовы, А. Толстойы балла- дæтæ, советон поэт Н. Тихоновы балладæтæ. Фæлæ уыцы бал- ладæтæ ’мæ, Мамсыраты Дæбе «Балладæ хъæбатырыл» кæй хоны, уыдоны ’хсæн иумæйагæй ницы ис. Уæдæ цы у уый? Кæд, мый- йаг, исты ногдзинад? Æмæ цæмæй бæрæг у? Цавæр историон-литературон йе та теоретикон-литературон æвдисæнтæ æрхæссын у, цымæ, йæ бон Мамсыры-фыртæн, цæ- мæй, йе ’мдзæвгæ балладæ у, уый нæ бауырна? Ахæм æвди- сæнтæ йæм, мæнмæ гæсгæ, нæ разындзæн. «Ногдзинад» у кæнæ, адæймаг литературон æгъдауæй æнахуыргонд кæй у, уый æвди- сæг, кæнæ та, бындур кæмæн нæй, ахæм истытæ агурæг. Дыууæ уавæры дæр бæллиццаг не сты. Ноджы ма иу хъуыддаджы фæдыл зæгъынмæ хъавын — ирон литературæйыл, æмткæй райсгæйæ, æмæ нæ поэзийыл хицæнæй, фыдырдæм чи ауды, ахæм хъуыддаджы фæдыл. Нæ фысджы- зр§о
тæй бирæтæ, бæрц цы у, уый нæ зонынц. Царды цы цаутæ цæуы, цы фæзындтытæ дзы ис, уыдон цæйас ысты, уыйасæй сæ уынын хъæуы æмæ сæ æвдисын, куыд ысты, афтæмæй хъæуы. Зонын хъæуы царды алыхуызон фæзындтытæ кæрæдзиуыл барын, зо- нын хъæуы иртасын сæ ас. Махæн ницы у «ирон Сафо», кæнæ та «ирон Орфей», зæгъгæ, зæгъын, кæд, афтæ кæй хонæм, уыдоны Сафоимæ дæр æмæ Орфеимæ ницы хуызы ис абарæн, уæддæр. Нæ поэттæй иу, не ’ппæт дæр аргъ кæмæн кæнæм, ыстæй бирæ кæй уарзæм, ахæм ныффыста æмдзæвгæ нæ иу хæларыл — по- этыл, не ’хсæн чи нал ис, æмæ йæ хоны Орфей. Æз æй фæрсын: цымæ дæм цавæр дзырд разындзæн, зæгъæм, Къостайыл дæ фыссын куы бахъæуа, уæд? Æгæр бæркадкъух æмæ парахат- зæрдæ уæвын нæ хъæуы. Чысыл фæстауæрц кæнын дæр зонын хъæуы. Фæстауæрц чъындыйы нысан нæу. Ирон поэттæ хæсты рæстæг иу ыстыр хъуыддаг сарæзтой. Уыдон бирæ фыдæбон бакодтой Нарты эпосыл. Пушкинæй ахæм ныхæстæ баззад: «Гордиться славою своих предков не только можно, но и должно». Нæ поэттæй иу къорд кусы Нарты кад- джытæ æмдзæвгæтæй раивыныл. Кадджытæн сæ фылдæр хай ивд у. Нарты кадджытыл кæй бакуыстой нæ фысджытæ, уый дыууæрдæм пайда у. Фыццаджыдæр, Нарты геройтæ нæ ныры фæлтæры разæн- гард кæнынц ног æмæ ног ысгуыхтытæм хæсты быдыры дæр æмæ фæсфронты дæр. Дыккагæй та, кадджыты хъæздыг æвзаг, йæ аив нывтæ хорзырдæм фæзындысты ирон поэзийыл. Нарты кадджыты стих, сæ поэтикон арæзт, ритмикæ, метрикæ æмæ сю- жеттæ — æппæт уыдон æнæ сæ фæд ныууадзгæ нæ фесты ирон поэзийыл. Æргом æй зæгъын хъæуы, нæ поэттæй иуæй-иутæ бирæ цæуылдæрты сахуыр ысты, Нарты кадджытыл кусгæйæ. Уæл- дæр ма йæ загътон, адæмон мелос раиртасгæйæ алы литерату- рæйыл дæр бирæ бафты. Фæбæрæг вæййы йæ национ цæсгом, æмæ йæ поэтикон культурæйы райдайы ног этап. Фæлæ ам иу хъуыддаг ис æмæ дзы тас у ирон поэзийæн. Хъуыддаг уый ми- дæг ис, æмæ мах нырма, куыд æмбæлы, афтæ нæма бамбæрстам, цы амонынц, «фольклорæй спайда кæн», зæгъгæ, ацы дзырдтæ. Хаттæй-хатт мах фольклорæй райсæм, æрмæстдæр, уæлæн- гай æвæрд дзы цы ис, уый. Æз афтæ фæрсын: цымæ нæм нæ поэзийы Нарты æхсæнадæй æгæр бирæ цæрджытæ нæ фæзынд фæстаг рæстæджы? Æгæр арæх не ’мбырд кæнынц, цымæ, нæ ныхасы æмæ нæ нæ ирхæфсынц сæ фæндыртæй, кæнæ та фат æмæ æрдынæй хъазгæйæ? Мæнæ нырыккон хæстоны фæлгонц нæ поэзийы: уый бады бæхыл, йæ хæцæнгæрзтæ сты æхсаргард, фат æмæ ’рдын. Мы- хуыры цы ’мдзæвгæтæ рацыд, уыдонмæ гæсгæ нырыккон хæс- тонмæ хæцæнгарзæй топп æмæ кард, фат æмæ ’рдыны йеддæмæ ницы ис. Хæстонтæ се ’ппæт дæр ысты бæхтыл æмæ ’рмæстдæр бæхтыл. озю
Чи уарзы йæ фыдыбæстæ, Чи уарзы йæ цард, — Райсæд, марадз, уый йæ гæрзтæ, Райсæд топп, цыргъ кард. (Боциты Барон) Чи хъуамæ атоиид зпаджы фыд иых, Не ’хсидгæ фатау! (Хъайтыхъты Геор) Мæ астæуæй ферттивы алмаси кард, Уæхскыл — бердаикæ. (Хъайтыхъты Геор) Слæуу адæмы раз æмæ ард бахæр, кæй Хъахъхъæидзыиæ уыдои де ’идои кардæй. (Хъайтыхъты Геор) Лæппу фесхуыста йæ бæх, Къух фæтылдта, араст. Хæхтыл, дæттыл рог бæхы Скъæры. (Мамсыраты Дæбе) Гъей, фæсурæм æй иæмыгæй æмæ кардæй, Гъей, иæмыгæй æмæ кардæй. (Хæса) Кæд иæ бæстæйыл æрфæидыд Зиаджы ’фтауыи арт, Уæд йæ тугæйдзаг дзæмбытæ Акъуырæд мæ кард. (Хъазыбегты Хъазыбег) Бердаикæ райс æмæ мæ бæсты Лæгау иæ рæихъыты æрлæуу. (Дулаты Цицка) Тугхор зиагмæ сласта кард. (Боциты Барон) Фыдлæгæи асæтдзæи йæ кард. (Епхиты Тæтæри) Алмаси — мæ кард. (Епхиты Тæтæри) Ныр дæм сæ кæрдтæ ие зиæгтæ сластой... Хæсты быдырмæ мæ скъæфы рог бæх. (Хацырты Сергей)
Цæмæн мын кæсыс мæ кардмæ? Куырдалæгоны сæрдасæн Фæлмæн нæ кæны цьæх артмæ, Гитлеры сæр дзы æрхаудзæн. (Боциты Барон) Цы ’вдисæнтæ ’рхастам, уыдонæн бирæ фылдæр фæкæнæн ис, фæлæ нæ уый æгæр ыстыхсын кæндзæн. Нæ поэттæ хъуамæ æдзухæй дæр сæ зæрдыл дарой, поэзи дæр уæлахизхæссæг хæцæнгарз кæр! у, Сырх Æфсады къухы цы хæцæнгарз ис, уый хуызæн. Нæ поэтты хæс у се сфæлдыстадон фæллой фæфылдæр кæ- нын æмæ советон адæмы фæлгонцтæ саразын, равдисын ирон адæмы хъæбатыр фыртты, хæсты рæстæг чи фæзынд, ахæм ног темæтыл фыссын. НИКОЛАЙ ГАВРИЛЫ ФЫРТ ЧЕРНЫШЕВСКИЙ (1828 - 1889) Уырыссаг ыстыр ахуыргонд лæг, фыссæг, публицист, рево- люционер-демократ Николай Гаврилы фырт Чернышевский рай- гуырдис 1828 азы 12 июлы Саратовы. Йæ фыд уыдис йæ рæс- тæгмæ гæсгæ ахуыргонд сауджын. Хæларзæрдæ, зондджын æмæ ахуыргонд лæг — Гаврил Иваны фырт Чернышевский — бæрæг дардта Саратовы æнахуыргонд, талынг æмæ æнæконд сауджын- ты ’хсæн. Уыдис æм тынг хорз библиотекæ, зыдта фæсарæйнаг æвзæгтæ, суанг ма рагон грекъаг æмæ ромаг æвзæгтæ дæр. Гаврил Иваны фырт Чернышевский тынг хорз зыдта, уыцы заманы скъолаты, уæлдайдæр та дины скъолаты, ахуыр кæныны æгъдау раст æвæрд кæй нæ у, уый, æмæ уымæ гæсгæ сфæнд кодта, цæмæй йæ иунæг фырт Николай скъолайы бæсты йæхи хæдзары ахуыр кæна, афтæ. Лæппу ахуыр кæнынмæ разынди стыр диссаг; йæ быцъынæг ыскъуыдта чингуытæ кæсынмæ. Фæндыдис æй алцы зонын дæр. Базыдта грекъаг, латинаг, фран- цусаг, немыцаг æмæ англисаг æвзæгтæ. Фæлæ йæм уый дæр æгъгъæд нæ фæкаст, æмæ ма райдыдта ахуыр кæнын ноджы тæтæйраг æмæ ирайнаг æвзæгтæ дæр. Афтæ æнувыдæй ахуыр кодта Николай истори, географи, физикæ æмæ æндæр предметтæ дæр. Лæппуйæн йæ сывæллоны бонтæ уыдысты хорз. Йæ фыд æмæ йыл йæ мад æрхъæцмæ дæр нæ хъæцыдысты: рæвдыдтой йæ, хорз æй хъомыл кодтой. Æхсæрдæс азы куы сæххæст и Ни- колайыл, уæд æй радтой Саратовы семинармæ. Чиныг бакаст æмæ æвзæгтæ зонынæй семинары мидæг ничи уæлахиз кодта Николайыл. Цы ’взæгтæ ранымадтон, уыдонæй уæлдай ма Ни- колай семинары райдыдта ахуыр кæнын араббаг æвзаг дæр. Йæ бирæ зонындзинадыл дис кодтой канд ахуыргæнинæгтæ нæ, фæлæ ма ахуыргæнджытæ дæр. Тынг бирæ уарзтой Николайы йе С>312
’мбæлттæ, уый тыххæй æмæ уыдис фæлмаст, ыстæй уæд йæ бирæ .юнындзинад хæлæг никæмæн кодта. Бирæ йæ уарзтой ахуыр- гæнджытæ дæр. Уæлдай тынгдæр та йæ уарзта литературæйы ахуыргæнæг, Зодкæ, зæгъгæ, кæй хуыдтой семинаристтæ фæс- цомыгæй, уый. Зодкæ-иу ахуыргæнинæгтæй искæй куы фарста, азмæ-иу уыцы ахуыргæнинаг дзуапп куынæ фæрæзта, уæд-иу Зодкæ фæдзырдта Чернышевскимæ æмæ-иу уæд Чернышевский райдыдта: «Францусаг фыссæг уыцы хъуыддаджы тыххæй загъ- та афтæ ’мæ афтæ... Немыцаг фыссæг уыцы хъуыддаг æргом кæны афтæ, англисаг фыссæг та мæнæ афтæ». Семинармæ-иу райсомæй æрцыдис æппæты разæй, æмæ-иу ыл йе ’мбæлттæ æмбырдтæ кæнын райдыдтой: «Николай, фило- софийæ-ма мын мæ урок бамбарын кæн»; «Николай, Цицеро- пæй-ма мын мæ урок ратæлмац кæн»; «Николай, мæ бæсты-ма уацмыс ныффысс Ромы бабыны тыххæй»; «Мæнæн та-ма рагон уырыссаг литературæйæ ныффысс» æ.а.д. Æмæ-иу уæд Черны- шевский райдыдта йе ’мбæлттæн амонын сæ уроктæ æмæ фыс- сын сæ бæсты уацмыстæ. Чернышевский уыдис тынг зæрдæр- гъæвд æмæ-иу цы чиныг бакасти, уырдыгæй-иу æнæхъæн фæрстæ æнæ чиныгмæ кæсгæйæ дзурын райдыдта. Уыцы миниуæгæй нæ фæцух ис Чернышевский, куы схъомыл ис, уæддæр. Каторгæйы куы уыдис, уæд-иу йе ’махст адæмæн касти йæ радзырдтæ. Кæсы, афтæмæй йæ къухы та ис æнæфыст тетрад, æмæ йын йæ сыфтæ фæлдахы æрмæст цæстфæливыны тыххæй, йæ радзырд та йæ зæрдыл лæууы æмæ йæ афтæмæй дзуры. Чернышевскийы фыд æмæ мады сæ зонгæтæ æмæ сæ хæс- тæджытæ арæзтой уыцы фæндагыл, цæмæй сæ фырты семинары фæстæ радтой дины академимæ, хорз зынгæ алчер дзы рауайа, зæгъгæ, фæлæ Чернышевскийы зæрдæ æхсайдта университетмæ — ахуырады стыр фæндагмæ. 1846 азы, ыстдæсаздзыдæй, Чернышевский радта экзамен Бетъырбухы университеты историон-филологон факультетмæ. Уыцы заманы университеттæ зондæн, хъуыдыйæн уæрæх фæн- даг нæ лæвæрдтой. Уæрæсейы паддзах — Николай I — уыдис тарст æмæ зæрдæцъæх декабристтæй æмæ йæ куыст ыскодта ууыл, цæмæй алыран дæр бархи хъуыды цъистгонд цæуа. Университе- ты лекцитæ кæсæг профессортæн сæ алы къахдзæфмæ дæр уыд цæстдард, сæ алы дзырдмæ дæр хъусæг. Хурныгуылæн Евро- пæйы та уый хæдагъоммæ анхъæвзти революцийы уылæн. Æмæ паддзах йæ тых радта уымæ, цæмæй Европæйæ Уæрæсемæ рево- люцийы тæваг ма ’рбахæццæ уа. Фæлæ уæддæр революцийы идейæтæ, сæрибары хъуыдытæ арæны сæрты хызтысты æмæ пырх кодтой Уæрæсейы хуыздæр адæмы ’хсæн. Уыцы рæстæджы ма Хурныгуылæн Европæйы сæйраг бынат ахстой социалист-утопи- стты идейæтæ. Зæгъæм: Кабэ, Сен-Симон, Фуре, Роберт Оуэн æ. æнд. ахуырдзинад. Уыдонæн сæ ахуырдзинады бындур уыд кълассон тохыл нæ, фæлæ, кълæсты ’хсæн исты хорз, идеалон 313^
пъланы фæрцы фидыддзинад цæмæй уа, ууыл. Алы кълас дæр рæстдзинад йæхимæ гæсгæ ’мбары, уыцы хъуыдымæ социалис- тон утописттæ хæстæг нæма бацыдысты, кæд уыцы афонмæ Маркс-Энгельсы ахуырдзинад сырæзыд, уæддæр. Социалистон утописттæ кæд раст фæндагыл лæуд нæ уыдысты, уæддæр сæм хорздзинад уый уыд, æмæ, уæды цард критикæ кæй кодтой, уымæй ызмæлын кодтой хъуыдытæ ’мæ зæрдæйы уаг æмæ сæ афтæмæй арæзтой тохы фæндагыл. Чернышевский университеты æнувыдæй кæсын райдыдта социалистон утопистты чингуытæ, тынгдæр та Фурейы уацмыстæ. 1848 азы Чернышевский йæ боныджы (дневничы) фыста: «Мæ хъуыдытæ цæмæй фæуæлахиз уой, сæрибардзинад, æмбардзи- над, æфсымæрдзинад æмæ бонджын цард цæмæй æрцæуой, цæ- мæй, мæгуырдзинад æмæ адæмы ’хсæн цы хæлддзинæдтæ ис, уыдон фесæфой, уый тыххæй мæм мæ цард дæр зынаргъ нæ фæкæсдзæн, мæлæт адджынæн райсин...». Ацы ран зæрдыл дарын хъæуы уый, æмæ Чернышевский уто- пистты-социалистты ахуырдзинад æнæ критикæйæ кæй нæ иста. Цæмæй уыцы ахуырдзинад цардмæ хæстæгдæр фæуа, цæмæй йæ утопистон характерæй фервæза æмæ йын материалистон бын- дур агуырд æрцæуа, — гъе ууыл уыдис Чернышевскийы куыст. Уыцы рæстæджы цы философон системæтæ уыд, уыдонæй Чер- нышевский равзæрста Фейербахы ахуырад, Маркс æмæ Энгель- сæн райдианы ахуыргæнæг чи уыд, уыцы Фейербахы ахуырад. Йæ зонды фæндаг, йæ куыст Чернышевский сарæзта афтæ, йæ- химæ райста ахæм хъуыды, ахæм тырнындзинад, цæмæй Уæрæ- се адæмты астæу разæй уа, цæмæй дуне-дзыллæты хæзнадонмæ ахæм хæзна бахæсса, æнæкæрон зынаргъ цы хæзна уа, адæмтæ иууыл сæ цæст цы хæзнайыл æрæвæрой æмæ æппæт дзыллæтæн æвдадзы хос цы уа. Æмæ уый фæдыл Чернышевский фыста афтæ: «Æмæ, уæд, уадз æмæ мах фæрцы сæххæст уæд уыцы стыр хъуыддагæн уæд та æрмæстдæр йæ иу хай. Æмæ уæд зæххыл лæвар нæ фæцæрдзыстæм, — мæрдты бæстæм зæрдæнцойæ ба- цæудзыстæм. Дæ фыдыбæстæн æнæфесæфгæ кад саразынæн æххуыс кæн — цы ис, цы, уымæй бæрзонддæр æмæ уымæй æхсыз- гондæр!» Нæ дуджы куы цæрид Чернышевский, уæд фенид, ыстыр уырыссаг адæмы фæрцы куыд сырæзт, æмбал цы революцийæн нæй адæмты историйы, уыцы социалистон революци. Нæ дуджы куы цæрид Чернышевский, уæд фенид, ыстыр уырыссаг адæм, æгас дунейы прогрессивон дзыллæты разæй цæугæйæ, кæй сыс- тад культурæ æмæ сæрибары знаг — фашизмы ныхмæ ’мæ йæ мæлæтмæ кæй æртæры, уый. Æмæ уæд бауырнид Чернышевс- кийы, уырыс сæ историон хæс кæй баххæст кодтой æмæ сæ фæрцы зæххы цъарыл кæй æрцыд æмæ кæй цæуы стыр хъуыддæгтæ. 1848 азы революци тынг бахъардта Чернышевскимæ, æмæ сси æнæбасæтгæ революционер. 18сентябры Чернышевский йæ 6о- СЛ314
цыджы фыссы: «Æз мæ зондахастмæ гæсгæ дæн социалистты ;смæ коммунистты партизан»... 1850 азы Чернышевский фæци каст университет. Цыппар азы размæ Бетъырбухмæ куы ’рцыд Чернышевский лæг-лæппуйæ, уæд цыхуызæн уыди, университетæй куы рахызти, уæд ахæм иал уыд. Ныр фидар цæстæнгас дарын райдыдта цардмæ. Йæ .юнындзинæдтæ иу ранмæ ’рцыдысты ’мæ системæйы хуыз рай- стой, Уæрæсейы цард арф бамбæрста. Университеты фæстæ йын бар уыдис гимназы ахуыргæнæджы бынат райсын, фæлæ уымæ нæ уыд йæ тырнындзинад. 1850 азы, 15 майы, Чернышевский \\æ боныджы фыста: «Хъуыды кодтон суанг мыхуыры станочы тыххæй... Зæхкусджыты сæрибардзинады тыххæй æмæ салдат кæныны ныхмæ манифест ныммыхуыр кæнын...». Чернышевс- кнй ыссис революционер, райдыдта хъуыды кæнын адæмы тых- хæй, социализмы тыххæй, адæмты амонды тыххæй, цы йæ фæ- гæрсын кодтаид æмæ йæ цы баурæдтаид, ахæмæй ницы уыд. Фæлæ йæ раздæр ыссарын хъуыд раст фæндаг, революци цæ- мæй фæуæлахиз уа, уымæн. Æмæ уыцы фæндаг нæма ссардта. 1851 азы райдианы Чернышевский ацыд Бетъырбухæй Сара- товмæ æмæ уым гимназы ахуыргæнæг ныллæууыдис. Цыдис ыл 22 азы. Гимназы ахуыргæнджыты æхсæн Чернышевский бæрæг дардта. Хицæн кодта арф ахуырдзинадæй, йæ педагогон цæс- тæнгасæй, йæхи куыд дардта, уымæй. Гимназисттæн йæ уроктæ уыдысты бæрæгбоны хуызæн. Хъуыстой йæм зæрдиагæй, ахстой йын йæ алы дзырд дæр æмæ йæ сæ риуты арф æмбæхстой. Бын- тон быны фыдуаг чи уыдис ахуыргæнинæгтæй, уыдон дæр-иу æпувыдæй ныхъхъуыстой, цæмæй зондджын, ахуыргонд æмæ æгъдауджын ахуыргæнæджы дзырдтæй иу дæр ма аирвæза. Урок- иу ахæм сыгъдæг радзырдта ахуыргæнæг, æмæ сæ-иу ахуыргæ- нинæгтæ æнæ чиныгмæ ’ркæсгæйæ сæ зæрдыл бадардтой. Уроктæ- иу куы фесты, уæд-иу æй ахуыргæнинæгтæ се ’хсæн ыскодтой, æмæ-иу афтæмæй фæцæйцыд уынгты, цыма йе ’мгæрттимæ, йе ’мбæлттимæ цыдис, афтæ. Æрмæст дыууæ азы бакуыста Черны- шевский Саратовы гимназы, æмæ йæм чи ахуыр кодта, уыдон æй сæ амæлæты бонмæ дæр нал ферох кодтой. 1853 азы ацыд Бетъырбухмæ. Уым Чернышевский ахуыргæ- нæг ныллæууыд П-аг кадетон корпусы. Фæлæ дзы иу афæдз йеддæмæ нæ бакуыста. Иу афицеримæ фæбыцæу ис. Афицер ыл бахъаст кодта корпусы хицаумæ æмæ хъуыддаг æвæрдта афтæ, цæмæй дзы Чернышевский ракуырдтаид хатыр. Чернышевский ууыл не сразы ис æмæ йæ рацух кодтой корпусæй. Афтæ фæци Чернышевскийæн йæ педагогон карьерæ. Уæдæй фæстæмæ йе ’ргом аздæхта литературон куыстмæ. Рагæй дæр йæ зæрдæ уыцы куыстмæ здæхт уыдис. Корпусы ма куы куыста, уæд йе статьятæ мыхуыры цæуын байдыдтой журналы («Отечественные запис- ки»), ыстæй уæд фыссын райдыдта стыр наукон куыст. Уый уыд йæ диссертаци «Эстетические отношения искусства к дей- 315^
ствительности». Чернышевскийы диссертаци уыд ног уагыл фыст, йе стыр ахуыргæнæг, философ Фейербахы материалистон фило- софийы бындурыл. Æмæ зæронд ахуыргæндтæ йæ ныхмæ сыс- тадысты, аивады цæджындзтæ халы Чернышевский, зæгъгæ. Аивадмæ кастысты идеалистон цæстæнгасæй, Чернышевский та аивады фарст æрæвæрдта материалистон бындурыл. Уый уыд æнæхъæн революци аивады фарсты. Тынг бирæ ныхæстæ, тынг бирæ хъаугъатæ рауади Чернышевскийы диссертацийы алфам- былай. Уыйбæрц ныхас Уæрæсейы мидæг наукон куысты ал- фамбылай никуыма рауадис. Æвзонг ахуыргæндтæ, фæсивæд — уыдысты Чернышевскийы фарс, фæлæ зæронд ахуыргæндтæ, идеалисттæ ралæууыдысты йæ ныхмæ, æмæ рухсады министр диссертаци не сфидар кодта. Уæддæр Чернышевскийы диссерта- цийæн разынди бирæ ахадындзинад Уæрæсейы æхсæнадон хъу- ыды, зондахаст, рæзыны хъуыддаджы. Аивад æвдисы цард, аивад æвдисы, адæймагæн царды асджиагдæр цы ис, уый. Цард аива- дæй хистæр у; аивад йæ мидис, йæ хъаймагъ исы цардæй. Афтæ у Чернышевскийы хъуыды. Уый уыд уыцы рæстæджы револю- ци эстетикæйы мидæг. Фæлæ Чернышевскийы куыстæн «Очер- ки гоголевского периода русской литературы» — йæ сæйрагдæр герой Гоголь нæу, фæлæ у Белинский. Чернышевский Белинс- кийæн кæны тынг ыстыр аргъ. Иухатт, 1856 азы, журнал «Современничы» редакцимæ ба- цыди иу лæг-лæппу. Цыдаид ыл 20 азы бæрц. Уый уыд Добро- любов. Æрбахаста журналмæ рецензи иу чиныгыл. Чернышевс- кий рецензи куы бакасти, уæд бамбæрста, йæ автор ыстыр кур- диаты хицау кæй у, уый. Уайтагъд балымæн ысты. Сæ дыууæ дæр уыдысты ыстыр курдиатджын фысджытæ — революцион демократтæ. Добролюбов тынг кад кодта Чернышевскийæн, хуыд- та йæ йæ ахуыргæнæг, йæ хистæр æфсымæр, Чернышевский дæр уарзта Добролюбовы æнæкæрон уарзтæй, ыстыр аргъ ын кодта йæ фидар зондæн æмæ, революцийы хъуыддагыл иузæрдион кæй уыд, уымæн. Сæ кæрæдзи уарзондзинадыл къæм никуы абадт, афтæмæй цардысты, цалынмæ Добролюбов нæ амардис, уæдмæ. Добролюбовы мæлæт уыд ыстыр зиан æгас революцион-демок- ратон Уæрæсейæн дæр. «Дыууæ мæйы æмæ æрдæджы бæрц, — дзырдта Чернышевский, — ыстæм бон ацыдис мæныл æнæ цæс- тысыгæй... Æз дæр пайдайы лæг дæн, фæлæ уæддæр уый бæсты æз куы амардаин... Уырысæн сæ сæрыл чи хæцыд, уыдонæн сæ хуыздæр фæхъуыд». 1859 азы Добролюбов ныффыста статья: «Цы у обломовщи- на?» Уыцы статьяйы Добролюбов тох кодта зивæггæнджытæ ’мæ, цыфæндыйы цæстæй чи кæсы цардмæ, уыдон ныхмæ. Обломо- вимæ Добролюбов æфхæрдта Онегины, Печорины æ.æнд. Доб- ролюбовы статья бахауд Герцены къухмæ. Герцен та уыцы рæс- тæджы царди Лондоны æмæ дзы уагъта журнал «Полярная звез- да». Герцен ралæууыд Добролюбовы ныхмæ. Чернышевский æмæ 0216
Добролюбов Герценæн ыстыр аргъ кодтой, фæлæ революцион фæрстыты Герценæй дарддæр цыдысты. Чернышевский йæ диссертацийы фæрцы сси номдзыд Уæрæ- сейы раздзог æхсæнады рæнхъыты. Йæ диссертацийы фæстæ Чернышевский райдыдта кусын журнал «Современничы». Жур- пал «Современник» нымад уыд хуыздæр æмæ авторитетджын- дæр журналыл. Уыцы журналæн йæ бындур æрæвæрдта Пуш- кин. Чернышевскийы рæстæджы та йæ сæргъы лæууыдис Не- красов. Ыстыр поэт Некрасов уайтагъддæр, Чернышевский ыс- тыр курдиаты хицау кæй уыд, уый бамбæрста æмæ йын æнæгуы- рысхойæ йæ бар бакодта журналы критикон-политикон хай. Чер- нышевский уайтагъддæр журналæн ысси йæ уд, уайтагъддæр æрцахста раззаг бынат Уæрæсейы периодон мыхуыры кусджыты ’хсæн. 1855 азæй фæстæмæ Чернышевскийы цард æнгом баст у жур- пал «Современничы» историимæ. Кусы дзы æнувыдæй. Черны- шевский фыссы, æхсæнадæн ахсджиагдæр цы у, уый тыххæй. 1854—56 азмæ Чернышевский ныммыхуыр кодта журналы тынг бирæ статьятæ Гоголы, Пушкины, Лев Толстойы, Шедрины æмæ нннæ ахæм зынгæ фысджытыл. Ыстæй уæд ыстыр статья Лес- синджы тыххæй «Лессинг и его время». Уыцы статьяты ’хсæн зынгæдæр бынат ахста «Очерки гоголевского периода русской литературы». Уыцы ран Чернышевский фыссы, Гоголь литера- турæйы бирæ кæй ахады, уырысы литературæйы стыр бынат кæй ахсы, уый тыххæй. «Литературæйæн кæд ыстыр аргъ кæ- нæм, — фыссы Чернышевский, — уæддæр ын фаг аргъ нæ кæ- нæм: литературæ ахсджиаг у... Байрон дзыллæты историйы Наполеонæй æнæ ахсджиагдæр нæу...» Ысфæнд кодтой Герцены фенын, цæмæй баныхас кæной, сæ ныхмæ сын цы статья ныффыста, уый тыххæй. Бауынаффæ код- той, цæмæй Чернышевский ацæуа Лондонмæ ’мæ баныхас кæна Герценимæ. Ацыд, федта цалдæр хатты Герцены ’мæ йæ æфхæрд- та, либералтæм фæлмæн цæстæй кæй кæсы, уый тыххæй. «Сид Уырысмæ, цæмæй фæрæттæ райсой, уый тыххæй! — дзырдта йын Чернышевский. — Æндæр гæнæн нæй! Уадз æмæ дæ «Дзæн- гæрæг» («Колокол», зæгъгæ, афтæ хуынди журнал) сидæд аргъ- уанмæ нæ, фæлæ фæдисмæ. Фæрæт, фæрæт райсæнт Уырыс!» Герцен æмбæрста, Чернышевский раст кæй у, уый, фæлæ йемæ не сразы ис. «Нырма зæрдæ дарæн ис, реформæ зæхкусджытæн зæхх кæй ратдзæн, ууыл. Фæрæттæ райсынмæ нæ фæсиддзы- нæн», — загъта Герцен. Гъе, ууыл ахицæн сæ ныхас. Раздæхт Чернышевский Лондонæй, уæдæ цы уыдаид. 1861 азы, 19 февралы, фехъусын кодтой манифест зæхкус- джыты «суæгъд кæныны» тыххæй. Зындгонд у, уыцы манифест цы у, уый. Чернышевский йæхицæн бынат нал ардта, уыцы сай- ды хъуыддаг фехъусгæйæ, кæд афтæ уыдзæн, уый раздæр дæр зыдта, уæддæр. Зонæм, зæхкусджытæ мæстæй куыд сыгъдысты 313о
уыцы манифесты фæстæ, уый. Уæлдæфы цыди тохы тæф. Уæрæ- сейы зæхкусджыты стыр идейон фæтæг уыд Чернышевский. Фыссын райдыдта, либералтæ ’мæ зæхкусджыты бастæй чи дард- та, уыдон ныхмæ карз статьятæ. Æмæ иста бирæ æнæном пис- мотæ. Фыстой йæм афтæ: «Афтæ ’нхъæлыс, æмæ дæ нæ уынæм, кард дæ къухы, дæ цонг рæмбыныкъæдзмæ тугæйдзаг, афтæ- мæй?.. Мах дын фенын кæндзыстæм!..» Фæстагмæ, æртхъирæнтæ нал, фæлæ архайын райдыдтой ызнæгтæ. Жандармты шефмæ фыстой: «Чернышевскийы йе ’мбæлттимæ æмæ «Современни- кимæ» фесаф... Фервæзын нæ кæн Чернышевский æмæ йæ ахуы- радæй. Уый у æхсæнады знаг, æмæ тæссаг ызнаг, Герценæй тæс- сагдæр». Чернышевский тынг хорз зыдта, кæй йæ нал ныууадздзысты æнæ ’рцахсгæ, уый, фæлæ тæрсгæ нæ кодта. Æрмæст куырдта, цæмæй революционерты кадртæ хъахъхъæд æрцæуой реакцийы ныхмæ ралæууыны рæстæгмæ. Цæмæй зæхкусæг адæмæн æмбæр- стгонд æрцæуа манифесты æцæг апп, уый тыххæй Чернышевс- кий ныффыста прокламации, «К барским крестьянам», зæгъгæ. Прокламаци уайтагъддæр апырх ис фæйнæрдæм æмæ тынг фæ- тæрсын кодта хицауадгæнæг къласы. Сæ цæстыл уайын райдыд- та революцийы арт. Зæхкусджытæ ’мæ студентты змæлд хицау- ады ныхмæ, полякты сыстады æппæт революцион ызмæлд, — уыдон иууылдæр кодтой Чернышевскийы аххос. Реакцион æмæ либералон мыхуыр æвзæгтæ хаста Чернышевскийыл. 1862 азы, майы мæйы, Бетъырбухыл сирвæзт ыстыр сыгъд. Паддзахы агенттæ райдыдтой дзурын, уыцы сыгъд революцио- нерты куыст у, зæгъгæ. Бирæты бауырныдта уыцы провокаци æмæ дзурын райдыдтой, цыма уый Чернышевскийы арæзт у, афтæ. Уайтагъд Чернышевскийы ’рцахстой, уæдæ цы уыдаид. Уый æрцыд 1862 азы, 6 июлы, æхсæвы. Чернышевскийы бакод- той Петропавловскы фидары. Цалынмæ йын суд кодтой, уæдмæ ахæстоны ныффыста йæ номдзыд роман «Что делать?» Къух ба- кæнæн нæ ардтой паддзахы хицæуттæ Чернышевскимæ. Æнæ ссудгæнгæ та йын уæвгæ нæ уыд. Хъуыды кодтой, цы аххос æм ыссарæм, зæгъгæ, стæй фæстагмæ мæнг гæххæттытæ сарæзтой æмæ йын 1864 азы, 7 апрелы, сенат тæрхон рахаста, цæмæй 14 азы хаст æрцæуа каторгæмæ, стæй уыйфæстæ та цæра Сыбыры йæ амæлæты онг. Уыцы тæрхон уыдис диссаг. Паддзах Александр II йæхæдæг дæр къæмдзæстыджы хуызæн цыма фæци, æмæ тæрхоны азтæн се ’рдæг аппæрста. Уæрæсейæн йæ фылдæр адæм тынг æнæра- зыйæ баззадысты хицауадæй уыцы тæрхоны тыххæй. Иухатт зынгæ уырыссаг поэт Алексей Константины фырг Толстой уыд паддзахимæ цуаны. — Цы ис ногæй литературæйы? — бафарста паддзах поэты. — Уырысы литературæ сау дары, Чернышевскийæн раст тæр- хонгонд кæй не ’рцыд, уый тыххæй, — дзуапп радта Толстой. 0318
— Курын дæ, Толстой, Чернышевскийы кой мын ма кæн, — загъта паддзах æмæ иннæрдæм азылди. Чернышевскийæн ахæм тæрхон куы скодта паддзахы хица- уад, уæд æгас Уæрæсейы хуыздæр адæммæ, уæлдайдæр та фæ- сивæдмæ афтæ фæкасти, цыма сын сæ уд ысластæуыд, сæ сæры магъз сын байстæуыд, — уый тыххæй æмæ Чернышевский æнæ- мæнг уыдис сæ идейон фæтæг. Сызмæлыдысты иууылдæр. Гер- цен, кæд уый размæ Чернышевскиимæ тынг хъармуд нæ уыд, уæддæр ныр фæсарæнæй федта, куыд хъизæмар кæнын кæны хицауад Чернышевскийы æнæ аххосæй æмæ тох самадта лæг- марты ныхмæ. Некрасов йæ куысты сæр ыскодта, цæмæй бамба- рын кæна, Чернышевский аххосджын кæй нæу, уый, фæлæ дзы ницы рауади. Вильгельм Либкнехт — Германы социалистон ре- волюцийы фæтæг, Карл Либкнехты фыд — ныффыста Черны- шевскийы хъуыддаджы тыххæй статья æмæ йе статьяйæн йæ сæр ысхуыдта афтæ: «Цæрдудæй ныгæд». Чернышевскийы ахастой Сыбырмæ. Каторгæйы бынатæн ын равзæрстой Кадайы æрзæткъахæн. Уыцы ран ысфæнд кодта ныффыссын ыстыр роман æртæ хайæ: 1) «Пролог Пролога», 2) «Дневник Левицкого» æмæ 3) «Пролог». 1866 азы Чернышев- скийы акодтой æндæр бынатмæ — Александровскийы ахæстонмæ. 1871 азы йæ ахсты æмгъуыд фæци. Загъта, ныр мæ суæгъд кæн- дзысты, зæгъгæ. Фæлæ кæм! Ныр æй ноджы дарддæр фехстой — далæ Якутмæ, уым иу горæт Вилюйск, зæгъгæ, уырдæм. Фыд- бонæй цы нæ баййæфта йæ сæр Чернышевскийæн, ахæм ницы- уал баззад. Вилюйск уыд тынг æвзæр бæстæ, æмæ дзы удхарæй мард. 12 азы фæцарди Чернышевский уыцы сæрсæфæн бæсты. Йæ уарзон адæм тынг бирæ фæархайдтой, цæмæй йæ суæгъд кæной, ралидзын æй кæной, ууыл, фæлæ ма дзы кæмæндæрты сæхи сæртæ дæр фесæфтысты, æндæр хъуыддагæй ницы рауа- ди. Бирæ куыста Чернышевский уыцы ран. Фыста æнæсцухæй. Фæлæ-иу, цы ныффыста, уыдон та-иу басыгъта, цæмæй жандарм- ты къухмæ ма бахауой, уый тыххæй. Кæд æмæ хицауад цыфыддæр митæ кодта Чернышевскийæн, уæддæр Уæрæсейы хорз адæмтæй рох нæ уыд. Æппынæдзух кодтой йæ кой, арæзтой алы таурæгътæ. Уыцы таурæгътæ хæлиу- гонд цыдысты Уæрæсейы^ цæрæг адæмты ’хсæн нæ, фæлæ ма суанг фæсарæнтæм дæр. Йæ риуы зæрдæ кæмæн уыд, йæ сæры — магъз, уыцы адæмæй иунæг дæр ахæм нæ уыд, æмæ Черны- шевскийыл сагъæс чи нæ кодта. Иæ кой-иу афтыд фæсивæды ’мбырдты, йæ цæрæнбонты уагътой гаджидæуттæ, зарыдысты йыл зарджытæ, размæ, тохмæ цы зарджытæ сидтысты, ахæмтæ. Фæлæ рæстæг цыд æмæ йæ кæнон кодта. Тад æмæ ’руад ыстыр ахуыргонд лæг, мæгуырты сæрыл дзурæг ныфсджын æмæ æнæ- басæтгæ адæймаг. Паддзахы хицауад æм минæвар арвыста, фæ- фæсмон кæн æмæ гæххæтт æрбадæтт, цæмæй дын батæригъæд кæнæм æмæ дæ суæгъд кæнæм, уый тыххæй. Фæлæ уый йæ 319о
сæрмæ не ’рхаста Чернышевский æмæ арвыста йæ бонтæ дард тундрæйы, баст цæргæсы хуызæнæй. Хорз нал уыд йе ’нæниз- дзинад — фæзынд ыл цынга. Æмæ йын уæд фæстæмæ здæхыны бар радтой. Бынатæн ын ыснысан кодтой Астрахан. 1883 азы, 27 октябры, Чернышевский ысхæццæ ис Астра- ханмæ æмæ уым æрцарди. Фæлæ йæ уæддæр æнцой нæ уагътой: йæ фæдыл зылдысты, бæрæг ын кодтой йæ алы къахдзæф дæр. 6 азы фæцард Астраханы. Низ ыл ыстыхджын ис, лæгæн нал бæззыд, ныззæронд. Ахæстоны, каторгæйы ’мæ æрвысты цы 21 азы фæци, уыдон ын йæ туг бацъырдтой. Фæци. Хицауад куы федта, ныр дзы ницыуал тас у ’мæ йын цæрæнбон дæр бирæ нал баззад, уый, уæд ын бар радтой йæ райгуырæн горæт — Сарато- вы æрцæрынæн. Ацыди Саратовмæ, фæлæ цалдæр мæйы йед- дæмæ нал ацард. 1889 азы, 11 октябры, фæрынчын ис æмæ 29 октябры амарди. Йæ амарды кой сызмæлын кодта æгас Уæрæ- сейы. Чернышевский уыдис ыстыр ахуыргонд лæг. Маркс æй хуыд- та афтæ: «Уырыссаг ыстыр ахуыргонд». Æмæ сахуыр кодта уырыссаг æвзаг, цæмæй Чернышевскийы фыстытæ бакæса, уый тыххæй. Чернышевский хорз зыдта æхсæнады рæзты истори, равзæрста буржуазон экономисты уацмыстæ, уыдис арф æмæ цыргъ зонды хицау. Уымæ гæсгæ Чернышевский раст бамбæр- ста кълассон тохы фарстатæ ’мæ, кълассон тох æхсæнады цы ахады, уый. Кæд Маркс æмæ Энгельсы уацмыстæ нæ бакасти, уæддæр йæ фыстыты ис ахæм бынæттæ, æмæ наукон социализммæ тынг хæстæг кæм бацыдис, уый та йын æнцон нæ уыд, уый тых- хæй æмæ Уæрæсейы мидæг нæма уыд пролетарон ызмæлд, фæ- сарæны 1848—1849 азты цы кълассон тохтæ цыдис, уыдонмæ та касти дардæй, Уæрæсейæ, Маркс та уыцы тохæн йæ астæу уыдис. Ыстыр аргъ кодта Чернышевскийæн Ленин æмæ йæ хуыдта афтæ: «Марксы агъоммæ рæстæджы ыстыр социалист». «Чернышевс- кий единственный действительно великий русский писатель, ко- торый сумел с 50-х годов вплоть до 1888 года остаться на уровне цельного философского материализма и отбросить жалкий вздор... путаников». Фæлæ Ленин зæгъы: «Чернышевекий не сумел, вер- нее, не мог, в силу отсталости русской жизни, подняться до диа- лектического материализма Маркса и Энгельса» (Ленину соч., т. Ху стр. 304—306). Рацыд 55 азы, Чернышевский куынæуал ис, уæдæй нырмæ. Царды æрцыди ыстыр ивдтытæ. Чернышевский йæхи цы Уæрæ- сейы фæллойгæнæг адæмы сæрыл æрхаста, уыдон баххæст код- той Чернышевскийы бæллиц: сарæзтой социалистон амондджын цард. Уыцы рæсугъд цардмæ йæ къух цы гермайнаг фашизм систа, уымæн тагъд æрцæудзæн йæ кæрон. Цард та анхъæвз- дзæн, рæсугъд, парахат цард. Æмæ уыцы царды рох никуы уы- дзæн Чернышевскийы хорз ном. О320
ИРЫ ДЗЫЛЛÆЙЫ КАД ÆМÆ ЦÆСГОМ Æртын фараст азы рацыдис, Ирон адæмы диссаг зарæггæ- нæг æмæ фæндырдзæгъдæг, сæ сæрхъызой, сæ ахсджиаг, сæ хъæбул — Хетæгкаты Къоста йæ цæхæр цæстытæ куы ’рæхгæдта ’мæ йæ зынг зæрдæ кусынæй куы банцадис, уæдæй нырмæ. Чы- сыл рæстæг не сты æртын фараст азы. Бирæ цыдæртæ æрцыдис уыцы азты дæргъы царды, зæххы цъарыл кæрæй-кæронмæ; бирæ хæрзиуæгджын лæгты кой бамынæг ис; исджын, бонджын адæм- тæй йæ исбон, йæ рæсугъд æрттивгæ дарæс бирæйæн ныппапы- лой, налхъуыт-налмасæй йæхи чи рæвдыдта, уыдон руаджы йæ сæр бæрзæндты чи хаста ’мæ йæ цард бæллиццаг цардыл чи нымадта, уыдонæй рæстæг аныхъуырдта бирæты; бирæ бæрзонд æмæ фидар тулдз бæлæстæ акалди æмæ ныббутъыро ис нæ сау- гъæдты, бирæ айнæг дурты схырыз кодтой къæвда ’мæ дымгæ Ирыстоны риуыл. Фæлæ Хетæгкаты Къостайы ном уыцы азты дæргъы рухсæй рухсдæр кæны, дардæй дарддæр хъуысы. Тыхджын у рæстæг, афон: кард æмæ уартимæ йæ риуы ’мбæрц чи цыдис, бæстæтæ ’мæ дзыллæты зæрдæты тас чи уагъ- та, йæ карды ферттывд арвы æрттывдау кæмæн уыдис, йæ фаты хъæр арвы хъæр кæмæн кодта, — уыдонæй бирæтæ ’мæ бирæты тых басаста. Æгъатыр у рæстæг, афон: кæны цæуæт æмæ сæ хæры. Дургуыбын у рæстæг, афон. Æнæууылдæй ныхъуыры ’мæ ныхъуыры. Фæлæ ис ахæм зæххон гуырдтæ, ’мæ йын æнцонтыл сæттын чи нæ комы, йæ дæндæгтæ кæй нæ кæрдынц, йæ бар тынг кæуыл нæ цæуы, хуыцауы бар Нарты Батрадзыл куыд нæ цыдис, афтæ. Ахæм зæххон гуырдтæй иу у Хетæгкаты Къоста дæр. Уый цард æмæ цæры: тох кæнын кæм хъæуы, уым тох кæны, цин кæнын кæм хъæуы, уым цин кæны æмæ йæ уарзон ирон адæмы рæгъыл хъуысы куывды йæ зарæг, йæ дзыллæйы раз кæны барджын ныхас, фæрсынц æй, æвзарынц æй зондæй. Зилы дзыллæтыл^æмæ сын кæны алыхуызон зарджытæ йæ хъи- сын фæндырæй. Йæ къах нæ фæллайы, йæ зард æнад нæ кæны. Йæ уарзондзинад, йæ хорз ном, йæ фыдæлты кад — уыдон нæ ауагъта мæрдтæм. Саузæрдæ у мæлæт, ихзæрдæ у мæлæт, хатыр нæ зоны, уды бæсты ницы исы; ницы хъæздыгдзинад, ницы зы- наргъ хæзна комы мæлæт уды бæсты. Фæлæ йæхи адæмты сæ- рыл нывондæн чи фæхæссы, уыдонæн сæ мæрдтæм фæндаджы бонтæ сæ уæлион цардыл бафтынц æмæ, афтæмæй, сæ цард ыс- вæййы сæдæ. Æмæ мæлæт йæ фæлахс цæвæг куыдфæнды цыргъ кæнæд, уæддæр сын йæ бон ницыуал бауыдзæн тагъд-тагъды. Къоста йæхи радта цардæн, æмæ йын цард дæр радта адæмы хорзæх, æнусон кад æмæ цыт. Уый ис-боныл нæ куыста. Цæмæн æй хъуыд? Йæ адæммæ уарзондзинад — уый йæ ис-бон. Бирæ зæххытæ мын уа, уымæ нæ бæллыд. Цæмæн æй хъуыд? Ирон фæсивæды хъæздыг зæрдæтæ — уый йæ хуымгæнд. Уый æрттивгæ 21* 321о
галуантæ нæ арæзта. Цæмæн æй хъуыдысты? Иры буц чызджы- ты рухс зæрдæтæ — йе ’рттивгæ галуан, хæлæн кæмæн нæй, зæронд чи нæ кæндзæн, фæлæ, фæлтæрæй-фæлтæрмæ ноггæнгæ чи цæудзæн, ахæм галуан. Иры рагон цытджын æмæ номдзыд фыдæлтæ — Алантæ — сæ цотæн — ирон адæмæн — ныууагътой ыстыр хæзна. Уый у Нарты эпос — Нарты кадджытæ. Уыцы кадджыты мах уынæм нæ фыдæлтæн сæ царды ныв, сæ сурæт, сæ зæрдæйы уаг, сæ зондахаст, сæ бæллицтæ, сæ идеалтæ. Æнустæ ’мæ миназты дæр- гъы хуымæтæджы не ’вæрæн кодтой ирон адæм уыцы кадджы- ты. Æвæццæгæн æмæ, кадджытæ цæй тыххæй ысты, уыдон сæ зæрдæмæ цыдысты. Алцы хорздзинадæй дæр ирон лæг дзæгъæ- лы нæ фæзæгъы, нæртон, зæгъгæ, афтæ. Хъуыстой ирон адæм фæлтæрæй-фæлтæрмæ Нарты кадджытæм, «фыдæлты хорз дау- тæм», фæзмыдтой хорзæй сæ рагон фыдæлты, бæллыдысты уымæ, цæмæй Нарты хуызæн уой. Рагон нæртон лæгау зарын куы зонин, Арвмæ куы хъуысид мæ фæндыры хъазт!..— афтæ уыдис Къостайы бæллын дæр. Æмæ, цæмæ бæллыд, уый йæ къухы æфтгæ дæр бакодта Къостайæн. Цыдæриддæр Нартмæ хорз миниуæгæй уыд, уыдон Къостайы, мæнæ цыма фокусы, ссардтой сæхицæн бынат. Нарты фæндырдзæгъдæг Ацæйы фырт чысыл Ацæмæз. Уый-иу Сайнæджы рындзыл йæ сау нывæфтыд уадындзæй куы бауасыди, уæд-иу мæргътæ сæ зарынæй банца- дысты æмæ-иу æрыхъуыстой уадындзы зæлтæм. Æрсытæ-иу сæ хуыккæмттæй ралæстысты ’мæ-иу симын райдыдтой, сагтæ алыр- дыгæй æмбырдтæ систой æмæ сæгуыттимæ кафыныл ысхæцы- дысты. Хæхтæ-иу ызгъæлдысты, æнусон цъититæ-иу æртадысты æмæ-иу сæ дæттæ хæл-хæл кодтой хæхтæ ’мæ кæмтты. Йæ цъæх цухъхъайы мидæг ыссыди Хетæгкаты Къоста аива- ды бæрзæндтæм, райста йæ диссаджы хъисын фæндыр, Уастыр- джийы æфсургъы барцы сыгъзæрин æрдутæй хъистæ цы фæн- дырæн ыскодта, уыцы фæндыр, æмæ йыл æрцамыдта. Хъисын фæндыры нæртон зæлтæ айхъуыстысты Ирыстоныл хохæй, бы- дырæй. Хæхтæ, кæмттæ ныццарыдтой. Адæм æрыхъуыстой. Сæхи аивæзтой, се уæнгтыл ысхæцыдысты, æмбырдтæ кæнын байдыд- той фæндырдзæгъдæг Къостайы алфамбылай. Фæндыры хъæ- лæс сын сæ зæрдæты ныфс бауагъта: бамбæрстой сæ низтæ, бам- бæрстой, куыд сæ дзæбæх кæнын хъæуы, уый. Ауыдтой хуры тынты. Æмæ, Къоста сæ разæй, афтæмæй ныххæррæтт кодтой уыцы хуры тынты ’рдæм. Бахæццæ сты рухсы суадонмæ ’мæ дзы сæ дойнытæ сæттын байдыдтой. Нарты Хæмыцы фырт болат Батрадз Нарты фыдызнаг Хъæн- дзæргæсы амардта. Ракодта, Хъæндзæргæс уацары кæй ахаста Нарты хистæртæй, уый. Хъæндзæргæсы бæсты уыд æхсыры цад. Уым-иу зæронд лæг йæхи куы цынадта, уæд-иу ног фестад. Ра- ОЭ.22
хаста уыцы цады æхсырæй иу цылыхъы дзаг Батрадз, цæхсадта дзы Нарты зæронд Уон æмæ йæхи фыд Хæмыцы. Усгур лæппу- ты хуызæн фестадысты Уон æмæ Хæмыц. Хетæгкаты Къоста ныссаста талынгдзинады дуæрттæ, ракод- та йæ уацарæй ирон адæмы, стыр уырыс æмæ иннæ хорз адæм- ты рухсы суадонæй æрхаста Ирыстонмæ ’мæ йын дзы æрæхсад- та йæ чъизитæ, фыд азтæ, фыд дугтæ, фыдвадæттæ йыл цы чъи- зитæ ’рæвæрдтой, уыдон, æмæ афтæмæй бонæй-бонмæ ног кæ- пын, рухс кæнын байдыдта Ирыстон. Нарты цытджын хистæр Уырызмæг-иу йæ куывды мидæг афтæ сидти Нарты фæсивæдмæ: «Ызнаджы ныхмæ хæцут, фæ- сивæд, ызнаг уыл макуы фæтых уæд. Фыдвæнд уыл чи кæна, уымæн йæ тых сæттут!..» Мæ хæлар, мсе уарзон! Ныммæл мын фæсмонæй, Ды искуы хæддзуйæ куы скæнай селдар! — афтæ дзырдта ирон адæммæ Хетæгкаты Къоста. Фыдвæдæй кæнæ фыдвæстагæй, стæй æнусон æгад цардæй кæнæ æнусон кадæй бар куы уыдис Нарты, уæд уыдон райстой фыдвæды бæсты æвæд, æнусон æгад царды бæсты та — æнусон кад. ...Лучше умеретъ народом Свободным, чем кровавым потом Рабами деспоту служить!.. — афтæ фыста Хетæгкаты Къоста. Хи æмбарындзинад цы адæммæ нæ уа, уыцы адæмæн сæ фидæны бон нывыл уыдзæн, зæгъгæ, уый зæгъæн нæй. Ирон адæммæ Къостайы агъоммæ хи æмбарындзинад нæ уыд. Къоста сын сæхи бамбарын кодта ’мæ сын афтæмæй сарæзта фидæнмæ фæндаг. Кæд Къостайы чиныг «Ирон фæндыр» асæй чысыл у, уæддæр дзы Къоста нывæрдта цырын æмæ стыр зæр- дæйы уаг. «Ирон фæндыр» бахаудта, дуне-дзыллæйæн цы иумæ- йаг культурон хæзнадон ис, уырдæм. Æмæ уымæ гæсгæ бауагъ- та ирон адæмы уæнгты ныфс, хиуыл зæрдæдарындзинад, хи æмба- рындзинад. Къоста, зæгъгæ, уыцы ном бирæ цыдæртæ æрымысын кæны ирон лæгæн. Æрымысын кæны ивгъуыд æвадат æмæ талынг цар- ды нывтæ: сидзæргæсты фыдвадæттæ, сæ кæуын, сæ дзыназын сæ бирæ сидзæртимæ; мæгуыры сагъæстæ, фыййауы бæллын; фидар рæхыстæ... уистæй над... галиу «тæрхоны лæгтæ»... Нæ абоны рухс цард, цы цардмæ бæллыд æмæ йæ цæстытыл цы цард уадис, уый; не сгуыхтытæ, нæ рухсдæр фидæн, нæ дард- дæр рæзт. Æмæ ноджы цытæ ’мæ цытæ. Зын ыссарæн у фаг пыхæстæ Къостайы сурæт равдисыны тыххæй. Уынынæн цæс- тытæ кæмæн ис, æмбарынæн — зонд, æнкъарынæн — зæрдæ, уый йæхæдæг хъуамæ бамбара, п^ы уыд æмæ цы у ирон адæмы царды Къостайы ахадындзинад. Йæхæдæг цæйау загъта: 323о
Лæппуйæ базæрондмæ цардтæ Мæстджынæй адсемы мæтæй. Æхсæв цырагъдарæй фæхаттæ Хæларæй, уарзонæй, рæстæй. Дæ мадау бауарзтай нæ бæстæ, Фæцыдтæ мæгуыртæн фыййау... Цæрынæй-хæрынмæ дæллаг галы куыст фæкодта Къоста, хæцын кæм хъуыди, уым йæ удыл нæ ауæрста, афтæмæй хæ- цыд. Ирон адæмы разæй цыд æмæ сæ кодта размæ. Йæ зар- джытæ заргæ цыдысты ирон адæм мин фарастсæдæ фæндзæм азы революцийы бонты, йæ зарджытæ заргæ цыдысты ирон адæм Ыстыр Октябры социалистон тырысайы бынмæ. Йæ зарджытæ заргæ цæуынц ирон адæм Фыдыбæстæйы Ыстыр хæсты быдырмæ ’мæ пырх кæнынц ызнаджы. Фæндаг нын аразы йæ номæй, йæ кадæй. Æмæ йын ирон адæм дæр фидынц йæ хæрзтæ, дæттынц ын æгъдау. Гермайнаг фашисттæ нæ райгуырæн бæстæм ыстонг бирæгъ- ты балы лæбурд куы ’рбакодтой, уæд Ирыстоны фидар, фæл- тæрд риуæй райхъуысти Къостайы фæдисы хъæр: Мæ хæлар, мæ уарзон! Дæлзæххæй, уæлзæххæй Кæмдæриддæр дæ, — тагъд мæ хьæрмæ фæзын! — Хъæр мæрдтæм дæр хъуысы, — куы бамбæхсай барæй, Уæд усы кæрдæны мыггагмæ фæхæт!.. Гæрзифтонгæй иу лæджы хуызæн ралæууыдысты ирон адæм ызнаджы ныхмæ, ’мæ хæсты быдыры йæ сæрмæ худинаг нæ хæссы, нæ чъизи кæны Хетæгкаты Къостайы рухс цæсгом. Ныры рæстæг у стыр рæстæг, ыстыр заман. Цыппæрæм аз Советон Цæдис, иннæ сæрибаруарзаг адæмтæ дæр йе ’мцæдис, афтæмæй хæцы гермайнаг фашизмы ныхмæ. Арвæй судзгæ æхсидæвтæ хауы бынмæ, цæхæры къæвда уары, туджы зæйтæ цæуы зæххыл. Адæмтæ мæлæтдзаг тохы бацыдысты. Æмæ уыцы тохы ирон адæм Къостайы фæдзæхстытæ нæ рох кæнынц, æгаддзинад сæ сæрмæ нæ хæссынц. Къостайы ном æмæ фарн — уыдон цæуынц ирон æфсæддон фæсивæдимæ хæсты быдырты, сæ риуты сын сæ зæр- дæтæ цырын кæнынц. Нæ фæсивæд ысты Нарт æмæ Къостайы бындартæ, Нарт æмæ Къостайы зондахастыл чи схъомыл ис, уыдон, æмæ Фыдыбæсты Стыр хæсты се ’фсæддон тырыса бæрзонд уымæн систой, æмæ уымæн цæуынц размæ хъæбатырæй. Хъуамæ уæвгæ дæр афтæ уа: нæ рагон фыдæлтæ Нарт — Алантæ Донайы былæй Кавказы хæхтæм се стджытæй цыртытæ уымæн фæкодтой, цæмæй сæ цæуæт адæмты астæу æгад æмæ æнæ номæй ма фесæфой, йæ туг нуазынмæ уымæн лæвæрдта Къоста, йæ фыд хæрынмæ, кæй загъдæуы, цæмæй ирон адæм кадджын æмæ номджын уой. ^324
Ысгуыхт Сырх Æфсад ыссыгъдæг кодта нæ Фыдыбæстæ не- мыцаг тыхгæнджытæй. Сæрибардзинад радта, Европæйы адæм- тæй гермайнаг фашисттæ цагъайраджы æфсондз кæуыл сæвæрд- той, уыдонæн. Рæхджыбон фыдызнаг æрцæудзæн бынтон сæфт. /Емæ та ногæй сæрттивдзæн нæ арв, хур та йыл ноджы рухсдæр ыскалдзæн. Сæрæгасæй æрæмбырд уыдзысты Иры сагсур фæсивæд уæла- хиздзинадимæ. Нæртон куывдтæ сарæх уыдзысты. Цæуынхъом чи уа, уыдон сæхуыдтæг цæудзысты уыцы куывдтæм, цæуын- хъом чи нæ уа, уыдоны хæсгæ кæндзысты æмæ та йæ уарзон адæмы «рæгъыл» айхъуысдзæн куывды Къостайæн йæ зарæг, ноджы аивдæрæй, ноджы дарддæрыл. ДЕНИС ФОНВИЗИН Зынгæ уырыссаг фыссæг — Денис Фонвизин — райгуырдис 1745 азы. Цы хъомылдзинад райста йæ сонты бонты Фонвизин, уый йын йæ зæрдæйы уаг æмæ зондахаст афтæ сарæзта, ’мæ райдианæй фæстагмæ нæ уарзта, чиновниктæ фыдмитæ цы хæд- хæцæг паддзахады кодтой, адæм æфхæрды бынаты кæм уыдыс- ты, уый. Иæ бартæн кæрон цы паддзахæн нæ уыд, фыдмиты тыххæй «ма кæ!» зæгъæн цы паддзахады нæ уыд, уыцьт паддза- хад уыд Фонвизинæн ызнаг. Литературон куыст Фонвизии райдыдта лæппуйæ, Мæскуы- йы университеты ма куы ахуыр кодта, уæд. 1761 азы, æхсæрдæс- аздзыдæй, йæ ном фæзынди мыхуыры, тæлмацгонд уацмысты бын. Райдианы тæлмац кодта Голберджы æмбисæндтæ, 1762 азы ратæлмац кодта номдзыд францаг фыссæг Вольтеры трагеди — «Алзира». 1764 азы ратæлмац кодта Грессы драмæ «Сидней». Уыцы рæстæджы зынын байдыдтой йæхи уацмыстæ дæр, æмæ йæ ном хъуысын байдыдта тынгæй-тынгдæр. Хонын æй райдыд- той курдиатджын æмæ уæндон поэт-сатирик. Уыцы рæстæджы цы уацмыстæ ныффыста Фонвизин, уыдонæй æххæстæй базза- ди æрмæст дыууæ æмбисонды — «Лисица Кознодей» æмæ «По- слание к слугам моим Шумилову, Ваньке и Петрушке». Фæстаг уацмысы тыххæй Белинский загъта афтæ: «Уыцы рæстæджы цы бæзджын поэмæтæ фæзынди, уыдонæн се ’ппæтæн дæр сæ бы- ныл баззайдзæн» (’Белинский. «Сочинения Пушкина»). Уырысы стыр литературæйы Фонвизин тынгдæр зындгонд у йæ дыууæ комедийæ: «Бригадир» æмæ «Недоросль». Фыццаг комеди «Бригадир» баст у дворянты либералон идеологиимæ. Фонвизин худы дворянты талынгдзинæдтыл, се ’дылы зонда- хаст, сæ цъаммар митыл. Æфхæры сæ, сæ райгуырæн бæстæ кæй нæ уарзынц, йе ’гъдæуттæ йын кæй ницæмæ дарынц æмæ æндæрбæстон (уæлдайдæр францаг) æвзаг æмæ æгъдæуттæм сæ быцъынæг кæй тонынц, сæхи хорз æвзаг æмæ хорз æгъдæуттæ иуварс кæнгæйæ, уый тыххæй. 32§о
Комедийæн йæ бындур У рухсдзинад хæлиу кæныны хъуыд- даг. Дыккаг комеди — «Недоросль» — сценæйы фæзынди 1782 азы (фыст уыдис раздæр, фæлæ йæ хицауад сценæйы æвдисын нæ уагъта). Уыцы комеди у цыргъ сатирæ уырысы помещиктыл, ыстæй ноджы арæзт у помещикты хицауады ныхмæ. Хъуыддаг афтæ у, æмæ, Фонвизин йæ комеди цы рæстæджы фыста, уыцы рæстæджы хицауады астæуккаг цæджындз уыдысты æнахуыр- гонд помещиктæ. Уыцы помещиктæ æвдыст цæуынц комедийы. Уыцы Простаковтæ æмæ Скотининтæ сты тугцъиртæ, зæхкус- джытæн калынц сæ туг, сæ царм сын ыстигъынц, уæй сæ кæ- нынц, сæ былтæ сын нæмынц. Правдин æмæ иннæ персонажты дзыхæй Фонвизин зæгъы афтæ: Простаковтæн æмæ Скотинин- тæн ахæм бирæ бартæ дæттын нæ хъæуы, кæннод адæмы сæфтмæ æртæрдзысты. «Дворянин! — зæгъы Стародум, — уымæй цъам- мардæр дунейыл æз ницы зонын». Паддзахад хъуамæ Скотинин- тыл æмæ Митрофантыл ма ’нцайа, хъуамæ адæмы рохтæ уыдон къухы ма уой, кæннод Уæрæсе фесæфдзæн, — зæгъы Фонвизин. Афтæмæй фæстагмæ Фонвизин ралæууыд феодализмы ныхмæ. «Дæхи хуызæн адæймаджы удхарæй мар — уый æнæзакъон хъу- ыддаг у», — зæгъы Фонвизин æмæ домы паддзах æмæ дворян- тæй закъоныл арæзт цард æмæ сæрибардзинад. Ахæм у «Недо- рослы» социалон-политикон идейæ. Фонвизин, куыд дæсны драматург æмæ сатирикон уацмыс- ты автор, уырысы аив литературæйы рæзты хъуыддаджы ахсы стыр бынат. Ие сфæлдыстад хорзæй фæзынди уырысы фысджы- тыл ыстдæсæм æнусы кæрон æмæ нудæсæн æнусы райдианы. Йæ политикон æмæ йæ аивадон прогрессивондзинады тыххæй Пушкин тынг бæлвырд загъта, «Евгений Онегин»-ы театры кой кæм кæны, уым (1-аг сæр)\ Волшебпый край, там в стары годы, Сатиры смелой властелин, Блистал Фонвизин, друг свободы... Реализмы элементтæ Уырысы литературæйы фæзындысты 1770—1790 азты. Фæлæ уыцы хъуыддаджы Фонвизин, йæ размæ æмæ йæ рæстæджы чи уыд, уыцы фысджытæй фылдæр сарæзта. Фыццагдæр реализмы фарст, реализмы куыд хицæн принципы фарст, чи æрæвæрдта, уый уыдис Фонвизин. Аив литературæйы реалистон методы рæзыны хъуыддаджы Фонвизин уыд Пушки- ны ’мæ Гоголы раздзог. «Недорослы» классицизм æмæ реализ- мы — дыууæ литературон стилы — бацыдысты хъæбысхæсты æмæ классицизм фæбынæй ис, баззад састы бынаты. Уый у Фонвизи- ны стыр миниуджытæн сæ тæккæ ахъаззагдæртæй иу. «Недорос- лы» тыххæй Белинский афтæ загъта, зæгъгæ, уый у «тыхджын зонды, цыргъ зонды уацмыс, мипиуæгджын адæймаджы уацмыс» («...произведение ума сильного, острого, человека даровитого»). 0326
Фонвизины реалистон методы фарстимæ баст у Фонвизинæн ие ’взаджы фарст дæр. Æмæ уыцы фарстæн ис æрмæстдæр иу дзуапп: Фонвизин уыд дзырды дæсны, зыдта хорз уырыссаг хъæздыг æвзаг æмæ дзы, куыд æмбæлд, афтæ пайда кодта; ныс- саста классицизмы канонтæ, гæрæнтæ, æмæ йе ’взаг ысси æцæг удæгас æвзаг, адæмы уæрæх фæлтæртæ цы ’взагæй дзырдтой, уыцы ’взаг. Ыстдæсæм сæдæазы дыккаг æрдæджы адæмы ’хсæн рухс- дзинад тауæг, гуманист, Вольтер æмæ Руссойы фæдон, хæдхæ- цæг паддзахады знаг, — Фонвизин æрцахста цытджын бынат уырысы литературæйы историйы. Уырысы ыстдæсæм сæдæазы драматургтæй канд уырысы литературæйы нæ, фæлæ æгас Ев- ропæйы литературæйы дæр бирæ ахадындзинад кæй ысфæлдыс- тады разынди, уыдонæй фыццагдæр у Фонвизин. Рацыд дыууæ сæдæазы йæ райгуырдæй, йæ амæлæтæй та æртындæс æмæ авдыссæдз азы. Бирæ рæстæг! Фæлæ Фонвизи- ны сфæлдыстадыл æнустæн рыг сæвæрын сæ бон нæ баци, уый тыххæй æмæ йæ уацмыстæ хаст æрцыдысты, стыр Уырысы стыр культурон бынтæ цы хæзнадоны сты, уырдæм. ВЛАДИМИР МАЯКОВСКИЙ Маяковский райгуырд 1893 азы, Багдати, зæгъгæ, иу хъæуы, Кутаисы губернийы. Ахуыр кодта Кутаисы гимназы, стæй та Мæскуыйы гимназы. 1908 азы, цыппæрдæсаздзыдæй, йæхи ба- баста болыневикты партиимæ, кодта пропагандæйы куыст, æмæ уый тыххæй фæбадти Мæскуыйы Бутыры ахæстоны, фæлæ йæ азы хыгъдтæ æххæст кæй нæ уыдысты, уый тыххæй йын суд не скодтой æмæ йæ рауагътой. Литературон куыст кæнын Маяковский райдыдта лæппуйæ. Йе сфæлдыстадон фæндаг Октябры революцийы агъоммæ уыд гакъæттæ. Фæлæ йæ социалистон революци сарæзта раст фæн- дагыл. Бирæ азты дæргъы цы агуырдта курдиатджын поэт, уый Октябры революцийы фæрцы сыгъдæгæй йæ разы æрбалæууыд, æмæ Маяковский йæхи æгасæй дæр радта, социализмы идейæтæ цæмæй царды ацæуой, уыцы куыстæн. Уадз æмæ не ’ппæтæн дæр иумæйаг кады г^ырт уæд тохы арæзт социализм! — афтсе фыста Маяковский. Маяковскийы поэзи ’рцахста стыр бынат æгас дунеты лите- ратурæйы. Йæ уацмыстæ ивд æрцыдысты æртæ ’мæ ссæдз фæ- сарæйнаг æвзагмæ, Советон Цæдисы адæмты ’взæгтæй та фондз æмæ ссæдз æвзагмæ. Фæлæ канд уымæй нæ ахсы стыр бынат Маяковский дунейы литературæйы. Йæ поэзийы тæваг фæзын- 327о
ди, Европæйы адæмты литературæтæй революцион суадон кæм- дæриддæр ис, уыдоныл. Европæйы стырдæр революцион фыс- джытæн Маяковский у сæ ахуыргæнæг. Маяковский у ног поэты тип, ног рæстæджы цы поэт хъæуы, ахæм поэт. Поэзи Маяковс- кийы хъуыдымæ гæсгæ у царды хъуыддаг æмæ хъуамæ баст уа Советон Цæдисы цардимæ. Мæн фæнды, зæгъы Маяковский, цæмæй поэт йæ пъеройæ арæхса, джебогъæй куыд арæхсынц, афтæ, ома знаджы джебогъæй куыд марынц, афтæ поэт дæр йæ пъеройæ хъуамæ уа знаджы марынхъом. Маяковский уыдис ыс- тыр патриот. Уарзта йæ райгуырæн бæстæ. Йæ хъуыдытæ, йæ фæндтæ баст уыдысты уыимæ. Йæ куыст, йæ цард сарæзта уыцы фæндагыл, цæмæй йæ фыдыбæстæн феххуыс уа. Маяковский уыдис Советон бæстæйы патриот. Уый уыдта, Уæрæсе, Октябры революцийы фæрцы, хæрз ног кæй райгуырд йæ мадæй æмæ фидæны рухс цардмæ дуне-дзыллæтæн фæндаг амонæг кæй у, уый. «Истори, — фыста Маяковский йæ уацмыс «Будетляне», зæгъгæ, уым, — радта нæ мад — Уæрæсейæн гæххæтт, ног адæй- маг кæй ныййардта, уый тыххæй. Уыцы ног адæймаджы фæстæ! Ма тæрсут! Уыцы ног адæймаг искуы Индийы, мыййаг, нæй. Ис ам, Мæскуыйы (ома Уæрæсейы). Уый — уæртæ бæхтæрæг, Куд- ринкæйы трактиры цай чи цымы, уый. Уыцы ног адæймаг — уæртæ æххуырст хæринаггæнæг чызг Настя, райсомæй раджы газет æлхæнынмæ чи фæцæйуайы, уый... Уырыеы наци — уый у ахæм наци, æмæ йæм цы тымбылкъух æрбадардтой, уый чи акъ- уырдзæн æмæ дунейы цæсгом чи бахудæндзаст кæндзæн...» Маяковский зыдта, Советон Цæдисы знаг — фашизмимæ мæ- лæтдзаг тох кæй æрцæудзæни, уый, æмæ фæдзæхста: «Дæ разы фашисттæ куы фæзыной, уæд ронбæгъд ма ра- зын!» «Фашисттимæ ныхас кæн æрмæстдæр арты ’взагæй, нæмгуы- ты дзырдтæй (ома топпы дзыхæй) æмæ джебогъы цыргъæвза- гæй!..» Фынддæс азы рацыд, ыстыр курдиатджын советон поэт Ма- яковский куы амардис, уæдæй. Уыцы фынддæс азы дæргъы йæ хъæлæс мынæг, мыййаг, нæу, фæлæ арвы нæрынау хъуысы Со- ветон бæстæйы кæрæй-кæронмæ. Æмæ сиды советон адæммæ куыстмæ, ног бæстæ, ног цард ноджы зæрдиагдæрæй аразынмæ; сидти æмæ сиды советон адæммæ, сæ Фыдыбæстæ хъахъхъæ- нынмæ. Æмæ йæ сидыны хъæлæс дзæгъæлы нæ фесæфт æмæ нæ сæфы. Домбай Советон бæстæ, Ленинон тырыса хæсгæйæ, цæуы размæ. Фашизмы раз «ронбæгъд нæ разынд», фæлæ ралæууыд гæрзифтонгæй æмæ йемæ «ныхас кæны топпы дзыхæй æмæ дже- богъы цыргъæвзагæй». Уæлдæр цы уацмысы кой ракодтон, уым Маяковский фыста: «Мæнæ ма иу мæй, афæдз кæнæ дыууæ, фæлæ мæ уырны: немыц тарстхуызæй кæсдзысты, Берлины сæрмæ уырысы тыры- сатæ куыд фæйлаудзысты, уымæ... ^328
Сæхицæй разы уыдзысты фæллойгæнæг адæм, афтæмæй азрыздæхдзысты зæхмæ æмæ фабриктæм»... Цас рæстæг рацыд, Маяковский уыцы ныхæстæ куы фыста, уæдæй нырмæ, уый хъау- джыдæр нæу, фæлæ Берлины сæрмæ советон тырысатæ тагъд рæстæджы кæй ысфæйлаудзысты, уый æнæмæнг у. Саст æрцæу- дзæн фыдызнаг, фæллойгæнæг адæм æрыздæхдзысты æмæ са- бырæй, æнцад-æнцойæ кусын райдайдзысты фабрикæты æмæ колхозон быдырты. 1946 ВИССАРИОН БЕЛИНСКИЙ Ацы аз 14 июны æххæст кæны фынддæс æмæ ’хсæзыссæдз азы стыр номдзыд уырыссаг зондджын лæг æмæ литературон критик Виссарион Белинскийы райгуырдыл. Белинский цард æмæ куыста, Уæрæсейы Николай I паддза- хиуæг куы кодта, уæд. Уыцы рæстæг Уæрæсейы уыдис тынг æнтъыснæг рæстæг, сау реакцийы дуг, ахæм фыд дуг, æмæ, Уæрæсейы адæмæй хъуыды кæнынхъом чи уыд, адæмы пайда- йæн кусын йæ зæрды кæмæн уыд, уыдоныл цыма пъæззы ныб- бадт, уымæй уæлдай нал уыдысты, сызмæлын сæ бон нал уыд. Утæхсыдтæй, хъизæмарæй мардысты. Хъуыды кæнынхъом æмæ архайынхъом чи нæ уыд, уыдон та талынг царды хъуынайы аны- гъуылдысты ’мæ уым цъитыдтой, кæнæ хæдхæцæг паддзахы хи- цауадæн фæсдзæуины куыст кодтой. Николай I паддзахиуæг кæнын байдыдта мин астсæдæ дыу- уын фæндзæм (1825) азы. Куыддæр паддзахы бынатмæ бахыз- ти, афтæ ныддæрæн кодта декабристты, — уыцы рæстæджы Уæрæ- сейы мидæг хуыздæр адæм чи уыди, Ленин революци аразæг дворянтæ кæй хуыдта, уыдоны. Декабристтæ сыстадысты, цæ- мæй хæдхæцæг паддзахад, йæ барты ныхмæ сдзурæн цы монар- хийæн нæ уыдис, — уыцы монархи æппæрст æрцæуа æмæ йæ бæсты конституцион уаг æвæрд æрцæуа, уый сæраппонд. Декаб- ристтæ арæзтой фæрæзтæ, цæмæй Уæрæсе капиталистон рæзты фæндагыл ныллæууа, уымæн. Николай 1-æн йæ тых æмæ йæ хъару цас уыд, уымæй архайдта хæдхæцæг монархи бахъахъ- хъæныныл æмæ фидар кæныныл. Сæрибаруарзаг æмæ фæллой- гæнæг адæм та хæст уыдысты ахæм идейæйыл, цæмæй монар- хийæн йæ бартæ цыбырдæр уыдаиккой. Адæм ызмæлыдысты пад- дзахы ныхмæ, фæлæ паддзах нæ ауæрста адæмæн фыдмитæ кæныныл æмæ сæ туг калыныл. Саумылазон мигъ бадти Уæрæ- сейыл, рухсы цъыртт никуыцæйуал хъарыд. Адæмы бартæ уыды- сты ссæст, паддзахы хицауад кодта, цы йæ фæндыд, уыдон; жандармтæ ’мæ пъæлицæйы кусджыты бархи митæн кæрон нал уыд; алырдыгæй хъуыст хъадаманты дзыгъал-мыгъул æмæ ахæ- стæтты дуæртты хъæр, ахст адæмæн фыдмитæ кæм кодтой æмæ 321о
сæ сæрызонд кæм лыгъди, уыцы ахæстæтты дуæртты хъæр; адæ- мы сæфтой Сыбырмæ — каторгæмæ; сарæх ысты ауындзæнтæ ’мæ алыгъуызон æбуалгъ митæ. Æгас бæсты нал уыд уддзæф улæфынæн, цард зындон фестад. Паддзахы хицауад йæ тых сарæзта уымæ, цæмæй адæм ныхъ- хъус уой, цæмæй Уæрæсе къазармайы хуызæн ысуа ’мæ адæм хъуыды ма кæной, фæлæ ’рмæст коммæ кæсой æмæ æххæст кæной паддзахы фæндон. Зынгæ уырыссаг фыссæг Г.И. Успенский уыцы рæстæгæй афтæ зæгъы: «Ызмæлгæ дæр ма кæ, сæнттæ кæд цæгъ- дыс, уæддæр; хъуыды кæнын, зæгъгæ, афтæ ма дар дæхи; нæ тæрсын, зæгъгæ, афтæ ма ’вдис дæхи. Фæлæ дæхи афтæ дар, цыма тæрсыс æмæ фыртæссæй зыр-зыр кæныс... Тæрсын хъæуы æппынæдзух. — уый царды хос у, æндæр истытæ нæ хъæуы адæй- маджы, исты фыдбылыз дын, мыййаг, расайдзысты, — гъе, ахæм хъуыды уыдис уæлдæфы æмæ уæз кодта адæмыл, сæ зонд сын сырдта, хъуыды кæнын сæ нал фæндыди... Адæймагæн цæрыны бар ис, — уый никæйуал уырныдта... «Фесæфдзынæ!», зæгъгæ, афтæ хъæр кодтой арв æмæ зæхх, уæлдæф æмæ дон, адæм æмæ сырдтæ. Æмæ алцы нымпылди æмæ лыгъд фыдбылызæй, фыц- цагдæр цы хуынкъ ардта, уырдæм». Æндæр уырыссаг фыссæг — Н.П. Огарев — фыста: «Æнуд у, æнуд у, мæ бон нал у, ахæм æнуд!» Ахæм ныхæстæ ис Герценмæ дæр, уый дæр фыссы: «Цымæ, фæстагæттæ бамбардзысты, мах цы зындоны цардæй цæрæм, уый?» Гъе, ахæм æбуалгъ рæстæджы царди ’мæ кодта йæ литерату- рон-критикон куыст Виссарион Белинский. Белинский — уырыссаг номдзыд литературон критик æмæ стыр зонды хицау лæг — райгуырди мин астсæдæ иуæндæсæм (1811) азы 14 июны, Финляндийы горæт Свеаборг, зæгъгæ, уым. Йæ фыд — Григорий Никифорович — уыдис лечъыр (дохтыр). Йæ ахуырдзинадмæ гæсгæ Белипскийы фыд лæууыд бирæ бæр- зонддæр, йæ алфамбылай цы адæм уыд, уыдонæй. Уый уыд фе- нæг, цыргъзонд æмæ раст лæг. Ахуыр ма куы кодта, уæд æм фæхæццæ сты Францы фыццаг революцийы идейæты цæхæртæ. Уарзта ’мæ зыдта аив литературæ. Фæлæ уæддæр уыд зивæггæнаг, мæстыгæр, зындзард, бинонты ’хсæн дæр æмæ адæмы æхсæн дæр. Йæ мад уыдис флотон афицеры чызг, æнахуыргонд, мæсты- гæр æмæ хъуырхъуыргæнаг сылгоймаг. Ус æмæ лæгæн сæ зон- дахаст иу нæ кодта, сæ ныхас кæрæдзийыл нæ бадт æмæ сæ цард цыдис тынг æвзæр. Ахæм хылтæ-иу сæм рауади, æмæ^иу сæ сы- вæллæттæ фыртарстæй сæ хæдзарæй фæлыгъдысты. Йæ сывæл- лоны бонтæ Виссарион Белинский мысыди стыр уынгæгзæрдæйæ. «Мæ мад, — фыссы Белинский йæ писмотæй иуы, — уарзта хæ- дзари-хæдзар рауай-бауай кæнын æмæ дзæнгæда цæгъдын; æз- иу, дзидзидай сывæллонæй, баззадтæн æххуырст сывæллонгæ- сы ’вджид. Цæмæй йæ мæ хъæрæй ма хъыгдарон, уый тыххæй- 0,330
пу мын сывæллонгæс мæ хурхыл ныххæцыд æмæ-иу мæ надта... Маз фыд мæ уыдта йæ удхæссæг, æлгъыста мæ, æфхæрдта мæ, кодта мæ фыд над...» Мин астсæдæ æхсæрдæсæм (1816) азы, — Виссарионыл фондз азы куы рацыди, уæд, — йæ бинонтæ алыгъдысты Пензæйы гу- бериийы горæт Чембармæ. Уым арвыста Белинский йæ сывæл- лоны бонтæ. Чиныджы ахуыр кæнын райдыдта сæрмагонд ахуыр- гæнæгмæ. Уыйфæстæ йæ радтой Чембары уезды скъоламæ. Скъо- лайы ахуыр кæныны хъуыддаг æвæрд уыд тынг æвзæр. Ахуыр- гæнджытæ уыдысты æнахуыргонд адæм, надтой ахуыргæнинæг- ты, кодтой нозты куыст. Белинский ахуыр кодта тынг хорз. Скъо- ла йын бирæ нæ лæвæрдта ахуырдзинадæй, фæлæ йæхæдæг йæхи хъæппæрисæй касти чингуытæ. Чембары скъолайы кæсгæйæ Белинский тынг бауарзта поэзи æмæ райдыдта фыссын æмдзæв- гæтæ. Йе ’мдзæвгæтæ уыдысты тынг лæмæгъ, фæлæ уæддæр йæ фыссын нæ уагъта. Касти, йæ рæстæджы Уырысы литературæйы зынгæдæр бынат чи ахста, уыцы фысджыты уацмыстæ: Держа- вины, Херасковы, Богдановичы, Крыловы ’мæ ’ндæрты. Мин астсæдæ дыууын фæндзæм (1825) азы Белинский ныу- уагъта Чембары уездон скъола æмæ бацыди Чембары гимназмæ. Уым дæр ахуыр кæныны хъуыддаг Чембары скъолайæ бирæ ху- ыздæр æвæрд нæ уыдис. Ахуыргæнджытæ сæ куыстмæ кастыс- ты уæлæнгай цæстæй. Гимназмæ Белинский бацыд тынг цæт- тæйæ, фæлæ ноджы зæрдиагдæрæй та ахуыр кодта уым. Уыдис тынг зæрдæргъæвд, æнæ чиныгмæ кæсгæйæ зыдта бирæ ’мдзæв- гæтæ, касти бирæ чингуытæ, йе ’мбæлттæ йæ хуыдтой философ. Гимназы Белинский фæци æртæ азы æмæ чысыл фылдæр, ыс- тæй бацыди Мæскуыйы университетмæ. Ницы уыд хорзæй ахуыр- дзинады ’гъдауæй Мæскуыйы университеты дæр. Уырыссаг фыссæг К. Аксаков, уыцы университеты чи каст, ахæм, афтæ фыссы: «Æцæгдзинады хур ныл касти мынæг цæстæй æмæ нын нæ тавта нæ зонд. Университет нæ лæвæрдта, студентты зонд цы агуырдта, уый, æмæ студенттæ сæхæдæг агуырдтой фæрæзтæ, цæмæй ахуырдзинады суадонæй сæ дойны сæттой, уымæн. Арæз- той хицæн къордтæ æмæ уым кастысты чингуытæ, ныхас код- той, быцæу кодтой алы фарстаты тыххæй. Университеты уыцы рæстæджы касти, фæстагмæ номдзыд лæгтæ чи сси, ахæмтæ: Белинский, Герцен, Царев, Станкевич, Аксаков, Бакунин, Лер- монтов æмæ æндæртæ. Студентты къордты арæх ныхас цыдис литературон фарстатыл. Уыцы рæстæджы литературæйы уыд дыууæ хицæн ыздæхты: классицизм æмæ романтизм. Студент- тæй иутæ уыдысты классицизмы фарс, иннæтæ — романтизмы фарс. Белинский уыд, романтизмы фарс чи уыди, уыдонырды- гæй, æмæ тынг тох кодта, Пушкины ныхмæ чи цыди, уыдонимæ. Тынг æнувыд уыдис Белинский театрыл. Æнæкæрон уарзт кодта Мочалов æмæ Щепкины хъазт — уæдыккон ыстыр курдиатджын актёрты хъазт. 331о
Мин астсæдæ æртынæм — мин астсæдæ æртын фыццæгæм (1830 — 1831) азты Белинский ныффыста йæ драмæ — «Дмитрий Калинин». Æнхъæл уыд, æмæ драмæ тынг æркæсын кæндзæн йæхимæ. Драмæ рауадис лæмæгъ фыст аивдзинадырдыгæй, фæлæ дзы Белинский æрæвæрдта, уыцы рæстæджы æхсæнады царды сæйрагдæр цы фарст уыд, уыцы фарст. «Чи радта уыцы сæфты бар, æмæ иутæ иннæты — сæхи хуы- зæтты — сæхицæн цагъартæ кæной? Чи радта уыцы сæфты бар, æмæ иутæ иннæтæн исой сæ сыгъдæг хæзна — сæ сæрибардзи- над?» — афтæ фыста Белинский йæ драмæйы. Æмæ драмæ цен- зурæмæ куы бахауди, уæд рауад æнæхъæн истори: драмæйы ав- торы схуыдтой хæлд адæймаг, политикон æгъдауæй фыдбылыз чи у, университет фыддзæсгом чи кæны, ахæм. «Йæ бартæ йын байсын хъæуы! Сыбырмæ йæ фесафын хъæуы!» — афтæ хъæр кодтой Уæрæсейы реакционертæ. Уыцы драмæйы хъуыддаг Белинскийыл афтæ тынг фæзынди, æмæ фырмæстæй, фыртыхстæй фæрынчын ис. Мин астсæдæ æртын дыккæгæм (1832) азы университеты хицауад бауынаффæ кодта, цæмæй Белинский университетæй цухгонд æрцæуа, афтæ. Æмæ диссаг уый нæу, Белинскийы университетæй кæй рацух кодтой, — уыцы сау рæстæджы ахæм хъуыддæгтæ диссаг нæ уыдысты, — фæлæ диссаг уый у, йæ рацух кæнынæн æбуалгъ гæдыдзинад кæй æрымысыдысты. Университеты хицауад, Белинскийы уни- верситетæй цух кæигæйæ, йæ уынаффæйы фыста афтæ: «Йе ’нæниздзинад у лæмæгъ æмæ йæ зонд у къуымых — ахуыр кæ- ныны тых æм фаг нæй». Ныууагъта, уæдæ цы уыдаид, Белинский университет. йе знæгтæ хъæр кодтой, Белинский æрдæгахуыргондæй баззади, зæгъгæ. Уыдон сæ куынæг зондæй афтæ скарстой, цыма æнæ дипломæй зонд æмæ зонындзинады хицау уæвæн нæй. Уыдон афтæ хъуыды кодтой, æмæ, ахуыргонды ном чи хæссы, уыдо- нæн сæ бон у ыстыр курдиатджын адæймагмæ уæхсчы сæрты кæсын. Белинскийæ хуыздæр уыцы рæстæджы уырыссаг æмæ хурныгуылæн европæйаг литературæ ничи зыдта; Белинскийы хуызæн арф æмæ рæсугъд ничи фыста. Уыцы рæстæджы зынгæ чи уыд, уыцы профессортæ: Мерзляков, Шевырёв, Надеждин Белинскийæн йæ фарсмæ æрлæууыны аккаг дæр нæ уыдысты. Йæ критикон статьятæй Белинский цы пайда фæци Уæрæсейæн, уæды рæстæджы профессортæ йын уымæн йе ’рдæджы бæрц пайда дæр нæ фесты. Уæлдæр загътон, Мæскуыйы университет Белинскийы рæс- тæджы бирæ ахуырдзинад нæ лæвæрдта, зæгъгæ. Æмæ уый афтæ уыд. Фæлæ студенттæй исты базонын йæ зæрды кæмæн уыд, царды мидæг исты уон, зæгъгæ, афтæ чи хъуыды кодта, уыдон фæрæзтæ ардтой зонындзинадæй, ахуырдзинадæй фаг хай рай- сынæн. Белинский ахуырдзинад райста Станкевичы къорды. 0,332
Станкевичы къорд Уырысы литературæйы историйы æмæ Уырысæн йæхи бамбарындзинады хъуыддаджы ахсы стыр бы- пат. Станкевичы къорды ахуыр кодтой Шеллинг, Фихте æмæ Гегелы философи. Станкевичы алфамбылай æмбырд кодтой ахæм адæм: В.Г. Белинский, К.С. Аксаков, Я.М. Неверов (Къоста цы Неверовы тыххæй ныффыста йе ’мдзæвгæ «Я знал его, я помню :)ти годы, когда он жил для родины моей», — уыцы Неверов), В.И. Красов, А.П. Ефремов, И.П. Клюшнаков æ. æ. Станкевичимæ философи ахуыр кодта М. А. Бакунин. Хæс- тæг æм уыдысты Грановский, Боткин, Катков. Уыдон иууылдæр уыдысты ахæм адæм, Уырысы æхсæнадон зондахасты рæзты хъуыддаджы зындгонд чи у. Станкевичы къорд куыста тынг зæр- диагæй, хъуыды кодта стыр хъуыддæгты тыххæй, тырныдта цар- ды æцæгдзинад ыссарынмæ, тох кодта мæнгдзинады ныхмæ, фысджытæй æцæг зæрдæйæ чи нæ фыста, уыдоны ныхмæ, цæстмæ митæ чи кодта, хиппæлой чи уыди, мæхи равдисон, зæгъгæ, йæ митæ ахæм кæмæн уыдысты, уыдон ныхмæ. Æцæг- дзицад, зæрдæйы сыгъдæгдзинад, æцæг пайда æрхæссын адæ- мæн, райгуырæн бæстæн — уый уыдис Станкевичы къорды ны- сан. Уыцы къордæн йæ активондæр уæнг уыдис В. Белинский. Йæ цыбыр царды бонтæ Белинский арвыста низджынæй, йæ низ уыд рæуджыты туберкулёз. Царди тынг мæгуырæй. Хатгай- иу ын, хæринаг цæмæй самал кодтаид, уый фаг фæрæзтæ дæр нал уыд. «Сырды хуызæн ысдæн мæгуырдзинады фæрцы. Искæцы мард мæ иу туман хæсджынæй баззад, зæгъгæ, уый куы зонин, уæд мæ бафæндид йе скъахын æмæ йе стджытæ бахсынын», — фыста Белинский. Цы ма уа уыцы ныхæстæй диссагдæр! Сæ- рыхъуынтæ арц не слæууынц? Ахæм нæртон курдиаты хицау лæг, æмæ ахæм фадаты æрвитæд йæ цард! Уый цард нæ уыд, фæлæ уыдис зындон. Æмæ йæ афтæмæй дæр æнцад куы уагъта- ид паддзахы хицауад. Нæ. Æппынæдзух æм жандармтæ дардтой сæ цæст, йæ фæдыл зылдысты. Мæлæты рынчын куы фæци, уæддæр хицауад ыскодта агентытæ, йæ хъус æм чи дардта, ахæмтæ. Амард Белинский мин астсæдæ цыппор æстæм (1848) азы, 7 июны. Иæ хæлæрттæй дæр бирæ нæ ацыди йæ фæстæ, йæ фæстаджы бынатмæ куы раст кодта, уæд. Фæлæ уæддæр паддза- хы хицауадæй рох нæ уыдис: цыппар «æнахуыр» адæймаджы сæ цæст дардтой, Белинскийы куыд ныгæдтой, уымæ. Уырыссаг ном- дзыд фыссæг И. Тургенев раст загъта: «Иу æмæ дыууæ хатты нæ фехъусæм: уый æмæ уый сæ афоныл амардысты... Уыцы ныхæстæ Белинскийæ хуыздæр никæмæ хауынц... Цы бирæ бæллæхтæ ма баййæфтаид йæ сæр, æгас ма куы уаид, уæд!» Белинский куы амард, уæд ын паддзахы хицауад йæ ном дзурын дæр нал уагъта, уымæй дæр дзы тас цыди. Фæлæ адæмы ’хсæн, ног фæлтæры ’хсæн, раззагдæр адæмты ’хсæн Белинс- кийы ном тæмæн калын байдыдта. ЗЗЗо
Белинский литературон-критикон куыст фæкодта æртындæс азы дæргъы. Уыцы рæстæджы номдзыд критик ацыд зын фæн- дæгтыл. Йæ зондахаст, йæ хъуыдытæ цыдысты рæзгæ. Ленины ныхæстæм гæсгæ, Белинский уыд ахæм историон адæймаг, æмæ «уырыссаг мæрыл, уырыссаг царды мидæг идеализмæй материа- лизммæ рахизыны зындзинад бауромын чи бафæрæзта». Белин- ский ысси материалист, революциопер-демократ, социалистон æхсæнады сæраппонд чи тох кодта, ахæм лæг. Белинскийæн йæ бон баци ахизын романтизмы сæрты æмæ поэзи сарæзта реализмы фæндагыл. Белинский уыд йæ рæстæ- джы фæтæг, æмæ, прогрессивон зондыл хæст чи уыдис йæ фæл- тæры адæмæй, уыдоны йæ фæдыл ахуыдта йæ зæрдæйы сыгъ- дæгдзинад æмæ йæ раст, йе ’ргом зонды руаджы. Уæрæсейы хуыздæр адæм-иу æнхъæлмæ кастысты, йе статьятæ цы журнал- ты мыхуыргонд цыдысты, уыцы журналты рацæуынмæ. Куы-иу рацыдысты, уæд-иу сæ хæлæфæй кастысты, къухæй-къухмæ сæ истой, афтæмæй. Кæд паддзах Николай I дуг ыстыр фыд дуг уыдис, уæддæр литературæйы фæзындысты ’мæ куыстой Уырысы аивадон хъуы- дыйы гиганттæ Пушкин, Гоголь, Лермонтов. Белинский уыдоны тыххæй цы статьятæ ныффыста, уыдон, сæ арф апмæ гæсгæ, сæ хъуыдыты растдзинад æмæ тыхмæ гæсгæ абоны онг дæр сæхи- цæн æмбал нæма арынц критикон литературæйы. Белинскийы рæстæджы райдыдтой сæ литературон куыст кæнын Тургенев, Некрасов, Достоевский. Уæд фæзындысты Гер- цен, Гончаров, Щедрин æмæ Аксаковы зынгæ уацмыстæ дæр. Фæзынд, Уырысы стыр литературæйæ тынг ыстыр хай натура- лон скъолайы литературæ, кæнæ Гоголы фæлтæры литературæ, зæгъгæ, кæй хонынц, уый. Уыцы литературæйæн тынг бирæ у йе ’хсæнадон ахадындзинад. Номдзыд критик царди уыцы лите- ратурæйы цинæй, рæзыд йемæ, размæ йæ схуыста, кодта йын æххуыс. Аив литературæ ’мæ литературон критикæ цыдысты кæ- рæдзи къухтыл хæцгæйæ. Литературæ дæр æмæ критикæ дæр æвдыстой уырыссаг адæмы цард. Белинский ахæм зондыл хæст уыд: аивады закъонтæ критикæ нæ аразы, нæ аразы критикæ литературæйы принциптæ дæр, фæлæ сæ аразы аив литературæ йæхæдæг, критикæ сæ ’рмæст рабæрæг кæны æмæ сæ иу уагмæ ’ркæны. Ахæм хъуыдыйыл хæцгæйæ, Белинский йæ рæстæджы литературæйы руаджы аивта йæ цæстæнгас æгас уырыссаг лите- ратурæмæ дæр. Белинский домдта, цæмæй литературæ ’вдиса царды æцæг цæсгом — йæ хъæнтæ, йæ хъуæгтæ — æмæ амона, куыд сæ фесафын хъæуы, уый. Белинский домдта, цæмæй лите- ратурæ уа тыхджын, хъара чиныгкæсджытæм, рæстыл сæ араза. Белинский домдта, цæмæй аивад уа æхсæнады цардарæзты фæ- рæз, идейон æмæ реалистон. Уырьтсы литературæйæн йæ ахъаз- загдæр хай, йæ хуыздæр идейон хай тох кодта хæдхæцæг пад- ^334
дзахы ныхмæ, помещикты ныхмæ, фæллойгæнæг адæмы барты сæрыл. Уыцы тох логикон æгъдауæй сæвæрдта литературæйы раз гуманизм æмæ адæмондзинады фарстатæ. Белинский алыг кодта уыцы фарстатæ, загъта йæ тыхджын ныхас, æмæ йæм азхсæнад æрыхъуыста. Белинский равдыста, хъазары цы зæхку- сæг адæм уыд, уыдоны æхсæнадон-политикон зæрдæйы уаг, ре- иолюцион демократийы зæрдæйы уаг. Уырыссаг æмæ æгас дунеты литературæ кæй зыдта, «гениа- лон социолоджы» (Плеханов) æмбудындзинад æм кæй уыдис, уый фæрцы Белинский æркасти уырыссаг литературæмæ — Ло- моносовæй райдай æмæ Пушкин, Гоголь, Лермонтовы онг — æмæ йын, куыд æмбæлы, ахæм аргъ ыскодта. Ууыл дæр нæ ныллæу- уыд, фæлæ йæ цæхæр цæстæй акаст размæ, æрцæуинаг рæс- тæгмæ ’мæ федта, бамбæрста уырыссаг литературæйæн йæ дард- дæр рæзыны фæндаг. Ленин хуымæтæджы нæ фыста: «Белинс- кийæн йæ литературон куыст кæрæй-кæронмæ цы уацмысæй баст цæуы, уыцы уацмыс «Писмо Гогольмæ» уыдис æнæцензурон де- мократон мыхуыры уацмыстæн сæ тæккæ хуыздæртæй иу æмæ суанг абоны онг дæр йæ ахадындзинад у тынг ыстыр». Йæ фæлтæры прогрессивон хай цы хъуыды кодта æмæ йæ зæрды зæгъинагæй цы уыд, уыдон иууылдæр загъта Белинский. Белинский æнцой нæ зыдта, касти цардмæ, бæрæг æй кодта, агуырдта фæрæзтæ хæдхæцæг паддзах æмæ помещикты раппа- рынæн, агуырдта фæндæгтæ æцæгдзинадмæ ’мæ афтæмæй ыс- хызти, уыцы рæстæджы иттæг диссаг цы хъуыдытæ уыд, уыдон бæрзæндтæм — ысси диалектик æмæ материалист, æцæг маркси- стон æгъдауæй куыд æмбæрст цæуынц уыцы дзырдтæ, афтæ нæ. Белинскийæн йæ амæлæты фæстæ йæ идейон тырыса бафты- ди стыр демократтæ — Чернышевский æмæ Добролюбовмæ. Ре- волюцион демократийы раздзæуджытæ — Чернышевский æмæ Добролюбов райстой сæхимæ Белинскийы идейон бынтæ, сысты зæхкусджыты революцийы организатортæ æмæ идеологтæ, сыс- гы Уæрæсейы рæзты дарддæр къæпхæн æвдисæг. Мæ ныхасæн кæрон кæнын Добролюбовы дзырдтæй: «Бе- линский уыд раззагдæртæй раззагдæр. Уымæй дарддæр йæ фæл- 1æры адæмæй ничи ацыд». МАКСИМ ГОРЬКИЙ Йæ амæлæтыл дæс азы сæххсесты бонмæ 1893 азы Фридрих Энгельс «Коммунистон манифест»-ы ита- лиаг рауагъдæн цы раздзырд ныффыста, уым ахæм ныхæстæ ис: «Теперь, как и в 1300 году, наступает новая историческая эра. Даст ли нам Италия нового Данте, который запечатлеет час рож- дення новой пролетарской эры?» (К. Маркс и Ф. Энгельс. Соч.у т. XVI, ч. 2, стр. 327). зз§о
Пролетарон дуджы хъуамæ ног фыссæг фæзына, ахæм фыс- сæг, æмæ Дантейы хуызæн ног дуджы райгуырд чи равдиса йæ уацмысты. Фæлæ цавæр бæстæ хъуамæ радта ног Дантейы? Уый уыдзæн, æвæццæгæн, дунейы революцийы артдзæст кæм равзæ- ра, ахæм бæстæ. Ивгъуыд заманты аив литературæйы рæзт йæхæ- дæг кæй бацæттæ кодта, уый уыдзæн, æвæццæгæн, ахæм фыссæг. Ахæм бæстæ разынд Уæрæсе. Маркс æмæ Энгельс рагæй дардтой сæ хъус уыцы бæстæм. Уыдонмæ кæддæриддæр диссаг кастысты Уæрæсейæн йæ иде- йон раздзæуджытæ, йæ адæмты сæрибарыл тох, йæ аивад. Нудæсæм æнусы уырыссаг классикон литературæ æгас ду- нейы аивады дæр ахста сæйрагдæр бынæттæй иу. Ыстыр æмæ ахсджиаг уыд уымæн йæ ахадындзинад Уæрæсейы æхсæнадон царды. Нудæсæм æнусы Уæрæсейы цы идейон тох цыд, уый æппæтæй ирддæр, арфдæр æмæ æххæстдæрæй æвдыст цыд аив ’ литературæйы. Иттæг раст уыд В. Белинский, афтæ куы фыста: «Пока ещё только в искусстве и литературе, а, следователыю, в эстетической и литературной критике выражается интеллекту- альное сознание нового общества» («Речь о критике»). Уæрæсейы æхсæнадон царды цыдæриддæр хорзæй уыд, уыдон æмбырд кодтой литературæйы алыварс. Фидар æмæ ’нгом , баст уыдысты йемæ уырыссаг революционертæ. Аив дзырды дæснытæ чысыл нæ равзæрд декабристты ’хсæнæй. Уыдонæн сæ уацмысты идейон пафос тынг арф ахъардта Пушкин, Грибоедов, Лермонтов æмæ Герцены сфæлдыстады. Белинский, Чернышевский, Добролюбов, Некрасов æмæ Щедрины нæмттимæ фидар баст у революцион демократты тох. Йæ историон куыст «Что делать?», зæгъгæ, уым Ленин афтæ фыста: «Национальные задачи русской социал-демократии тако- вы, каких не было ещё ни перед одной социалистической партией в мире... роль передового борца может выполнить только партия, руководимая передовой теорией. А чтобы хоть сколько-нибудь конкретно представить себе, что это означает, пусть читатель вспом- нит о таких предшественниках русской социал-демократии, как Герцен, Белинский, Чернышевский и блестящая плеяда револю- ционеров 70-х годов; пусть подумает о том всемирном значении, которое приобретает теперь русская литература; пусть... да до- вольно и этого!» ^Ленин. Соч. т. IV, изд. 3-е, стр. 380—381). Уырыссаг революционерты æртыккаг фæлтæр, ыстыр хъару ’мæ стыр ныфсы политикон парти чи сарæзта, йе ’хсæнæй ду- нейы пролетариаты генион раздзæуджытæ кæмæн рацыд, уыцы фæлтæрæй хъуамæ рацыдаид ыстыр дзырды дæсны, стыр фыс- сæг æмæ йын аив нывты равдыстаид йæ зондахаст, йæ хъуы- ^ытæ. «Сомбоны уады æрыгон штурмантæ» хъуамæ бацæттæ код- таиккой «уадфидиуæджы» фæзынд. Уыцы «уадфидиуæг» разынд Максим Горький — ыстыр уырыссаг фыссæг. Большевизмы генион зарæггæнæг — Горький 05.36
уыд марксизм-ленинизмы бындурæвæрджыты ахуыргæнинаг æмæ уырыссаг классикон литературæйы идейон традициты бындар. Марксизм-ленинизмы ахуырад æмæ стыр уырыссаг литературæ тынг ахъаз фесты Горькийæн, цæмæй сæххæст кæна йæ истори- он хæс. Энгельс афтæ куы фарста, цымæ, Итали ног Дантейы ратдзæн æви нæ, зæгъгæ, уымæй афæдз раздæр Гуырдзыйы, калакаг газет «Кавказ»-ы фæзынд Горькийы фыццаг уацмыс «Ма- кар Чудра». Уыцы радзырд уыд аив литературæйы пролетарон дуджы райдайæн, йæ райгуырæн бон. Ыстыр у уырыссаг литературæйы дунеон ахадындзинад. Ма- хæн ам ныртæккæ уый фадат нæй, æмæ бæстон ныхас кæнæм уыцы фарстайыл. Зындгонд у æнæуый дæр, зæгъæм, Тургеневы сфæлдыстад скандинаваг фысджытыл куыд фæзынд, уый. Евро- иæйы номдзыддæр фысджытæ (граф Полен, Рене Базен, Эсто- нье æмæ æнд.) ахуыр кодтой Л. Толстойыл. Ыстыр ахадындзи- пад уыд фæсарæнты Достоевскийы сфæлдыстадæн. Фæлæ уыдо- нæй тынгдæр та æгас дунейы литератортыл, уæлдайдæр, йæхи дунейы демократон ызмæлдимæ чи сбаста, уыцы литератортыл, фæзынд Горький. Горький у ног пролетарон дуджы зарæггæнæг. Йæ дунеон ахадындзинады тыххæй раджы загъта Ленин. 1909 азы уый фы- ста афтæ: «Горький крепко связал себя своими художественны- ми произведениями с рабочим движением России и всего мира». Уымæй чысыл фæстæдæр та ноджы афтæ фыста Ленин: «Нет сомнения, что Горький громадный художественный талант, ко- торый принёс и принесёт много пользы всемирному пролетарс- кому движению». Горький рацыд адæмы ’хсæнæй æмæ схызт дунейы литера- турæйы кады бæрзæндтæм. Йæ бирæ зонындзинæдтæ уымæн йæхи хъæппæрисæй бафтыдысты йæ къухы. Уый ахуыр кодта æмæ размæ цыд, царды уæззау уавæртæ ссæндгæйæ. Цард йæ- хæдæг уыд йе скъола. Сомы номдзыд фыссæг чысылæй уыдис къахыдарæс уæйгæнæн дуканийы цумайы лæппу, уыйфæстæ сси дзулфыцæг, куыста къуымæл уæйгæнæгæй уынгты, къустæ ’мæ уидгуытæ ’хсæгæй иу цавæрдæр цæлгæнæны æмæ а. д. Лæппу ма уыд, афтæмæй Горький фистæгæй фæзылд Уæрæсейы алы къуымты. Уыдис Каспийы быдырты, Кавказы, Украинæйы, Хъы- рымы, Бессарабийы. Уыцы рæстæг уый хорз базыдта æрмæст уырысы цард нæ, фæлæ чувашты, тæтæры, хъалмыхъы, украи- пæгты, гуырдзыйы, сомихы æмæ æндæр адæмты цард. Фынддæс азы йыл цыдаид Горькийыл, революцион куыстмæ йæхи хæстæг кæнын куы байдыдта, уæд. Ыстыр цауыл^баныма- инаг у, Горький 1905 азы Ленинимæ кæй базонгæ, уый. Йе сфæл- дыстад цы у, уымæй, йæ цард æппæтæй дæр Горький ыснывонд кодта фæллойгæнæг дзыллæтæн. Дæс азы размæ Горький амард. 22* зззо
Горькийы цард æгасæй дæр у пролетариаты, йæ бирæ аив уацмыстæй йæхи фидар ысбаста пролетариаты тохимæ. Уыцы уацмыстæ зындгонд ысты чиныгкæсæг дзыллæтæн ам, нæхимæ, æмæ æгас дунейы дæр. Ем. Ярославский иу ран Горькийы тыххæй афтæ фыста: «Бу- ревестник» Горького — это боевая песнь революции. Вряд ли в нашей литературе можно найти произведение, которое выдержа- ло бы столько изданий, как «Буревестник» Горького. Его пере- печатывали в каждом городе, он распространялся в экземпля- рах, отпечатанных на гектографе и на пишушей машинке, его переписывали от руки, его читали и перечитывали в рабочих кружках и в кружках учащихся. Вероятно, тираж «Буревестни- ка» в те годы равнялся нескольким миллионам». Æмæ ноджы дарддæр: «Озлобленным воплем звучат голоса черносотенцев в этот период. Черносотенный «Голос Руси» пи- шет в корреспонденции, что «Поволжье стоном стонет от этого разлива максимовской горечи». Избавьте нас от Горького! Из- бавьте нас от пораженческой литературы!» Горький æрмæст революцийы зарæггæнæг æмæ уадфидиуæг нæ уыд, фæлæ, Ярославский куыд зæгъы, афтæмæй уый уыд болыпевикон партийы активон архайæг æмæ хæстон. Зындгонд уырыссаг фыссæг Леонид Андреев 1901 азы фыста Горькиймæ: «Ещё бы вернее назвать вас «буреглашатаем... Вы не только со- общаете о грядущей буре: вы бурю зовёте за собой». Горькийы хъæлæсмæ хъуыста дунейы кусæг кълас. Хъуыс- той йæм æппæт раззагдæр интеллигенци æмæ раззагдæр фыс- джытæ. Æгас дунейы литературæ æмæ революцион ызмæлды Горькийы ахадындзинад цас бирæ у, уый тыххæй дзурынц Ев- ропæйы фысджытæй бирæтæ. «М. Горький... пользующийся громкой известностью в мире искусства, человек глубокого ума, несёт свой талант и свою сла- ву на поле революционных битв и с той стороны баррикад обра- щается с призывом к западной интеллигенции», — афтæ фыста Ромен Роллан 1931 азы. Æндæр номдзыд францусаг фыссæг Ана- толь Франц зæгъы, зæгъгæ, Горький ма суанг йе сфæлдыстадон фæндаджы райдайæны дæр ыстыр лæггад бакодта дунейы ли- тературæйæн. «Такой талант, как Горький, — фыссы дарддæр А. Франц, — принадлежит всему миру». 1906 азы, Францы «Уырыссаг адæмы хæлæртты æхсæнад» арæзт куы ’рцыд, уæд Горький Анатоль Францмæ ныффыста стыр писмо. Уыцы писмойы ахæм ныхæстæ ис: «Для меня земля — гордое сердце вселенной, искусство — огненное сердце земли, люди искусства — фибры её сердца... Искусство чувствует за всех, грустит со всеми, оно неиссякае- мый источник любви и правды... И только для людей искусства воистину нет эллина, нет иудея... Кто искренно любит человека — должен помочь русскому народу скорее сбросить с своей грудй С>338
пго людей, развращающих душу его, душу глубокую, мягкую, душу прекрасную!» Анатоль Франц Горькийæн дзуапп цы писмойы радта, уым фыссы: «Приветствую и чту Вас, как поэта и человека действия, цмевшего счастье пострадать за дело, которому служит Ваш ге- пий. Это дело восторжествует, воля и любовь создают жизнь. Сны гениев — истина. Пророчества великих сердец сбываются. Максим Горький, за Вас в нашей стране самые гордые сердца, самые высокие души». (В кн.: Горький. Ранняя революцыонная публицистика.) 1919—1921 азты Горький кодта стыр æхсæнадон куыст. Уый уьтд «Æххормаг адæмæн æххуысы æппæт Уæрæсейы комитет»-ы сæргъы. Уыцы рæстæг уый ныффыста сæрмагонд сидт Хурны- гуылæны раззагдæр интеллигенцимæ. Æмæ дзæгъæлы нæ фæци Горькийæн йæ фæдис. Европæйы фылдæр бæстæты арæзт æрцыд æххормаг адæмæн æххуысы комитеттæ. Зындгонд немыцаг фыс- сæг Гергарт Гауптман афтæ фыста уæд йæ дзуаппы писмойы: «Я осмелюсь утверждать: весь цивилизованный мир услышал Ваш потрясаюший призыв, услышал его сердцем, ои не оставит его без внимания». 1932 азы стыр англисаг фыссæг Бернард Шоу мыхуыры ра- уагъта «Герои Горького несли в себе революцию», зæгъгæ, ахæм статья. Уыцы статьяйы Б. Шоу фыста афтæ: «Количество писа- телей, произведения которых получают известность за границей, очень невелико. Горький — один из них. Перед революцией, в 19 веке, в Англии из русских писателей вызывали сильный интерес сперва Тургенев и Толстой, затем Достоевский и, наконец, Горь- кий и Чехов. Из этих писателей только Горький нарисовал путь революции». (Торький. Материалы и исследования, т. I.) Ис ахæм фысджытæ, сæ уацмыстæ дунейы культурæйы хæз- надонмæ кæмæн бацыдысты. Уыдон тæлмац кæнынц æппæт æвзæгтæм дæр, æхсызгон æмæ сæ разæнгардæй кæсынц дзыл- лæтæ. Горький у æппæтдунеон фыссæг. Уымæн йе сфæлдыстады тынг ирдæй æвдыст æрцыд ыстыр уырыссаг адæмы курдиат, йæ иыфс, йе ’хсар æмæ йæ хъару. Уырыссаг адæмы царды та ис, фæлтæрæй-фæлтæрмæ ивгæ чи цыд æмæ афтæмæй чи райрæзт, ахæм æппæтдунеон апп. Горькийы сфæлдыстады сиу ысты арф революцион хъуыды ’мæ адæмондзинад, ныфсхаст зæрдæйы уаг æмæ райгуырæн бæстæ уарзыны героикæ. Горький у интернационалон фыссæг. Уый ысфæлдыстадон æгъдауæй æнгом баст уыд дунейы раззагдæр фысджытимæ. Горькиймæ цы цæстæй касти, уый тыххæй 1931 азы ахæм ныхæстæ загъта Ромен Роллан: «Я протянул свои корни и достиг под почвой Европы плодородных пластов русского народа, ог- ромной жизни, пробуждённой в глубине СССР. В конце этой 339о
подземной работы мои корни встретились с корнями Горького, и они братски сплелись с ними». Горький ыстыр аргъ кодта, чысыл адæмтæй цы фысджытæ ра- цыд, уыдонæн. Уыцы фысджытæ стыр курдиатджынæй равдыстой сæ адæмты бæллицтæ, сæ адæмты ’нкъарæнтæ, сæ хъуыдытæ ’мæ сæхæдæг дæр ыстыр аргъ кодтой Горькийæн. «Крепко полюбил Вас и чувствую благодарность к случаю, который нас свёл», — фыста Горькиймæ зынгæ украинаг фыссæг Коцюбинский. Проф. Городецкий Хетæгкаты Къостайы тыххæй цы мыси- нæгтæ ныффыста, уым ис ахæм бынат: «Пока я сидел у постели1, больной забрасывал меня вопросами о литературных новостях. Со мной была книжка «Нового слова». Он взял её и начал про- сматривать. Внимание его остановил горьковский «Коновалов». — Прочти мне, — попросил Коста. Я исполнил его просьбу. — Что тебе больше всего нравится у Горького? — спросил Коста. — На чём основан его успех? — Думаю, что ценность его таланта заключается в замеча- тельной наблюдательности, в заражающей читателя свежести вос- приятия и необыкновенно высоком развитии чувства природы, — ответил я. — Да, ты прав. Наблюдательность Горького особая: она ни- когда не тонет в мелочах, схватывая немногие, но зато самые основные черты. Колоритность, говоришь? Она у Горького уди- вительная. Жизнь сера, а русская в особенности; но зоркий глаз Горького окрашивает тусклость обыденщины. Он сумел найти живописную яркость там, где до него видели одну лишь бесцвет- ную грязь, и развернул перед изумлённым читателем целую га- лерею типов, мимо которых прежде равнодушно проходили, не подозревая, что в них столько захватывающего интереса». Зындгонд у, Горький ыстыр курдиаты хицау дзуттаг сати- рик Шолом Алейхеммæ, дагъистайнаг ашуг Сулейман Стальс- киймæ æмæ иннæтæм дæр цы цæстæй касти, æмæ йын уыдон дæр цы аргъ кодтой, уый. Зындгонд у дарддæр, Горький зæронд Уæрæсейы чысыл адæмты поэзи куыд бирæ уарзта æмæ йæ куыд хæстæг райста йæ зæрдæмæ. Мæ ныхасы кæрон ма иу-цалдæр дзырды зæгъын Горькийы философон æмæ эстетикон цæстæнгасы тыххæй. 1928 азы 27-æм июны Калачы, советы кадджын æмбырды ныхасгæнгæйæ, Горький дзырдта: «Если бы я был критиком и писал книгу о Максиме Горьком, я бы сказал в ней, что сила, которая сделала Горького тем, что он есть, каким он стоит перед вами, тем писателем, которого вы так преувеличенно чтите, кото- ррго так любите, заключается в том, товарищи, что он первый в 1 Уыцы рæстæг Къоста рынчынæй хуыссыд Бетъырбухы рынчындоны. (Нигеры фиппаинаг.) О340
русской литературе и, может быть, первый в жизни вот так, лич- но, понял величайшее значение труда, образующего всё ценней- шее, всё прекрасное, всё великое в этом мире». Иу æндæр ран та Горький афтæ зæгъы: «Труд масс является основным организатором культуры». Фæллойы пафос Горький тынг æнгом ысбаста кълассон тохы пафосимæ. Фæллой — уый у Горькийы эстетикæйы бындур. Марк- сизм-ленинизмы ахуырадыл æнцайгæйæ, Горький эстетикон тео- рийы сарæзта æнæхъæн революци. «Свободный труд, — фыста Горький, — вот точка опоры, которую требовал Архимед, чтобы перевернуть мир». Фæллой æмæ аивад, Горькиймæ гæсгæ, иу къæпхæныл лæууынц. «Мы должны выучиться понимать труд как творчество», — фыста Горький. Горький æнауæрдон тох кодта декадансы эстетикæйы ныхмæ. Уыцы тохæн ыстыр ахадындзинад ис. Уыцы тохы рабæрæг, Горь- кий аивады æнусон темæтæм цы цæстæй каст, уый дæр. Цы у, зæгъæм, æрдз? Горькийы размæ иутæ афтæ дзырдтой, зæгъгæ, æрдзы ницавæр фæтк ис, æрдз цы у, уымæй иууылдæр у дзол- гъо-молгъо æмæ ’мтъеры. Иннæтæ та æрдзы уыдтой æрмæстдæр фидар æгъдау æмæ гармони. «Для меня, — фыста Горький, — природа, если не хаос, то уж, конечно, не гармония, а именно материал. Наша человеческая задача — обрабатывать, гармони- зировать этот сырой материал». Горький домдта, цæмæй аивады сæйрагдæр бынат бацахса лæг. Æндæр цæстæй акасти Горький Уарзондзинад æмæ Мæлæты темæтæм. Уый ралæууыд, афтæ чи дзырдта, аивады æрмæстдæр иу темæ: Уарзондзинад æмæ Мæлæт ис, зæгъгæ, уыцы декадент- ты ныхмæ. Декаденттæм гæсгæ Уарзондзинад баст у тухитæ ’мæ хъизæмаримæ, Мæлæт та æрæнцайын кæны æмæ ’рсабыр кæны æппæтдæр. Горький йе сфæлдыстады суанг йæ райдайæнæй æвдыста Уарзондзинад æмæ Мæлæты ’хсæн фидыд нæ, фæлæ сæ кæрæ- дзийы ныхмæ тохы пафос. Уыцы тохы фæуæлахиз вæййы цард, лæг уæлахиз кæны æрдзыл. Уарзондзинад фæуæлахиз вæййы Мæлæтыл, басæтты йын йæ тых æмæ йе ’хсар. Тох æмæ сфæл- дыстады фæрцы адæймагæн нæй мæлæт. Уыдон ысты, Горькийы æппæт ысфæлдыстад дæр цардхъом чи кæны, уыцы хъуыдытæ. НАРТЫ КАДДЖЫТЫ БÆРЗОНД АИВДЗИНАДЫ СÆЙРАГ БÆРÆГГÆНÆНТÆ Нарты кадджытæн наукон æгъдауæй сæ ахадындзинад бирæ кæй у, уый фæдыл фыст бирæ ’рцыди, стæй хорз æмæ лæмбы- нæг фыст. Æмæ æз ныртæккæ ууыл дзуринаг нæ дæн. Мæн фæнды зæгъын цалдæр ныхасы Нарты кадджытæн сæ аивдзина- ды тыххæй. Раст зæгъын хъæуы, уыцы фарст дæр ног нæу — 341о
арæх æрцæуы Нарты кадджытæн сæ аивдзинады кой дæр. Уæл- дай хуыздæр, уæлдай лæмбынæгдæр уыцы фарсты фæдыл фыс- сы Абайты Васо. Фæлæ Абайы-фырт дæр уыцы фарст сæрма- гондæй никуыма ’рæвæрдта йæ разы, æмæ уымæ гæсгæ Нарты кадджытæн сæ аивдзинады тыххæй кæрæй-кæронмæ бæстон ны- хас нæма загъта. Бæстон ныхас, зæгъгæ, æз афтæ не ’мбарын, æмæ, Нарты кадджытæн сæ аивдзинад циу, уый иууылдæр зæгъ. Нæ — уый тынг ыстыр хъуыддаг у, æмæ, æвæццæгæн, иу куыс- ты мидæг иу лæгæн уый йæ къухы афтæ ’нцонтыл нæ бафтдзæ- ни. Бæстон ныхас, зæгъгæ, уый æз афтæ ’мбарын, æмæ, сбæрæг кæн, æмткæй цæй мидæг ис Нарты кадджытæн сæ аивдзинад, уый. Аивдзинадæн йæ сæйрагдæр бæрæггæнæн уфæлгонц (обрæз). Фæлгонц кæнæ фæлгонцтæ цас æххæстдæр уа (уой), уыйас уацмыс аивдзинадæй вæййы хуыздæр, бæрзонддæр. Нарты кадджыты цы адæймæгты фæлгонцтæ ис, уыдон ысты тынг æххæст, индивидуализацигонд æмæ монументон. Дыууæ- йæн дзы кæрæдзиимæ схæццæ кæнæн нæй: Уырызмæг у Уырыз- мæг, нæдæр Хæмыцы хуызæн у, нæдæр Сосланы кæнæ Сырдо- ны. Сатана у Сатана, нæдæр Агуындæйы хуызæн у, нæдæр Бе- духайы. Нарты кадджыты алы фæлгонцы дæр æвдыст цæуы хицæн миниуæг кæнæ хицæн миниуджытæ. Уырызмæг — Нарты цытджын хистæр, зондджын, хиуылхæцгæ, Нарты ’хсæн фæлмæн, фæлмаст лæг. Ничи дзы фехъусдзæн зыст ныхас, тызмæг дзырд, сонт дзырд: бирæ чи фæхатт, æнæсгæрст къуым кæмæн нал баззад уыцы заманы ду- нейы, ахæм фенæг лæг; йæ зонд Нарты адæмæн хæлæг чи нæ кæны, Нарт Нарт уой, дæлдæр макæмæй уой тыхæй дæр æмæ æгъдауæй дæр, кадæй дæр æмæ радæй дæр, зæгъгæ, ууыл лæуд чи у; Нарты адæм кæмæ хъусынц — нæлгоймагæй, сылгоймагæй, ыстырæй, чысылæй, кад кæмæн кæнынц, æгъдау кæмæн дæт- тынц, ахæм зæронд лæг; хъуыддагыл лæмбынæг чи ахъуыды кæны, сайд кæуыл нæ цæуы, Нартмæ худинаг чи нæ уадзы йæ зонды фæрцы, йæ ном дардыл хъуыст кæмæн у, уыцы Уырыз- мæг; йæ кæрдзындæттоны тыххæй æрдхæрæнæн чи баззад, Нар- ты кæрæдзимæ æнгом кæныны хъуыддаг йæ зонд æмæ йæ ту- джы арф бынат кæмæн ахсы, бинонты рæвдауæг, бинонтæм фæл- мæн ныхасгæнæг чи у, — уыцы Уырызмæг; Нарты знæгты ныхмæ фидарæй чи хæцы, Нарты адæмы разæй йæхи уды кой, йæхи бинонты кой чи нæ кæны, уыцы Уырызмæг. Уырызмæджы фæлгонц афтæ хорз æвдыст цæуы кадджыты мидæг, æмæ, «Уырызмæг», зæгъгæ, куы фехъусы, Нарты кад- джытæ хорз чи зоны, уый, уæд йæ цæстыты раз æрбалæууы урсзачъе бæрзонд, уæнгджын, зондджын, хорзæхсæст номдзыд зæронд лæг, йæ типты кæрц — йæ уæхсчытыл, йæ цирхъ — йæ 0,342
фарсыл, йæ пылыстæг лæдзæг — йæ къухы, афтæмæй Нарты цытджын ныхасы Нарты адæмæн зæлдагуадзæгау фæлмæн хъæ- лæсæй арф, зонды ныхас чи кæны, ахæм зæронд лæг; йæ барæв- зæрст — Нарты Сатанаимæ йе ’ргъæу уæтты чи бады, дзаг фынг ]\æ разы, афтæмæй, æмæ, Нарты адæмы царды уаг раст æвæрд уа, зæгъгæ, уыцы ныхас чи кæны. X æ м ы ц — Уырызмæджы кæстæр æфсымæр, кæстæр канд гуырдæй нæ, фæлæ зондæй дæр, хъаруйæ дæр æмæ ’гъдауæй дæр. Ис ахæм ирон æмбисонд: «Хъулæттæ иу мады хуылфæй дæр цæуы». Уырызмæг æмæ Хæмыцы ’хсæн æмхуызондзина- дæй ницы ис. Ирон царды-иу æфсымæртæй иу рауади «магу- сайæ цæлуарзаг». Хæмыц дæр у раст ахæм. Чындзæхсæвтыл зилын, бахæрын, баназын, рæстæг хъæлдзæгæй арвитын, сыл- ваз митæ кæнын — уыдон ысты Хæмыцы бæрæггæнæнтæ. «Хæ- мыцы рихи», «архъызы дæндаг» — уыцы дзырдтæй бæрæг кæ- пынц Хæмыцæн йæ сурæт дæр æмæ йæ миниуджытæ дæр. Нар- ты ныхасы Нартæй чи хуыздæр у, зæгъгæ, ууыл ныхас куы цыди, уæд Нарты адæм сæхуыддæг тынг хорз равдыстой Хæмыцы су- рæт. Æз ыл нал фæдзурдзынæн. С о с л а н — Нарты «нæрæмон». Сослан — æндон, хъæба- тыр, æнæхатыр нæртон гуырд. Йæ хъæбатырдзинад, йæ тых, йæ хъару кæм нал фæфаг кæнынц, уым хиндзинадæй ыскæны йæ- хицæн хотых. Ызнагыл фæуæлахиз уæвыны сæраппонд Сослан пайда кæны алы мадзæлттæй дæр. Хæрзконд, æвзыгъд, æрхъæцмæ нæ хъæцы, йе знагыл цалынмæ фæуæлахиз уа, уалынмæ æрæнцой нæ зоны, йæхицæн бынат нæ ары, ахæм у Сослан. Алцæмæ дæр ныфсхæссæг, æмæ йæ фыр ныфсхастæй хаттæй-хатт цъысымы дæр бахауы, фæлæ уæддæр йæ амонд фæуæлахиз вæййы («Сослан æмсе Гуымаг лæг», «Сослан — ты- хагур» æ. а. д.). Батрадз— Нартæн сæ тæккæ хъаруджындæр, æппындæр аипп кæмæ нæ арынц Нарт, уыцы болат Батрадз. Лæгæй-лæгмæ æргом чи цæуы знаджы ныхмæ, хиндзинадæй мисхалы бæрц дæр кæмæ нæ хæццæ кæны, Нарт се ’хсæн хуыздæрæн кæй равзæр- стой, уый. Сослан æмæ Батрадз кæд дыууæйæ дæр æндон гу- ырдтæ сты, кæд сæ дыууæйæн дæр сæ хъæбатырдзинадæн кæ- рон нæй, уæддæр ысты хицæн фæлгонцтæ; сæ сурæтты дæр æмæ сæ удыхъæдты дæр иудзинадæй ницы ис. Батрадзæн тыхгæнæг тых никуы ссардта. Батрадз Сосланау цъысымы никуы бахауд. Раст, æнæхин, æнæкæлæн. С ы р д о н. «Арвы хин æмæ зæххы кæлæн», «Нарты фыд- былыз Гæтæджы фырт гæды Сырдон» — ахæм ныхæстæй бæ- рæггонд цæуы кадджыты Сырдон. Бирæ ныхас цæуы Сырдоны фæлгонцы алфамбылай. Чи йæ куыд æмбары, чи куыд. Æз дæр зæгъын мæ ныхас. Нарты кадджыты геройтæй алкæцы дæр у хицæн миниуджыты хицау, хицæи идейæ æвдыст кæм цæуы, ахæм. Сырдон у фыддзинад (зло) хæссæг. Адæймаджы хорз 343о
миниуджытæ, царды хорздзинæдтæ сæхицæн бынат ыссардтой Уырызмæг, Сослан, Батрадз, Сатана, Бедуха, Акула, Агуындæ æмæ иннæты фæлгонцты. Фыддзинад та æвдыст цæуы Сырдоны фæлгонцы. Сырдон у демоны фыдминиуджытæ хæссæг фæлгонц. Лермонтов цæйау загъта: «Собранье зол — его стихия!» Нарты ’хсæн фыдбылызæй цыдæриддæр цыд, уыдон цыдысты Сырдо- ны аххосæй. Хæмыц, Сослан, Батрадз — уыдон бабын ысты Сырдоны фыдæй. Кæд хаттæй-хатт Сырдон æвдыст цæуы, юмор йæхицæн бынат цы фæлгонцы ссардта, ахæм фæлгонцы хуызы, уæд уый тыххæй æз афтæ зæгъинаг дæн: юморы элементтæ Сыр- доны фæлгонцмæ хаст æрцыдысты фæстæдæр рæстæджы. Раз- дæр Нарты кадджыты, æвæццæгæн, уыдис дыууæ фæлгонцы: иу — Сырдон — фыддзинадхæссæг, уæлдæр куыд загътон, афтæ, иннæ та — юморхæссæг. Уыцы дыууæ фæлгонцы баиу ысты фæстæдæр дугты, фæлæ уыцы иугонд фæлгонцы сæйрагдæр бынат æрцахста фыддзинад (зло). «Сырдон Нартæн хорздзи- нæдтæ кодта» — афтæ фæзæгъынц бирæтæ ’мæ ’ркæнынц, Сыр- дон Нартæн фæндыр куыд балæвар кодта, уый кой. Сырдон фæндыр кæй сарæзта ’мæ йæ Нартæн кæй балæвар кодта, уый, æнæмæнг, хорздзинад у, ыстыр хорздзинад. Фæлæ уый цæмæн рауад: Сырдон Нартæн фæкодта æнæкæрон æмæ æнæбын фыд- былызтæ, фæлæ фæстагмæ йæ фыдбылызтæ йæхиуыл æрзылды- сты — Хæмыцы хъуг адавта, æмæ йын Хæмыц, уый фыдæнæн, йæ бинонты аргæвста æмæ сæ аджы бафтыдта, Хæмыцæн йæ хъуджы фыдтæ цы аджы фыхтысты, уыцы аджы. Сырдон уый куы федта, уæд йæхимæ ’ркаст, бамбæрста, фыддзинад цы «ад» кæны, уый, æмæ ’рфæсмон кодта. Трагедийæ равзæрди музыкæ! Уый у ыстыр хъуыдыдзинад Нарты кадджыты. Сырдон, цæмæй йæ фыддзинæдтæ барст æрцæ- уой, уый тыххæй бацыд Нарты ныхасмæ ’мæ зæгъы: «Ай уын мæ лæвар, Нарт, æмæ мæ уемæ цæрын уадзут!» Нарт ысразы сты. Демон фыддзинæдтæ фæкодта, фæлæ фæстагмæ схъыг ис фыддзинæдтæ кæнынæй. «И зло наскучило ему». Фæфæсмон кодта. «Хочу я с небом примиршпъся, Хочу любитЬу хочу молиться, Хочу я веровать добру». (Лермонтов) Сырдон фæндыр кæй æрхъуыды кодта ’мæ йæ Нартæн кæй радта, уый у ыстыр хъуыды Нарты эпосы: царды ис фыддзинад, фæлæ цасфæнды ахæсса уыцы фыддзинады дуг, уæддæр æй рæстдзинад басæтдзæн. Сырдон-фыддзинад — бирæ фыдбылызтæ фæкодта Нартæн, фæлæ йæ фыдбылызтæ фæстагмæ йæхи сæ- рыл æртыхстысты æмæ фæфæсмон кодта, æмæ сæргуыбырæй фидыд æркуырдта Нартæй. Нарт фыддзинадыл фæуæлахиз ысты! 0344
Сырдон фыдбылызæй дарддæр Нартæн хорздзинад никуы ракодта. Хæмыцы мæлæт, Сосланы мæлæт, Батрадзы мæлæт, хъомгæсы фырты мæлæт Хызы фидар сæтгæйæ, Нарт балцы куы ацыдысты, уæд уæйгуыты хæдзары цы фыдæвзарæны ба- хаудтой, уый, æ.а.д. — уыдон иууылдæр ысты Сырдоны фыд- былызтæ. Ацæмæз, Маргъуыц, Сæууай, Арæхдзау, С ы б а л ц æмæ иннæтæ — уыдон се ’ппæт дæр ысты хицæн фæлгонцтæ, — æххæст æмæ индивидуализацигонд. Афтæ ’ххæст ысты Нарты кадджыты мидæг сылгоймæгты хуызтæ — фæлгонцтæ дæр. Сатанайы тыххæй бирæ ’рцыди фыст æмæ сæм æз ницыуал бафтауинаг дæн. Фæлæ зæгъын Акула æмæ Бедухайы тыххæй. А к у л а — авд æфсымæры иунæг хо, арвы рухс æмæ зæххы фидауц. Нарты гуыппырсартæ бæллынц йæ уындмæ, фæлæ уый сæ къухы не ’фты. Зæронд Уырызмæгæн бантыст Акулайы рæ- сугъды Нарты симдмæ æркæнын. «Мемæ расим! Мемæ расим!», зæгъгæ йæм Нарты гуыппырсартæ радыгай цæуынц, фæлæ дзы Акула кæмæ цы фау æрхæссы, кæмæ цы фау. Фæстагмæ йæм бацыд Батрадз. Уымæ ницы аипп ары Акула-рæсугъд, фæлæ йын йæ разы æвæры хæс: Нарты хистæртæй иуы, Уон, зæгъгæ, йæ ном — уый ахаста Хъæндзæргæс-уæйыг; кæд Батрадз Уоны Хъæн- дзæргæсы уацарæй ракæна, уæд Акула сразы уыдзæн Батрадзимæ канд расимыныл нæ, фæлæ йæ цард бабæттыныл дæр. Батрадз ацыд, Хъæндзæргæсы амардта æмæ Уоны æркодта Нарты бæстæм. Акула йæ ныхас нал фæсайдта. Нарты адæмы ’хсæн куыннæ уыд, æвзонг чызджы зæрдæмæ чи фæцыдаид, ахæм гуырдтæ. Чи цы загътаид уынд æмæ кон- дæй дурæй гуырд Сосланæй, кæнæ Къандзы фырт хæрзконд Сæу- уайæ! Фæлæ Акула-рæсугъд йæхицæн къайæн равзæрста сау- дзагъд, къуыпных æмæ хорадзаст болат Батрадзы. Б е д у х а — Сосланы ус. Дуне-дзыллæйы эпосты бирæ ис, йæ лæгыл иузæрдион чи уыд, ахæм сылгоймæгты фæлгонцтæ. Уыдоны æхсæн Бедухайы фæлгонц йæхимæ æркæсын кæндзæн, Беатричейы фæлгонцау. Сослан мæрдты бæстæм куы бафтыд Аза-бæласы сыфтæ агурæг, уæд уым фембæлд йæ мард ус Беду- хайыл. Сослан æй фæфæрстытæ кодта, мæрдты бæсты цы дис- сæгтæ федта, уыдонæй. Бедуха йын дзуаппытæ фæлæвæрдта. Уæд æй Сослан фæстагмæ фæрсы: — Ардæм куы ’рбацыдтæн, уæд дæ сæр дæ гуырыл цæуыннæ уыд? Уый та цы диссаг у? — Æмæ уый та куыннæ зоныс? — загъта Бедуха. — Мæ сæр æдзухдæр демæ вæййы. Æз дын ардыгæй бирæ æххуыс кæнын. Ардæм куы сфæнд кодтай, уæд дæр дын фæндæгтæ мæ руаджы суæгъд ысты. Ды дард балцы куы вæййыс æмæ дæ сæрмæ сау асæст куы фæцæуы, уæд дын уый дæр æз вæййын, цæмæй ху- рæй ма фæлмæцай. Хæсты куы вæййыс, уæд, демæ чи фæхæцы, 34§0
уыдонæн сæ сæрмæ тыгъдызæй куы ныллæууы, уæд уый дæр æз вæййынц, де ’фсæдтæ кæд фæтыхджын уаиккой, зæгъгæ. Ирд, хæдуагъд, аивдзинадæй æххæст, хæццæмæ чи нæ комы — ахæм ысты, Нарты кадджыты цы адæймæгты фæлгонцтæ ис, уыдон. Нарты кадджытæ тынг хъæздыг ысты сюжетæй. Нарты кад- джыты иугонд тексты ис сæдæйы бæрц хицæн сюжеты. Æмæ хъуыддаг, бирæ сюжеттæ дзы ис Нарты кадджыты, зæгъгæ, уый мидæг нæй. Сюжеттæн сæ бирæ нæу хъуыддаг кæнæг, фæлæ сæ хъæд. Сюжетæй сюжеты ’хсæн бирæ зæхх вæййы. Уацмысæн йæ сюжет цас рæсугъддæр, цас диссагдæр уа, уыйас уацмыс вæййы хуыздæр. Нарты кадджыты ’хсæн иу дæр ахæм нæй, æмæ йæ сюжет зæрдæмæ кæмæн нæ фæцæуа, диссаг чи нæ уа. Хицæн кадæгмæ хъусгæйæ, адæймаг ахæм уавæры бафты, ’мæ, цалынмæ кадæг йæ кæронмæ ахæццæ уа, уæдмæ йæ кадæггæнæджы цу- рæй ацæуын нал æмæ нал фæфæнды. Цымæ, куыд уыдзæн, цымæ, цæуыл ахицæн уыдзæн, зæгъгæ, ахæм дисы бафты адæймаг. Кадæгмæ хъусгæйæ, лæгæн йæ бар йæхи нал вæййы: кадæджы сюжет æй йæхимæ ласы. Мæнæ калм хæфсмæ куы ныккæсы, æмæ хæфсæн йæ бон куыд ницыуал вæййы ’мæ калмы дзыхмæ куыд бацæуы, раст афтæ вæййы адæймаджы хъуыддаг дæр, Нар- ты кадджытæм хъусгæйæ. Нарты кадджытæй алы кадæг дæр, хицæнæй райсгæйæ, у сæрмагонд æххæст уацмыс, сюжеты эле- менттæ — райдайæн, архайды нывæст, кульминаци æмæ кæрон- бæттæн кæм ис, ахæм. Нарты кадджыты сюжеттæ сты алыхуызон. Кадджыты сю- жеттæн се стыр миниуджытæй иу у уый, æмæ дзы тынг бирæ ис, æгас дунейы зынгæдæр эпосты æмæ поэтикон уацмысты цы дис- саг, æгасдунеон элементтæ ис, ахæмтæ. Зæгъæм: Уырызмæг æмæ Сохъхъыр уæйыг — Одиссей æмæ Полифем; Сослан æмæ Хызы фырт — Ахиллес æмæ Гектор; Уырызмæг æмæ Сатана Нарты куыд хуыдтой, уый — Калевалæйы чиндзæхсæвмæ куыд хонынц, уый; Сослан мæрдты бæсты — Данте — «Божественная комедия», Нарты сау рувасдзармы кадæджы Уырызмæджы æмбисонд — Апулей — «Сызгъæрин хæрæг», Ацæмæз — Орфей, кæнæ Вейне- мейнен æ.а.д. Нарты кадджыты ис бирæ æгасдунеон мотивтæ: Батрадз у æндон, йæ тъангæй фæстæмæ, Сослан у æндон, йæ уæрджыты сæртæй фæстæмæ — Ахиллесы зæвæт; Уырызмæгæн йæ зæнæг йæхи къухæй бацыдысты мæрдтæм — Кронос хæры йæ цоты; Батрадз зæххы æмуæз дзæкъул исы — Микула Селяни- нович — «Тяга земли» æ.а.д. Нарты кадджытæ композицион æгъдауæй сты æххæст. Алы кадæгæн дæр йæ хицæн хæйттæ кæрæдзимæ баст ысты, куыд æмбæлы, афтæ, алцыдæр дзы ис, аивады домæнтæм гæсгæ йын цы бынаты уæвын æмбæлы, уыцы бынаты. Æмæ йæ уыцы бына- тæй куы фæиртæсын чындæуа, уæд кадæгæн йæ аивдзинад фе- хæлдзæн. Афтæ у алы аивадон уацмысы, æххæст уацмысы хъу- СЛ246
ыДДаг ДæР- Зæгъæм, Къостайы уацмыс «Сидзæргæс»-ы иу стро- файæн йæ бынат аивгæйæ уацмыс æппæтæй дæр фехæлдзæн, строфа нæ, фæлæ дзы дыууæ стихы кæрæдзи бынæттæм куы ахæссай, уæд дæр рауайдзæн афтæ. Лæмæгъ уацмысты хъуыд- даг афтæ нæу: уыдоны ис ивдтытæгæнæн — уый у сæ лæмæгъ- дзпнадæн йæ тæккæ сæйрагдæр бæрæггæнæн. Нарты кадджы- 1æй алы кадæг дæр у хæдуагъд; нæй дзы исты аппарæн, нæй пæм исты бафтауæн. Хуымæтæг, æнцонæмбарæн æмæ рæсугъд — уьтй у Нарты кадджытæн сæ композицийы бæрæггæнæн. Нарты кадджыты мидæг архайджыты миниуджытæ бæрæг- гонд цæуынц дзыхы дзырдтæй нæ, фæлæ архайдæй. «Батрадз хъæбатыр у», «Батрадз раст лæг у», «Батрадз хиуылхæцгæ у», :зæгъгæ, ахæм бынат никуы ис Нарты кадджыты. Батрадзæн уыцы миииуджытæ æвдыст цæуынц йæ миты, йæ хъуыддæгты. Афтæ шшæты миниуджытæ дæр. Æмткæй зæгъын хъæуы уый, æмæ Нарты кадджыты сæйраг бынат ахсы архайд, ныхæсты фæрцы пæ, фæлæ архайды фæрцы æвдыст цæуынц цаутæ. Архайд цæуы тагъд, хохæй хохмæ къахдзæфгæнæгау. Нарты кадджытæн се стилы хицæндзинад у уый, æмæ дзы ныхас даргъ нæу, фæлæ цыбыр æмæ сыгъдæг. Цыма æнæвдæлон уыдысты кадджытæн се ’рымысджытæ, уый хуызæн лыстæгдзинæдты кой нæ кæнынц. Хаттæй-хатт ныхас дæр йæ кæронмæ нал ахæццæ кæнынц — уый сæр нал фæхъæуы, уымæн æмæ архайдæн йæхицæй бæрæг вæййы, цы уыд æмæ цы уыдзæн, уый. Цæвиттон, афтæ у: «Дзырд- тæн — уынгæг, хъуыдытæн — уæрæх». Литературæ ’мæ фольклорæн се ’рмæг у дзырд. Кæй зæгъын æй хъæуы, æрмæг цас хуыздæр уа, уыйас, æрмæгæй цы арæзт цæуы, уый дæр хуыздæр вæййы. Нарты кадджытæн се ’взагæн æмбал нæй: хъæздыг æмæ сыгъдæг, цыргъ æмæ æнцонæмбарæн, пывæфтыд æмæ ахорæнджын. Фæлæ иу хъуыддаг ис: нывæф- тыд æмæ ахорæнджын дзырдтыл тынг рæдау не сты Нарты кад- джытæ — дæттынц сæ бæрцæй, æмæ уымæ гæсгæ сæ ахадындзи- пад кæны тынг бирæ. Йæ дзыккутæ тоны Дзерассæ, йæ рустæ рæдувы, хъарæг кæны, æмæ йæ хъарæгæй арауынц хæхтæ; сырдтæ дæр ныхъхъус ысты арф хъыгæй; ызгъалы хъарм цæс- гысыгтæДзерассæ дыууæ æфсымæрыл. Сæ астæу ысбадти ’мæ æмбисæхсæвмæ фæкуыдта Æхсары мардыл, æмбисæхсæвæй бонмæ та — Æхсæртæджы мардыл. Йæ тæригъæдæй мæрдты сæрмæ сбадти кæуындзаст сау мылазон мигъы сыг. «Ныр сын цы ми кæнон: уадзгæ сæ кæнон, æмæ сын сæ хъам- бул уæрджытæ, сæ цæхæр цæстытæ æмæ сæ сырх уадултæ сын- тытæ ’мæ рувæстæн хæрынмæ куыд ныууадзон, æвæргæ сæ кæ- нон, æмæ сын цы мадзал ыссарон?» — зæгъы йæхицæн Дзерассæ... Уыцы афон Уастырджи ратахт йе ’ртыкъахыг бæхыл... æмæ Дзерассæйы уæлхъус алæууыд, æмæ йын зæгъы: — Уæ, хурты хур æмæ арвы фидауц, уæ, мæ рухс дуне æмæ бæсты рæсугъд!» («Æхсар æмсе Æхсæртæджы мселсет»). 347^
Нывæфтыд ныхæстæ, эпитеттæ, куыд загътон, афтæ, арæх^ не сты Нарты кадджыты, фæлæ дзы цы ис, уый æгъгъæд у: бæрцæй цы нæ уа, уым кад нæй, уым уæз нæй, уый цæсты нæ, ахады. Нарты кадджыты нывæфтыд ныхæстæ, эпитеттæ, ба-, рæнтæ, метафорæтæ æмæ ’ндæр ахæмтæ сты сæ бынæтты, æмæ’ арæх кæд не сты, уæддæр сæ ахадындзинад у тынг æмæ тынг бирæ. Нарты кадджыты ’взаг синтаксисырдыгæй дæр у иттæг хорз — хуымæтæг, лæгъз, æнцон. «Арвы рухс æмæ зæххы фидауц басгуыхти авд æфсымæры иунæг хо Акула-рæсугъд. Саразын кодта йæ авд æфсымæрæн дыууæ денджызы ’хсæн, авд фæндаджы астæу, æфсæн мæсыг æмæ уым бадти, æддæмæ нæ каст; йæ цæстæй нæлгоймаг никуы федта. Нарты хæрзæджытæ йæ уындмæ бæргæ бæллыдысты, фæлæ уый сæ къухы не ’фты- ди...» «Нарты гуыппырсартæ æмбырдæй бадтысты сæ къæлæт- джын бадæнтыл. Тæрхæттæ кодтой сæ дзыллæйы тыххæй. — Нарт Нарт уæд уыдысты, арв сæ нæрын уæд нæ уæнды- ди, æмæ мæлын куы зыдтой сæ дзыллæйы сæрыл, алчи дзы хæ- цын куы фæрæзта йæхиуыл. Нарт Нарт уæд уыдысты, æмæ нæртон адæймаджы дзыхæй рæстдзинады йеддæмæ куы ницы ирвæзти. Нæ дзыллæ дзыллæ уæд уыдысты, æмæ сæ сæр сæрмæ куы хастой. Афтæ радзырдта Нарты æмбырды иу хистæр»... («Нарты æмбырд»). Гъе, цæуыл æрдзырдтон, уыдон ысты, æз куыд æмбарын, афтæмæй æмткæй Нарты кадджытæн сæ аивдзинадæн йæ сæй- рагдæр æууæлтæ. Уыдонæй алкæцыйы тыххæй дæр ис бирæ зæгъæн, уыцы фарстатæй алы фарстыл дæр ис лæмбынæгдæр æрдзурæн, фæлæ уый — æндæр хатт. Нарты кадджытæн сæ аивдзинад хъуамæ фæзына ирон лите- ратурæйыл. Цæмæй афтæ рауайа, уый тыххæй ирон фысджыты бамбарын хъæуы Нарты кадджыты аивдзинады сæйраг æмæ бындурон æууæлтæ. Нарты кадджытæй хицæн дзырдтæ исын, хицæн нæмттæ, эпитеттæ, барæнтæ, метафорæтæ исын, — уый æгъгъæд нæу, чи зоны ’мæ пайда дæр не ’рхæсдзæн. Базонын, бамбарын хъæуы кадджытæн се стилы хицæндзинæдтæ кæрæй- кæронмæ æмæ сæ пайда кæнын хъæуы афтæмæй. Зæгъæм, Къо- стайы тыххæй. Къоста Уырызмæджы кой кæны, кæнæ Сырдоны кой, æмæ йæ уацмыстыл Нарты тæваг уымæй зыны, зæгъгæ, хъуыддагæн афтæ æмбарæн нæй. Къоста базыдта, бамбæрста Нарты кадджытæн се стилы хицæн миниуджытæ — фæлгонцæй, сюжетæй, композицийæ, æвзаджы хаттæй æ. а. д. — æмæ афтæ- мæй фæзынди сæ тæваг Къостайы уацмыстыл. Райсæм Къос- ’тайы уацмыс «Хетæг». Уый, æнæмæнг, у фыст Нарты кадджыты стилыл, суанг ма йæ барст дæр у Нарты кадджыты барстыл, уый бындурыл арæзт. СЛЗ.48
Адæм æмхуызон кæм не сты æппæлынмсе! Дзурынц — æвзæр, дам, æппæлы йæхицæй. Хорзæй фæзæгъынц: æппæлы йæ туджджынæй; Чи та — йæ фыдæлтæй, чи та — йæ чындзæй... æ.а.д. Дзырдтæ — сыгъдæг, хуымæтæг, синтаксис дæр афтæ лæгъз, æнцон — æмбарынæн дæр æмæ дзурынæн дæр. Хъуыды — йæ уагыл: сыгъдæг æмæ фæд-фæдыл. Иæ барст (размер) арæзт у Нарты кадджыты барсты бындурыл. Рæнхъыты ис 11—12 уæнджы. 5-æм кæнæ 6-æм уæнджы фæстæ ис цезурæ (паузæ). Уыдон ысты Нарты кадджыты бар- стæн йæ сæйрагдæр бæрæггæнæнтæ. Нарты кадджыты стихæй ацы уацмысы стихы ’хсæн ис æрмæст ахæм хъауджыдæрдзи- пæдтæ: а) Нарты кадджыты рифмæ нæй, ам — ис; б) Нарты кадджыты хъæлæсдзæфтæ иу уагыл æвæрд нæ цæуынц: Нарты гуыппырсартæ ныхасы бадтысты, Тæрхæттæ кодтой сæ адæмы тыххæй... Къостайы уацмысы та сты иу уагыл: Адæм æмхуызон кæм не сты æппæлынмæ! Дзурынц — æвзæр, дам, æппæлы йæхицæй... Къоста Нарты кадджыты стильмæ тынг хæстæг кæй бацыди, уый ноджы тынгдæр бæрæг кæны йе ’ннæ уацмыс, «Уæлмæрд- ты», зæгъгæ, уымæй. Фæлгонцæй, дзырдуатæй, æвзаджы хъа- цæнтæй, барстæй æ. а. д. — ацы уацмыс у фыст бынтондæр Нар- ты кадджыты уагыл, Нарты кадджыты фæзмгæйæ нæ, фæлæ сæ уагыл. Уый дарын хъæуы зæрдыл! Гъе, афтæ пайда кæнын хъæуы Нарты кадджыты формæйæ, сæ аивдзинадæй. НАУКОН ЕГЪАУ ЫСГУЫХТДЗИНАД1 Нарты эпосмæ кæнæ, хуымæтæгдæр зæгъгæйæ — Нарты кад- джытæм — наукон æмæ аивдзинады æгъдауæй бирæ кæй аха- дынц, уымæ гæсгæ ахуыргонд адæм раджы байдыдтой сæ хъус дарын. Æппæты фыццаг Нарты кадджыты кой чи скодта ахуыр- гонд адæмæй, уый уыд зынгæ ориенталист, ома хурыскæсæныр- дыгæй цы адæмтæ цæры, уыдоны æвзаг, уыдоны царды уаг, уыдо- ны æгъдæуттæ чи ахуыр кæны, ахæм ахуыргонд лæг — Юлиус Клапрот. 1812 азы мыхуыры рацыд йæ чиныг, «Балц Кавказ æмæ Гуырдзыстонмæ», зæгъгæ. Уыцы чиныджы Клапрот кæны, Нарты Хæмыцы фырт Батрадз Уарпы фидар куыд басаста, уый 1 В.И. Абаев . Нартовский эпос. Известия Северо-Осетинского науч- мо-исследовательского института, т. X, 118 стр. 349о
кой. Клапроты фæстæ Нарты кадджытыл къорд ахуыргонд адæй- маджы æрæвæрдтой сæ цæст: академик Шифнер, Пфаф æ. æнд, Фæлæ Нарты кадджытæм ахуырады бындурыл фыццагдæр чи ’ркасти, уый уыд Вс. Миллер, ыстыр зынгæ ахуыргонд лæг. Нар- ты кадджыты тыххæй Вс. Миллер ыскодта къорд хатдзæджы, сæ ахадындзинад абоны онг дæр бирæ кæмæн у, ахæмтæ. Вс. Миллеры фæстæ Нарты кадджытæм наукон бындурыл лæмбынæгдæр æркаст францаг ахуыргонд Дюмезиль. Йæ размæ Нарты кадджыты тыххæй чи фыста, уыдонæй бирæ дарддæр акъахдзæф кодта Дюмезиль. Нарты тыххæй цы ахуыргонд адæм фыстой, уыдон архайд- той дзуапп раттыныл мæнæ ахæм фæрстытæн: 1. Цæгат Кавказы адæмтæй кæцы адæмы ’хсæн сæвзæрдыс- ты Нарты кадджытæ, чи уыди се ’рымысæг? 2. Нарт æцæг цардысты æви нæ? 3. Куыд равзæрд термин «Нарт»? 4. Цавæр æхсæнад æвдыст цæуы Нарты кадджыты? Фыццаг фарстыл цы ахуыргæндтæ фыстой, уыдон фесты дыууæ дихы: 3. Ванети, И. В. Рклицкий, Тугъанты М. лæуд ысты ууыл, зæгъгæ, Нарты кадджытæ сæвзæрдысты Ир-аланты ’хсæн; иннæтæ (кæсгон ахуыргонд Шора Бекмурзин Ногмов) зæгъынц, кæсæг ысты Нарты кадджытæн се ’рымысæг, зæгъгæ. Ир-аланты ’хсæн сæвзæрдысты Нарты кадджытæ, зæгъгæ, ууыл чи лæууы, уыдонæн сæ аргументтæ, се ’вдисæндзинæдтæ сты бирæ тыхджындæр. Фæлæ, раст зæгъын хъæуы, уæддæр фарстмæ, куыд æмбæлд, афтæ нæ бацыдысты, сæ наукон бын- дур фаг фидар нæ уыд, æмæ дæттынц фадат гуырысхо кæны- нæн. Кæсæджы ’хсæн сæвзæрдысты, зæгъгæ, чи фыссы, уыдо- нæн се ’вдисæндзинæдтæ сты тынг лæмæгъ, æмæ семæ сразы кæнæн нæй. Нарт æцæг адæм уыдысты, æцæг цардысты æви нæ? Уыцы фарстæн бирæ ахуыргæндтæ (Шора Ногмов, Пфаф, Лопатинс- кий æ. æнд.) дæттынц цæхгæр дзуапп: о, Нарт æцæг адæм уыды- сты. Фæлæ ам уый зæгъын хъæуы, æмæ ахæм дзуаппæн бындур нæй, ницæмæй фидаргонд цæуы æмæ, уымæ гæсгæ, адæймаджы нæ уырны, Нарт æцæг адæм уыдысты, уый. Куыд равзæрд термин «Нарт»? Уыцы фарстæн бирæтæ фæл- варынц дзуапп раттыныл (Шора Ногмов, Тугъанты М., Лопа- тинский, Рклицкий, Пфаф),фæлæ дзы иуы хъуыды дæр зæр- дæмæ райсинаг нæу, уый тыххæй æмæ фаг æвдисæндзинæдтыл баст нæ цæуы, бæззон бындурыл æвæрд не ’рцыд. Цавæр æхсæнад æвдыст цæуы Нарты кадджыты, зæгъгæ, уыцы фарст раст æвæрд нæ цыд, æмæ йын уымæ гæсгæ дзуапп дæр раст ничи радта. А фæстаг рæстæджы Нарты кадджытæм æрцыд фаг цæстæн- гас лæвæрд. Уыйадыл наукон æгъдауæй дæр бирæ хæстæгдæр бантысти бацæуын Нарты кадджытæм. Абайты Васо ныффыста О3_50
цалдэер статьяйы Нарты кадджыты тыххæй. Ныр цы чиныг ныф- фыста ’мæ ам йæ кой кæмæн кæнæм, уыцы чиныджы Абайы- фырт баиу кодта йæ хъуыдытæ Нарты кадджыты тыххæй æмæ сæ парахатæй загъта. Абайы-фырты куысты ис ахæм сæйрагдæр хицæн сæры æмæ фарсты: 1) Нарты кадджытæ фыст æмæ пуб- ликацигонд куыд цыдысты, уый истори; 2) Нарты кадджыты куыд ахуыр кодтой, уый истори; 3) кæд æмæ цы адæмы ’хсæн сæвзæрдысты Нарты кадджытæ; 4) куыд равзæрд термин Нарт æмæ Нарт чи сты; 5) Цавæр æхсæнад æвдыст цæуы Нарты кад- джыты, хицæн циклты; Нарты эпос дунейы эпосты ’хсæн æмæ 6) Нарты эпосы аивдзинады хицæндзинæдтæ. Нарты кадджыты тыххæй цы бирæ наукон куыстытæ фæ- зынд райдианæй фæстæмæ, уыдон æхсæн Абайы-фырты куыст «Нарты эпос» — бæрæг дары æмæ хæццæмæ нæ комы. Абайы- фырт Нарты кадджыты тыххæй цы фæрстытæ æрæвæрдта, уыдонмæ бацыд фидар наукон бындурыл, систа сæ фаг бæрзонд теоретикон æгъдауæй æмæ сын радта, æнцонтыл сæ ныхмæ сдзу- рын цы дзуаппытæн нæй, ахæм дзуаппытæ, сразы кæнæн цы дзуаппыгимæ ис, бауырнинаг цы дзуаппытæ сты, ахæмтæ. Ирон чиныгкæсæджы, мæ зæрдæ мæм куыд дзуры, уымæ гæсгæ, тынгдæр фæнды дзуаппытæ райсын иу къорд фарстæн. Уыдон уыдзысты: а) Кæд равзæрдысты Нарты кадджытæ? б) Цæгат Кавказы адæмтæй кæцы адæмы ’хсæн сæвзæрдысты? в) Куыд равзæрд термин «Нарт». г) Чи уыдысты Нартæ? Цавæр æхсæнад æвдыст цæуы Нарты кадджыты? Нарты кадджытæ æвзæрын райдыдтой, зæгъы Абайы-фырт, VII—VIII æнусты мах эрæйы агъоммæ æмæ рæзтысты XIII—XIV æнустæм мах эрæйы. Нарты кадджытæ сæвзæрдысты ирон адæмы фыдæлтæ алан- ты ’хсæн. Иннæ адæмтæ, ирон адæмæй уæлдай ма цы адæмтæм ысты, уыдон сæ айстой алантæй. Уыцы фарстыл Абайы-фырт фыссы лæмбынæг, бацыд æм алырдыгæй, æрхаста ахæм æвди- сæндзинæдтæ, сæ ныхмæ дзурæн кæмæн нæй. Термин «Нарт», фыссы Абайы-фырт, равзæрд монгойлаг дзырд «Нар»-æй æмæ, ирон æвзагмæ раивгæйæ, амоны «хуры фырттæ». Уыцы термины фæдыл цы ныхæстæ æрцыд ахуыр- гонд адæмты ’хсæн, уыдонæй се ’ппæтæй дæр бауырнинагдæр у Абайы-фырты хъуыды. Ацы фарстимæ баст у æндæр фарст: Нарт æцæг уыдысты æви нæ? Абайы-фырт зæгъы афтæ: Нартæ, зæгъгæ, ахæм адæм нæ уыди. Нарт, зæгъгæ, уый у аланты поэтикон псевдоним. Алантæ сæ кадджыты мидæг сæхи фæсномыгæй ысхуыдтой Нартæ, ома «хуры фырттæ». Ацы ахсджиаг фæрстытæ Абайы-фырты агъоммæ лыггонд нæ цыдысты, цы дзуаппытæ сын лæвæрд цыд, уыдон арф æмæ уырнинаг нæ уыдысты. Абайы-фырт цы наукон æвдисæндзинæдтæ хæссы йæ хъуыдытæ, йæ хатдзæгтæ бафидар кæныны тыххæй, 351о
уыдон ысты тынг фидар æмæ сын æнцонтыл фæцудын кæнæн нæй. Иттæг раст дзуапп дæтты Абайы-фырт ахæм фарстæн дæр: цавæр æхсæнад æвдыст цæуы Нарты кадджыты? Нарты кад- джытæ рæзыдысты миназты дæргъы. Уыцы миназты дæргъы алан- ты цард иу къæпхæныл нæ лæууыди. Цард цыд ивгæ, æмæ уыцы ивддзинæдтæ сæхи æвдыстой кадджыты мидæг дæр. Райдай матриархатæй — адæм ма мады мыггæгтыл куы дих кодтой, мады мыггагæй куы цардысты, уæдæй, æмæ æрцу фео- дализммæ — уыцы къæпхæнтæ иууылдæр æвдыст цæуынц Нар- ты кадджыты мидæг. Фæлæ уæддæр, зæгъы Абайы-фырт, Нар- ты кадджытæн сæ равзæрæн у, адæм ма мыггаггай куы цардыс- ты, уыцы дуг, уыцы рæстæг. Уыцы зæронд царды уаг, йæ бæ- рæггæнæнтæ, йе ’ууæлтæ, уыдон ысты Нарты кадджытæн сæ сæйрагдæр гакк, сæ хицæндзинад æвдисæг. Нарты кадджыты тыххæй Абайы-фырты куысты хуызæн би- ноныг æмæ ахсджиаг наукон куыст нæма фæзынди, стæй, рæх- джы фæзындзæн, зæгъгæ, уый дæр æнцон зæгъæн нæу. Абайы- ырты куыст «Нарты эпос» у ыстыр наукон, культурон хæзна. æ ахадындзинад æнхъæвзы тынг дард. Æрмæст ирон фолькло- ристикæ нæ, фæлæ æгас Кавказы ’мæ суанг æгас Советон Цæди- сы фольклористикæ дæр бирæ пайда фæкæндзысты Абайы-фыр- ты куыстæй. Ыстæй уæд канд фольклорыл дæр нæ лыг кæны хъуыддаг: Абайы-фырты куысты фæрцы бæрæг кæнынц ирон адæмы рагон историйы бындурон фæрстытæ. Наукон ахадындзинадæй дарддæр ма Абайы-фырты куыстмæ ис æндæр миниуæг дæр: кæд æвзагæй искуы, «нæртон рæсугъд æвзаг у», зæгъгæ, зæгъæн вæййы, уæд афтæ зæгъын хъæуы Абайы-фырты куысты æвзагæй — лæгъз, сыгъдæг, æнцонæмба- рæн, ахорæнджын, нывæфтыд. Ыстыр эрудицийы хицау æмæ курдиатджын наукон кусæг, зæрдæргъæвд поэт æмæ йæ райгуырæн бæстæйы аккаг фырт — уыдон иу фæлгонцы æвдисынц сæхи Абайты Васойы куыст «Нар- ты эпос»-ы. ИРОН ЛИТЕРАТУРÆЙЫ ИСТОРИЙЫ ОЧЕРКТÆ Пълан-схемæ Разныхас. Рагон замантæй XX æнусы райдайæнмæ историон афæлгæст. 1. Адæмон ысфæлдыстад — цыбыр афæлгæст. Нарты кад- джытæ. Даредзанты таурæгътæ. Ирон нывæфтыд аивады рагон æвдисæнтæ. Хъобаны культурæ. 2. Ирон фыссынады рагон æвдисæнтæ: а) Зеленчукаг уæл- мæрды ингæны дурыл фыстытæ; б) алайнаг æвзагыл фыст ар- ^352
фæйы ныхæстæ; Цец - 12-æм æнус; в) Нузалы аргъуаны къул- тыл фыстытæ — 1320 аз. 3. Ирыстоны æхсæнадон-политикон уавæр XVIII æнусы. Хæд- хæцæг паддзахы колонизацийы райдайæн Ирыстоны. Миссио- нерты куыст Ирыстоны. Мæздæджы дины подворь. Фыццаг ирон чиныг «Начальное учение человеком хотящым учитися книг бо- жественного писания», 1798 аз. Æгъуызаты Иуане. Алгъуызы кадæг. Дины чингуытæ ирон æвзагыл. Ирон дамгъуат. 4. Ирыстоны æхсæнадон-политикон уавæр, хæдхæцæг пад- дзах æй куы басаста, уый фæстæ. Кæд æмæ куыд райдыдтой ирон æвзаг ахуыр кæнын. Академик Шёгрен. Ирон абетæ уырыс- саг графикæйы бындурыл. Ирон æвзаджы грамматикæ. Ирон æвзаджы дзырдуат (1844 аз). 5. Ирыстоны æхсæнадон-политикон уавæр XIX æнусы 50— 60 азты. Чырыстон дин. Ирон æртиссæдзонтæ. Сæ культурон- рухсадон куыст. Епископ Иосиф. Епископ Иосиф кæй сарæзта, уыцы ирон дамгъуат æмæ дзьцэдуат. Колыты Аксо. Иæ культурон-рухсадон æмæ литературон ку- ыст. Кавказ басæттыны фарста æмæ хæххон адæмы алыгъд Туркмæ. Мамсыраты Темырболат. Ирæттæ Туркмæ куы лыгъдысты, уæд, уыцы æнкъард фæндаг мысгæйæ, стæй уыйфæстæ, Турчы цæргæйæ, цы зарджытæ ныффыста, уыдон. 6. Кæд æмæ чи райдыдта фыссын адæмон ысфæлдыстады уацмыстæ. Академик Шифнер, Чонкадзе æмæ Цорæты В. Куыд ахæлиу æмæ куыд апырх Ирыстоны уырыссаг культурæ. Цы уавæры уыд æхсæнадон хъуыды Ирыстоны. Ирон дæс æмæ æртиссæдзонтæ (Ардасены-фырт æмæ иннæтæ). Хъаныхъуаты Инал. Йæ поэтикон æмæ публицистон куыст. Нарты кадджыты фыццаг фæзынд мыхуыры (Шанаты Дз. æмæ Г. æмæ иннæтæ). 7. Цыппарыссæдзæм азтæ Уæрæсейы. Ирыстоны æхсæнадон- политикон æмæ культурон уавæр. 8. Ф. Миллер. Йæ куыст ирон адæмы ’взаг, истори æмæ культурæ сахуыр кæныны хъуыддаджы. Ыстыр уырыссаг революцион демократтæ — Чернышевский, Добролюбов æмæ Некрасовы фæдон Хетæгкаты Къостайы ра- цыд æхсæнадон-политикон æмæ литературон аренæмæ. 8. Цавæр литературон æмæ æхсæнадон цард уыд Къостайы алыварс (Байаты Гаппо, Къубалты Алыксанор, Хьайтмазты Аслæмырзæ æмæ æнд.) 9. 1900—1917 азты литературæ. I. Разныхас. II. Ирон литературæйы сæйрагдæр ивылæнтæ. III. Драматурги æмæ театр. 23* 353о
а. Брытъиаты Елбыздыхъо — ирон драматурги æмæ теат- ры бындурæвæрæг. б. Гурджибети Блашка в. Кочысаты Розæ г. Хъороты Дауыт д. Арысханы-фырт е. Хуыбайы-фырт ж. Мамыты-фырт з. Токаты Алихан. IV. Тæлмацгонд драмæтæ. V. Дзæуджыхъæуы, Калачы æмæ Бакуйы ирон драмон къордтæ. VI. Поэзи. а. Гурджибети Блашка б. Гæдиаты Секъа в. Цæголты Георги г. Гæдиаты Цомахъ д. Гулуты Æндыри. VII. Прозæ. а. Коцойты Арсен б. Гæдиаты Секъа в. Тлатты Хох. Тæлмацгонд прозæ. VIII. Периодикон мыхуыр (журналтæ æмæ газеттæ). IX. Кæронбæттæн. 1. «Ирон литературæйы истори» педагогон институты кæ- сынц ныр иу-20 азмæ ’ввахс, фæлæ нæм абоны онг дæр бæлвырд æмæ фидаргонд программæ нæй1. 2. «Ирон литературæйы истори»-йы программæйы ацы про- ект аразгæйæ мах нæ зæрдыл дардтам, фыццаджыдæр, педаго- гон институты цы фæлтæрддзинад æрæмбырд, уый, дыккаджы — ирон литературæйы фарстатыл 20 азы дæргъы цы куыст цыд, уый, æртыккаг та — советон литературæзонынады æнтыстытæ. 3. Ирон литературæйы истори бæлвырддæр чи фæкодта, æмæ йæ цæмæй хуыздæр базонæм, уымæн ахъаз чи фæци, уыд ахæм уавæртæ дæр. Зæгъæм: а) Хетæгкаты Къостайы юбилей æмæ йæ уацмысты академион рауагъд бацæттæ кæныныл куыст; б) Нар- ты эпосыл куыст; в) Иры истори рагон замантæй 19-æм æнусы дыккаг æмбисмæ фыст кæй æрцыд, уыцы хъуыддаг; г) Ирон адæмы истори, æвзаг æмæ культурæйы фарстатыл ацы аз нау- кон-иртасæг институт цы æмбырдтæ арæзта æмæ уым цы ныхас æрцыд, æппæт уыдон (зæгъæм: Абайты В. доклад). 1 Æнæ фæнысангæнгæ нæй — ыстыр зын у ирон литературæйы про- граммæ саразын, уымæн æмæ 1) ирон литературæйы истори фыст нæма у, 2) ирон фысджыты цард æмæ сфæлдыстадыл нæм хицæн, сæрмагонд чин- гуытæ нæй. Иудзырдæй, тынг æхсызгон нæ чи хъæуы, ахæм æрмæг нырма нæма ис. Уый ыстыр зын уавæры æвæры программæ саразыны хъуыддаг. оЗ54
4. Афтæ зæгъæн нæй, æмæ программæйы проект бынтон æнæ аипп у, зæгъгæ. Нырма, æвæццæгæн, уый домæн нæй. Фæлæ уæддæр проекты хорзæй уый ис, æмæ нын фадат дæтты, ирон ^цтературæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ куыд ивгæ цыд, кæрæдзи фæд- фæдыл куыд ивтой, цардхъом æй цы хъуыдытæ кодтой — æппæт уыдон раиртасынæн. Куыдфæстæмæ программæ, кæй зæгъын æй ’хъæуы, хуыздæргæнгæ цæудзæн, æмæ мæн уырны: иу-дыууæ азмæ нæм хæрзхъæд, алцæмæй дæр æххæст программæ кæй фæзындзæн. Мæ фæнд у афтæ: ысфидар кæнæм ацы проект. с^о
(^ С^ССк^О ^2^) ТÆЛМАЦГОНД УАЦМЫСТÆ Марциал (1,471) Уыд Диавл дохтыр æрæджы, ныр та у ингæнтæ къахæг. Ингæнкъахæг цы кусы, дохтыр дæр ахæм куыст кодта. Омар Хаям * * * Æмæ мæ хъустыл ауад хъæр — Уый фын нæ уыд, мыййаг, нæ, нæ! — Æдзæмæй ма лæуу, сис дæ сæр, Цыбыр у цард, фæлæ дзы цæр! Æз дæн Омар Хаям, цæуын — Сæны рубин æртах мæ цæст Куы ахсы сæндоны, лæууын Дзæгъæлы не ’мбæлы мæныл... Цæуын. Æнхъæлмæ мæм кæсы Хафиз — мæ кæстæр. Цом ды дæр, Ираны къалиу. Туг фыцы Ирайнаг де уæнгты, тæдзы! Цæй, цом, мæ кæстæр — у уæндон, Газелæтæ нын зардзæн уым Ныуæзтджын булæмæргъ, уый зон, — Сæн у, сырх сæн, Зем-земы дон. * * * Изæрмилтæ. Бæрзбæлас. Дон тызмæг. Фæзынди расыг булæмæргъ, бийæг. Йæ зарæг айхъуыст, ахсы йæ мæ хъус: «Цæргæ! Ныртæккæ дæ бырсдзæн хуыссæг!» 0,356
Г. Гейне МЕТТÆ Данийаг балладсе Петер сæн цъиры, ис Бендер дæр йемæ. Петер уæд дзуры: «Кæнын дын хæснаг, Куыд мæ ус Меттæ дæ зарæджы фæрцы Никуы балæудзæн дæ цуры хæстæг». — Ратт-иу дæ куыйтæ, — дзуапп радта уæд Бендер, Намæ ды амбулай — айс-иу мæ бæх. Ахсæв, раст ахсæв дæ рæсугъд ус Меттæ Баддзæн мæ хæдзары мемæ дзæбæх... Йе ’мбис уыд æхсæвæн, — Бендеры зардæй Базыр-зыр кодта æгуыппæг уæлдæф. Быдырты, хъæдты — дард зарæджы мыртæ Лидзынц. Æрвитынц та мондаджы цæф. Назтыл, къæрцхъус назтыл зарæг ныдзæвы, Арвы бæрзондыл зыр-зыр кæны мæй, Диссаг ыстъалытæ хъусынц æвзыгъдæй, Доны фæйлауæнтæ хъусынц бынæй. Меттæйы хуыссæг дæр асырдта зарæг: «Чи зары, цымæ, мæ рудзынджы бын?» Хуыссæнæй фестад, йæ дарæс ыскодта. Кæртæй рацæуын дæр нал уыди зын. Рацыди... Уайы, гъæйтт, хъæдты ’мæ дæтты... Бендеры зарæгæй фестад сæлхæр. Диссаджы мырты тых Меттæйы хоны Бендеры фæдыл, йæ уатмæ цæхгæр... Райсомæй Меттæ æрæгмæ æрыздæхт. Петер æнхъæлцауæй къæсæрыл бадт. «Меттæ, кæм уыдтæ, кæм фесæфтæ дысон? Тасæй хуылыдз куы дæ? Дзуапп-ма мын ратт». — Донычызджыты ныхæстæм æз хъуыстон, Ме ’хсæв æз арвыстон доны былыл. Ленчытæ кæнгæйæ, зонаг чызджытæ Доны пырхæндæг калдтой мæныл. «Нæ, ды нæ хъуыстай доны чызджытæм. Донбыл дæр де ’хсæв нæ арвыстай ды. Къæхтæ, дæ къæхтæ — цъæррæмыхст бынтондæр, Рустæй дæр, бакæс, сæнтсырх туг тæдзы». — Хъæды уыдтæн, мæ хур. Кастæн, куыд хъазынц Хъæды чызджытæ уым мæйы рухсмæ. Нæзытæ, назтæ, фыдæнæнгæнæгау, Сарæзтой иууыл сæ хихтæ мæнмæ. ЗЗЗо
«Хъæды чызджытæ та уалдзæг фæхъазынц Дидинæгарæхыл, майы мæйы. Уазал фæззæджы та дымгæ фæниуы, Хъæды хицау дæр уæд дымгæ вæййы». — Бендермæ, уæдæ, æз ацыдтæн дысон, Зарæджы тарф мыртæй асаст мæ тых. Зарды уацары мæ Бендер фæкодта, Сайдау, йæ хæдзары бамыр мæ дзых. Бендеры хъæлæс — тыхджындæр мæлæтæй, Сæфтмæ куы тæры, сæфтмæ кæны. Ой-джиди! Судзы мæ зæрдæ ныр дæр ма. Зонын, мæ цардæн йæ кæрон æрцыд... Сауæй куы састæрдтой аргъуаны дуар. Дзæнгæрæг дардыл нынниуы, кæуы, Меттæйы мардæн гъеуыдон — хъæргæнæг. Чырыны, бакæс, уый даргъæй лæууы. Мардæн йæ уæлхъус Петер дзыназы, Сау цæстысыгæй æвдисы йæ маст... «Бабын дæн, бабын: нал Меттæ, нал куыйтæ», — Афтæ у Петерæн алкæд йæ хъаст. И.А. Крылов ЦЪИУ ÆМÆ БÆЛОН Иу мæллæг цъиуы Алхъывта къæппæг. Бецау! Фыртæссæй Базыртæ уигъы, Тилы йæ къæхтæ, Фæлæ-ма, марадз, Цу, дæхи рауадз!.. Бæлон йæ цуры Абадти, дзуры: «Де ’гæр фæкалай, Де ’гæр, бын бауай! — Бон, æмбисбон ма искуы æрцыди Де ’мбисонд фенгæ зæххы кæрæтты? Худинаг дын нæу?» — Æмæ æрзылди Цъиуæн йæ рæзты. Уалынмæ, бакæс, æмæ йæхæдæг — Цъысымы бахауд не схъæлдзырд Бæлон. «Худæджы хал, дам — рухсаг йæ зæгъæг — У уæд нывæндаг». Гъе ’ндæр цы зæгъон! С>358
цымыдис — Дæ фæндаг раст, хæлар! Куыд дæ? Кæцæй цæуыс? «Жллæх, æллæх7 мæ цард-æрдхорд, Кæцæй цæуын — куы зонис, Уæд æм ды дæр ызгъорис, Тæхис, зæгъон, — ызгъорд та циу, ызгъорд! Гъæй-йæй-гъæй, — цы диссæгтæ ис, цы, Уæвгæйæ дæр, æрдзы!» — Дæ хорзæхæй, кæм уыдтæ уагæр уый, Мæнæн дæр-ма йæ зæгъ! «Нæ сæрмæ — арв, нæ быны — зæхх, Хæрын дын уыдонæй æз ард, Мæ бон нæ бауыдзæн фæдзурын Гъеуыдон се ’ппæт; стæй мæ цард, Æнæгæдыйæ дын зæгъын, нæу уый фаг... Цы уды фидар ис, цы, хурыл: Гъеуыдон тав æмæ рæвдау, Дæ хæрдгæ тынтæ сыл фæтау! Йех! Цæй арф у, цæ, уæдæ, дуне, дæ уидаг!» — Мæ хæлар, бæстæ дисы бын фæкодтай, Дæ тыхст хъуыдытæ та — дæ уæлдай! Фæлтау мын исты зæгъ бæстон, Æмæ дæ стыр бузныг фæуон! «Уæдæ мæм хъус. Бæллаг Кæм нæ дæн фенынмæ. Фæндаг Кæдæм не ссардзысты мæ къæхтæ, Æмæ та Музеймæ уæд бафтыдтæн æз абон: Гъеуый дæр ма æххæст куы фенин, — загътон. Фæзылдтæн дзы, мæ цæстыты сыгъди цырæгътæ. Æнæ басгаргæ дзы нæ фæдæн иунæг къуым, Цы сырд, цы маргъ нæ фендзынæ ды уым! Цы гæлæбу, цы зулкъ дзы нæй, Гыццылдæртæ ныхы сæрæй! Æмæ дзы чи налхъуыт-налмасау Тæмæнтæ калы, ’мæ туасау Йæ ферттывд цæстыты фæныхсы. Кæмæн та дзы йæ уындæй зæрдæ стыхсы». — Æмæ дзы Пыл нæ уыд? Цыхуызæн у гъеуый та? Хæрзаг дæм хох фæкаст. Уæд йе ссыртæ, йæ былтæ Лæджы йас ысты сæхæдæг дæр æрмæст! Гъе, ууыл фæкодтаис, æвæццæгæн, гъе, дис! «Цы, цы? Æмæ дзы ис Пыл дæр?» — Æнæмæнг ис! — «Ныббар уæдæ: Пылыл дзы не ’рхæцыд мæ цæст».
МЫСТ ÆМÆ УЫРЫ Мыст бауад цингæнгæ ’мæ Уырыйæн зæгъы: — Мæ хорз сыхаг, сæрæй, нæ ма фехъуыстай ды, Цы ’хсызгон хъуыддаг ныл æрцыди, уый: Уæд, дам, кæд Гæды бахауд Домбайы ныхты! Гъе, ныр æрцыди махæн дæр нæ дуг — Тæссæй-иу нал лидздзæн нæ туг. Нæ фæндаг суыдзæни уæрæх, Ыскъæрæнтæ кæндзыстæм, Цы нæ фæнда — хæрдзыстæм Æмæ цæрдзыстæм, Гъери-гъа, дзæбæх! «Дзæгъæлы ма цин кæн, мæ цæсты рухс. Дæхи мæнг дзырдтæй ма кæн буц, — Зæгъы уæд Уыры Мыстæн, — Дæуыстæн, Кæд иугæр хъуыддаг дзæмбытæм æрцыд, Уæд Домбайæн йæ сæфты рад æрзылд, Æмæ ма фервæздзæн зынæй: Зон, Гæдыйæ тыхджындæр сырдтæй нæй!» Æз федтон афтæ, — дар-ма-иу хъуыды ды дæр: Æвæдза, ’мæ тæппуд, æвзæр Ныр искæмæй тæрсы, — Уæд афтæ ’нхъæл у, ’мæ гъеуымæ Æппæт дуне дæр уый цæстæй кæсы. Л.С. Пушкин ЗЫМÆГОН ИЗÆР Уад йæ фæлмæй арв æмбæрзы, Митын тымыгътæ хæссы, Куы сырдау нынниуы сонт уад, Куы, сывæллонау, кæуы, Куы нæ хæррæгъ царæмбæрзты Хъæмпы ссыф-сыф кæны ’васт, Йе куы фæрссæгтæ ныххойы, ’Нафоны бæлццонау, раст. У нæ рагон хæдзар махæн Талынг, саудалынг, мæрдхуыз. Цæй, цы ныттар ис, мæ зæронд, Фæрссаджы хæд раз дæ хуыз? ^360
Æви уады иугуыр ниудæй Дæ, мæ лымæн, ды фæлмæст? Æви де ’лхуыйы зыр-зырмæ Хуыссæг цæстытыл фæхæст? Баназæм, — кæм ис, цæй, къоппа, О, мæ рагбонты лымæн? Баназæм мæстæй, о, рауай, — Зæрдæ хъæлдзæгдæр уыдзæн! Зар мын. Азар, фурды фале Сабыр дзывылдар куыд цард, Зар мын. Азар, чызг, чындздзон чызг Донмæ райсомæй куыд уад... Уад йæ фæлмæй арв æмбæрзы, Митын тымыгътæ хæссы. Куы сырдау нынниуы сонт уад, Куы, сывæллонау, кæуы. Баназæм, — кæм ис, цæй, къоппа, О, мæ рагбонты лымæн! Баназæм мæстæй, о, рауай, — Зæрдæ хъæлдзæгдæр уыдзæн! НОДЖЫ РАЙГУЫРÆН БÆСТЫ ... Ног та басгæрстон Æз уыцы зæххы къуым, кæм мыл ацыди Дыууæ азы сырдæй æмæ æфхæрдæй. Дæс азы рацыд ныр уæдæй, хæрз бирæ Æндæрхуызон фæци мæ цард мæнæн. Мæхæдæг дæр — æмткæй закъæттæм гæсгæ, — Æндæрхуызон фæдæн, — фæлæ та ам Мæ ивгъуыд цард хъæбыс куы кæны мæн. Æмæ, цыма ызнон, гъе, знон хаттæн Æз ацы хъæдты. Мæнæ уыцы хæдзар, Мæ дыджызæмæ кæм цардтæн, уый. Мæ зæронд нал ис, — фæскъулæй Ныр нал цæуынц йæ къæхты хъæртæ, Йе нал хатын йæ лыст хъахъхъæд мæ фæдыл. Уæд ноджы мæнæ хъæды къуылдым; ам-иу Æз бирæ хатт æнцад-æнцойæ бадтæн Æмæ-иу кастæн цадмæ, æндæр донбылтæ, Æндæр фæйлауæнтæ æнкъардæй мысгæ... 361о
Зæрин хуымтæ ’мæ сæрвæтты æхсæн Цъæх-цъæхидæй ныппырх ис дардыл цад; Йæ арф дæтты сæрты фæленк кæны Кæсагахсæг, йæ хыз йæ фæдыл ласгæ. Ныххæлиу ысты цады былтыл хъæутæ. Ныкъкъул и се ’дде куырой, тилы ма Æнæбары йæ базыртæ уый уады... Мæ фыдæлты зæххы арæны раст, Кæм фæхæрд вæййы хохмæ фæндаг, уым Лæууы æртæ нæзыйы: иу дæрддзæфдæр, Дыууæйæ та кæрæдзимæ хæстæг. Сæ рæзты-иу куы фæцæйуадтæн æз Мæйрухс æхсæв, уæд-иу сæ цъуппыты хъæр Мæнæн салам лæвæрдта фаг. Ныр дæр та Æз ацыдтæн гъеуыцы фæндагыл Æмæ та сæ мæ разы федтон ноджы. Куыдæй сæ ныууагътон, ысты, гъе, растæн, ахæм, Гъеуыцы зонгæ хъæр, сыбар-сыбур, Æрмæст сæ зæронд уидæгты цур (Кæддæр бæгънæг кæм уыди æмæ афтид) Æвзонг хъæд фестадис кæрæй-кæронмæ, Кæрдæгхуыз бинонтæ; сывæллæттау, Сæ аууон къутæртæ дзыгуыр кæнынц. Фæлæ сæм дард лæууы сæ иу æмбал, Æнкъард, æнæус лæджы хуызæн, æмæ Йæ алфамбылай у, фыццагау, афтид... Æгас цуай, ног, æнæзонгæ фæлтæр! Нæ фендзынæн дæуæн дæ тыхджын кар, Мæ зонгæтæй куы фæбæрзонддæр уай Æмæ сын ды сæ зæронд сæр д’ аууон Куы фæкæнай цæуæджы цæстæй, уæд. Фæлæ мæ байзæддаг уадз фехъусæд Дæуæн дæ цины хъæр, хъæлдзæг, æхсызгон Хъуыдытæй йедзаг, афтæмæй дæ рæзты Æхсæвыгон куы фæцæйцæуа æмæ Йæ зæрдыл æз куы ’рыфтон, уæд... ЦЫРТ Æз самадтон мæхицæн цырт, æрмдзæф нæу, ахæм, Нæ йæм ыскæрдæг уыдзæн адæмы фæндаг. Александрийы мæсыгæй бæрзонддæр систа Йæ сæр — æнæсæттон, æрдаг. Нæ, иууыл н’ амæлдзынæн æз, мæ уд цæрдзæни Мæ лирæйы мæнæн, фæлидздзæн ме ’ртхутæг, Уыдзынæн кадджын æз, уа цалынмæ дæр мæйæн Йæ быны иу поэт цæрæг. а162
Ыстыр Уæрæсейыл мæ кой куы айхъуысдзæни, Æмæ зæгъдзæн мæнæн мæ ном йæ алы ’взаг: Быдырты лымæнтæ — хъалмыхъ, тунгуз, уæд финнтæ, Славянты хъалсæр байзæддаг. Уыдзынæн адæмæн æз уарзон бирæ уымæн, Мæ лирæйæ рæсугъд фæндтæ кæй хъал кодтон, Мæ тызмæг дуджы æз кæй сыстыдтон сæрибар, Хатыр ыссæстытæн кæй куырдтон. Хуыцауы фæдзæхсттæм, о Музæ, у ды хъусаг. Æфхæрдæй ма тæрс ды, ма кады худ агур. Ыстыд, уæд хахуыр уадз дæ хъусы фæрсты алкæд, Сæлхæры ныхмæ макуы дзур. 3бЗо
ÆХСТ Æхстам кæрæдзи мах. Баратынский Æз басомы кодтоПу куыд ыл топп фæкæндзынæн дуэлы бартæм гæсгæ, ууыл. «Изæр бивуачы» I Мах уыдыстæм Н-хъæуы; æфсæддон афицеры цард зынд- гонд у: сæумæрайсомæй — ахуыр, манеж; сихор — полчъы къа- мандиримæ кæнæ дзуттаджы трактиры; изæрæй — пунш æмæ къамтæ. Н-хъæуы нæ уыдис нæ иунæг хиаирхæфсæн æргом хæдзар, нæ иунæг чындздзон чызг; æмбырд-иу кодтам нæ кæрæдзимæ æмæ нæхи мундирты йеддæмæ ницы уыдтам. Æрмæст иунæг адæймаг уыдис не ’хсæн, æфсæддон чи нæ уыдис, ахæм. Цыдаид ыл иу-фынддæс æмæ ссæдз азмæ ’ввахс, æмæ йæм, уымæ гæсгæ, кастыстæм зæронды цæстæй. Йæ фæл- тæрддзинады фæрцы йæм мах раз уыдис бирæ уæлахиздзинæдтæ; ноджы йе ’нкъарддзинад, йæ мызыхъхъ зæрдæйы уаг æмæ йæ карз æвзаджыхатт тынг тыхджын зындысты не ’взонг зондыл; цавæрдæр сусæгдзинад уыдис йæ царды алфамбылай; зынди уырыссаджы хуызæн, афтæмæй йæ ном та уыдис æндæрбæстаг. Кæддæр амондджынæй службæ кодта гусарæй; ничи зыдта, цæй аххосæй ныууагъта йæ службæ æмæ цæмæн æрцарди мæгуыр хъæуы, ноджы цæргæ та кæд кодта мæгуыр æмæ æнæфæстауæр- цæй: цыдис кæддæриддæр фистæгæй, сау адаргæ сюртуччы, афтæмæй та йæ фынг æппынæдзух æвæрдæй дардта нæ полчъы афицерты раз. Æцæг-иу йæ сихор уыдис æрмæст дыууæ кæнæ æртæ тæбæгъæй, службæйæ рацæугæ салдат кæй цæттæ кодта, ахæмтæй, фæлæ-иу уыйхыгъд шампайнаг сæн кодта æхсæр- дзæнтæ. Ничи йын зыдта нæдæр йæ мулк, нæдæр йе ’фтыццаг, æмæ йæ ахæмтæй фæрсын дæр ничи уæндыдис. Уыдис æм чин- гуытæ, сæ фылдæр — æфсæддон æмæ романтæ. Тынг æнæзивæ- гæй сæ лæвæрдта кæсынмæ, стæй сæ фæстæмæ дæр нæ агуырд- та. Уыйхыгъд йæхæдæг дæр никуы лæвæрдта фæстæмæ чиныг йæ хицауæн. Йæ сæйрагдæр фæлварæн уыдис дамбацайæ ’хсын. Йæ уаты къултæ æгасæй уыдысты нæмгуытæй хост, хуынчъытæ, мыдадзы къусчытау. Кæм царди, уыцы мæгуырсæрст къул хæ- дзары къуымты фидауц уыдис дамбацаты хъæздыг æмбырдгонд. Дамбацайæ ’хсынмæ ахæм диссаджы дæсныдзинадыл хæст уыдис, аёмæ, искæйы худыл кæрдо акъахон, зæгъгæ, куы загътаид, уæд нæ полчъы адæмæй иу дæр нæ фæгуырысхо кодтаид йæ сæр бадарыныл. Нæ ныхас-иу арæх уыд лæгæй-лæгмæ хæстыл. Силь- ^364
впо-иу (афтæ йæ схонон) уыцы ныхасы йæхи никуы фæтъыста- ид. Куы-иу æй бафарстаис, искуы хыл кодтай, зæгъгæ, уæд-иу хус дзуапп радта: «кодтон», фæлæ-иу йæ хабар лыстæгæй никуы кодта, æмæ-иу бæрæг уыд, ахæм фæрстытæ йын æхсызгон кæй пе сты, уый. Æнхъæл уыдыстæм, æмæ цавæрдæр æнамонд ны- вонды тæригъæдæй хайджын у йæ бæллæхы дæсныдзинад. Фæлæ, æвæдза, иуы фæсонæрхæджы дæр нæ нæ уыдис, тæрсаджы уагæй йæм исты хæццæ кæны, уый. Ис ахæм адæм, æмæ айдагъ се ’дде бакаст кæмæн суры ахæм гуырысхокæнынтæ. Æнæнхъæлæджы хабар дис бафтыдта не ’ппæтыл дæр. Иухатт нæ афицертæй иу-дæс адæймаджы сихор хордтой Сильвиомæ. Нуæзтой, куыд вæййы, афтæ, ома тынг бирæ. Си- хоры фæстæ райдыдтам хатын нæ фысыммæ, банк нын æрæвæр, зæгъгæ. Нæ нын разы кодта, уымæн æмæ арæх хъазджытæй нæ уыдис. Фæстагмæ ’рбадæттын кодта къамтæ, æркалдта стъолыл сæдæйы ’мбис сызгъæринтæ æмæ ’рбадти къамтæ уарынмæ. Мах йæ алфамбылай атымбыл ыстæм, æмæ хъазт ацайдагъ ис. Силь- виойæн йæ конд афтæ уыд, æмæ-иу къамæй хъазгæйæ йæ дзы- хæй сыбыртт дæр не ’ппæрста, никуы кодта хъаугъа æмæ хынц дзуапп дæр нæ лæвæрдта. Кæд æмæ-иу понтйор æхцайы нымæ- цы фæрæдыдис, уæд-иу Сильвио кæнæ, цы цух рауад, уый æрæ- вæрдта, кæнæ та-иу, уæлдай цас уыд, уый ныффыста. Мах ын зыдтам йæ хабар æмæ йæ фæнды ныхмæ никуы цыдыстæм; фæлæ не ’хсæн уыдис иу афицер, æрæджы нæм кæй æрбаивтой, ахæм. Уый хъазгæ-хъазын æнæрхъуыдыйæ фæтасын кодта уæлдай тигъ. Сильвио райста мел æмæ-иу куыд кодта, афтæ хыгъд ысраст кодта. Афицер афтæ фенхъæлдта, ’мæ рæдийгæ фæкодта, ’мæ ныллæууыд хынц ныхасыл. Сильвио æгуыппæгæй кодта йæ къамтæ уарыны куыст. Афицер йæ маст нал баурæдта, райста щёткæ æмæ ныссæрфта, дзæгъæлы фыст æм цы кастис, уый. Сильвио райста мел æмæ та ногæй ныффыста. Афицер — сæн, къамæй хъазт æмæ йе ’мбæлтты худтæй ыстæвд æмæ йæхи иттæг æфхæрдыл банымадта, фелвæста стъолæй ыстыр æрхуы цырагъ- дарæн æмæ йæ Сильвиойыл баскъæрдта. Сильвио куыддæртæй йæхи бахызта цæфæй. Мах фæуыргъуы стæм. Сильвио сыстад, афæлурс ис мæстæй æмæ, йæ цæстыты цæхæр калгæйæ, загъта: — Хорз лæг, дæхи айс ардыгæй æмæ бузныг у хуыцауæй, хъуыддаг мæнæн мæхи хæдзары кæй рауад, уый тыххæй. Мах гуырысхо нæ кодтам, уыцы хъуыддаг йæ фæдыл исты кæй раласдзæн, ууыл, æмæ нæ ног æмбалы банымадтам мардыл. Афицер адде ис, æрмæст ма загъта, æфхæрды тыххæй дзуапп раттынмæ цæттæ кæй у, банкометы куыддæриддæр фæнда, аф- тæмæй, уый. Къамæй хъазт ма ахаста цалдæр минуты, фæлæ, нæ фысымы хъазты мæт кæй нал уыдис, уый хатгæйæ, иугай- дыгай нæхи райстам æмæ апырх ыстæм нæ фатертыл, тагъд нæм ваканси кæй уыдзæн, ууыл дзургæйæ. Дыккаг бон манежты кæрæдзи куыд фарстам, удæгас ма у 365о
мæгуыр афицер, зæгъгæ, афтæ йæхæдæг не ’хсæн февзæрдис; йæхи дæр та йын афтæ афарстам. Уый нын дзуапп радта, Силь- виойæ нырма ницы хабар фехъуыстон, зæгъгæ. Уыцы хабар нæм фæкаст диссаг. Мах араст ыстæм Сильвиомæ æмæ йæ йæ кæрты баййæфтам, кулдуарыл тъуз баныхæста æмæ дзы нæмыг нæмы- джы фæдыл сагъта, афтæмæй. Фысым нын фæци, алы бон дæр- иу куыд уыдис, афтæ, зноны хъуыддаджы тыххæй иунæг ныхас дæр нæ загъта. Рацыди æртæ боны, поручик ма уыд цардæгас. Мах дис кæнгæйæ фарстам: «Ау, Сильвио æнæ хыл расидгæйæ баззайдзæн?» Æгъгъæд æм фæкасти æрмæст тынг рог æрныхас кæнын, æмæ бафидыдта. Уый руаджы цыма йæ кад къаддæр фæцæйцудыдта фæсивæды цæсты. Æвзыгъддзинадæй цух куы уай, уæд уымæй къаддæр ницæмæн хатыр кæны фæсивæд. Уыдоны нымадмæ гæсгæ хъæбатырдзинад у адæймаджы миниуджытæн æппæты уæлдæр æвæрд, ыстæй, алцыппæт сахъæттæ цæй тыххæй барст хъуамæ цæуой, уый. Фæлæ, уæддæр, сабыргай-сабыргай уый иууылдæр айрох ис, æмæ та Сильвио ногæй ахадын байдыдта, фыццагау, цæсты. Æрмæст иунæг мæнæн нæ тардта мæ зæрдæ Сильвиомæ хи баввахс кæнын. Гуырдзæй мæм романтикон ахаст кæй уыд, уымæ гæсгæ æз фыццаг иннæтæй тынгдæр æнувыд уыдтæн уыцы адæй- магыл, йæ цард æргом кæмæн нæ уыд æмæ мæм цавæрдæр су- сæггаг таурæгъы геройы хуызæн чи касти, ууыл. Уый уарзта мæн: о, æппынфæстагмæ уæд та уый зæгъын, æмæ мæ цуры йеддæмæ никуы хицæн кодта йæ сæртæг фыдæвзаджы уаг; мемæ- иу кодта хæларзæрдæ æмæ диссаг æхсызгон ныхас алы предмет- ты тыххæй. Фæлæ уыцы ’намонд изæры фæстæ æз хъуыды код- тон афтæ: Сильвиойæн йæ кад ысчъизи ис, æмæ йæ нæ цæхсадта йæхи барæй. Уыцы хъуыды нал хицæн кодта мæнæй æмæ мæ нал уагъта Сильвиомæ хи дарын фыццагау; æз æм æфсæрмы кодтон кæсын. Сильвио уыдис æгæр зондджын æмæ фæлтæрд- джын, цæмæй уыцы хъуыддаг, ыстæй, цæй фæдыл афтæ у, уый ма бамбæрстаид, уый тыххæй. Æнхъæлдæн, æмæ йын уый лæ- вæрдта маст; иу-дыууæ хатты бафиппайдтон, мемæ йæ лыстны- хас акæнын кæй фæнды, уый; фæлæ дзы мæхи иппæрдæй дард- тон, æмæ Сильвио йæхи айста мæнæй. Уæдæй фæстæмæ ма-иу æй федтон æрмæст не ’мгæртты цур, æмæ нæ фыццаджы зæрдæргом ныхæстæн æрцыд сæ кæрон. Сæйраг горæты уæнгуагъд цæрджытæ нæ зонынц ахæм бирæ хъуыддæгтæ, хъæутæ ’мæ чысыл горæтты цæрджытæ афтæ тынг кæй фæзонынц, дзырдæн зæгъæм, постхæссæн бонмæ æнхъæлмæ кæсын: дыццæг æмæ майрæмбоны-иу нæ полчъы къæнцылар байдзаг ис афицертæй; чи-иу æнхъæлмæ каст æхцамæ, чи — пис- момæ, чи та — газетмæ. Пакеттæ-иу, фæткмæ гæсгæ, гом кодтой уыцы ран, райдыдтой-иу хабæрттæ хъусын кæнын, æмæ-иу къæн- цылар æвдыста йæхи тынг цардхуыз нывæй. Сильвио иста пис- е^збб
>(отæ полчъы адресыл, æмæ-иу, уымæ гæсгæ, уыдис уым. Иухатт #м радтой пакет. Уый йын ыстыдта йæ мыхуыр, тынг æнæрхъæц- г<т? хуызимæ. Писмо кæсгæйæ йæ цæстытæ кодтой æрттивгæ. Афи- ^ертæй алчидæр йæхи писмойы койыл уыд, æмæ уымæ гæсгæ 1пщы бамбæрстой. — Хорз адæм, — зæгъгæ, загъта Сильвио, — мæ фадæттæ мæ афтæ домынц, цæмæй æз æвæстиатæй ам мауал уон; цæуын ах- сæв; ныфс мæ ис, æмæ фæстаг хатт мæнмæ сихор бахæрыны тых- хæй сым нæ зæгъдзыстут. Æз æнхъæлмæ кæсын æнæмæнгæй. Ацы дзырдимæ тагъд-тагъдæй федде. Мах та, Сильвиомæ сæмбæлдзыстæм, зæгъгæ, уыцы дзырдæй фæпырх ыстæм фæй- цæрдæм. Æз бацыдтæн Сильвиомæ, æмгъуыд кæдмæуыд, уыцы афон, æмæ нæ полчъы иууылдæр баййæфтон уым. Иæ мулк æгасæй дæр уыдис æфснайд. Задысты ма ’рмæст нæмгуытæй хуынчъы- тæгонд афтид къултæ. Æрбадтыстæм стъолы уæлхъус. Фысым уыдис йæ тæккæ зæрдæйы дзæбæхыл. Уайтагъд йæ хъæлдзæг- дзинад ысси иумæйаг. Æвгты къæрмæджытæ кодтой минутæн тъупп, агуывзæтыл бадти фынк æмæ æнæсцухæй цыди сæ сæр- сæр. Мах иттæг зæрдиагæй куырдтам, цæмæй бæлццон фæнда- раст фæуа æмæ алцы хорздзинад æрцæуа. Сыстадыстæм стъо- лæй хæд изæрæй. Нæ худтæ куы кодтам, уæд Сильвио иннæтæн фæндараст загъта, мæнæн мæ цонгыл æрхæцыд æмæ мæ æру- рæдта, куыддæр рараст кæнынмæ хъавыдтæн, уыцы минут. — Дæуимæ мæн ис ныхасаг, — зæгъгæ, мæм ысдзырдта са- быргай. Æз баззадтæн. Уазджытæ ацыдысты; мах баззадыстæм дыууæйæ, сбадтыс- тæм ныхæй-ныхмæ æмæ æнæдзургæйæ сдымдтам лулæтæ. Силь- вио уыди æнæнцой. Йе ’нтъыснæг хъæлдзæгдзинадæн йæ фæд дæр нал уыди. Тар фæлурс, æрттивгæ цæстытæ ’мæ бæзджын фæздæг, дзыхæй цы фæздæг цыд, уый, кодтой Сильвиойы раст хæйрæджы хуызæн. Рацыди цалдæр минуты ’мæ Сильвио фе- хæлдта не ’гуыппæгдзинад. — Чи зоны ’мæ кæрæдзи никуыуал фенæм, — нæ фæхицæны, агъоммæ мæ фæнды демæ лыстныхас акæнын. Ды, чи зоны ’мæ бафиппайдтай, æз искæй хъуыдыйæн бирæ аргъ кæй нæ кæнын, уый, фæлæ æз дæу уарзын æмæ ’нкъарын: мæнæн уыдаид тынг •*ын дæ зонды мидæг, раст цы хъуыды нæу, ахæм ныууадзын. Уый басабыр ис æмæ райдыдта йæ лулæйы тамако нæмын. Æз бадтæн æнæдзургæйæ æмæ кастæн зæхмæ. — Дæумæ кастаид дис, — райдыдта та дзурын Сильвио, — уыцы расыггæнаг сæрхъæн Р...-йæ мæ маст ыссæуыны хъуыд- даг кæй нæ радомдтон, уый. Дæу хъуамæ бауырна, хæцæнгарз равзарыны бар мæнмæ уæвгæйæ, уымæн йæ цард мæ къухы кæй уыд, мæ цард та æдас, уый. Мæхиуыл кæй ныххæцыдтæн, уый мæ парахатзæрдæйы уаджы ’фсон ыскодтаин æз, фæлæ 367^
мæ нæ фæнды мæнг зæгъын. Р...-Ы бафхæрын мæ бон бауы- дзæн, зæгъгæ, мæхицæн ницы уæвгæйæ, уæд ын æз ницæй тых- хæй ныббарстаин. Æз кастæн Сильвиомæ, дисгæнгæйæ. Йæ ныхæстæ мæ куыд- дæр ыстыхсын кодтой. Сильвио кодта йæ ныхас дарддæр: — Раст афтæ: мæнмæ нæй уыцы бар, æмæ мæхи мæлæтмæ радтон. Æхсæз азы размæ мын ме ’хсæрфарс ныццавдæуыд, æмæ ме знаг нырма æгас у. Цымыдис мыл бафтыд. — Йемæ нæ фæхыл дæ? — бафарстон æз. — Æвæццæгæн дæ дæ фадат бахъыгдардта? — Æз йемæ фæхыл дæн, — дзуапп радта Сильвио, — æмæ дын мæнæ нæ лæгæй-лæгмæ тохы æвдисæн. Сильвио сыстад æмæ систа картонæй сызгъæрин коцораджын сырх худ, франц Ьоппе!: с!е роПсе1, зæгъгæ, кæй хонынц, ахæм; ныккодта йæ йæ сæрыл; худ уыдис топпæй цæрдхуынкъ ныхæй дыууæ ’нгуылдзы уæлдæр. — Ды зоныс, — йæ ныхас дарддæр кодта Сильвио, — æз Н... гусайраг полчъы кæй службæ кодтон, уый. Мæ туджыхатт дын зындгонд у: æз фæцахуыр дæн, цæмæй алыран дæр фыццаг уон, ууыл, — мæ сонтæй афтæ фæцайдагъ дæн. Мах рæстæджы фыд- уагдзинад уыдис модæйы: æз уыдтæн армийы мидæг фыдуæг- тæн сæ тæккæ раззæгтæй. Мах-иу æппæлыдыстæм нуазынæй; нозтæй æз фæтых дæн диссаджы Бурцевыл, Денис Давыдов за- рæг кæуыл ыскодта, ууыл. Дуэльтæ-иу нæ полчъы уыдысты тынг арæх; æз-иу уыцы дуэльты уыдтæн кæнæ æвдисæн, кæнæ арха- йæг. Ме ’мгæрттæ мын кодтой ыстыр цыт, полчъы къаманднртæ та, алы минут кæй ивтой, уыдон, кастысты мæнмæ, фæцух уæвæн цы фыдæй нæй, ахæмы цæстæй. Æз æнцадæй мæхи мæ кадæй куыд равдыстон, афтæ нæм æрбацыд службæ кæнынмæ иу лæппу-лæг, хъæздыг æмæ зынгæ мыггагæй чи уыд, ахæм (йæ ном зæгъын мæ нæ фæнды). Мæ райгуырынæй фæстæмæ ахæм амондджын адæймагыл никуыма сæмбæлдтæн. Уый уыд æрыгон, зондджын, рæсугъд, хъæлдзæг — хæйрæджджыны хуызæн, — хъæбатыр, бынтон æнæмæтæй; йæ ном — хъуыст, æхцайæн нымæц нæ зыдта, стæй сæ никуы цух кодта. Ахъуыды кæн, куыд нæм фæкастаид ахæм адæймаг махмæ, уый. Мæ фыццагдзинад фæцудыдта. Æз ыстыр цыты мидæг кæй уыдтæн, уый йæ зæрдыл тыхст, æмæ райдыдта зилын, цæмæй мемæ бахæлар уыдаид, ууыл; фæлæ йæм æз равдыстон уазал цæстæнгас, æмæ æвæсмонæй йæхи айста иуварс. Уæнгæл мын фестад. Йе ’нтыстдзинæдтæ полчъы ’мæ сылгоймæгты ’хсæн мæн ^содтой ахæм мæсты, æмæ мæхицæн бынат нал ардтон. Зилын райдыдтон, цæмæй дзы загъд ракъахон, ууыл; мæ эпиграммæ- 1 Пъæлицæйаг худ (франц.). 0,368
тæн дзуапп лæвæрдта эпиграммæтæй, мæн уонтæй æнæнхъæлæг- дæр, Цыргъдæр æмæ хъæлдзæгдæр цы эпиграммæтæ уыд, ахæм- тæй; уый хынджылæг кодта, æз та мæстæй мардтæн. Фæстагмæ иухатт хъуыддаг рауади афтæ: уыдыстæм иу полякаг пъамещикмæ балы; сылгоймæгтæ иууыл сæ арæзт ыскодтой уымæ, уæлдай- дæр та нæ фысымы ус, мæнимæ баст чи уыд, уый. Æз ын йæ хъусы бадзырдтон цавæрдæр æнаккаг ныхас. Уый мæстæй ыс- фыхт æмæ мын ме ’хсæрфарс ныццавта. Февнæлдтам не ’хсар- гæрдтæм; дамæтæ фæсуртæ сты; кæрæдзийæ нæ атыдтой, æмæ раст уыцы ’хсæв ацыдыстæм хыл кæнынмæ. Уый уыди бонивайæны. Æз лæууыдтæн, цы бынат ыснысан кодтам, уым ме ’ртæ секундантимæ. Быхсын нал фæрæзтон, афтæмæй æнхъæлмæ кастæн ме знагмæ. Уалдзыгон хур ыскас- ти, æмæ тæвд кæнын байдыдта. Æз æй ауыдтон дардмæ. Уый цыди фистæгæй, йæ мундир — йæ карды сæрыл, йæ секунданттæ — йæ фæдыл. Мах араст ыстæм йæ размæ. Хæстæгæй-хæстæг- дæр кодта, йæ худ балтæй дзагæй — йæ къухы, афтæмæй. Се- кунданттæ абарстой дыууадæс санчъехы. Фыццаг хъуамæ фех- стаин æз, фæлæ мæстæй афтæ уыдтæн, æмæ мæ мæ къухæй ныфс нæ уыдис. Уыйадыл, цæмæй рæстæг расайон мæ маст æрсысы- нæн, уый тыххæй æхсты бар радтон уымæ. Ме знаг нæ разы кодта. Хъуыддаг æрцыди халæппарынмæ. Фыццаг номыр фæци уый, уыцы амонды уарзоны. Ныхъхъавыди ’мæ мын мæ худ цæрд- хуынкъ фæкодта. Уыдис мæ рад. Йæ цард кæдæй-уæдæй уыдис мæ къухты. Ныккастæн æм æдзынæг, кæд ын йæ цæсгомыл мæты аууон æрцахсин, зæгъгæ, фæлæ уый хъуыды дæр нæ кодта: йæхи сарæзта мæ дамбацайы дзыхмæ, афтæмæй йæ худæй иста рæ- гъæд балтæ, хордта сæ æмæ сын се ’ппытæ ту кодта мæнырдæм. Йе ’нæмæтдзинадæй хæйрæджджынау ысдæн. «Цы пайда мын у, — ахъуыды кодтон æз, — йæ цард байсын, аргъ цы цардæн нæ кæны, уый байсын»? Мæ сæры фæзынди мæсты хъуыды. Æр- уагътон мæ дамбаца. — Куыд уынын, афтæмæй дæ ныртæккæ мæлынмæ не ’вдæ- лы, — бадзырдтон æм æз, — аходæн хæрыны куыст кæныс; æмæ дæ уæд æз нæ хъыгдарын. — Æппындæр мæ ницы хъыгдарыс, — зæгъгæ мæм ысдзырд- та фæстæмæ, — кæн де ’хсты кой, кæнноддæр дæ куыд фæнды, афтæ: де ’хсты бар уыдзæн дæхимæ, æмæ дæ кæддæриддæр фæнда, уæд æз уыдзынæн цæттæ. Æз адзырдтон секунданттæм, абон æхсынмæ нæ хъавын, зæгъгæ, æмæ нæ хыл гъеууыл фæци. Æз мæ службæйæ рацыдтæн æмæ мæхи райстон мæнæ ар- дæм. Уæдæй фæстæмæ мыл иу бон дæр ахæм нæма рацыди, æмæ æз мæ маст райсыны тыххæй кæд нæ асагъæс кодтон. Абон Мæ сахат æрлæууыд... Сильвио систа йæ дзыппæй, абон райсомæй цы писмо рай- ста, уый, æмæ йæ æрбалæвæрдта мæнмæ, бакæс æй, зæгъгæ. Чидæр (æвæццæгæн, йæ бартæ кæмæ радта, ахæм) фыста Сильви- 24* зв§о
омæ Мæскуыйæ, бæрæг адæймаг рæхджы кæй хæсдзæн усæн иу æрыгон æмæ диссаджы рæсугъд чызджы, афтæ. — Æвæццæгæи, æмбарыс, уыцы бæрæг адæймаг чи у, уый, — зæгъгæ, фæкодта Сильвио. — Цæуын Мæскуымæ. Фендзыстæм, кæддæра ма йæ чындзæхсæвы размæ дæр йæ мæлæтмæ ахæм æнæмæты цæстæй акæсид, иухатт æм балтæ хæргæйæ куыд акаст, афтæ! Уыцы дзырдтимæ Сильвио сыстади, йæ худ пъолмæ фехста æмæ фæци уаты дыууæрдæм рацу-бацуйыл, франк къалатийы куыд вæййы, афтæ. Æз æм хъуыстон æнæфезмæлгæйæ. Æна- хуыр, ныхæй-ныхмæ лæууæг хъуыдытæ агайдтой мæн. Лæггадгæнæг æрбацыд æмæ фехъусын кодта, бæхтæ цæттæ сты, зæгъгæ. Сильвио мын тынг нылхъывта мæ къух; кæрæдзи- йæн апъатæ кодтам. Ысбадти уæрдоны; йемæ уыди дыууæ чемо- даны; иуы дзы уыдис дамбацатæ, иннæйы та — йæ дарæс. Хæрз- бон ма загътам кæрæдзийæн ноджы, æмæ бæхтæ фæцагайдтой. II Рацыди цалдæр азы, æмæ, мæ хæдзары фадæттæ куыд домд- той, уымæ гæсгæ ’рцардтæн Н... уезды иу мæгуыр чысыл хъæуы. Бацыдтæн хæдзары куысты æмæ æппынæдзух сабыргай улæф- тытæ кодтон, мæ фыццаг хъæлдзæг æмæ æнæмæт цард мысгæйæ. Æппæтæй зындæр мын уыд фæцайдагъ уæвын уалдзыгон æмæ зымæгон изæртæ иунæгæй æрвитыныл. Сихорафонмæ ма-иу куыддæртæй ахæццæ кодтон мæ рæстæг, старостимæ дзургæйæ кæнæ куыстытыл æмæ куыстуæттыл зилгæйæ, фæлæ-иу талынг- гæрæттæ кæнын куы райдыдта, уæд-иу нал зыдтон, цы фæуон, уый. Скъаппы бын мæ къæбицы цы чысыл чингуытæ ссардтон, уыдон афтæ фæкастæн, æмæ сæ цы фыст уыд, уый æнæкæс- гæйæ дзурын зыдтон. Дæгъæлгæс Кириловнæ ма цыдæриддæр аргъауæй йæ зæрдыл дардта, уыдон мын иууылдæр фæкодта; сылгоймæгты зарджытæй æнкъард кæнын байдыдтон. Æппын- фæстагмæ бавнæлдтон ахуырст арахъхъ нуазынмæ, æмæ-иу уымæй та мæ сæр рысти; ыстæй, раст куы зæгъон, уæд, тарстæн, мæстæй нозтыл куы фæиайдагъ уон, ома расыггæнаг куы суон (ахæм хабæрттæ та бирæ рауади нæ уезды), уымæй. Хæстæг мæм сыхаг дæр нæ уыди, дыууæ æви æртæ расыггæнаджы йед- дæмæ, дзургæ-дзурын-иу фылдæр хæкъуырцц кæнæ улæфтытæ чи кодта, ахæмтæ. Уыдонимæ уæвынæй мын иунæгæй уæвын бирæ æнцондæр уыд. Цыппар версты дарддæр мæм уыдис иу хъæздыг ус-граф Б... бæстыхай, фæлæ уым царди æрмæст хицауиуæггæнæг; ус-граф йæхæдæг басгæрста йæ бæстæ æрмæст иу хатт, моймæ цы аз ацыд, уыцы аз, æмæ дзы уæддæр мæйы бæрцæй фылдæр нæ ацард. Мæ моладзаны цардæн йæ дыккаг уалдзæг куы ралæууыди, уæд рай- хъуыст ахæм кой, æмæ, дам, ус-граф йæ моимæ сæрды хъæумæ æрцæуинаг у, зæгъгæ. Æмæ, æцæг, июны райдианы æрцыдысты. о27°
Хъæздыг сыхаджы æрцыд хъæуы цæрджыты цæсты стыр эпохæ V. Пъамещиктæ ’мæ сæ кусæг адæм уыцы хабары кой фæкæныиц ’иу-дыууæ мæйы бæрц йæ агъоммæ, æртæ азы бæрц та — йæ фæстæ. Мæхицæй мæ куы бафæрсат, уæд нæ басусæг кæндзынæн: æрыгон аамæ рæсугъд сыхаг усы æрцыды хабар мæм бахъардта иттæг тынг. Йæ фенынмæ мæ быцъынæг тыдтон, нал æрхъæцыдтæн æмæ йе ’рцыды фæстæ фыццаг хуыцаубоны фæссихор араст дæн Н... хъæу- мæ йæ рухсдзинадæн мæхи рекомендаци скæнынмæ, куыд йæ хæ- стæгдæр сыхаг æмæ куыд йæ дæлбар лæггадгæнæг. Лакей мæ бакодта графы кабинетмæ, стæй йæхæдæг ацыди фехъусын кæнынмæ мæн тыххæй. Егъау кабинет уыд æфснайд, иттæг райдзаст; къулты цур лæууыдысты скъаппытæ; чингуы- тæй седзаг, афтæмæй; алы скъаппы сæр дæр дзы уыдис брон- зæйæ конд бюст; мраморæй арæзт камины сæрмæ уыдис уæрæх айдæн, пъол астæрд уыд кæрдæгхуыз ысгæлладæй æмæ йыл но- джы тыд уыди гауызтæ. Мæ мæгуыр къуымы ахæм рæсугъддзи- надæй раджы кæй фæцух дæн, уымæ гæсгæ хорзау нал уыдтæн æмæ графмæ ’нхъæлмæ кастæн цавæрдæр тарстхуызæй, провин- цийæ курæг чи ссæуы, уый министыры рацыдмæ куыд æнхъæлмæ кæса, афтæ. Дуæрттæ байгом ысты, æмæ ’рбацыдис иу-дыууа- дæс æмæ ссæдзаздзыд хæрзконд лæг. Граф мæм хæстæг æрба- цыд æргом æмæ хæларзæрдæ хуызæй. Æз архайдтон, цæмæй ме уæнгтæ сæхиуыл ысхæцой, сæвзыгъд уон, ууыл. Мæхи базонын кæнон, зæгъгæ, куыддæр загътон мæхицæн, афтæ йæхæдæг фæраздæр ис. Ысбадтыстæм. Йæ бархи ’мæ хъæлдзæг ныхасы фæрцы æз уайтагъд мæ сырддон къæмдзæстыгдзинадæй фервæз- тæн, æмæ, куыддæр мæхи уавæрмæ фæцæйхызтæн, афтæ ’рба- хызти ус-граф: фыццагæй фыддæр фæуыргъуы дæн, ныфсæрм- дзаст дæн. Æмæ куыннæ, уый уыд рæсугъд. Граф базонгæ кодта мæн усимæ. Æз архайдтон, цæмæй, æфсæрмы нæ кæнын, зæгъгæ, афтæ зынон, ууыл, фæлæ цас фылдæр архайдтон, уыйас ме ’взыгъддзинад кодта къаддæрæй-къаддæр. Уыдон, цæмæй мын рæстæг радтой ме ’муд æрцæуынæн æмæ мæ ног зонгæдзинадыл фæцайдагъ уæвынæн, уый тыххæй райдыдтой ныхас кæнын сæ кæрæдзиимæ, мемæ та сæхи дардтой куыд хæларзæрдæ сыха- гимæ — ’нæ церемони. Æз райдыдтон дыууæрдæм рацу-бацу кæнын æмæ уынын чингуытæ ’мæ нывтæ. Нывты ницы ’мбарын, фæлæ мæ дзы иу йæхимæ ’ркæсын кодта. Уый уыдис цавæрдæр хуыз Швейцарийæ. Мæ зæрдæ мын сагайдта й’ аивдзинад нæ, фæлæ дзы дыууæ нæмыджы фæды кæй уыд, уый; дыууæ нæ- мыджы дæр ацыдысты уыцы иу ран. — Цы хорз æхст у, — зæгъгæ, загътон æз, графы ’рдæм ыз- дæхтæй. — О, — дзуапп радта граф, — æвирхъау хорз æхст. Хорз не ’хсыс ды? — бафарста мæн. Æз фæхъæлдзæг дæн, мæ зæрдæмæ хæстæг цы у, уый кой лæм кæй æрцыд, уымæ гæсгæ, ’мæ радтон дзуапп: 371о
—^ Тынг хорз. Дæс æмæ ссæдз санчъехмæ къам нæ фæив- гъуыйдзынæн, æцæг, фæлвæрд дамбацайæ. — Æцæг? — афарста ус-граф ыстыр æхсызгонæй, — ды дæр, мæ хæлар, акъахдзынæ къам дæс æмæ ссæдз санчъехмæ? — Искуы бафæлвардзыстæм, — дзуапп радта граф, — кæд- дæр æвзæр не ’хстон, фæлæ ныр иу-цыппар азы бæрц мæ къухмæ дамбаца никуал райстон. — О, — фæкодтон æз, — уæдæ кæд афтæ у, уæд хæснаг кæ- нын, куыд, уе ’рттивынад къам ыссæдз санчъехмæ дæр нæ фер- гъæвдзæн: дамбаца домы, цæмæй дзы алы бон дæр фæлвæрд цæуа, афтæ. Уый æз зонын мæхицæй. Махмæ полчъы æз нымад уыдтæн хуыздæр æхсджытæй иуыл. Иухатт хъуыддаг афтæ ра- уад, æнæхъæн мæйы дæргъы дамбаца мæ къухмæ нал райстон (мæ дамбацатæ уыдысты аразынмæ лæвæрд). Æмæ куыд уыд, де ’рттивынады зæрдæхыгъдæй? Уыйфæстæ, фыццаг хатт æхсын куы фæлвæрдтон, уæд фæд-фæдыл цыппар хатты февгъуыдтон авг фондз æмæ ссæдз санчъехмæ. Махмæ уыд иу ротмистр, цыргъ- зонд, худæгæй мараг лæг. Уый фæци уым æмæ мын афтæ зæгъы: æфсымæр, куыд уынын, афтæмæй авгмæ дæ къух нæ тасы. Нæ, де ’рттивынад, уыцы хъуыддагмæ ахæм уæлæнгай цæстæнгас дарын не ’мбæлы, кæннод бынтондæр æхсын ахуыр нал уыдзы- нæ. Æз зыдтон иу лæджы; уымæй дæсныдæр æхсынмæ чи уыда- ид, ахæмыл æз никуы сæмбæлдтæн; æмæ-иу уый алы бон дæр кодта æхсгæ; сихоры размæ-иу ын æппынкъаддæр æртæ ’хсты æнæ фæкæнгæ нæ уыди. Уый йын уыди фæткæвæрд, арахъхъы нуазæнау. Граф æмæ ус-графæн уыдис тынг æхсызгон, дзурын мыл кæй бацайдагъ ис, уый. — Æмæ ’хсгæ та куыд кодта уый? — бафарста мæ граф. — Мæнæ куыд, уе ’рттивынад: къулыл-иу бындз абадгæ куы федта, — худæг дæм кæсы, ус-граф? Хуыцауыстæн, уый раст афтæ уыд: бындз-иу куы ауыдта, уæд-иу фæхъæр кодта: «Кузькæ, дамбаца!» Кузькæ-иу æрбахаста ифтыгъд дамбаца. Уый-иу къæпп, зæгъгæ, æмæ иу бындзы къулы анадта. — Уый диссаг у, — загъта граф, — æмæ йæ хонгæ та куыд кодтой? — Сильвио, уе ’рттивынад. — Сильвио! — фæхъæр кодта граф, йæ бынатæй фестгæйæ. — Ды зыдтай Сильвиойы? — Куыннæ йæ зыдтон, уе ’рттивынад; мах уыдыстæм ыстыр хæлæрттæ; нæ полчъы йæм иууылдæр кастысты æфсымæр-æмба- лы цæстæй; фæлæ ныр иу-фондз азы цæуы, хабар дзы куынæ- уал исын, ууыл. Уæдæ уе ’рттивынад дæр зыдта Сильвиойы? — Зыдтон, тынг æй зыдтон. Никуы дын æркодта иу дисса- джы хабары кой? — Иу цавæрдæр къуыдипп ын балы йе ’хсæрфарс куыд ныц- цавта, уый кой? о372
— Æмæ дын уыцы къуыдиппæн йæ ном дæр загъта? — Нæ, уе ’рттивынад, нæ загъта... Ах, уе ’рттивынад, — код- гон дарддæр æз мæ ныхас, хъуыддаг хатын байдайгæйæ, — баха- гыр кæн... Æз нæ зыдтон... Ды нæ дæ, мыййаг? — Æз мæхæдæг, — дзуапп радта граф, йæ хуыз фæфæлив- гæйæ, — къамыл цы нæмыджы фæдтæ ис, уыдон та сты нæ фæ- стаг фембæлды æвдисæн... — Ах, мæ зынаргъ, — фæкодта ус-граф, — хуыцауы тыххæй, ма кæн уыцы ныхас, зын мын уыдзæн. — Нæ, — загъта граф, — æз, цы уыд, уый иууылдæр радзур- дзынæн; уый зоны, йæ хæлары йын куыд бафхæрдтон, уый, уадз æмæ базона, Сильвио йе ’фхæрд куыд райста, уый дæр. Граф мæм йæ къæлæтджын бандон æрбахæстæгдæр кодта, æмæ æз иттæг æхсызгонæй фехъуыстон мæнæ ацы раныхас. — Фондз азы размæ æз æрхастон ус. Фыццаг мæй Йæ Ьопеу- топп1 арвыстон ам, мæнæ ацы хъæуы. Ацы хæдзаримæ баст ысты мæ царды хуыздæр минуттæ, стæй мæ мысинæгтæн сæ тæккæ уæззаудæртæй иу. Иухатт изæрыгон мах фæцæйцыдыстæм саргъы бæхтыл. Мæ усæн йæ бæх йæхи фæнд тæрын байдыдта. Ус фæтарсти. Бæхы рохтæ радта мæнмæ, йæхæдæг фистæгæй араст ис нæхимæ. Æз ацыдтæн разæй. Нæ кæрты баййæфтон иу фæндаггон уæрдон. Дæ кабинеты иу лæг бады, зæгъгæ, мын фехъусын кодтой, æмæ, дам, йæ ном не ’ргом кæны, æрмæст, дам, зæгъы, цыма йæ мæ- нимæ цæйдæр хъуыддаг ис, афтæ. Æз бацыдтæн уатмæ æмæ та- лынджы рахатыдтон иу адæймаджы, рыгæйдзаг æмæ æнæдаст; уый лæууыдис камины цур. Æз æм бацыдтæн хæстæг, кæд ын йе ’нгæстæ рахатин, зæгъгæ. — Нал мæ базыдтай, граф? — загъта уый ризгæ хъæлæсæй. — Сильвио! — ныхъхъæр кодтон æз æмæ, сæттын ыл, бан- къардтон, мæ сæрыхъуынтæ арц куыд ысбадтысты, уый. — Раст афтæ, — фæкодта уый, — дарыс мæ æхст; æз æрцыд- тæн мæ дамбацайы ифтыгъд райхалынмæ; цæттæ дæ æви нæ? Йæ дамбаца зынди йæ тары дзыппæй. Æз абарстон дыууадæс санчъехы ’мæ слæууыдтæн къуымы, тагъддæр фехс, зæгъгæ, лæгъ- стæгæнгæ, цалынмæ мæ ус не ’рбацыд, уæдмæ. Фæлæ уый тагъд пæ кодта; æрбакуырдта цырагъ. Æз сæхгæдтон дуар, бафæдзæх- стон, куыд ничи ’рбацæуа, афтæ, æмæ та ногæй райдыдтон лæгъстæ кæнын, фехс, зæгъгæ. Уый ысласта дамбаца æмæ ныхъхъавы- дис... Æз нымадтон секундтæ... мæ хъуыдыты уыдис мæ ус... Æнтъыснæг минут мыл ацыди! Сильвио æруагъта йæ къух: — Хорз нæу, дамбаца балы аппæй ифтыгъд кæй нæ у, уый, — зæгъгæ, фæкодта... — Нæмыг æгæр уæззау у. Афтæ мæм кæсы, цыма дуэль нæу, фæлæ дзы мард æрцæудзæн: æз нæ сахуыр дæн æнæгæрзтæ адæймагмæ хъавын. Дзыхъхъынногæй райда- йæм. Сæппарæм хæлттæ, раздæр чи фехса, ууыл. 1 Мыдджын мæй (апгл.). ЗТЗо
Зылди мæ сæр... Æнхъæлдæн, æз нæ разы кодтон... Фæс- тагмæ сифтыгътам ноджы иу дамбаца; ыстыхтам дыууæ билеты; уый сæ ныппæрста худы, кæддæр нæмыгæй цы худ фæхуынкъ кодтон, уым; æз та систон фыццаг нæмыг. — Граф, ды стыр амондджын дæ, — загъта Сильвио худгæм- хасæй. Никуы мæ ферох уыдзæн уый. Нæ хъуыды кæнын, цы мыл æрцыди æмæ мæ цы ’гъдауæй ысразы кодта, уый, фæлæ... æз фехстон, æмæ нæмыг сæмбæлди мæнæ ацы нывыл, — граф йе ’нгуылдзæй бацамыдта нывмæ. Йæ цæсгом ыссыгъди артау; ус-граф йæ кæлмæрзæнæй тынг- дæр ныффæлурс ис; æз мæхи нал баурæдтон æмæ дисы мыртæ сæппæрстон. — Æз фехстон, — дзырдта граф, — æмæ, табу хуыцауæн, февгъуыдтон; уæд Сильвио... (уыцы минут, раст куы зæгъон, уæд йæ хуыз æфтыдта тас) Сильвио ныхъхъавыдис мæнмæ. Уалынмæ дуар байгом ис. Машæ ’рбазгъордта æмæ цъæхахст- гæнгæйæ ме ’фцæгыл æртыхстис. Машæйы фæзынд мын мæ хъару фæстæмæ ’рыздæхта. — Мæ зæрдæйы лæууæн, нæ уыныс, хъазгæ кæнæм, уый? — зæгъгæ, йæм бадзырдтон æз. — Куыд фæтарстæ! Ауай, дон аназ æмæ фæстæмæ рацу. Базонгæ у: ай у мæ зæронд лымæн æмæ ’мбал. — Машæйы нæ уырныдта. — Зæгъ-ма, æцæг дзуры мæ мой, — афарста уый тызмæг Сильвиойы, — æцæг хын- джылæг кæнут? «Уый кæддæриддæр хынджылæг фæкæны, ус- граф, — дзуапп радта Сильвио. — Иухатт мын хынджылæгæй ныццавта ме ’хсæрфарс, хынджылæгæй мын акъахта мæ худ, мæнæ ацы худ; хынджылæгæй та февгъуыдта ныр дæр; ныр, кæдæй-уæдæй, мæнæн дæр æрцыдис ахынджылæг кæныны рæс- тæг...». Уыцы дзырдтимæ мæм æрцæйхъавыди... Машæйы цур! Машæ йæ къæхты раз æрхауд. «Сыст, Машæ, худинаг!» — фæ- хъæр кодтон æз, æррайау; — ды та ма, мæ хæдзар, бирæ хын- джылæг ыскъæрдзынæ мæгуыр сылгоймагæй? Æхсыс æви нæ?» «Не ’хсын, — дзуапп радта Сильвио, — мæн æндæр ницуал хъæуы: æз федтон, ды куыд ыстыхстæ ’мæ куыд фæтарстæ, уый; æз дæ мæхи фехсын кодтон, мæнæй æгъгъæд у. Æрымысдзынæ-иу мæ. Дæттын дæ дæхи цæсгомы тæрхонмæ». Уыцы дзырдтимæ Силь- вио фæцæйцыди, фæлæ къæсæрыл фæлæууыдис, ракасти фæс- тæмæ, æз цы ныв фæцæф кодтон, уымæ, фехста йæ, æппындæр хъавгæ нæ кодта, афтæмæй, æмæ фæаууон ис. Мæ ус лæууыдис уадзыгæй, мæ адæм сæ ныфс нæ бахастой йæ бауромынмæ æмæ йæм тарстхуызæй кастысты. Уый рацыди тыргъмæ, фæдзырдта йæ бæхтæрæгмæ æмæ афардæг ис, æз мæхи нæма ’рымбæрстон, афтæ». Граф ныхъхъус ис. Афтæмæй æз базыдтон, йæ райдиан мæм кæддæр диссаг цы таурæгъæн фæкасти, уымæн йæ кæрон. Йæ геройыл ын никуыуал фембæлдтæн. Дзурынц, зæгъгæ, Александр Ипсиланти куы сызмæста, уæд Сильвио етеристты отрядæн раз- дзæуæг уыдис æмæ Шкулянты цур хæсты фæмард ис. о174
ДУРЫН УАЗÆГ Ь е р о г е I I о. О, зШиа депШгзша Ве\ дгап’ СоттепйаЬоге!.. ...А1г, Раёгопе! Ооп Сюуапш.1 1-АГ СЦЕНÆ Дон-Гуан æмæ Лепорелло. Д о н-Г у а н Фæгæдзæ кæнæм талынгмæ, цæй, ам. Фæстагмæ, ехх, мардзæ, уæдæ, Æрбафтыдыстæм мах Мадриды дуармæ! Ныр атæхдзынæн тагъд мæ зонгæ уынгты, Мæ рихитæ — мæ пæлæзæй æмбæрзт, Мæ худæй — ме ’рфгуытæ, гъе, афтæмæй. Куыд хъуыды кæныс? Базонæн мын ис? Лепорелло О, Дон-Гуаны ’нцон нæу базонын! Ис йе ’нгæстæбын бирæ! Д о н-Г у а н. Хъазгæ кæныс? Цæй, чи мæ базондзæн? Лепорелло Æхсæвгæс. Фыццагдæр кæуыл фембæлæм, — гъеуый, Гитанæ, кæнæ расыг музыкант, Кæннод та де ’фсымæр, — æдзæсгом кавалер, Йæ пæлæз — йе уæнгтыл, йæ дæларм та Йæ шпагæ чи дары, гъеуый, мæ хур. Д о н-Г у а н Æмæ цы, мæтæй мæлын æз, зæгъ-ма, Куы мæ базоной, уæд! Æрмæст мыл къарол Йæхæдæг макуы фембæлæд, æндæр. Æмæ мыл фембæлæд гъеуый дæр уадз: Мадриды никæмæй тæрсын æппындæр! р е л л о. О, стыр командоры ахсджиаг статуя!.. ...Ах, барин! Д о н - Г у а н. 375^
Лепорелло Уæд райсом къаролмæ куы фехъуыса, Æнæ бар райсгæ ДонТуан йæ хастæй Мадридмæ ’рбаздæхтис, зæгъгæ, уæд дын, Зæгъ-ма, цытæ бакæндзæнис? Д о н-Г у а н Фæстæмæ Æрцæудзынæн æрвыст, æндæр мын, цæй, Мæ сæр куынæ алыг кæндзæн, мыййаг. Паддзахадон фыдгæнæг æз нæ дæн. Æрвыст дæр æз æрцыдтæн уарзгæйæ: Цæмæй æнцад ныууагътаиккой мæн, Кæй амардтон, гъеуый бинонтæ, уымæн... Лепорелло Гъеуый дзы ис, гъеуый! Бадтаис æнцад Дæхицæн уым. Д о н-Г у а н Ыстыр бузныг! Æнкъардæй Чысыл ма бахъæуа, нæ ныммæлон. Цы уавæр адæм, цавæр зæхх! Уæд арв та?.. Фæздæджы хуызæн, раст. Сылгоймæгтæ та? Ды зон, æдылы Лепорелло, зон: Фæстагдæр чи у Андалузийы, Æз уыцы сылгоймаджы никуы раттин, Рæсугъддæрыл нымад чи у уым, гъеууыл. Мæ зæрдæмæ цыдысты уыдон раздæр Сæ цæстыты цъæхæй, сæ урсцъарæй, Стæй сæ хæрзæгъдауæй, фæлæ тынгдæр — Нæуæг кæй уыдысты, гъеуымæй. Фæлæ, Табу хуыцауæн, тагъд æрхъуыды кодтон — Æгæрыстæмæй семæ зонын дæр Тæригъæд кæй у. Цард сæ нæй æппындæр. Мыдадзын дзыкъынаты хуызæн, гъе, раст. Нæхионтæ та? Фæлæ-ма æрбайхъус, Зындгонд у ацы бынат — махæн; Сæрæй йæ нал базыдтай ды бынтондæр? Лепорелло Куыннæ ыстæй: Антъоны моладзандон Нæу рох мæнæй. Ды арæх цыдтæ ардæм, Æз та-иу бæхтыл мæнæ ацы хъæды Хæцыдтæн. Раст куы зæгъæм, уæд, æвæдза, Æлгъыст куыст у лæггад кæнын. Ды-иу Мæнæй хъæлдзæгдæрæй æрвыстай, баууæнд Дæ рæстæг.
Д о н-Г у а н ( хьуыдыгæнгæйæ). О, бецау Инезæ! Нал дæ ныр! Куыд уарзтон уæд æз дæу, Инезæ, куыд! Лепорелло Инезæ! Сауцæст... О, хъуыды кæнын: Æртæ мæйы зылдтæ йæ фæдыл ды, Ыстæй та дыл цæйдæр хæйрæг, нæ зонын, Уæд бацаудыдта, ’мæ къухы бафтыд. Д о н-Г у а н Июлы... Талынджы, æхсæв. Диссаджы Æхсызгондзинад ардтон æз гъеуымæн Йæ мæрдон хуыз былты ’мæ ноджыдæр Йæ касты, йе ’нкъардхуыз цæстæнгасы. Уый диссаг у, уый! Кæд ма хъуыды кæнын, гъеуæд дæумæ Нæ касти уый рæсугъд. Æмæ, æцæг: Иттæг рæсугъддзинадæй йæм, мæгуыр, Бæлвырдæй ницы уыди: йæ цæстытæ, Æрмæст йæ цæстытæ. Йæ цæстæнгас... Æз ахæм цæстæнгасыл нал фембæлдтæн Æппындæр никуы. Уыд йæ хъæлæс та Æнцад æмæ æдых — рынчынау раст. Йæ мой уыдис цъаммар, тызмæг адæймаг, Æрæгмæ базыдтон... Бецау Инезæ!.. Лепорелло Гъы, цы: йæ фæстæ уыд æндæртæ. Д о н-Г у а н Раст у. Лепорелло Æмæ куы^цæрæм, гъеуæд та — æндæртæ... Д о н-Г у а н Бæгуыдæр, афтæ, о. Лепорелло Ныр та Мадриды Кæй агурдзыстæм мах? Д о н-Г у а н Лаурæйы! Гъеуыцы иу растæй Лаурæмæ Тæхын ныртæккæ.
Лепорелло Уый хъуыддаг у, гъе! Д о н-Г у а н Гъеуыцы иу растæй мæнæйуый — уымæ. Мæ бацыдмæ йæм исчи к’ уа, мыййаг, Уæд рудзынгæй тæррæст кæнæд æддæмæ. Лепорелло Бæгуыдæр. Цæй, ысхъæлдзæг ыстæм хорз, Хъыг нæ нæ дарынц мæрдтæ бирæ мах. Уый чи æрбацæуы? (Æрбацæуы бери.) Б е р и Ныртæккæ, гъе, Æрбацæудзæни ардæм. Чи ис ам? Доннæ-Аннæйы адæмæй не стут? Лепорелло Нæ. Мах нæхæдæг господатæй ыстæм, Кæнæм нæ уды дзæбæхæн ам тезгъо. Д о н-Г у а н Æмæ кæмæ æнхъæлмæ кæсыс ам? Б е р и Ныртæккæ хъуамæ ардæм ’рбацæуа Йæ мойы ингæн сгарæг Доннæ-Аннæ. Д о н-Г у а н Де-Сольвæ Доннæ-Аннæ! Ам уыдзæн! Мард чи фæци, — нæ зонын, куыд, кæй къухæй, — Гъеуыцы командоры ус? Б е р и Цъаммар, Æдзæсгом Дон-Гуаны ’нæдин къухæй. Лепорелло О-гъо! Гъеуый дын, гъе! Йæ кой у хъуыст Фæрнджын моладзандонмæ дæр, кæсут-ма, Мæ Дон-Гуанæн; кæнынц ын уым дæр Йæ кады зарæг сабыр беритæ. Б е р и Сымахæн зонгæ кæд уыдис, мыййаг? Лепорелло Нæ зонгæ? Махæн? Нæ, æппындæр нæ. Æмæ кæм ис ныр уыцы Дон-Гуан? ^378
Б е р и Ам нæй ныртæккæ. Хаст у дардмæ тынг. Лепорелло Табу хуыцауæн. Дарддæр цас уа ахæм, Гъеуыйас у хуыздæр. Мæнырдыгонау, Гъеуыцы æдзæсгæмтты раст голладжы Нывгæ æмæ сæ фурды бамидæг кæн. Д о н-Г у а н Цы дзурыс мæнг? Лепорелло Ныхъхъус у: барæй дзурын. Д о н-Г у а н А! Командор ам ныгæд у, уæдæ? Б е р и О, ам, йæ ус ын сарæзта цыртдзæвæн, Æмæ æрцæуы алы бон дæр ардæм, Йæ уды бæсты тыххæй йын фæкувы, Ыстæй фæкæуы. Д о н-Г у а н Цы диссаг идæдз у! Уындæй та уæд куыд у? Б е р и Мах, бериты, Сылгоймаджы рæсугъддзинад хъуамæ Æппындæр ма сайа. Фæлæ... гæды Зæгъын дæр у тæригъæд: пахуымпар дæр Æвзæр нæ зæгъдзæнис йæ конд, йæ уындæй. Д о н-Г у а н Хуымæтæджы нæ дардта, нæ, йæ мой Æхгæд дуарæй Доннæ-Аннæйы! Æппын æй никуы ничи федта махæй. Мæн аныхас кæнын фæндид тынг йемæ. Б е р и О, Доннæ-Аннæ никуыдæр ысдзурдзæн Нæлгоймагмæ дзыхæй. Д о н-Г у а н Уæдæ дæуимæ Куыд фæдзуры, мæ фыдыхай, зæгъ-ма?
Б е р и Мæнимæ ’ндæр хъуыддаг у, о: æз — бери дæн. Кæс, мæнæ ис йæхæдæг. (Æрбацæуы Доннæ-Аннæ.) Д о н н æ-А н н æ Бакæн дуар, Мæ фыдыхай. Б е р и Ныртæккæ, сеньорæ, Дæумæ æнхъæлмæ кастæн. (Доннæ-Аннсе фæцæуы берийы фæдыл.) Лепорелло Гъы, куыд у? Д о н-Г у а н Нæ мæм зыны æппындæр Гъеуыцы идæдзы сау æмбæрзæнæй, Æрмæст ын ауыдтон чысыл йæ зæвæт. Лепорелло Дæуæн æгъгъæд у уый дæр: цы нæ федтай, Уый ныр дæхинымæр æххæст кæндзынæ: Нывгæнæгæй фыддæр дæ ахæмтæм; Нæу хъауджыдæр дæуæн, мæ хæдзар, Кæцæйфæнды дæр райдай — ’рфыгæй, къахæй. Д о н-Г у а н Лепорелло, хъус-ма ды дзæбæхдæр: Æнæ базонгæ уæвын йемæ нæй. Лепорелло Гъеуый дын, гъе! Йæ мойы йын ныммардта, Ныр та йæ идæдзæн йæхи цæстысыгтæ Æрфæндыд фенын. О, цъаммар, æдзæсгом! Д о н-Г у а н Фæлæ æрталынг ис. Цæй, цалынмæ Нæ сæрты не сзылд мæй æмæ йæ рухсæй Нæ алæзæрын кодта сау тары, — Уæдмæ, цом, бацæуæм Мадридмæ... Лепорелло (Йæхинымæр). Испайнаг гранд, хуыснæгау, талынгмæ Кæсы æнхъæлмæ, мæйрухсæй тæрсы... Æлгъыст фæ-у, мæ цард!.. Цымæ ма бирæ Фæракæ-бакæ кæндзынæн æз йемæ? Æнæгæды куы зæгъон: байсысти мæ тых!
П-ЛГ СЦЕНÆ Уат. Æхсæвæр Лаурæмæ. Фыццаг уазæг Хæрын дын ард, Лаурæ, куыд афтæ хорз Ды никуы хъазыдтæ нырмæ, гъеууыл. Дæ роль куыд диссаг хорз бамбæрстай, куы! Д ы к к а г Куыд æй ыстынг кодта! Цы тыхимæ! Æртыккаг Цы аивадимæ! Л а у р æ О, раст цыд абон Мæнæн мæ алы фезмæлд дæр, мæ дзырд, Цæйдæр комытæф цыд мæ риумæ, о! Æмæ мæхи æз кодтон барæй йе ’вджид. Мæ комæй дзырдтæ суадонау ызгъордтой, Мæ хъуыдæг сæ нæ ардта, фæлæ зæрдæ... Ф ы ц ц а г Уый раст у. 'Мæ ныр дæр дæ цæстытæ Кæнынц æрттивгæ, рустæ артау судзынц. Дæ цырен не сысы æппындæр; ма ’руадз Æрысысын ды уый, Лаурæ; азар, Лаурæ, исты. Л а у р æ Раттут мæм гитарæ! (Зары.) Се’ппæт О Ьгауа! Ьгауа! Диссаг тынг! Æнæмбал! Ф ы ц ц а г Кæнæм дын арфæ, о кæлæнгæнæг, Нæ зæрдæты нын фестын кæныс зынг. Æхсызгонæй цыдæрид ис нæ царды, Гъеуыдонæй æрмæстдæр музыкæйæн Дæтты фæндаг йæ разæй уарзондзинад; Фæлæ, æвæдза, уарзондзинад дæр Мелоди у... кæс, суанг ма де ’нкъард уазæг Дон-Карлосы зæрдæ дæр сагайдтай. Д ы к к а г О, диссаг мыртæ! Риуæй цæугæ мыртæ! Уæд дзырдтæ та кæй дзырдтæ сты, Лаурæ?
Л а у р æ Йæ дзырдтæ — Дон-Гуаны. Д о н-К а р л о с Цы? Дон-Гуан! Л а у р æ Æрымысыдис сæ кæддæр мæ лымæн, Мæ дымгæсæр уарзон, мæ Дон-Гуан. Д о н-К а р л о с Дæ Дон-Гуан — æнæхуыцау, цъаммар, Ды та — сæнтдзæф! Л а у р æ Дæ зондæй фæцух дæ? Æви дæ сæргæвдын кæнон ныртæккæ Мæ кусджытæн; испайнаг гранд кæй дæ, Гъеуымæ дын нæ фæкæсдзынæн æз. Д о н-К а р л о с (Сты). Фæдзур сæм, марадз! Ф ы ц ц а г Банцай-ма, Лаурæ! Дон-Карлос, ма мæсты кæн, ферох дзы... Л а у р æ Цы? Гуаны къухæй йе ’фсымæр Лæгæй-лæгмæ тохы кæй фæмард, уый? Нæ рауадаид, æвæдза, фыддæр, Йæхиуыл куы ’рцыдаид ахæм цау, гъеуæд. Д о н-К а р л о с Æдылы дæн, мæсты кæй кæнын, уымæй. Л а у р æ Агъа! Æгайтма басастæ уæддæр, Æдылы кæй дæ, ууыл. Цæй, ныр — фидыд! Д о н-К а р л о с Дæн æз, Лаурæ, аххосджын, ныббар мын, Фæлæ дын æз цы зæгъон, уый зоныс: Мæ бон нæу уыцы ном хъусын мæнæн... Л а у р æ Æмæ цы азимаг дæн, кæд æдзух Мæ дзыхы бады уыцы ном, гъеуæд?
У а з æ г Лаурæ, нал мæсты кæныс, зæгъгæ, Гъеуый бæрæггæныны тыххæй-ма мын, Цæй, азар ноджы. Л а у р æ Хæрзæхсæвæн, ай-гъай. Ныр афон у, бæгуыдæр, афон, о — Æхсæв у ныр. Цы азарон уæдæ? Гъа, хъусут, цæй. (Зары.) С е г а с Æнæмбал хорз, иттæг хорз! Л а у р æ Хæрзæхсæв ут! Уазджытæ Хæрзæхсæв у, Лаурæ! (Фæцæуынц. Лаурæ уромы Дон-Карлосы.) Л а у р æ Ды баззай, хæйрæджджын, мæнмæ. Фæцыдтæ Мæ зæрдæмæ мæнæн — Гуаны мын Æрымысын кодтай, куы стох дæ мемæ, Дæ дæндæгтæй куы скъæс-къæс кодтай, — уæд. Д о н-К а р л о с (Иуварсмсе). Цы амонды хицау у, цы, уæддæр! (Лаурæмæ.) Уæдæ йæ уарзтай, нæ? (Лаурæ сæр, «о», зæгъгæ, батылдта.) Л а у р æ Ай-гъай — хæрз бирæ. Д о н-К а р л о с Гъеныр дæр æй уарзыс? Л а у р æ Тæккæ гъеныр? Нæ уарзын, нæ! Дыууæйы иумæ уарзын Мæ бон нæу. Уарзын ныр æз дæу. Д о н-К а р л о с Зæгъ-ма, Лаурæ, цас дыл цæуы азтæй? Л а у р æ Æстдæс азы.
Д о н-К а р л о с Æрыгон дæ бынтон... Нырма иу-фондз, æхсæз азы ды ноджы Уыдзынæ афтæ. Д’ алыварс дæуæн Нырма кæндзысты гуылф фондз, æхсæз азы, Рæвдаудзысты дæ, бирæ дын — лæвæрттæ: Æхсæвыгон серенадæтæй хъæлдзæг Кæндзысты дæу. Сæ кæрæдзийы дыл Æхсæвыгæтты мардзысты. Фæлæ Дæ дуг куы фæуа ’мæ дæ цæстытæ Сæ къусчыты куы бахауой, сау-сауид Куы афæлдæхой уæлтъыфæлттæ ’нцъылдтæй, Дæ дзыккуйы куы ферттива цъæх æрду, Зæронд ус хонын дæ куы райдайой, — Гъеуæд цы зæгъдзынæ? Л а у р æ Гъеуæд? Цæмæн Хъæуы гъеуый тыххæй хъуыды кæнын? Цæй, цавæр ныхас у ныр ай, зæгъ-ма мын? Æви дæм ахæм хъуыдытæ вæййы Кæддæриддæр? Æрцу ’мæ бакæн дуар. Цы ’нцад у арв! Куыд не змæлы, уæдæ, Æппындæр хъарм уæлдæф! Лимон æмæ, Æмбудыс, лавыры тæф кæны æхсæв. Сæнтурс мæй арвы цъæхы ’рттивы, ’рттивы. Æхсæвгæстæ кæнынц ивазгæ хъæр: У ирд!.. Фæлæ цæгатварсы — Парижы Ныр, чи зоны ’мæ у æхгæд арв мигътæй, Æмæ дзы уазал къæвда уары, дымгæ Дымы ’мæ футтытæ кæны йæ фаг. Фæлæ нæ уый мæт та цы ис? Гъæй, Карлос, Ды хъуамæ бахудай ныртæккæ... тагъд... Гъе, афтæ, гъе! Д о н-К а р л о с Мæ уарзон Демон! (Хостæуы дуар.) Д о н-Г у а н Лаурæ! Л а у р æ Чи ис уым? Кæй хъæр у? Д о н-Г у а н Бакæн!..
Л а у р æ Цымæ, æцæг... Æллах... (Гом кæны дуар. Бацыди Дон-Гуан.) Д о н-Г у а н О, де ’хсæв хорз! Л а у р æ Дон-Гуан!.. Д о н-К а р л о с Куыд, Дон-Гуан!.. (Лаурæ Дон-Гуаны ’фцæгыл æртыхст.) Д о н-Г у а н Лаурæ! Мæ зæрдæйы ахсджиаг, о мæ хæлар. (Пьа йын кæны.) Уый чи у? Чи дæм ис, мæхи Лаурæ? Д о н-К а р л о с Æз, Дон-Карлос. Д о н-Г у а н Æнæнхъæлæджы фембæлд? Цæмæн дæ хъæуон, уымæн райсом — рæвдз. Д о н-К а р л о с Нæ, гъеныр, ныртæккæ! Л а у р æ Дон-Карлос, Ныссабыр у! Нæ дæ, мыййаг, ды уынджы — Мæ хæдзары дæ — айс дæхи ныртæккæ! Д о н-К а р л о с (Нæ хъусы Лаурæмæ). Æнхъæлмæ кæсын æз. Цы зæгъыс, цæй, — Æдгæрзтæ куы дæ, де шпагæ — дæхимæ. Д о н-Г у а н Кæд нал лæууыс, гъеуæд, дæ хорзæхæй. ( Фæлæбурдтой кæрæдзимæ.) Л а у р æ Ай! Ай! Гуан!.. (Йæхи хуыссæнмæ баппæрста. Дон-Карлос æрхауд.) Д о н-Г у а н Лаурæ, сыст. Мах фестæм. 38_5о
Л а у р æ Цы ’рцыд? Фæмард ис? Хорз! Мæ уаты, нæ! Цы кæнон ныр, хæйрæг, цы йæ фæкæнон? Д о н-Г у а н Кæд ма æгас у. (Уыны йсе.) Л а у р æ О, у æгас! Кæс-ма, Æлгъыст, йæ зæрдæ йын куы бацавтай, Æвгъуыйгæ ’ндæр цæмæн фæкодтаис? Йæ цæфæй туджы ’ртах дæр нал ратагъд; Йæ улæфт дæр куы нал цæуы. Куыд у? Д о н-Г у а н Цы гæнæн ис? Йæхи фæндыди афтæ. Л а у р æ Йæхи, Дон-Гуан. Хъыг мын у. Дæ фыдмитæн Кæрон дæр нæй, уæддæр ма: «М’ аххос нæу», Зæгъгæ, фæкæныс... Рагæй ам дæ, цæй? Кæцæй фæдæ? Д о н-Г у а н Ныртæккæ ’рбахæццæ дæн. Гъеуый дæр сусæгæй — нæма мын ис Лæвæрд цæуынæн бар... Л а у р æ Æмæ дæ зæрды Гъеуыцы сахат, раст, æрбалæууыд Дæхи Лаурæ. Хорз цы у, уый хорз у. Уæ, цæй, æгъгъæд. Нæ уырны мæн. Мæ рæзты Фæцæйцыдтæ, мыййаг, æмæ æнæнхъæл Мæ хæдзар ауыдтай. Д о н-Г у а н Нæ, нæ, Лаурæ. Цу, Лепореллойы-ма бафæрс, уæдæ, Æрæнцадтæн æз горæты æдде. Лаурæйы агурæг æз Мадридмæ Æрбацыдтæн. (Пьа йын ксены.) Л а у р æ Мæ хæлар, бахатыр кæн... Фæлæ... марды цур... Цы йын бакæнæм? Д о н-Г у а н Ныууадз æй, ’мæ лæууа. Сæумæцъæхæй Æз бавдæлдзынæн райсом æмæ йæ Мæ пæлæзы бын ахæсдзынæн уынгмæ.
Л а у р æ Æрмæст-иу кæс, куыд ничи фена, афтæ. Цы хорз бакодтай, иу минут фæстæдæр Кæй æрбацыдтæ, уымæй. Ам мæнмæ Дæ лымæнтæ æхсæвæр хордтой. Æрмæст ныртæккæ ахызтысты, гъе, Куы сæ æрбаййæфтаис ам, уæд та! Д о н-Г у а н Лаурæ, ’мæ йæ рагæй уарзыс ды? Л а у р æ Сæнттæ цæгъдыс, мыййаг, æви... Кæй уарзын? Д о нТ у а н Цæй, басæтт: цал хатты афæлывтай Ды мæн, куы ацыдтæн, уæдæй ардæм? Л а у р æ Ды та, фыдуаг? Д о н-Г у а н Цæй, зæгъ, уæд та — фæстæдæр... Ш-АГ СЦЕНÆ Командоры цыртдзæвæн. Д о н-Г у а н Хуыздæрмæ у æппæт: æнæнхъæлæй Æз амардтон Дон-Карлосы æмæ, берийау, Фæлмаст берийау, банымæхстæн ам Æмæ уынын æрвылбон дæр дзæбæх Мæ диссаджы рæсугъд идæдз усы, Ыстæй, куыд хатын, афтæмæй мæ Йæхæдæг дæр, цыма, æрфиппайдта. Нырмæ нымды митæ кодтам кæрæдзийæн, Фæлæ тæккæ абон ныхас кæныныл Æз йемæ схæцдзынæн. Цæмæй райдайон? «Уæндын»... нæ, нæ: «Сеньорæ»... гъе! Цы ’рцæуа Мæ сæрмæ, уый зæгъдзынæн раст, æваст, Куыддæрид, мæнæ, уарзондзинады Рæсугъд зарæджы импровизаторау... Æвæдза, афон ын у ныр æрцæуынæн — Æнæ уый, цыма, командор æнкъард у, Кæсы мæм афтæ. Куыд арæзт у, куы, ам: Уæйыджы хуызæн — растæндæр уындæй! Цы уæхсчытæ йын ис. Цæй Геркулес у ай, Æм’ афтæмæй та асæй уыд хæрз къаннæг, Тæнтъихæг удæгасæй. Къах-къухтыл ЗЗЗо
Куы слæууыдаид ам, йæ фындзмæ уæд Йæ къух нæ сæххæстаид, ахæм уыд, Ескуриалы фале мах куы фембæлдыстæм, Уæд ме шпагæйыл ракъуырдта йæхи Æмæ фæтæппæлæг ис, раст куыддæрид Цъысцъысаг сæрдзæвæныл, афтæ. Æмæ йæм бакæс, уæд тынг хъал уыдис: Сæрбæрзонд æмæ тынг уæндон, тызмæг... А! Мæнæ ис. (Æрбацæуы Доннсе-Аннæ.) Д о н н æ-А н н æ О, ам та ис. Ныббар мын, Мæ фыд, — фæсырдтон дын дæ хъуыдытæ. Д о н-Г у а н Мæхæдæг курон хъуамæ æз хатыр Дæуæй, сеньорæ. Кæд, мыййаг, хъыгдарын Дæу, де ’нкъард зæрдæйы æрхæндæг уадзын. Д о н н æ-А н н æ Нæ, нæ, мæ фыд, мæнæн ис ме ’рхæндæг Мæ хуылфы. Арвмæ ссæуын ды мæ куывды Нæ бахъыгдардзынæ. Дæуæй дæр курын, Цæмæй дæ хъæлæс йемæ сиу кæнай! Д о н-Г у а н Æз дæр дæуимæ кувон, Доннæ-Аннæ! Æз уый аккаг нæ дæн. Нæ бауæнддзынæн Æз ме ’наккаг былтæй дæ куывд фæзмын. Дæумæ æз дардæй хъахъхъæнын æрмæст; Уынын, ды сабыргай куыд æркъул вæййыс Æмæ дæ сау дзыкку фæлурс мраморыл Куыд æрытауыс. Афтæ мæм фæзыны, Раст зæд, цыма, æртæхы ацы ингæнмæ. Фæуыргъуы вæййын æз, æмæ мæ риуы Куывды мыггагæй ницыуал фæарын. Мæныл уæд бафты дис æмæ фæзæгъын Мæхинымæр: куыд амондджын у, куы, Йæ уазал мрамор д’ арвон улæфтæй Кæмæн бахъарм вæййы æмæ дæ уарзты Цæстысыджы æртæх кæуыл æрхауы. Д о н н æ-А н н æ Цы ’нахуыр ныхæстæ кæныс! Д о н-Г у а н Сеньорæ!
Д о н н æ-А н н æ Мæнæн... Ферох дæ. Д о н-Г у а н Цы? ’Наккаг бери Кæй дæн, гъеуый? Мæ тæригъæдджын хъæлæс Ам хъуамæ афтæ хъæрæй ма хъуыса? Д о н н æ-А н н æ Нæ бамбæрстон æз... Афтæ мæм фæзынд... Д о н-Г у а н Ахх, бамбæрстон: æппæтдæр базыдтай! Д о н н æ-А н н æ Цы базыдтон? Д о н-Г у а н Уæдæ нæ дæн æз бери. Хатыр дæ курын раст дæ къæхты раз... Д о н н æ-А н н æ Хуыцау! Уæлæмæ сыст... Цæй, чи дæ, уæдæ? Д о н-Г у а н Уæгъуыр, æппындæр басæттæн кæмæн нæй, Гъе, ахæм мондаджы цагъар, мæ хур. Д о н н æ-А н н æ Уæуу-уæу, хуыцау! Уæд ноджы мæнæ ам, — Йæ тæккæ ингæны уæлхъус. Тагъд фесæф! Д о н-Г у а н Æрмæстдæр иунæг минут, Доннæ-Аннæ! Д о н н æ-А н н æ Уæд та нæ исчи ’рбаййæфта, мыййаг!.. Д о н-Г у а н Решеткæ у æхгæд. О, иу минут! Д о н н æ-А н н æ Цæй, цы? Цы мæ курыс, уый зæгъ. Д о н-Г у а н Мæлæт! О, уадз, æрбамæлон ныртæккæ æз Дæ къæхты раз, æмæ мын ме стæгдар Уадз баныгæной ам, æрмæст дæ уарзоны Ыстæгдары цур, ам хæстæг, мыййаг, дæр нæ, — 389о
Фæлæ дæрддзæфдæр искуы... дуары цур, Цæмæй мæ ингæны къæйыл дæ къах, Кæнæ дæ рог дарæс ныдзæва арæх, Ды-иу дæ дзыккутæ æрытауынмæ Куы цæуай ацы буц ингæнмæ, уæд. Д о н н æ-А н н æ Дæ зонд дæхи бар нал у. Д о н-Г у а н Доннæ-Аннæ, Мæлæтмæ бæллын зондцухы нысан у? Мæ зондæй куы фæцух уыдаин æз, Уæд мæ цæрын фæндид, уæд райсин Æз уыцы ныфс, цæмæй дæуæн дæ зæрдæ Фæагайон мæ уарзондзинады зынгæй, Мæ зондæй куы фæцух уыдаин æз, Уæд ме ’хсæвтæ æрвитин æз, уый зон, Дæ уæлувады раз æмæ дын уым Дæ оуц хуыссæг кæнин ыстъæлфын, раст. Нæ цæрин уæд нымæхстæй æз, фæлæ Тырнин, цæмæй мæ фиппайай ды алкæд, Мæ зондæй куы фæцух уыдаин æз, Нæ тухитæ кæнин уæд æнæдзургæйæ... Д о н н æ-А н н æ Гъе афтæ ’нæдзургæ вæййыс кæддæрид? Д о н-Г у а н Мæ фадат афтæ рауад, Доннæ-Аннæ. Æндæра никуы базыдтаис ды Мæ сусæгдзинд... Д о н н æ-А н н æ Уæд рагæй уарзыс мæн? Д о н-Г у а н Æрæгæй æви рагæй, уый, ды баууæнд, Мæхæдæг дæр нæ зонын, фæлæ ’рмæст Уæдæй ардæм æз базыдтон йæ аргъ Мæ цъус цардæн, æрмæст уæдæй ардæм Æз бамбæрстон, циу амонд, уый... Д о н н æ-А н н æ Цæугæ, Цæугæ мæнæй ды дарддæр, курын дæ: Куыд уынын, афтæмæй бæллæхы лæг дæ. Д о н-Г у а н Бæллæхы лæг? Цæмæй? Зæгъ-ма уæддæр.
Д о н н æ-А н н æ Нæ дæм уæндын æз хъусын дæр, æппын. Д о н-Г у а н Ныхъхъус уыдзынæн уæд. Æрмæст дæ курын, Дæхицæй ма сур дард ды уыцы лæджы, Дæ уынд йеддæмæ царды чи нæ ары Йæхицæн уды лæууæн. Сур ныфсытæ Мæхицæн не ’вæрын æппындæр æз. Нæ домын ницæуыл дæу дæр, æрмæст Дæу хъуамæ æз уынон, кæд мын Цæрыны тæрхонгонд æрцыди, уæд. Д о н н æ-А н н æ Цæугæ — ам ахæм ныхæсты ран нæу, Нæу ахæм æдылы хъуыддæгты бынат. Фæзын мæм сом, æрмæст кæд дзырд дæттыс, Куыд дардзынæ дæхи ды уагыл — уæд. Æз дын — фысым изæрæй талынджы. Мæ мойы амардæй нырмæ æппындæр Æз никæйуал федтон... Д о н-Г у а н Мæ зæдыхай. О, Доннæ-Аннæ! У рæвдыд хуыцауæй, Куыд барæвдыдтай абон мæн ды, афтæ. Д о н н æ-А н н æ Цæугæ, цæй, ардыгæй! Д о н-Г у а н О, иу минут-ма. Д о н н æ-А н н æ Нæ, ’вæццæгæн мæ ацæуын хъæуы... Ыстæй мæм кувын дæр нæ цæуы ноджы. Дæ ныхæстæй мæ аирхæфстай ды. Мæ хъус мæнæн куы нал у ахуыр рагæй Дæ ныхæсты хуызæн ныхæстыл. Райсом Фысым дæуæн уыдзынæн æз. Д о н-Г у а н Нæма Æууæндын æз. Нæ мæ уырны мæ амонд, Дæу райсом фендзæни мæ цæст! Ыстæй Ам нæ, — æнæ ’мбæхстытæгæнгæ ноджы! Д о н н æ-А н н æ О, райсом, райсом. Хонгæ та куыд кæнынц, — Зæгъ-ма, уæд дæу? 391^
Д о н-Г у а н Диего де Кальвадо. Д о н н æ-А н н æ Хæрзбон у, Дон-Диего. (Фæцæуы.) Д о н-Г у а н Лепорелло! (Лепорелло æрбацыд.) Лепорелло Цы зæгъдзынæ? Д о н-Г у а н Лепорелло — Мæ уарзон! Амондджын дæн æз ныртæккæ. «Изæрæй-иу фæстæдæр», — «райсом», ой! Мæхи Лепорелло, ды райсоммæ Ысрæвдз кæн... Раст сывæллоны хуызæн Æз амондджын дæн! Лепорелло Доннæ-Аннæимæ Ныхас кодтай? Æвæццæгæн дын уый Дыууæ рæвдауæн дзырды загъта, Кæннод та йын ды арфæ ракодтай? Д о н-Г у а н Нæ, нæ, Лепорелло, йæхæдæг мын Ыснысан кодта феныны рæстæг. Лепорелло Æцæг!.. О, идæдзтæ, гъе ахæм ыстут, Гъе, ахæм уе ’ппæт дæр! Д о н-Г у а н Æз амондджын дæн! Цæттæ дæн зарынмæ. Æгас дунейы Мæ хъæбысы ныккæнин æз ныртæккæ. Лепорелло Уæд командор та? Цы зæгъдзæн уый та? Д о н-Г у а н Ды афтæ ’нхъæл дæ, уый йæ усы тыххæй Мæныл гуызавæ кæндзæн? Афтæ нæу: Уый зондджын лæг у æмæ, ’вæццæгæн, Æрсабыр ис йæ амарды фæстæ. Лепорелло Нæ, бакæс-ма йын йе статуямæ.
Д о н-Г у а н Цы? Лепорелло Дæумæ цыма кæсы æмæ мæсты кæны. Д о н-Г у а н Цæугæ, Лепорелло, æмæ йæ рахон. Мæнмæ... Нæ... Доннæ-Аннæмæ раст сомбон. Лепорелло Гъеуый та куыд, гъе! — Статуяйы хонын?.. Ыстæй цæмæн? Д о н-Г у а н Кæй зæгъын æй хъæуы, Ныхас кæнон æз йемæ, уымæн нæ, — Æрбацæуæд-иу Доннæ-Аннæмæ Изæрæй райсом уый æрæгмæдæр Æмæ-иу хъахъхъæнæг лæууæд уым дуармæ. Лепорелло Цы диссаг дæм кæсы хынджылæг кæнын, Стæй кæимæ! Д о н-Г у а н Цу, цæугæ! Лепорелло Фæлæ... Д о н-Г у а н Цæугæ! Лепорелло Ыстыр цытджын, хæрз рæсугъд статуя! Мæ хицау Дон-Гуан дæуæй у курæг, Цæмæй саккаг кæнай... Хуыцауыстæн, Нæ фæразын, тæрсгæ кæнын. Д о н-Г у а н Тæппуд! Æз дын!.. Лепорелло Фæлæуу! Мæ хицау Дон-Гуан У курæг, ды цæмæй изæрæй райсом Дæ усы хæдзармæ фæзынай Æмæ слæууай уым йæ дуарыл. (Статуя йæ сæр батылдта, разы дæн, зæгъгæ.) Ай! 393^
Д о н-Г у а н Цы ’рцыдис уым? Лепорелло Ай! Ай!.. Ай! Ай... Фæмæлын! Д о н-Г у а н Цы дыл æрцыдис? Лепорелло (Йсе сæр тилы). Статуя... ай! Ай! Д о н-Г у а н Дæ сæрæй йын кувыс? Лепорелло Нæ. Æз нæ — уый! Д о н-Г у а н Цы дзæнгæда цæгъдыс! Лепорелло Дæхæдæг рацу. Д о н-Г у а н Фæкæс-иу мæм, фæныкгуыз. (Статуямæ.) Командор, Æз курæг дæн дæуæй, цæмæй фæзынай Дæ идæдзмæ ды райсом æмæ уым Ыслæууай дуарыл. Цы зæгъыс? О? (Статуя та йæ сæр батылдта.) О хуыцау! Лепорелло Цы, цы! Нæ дын дзырдтон... Д о н-Г у а н Цæуæм. 1У-ÆМ СЦЕНÆ Доннæ-Аннæйы уат. Д о н-Г у а н æмæ Д о н н æ-А н н æ. Д о н н æ-А н н æ Æз дæ æрбауагътон, о Дон-Диего; Æрмæст тæрсын, мæ æнкъард ныхасæй Ды дæр, мыййаг, æнкъард куы кæнай, уымæй, — Фыдох идæдз, — æппынæдзух мæ зæрдыл ^394
Æз дарын ме ’мкъайы. Мæ цæссыгтæ Хæццæ кæнын æз худтимæ апрелау. Цæй æнæдзургæ дæ? Д о н-Г у а н Æгуыппæгæй Мæхи рæвдауын, арф хъуыдытимæ Мæ рæсугъд Доннæ-Аннæимæ æз Хæрз иунæгæй кæй дæн, ыстæй уæд ам, Уым — амондджын марды ингæны цур нæ, фæлæ. Æз дæ уынын æнæзоныгыл лæугæйæ, Дæ мраморæй конд мойы уæлхъус. Д о н н æ-А н н æ Цы зæрдæйы хицау дæ, Дон-Диего: Куыд æнæууæнк кæныс мæ мойыл ды — Йæ ингæны дæр дæ цыма хъыгдары? Д о н-Г у а н Æз хъуамæ ’нæууæнк ма кæнон æппындæр. Дæхæдæг æй куы равзæрстай. Д о н н æ-А н н æ Нæ, мæ мад Ныллæууыдис, цæмæй мæ къух æз раттон Альварæн, мах мæгуыр уыдыстæм тынг, Уыд исджын Дон-Альвар. Д о н-Г у а н О, амондджын! Йæ афтид хæзнатæ æрхаста уый Йæ къæхты размæ зæдæн, æмæ, гъе, Гъеуый фæрцы фæхъæстæ ис дзæбæх Дзæнæты хæрзтæй. Раздæр дæу, мыййаг, Куы базыдтаин æз — цы цингæнгæйæ Мæ ном, мæ ис æппæт уæд раттаин, Æппæт, дæ иунæг уарзон фæкастыл! Уыдаин æз дæ сыгъдæг бары цагъар, Дæ фæндтæ дын æз сахуыр кодтаин, Цæмæй сæ ’ххæст кæнон æгасæй, уымæн, Цæмæй дæуæн дæ цард æнæхъæнæй Уыдаид иудадзыг, куыд аргъæутты. Фæлæ!.. Мæ хъысмæт уыд мæнæн æндæр. Д о н н æ-А н н æ Диего, банцай: æз тæригъæдджын Кæнын, дæумæ хъусгæйæ — уарзæн нæй Мæнæн æппындæр дæу. Идæдз ус хъуамæ Ингæнæй дæр æнæзæрдæхудт уа. 395о
Куы зыдтаис, куыд уарзта мæн Альвар! О, Дон-Альвар, æвæдза, не ’руагътаид Йæ хæдзармæ хæстæг йæ уарзон усы, Идæдз лæгæй куы баззадаид, уæд. Йæ къайады уарзондзинадыл уый Æппындæр сайдæй никуы рацыдаид. Д о н-Г у а н Мæ зæрдæ мын дæ мойы мысынæй Æгъгъæд удхарæй мар, о Доннæ-Аннæ. Æгъгъæд мæ хъизæмарæй мар, æгъгъæд, Кæд уый аккаг, мыййаг, дæн, гъе, уæддæр. Д о н н æ-А н н æ Цæмæй дæ хъизæмарæй марын? Ды Æппындæр къайады бæттæнтæй баст Нæ дæ — раст нæу? Мæн уарзгæйæ — дæ раст Мæ разы дæр æмæ уæлæрвты раз дæр. Д о н-Г у а н Дæ разы! О хуыцау! Д о н н æ-А н н æ Уæдæ мæ разы Ды аххосджын, мыййаг, дæ? Зæгъ, цæмæй? Д о н-Г у а н Нæ, нæ, æппындæр ницæмæй. Д о н н æ-А н н æ Цы у? Мæ разы ды, Диего, зылынджын дæ? Цæмæй, зæгъ-ма? Д о н-Г у а н Нæ! Ницæй тыххæй! Д о н н æ-А н н æ Диего, диссаг у гъеуый: æз курын Дæуæй, æз домын. Д о н-Г у а н Нæ, нæ уыдзæн уый. Д о н н æ-А н н æ Гъе, афтæ кæсыс ды мæ коммæ, афтæ! Æмæ ныртæккæ та цы дзырдтай уæдæ? Дæ цагъар уæвын, дам, мæ фæнды, зæгъгæ. Ысмæсты уыдзынæн, Диего, зæгъ, Цæмæй аххосджын дæ мæ разы, уый.
Д о н-Г у а н Нæ уæндын. Уæнгæл фестдзынæн дæуæн. Д о н н æ-А н н æ Нæ, нæ. Кæнын дын раздæр æз хатыр, Фæлæ фæнды мæн зонын... Д о н-Г у а н Ма дæ фæндæд Æбуалгъ сусæгдзинад базонын, Аннæ! Д о н н æ-А н н æ Æбуалгъ! Фыдæбонæй мæ марыс тынг. Æз диссаджы цымыдис дæн — цы у? Æмæ мæ стæй цæмæй бафхæрдтаис? Æз дæ нæ зыдтон — нæй æмæ нæ уыд Мæнæн ызнæгтæ, иунæгæй фæстæмæ: Уый у мæ мойы марæг. Д о н-Г у а н (Йæхинымæры). Нæ хъуыддаг Фæцæуы йе ’лхынцъ райхæлæнмæ ныр! (Хъæрæй.) Зæгъ-ма мын, уæдæ, æнамонд Дон-Гуаны нæ зоныс ды, мыййаг? Д о н н æ-А н н æ Нæ зонын, нæ; Мæ цæрæнбонты дæр æй никуы федтон. Д о н-Г у а н Дæ зæрдæйы хæрам ды дарыс уымæ? Д о н н æ-А н н æ Æгъдаумæ гæсгæ — о. Фæлæ мæ ды Мæ фарстæй аиппæрд кæнынмæ хъавыс: Æз домын, Дон-Диего... Д о н-Г у а н Цы уаид, Ныр Дон-Гуаныл фембæлдтæ, зæгъгæ? Д о н н æ-А н н æ Уæд æз фыдызнагæн фæцæвин хъама Йæ тæккæ зæрдæйы. Д о н-Г у а н Кæм ис дæ хъама? Мæ риу дын мæнæ, Доннæ-Аннæ, цæв!
Д о н н æ-А н н æ Диего! Циу, цытæ дзурыс? Д о н-Г у а н Нæ дæн Диего æз, æз дæн Гуан. Д о н н æ-А н н æ Хуыцау! Нæ, нæ! Нæу афтæ, мæн нæ уырны уый! Д о н-Г у а н Æз — Дон-Гуан. Д о н н æ-А н н æ Раст нæу! Д о н-Г у а н Æз, амардтон Дæуæн дæ мойы. Æз фæсмон нæ кæнын Мæ хъуыддагыл. Д о н н æ-А н н æ Цы хъусын ай? Нæ, нæ, Нæй афтæ уæвæн, нæй! Д о н-Г у а н Æз дæн Гуан, Æмæ æз уарзын дæу. Д о н н æ-А н н æ (хаугæйсе). Кæм дæн?.. Кæм дæн? Мæ зæрдæ хъарм кæны, мæ зæрдæ... Д о н-Г у а н Æрвтæ! Цы йыл æрцыд? Цы кодтай, Доннæ-Аннæ? Сыст, сыст, æрыхъал у, дæхи æрæмбар: Дæ Диего, дæ цагъар — дæ къæхты раз. Д о н н æ-А н н æ Ныууадз мæ тагъд. (Æдыхæй.) Мæ фыдызнаг дæ ды. Ды байстай, царды ’ппæтæй æз ... Д о н-Г у а н Мæ зæрдæ! Мæ цæфы ныхмæ æз æппæтыл дæр —
Разы. Дæ къæхты раз кæсын æнхъæлмæ, Цы зæгъай, уымæ. Зæгъ: мæлæт — мæлын, Фæнды дæ, — æрмæст дæу тьтххæй улæфдзынæн... Д о н н æ-А н н æ Уæдæ уый Дон-Гуан... Д о н-Г у а н Раст нæу — дæуæн æй Фыдгæнæджы, фыдхоры хуызьт Æвдыстой адæм, Доннæ-Аннæ, нæ? Æмæ, æвæццæгæн, бынтон æнæраст Нæу уыцы кой дæр: бирæ фыддзинæдтæ Ис, чи зоны, йæ фæллад уды ’ккой. Æз бирæ, бирæ фæдæн хæлддзинады Æнæзивæг ахуыргæнинагæй. Фæлæ куы федтон дæу, уæдæй нырмæ, Цыма бынтондæр фендæр дæн, у афтæ. Дæу бауарзгæйæ, уарзын хорзкæнынад. Æмæ фыццаг хатт уый раз æз сабырæй Мæ ризгæ уæрджытæ куы уадзын зæхмæ. Д о н н æ-А н н æ О, Дон-Гуан дзыхарæхст у — æз зонын. Æз фехъуыстон: уый хинæйдзаг сайæг у. Раст демон дæ. Зæгъ: цал тæригъæддаг Сылгоймаджы æртардтай сæфтмæ ды? Д о н-Г у а н Нырма дзы иуы дæр нæ уарзтон æз. Д о н н æ-А н н æ Куыннæ мæ бауырндзæни, Дон-Гуан Фыццаг хатт бауарзта сылгоймаджы Æмæ мæнæй нæуæг нывонд нæ кæны, уый! Д о н-Г у а н Дæу сайынвæнд куы кодтаин, гъеуæд Æз басастаин, загътаин мæ ном, Дæуæн дæ бон йæ фехъусын кæмæн нæу, Гъеуыцы ном? Кæм ис, цæй, ам, ды зæгъ, Хъуыдыгондæй фæсайд кæнæ та хиндзинад? Д о н н æ-А н н æ Чи, чи дæ зоны дæу? Фæлæ ды ардæм Куыд æрбацыдтæ! Базыдтой дæ, зæгъгæ, Уæд удæгасæй нал баззадаис. 399^
Д о н-Гу а н Цы у мæлæт? Сылгоймагимæ фембæлды Адджын цъусдугыл æз æвæсмонæй Мæ цард раттыныл дæн цæттæ кæддæрид. Д о н н æ-А н н æ Гъы, æмæ гъеныр ардыгæй та уæд Куыд ацæуинаг дæ, ыстырзæрдæ? Д о н-Г у а н (Йæ кьухæн ын пьа ксены). Мæгуыр Гуаны царды мæт кæныс! Уæдæ, дæ арвон зæрдæйы нæ дарыс Мæнмæ хæрамдзинад, о Доннæ-Аннæ? Д о н н æ-А н н æ Мæ бон хæрамзæрдæ дарын куы уаид! Фæлæ ныр, цæй, фæхицæн афон у. Д о н-Г у а н Кæд та фендзыстæм? Д о н н æ-А н н æ Нæ зонын. Искуы. Д о н-Г у а н Цымæ, уæд райсом та куыд уаид? Д о н н æ-А н н æ Кæм? Д о н-Г у а н Ам. Д о н н æ-А н н æ О, Дон-Гуан, куыд æдых дæн зæрдæйæ! Д о н-Г у а н Кæй мын хатыр кæныс, гъеуый нысанæн — Фæлмастбын пъа... Д о н н æ-А н н æ Ныр афон у, цæугæ. Д о н-Г у а н Æрмæстдæр иунæг, уазал, сабыр пъа... Д о н н æ-А н н æ Цы ’нæфæуисæн дæ! Гъа, цæй, уæдæ... Цæй гуыпп у уый? О, банымæхс, Гуан.
Д о н-Г у а н Хæрзбон у, фенынмæ, мæ уарзон. (Фсецсейцсеуы, ыстæй фездæхы фæстæмæ.) А!.. Д о н н æ-А н н æ Цы дыл æрцыдис? А!.. (Æрбацæуы командоры статуя. Доннсе-Аннæ хауы.) С т а т у я Фæзындтæн æз Дæ хуындмæ. Д о н-Г у а н Хуыцау! Доннæ-Аннæ! С т а т у я Уый уадз, фæци. Ды ризыс, Дон-Гуан? Д о н-Г у а н Æз? Нæ. Æз дæ хуыдтон. Æхсызгон у, Кæй дæ уынын. С т а т у я Дæ къух æри уæдæ. Д о н-Г у а н Гъа, мæнæ... О, зын у йæ дурын къухы ’лхъывд! Ныууадз мæ, суадз, суадз мын, цæй, мæ къух... Бынсæфт кæнын... фæци... о, Доннæ-Аннæ! (Бынмæ ныххаудтой.) 26* 401о
ХЪÆД Л.С. Пушкины номыл фыст Саухъæд, сагъæсы, Зæгъ, цы бацыдтæ? Тар, æнкъардæй дыл Уый цæй мигъ ысбадт? О, Бова-уæйыг, — Хиндзыд, хинæфтыд, — Ды бæгъæмсарæй Хæсты, стыр хæсты, Джитыс къулсæрæй. Ды нæ тох кæныс Тагъд, æхстуадгæнæг Мигътæ, уадимæ. Уад дын де згъæр худ, Цъæх сыфтæрын худ, Кæс, ныр астыгъта, Аци ’ртхутæгау. Ахауд пæлæз дæр Къæхтæм. Апырх ис... Ды лæууыс — гуыбыр, Тох куы нал кæныс. Цæй, цы ’рбаци, цы, Зæгъ, дæ мæлгъæвзаг, Йе дæ фидар тых, Кæнæ де сгуыхтад? Уæд æмыр æхсæв Демæ зарджытæ Буцæй булæмæргъ, Гъей, куыд-иу кодта! Уæд куыд бадтысты Бон, бæрæчет бон Хион, сау фыдгул Демæ сатæджы...
Йе-иу тар изæр Ды куыд райдыдтай Карзæй уадимæ Тарф ныхас кæнын: Уад-иу райтыгъта Мигъты, сау мигъты, 'Мæ-иу тых дымгæ Д’ алварс атыхстис. Ды уæд барджынæй Дзурыс дымгæмæ: Аздæх иувæрсты, ’Ввахс дæр ма ’рбацу! Уад та ахъазы, Зилдух акæны. Риу, дæ риу — зыр-зыр, Иууыл банкъуысыс. Уайтагъд фестъæлфыс Ды ’мæ феххæлыс: Де ’хситт айхъуысы, Хъæр-ахст — алыран. Уад, дæлимонау, Тъизы, баниуы. Тагъд йæ сау мигъты Скъæфы дард ранмæ. Уæд цы фæци ныр, Цæй-ма, де стыр ныфс? Сау куы адардтай, О, куы ныттар дæ... Иппæрд — адæмæй, Сыпп куы нал кæныс: Йе ’рмæст уаргæ бон Ниуыс де ’дзардыл. Афтæ, гъе, саухъæд, О, домбай-Бова, Ды цæрæнбонты Тох бæргæ кодтай. Кæд дын тыхджынтæн Сæ бон ницы сси, — Уæд ныр сау фæззæг Дæу куы ’рбаргæвста.
Уый, æвæццæгæн, Дæу дæ хуыссæны — Ссардта ронбæгъдæй, Де знаг, сау ызнаг! Æмæ акъуырдта Дæуæн де стыр сæр, Хохау нæ, фæлæ Раст хъæмпыхалау... М. Лермонтов БЫЦÆУ Скъуыддзаг Шат-хох æмæ дын Хъазбегмæ Се ’мсæр хæхты раз Иуахæмы уæд куыддæртæй Рауади ныхас. «Хъахъхъæн мын дæхи! — Хъазбегмæ Дзуры урссæр Шат, — Ды лæвар лæгмæ нæ радтай Де рохтæ, æрвад! Сараздзæни дын дæ рындзтыл Адæймаг хъæутæ. Февзæрдзæн дæ комрæбынты Цыргъ фæрæт нæргæ. Æмæ ’рхуы, сызгъæрин къахгæ, Гъери-гъа, йæ фаг Бел дæуæн дæ дурын риуы Байгæрддзæн фæндаг. Мигътæ, цæргæсты йеддæмæ Кæм нæ уыд тæхæг, Уыцы рындзтыл уаргъхæсджытæ Уайынц ныр рæуæг. Хин у лæг! Йæ фыццаг къахдзæф Кæд зын уыд, уæддæр У тыхджын, лæгджын Ыскæсæн, Хъахъхъæн дзы дæ сæр!» — Æз Ыскæсæнæй нæ тæрсын! Уый фæци ныр рох, — Уайтагъд ын дзуапп куы дæтты Хъазбегаты хох. — Фарæстæм сæдазы дæргъы Хурыскæсæны ^404
Адæймаджы фьтрт йæхицæн Тарф фынæй кæны. Бакæс: дæргъытæ салбарыл Адджын сæны фынк Хуыссæгдзаст гуырдзиаг калы Тæрс бæласы бын. Уæртæ — Ерусалимы хæд бын Иу æдзард бæстæ. Арв æй басыгъта, ныдздзæм ис, Нал кæны тæлфгæ. Дарддæр, аууон чи нæ федта, Уыцы Нилы дон Паддзæхты зæппæдзты дуртæ Æхсы уыраугæ бон. Бедуин, нывæфтыд цатыр Саразон, зæгъгæ, Уый сæраппон стæры цæуын Ферох кодта ’мæ, Арвыл стъалытæ хынцгæйæ, < > Рагон фыдæлты ысгуыхты Зарджытæ кæны. Ам цæуылдæрид æххæссы Адæймаджы цæст, Уый кæрæй-кæронмæ иууыл Хуыссæгыл у хæст... * * * Хæхты урс цъуппытæ Талынджы хуыссынц. Комгæрон лæгъзытæ Фæлмы бын нæрсынц. Рыг куынæ у фæндаг, Нал ризы сыфтæр... О, фæлæуу, мæ бæстаг, Аулæф ды дæр. Ф. Тютчев СЫФТÆРТÆ Уадз нæзытæ, назтæ Зымæг дæр лæууой, Уад, миты хъæпæнтæ Хъæбыс сæ кæной. 40§О
Сæ тæнæг цъæх ызгъæр —■ Уызыны хъисау. Кæд никуы бур кæны, Уæддæр нæуæг нæу! Мах — саби буц цæуæт — Æрттивгæ кæнæм, Хæрз цыбыр рухс рæстæг Бæласыл цæрæм. Мах сæрды тæмæны Уыдыстæм дзæбæх. Хур хъазыди немæ, Цъырдтам-иу æртæх. Ныр дидинæг нал ис, Йе нал зары цъиу. Нæ хъеллау ма дарддæр, Цæй, бæлæстыл циу?!. Хуыздæр нын нæ уыдзæн Афойнадыл цыд? Кæцыдæрид зондзæн Нæ цардæн йæ цыт... • О, цæй-ма, тыхдымгæ, Фæзын нæм, фæзын. Бæласыл ауыгъд та Ныр махæн фæзын. Цæй, тагъддæр, цæй, тагъддæр. Æнхъæлмæ кæсæм. Нæ бастæй нæ атон, Мах демæ тæхæм! Л. Фет ХУРЫСКÆСÆЙНАГ ФЫСДЖЫТЫ ФÆЗМЫД Дæ бирæ ис куы ацух уа дæ къухæй, — Ды ма хъыг кæн гъеуæд: уый ницы у. Куы кæной адæм «дестæн»-тæ æдзухæй, — Ды ма цин кæн гъеуæд: уый ницы у. Хæрз цыбыр у нæ дуне — мастæй, рухсæй... Йæ рæзты ахиз ды: уый ницы у! ^406
Т. Шевченко ФÆДЗÆХСТ Æз куы амæлон, уæд-иу мæ Баныгæнут, курын, Украины тыгъд быдыры — Мады йас кæй уарзын. Раст мæм хуымтæ æмæ лæбырд Иууылдæр куыд зыной, Ноджы Днепыры ниуд, хъарæг Ингæнмæ куыд хъуысой. Уый ызнаджы сау туг фурдмæ, Цъæх фурдмæ куы ласа, — Уæд æз быдыртæ ’мæ хæхтæ Ф’ уадздзынæн æвиппайд Æмæ гъæйттæй атæхдзынæн Кувынмæ хуыцаумæ, — Гъе, уæдмæ та æз нæ зонын Нæ ’мæ нæ — хуыцауы. Баныгæнут мæ, стæй сыстут, Рæхыстæ ныссæттут, Сау ызнаджы цъаммар тугæй Бар — сæрибар цæхсут. Æмæ мæн уæ барджын царды Ног бинонты астæу — Ма ферох кæнут; мысут мæ Сабыр дзыхыдзырдæй. * * * Фæивгъуыд бон, æхсæв дæр афтæ. Фæци уæд сæрд дæр, хъæд фæбур. Мæ цæсты рухс куы тайы иууыл, Хуыссы мæ хъуыды, риу ныддур. Фынæй у алцы ’мæ нæ хатын, Цæргæ кæнын, æви фæмæлын, Æви ма афтæ ’рмæст ызмæлын. Уæдæ ’ндæр циу? Нæ мæм цæуы Нæ фаг худын, нæдæр дзыназын. 407о
Цард, цы фæдæ, цард, цы фæдæ? Æви рауæлдай мæ сæр? Хорз цард мын æвгъау кæд хоныс, Хуыцау, ратт мын уæд фыддæр. Бартæ, бартæ, цæй, цы фестут? Нæй дзы ницы, нæй, Хорз бар дæм хæлæг кæд кæсы, Хай мын ратт фыдæй! Фæлæ фынæй кæнын ды ма уадз Къахылцæуæджы Æмæ йæ æмбыд къодахæй Дунетыл хæтын. Фæлæ мын цæрыны бартæ Ратт мæ зæрдæйæн. О хуыцау, гъеуый дæ курын, Куыд уарзон адæмы. Кæд нæ — уæд бар фыдæлгъыст кæнын, Дуне басудзын. У хæрз зын рæхыстæ хæссын, Цъысымы ныммæлын. Ноджы зындæр та: куы бауай Царды ды фынæй Æмæ царды куынæ ныууадзай Фæд, уæд хъауджы нæу — Мард дæ æви ’гас! Бартæ, бартæ, цæй, цы фестут? Нæй дзы ницы, нæй! Хорз бар дæм хæлæг кæд кæсы, — Хай мын ратт фыдæй! КАТЕРИНÆ Скъуыддзаг V Кобзарь Киевмæ фæцæйцыд, Уагъта фæллад дурыл. Йе ’фцæджы — хызынтæ, ахæм Саби бадт йæ цуры. Зæронд зарыд: Йесойы стих Сабыргай куы уагъта. Фистæгæй, бæхджынæй — алчи — Йе æхца, йе дзуака — Кобзарæн: уæд чызджытæ та Иууыл — хызындзауæн О408
Дардæй баппарынц сæ капекк (Аргъ нæй ахæм цауæн). Бафæлгæсынц сывæллонмæ: Къæхтæ — гом, бæгъæввад. «Мад ын хорз радта æрфгуытæ, Цард та — нæ», — фæзæгъынц. Уæд кæсынц: фæцæуы къарет. Къареты æхсин куы бады. КАВКАЗ Чи мын ратдзæн мæ сæрæн дон æмæ мæ цæстытæн цæстысыджы суадон; æмæ кæуын æхсæвæй-бонæй, чи фæ- цагъды ис} уыдоныл... Иеремия, 9-æм сæр, 1-аг стих Хæхты фæстæ — хæхтæ, сау мигъ сыл æртыхсти, Мастæй — седзаг иууыл, туджы зæй сыл уайы. Незаманæй Прометейы1 Уым æфхæры цæргæс. Бон, æрвылбон ын йæ фæрстæ Хойы, тоны зæрдæ. Тоны, фæлæ йын йæ цардхъом Туг нæ комы нуазын. Зæрдæ райгас вæййы ногæй, Ногæй та ныххуды. Н’ амæлдзæни мах рæстад дæр, Н’ амæлдзæн сæрибар. Цасфæнды чъьшды куы фестай, Гъе, уæддæр, уый базон — Хуым нæ бакæндзынæ никæд Фурды уылæнты бын, Не сбæтдзынæ ’ндон рæхыстæй Ды цæрдуд зæрдæйы, Не сбæтдзынæ сау рæхыстæй Ды цæрдуд дзыхы дзырд. Кад, хуыцауы кад фесафын Нæ, нæ бауыдзæн дæ бон. Кæм бафæраздзыстæм мах демæ Хъаугъа кæнын. Дæ хъуыддæгтæн Тæрхон кæнын нæ бон нæу махæн. 1 Прометей- рагон бердзенты (гречъы) мифологимæ гæсгæ — æрдæгхуыцау, æрдæгадæймаг; раскъæфта арвæй зынг æмæ йæ радта адæ- мæн. Уыцы хъуыддаджы тыххæй йæ хуыцæутты хуыцау Зевс Кавказы хохмæ ныббаста рæхыстæй. (Тæлмацгæнæджы фиппаинаг.) 409о
Кæуын, кæуын — гъе, уый нæ хъысмæт, Ыстæй уæд тугæмхæццæ хидæй Кæрдзынæн сæвдулын хыссæ! Фæхынджылæг нæ кодтой фаг Лæгмар цъаммартæ. Тарф фынæй Кæны рæстдзинад расыгæй!.. Æмæ уæдæ кæд райхъал уыдзæн? Æмæ кæд ныххуысдзынæ ды, Хуыцау, фæлладæй, æмæ мах Кæд райхалдзынæ, цæй, нæ бастæй? Мах уырны, кæй дæ, нæ хуыцау, Ды сæрибары цæрдуд. Сыстдзæни сæрибар, сыстдзæн, Иууыл адæмтæ цы бон Сыстауой æрмæстдæр, хуыцау, Дæу мыггаг æмæ мыггагмæ. Ныр ызгъорынц, уайынц дæттæ, Туджы дæттæ алыран. Хæхты фæстæ — хæхтæ, сау мигъ сыл æртыхсти, Мастæй — седзаг иууыл, туджы зæй сыл уайы. Гъеуым куы бахауди уацары Бæгънæг, ыстонг хæххон адæмæн Сæ сæрибар; цæмæй уой ардыд Кæрæдзийыл. Чысыл салдат Уым, хæхты, не скодтой цæндтæ Сæ мæгуыр ыстæгдарæй, зон, Цæстысыг та, кæннод уæд туг!.. Æппæт паддзæхтæн дæр уыдаид Сæ дойны басæттыны фаг, Сæ цæуæт дæр ма семæ, афтæ, Ыстæй ма уæд фæстагмæ та Сæ идæдзты фæласынваг. Хæххон чызджытæ тар æхсæв Цы бафæрæзтой ниуынæй! Уæд мадæлты тæвд цæстысыг! Зæронд фыдæлты цæстытæй Цæугæдон нæ, — фурд, сау денджыз, Тыфыл калгæ денджыз фæцыд!.. Кад цуанон, куыдзгæсæн, йæ куыйтæн, Кад паддзахæн — нæ фыдæн! Кад! Кад уын, о митджын къæдзæхтæ, Кад, уæ урс фæлысты! Кад нæртон тыхджын уæйгуытæн, Чи нæу рох хуыцауæй! Тох кæнут, хæцут хъæбысæй. ^410
Саст уыдзæни уе знаг, Уемæ тых, сæрибар — уемæ, Ноджы уæд — рæстдзинад...1 «Дæхи — дæ кæрдзын дæр, дæ хæдзар, — Нæ дын сæ ракуырдтам, нæ байстам, Йæхи сæ ничи схондзæн, ма тæрс, Нæ дæ бабæтдзыстæм рæхыстæй. Нæу махмæ афтæ. Зон: дзæгъæлы Мах чиныг зонæг не стæм æмæ Хуыцауы ныхæстæ нæ кæсæм. Ыстæй уæд ахæстоны къуымæй Паддзахы къæлæтджынмæ, раст, Сызгъæрин кæрддзæм дарæм, æмæ Ыстæм, куыд мадард уд, бæгънæг. Тагъд, ахуыр кæнынмæ ды рацу. Мах бацамондзыстæм дæуæн, Цæй аргъ у дзул, цæй аргъ у цæхх, Мах — дингæнæг чырыстон адæм, Фаг — аргъуантæ, уæд ноджы скъола. Хъæздыгдзинад æппæтдæр — махмæ. Хуыцау йæхæдæг дæр ис ам. Мах иу хъуыддаг хъыгдары ’рмæст: Нæ цæстысындз — хæххон хæдзар — Цæмæн ис уый сымахмæ, цæ, Æнæ мах ратгæйæ, уæддæр? Уæхи кæрдзын уын, куыд куыдзæн, Цæуыннæ мах æипарæм, цæ? Цæуыннæ фидат хъуамæ уæд Рухс, хуры аргъ? Æндæр дæр ницы. Муртактæ не стæм мах, мыййаг, Ыстæм æцæг чырыстон адæм, — Чысыл исты дæр нын — æгъгъæд. Куы бахæлар уаиккат немæ, Уæд бирæ цыдæртæ, бæргæ, Гъеуый хыгъд базониккат махмæ. Зæхх дæр нæм — бирæ, гъери-гъа! Æрмæст Сыбырыл дæр нырма Нæма ацыди къах кæронмæ. Зæгъай уæд ахæстæттæ, адæм — Кæрон сын нæй, нымæц сын нæй. Молдавиагæй суанг дæр финны онг — Хæцынц сæ дзыхтыл: былтæ — баст, Ысты рæвдыд, æмæ гъеуымæн. 1 Ам Шевченко дзуры Кавказы адæмтæм, паддзахимæ чи тох кодта йæ сæрибар бахъахъхъæныны тыххæй, уыдонмæ. (Тæлмацгæнæджы фиппаинаг.) 4Цо
Сыгъдæг библи сын, бон уа, ’хсæв — Сыгъдæг бери кæсы ’мæ дзуры, Уыдис, дам, ахæм æмæ ахæм Паддзах кæддæр; хызта хуытæ, Йæ хæлары усы, дам, байста; Ыстæй уæд хæларæн йæхи Ныммардта. Ныр уæлæрвты ис, Уым сыгъдæгудтимæ цæры. Уыныс — цы сыгъдæгудтæ ис Уæлæрвты! Талынг, о, нырма Ыстут сымах; сыгъдæг крестæй Нæма ысрухс ыстут, æмæ Уæхи кæнут, цæй, махыл ахуыр... У махмæ раст æндæр дзæнæт, Ыстигъ æмæ дæтгæ дæр кæн, Æмæ гъеуыцы иу растæй Дзæнæты бамидæг уыдзынæ. Дæ хæстæджыты дæр ма ахон. Цынæ зонæм, цынæ, уæд, мах? Нымайæм ыстъалытæ арвыл, Нæ хуымты касдойнаг дæр тауæм, Æлгъитæм Францы. Уæй кæнæм Цæрдуд адæмы, кæнæ та сæ Æрбамбулынтæ кæнæм къамæй. Уый негырты, мыййаг, нæ, нæ! — Æндæрты... аргъуыд адæймæгты... Нæхи хуызæн... æрмæст — хуымæтæг... Испайнæгты хуызæн дæр не стæм!.. Хуыцау нæ бахизæд хуыснæггаг Æлхæнынæй, куыд дзуттытæ. Кæнæм мах алцыдæр закъонæй!» Пахуымпары дзырдмæ гæсгæ, Уарзут уе ’фсымæрты, Дзæгъæлдзуртæ, цæстмæхъустæ, Чиу æлгъыст хуыцауæй? Уарзут уе ’фсымæртæн, зонын, Царм, сæ царм æрмæстдæр. Уарзут ма закъонмæ гæсгæ Исын ноджы афтæ: Чызгæн — зымæгмæ кæрцæгтæ. Номылусы цотæн — Зитеуийаг; фадыварцаг, — Усджын чиу, — йæ усæн; Ноджы ма лæвайраг исын Бинонты сусæгæй... о!12
Ауындзæнмæ, зæгъ, кæй тыххæй Бацыдтæ, Чырысти? Раст адæмы сæрыл æмæ Раст дзырды сæраппонд? Æви кæд, мыййаг дæр, уымæн, Худгæ дыл куыд кæнæм? Æмæ афтæ дæр куы рауад: Аргъуантæ ’мæ нывтæ, Буды фæздæг, урс цырæгътæ, Ныв, дæ нывы хæд раз Зоныгыл лæууынтæ, кувын, Давын æмæ марын, Туг ныккалын цæмæй бафта Къухы, уый сæраппонд. Курынц дæ, цæмæй сын марын Се ’фсымæрты ’нтыса. Уыйфæстæ дын кувинагæн Давæггаг æрхæссынц. «Рухс ныл ракаст, иннæтыл дæр Ахуырдзинад тауæм. Куырм сывæллæттæн, кæсут-ма, Алцы мах æвдисæм. Раттут нæм æрмæстдæр тагъддæр, Цæйтæ ’мæ, уæ рохтæ. Хорз ахæстæттæ аразын, Сау рæхыстæ цæгъдын Æмæ ноджы уыдон хæссын, Ехс, нæмæн ехс бийын — Алцæуыл дæр уæ, æууæндут, Ацахуыр кæндзыстæм... Раттут нын æрмæст гъеуый хыгъд Тагъд уæ урссæр хæхтæ. Иннæтæ куы райстам раджы — Быдыртæ ’мæ денджыз». Украинæйæ дæм дымгæ Растдæр æртæхимæ Ацы хъуыдытæ фæхæсдзæн, О мæ иунæг хæлар! Уарзон цæстысыгимæ сыл Сæмбæлдзынæ, зонын, Æмæ сабыр дзыхыдзырдæй Мæн æрымысдзынæ.
Никъолоз Бараташвили СУСÆГ ХЪÆЛÆС Циу уый, цæй диссаджы хъæлæс у, уæдæ? Йе ’нкъарддзинадæй куы рæхойы зæрдæ. Рухс куыддæр федтон фыццаг хатт мæ цæстæй, Куыддæрид фæцух дæн мæ райгуырæн бæстæй, Ме ’рттивгæ бонтæ, мæ бæллиццаг бонтæ Ме ’мбæлтты æхсæн кæм æрвыстон сонтæй, — Гъе, уæдæй нырмæ кæмдæрид мæ фæдыл Уыцы нæртон хъæлæс иууыл куы хæты. Бон уа, æхсæв уа, фыны уа, хъал уон, — Иу уысмы бæрц дзы фæцух кæнын ма зон! «Рацу мæ фæдыл, цæй, — хъуысы мæ риумæ, — Æмæ дæ хъысмæт ыссардзыстæм иумæ!» Фæлæ нæ хæст кæнын никуы мæ халыл, Нал дæн æнхъæлмæ кæсынæй мæ уагыл... Уæдæ кæй хъæлæс уа — сусæг, æвæрæз? Кæд, мыййаг, цæсгомы, зæрдæйы хъæлæс? Æмæ мæ зæрдæйы ниц’ ис хæрамæй, Æмæ мæ цæсгом сыгъдæг куы у рагæй. Зæд дæ ’ви дуаг дæ, цы зилыс мæ мидæг? Æви мæ хæйрæг дæ — сайæг, фæливæг? Чифæнды у, фæлæ, цæй-ма, цы зæгъыс? Сомы бонмæ мын лæварæн цы ’вæрыс? Уыцы сусæгадæн ницы зонæн и — Цымæ, поэты хал тагъд ысхаудзæни? ÆФСУРГЪ Уайы, тæхаегау, мæ хъал Æфсургъ æвæд тæссæртты. Уасы мæм сау сынт æмæ тæхы, кæс, мæ хæдсæрты. Гъæйтт, уæдæ тагъддæр, мæ хъал Æфсургъ, размæ! Ахæсс мæ! Дымгæмæ ныддар дæ барæгæн ды йæ сагъæстæ! Басæтт тымыгъты, айгæрд фурдты, атæх рындз хохыл, Тæх! Фæцыбыр кæн мæ дард балцæн ды йæ тыхст бонтæ. Ма тыхс æнтæфæй, мæ хъал Æфсургъ, ма тæрс къæвдатæй. Ма кæн тæригъæд мæнæн дæр, ма, — зæгъгæ, ныффæлладтæ. Уадз, фæцух уон æз ме ’мбæлттæ ’мæ мæ тарф бæстæй, Уадз, фæцух уон æз мæхионтæй, стæй мæ уарзæттæй. Кæм мыл ысбон уа — мæнæн уыдзæн уым фыдыбæстæ. Æрмæст ыстъалытæн фæкæндзынæн æз мæ ныхæстæ. С*414
Мæ зæрдæйы хъæрзт зæгъдзынæн фурды уылæнтæн, Дæ диссаджы уад, дæ сонт тырныд, стæй дæ улæфтæн. Гъæйтт, размæ, уæдæ, мæ хъал Æфсургъ, размæ! Ахæсс мæ! Дымгæмæ ныддар дæ барæгæн ды йæ сагъæстæ! Уадз, уон æнæ хай мæ фыдæлтæн æз сæ сыджытæй, Уадз, уон æнæ хай сæ цæссыгæй æз нæ чызджытæн, — Сау сынт скъахдзæни мæнæн ингæн искуы дард бæсты. Уад мын ниугæйæ бакалдзæни рыг мæ къабæзтыл. Цæссыджы бæсты дзæгъæл мардыл æртæх ысбаддзæни, Хъарæджы бæсты дзæгъæл мардыл халон уасдзæни. Мæ хъысмæтæй мæ, мæ хъал Æфсургъ, тагъддæр ахæсс, цæй, — Кæд мæ ныры онг нæ басаста, — нал мæ басæтдзæн... Уадз, хъодыгондæй, хæрз иунæгæй искуы амæлон — Нæ кæрды мæн, нæ, о мæ хъысмæт, дæ карды сау æндон! Гъæйтт, тагъддæр, уæдæ, мæ хъал Æфсургъ, размæ! Ахæсс мæ! Дымгæмæ ныддар дæ барæгæн ды йæ сагъæстæ! Мæ тырнын мæнæн нæ фесæфдзæн — зонын — дзæгъæлы; Дæ фæд баззайдзæн, мæ хъал Æфсургъ, рындзтыл, къæдзæхтыл. Мæ кæстæр æмбал уыцы фæдыл рогдæр рацæудзæн, Йæ дугъон бæх æй йæ хъысмæтæй тагъддæр ахæсдзæн. Уайы, тæхæгау, мæ хъал Æфсургъ æвæд тæссæртты, Уасы мæм сау сынт æмæ зилы, кæс, мæ хæдсæрты... Гъæйтт, размæ, уæдæ, мæ хъал Æфсургъ, размæ! Ахæсс мæ! Дымгæмæ ныддар дæ барæгæн ды йæ сагъæстæ! Акаки Цъеретели АЛОЛ-ЛАЙ! Алол-лай кæн, хъæндзилджытæ, алол-лай мын кæ, Нарструс хъæбул, мæ буц хъæбул, мæ чысыл хъæбул. Афтæ адджын, æвæлмонæй цы афынæй дæ? Мады риуыл ды куы ссардтай буц фæлмæн хуыссæн. Афынæй у, алол-лай кæн, алол-лай мын кæн. Алол-лай кæн, хъæндзилджытæ, алол-лай мын кæн. Дæ ныййарæг дæ фæхъхъау уа, афынæй-ма кæ. Гыццыл къухæй буц дзидзийыл куы ныххæцыдтæ. Мады-майрæм фенын кæндзæн дæу ыстыр лæгæн. Цагъайраг дуг дæм æввахс дæр макуы æрцæуæд. 4^о
Кæд, мыййаг, дæ риуыл андзæвд сæрибары тын? Алол-лай кæн, хъæндзилджытæ, алол-лай мын кæн. Айрæз, айрæз, бахъомыл у, о мæ гыццыл мæй, Базон-иу, хур, бауарз-иу, хур, дæ райгуырæн зæхх. Барæвдау-иу де ’фсымæры, тыхст куы уа, гъеуæд. Нæ бæсты сæрвæлтау-иу, хур, дæ туг дæр ныккал. Дæ фыдæй-иу афтæмæйты йæ фыдгул куы тарст. Алол-лай кæн, хъæндзилджытæ, алол-лай мын кæн. Мæ дидинæг, мæ булæмæргъ, гыццыл булæмæргъ, Байхъус мæм, хур, базон, мæ хур, ба, мæ зарджытæ, Цæхæрцæстæй афæлгæс дард, акæс дунемæ, Цæмæй цардæн ды бамбарай йæ мæнгдзинæдтæ. Фæлæ уал ныр афынæй кæ — раджы ма дын у. Алол-лай кæн, хъæндзилджытæ, алол-лай мын кæн! поэт Куы — æдылы, куы — зонынджын, Куы — сæ иу дæр нæ, се ’ннæ дæр. Царды уадындз дæн, царды хъæр, Арвæй дæр нæ дæн, зæххæй дæр. Ме ’дылы митыл макуы худ, Ма-иу дис кæ мæ зондыл дæр: Зондæй, зæрдæйæ ме ’ппæтæн — У мæ хицау бынтон æндæр. Зæрдæ, мæ зæрдæ айдæн у, — Афтæ фæци æрдзы кондæй, Чи йæм бакæсы адæмæй, Равдисы ’рмæст, гъе, уыдонæй. Ме ’взаг дæр дзуры уыдæттæ, Хъус цы фехъусы иннæтæй, Кæнæ цы фенынц цæстытæ, Зондæй цы сбарын иунæгæй. Ахæм нæ дæн, нæ, цы мæ ’нхъæлут, Райстон æрдзæй æз иу лæвар — Дæн æз æрмæст, зæгъын уын æй, Арвæй зæххы ’хсæн минæвар. ^416
АДÆМОН ЗАРÆГ Урс дурмæ дын февнæлдтон, Урс дур къухыл андæгъди. О чызгай, дæ уарзонад, Зон, мæ фæдыл бафтыди. Дур мæ роны бакодтон, Æз йæ уæзы бын фæдæн. О чызгай, дæ уарзонад Уæнгæл фестади мæнæн. Дур мæ ронæй аппæрстон, Бафтыдтон æй æмбондмæ. О чызгай, дæ уарзонад Радтон æз æндæр лæгмæ. Дур ысуымæл уыдзæни Къæвдайы бын, уарынæй. Афтæ бауымæл уыдзæн Уарзонад дæ кæуынæй. Фæлæ къæвда н’ ахъардзæн Дуры ацы бæстæйы... Афтæ цæссыгтæ дæр, гъе, Адæймаджы зæрдæйы... МÆ ЦÆСГОМ Зарыдтæн розæйыл, уасыдтæн хæдмæлыл, Иу хатт-иу — сау халон, иннæ хатт — булæмæргъ. Маст-иу куы ахъардта хатгай мæ зæрдæйы. Хатгай та йедзаг уыд адджын бæзджын мыдæй. Искуы ис ахæм зæхх, уалдзæг æдзух кæм уа? Розæ йæ дидинæг алыхатт фефтауы? Царды дæр афтæ у: циндзинады фæдыл Мин-мин хъыгдзинады алкæд ныххал вæййы. Уымæн-иу хъаст кодтон цардæй, мæ хæлæрттæ! Уымæн нæ зарыдтæн арæх, мæ лымæнтæ! Фæлæ-иу уыцы заманы æз адæмæн Калдтон рæдаукъухæй алгъуызон дидинæг.
Фесæфти, атар ис уыцы бæллиццаг дуг, Ацыди, ацыд мæнæн ныр мæ цардуалдзæг: Базæронд дæн, мæ бон! Иууыл ныххæррæгъ дæн, Додой! — хъызт зымæг куы скодта мæ рыст сæрыл. Ацыди буц уалдзæг, нал зары булæмæргъ, Ниуын мæхиуыл. Уазал у, ихæн у! Ивгъуыд бонтæй ма рæвдауын мæ тыхст уды, Фæлæ мæ абонæй зæрдæ нæ рухс кæны. УАРИИЫ ЗАРÆГ I Хæрз бæрзонд хохмæ Ысхылди Донгалм. Ыскъуыбылой ис, Бæндæны ’лхынцъау, Æмæ ныххуыссыд Уым уымæл цъассы, Йæ цæстæнгас та Ыскодта фурдмæ. Хæрз бæрзонд арвæй Æрттывта буц хур. Сæ улæфт арвмæ Æрвыстой хæхтæ; Бынæй та дуртыл Сæхи куы хостой Æмвæтæн фурдæн Йæ фæйлауæнтæ. Дæлиау комы Фæлм, тары мидæг, Ыстъæлфæнты ’хсæн Ызгъордта суадон; Тындзыдта фурдмæ, Дур дурыл хойгæ. Æгасæй урс фынк Ысбадт йæ сæрыл. Хъаруйæ йе ’мдзаг, — Уый гæрста хæхтæ Æмæ калд фурдмæ Тызмæгæй ниугæ. Максим Горький а!18
Уæд, — мæнæ диссаг, — Æваст æрхауди, Кæм хуыссыд Донгалм, Гъеуыцы цъасмæ, Бæрзондæй, арвæй, Йæ туджы мæцгæ, Цæхæрцæст Уари. Æрхауди зæхмæ... Фæхъæр ма кодта... Сау, фидар дурыл Уый адæргæйы Æдых, мæстыйæ, Йæ риу куы хоста... Йæ уындæй Донгалм Фæтарст йæхицæн. Цæрдæг, хæрз цæрдæг Æддæдæр ахылд. Ыстæй уæд калмæн Æрцыд йæ сæрмæ, Кæй æрхæццæ ис Йæ кæрон маргъæн... Æрбахылд Донгалм Хæстæгдæр маргъмæ Æмæ йæм дзуры Сыфсыфгæнгæйæ: «Сæрæй, фæмæлыс?» Ныуулæфыди Йæ къæхты бынæй Цæхæрцæст Уари Æмæ дзуаппæн Зæгъы уый калмæн: «Ай-гъай, фæмæлын!.. Цытимæ фесты Мæнæн мæ бонтæ! Æз зонын амонд... Мæлæтдзаг тохы Уыдтæн æз разæй!.. Уыдтæн хъæбатыр, Уыдтæн хъазыуат!.. Æз федтон арв дæр!.. Дæуæн æппындæр Дæ бон нæу фенын Хæстæгмæ æрвтæ!.. Бецау дæхи бон!»
«Гъы, ’мæ циу арв дæр? Хæрз афтид бынат!.. Æз дзы куыд хилон?.. Мæнæн ам хорз у... Уымæл, æнуд хъарм!..» Гъе, ахæм дзуапп ын Куы радта Донгалм Сæрибар маргъæн. Йæ мид-зæрдæйы Ныххудти Донгалм Уæд маргъы сæнттыл: «Фæнды тæхгæ кæн, — Фæнды быргæ кæн, — Дæ кæрон иу у: Æнæбын сыджыт — Нæ фæстаг бынат, Афтид æртхутæг — Нæ кæцыдæрид!..». Фæлæ кæсы, ’мæ Æвиппайд Уари Уæд фестъæлфыди. Уæлæмæ систа Йæхи чысылгай. Йæ цæст фæйнæрдæм Куы хæссы комыл. Дон хохы цъассæй Бынмæ лæдæрсти. Уыдис хæрз æнуд Уымæл тар комы. Æмбыдысмаг дзы Ыскъæрæн кодта. Æрбамбырд кодта Йæ тыхтæ иумæ Зæрдæхæлд Уари, Æмæ йæ цъæхахст Фæйнæрдæм айхъуыст: «Уæд та ма иу хатт Куы стæхин арвмæ!.. Тыхджын мæ риумæ, Мæ хъæнтæ риумæ Бæргæ нылхъивин... Фыдгул... ызнаджы... Куыд ферхæца, раст,
Мæ сæнтсырх тугæй!.. О, тохы амонд!..». Хъуыдыты бафтыд Йæхицæн Донгалм: «Бæлвырд, æцæгæй, Дзæбæх у арвыл — Дзæгъæлы афтæ Нæ нæты Уари». Æмæ уынаффæ Дæтты калм маргъæн: «Ды, бавдæл, бахил Хæстæгдæр былмæ Æмæ дзы асхой Дæхи дæлæмæ. Цынæ-иу вæййы: Кæд ма дæ сисид Хæрдмæ дæ базыр, Æмæ ма фенис Ды цъусдуг æрвтæ!» Маргъ фестъæлфыди... Ныцъцъæхахст кодта... Фæраст ис былмæ... Бырынц йæ ныхтæ Сæтæйдзаг дурыл... Фæхæццæ рындзмæ... Йæ рыст базыртæ Ныттыгъта дардыл, Ныуулæфыди Йæ саст риуы дзаг; Йæ цæсты цæхæр Фæйнæрдæм акалд, Æмæ... фæтулы... Раст, мæнæ дурау, Тылди дæлæмæ, Къæй, дуртыл хойгæ, Йæ систæ сæтгæ, Йæ пакъуы калгæ. Бынæй йыл комы Йæхи ныццавта Хæххон тызмæг дон... Цæхсадта тугтæ... Фынкæй йыл дарæс Æркодта ’мæ йæ Фыцгæ денджызы Нысхуыста уайтагъд.
Ысхойы денджыз Йæ фæйлауæнтæ... Сæхи ныххойынц Лæгъз айнæг дуртыл... Нынниуынц... Зæрдæ Сæ хъæрæй тоны... Йæ кой дæр нал уыд Æрвгъуыз быдыры Ныр маргъы мардæн: Нынныхъуырдта йæ Æнæбын денджыз. II Хъуыдытæ кодта Йæхицæн Донгалм Уæлейæ цъассы Уæд маргъы сæфтыл. Æмæ фæджих ис Хæрз дардмæ Донгалм, Гъеуыцы дардмæ, Æппынæдзухæй Цæстыл чи уайы, Сæнттæй зæрдæйы Нæрсын чи кæны Æмæ йын амонд Кæцы фæхæссы. «Цымæ, цы федта Зынгхуыст сахъ Уари Æнæбын арвы, Æгæрон арвы? Цæмæн агайынц Зæрдæйы хъустæ Сæ тагъд мæлæтæй, Сæ арвмæ тахтæй, Гъе, ацы Уари ’Мæ йе ’мхуызæттæ? Цы фенынц арвы? Æмæ, æвæдза, Мæнæн дæр бауид Мæ бон, мæ хъару Гъеуый бамбарын, Æрмæст хæрз цъусдуг Куы стæхин арвмæ». Цы загъта Донгалм, Гъеуый æххæст дæр Ыскодта уайтагъд. СÆ 422
Цæгау фæкодта Йæхи, уæлæмæ Йæхи нынтъыхта, Æмæ йæ тæмæн Куы акалд хурмæ: Гуырдзæй хилæгæн Тæхæн нæ вæййы!.. Гъеуый дзы айрох, Æмæ æрхауди Фæстæмæ дуртыл, Пырх сыл нæ ныцци, Фæлæ ныххудти... «Гъе, мæнæ цы у Йæ бæллиццагад, Кæс, арвмæ тахтæн: Дæлæмæ хауын!.. О, диссаг мæргътæ! Зæхх циу, — нæ зонынц. Æнкъардгæнгæйæ, Тындзынц уæлæмæ, Уæлæмæ, æрвтæм, Æмæ сæ тыгъды Фæнды ыссарын Бæллиццаг рухс цард... Арв циу? Кæд рухсæй Арв у æмыдзаг, Уæддæр у афтид, Бынтондæр афтид. Цæрæгой буар Нæ ары арвы Йæхицæн хойраг, Цæуыл фæлæууа, — Нæй арвы ахæм. Цæмæн у хъалзонд? Цæмæн у уайдзæф? Æрмæстдæр уымæн, Цæмæй æмбæрзай Дæ афтид фæндтæ, Цæмæй æмбæхсай Уыдон фæсаууон Ды де ’бæззонад Дæ царды мидæг? О, диссаг мæргътæ!.. Фæлæ уый зонæнт — Сæ нывджын ныхас Мæн нал фæсайдзæн!
Мæхæдæг зонын Æз ныр æппæтдæр, Æз федтон арв дæр... Æз æм ыстахтæн, Æз æй ысбарстон. Дæлæмæ ’рхаудтæн, Æрхаудтæн дуртыл. Пырх сыл нæ ныддæн, Æрмæст мæ хъару Хуыздæр ысбарстон Æмæ мæхиуыл Æз баууæндыдтæн. Зæхх чи нæ уарзы, — Уадз уыдон сайæнт Сæхи сæ сæнттæй. Зæххы рафæлдыст — Зæххыл цæрдзынæн!..» Къуыбылойау та Йæхи ыстыхта Калм сау къæй дурыл: Ныббуц йæхицæй... Æрттывта денджыз, Тæмæнтæ калдта, Кæрæдзи надтой Тызмæг, мæстыйæ Йæ фæйлауæнтæ. Сæ домбай хъæры Нæрыди зарæг! Уый денджыз зарыд Цæхæрцæст маргъыл. Рызтысты хæхтæ Йæ зарды хъæрæй; Ныррызти арв дæр Тызмæг зарæгæй: «Æхсарджын тугæн Йæ сонтдзинадыл Кæнæм мах кадæг. Хъæбатыр туджы Æррадзинад, гъе, Гъеуый у цардæн Йæ зонд, йæ зæрдæ!.. Æвзыгъд сахъ Уари! Хъæбатыр тохы Ныккалди абон
Дæ сырх туджы цъыртт... Зон, ферттивдзынæ Нæ талынг царды Æмæ хæрз бирæ Æвзыгъд зæрдæты Цырын кæндзынæ Сæрибар цардмæ. Уадз ды фæтар дæ, Дæ зынг ныххуыссыд, Фæлæ кæддæрид Æвзыгъд, хъæбатыр Кæм уа дунейыл, — Уым ды уыдзынæ Сæ аив зарды Сæрибармæ сидт, Цыты тырыса! Хъæбатыр туджы Æррадзинадæн Мах зарæм зарæг!..». Токтогул ХЪИАМÆТТАГ ЫССИ МÆ ЦАРД Скъуыддзаг Ой, сафинаг дуне, ой!.. Цæй, куыд ферох кæнон, цæй, Ацы сау уæззау бон, дæу?.. Загъта мын: «Фæндараст у!» Уæд мæ мæгуыр адæм, уæд, Стырæй, чысылæй мыл куыдтой. Сагъæс, сау æхсæвау, раст Цъиусурты фæрцы æваст Атыхта мæнæн мæ сæр. Цард фæливæг у, бийæг, Сау фыд, сау сагъæс хæссы Уый æдых лæгæн æдзух. Баскъæры, кæм нæ ис рухс, Ахæм ранмæ уый лæджы, Раст, æнæаххос лæджы... Фистæгæй цæуын, цæуын... Ахæм фæндагыл, бæх кæм Н’ афæраздзæни цæуын. 42§о
Дæн хъадамантæй фыдбаст, Бадзой-дзой кæнын сыдæй. Салдат мæ тæры, цæуы Сау салдат мæ фæстæ раст. Ме ’взаг не ’мбары мæнæн... Ой, ныммæлат, Керимбай, Ме ’намондæн кæд цæмæн Райгуырдтæ зæххыл ды та? Фидар хъадамантæ мын Бакодтой мæ къæхтыл хорз. Никуы сæ ’фтауынц æппын. Ме ’фсæртæ æххормагæй Нал комынц ызмæлын дæр. М’ адæм ма, куы цыдтæн, уæд Бадзырдта: «Фæцæуы нын Дард бæстæм нæ булæмæргъ, Дард бæстæм нæ Токтогул!» Ой, æрбайсæфай, фыдгул!.. Ниудтой æмæ мыл куыдтой, Цæй, кæм ма ссардзынæн ныр Æз зæрдæхæлар æмгар? Цæй, кæмæн зæгъдзынæн ныр Æз мæ сагъæсты тыххæй?.. Нæ, уырны ма мæ уæддæр, О, мæ уарзон адæм, о, Кæй æрыздæхдзынæн, уый!.. Владимир Маяковский СТИХТÆ СОВЕТОН ПАСПОРТЫ ТЫХХÆЙ Æз бирæгъау бахсынин бюрократизм. Мандаттæн кад, цыт нæй. Хæйрæджытæм, сæ мадæлтæм дæхи ис, Алыхуызон гæххæтт!.. Фæлæ ай... Купетæ ’мæ каютты даргъ фронты Саламджын чиновник ызмæлы. ^426
Дæттынц сæ паспорттæ, æз дæр дæттын мæ сырх чиныг, — афтæ æмбæлы. Иуæй-иу паспорттæм — мидбылты худт. Иннæтæм — былысчъилтæй каст. Зæгъæм: ысты сæ цæст æмæ сæ уд Англисаг паспорттæ раст. Сæ цæстæй ныхъуырынц америкаджы, æмæ йын, сæрæй ныллæг кувгæ, Исынц, лæварисæгау, йæ паспорт, æнæсдзургæ. Полякаг паспортмæ кæсынц, Сæгъ афишæмæ куыд кæса, афтæ. Сæ цæстытæ ныхъхъоппæг кæнынц: — Ай та цавæр у — куынæ йæ зоны картæ? Сæ сæр нæ азилынц, сæ зæрдæтæ — æнцад, сæ цæст дæр не ’рныкъулынц, афтæмæй. Айсынц паспорттæ, — нæ сын æфхæрд, йе кад, — данийæгтæй, швецийæгтæй — алкæмæй. Уæд æваст, цыма судзгæ бакодта, йæ дзых ныззылын ис господинæн.
Уый чиновник йæ къух æрбакодта æмæ исы мæ сырхцъар паспортинæ. Исы — цыма бомбæ, исы — цыма уызын, цыма дыууæрдыгæй цыргъ сæрдасæн, цыма ыссæдзæвзагджын калм исы, уый æнгасæн, А-гъа, зæгъгæ, йæ цæст ныкъулы æккойæхæссæг. Фæрсæгау бакаст жандарм дзырдхæссæгмæ... æмбуды — дзырдхæссæг жандармæн йæ ахаст. Гъей! Цы ’хсызгонæн мæ байтыгътаид къулыл тæккæ уыцы сахат жандармты кастаэ, кæй уыд мæнæн мæ къухы дзæбугджын, æхсырфджын советон паспорт!.. Æз бирæгъау бахсынин бюрократизм. Мандаттæн кад, цыт нæй. Хæйрæджытæм, сæ мадæлтæм дæхи ис, алыхуызон гæххæтт!.. Фæлæ ай... Æз ысластон йæ дзыппæй мæ уæрæх хæл^фæн. Хуызæй — сырх, рæсугъд, зæрин.
Мæстæй мæлут, кæсут хæлæфæй — Æз дæн Советон Цæдисы гражданин! Гафури НЫФС Бирæ зынтæ кæд æвзæрстон, Бирæ цæссыг кæд фæкалдтон, Бирæ хæхтыл кæд æрхызтæн, Бирæ дæттыл кæд фæхаттæн, — Гъе, уæддæр, æгуыстæй бадын Никуы бакуымдта мæ риу. Мæн уырныдта, искуы, искæд Ме стъалы нырттивдзæн, уый. 42§0
Калевалæйæ ВЕЙНЕМЕЙНЕНЫ ФÆНДЫРДЗАГЪД 41 рунæ Раст зæронд лæг — Вейнемейнен2, Рагæй, незаманæй нырмæ Хинтæ чи кæны, кæлæнтæ, — Уæд æрифтонг кодта къухтæ Æмæ ахсадта тагъд доны Хистæр дыууæ ’нгуылдзы къухтæн. Хъæлдзæггæнæн къуыпмæ рацыд, Зарæн дурыл уым ысбадти, Бадти уым æвзист тыппырыл, Къуыппыл, кæцы уыд сыгъзæрин. Райста кантеле3 йæ къухмæ, Сарæзта, куыд æмбæлд, афтæ Фæндыр-кантеле йæ зæнгтæм Æмæ дзуры афтæ мæнæ: «Рацу байхъусынмæ ардæм, Чи нæ фехъуыста ныры онг Ацы рагон зарды мыртæ, Цины кантелейы мыртæ». Æмæ зæронд Вейнемейнен Диссаг нæртон цагъд æркодта Уыцы кантеле-фæндырæй, Кæфы хъустæй конд фæндырæй, Кæсаджы ыстджытæй кондæй. Уырзтæй тагъдгомау æвнæлдта, Хистæр æнгуылдз ссыд уæлиау. Хъæлдзæгæй хъæлдзæгдæр кодта, Зарæг зарæджы æййæфта. Гъе, уый цагъд уыд, цагъд, мæ хуртæ, Гъе, уый зарæг уыди, зарæг! — Кæфы стджытыл дзых куы базад, Æмæ калдтой диссаг мыртæ, 1 «К а л е в а л æ» - финнты адæмон номдзыд эпос. 1 2Вейнемейнен — «Калевалæ»-йы сæйраг герой — дуаг, æвдыст цæуы зæронд лæджы хуызы; финнты мифологимæ гæсгæ — зæхх сфæлди- сæг, Финляндийыл рæстмæзилæг, зарæггæнæг, кæлæнтæгæнæг. 3Кантеле — финнты пацион музыкалон инструмент. 043°
Хъистæ уæд хъæрæй куы дзырдтой, Бæхы хъис зæлангджын фестад. Мæнæ хъазы Вейнемейнен — Нал баззади хъæды иу сырд, Иунæг дæр цыппæркъахыгæй, Уырдæм хъусынмæ чи не ’рцыд Æмæ цагъдыл дис кæнынмæ. Æхсæрæг зæбулæй хъазы, Къалиуæй гæпп кæны тагъд-тагъд Иннæ къалиумæ фырдисæй. Уайы дугъæй сæлабыр дæр, — Быруйы тæккæ цур абадт; Саг ысчъыллипп кодта фæзы; Суанг ма стай дæр бахъæлдзæг ис, Æрхы райхъал ис цъæх бирæгъ; Ызмисæй йæхи куы систа Арс, уæд назы хихты ’хсæнæй, Бæзджын нæзыты астæуæй. Бирæгъ уайы цъыфдзæстыты, Арс та хъæд-хъæдты ызгъоры Æмæ ’рбады быруйы цур, Дуары раз йæхи æруадзы. Быру рафæлдæхта дуртыл, Дуар та рафæлдæхта зæхмæ. Нæзы, наз бæласмæ тагъд-тагъд, Кæс, фæхилы арс йæ ныхтæй, Фæндыры цагъдмæ дзæбæхдæр Уый цæмæй байхъуса, уымæн. Зондджын зæронд Тапиола, — Барджын хицау чиу Метсолы1, — Йемæ хъæды адæм иууыл, Иууыл, гъе, чызг уа, лæппу уа — Хæхтæй чиу бæрзонддæр, уымæ Схылдысты, цæмæй дзæбæхдæр Хъусой фæндыры хъæлæсмæ. Хъæды ус-хицау йæхæдæг, — Уыцы зонынджын зæронд ус, — Рацыдис, цъæх цъындатæ йыл, Баст йæ цъындатæ сырх бантæй. Бæрзы бызычъийыл бады, Цъæх фæрвы тастыл ысбадти, Байхъуса цæмæй дзæбæхдæр Фæндыр-кантелемæ, уымæн. ’Метсола- хъæд. 431о
Маргъ, тæхæг маргъæй цыдæрид Уыд дыбазырæй дунейыл, — Бапæр-пæр кодтой æвиппайд Æмæ ’ртахтысты, цæмæй сын Фæндыры мыртæ сæ хъустæ Барæвдауой, дис фæкæной. Мæнæ цæргæс Суомийы1 Фехъуыста гъеуыцы мыртæ. Зæйцы ахстоны фæуагъта, Ратахти йæхæдæг, растдæр Вейнемейнен кæм уыд, уырдæм. Бæрзондæй йæхи æруагъта, Мигътæй хъæрццыгъа фæзынди. Аццытæ ызгъорынц дæттæй, Фурды хъазтæ дæр уæд — афтæ. Суанг ма æргъæвсой цъиутæ дæр, Дзылыты бал æмæ ноджы Дзывылдæрттæ хуымтæй дардæй Мингай тахтысты; сæ бадæн Зæронды уæхскыл ыскодтой. Афтæ хъазыди нæ цытджын, Дис æфтыдта Вейнемейнен. Суанг ма æрдзы чызджытæ дæр, Уæлдæфы чызджытæ иумæ Тагъд фæзындысты кæцæйдæр. Хъусынц кантелейы цагъдмæ. Æмæ дисы бын куы фесты. Иу дзы уæлдæфы дыдагъы Арвы хъæбысы æрбадти, Иннæ — мигъыл, æмæ ’рттывта. Мæйы чызг, рæсугъд урсцæсгом, Хуры чызг, æрттивгæ рæсугъд, — Сагъдау фесты, æмæ уафын, Ирд хæрдгæ тын уафын нал уыд, Нал сæ бон; сæ къухты дарынц Цъæгъæдзтæ, ыстæй уæд æлвыст Мигъы, сырх мигъы хæдгæрон, Арвы, дард арвы тыгъд риуыл. Фæлæ цагъды мыр куыддæрид Ауади сæ хъустыл, афтæ Цъæгъæдзтæ сæ къухтæй ’рхаудтой, Уæфти асхъиудта сæ уырзтæй, Аскъуыд уафинаг зæринхал, Аскъуыд се ’взистхуыз тæбын хал. — Финлянди.
Доны цæрджытæй дæр иунæг, — Ленкæн систæ ’хсæз кæмæн ис, — Доны нал баззади, уырдæм Чи нæ рахылдис æддæмæ Хъусынмæ, стæй дис кæнынмæ. Мæнæ щукæ, — доны цуанон, Мæнæ сёмгæтæ ’мæ сигтæ, Сырхцæст окунь ноджы семæ — Иууыл донбылмæ ызгъорынц, Хафынц хъамылтыл сæ риутæ, Кæд сæ къухы бафтид хъусын Зарæджы мыртæм, йæ цагъдмæ Вейнемейненæн, — йæ хъазтмæ. Ато1 дæр дын, дæтты хицау, Кæрдæгзачъе рагон зæронд, Раленк кодта доны сæрмæ, Фурды дидинæгыл бады. Хъусы диссаг мырты зæланг, ’Дзуры мæнæ ахæм дзырдтæ: «Никуы фехъуыстон æз раздæр, Никæд ахæм мырты зæланг, Ацы ’нусон лæг куыд цæгъды, — Никуы фехъуыстон æз афтæ». Соткойы2 чызджытæ донбыл, Хъæзы хотæ, фурды былыл Бадтысты æмæ куы фастой Уым сæ дзыккутæ. Сыгъзæрин Хъисджын щёткæйæ, æвзистæй Астæрд чи уыдис, гъеуымæй. Уыцы цагъд сæ хъустыл ку’ ауад, Щёткæ асхъиудта уæд донмæ, Доны уылæнты ысмидæг; Нал сын бантысти ныффасын Сæртæн се ’мбисты йеддæмæ. Уæд фæстагмæ доны æфсин, Кæрдæгæй — йæ фæлыст, ахæм, Денджызы бынæй ысхызти. Арæхстгай куы раленк кæны, Донбылы хъæзмæ куы рахылд Æмæ сбадтис уым уый хъургъы; Хъуыста уыцы зарды мыртæм, Вейнемейнены фæндырмæ. 1 А т о — доны паддзах, ирон Донбеттыр. 2 С о т к о — мифон бабыз, дуне, дам, кæй æйчытæй равзæрд, уый; бабызы чызджытæ — дæтты «дауджытæ». 28* «Зо
Диссаджы мыртæ йæм хъуысти, Цагъд уыдис æгæрон рæсугъд. Барæдзæ-мæдзæ дзы кодта Уым йæ бадæны сабыргай Доны æфсин, афынæй ис, Сау бæрзонд рындзыл æркъул ис Дур, ыстыр дуры хæд былыл. Раст рагон лæг Вейнемейнен Иу бон хъазыдис, дыккаг бон. Нал баззадис ахæм иу дæр, — Нæ нæлгоймаг, нæ сылгоймаг, — Уыцы цагъдмæ чи не ’ркуыдта, Уый кæй зæрдæ нæ ныццавта; Калынц донау уым сæ цæссыг Зæрæдтæ, æвзонг фæсивæд, Усгуртæ ’мæ усджын адæм, Лæппутæ, чындздзон чызджытæ, Гыццыл чызджытæ дæр — семæ. Ахæм диссаг мыртæ хъуысти, Афтæ цагъта нæртон зæронд...
ХАРА КИНЯС-ХАНЫ НЫХМÆ СТÆРЫ ЦÆУЫНЫ ЗАРÆГ Хурыскæсæны, дам, цард æмæ уыд Иу хан, — йæ ном та Хара Киняс хуынд. Басаста уыцы хан авд бæстæйы, Уæлзæххыл хи бакодта авд бæстæйы. Басаста ноджы йæ тыхы фæрцы Дæлдзæхы цыппарсæдæ мин мангасы; Се стыр бæстæ дæр истгонд æрцыд, — Авд фæлтæры дæргъы ’внæлд чи нæ уыд, Уыцы дзаджджын бæстæ; дун-дунеты Тыхджынты, ныфсджынты, богал лæгты Разæй-иу чи цыди, уыцы бæстæ. Хъахъхъæнæг та-иу цыд ханы фæстæ Ахæмтæ: иу дзы — сæ мæгуыраудæр, — Авд мин богалы куы саста, уæддæр. — Рацæуынц, зæгъгæ, йæ аст мины ’фсад, — Аст мин рæнхъы ’хсæн-иу æй бакодтой уæд. Намæ йæ бурхъулон мæсыджы хан Бафынæй ис, зæгъгæ, уæд алыран Хъахъхъæнæг дардтой ыссæдз мин лæджы, Хан сын æдас куыд уа бур мæсыджы. Хъахъхъæнджытæн дæр цæмæй нæ уа тас, — Уый тыххæй мæсыджы къæсæрыл баст Уыд хъæхъхъаг сырдтæ: гиенæ ’мæ барс. Фаркгай-иу акодтой, фаркгай, гъе, раст, Уыцы хъæддаг сырдтæ — гиенæ ’мæ барс, Чи-иу бахауди сæ дзæмбытæм, уый. Рæхысæй сæ, зæгъгæ, суагътой æхсæв, — Иууыл фыдæбон; рæхой æмæ цæв — Никуы ’мæ ницы!.. Æхсæз тар рæнхъæй Чи ’рцыди сæдæ ’цæгæлон бæстæй, Уыцы богæлттæ-иу ’рцыдысты тард Бурхъулон мæсыджы къæсæрæй дард. Уымæй хъæбатырдæр ма уæд æппын, — Лидзын-иу систа сæ хъæрæй, тæхын... Равзаргæ богæлттæй цыппор мин лæджы Фондзыссæдз рæнхъæй бур мæсыджы Бадынц; уæд се ’хсæн Хара Киняс-хан, Бадынц — куывд сæм ис! сæ разы — арза...1 Богæлтты гуыбынтæ тавы арза. Барасыг сæ кодта стыр ханы нозт. Мысынц, куыд амадтой знæгтимæ хæст, Мысынц, ыстæры куыд цыдысты, уый... а — карз нозт. (Тæлмацгæиæджы фиппаинаг.)
Фондзыссæдз азы ыстæры, гъе, уый. «Чи бауæнддзæни мæй, хуры бын Мемæ йæ хъару, йæ тых бавзарын?» — Бафарста хан. Йæ дæс æнгуылдзы Къæрццытæ кæны æмæ кæсы Хинæйдзаг цæстæй, фæйнæрдæм кæсы, Разылдта йæ цæстытæ дæс хатты хан. Мангасаг цæстæнгас равдыста хан. Рахизæрдыгæй цы бæгъатыр бадт, Æртæ мин богалы ’хсæн цы бæгъатыр бадт, Беке Цагъан, зæгъгæ, йæ ном кæмæн хуынд, Фондзыссæдз бæстыл йæ кой кæмæн хъуыст. Æхсæз мин ханы зæххыл йæ кой кæмæн хъуыст Тых, хъæбатырдзинадæй æххæст чи уыд. Иунæгæй, хæрз иунæгæй-иу чи цыд Авд дæс мин домбайы ныхмæ хæсты, Хъал бæхыл бадгæйæ, — бадзырдта уый: «Ахæтын цал бæстыл бауа йæ бон Хорз бæхæн, уыдон басæттын мæ бон Бауыдзæн, о нæ хан, баууæнд мыл, зон. Галиуæрдыгæй цы бæгъатыр бадт, Æртæ мин бæгъатыры æхсæн чи бадт, Наран Кюсхен, зæгъгæ, йæ ном кæмæн хуынд, Чи-иу радзырдтаид, цы ’рцæудзæни, уый, Нæуæдз дæс азы дæргъы цы ’рцæудзæн, уый, Чи-иу радзырдта, цытæ уыди, уый, Фараст цыппор азы размæ цы уыд, уый, — Бадзырдта Хара Кинясмæ афтæ гъеуый: «Хуры тынты бын, хохы хæд цур, — Гандзаг Алтай-хохы тæккæ хæд цур — Ис уым бæстæ, Бумбы бæстæ йæ хуыдтой; Бумбы бæстæ, дам, уыд, афтæ дзырдтой. Раст йæ бæсты астæу бурхантæ уыд, Арвы астæуæй сæ тавта уæд хур. Урс хох, Арслан-хох бæрзæндты кæсы. Урс хох, зæрин хох, æвзист хох кæсы, Раст цыма арвы бикъ, афтæ зыны, Раст цыма зæххы бикъ, афтæ зыны. Фурд. Ерген Сартг-фурд фæйлауæн кæны. Рафæйлаугæйæ, налхъуыттæ хæссы. Лотосы ’нгæс у хуыз æмæ уындæй. Адæймаг фæхъæстæ ис йæ доны цъырттæй, — Нæй йын уæд бамбийæн амæлгæйæ, Ноджы ног райгуыры ’ндæр бæстæйы, Тенгриты — æнусон дард бæстæйы, Арвы цæрæг тенгриты дард бæстæйы;
Уыцы фурдæй цæуы аст мин доны, Уайынц, сырсыргæнгæ, аст мин доны Рагон ызмисджын дондзæуæнты, Бирæ адæмты дуæртты рæзты. Цыппор æртæ сæдæ мин мины чи у, Æнæ дон уыдонæй нæ зайы иу. Афæдзы дæргъы нæ сæлынц æппын, Сæрд уæд, зымæг уæд — нæ сæлынц æппын. Уыцы аст мин донæй иуæн йæ ном, Уазал Дамба, зæгъгæ, — афтæ йæ ном, — Тыхджын Джангра, æхсæв уа ’мæ бон, Уымæй йæхæдæг фæныуазы дон. Никæмæн, дам, сæтты, рассæнды уый. Рахафы йæ былтæ иууылдæр уый. Ракæлы, ранхъæвзы алырдæм дард, Афæдзы дæргъы нæ зоны, циу салд. Йæ бæгъатырты бæхтæ кæм хизынц, Уыцы ком — Ед Самбал, — зæгъгæ, зæгъынц, Иууыл æмбæрзт у — зымæгæй, сæрдæй — Æнусон цъæх-цъæхид бæзджын кæрдæгæй, Мæнæ ивазгæ зарæгау, раст... Æнæбасæтгæ æврагъы ’нгæс раст, Бурхъулон сыгъдæг мæсыг, дам, лæууы. Арвæй æврагъы астæу, дам, лæууы. Кондæй — нывыконд; мигъты сæрты кæсы. Æвддæс цъуппы йын ис; уыдонæй авд, Кæсаджы хъустæй конд дзы у авд, Иннæ дæс цъуппы арæзт ысты Дуртæй, зынгхуыз дуртæй арæзт ысты, Ис сыл нывæфтыд: цæгатырдыгæй — Удæгæсты хуызæн аст мин цæргæсæй; Галиуæрдыгæй та дзы — тушкан æмæ саг. Рахизæрдыгæй, — тызмæг æмæ хъæхъхъаг, — Барс æмæ гиенæ кæрæдзи хæрынц. Топпæхсты бæрц æм ис, иу ахæм ран — Хид, сыгъзæрин хид; бакæс æм, уæд Цæстытæ талынг, тыбар-тыбур кæнынц. Дуары фæйнæфарс — дурдзæджындзтæ, Уагъд сыгъзæринæй, ахæм цæджындзтæ. Ханы бурхъулон галуаны раз Сагъд ис хæрдмæ даргъ цыргъфындз арц. Уыцы арцыл — фыст, кæд райгуырди хан, Кæд æмæ цы аз райгуырд Джангар-хан... Бады рæбынæй йæ галуаны хан, Бæсты хицау — Богдо Джангар-хан. Цыппарсæдæ гауызы — йæ быны тыд.
Митау урс гауызтæ — йæ быны тыд. Базтæ йæ фæсонтæм — барсы цармæй; Ауагъта сыл йæхи цардæфсæстæй. Бакæс æм фæсте — уæйыджы хуызæн. Разæй йæм бакæс — домбайы хуызæн. Бакæс фæрсырдыгæй — мæйы æнгæс. Халасхуыз фесты йæ сæрыхъуынтæ. Æрттивынц æвзистау йæ сæрыхъуынтæ. Æрзæбул ысты йæ фæтæн уæнтыл, Фæсонты тыхджын ыставд хæцъæфтыл; Се ’хсæнты азгъордзæн æдуаргъ теуа раст. Фасынц сæ ссæдз сылгоймаджы фæлмаст. Фароны рауагъд, ацйазы æлвыд, — Ахæм сау хъуынтæ йæ хъусты сæрты, Æнгуылдзты ыстæвдæн, æрзæбул ысты. Тæрхъусы сæры йас хъуссæджытæ, Налхъуыт-налмасæй конд хъуссæджытæ, Сæ тæлытæ теуайы сæфтæджы йас. Фондзаздзыд теуайы сæфтæджы йас — Хъустæй дæлæмæ æрзæбул ысты, Сырх хъустыл, æрттивгæйæ, ауыгъд. Йæ рихи — цъæх цæргæсы базыр, раст; Цъиусуры цæстытæ — йæ цæстытæ, раст; Йе уæнтæ — дæс æмæ ’ртиссæдз дисны, Арц-иу цы ’нгуылдзы фехсынц-иу, раст, — Уыдоны пыл æмæ домбайы тых ис, — Сыгъдæг Майдеры сыгъзæрин хуызист Ныхæй æрттивы, йæ ныхæй рæсугъд... Йæ тыл ын хъахъхъæны бурхан Очир-цад1. Йæ иу уæхск ын хъахъхъæны Йаман-дагъ, Йе ’ннæ уæхск ын хъахъхъæны — Маха-гала2. Фидар цыппар къабазы, урс-урсид риу; Арц — йæ хъахъхъæнæг, — сырх хъæдæй арæзт; У, дам, æхсæз мин сырх бæласæй быд, раст: Дæс æмæ ’вддæсыссæдз сардзины — й’ апп, Фондзсæдæ нæлсæгъы сыкъайæ — й’ апп, Тыхт у уæлейæ нæл бæхты нуæрттæй, Бирæ — æхсæзсæдæ — бæхы нуæрттæй, Ноджы — йæ бырынкъыл алмаси, ’ндон, Бирæ кæрдтимæ, ссад æмæ цыргъгонд — Уды ызнæгтæ; цыллæ цæгимæ, Теуа кæм ахиздзæн стыр уаргъимæ; Ноджы йæ уæлæ — æртæ тæлыйы. ч и р - ц а д — сыгъдæг уд. (Тæлмацгæнæджы фиппаинаг.) а м а н-д а г ъ æмæ М а х а-г а л а — сыгъдæджытæ. (Тæлмацгæ- фиппаинаг.)
Фыр, нæлфысты йас æртæ тæлыйы; Йе ставд та — растдæр æртæ хъæбысдзаг, Ноджыма дзурынц ахæм диссаг: У, дам, тъыст бурхъулон мæсыджы цур Урс дуры мидæг, æхсæз сардзин бæрц: Раст равджы богалмæ, цасфæнды дзур, Тых нæ разындзæн йе сласыны бæрц. Уарзы Джангар-хан хæринагæн тынг Саджы фыд, карз арахъхъ, судзаг, куыд зынг. Афæдзы дæргъы — йæ хæдзары куывд, Карз арахъхъ — арзайæ — ’ппынæдзух куывд. Бæх, — йæ бæх та Джангар-ханæн уæд Иууыл диссаг у, зæгъынц, адæм æппæт: Байраг, фыццагзæддаг ефсы байраг, Фараст мин ефсæй æвзæрсты байраг; Бæхæн йæ барц у зынаргъ сырх дуртæй. Бæхæн йæ дымæг — сыгъдæг налхъуытæй, Нæй йыл никуы иунæг урс тæпп, Мадæй рахæсгæ иунæг урс тæпп; Никуы, дам, бафæллад ыстæры, хæсты, Никуы, фæхæтгæ йæ алы бæстыл. Уый уыдис номдзыд дугъон сырх бæх. Риуæй — домбайы ’нгæс, Алтайы къæдзæх: Йе рагъ — фæтæн; йæ бæрзæй уыдис Аст сардзины; уыд хъилкъух, дисн, Ноджы фылдæр йæ барцæн йæ бæзн. Сахсæнуæттæ — дидины зæнджы ’нгæс. Уарийы кастау куы уыд уæд йæ каст. Аркъауы хуызæн — йæ дæндæгтæ, раст, Сарты хуызæттæ — йе ссыртæ, раст, Цыппар сæфтæджы бæхæн — болат, Фезмæлынмæ та — растæндæр арт. Бæхæн, Аранзал, зæгъгæ, хуынд уæд йæ ном. Зилгæ та йæм кæны æхсæв, зæгъай — бон, Суанг фæндзай æмæ фондз азы дæргъы Иу богал, Бор Монга та йæ ном хуыйны. Фондзсæдæ диссаг сылгоймаджы ’хсæн Бады ханы ус, раст хуры хуызæн, — Бады ханæн йæ галиу уæхсчы цур. Ахæм рæсугъд у, æмæ — растæндæр хур. Ахæм рæсугъд у — йæ рухсмæ кæрд. Ахæм рæсугъд у — ныррухс кæны кæрт. Фосæн йæ рухсы нæ фæхъæуы гæс. Денджызмæ акаст — уæд цу æмæ кæс: Кæсæгтæ денджызы бынæй зынынц, Мæнæ куьтд сур зæххыл, афтæ зынынц.
Даргъ дзыкку, уæгъд быд, хъæбысы дзаг, раст, — Калы тæмæнтæ, хæрз хорз зылд, лыст фаст. Ис, дам, йæ уæлæ дари къаба, сыф, Ис, дам, йæ сæрыл æвзист худ, — раст, ныв. Худы ыскарста йæхи мад — нана, Худы нывæфтыд ыскодта Бадма, Къухæй дæсны — æхсин Уржин Бадма. Худæн йæ аргъ у фæндзай нæл бæхы. Фондзаздзыдтæй, дам, фæндзай нæл бæхы. Ноджы йæ къæхтыл — сырх цырыхъгæндтæ, Фондзыссæдз туманы аргъ — сæ фæсзæвæттæ, Авдсæдæ сомы сыгъзæринæй, раст, Бафыстой сæ зæвæттæ хуыйæггаг æрмæст, Мин сомы фидынц сæ фæд фенæггаг, Бирæ минтæ та — сæхи фенæггаг. Хан æй куы куырдта, уæд Аранзалыл цыд Авд азы; йæхиуыл та ссæдз азы цыд. Богдо Джангар-хан, дам, нæ бауарзта Дунейы цыппар ханы рæсугъд чызджыты, Ноджы, дам, Джангар-хан нæ бауарзта Тевшюн Замба-ханы рæсугъд чызджы дæр, Кæд æрдхæрæны рæсугъд уыд, уæддæр: Æмæ, дам, араст ис дард фæндагыл Хурныгуылæнырдæм йæ диссаг бæхыл. Раст, дам, цыппар мæйы цыд æмæ цыд, Дон кæм нæ уыдис, ахæм ран цыд. Уалынмæ фæхæццæ ис хохы сæрмæ, Эрклю хох, зæгъгæ, гъеуый хæд сæрмæ, Урс æвзист хохæн йæ тæккæ сæрмæ. Уым, дам, йæ арцыл æрæнцади хан. Æмæ, дам, алырдæм фæлгæсыд хан; Уари куыд кæса, афтæ, дам, каст, Цъиусур куыд кæса, афтæ, дам, каст, Авд бæстæйы чи цард, уыдонмæ каст. Каст æмæ федта: денджыз — уæрæх, Раст ыл æстай мæйы фæцыдаид бæх; Кодта хæлбурцъытæ, — йæ фæйлауæнтæ Хастой æмæ ластой стуры йас дуртæ, Артау сыгъди; ыстыр уылæнтæ Хостой кæрæдзи æгъатыр хостæй. Авд мин сардзины бæрзæндæн — йæ был, Никæй бон уыдис йæ былыл лæууын: Растæн зынджы хуызæн — сырх, хæрз сырх, Карды комау та уыдысты кæд цыргъ. Денджызæн уыцы фарс цард æмæ уыд Гюши Замба-хан, йæ кой дардыл цыд.
Уый уыд сыгъзæрин — алмас хохы хицау, Ноджы йын æртæ «чиндамины»1 радта хуыцау. Аст мин мангасы — уыдис æм æфсад. Аст мин бæгъатыры — ханмæ æфсад. Бахæццæ ис уырдæм сахъ Джангар-хан. Арвы цæрæджы фырты амардта хан, Амардта, уæдæ цы, Бурхан-Цаганы. Гюши Замба-ханы чызг Рагни-Дагнайы, Дæс æмæ фондзаздзыд Рагни-Дагнайы Чи куырдта, уыцы Бурхан-Цаганы. Басаста Замба-ханы ’фсæдты хан Æмæ йын рахаста йæ чызджы хан... 1 «Чиндамин» — цыкурайы фæрдыджы хуызæн, комæй кургæ хорздзи- нæдтæ, дам, цæй фæрцы æфтыдысты адæймаджы къухы, ахæм. Æгас ду- нетыл, дам, уыдис æрмæст æртæ чиндамины, æмæ уыдысты Гюши Замба- ханмæ. (Тæлмацгæнæджы фиппаинаг.) 44Ло
Л.С. Грибоедов МÆ ЗОНД - МÆ САФÆГ (Скъуыддзаг) II АРХАЙД 1-аг фсезынд Фамусов, фæсдзæуин Ф а м у с о в Петрушкæ, алкæддæр дæм кæс, Гъеуæд æнæ исты нæуæгдзинад нæ вæййыс. Куы та æрыстыгъсти дæ сынæг. Цæугæ, тагъд, къæлиндар æрхæсс Æмæ, ивазгæ нæ, фæлæ дзæбæх кæсгæ, — Æмбаргæйæ, зæрдæбынæй, лæмбынæг. Фæлæуу-ма. — Гæххæттыл нысан фæкæн, Раст иннæ къуыри, æнхъæлдæн: Праскови Фёдоровнæйы хæдзармæ Хуынд дæн дыццæджы æз фарелтæм. Цы диссаг у, æвæдза, цы, куы ’ркæсай цардмæ! Хъуыдытыл лæг куы фæвæййы, уæд разилы йæ сæр. Куы хизыс ды хæрдæй дæхи, куы та — фыдминас: Æртæ сахаты дæргъы хæр, Æртæ бонмæ та ахсæны нæ тайы. Кæм бацæуы, цымæ, кæм, уыйас? Фæнысан-ма кæ ноджы уыцы бон... Нæ, нæ. Цыппæрæмы, — кæд мæ мæ зонд нæ сайы, — Хуынд дæн æз мард ныгæнынмæ. О адæм, адæм! Ферох сæ бынтон, Æрбадæн, слæууæн кæм нæй, уыцы уынгæг лагъзмæ Кæй хъæуы алкæй дæр лæсын. Фæлæ, кæй фæнды, зæгъгæ, азæй-азмæ Мæ ном уæлæуыл хорзæй мысой, Æмбæлы уымæн уыцы хорз лæджы фæзмын. Уыд кадджын каммергер; æнцад, æнцой Йæхицæн цард. Уыдис хъæздыг, Хъæздыг ус ракуырдта. Уыд барджын. Йæ зæнæджы, йæ зæнæджы зæнæджы Ыскодта бинонджын, хæдзарджын. Ныр амард. У кæмæндæриддæр хъыг, Æмæ йæ мысынц хорзæй. Кузьма Петрович! Рухсаг уæд! — Цы гуыппырсар тъузтæ цæры æмæ мæлы,
Æвæдза, цы, Мæскуыйы! Цæй, æгъгъæд! Фысгæ: ц ы п п æ р æ м ы, — уæлдай нæй цардæй, мардæй, — Йе майрæмбоны, кæнæ сабаты. Кæцыдæр бон цæуын хъæуы Мæн иу идæдз усмæ æмрастæй, О, дохтыры идæдзмæ номæвæрынмæ. Нырма йын ницы райгуырди, фæлæ уæдмæ Æнæ фæзынгæ нæй Нæуæггуырдæн, мæ нымадæй. 2-аг фæзынд Фамусов, фæсдзæуин, Чацкий. Ф а м у с о в Алыксандр Андреич, курын — мидæмæ! Æрбад! Ч а ц к и й Æнæвдæлон дæ? Ф а м у с о в (фæсдзæуипæн). Ацу, айс дæхи! (Фæсдзæуин ацыд.) О, мæнæ чиныгмæ Хæссæм цыдæр хъуыддæгтæ. Кæм и Зæрдылдарæн æппæтæн. Ч а ц к и й Цыдæр æнкъардхуыз дæ. Зæгъ-ма, цæмæй? Мыййаг, кæд ме ’рцыд й’ афоныл нæ уыд? Йе Софья Павловнæйыл исты ’рцыд? Тыхст мæм зыныс дæ фæзылдæй, дæ цæсгомæй. Ф а м у с о в Тæхуды, базыдтай йæ раст, æнкъард дæн! Уæдæ мæ карæнæй Сæ къах-къухтыл фæкафынц адæм?!. Ч а ц к и й Куы ничи дæм хаты æппындæр кафынæй. Дыууæ ныхасы загътон æз æрмæст, Мыййаг, кæд Софья Павловнæ хъæрзгæ исты у. Ф а м у с о в Тпу! О хуыцау, ныббар мын æй. Гъеуыцы иу дзырдыл фæхæст Æмæ йæ фондз мин хатты загъта! Куы — Софья Павловнæйы хуызæн дунетыл дæр нæй, 443о
Куы — Софья Павловнæ рынчын у. Кæд дын æй, хур, хуыцау дæ зæрдæйы ныссагъта, Фæхаттæ бæстæтыл кæрæй-кæронмæ. Æмæ кæд ускурын фæнд кæныс? Ч а ц к и й Цæмæн дæ бахъуыд уый базонын, цымæ? Ф а м у с о в Æвзæр нæ уаид байхъусын мæ зондмæ, Æз ын чысыл хæстæг æххæссын. Цыфæнды уæд, уæддæр мæ рагæй нырмæ Йæ фыд хуымæтæджы нæ хонынц. Ч а ц к и й Æмæ йæ курын, зæгъгæ, уæд цы зæгъис ды? Ф а м у с о в Зæгъин фыццагдæр афтæ æз: Хынджылæг ма скъæр, хивæнд ма у, Бæстон дæ фадæттæм æркæс. Сæрфат ыскæн дæ фыды бынтæн, Ыстæй уæд ноджы, цы у дæ хъару — Дзæбæх æй равдис ды, йæ тарфы куыстæн. Ч а ц к и й Разы дæн кусыныл, бæргæ, Фæлæ фæсдзæуины куыстæй Кæны мæ зæрдæ, зон, хæццæ! Ф а м у с о в Гъе, афтæ стут, гъе, — схъæлдзырд, хъал. Куыннæ уæм мæла лæг мæстæй! Фæлтау-ма бафæрс мæнæ мæн, Уæ фыдæлтæн куыд уыд сæ цард? Гъе, уыдоны куы фæзмиккат. Дзырдæн зæгъæм, мæ фыдыфсымæр, Максим Петрович: уый æвзист фынгыл дæр нæ, Фæлæ сыгъзæриныл куы хордта. Сæдæ адæймаджы йæ дзырдмæ Цæттæ кæддæриддæр куыстмæ — Кæрæдзи сæрты схъиугæ згъордта. Æрттывта хорзæхтæй йæ риу. Фæд-фæдыл ифтыгъд бæхтыл-иу Куы фæцæйтахти уынгты алкæд. Йæ цард — йæ бар, йæ бар — йæ фæндон, Паддзахы галуаны — цæрæнбон... Стæй цавæр галуаны уæд ноджы!
Ныр куыд у, уæд нæ уыдис афтæ, Екатеринæйы, хур, дуджы Куыста уый. Адæм уæд Уыдысты иууылдæр уындджын, Сыгъдæг æмæ хуызджын, Дыууиссæдзгай путтæ — сæ уæз. Сæ митæн радзурæн дæр нæй. Куы сын-иу акуывтой сæрæй, Уæд дзуапп нæ лæвæрдтой фæстæмæ Сæхицæй уæлдæртæн йеддæмæ, Уæлдайдæр, хицау кæд уыд, уæд. Хæццæмæ йе ’гъдæуттæ нæ куымдтой: Æндæрхуызон — йæ нозт, йæ хæрд, Æндæртæ ахæм уаг нæ зыдтой: Мæ фыдæфсымæр та! Цы уыди, цы, Дæ граф, дæ кънйаз йæ цуры уымæн? Иæ зондджын каст, Чегъре кæнын-иу æй куы бахъуыд; Уæд-иу къæлæтау дæр æртасыд: Уæд та, дын, иу ран хорз нæ фæзылд. Фæкалд, йæ бæрзæй дзы фæцæйсаст. Зæронд уыд — охх, зæгъгæ, ныхъхъæрзыд Фæсусæй. Паддзах æм куы ’рбакаст, Уæд бахудт. Стыр лæвары хуызæн Фæкасти паддзахы худт лæгмæ. Ыслæууыд. Асæрфта йæхи. «Уæдæ, цымæ, ныр та куыд уыдзæн» — Зæгъгæ, æркасти зæхмæ Æмæ та атылд барæй. — Хи-хи-хи! — Ныххудти паддзах тынгдæр ноджы. Æртыккаг хатт дæр атылд лæг. Куыд дæм кæсы? Мæнмæ гæсгæ, уыдис уый зондджын, Йæ ахауд — рыст, йæ сыстад та — дзæбæх. Уæд, цымæ, арæхдæр кæй хуыдтой Паддзахы галуанмæ та, кæ? Рæвдыд ныхасæй та-иу дзы кæй хыгътой? Максим Петровичы! Кæмæн уыд афтæ кад? Максим Петровичæн! Уый хъазын нæу, мæ хур! Уæд цинтæ чи дæтты, йе улупа? Максим Петрович! Куыдфæнды дзур. Сымах, ныры фæлтæр, цу, марадз, ма! Ч а ц к и й Æмæ æцæг: фæстагмæ дзыллæ Æдылы кæнын байдыдтой, зæгъгæ, Æрхæндæгзæрдæйæ, зæгъдзынæ, Дæ ныхæстæм гæсгæ 445о
Куы акæсай, куы абарай, Ныры дуг ивгъуыд дугыл! Æрыгон тауырæгъ, фæлæ уырны зынæй! Дæ сæр гуыбырæй дар, æмæ дын кадæй — хай, Дæхи хой зæххыл, къулыл, Цыма хæсты дæ, — ис æппæт ныхæй. Кæй хъæуы уый: æнæрвæссонæй кæс, Дæуæй дæлдæр чиу, уымæ, — раст зæгъын, — Уæлдæр чи у, уый раз та дæ хæс — Тæсмæ ми, цурон ми, цæстмæ митæ кæнын. Уый уыд дæлбарады тæрсындзинады дуг, Зæгъгæ, æз паддзахæн зæрдиагæй куы кусын, Гъеуый хуызы митæ æппынæдзух. Дæ фыдыфсымæры тыххæй нæ зæгъын, Уый рухсаг уæд, фæлæ уæддæр нæ зæххыл! — Кæй бафæнддзæни, цымæ, абон, — Цыфæнды тæсмæ ми куы кæна, гъеуæддæр, — Искæй фæхудын кæнон, зæгъгæ, уый сæраппон, Йæ къæбут рауæлдай кæна, кæнæ йæ сæр? Æмæ йын йе ’мгæрттæй Кæнæ йæ хистæртæй Йæ митæм чи дардта йæ цæст, — Гъеуый хæрзаг дзырдта: тæхуды, уымæй фест! Кæй зæгъын æй хъæуы: Цъаммар митæм æмхиц чи у, ахæм адæм Кæмдæриддæр вæййы. Фæлæ уæддæр нæ дуджы махæн Тæрсынц тынг худинагæй, Æфсæрм ныххæцыд рохыл. Æвæццæгæн, паддзахæй Нæу уыцы хъуыддаг рохы Æмæ хæрзиуæг исæг арæх уымæн нал и. Ф а м у с о в О хуыцау! Мæнæ карбонари! Ч а ц к и й Нæ, цард ныр афтæ нал у. Ф а м у с о в Фыдбылызы лæг мæнæ! Амæй тас у! Ч а ц к и й Йæ улæфт алкæмæн бархидæр фæци, Стæй, бонирхæфсæнты полчъы мæхи Ныффыссын кæнон, зæгъгæ, уымæ Ныр тындзæг нал ис.
Ф а м у с о в Хъусут уымæ! Цытæ дзуры! Æмæ кæд дзуры, Куыд фыссы, афтæ! Ч а ц к и й Йæ цуры, - Иæ арм дыл чи дары, гъеуый цур, зæгъын, Зæмб цармæ, мадзурайæ бад. Дæ къæхтæ арæхстгай хаф зæххыл, Æгъдæуттæм гæсгæ сихор бахæр, Цæрдæг-иу бандон бадæджы бын авæр, — Цæрдæг-иу зæххæй кæлмæрзæн дæр фелвас. Ф а м у с о в Ай бархидзинады фæндтæ куы кæны. Ч а ц к и й Бæстыл чи хæты, хъæуы чи цæры — сегас... Ф а м у с о в Ай хицæутты æрдумæ дæр куынæ дары! Ч а ц к и й Чи иу лæгæн нæ кусы, хъуыддагыл йæхи хъары... Ф а м у с о в Æз топпæхстæй хæстæгдæр ардæм Æрбацæуыны бар нæ раттин ацы хъалтæн. Ч а ц к и й Фæлладуадзыны фадат дын дæттын... Ф а м у с о в Мæ хъуырмæ сдæн, нал, нал быхсын. Ч а ц к и й Уæ дуг уын хорз, æнæауæрдонæй фæфаудтон Æмæ дын хъуамæ ныр бар раттон: Йæ иу хай йын, — Кæд нæу уый зын, — Уæлæмхасæнæн раппар мах рæстæгæн, Уæд афтæ, — æз нæ фæкæудзынæн. Ф а м у с о в Æз дæ æрдумæ дæр нæ дарын, Æз хæлддзинад нæ барын. Ч а ц к и й Мæ дзырд фæдæн. 447^
Ф а м у с о в Ныр дзур; æз бахгæдтон мæ хъустæ. Ч а ц к и й Цæмæн? Мæнæй сын нæу æфхæрд ныхасæй тас. Ф а м у с о в (Тагъд-тагъд). Гъы, иу æрвæййынц бæстæтыл. Хъæццицæй Æрыздæхынц, æмæ сæм уагмæ ’нхъæлмæ кæс. Ч а ц к и й Æз банцадтæн. Ф а м у с о в Дæ хорзæхæй, цæй, фервæзын мæ кæн дæ митæй. Ч а ц к и й Быцæу ныхæстæ даргъ кæнын мæ фæндон нæу. Ф а м у с о в Мæ уд сисын мæ бауадз, цæй, фæлæуу! 3-аг фсезынд Фæсдзæуин (æрбацæуы). Æрбацыд булкъон Скалозуб. Ф а м у с о в (ницы уыны æмсе ницы хъусы). Лæвæрд куы ’рцæуай судмæ, Уæд базондзæн дæ уд. Ч а ц к и й Æрбацыдис, дам, чидæр. Хъусыс? Ф а м у с о в Нæ хъусын, нæ, дæттын дæ хъæуы судмæ! Ч а ц к и й Ныхасмæ, дам, дæм дзурынц. Ф а м у с о в Нæ хъусын, — судмæ, судмæ! Ч а ц к и й Дзырдæуы дæм, фæзил-ма, уый дын суд. Ф а м у с о в (фсезылд). Цы? Бунт? Кæй уыдзæн афтæ, уый зыдтон.
Фæсдзæуин Æрбацыд булкъон Скалозуб. Цы йын зæгъон? Ф а м у с о в (сыстад). Сæдæ хатты зæгъын хъæуы, хæрæг? Фæдзур æм, рахон æй, Æхсызгон ын, зæгъ, у. Цæрдæг! (Фæсдзæуин ацыди.) Табуафси, йæ цуры хæц дæхиуыл: Зынгæ лæг у, мæ хæлар, Йæ хорзæхтæ нæ цæуынц, зон, йæ риуыл; Уыдзæни а-дыууæ боны инæлар. Дæ хорзæхæй, йæ цуры уагджын у. Ехх! Алыксандр Андреевич, мæ хур. Мæнмæ уый арæх вæййы тынг — Æрбацæуæгыл цингæнаг дæн, зоныс ды, Нæ мын уыд никуы уазæджы фенд хъыг. Мæскуыйы, ам, ныхасыл афтауаг ысты: Цыма Соняйыл дзуры, ахæм кой... Дзæгъæлы. Уый, чи зоны, фæнды, Фæлæ мæ чызг ыскæна мой Рæхджы бонты, Гъеуый сæр ницæмæн хъæуы æппындæр. Сона у ’взонг. Уæвгæ, хуыцауы бар у ’ппæт дæр. Табу-а-фси, йæ цуры ма у ды тыхдзырд Æмæ дæ гакъон хъуыдытæ ныууадз. Фæлæ кæм ис! Цæуон-ма цырд, Мыййаг, кæд иннæуылты бацыд. (Тагъдгомау ауад.) 4-æм фæзынд Ч а ц к и й Куыд бацырын ис! Циу, цы уа ай? Куыд у Софья та, цымæ, Æцæг дзы усгур ма уа? Йæхи мæ хизы. Уæд кæдæй нырмæ? Цы хъуамæ ма уа ам ныртæккæ? Гъеуый дын, гъе, хъуыддæгтæ! Кæцон у уыцы Скалозуб? Куыд уынын, афтæмæй дзы фыдæн баззади йæ уд, Æрхъæцмæ йыл нæ хъæцы, Æмæ кæд канд уый зæрдæмæ нæ фæцыд. Ехх! Уарзондзинадæн хæрзбон зæгъæд, Æртæ азы лæг дард балцы куы фæуа, уæд!.. 449о
5-сем фæзынд Чацкий, Фамусов, Скалозуб Ф а м у с о в Сергей Сергеич, ардæм, мæнæ ардæм. Табуафси, ам хъармдæр у, иттæг. Ысихæн дæ; хæстæгдæр — артмæ! Æрмæст пец бакæнын хъæуы, æцæг. Скалозуб (бæзджып хъæлæсæй). Цæмæн хизыс дæхæдæг ды, Æфсæрмы мæ æфтауыс тынг. Ф а м у с о в Ау! Уарзон лæджы тыххæй иунæг къахдзæф? Уый ницы у, Сергей Сергеич, и? Дæ худ æрæвæр, сис дæ кард дæр: Сыре дын мæнæ, ауадз ыл дæхи. Скалозуб Кæмфæнды уæд, æрмæст куы ’рбадин. (Æртæйæ дæр сбадтысты. Чацкий — дарддæр.) с^о
(^ С^эо^ ^^^) СÆРГÆНДТÆ РАЗНЫХАС. Джыккайты Шамил 5 ÆМДЗÆВГÆТÆ Æз уарзын нæ Иры 19 Уалдзæг — Æфсати 20 «Æхсызгон зарджыты тыххæй...» 21 Хæсты быдыры — Размæ! 22 Фын 23 Хуры тын 24 Ард дын хæрын 25 Фæззæг 26 Булæмæргъ — Къостайы коймæ — «Кæй уыдзæн дæ зæрдæ, дæ къух...» 27 Зæрватыкк — Цæр! 28 Ныббар мын, Ирыстон! — Хурмæ 29 Хуымгæнæг 30 Фæллойгæнæг 31 Дуртæ - Фыййау 32 Хурмæ 33 «Мæ хæлар, мæ бæстаг, мæ уарзон...» 35 Уарзын дæ, хох! — Мамион Хъарадзау (Балладæ) 36 Хосдзау 37 Æз цагъайраг нæ дæн 38 Сабитæн 40 «Хохаг лæг сахары, кæнæ «Æз поэт дæн!» (Фельетоны бæсты) 41 «Æнкъард дæн æз...» 45 Прометейы сынтæг 47 Фæстаг хъæбыс 48 Нæ тæрсын æз 50 «Æрцыд, æртахт нæ цъæх уалдзæг...» 51 451о
Уадз хъуысæд мæ зарæг 52 Мæхицæй мæхимæ 53 «Æмæ зарыд булæмæргъ нæ донбыл...» — Терк 54 «Цæуы мæ цард...» 55 Германы хæсты зарæг 56 Мæлæг æфсæддоны фæдзæхст 57 Хæсты быдырæй 60 Ызнон цыма уыд уый 61 «Цымæ, ныр та кæй рад у...» 62 Ирыстон (Скъуыддзæгтæ) 63 «Æз нæ хастон къæлæт, æз нæ уыдтæн цагъар...» 78 ПРОЗÆЙÆ ФЫСТ ÆМДЗÆВГÆТÆ Хърымаг миниатюрæтæ 80 КАДДЖЫТÆ Мулдар 82 Гыцци 87 Уæхатæджы фырт чысыл Гуыйман (Дыгурон таурæхъ) 94 Бадилон симд 99 Терчы цур 107 Сатай-хан (Хсеххон таурæхъ) 126 Æмзораты чысыл Æмзор æмæ Дзлаты сау рæсугъд (Ирон кадæг) ..132 Сырхæфсæддон дзурдзæн 142 Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау 147 ЛИТЕРАТУРОН-КРИТИКОН УАЦТÆ Цы у, цавæр у аив литературæ æмæ хæрз цыбыр ныхас нæ критиктæм. 157 Цы у аив тæлмац æмæ куыд ивд у ирон æвзагмæ «Интернационал»?161 Хуытъинаты Цыппу. «Сидт». Æмдзæвгæтæ æмæ зарджытæ 176 Æдзард зынгхуыст 182 Æнусмæ мысинаг 187 Брытъиаты Елбыздыхъойы драмæты æвзаджы тыххæй 191 Брытъиаты Елбыздыхъо 199 «Хæдмæл хъаст», æви «Хæдмæл критик», кæнæ та æндæр исты? .... 202 Дзесты Куыдзæг — «Хæхтыл» 205 Дзырды дæсны 209 Къостайы библиографийы тыххæй 216 Адæмы поэт 217 Хетæгкаты Къоста 221 Пушкины поэтикæйы тыххæй цалдæр дзырды 227 Боциты Бароны сфæлдыстады тыххæй 234 Къоста æмæ ирон литературæ 248 Къостайы поэтикæйы тыххæй 255 В. Маяковский æмæ ирон советон литературæ 289 0452
Фыдыбæстæ уарзын æмæ знаджы ныхмæ хæцын — Нарты кадджыты ахсджиагдæр миниуæг 291 Ирон поэзи хæсты бонты 305 Николай Гаврилы фырт Чернышевский (1828—1889) 312 Иры дзыллæйы кад æмæ цæсгом 321 Денис Фонвизин 325 Владимир Маяковский 327 Виссарион Белинский 329 Максим Горький 335 Нарты кадджыты бæрзонд аивдзинады сæйраг бæрæггæнæнтæ 341 Наукон егъау ысгуыхтдзинад 349 Ирон литературæйы историйы очерктæ 352 ТÆЛМАЦГОНД УАЦМЫСТÆ Марциал (1,471) 356 Омар Хаям «Æмæ мæ хъустыл ауад хъæр...» 356 «Изæрмилтæ. Бæрзбæлас. Дон тызмæг...» — Г. Гейне Меттæ (Данийаг балладæ) 357 И.А. Крылов Цъиу æмæ Бæлон 358 Цымыдис 359 Мыст æмæ Уыры 360 А.С. Пушкин Зымæгон изæр 360 Ноджы райгуырæн бæсты 361 Цырт 362 Æхст 364 Дурын уазæг 375 А.Кольцов Хъæд 402 М. Лермонтов Быцæу (Скъуыддзаг) 404 «Хæхты урс цъуппытæ...» — Ф. Тютчев Сыфтæртæ 405 А. Фет Хурыскæсæйнаг фысджыты фæзмыд 406 Т. Шевченко Фæдзæхст 407 «Фæивгъуыдта бон...» — Катеринæ (Скъуыддзаг) 408 Кавказ 409 Никъолоз Бараташвили Сусæг хъæлæс 414 Æфсургъ — 453о
Акаки Цъеретели Алол-лай! 415 Поэт 416 Адæмон зарæг 417 Мæ цæсгом — Максим Горький Уарийы зарæг 418 Токтогул Хъиамæттаг ысси мæ цард (Скъуыддзаг) 425 Владимир Маяковский Стихтæ советон паспорты тыххæй 426 Гафури Ныфс 429 Калевалæйæ Вейнемейнены фæндырдзагъд 430 Хара киняс-ханы ныхмæ стæры цæуыны зарæг 435 А.С. Грибоедов Мæ зонд — мæ сафæг (Скъуыддзаг) 442
В оформлении книги использован портрет Нигера кисти художника В.В. Лермонтова Литературно-художественное издание НИГЕР Джанаев Иван Васильевич ИЗБРАННЫЕ ПРОИЗВЕДЕНИЯ На осетинском языке Составители: Тедтоева Зинаида Хасанбековна Ханаева Зарина Каурбековиа Издательство «Ир» Гл. редактор Т.Т. Техов Директор К.У. Таушиев Редактор И.Х. Джаиаева Художник и художественный редактор Н.У. Гапгюева Технический редактор А.В. Ядыкина Компыотерная вёрстка Д. О. Амбаловой
Подписано к печати 28.05.2019. Формат бумаги 60x901/16. Бум. офс. № 1. Гарн. шрнфга «КогпеПа». Печать офсетная. Усл.-п.л. 25,5. Учётно-изд. л. 26,89. Тираж 500 экз. Изд. № 10. Заказ №162. Комитет по делам печати и массовых коммуникаций Республики Северная Осетня—Алания. ГУП «Издательство «Ир» 362040, г. Владнкавказ, проспект Мира, 25. тел.: 8(8672) 33-31-99, е-таП: 12с1а1:еНг@уапс!ех.ги Отпечатано в ООО «Медиа-Полис». 344038, г. Ростов-на-Дону, пр. Нагибина, 14а.