Текст
                    ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ ЧИНГУЫТЫ РАУАГЪДАД
ОРДЖОНИКИДЗЕ * 19С6


С(Осет.) Х98 АРХАЙДЖЫТÆ: С о ф и — хъугдуцæг, Сæйраг Советы депутат. А ф а с с æ — Софийы мад. Хуындæг — тракторист, Софийы уарзон. Ладинкæ — Хуындæджы мад. С а ф и а т — сыхаг чызг. Хъазы бег — постхæссæг, Ладинкæны æфсымæр. Салфеткæ — сыхаг ус, минæвар. М а й р æ м — усгур. Мæхæмæт — фидауæг. Архайд цæуы Цæгат Ирыстоны хъæутæй иуы.
ФЫЦЦАГ АРХАИД Софийы хæдзар. Бæрзонд тыргъ. Тыргъы — телефон. Кæрты — стыр æнгуз бæлас, йæ быны — бадæнтæ. Кæрты иуырдыгæй—за- бор дуаримæ. Уый у Хуындæджы кæрт. Æмбæрзæн байгом. Ми- дæгæй хъуысынц адæмы хъæлæстæ, арфæйы ныхæстæ, фæндыры цагъд. С о ф и рацыд тыргъмæ æмæ сыхæгты кæртмæ кæсы, бæрæг у, цæуылдæр кæй тыхсы, кæмæдæр кæй æнхъæлмæ кæсы. Чысыл фæстæдæр æм рауад йæ мад. Афассæ (уайдзæф ын кæны). Уым дæ цæрæн- боны тыххæй куы нуазынц, уæд ам цы лæууыс? Худи- наг у, уазджытæм бакæс. С о ф и. Сæ бадт куы фæцыбырдæр кæниккой. Ныр æнæхъæн къуыри цæуынц æмæ цæуынц... Æгъгъæд нæ- ма у? А ф а с с æ. Уый та куыд загътай, мæ уд дæ нывонд з
фæуа! Дæ циныл куы цин кæнынц. Ахæм амондджын бон мах хæдзары куы никуыма æрцыд. (Йæ цæссыг сæрфгæ.) Охх, мæ хъæбул, ныр нæм дæ фыд искуы- цæй йæ цæсты кæронæй уæддæр куы ’рбакæсид, хæр- заг йæ зæрдæ фырцинæй бахъарм уаид, рухс дзæнæты фæбада. Цымæ искуы уый æнхъæл уыдыстæм, æмæ нæ чызгæн ахæм кад уыдзæни æмæ йæ Сæйраг Советмæ депутатæй сæвзардзысты? С о ф и. Цæй, дæ цæстытæ та доны куы разылдтай. А ф а с с æ. Уыдон цины цæссыгтæ сты, мæ хъæбул, цины цæссыгтæ. Фæлæ дæхæдæг та цы кæныс, мæ чызг? Цыдæр æнкъардхуыз дæ абондæргъы. Кæд æнæ- фæразгæ дæ, миййаг? С о ф и. Куынæ, тынг æнæниз дæн... Æз дæр фыр- цинæй æнкъард кæнын... А ф а сс æ. Цом уæдæ мидæмæ, цом, уазджытæм дæхи равдис, худинаг у... (Фæцæйцæуынц, Софи ма иу каст фæкодта сыхæгты кæртмæ, Афассæ йæ ауыдта.) Диссаг у, мæ чызг, æнæхъæн дзыллæтæ нæм цæуынц арфæтæм... Фæлæ нæм нæ хуыздæр сыхаг Хуындæг нæма уыди. Йæ мад нын стыр хуын æрбахаста, фæлæ йæхæдæг нæ фæзыНд... Кæд та, миййаг, йемæ фæхыл дæ?.. Рагæй дæр сæгъ æмæ бирæгъæй уæлдай не ’стут... С о ф и. Дæумæ гæсгæ нæ бирæгъ чи у? Афассæ. Бирæгъ ды, уый та сæгъ. Софи (хъæлдзæгæй). Ныууадз дæ еæгътæ æмæ дæ бирæгътæ. Æз уыцы сæгъы афæстаг заманы уын- гæ дæр никуыуал фæкодтон. Цом, æцæг, мидæмæ, ка- фæм, зарæм. Мæнæн дæр ахæм амондджын бон никуы- ма уыдис мæ цыбыр царды. Æз æмæ ды æнæхъæн мæй хъуамæ цин кæнæм... Уæвгæ мæй дæр цы у?! Цæмæн 4
мæй? Цæмæн афæдз? (Йæ мады æрбахъæбыс кодта, зæрдиагæй.) Нæ, гыцци... Мæйтæ æмæ афæдзтæ ницы сты.Мах хъуамæ не ’ппæт цард дæр амондджынæй ар- витæм. Уый та нæхицæй аразгæ у. Цом-ма, фæйнæ каф- ты æркæнæм. Хъазыбег (лæдзæгæй кулдуар хойы, æддейæ æрбайхъуысти йæ зарын.) Хæдзаронтæ, хæдзаронтæ, Нæ хъусут, цы, мæ хост? Хæдзаронтæ, хæдзаронтæ, Фæхæссын та уæм пост. Хæдзаронтæ, хæдзаронтæ, Фæрсут, цы кусын ам? Хæдзаронтæй хæдзаронтæн Хызыиыдзаг — салам! Гъей, хæдзаронтæ, цы фестут, Софи! Гъей, Софи! А ф а с с æ. Мидæмæ, Хъазыбег, бæстæ та хъæрæй куы байдзаг кодтай. Стæй, дам, хæдзармæ сылгойма- джы номæй ничи дзуры, зæгъгæ, никуы фехъуыстай? X ъ а з ы б е г. Мæ мады мад Дзелайы ныхæстæ, рухсаг уæд! Æмæ сылгоймаг лæджы æмсæр куы уа, уæд та? Хуыцауы тыххæй, Софи, ахæм талынг мады дæ хæдзары куыд дарыс? С офи. Талынгæй дæр мæн у æмæ рухсæй дæр! X ъ а з ы б е г. Æнхъæлдæн уæм дунейы уазджы- тæ ис? А ф а сс æ. Цæмæй та йæ базыдтай, чи дын æй ра- хабар кодта? X ъ а з ы б е г. Æмæ мæ чи хъæуы, дзыллæйы ха- бæрттæ мæнæ мæ хызыны куы сты. Хæрзаг та карк æмæ гогыз никуыуал ныууагътай. Æйчытæ ма уæддæр ныууагътаиккат мыггагæн. 5
А ф а с с æ. Æмæ æйчытæ æнæ карк цæй мыггаг кæ- нынц, къуыртты бадын сыл нæ хъæуы? Хъазыбег. Цæй, кæд мæ хонут, уæд мын мидæ- мæ зæгъут, ам мæ ныхæстыл цы дарут? Афассæ. Æмæ мæ кæд дæ бахонын нæ фæнды, уæд та? X ъ а з ы б е г. Нæ фæндыйæ дзы паддзахады афæрс. А ф а ссæ. Ома? X ъ а з ы б е г. Ома дæу нæ фæнды, фæлæ мын пад- дзахад та афтæ зæгъы: «Цæугæ, Бидтайы усгур лæп- пу, æмæ ныронг æнæ ускуырдæй цы Афассæйы тыххæй баззадтæ, уый чызг Софимæ æнæхъæн хызыныдзаг арфæйы писмотæ æмæ телтæ сæмбæлын кæн, йæ къух ын райс, иу-дыууæ дзы лæугæйæ аназ æмæ дарддæр дæ куыст кæн». С о ф и. Равдис-ма, кæмæйты сты? (Исы телтæ, пис- мотæ æмæ сæ кæсы.) А ф а с с æ. Абон дæр та телтæ, писмотæ. X ъ а з ы б е г. Æз дæр уый нæ зæгъын? Сымахмæ писмотæ хæссыны йедтæмæ ницыуал кусын. Мæрдты дзæнæты бадæд Софийы фыд Даду, фæлæ мын мæ уæрзоны мæ фындзы бынæй ахаста. Æмæ йын уый æгъгъæд нæу, ныр та, дам, ын йæ чызгæн дæр арфæйы телтæ æмæ писмотæ хæсс. Æмæ мæ кæд нæ фæнды, уæд та? А ф а с с æ. Фæндонæй дзы паддзахады афæрс. X ъ а з ы б е г. Уæууа, ацахстай мæ! Æмæ дын уый дзырдтон. Знон æмæ æнæдæрæбон сымахæй посты æх- сæн дыууæрдæм кодтон. Æвæццæгæн, мæ къæхтыл спидометр конд куы фæуыдаид, уæд æппынкъаддæр дæс æмæ ссæдз километры банымадтаид. Гъемæ дæм б
утæппæт фыдæбæттæн нырма иу арахъхъ дæр нæ ба- нызтон. А ф а с с æ. Æмæ дæ нæ хуыдтон мидæмæ знон дæр æмæ æндæрæбон дæр? X ъ а з ы б е г. Куыннæ мæ æмбарыс, мæ рагон уар- зон. Куысты заман бузныг дæ хуындæй. А’бон та са- бат у, ныртæккæ мæ куыстмæ цæуын нал хъæуы. Цæй- ма, лекцитæ мын цы кæсыс? Цом мидæмæ, ам лæууы- нæн æвгьау стæм. А ф а с с æ. Ахиз, ахиз. Дæ хызын та ма афтидæй кæдæм хастай? X ъ а з ы б е г. Афтид хызынæй дæр ма тæрс. Хæдзар- мæ хæйттæ дæ нæ бадомдзынæн. Софи, уыцы телтæ бафснай; уыдонæн сафæн нæй, хуымæтæджы арфæйы телтæ не ’сты. Нырæй фæстæмæ сæ ныфсджын куыд уыдзынæ, хæсджын дæр сæ афтæ уыдзынæ. Æвæдза, Афассæ, цард куыд диссаг у! Хъуыды ма кæныс, фа- рон институтмæ куынæ бахаудта Софи, уæд уæхи куыд мардтат дыууæйæ дæр. А ф а с с æ. Уæдæ цы кодтаиккам? Цæрæнбонты цæ- мæ бæллыдтæн, уыдон мын доны къусы сæфт кодтой... Цæрын дæр мæм нал цыдис. X ъ а з ы б е г. Гъемæ нæ бахауд æмæ цы? Адæймаг куы бæзза, уæд царды йæ бынат ссардзæн... Цæй-ма, цомут мидæмæ, стæй мæ, æцæг, ныхæстыл ныддарут. А ф а с с æ. Цом, цом. Рауай, Софи, ды дæр. Бацыдысты. С о ф и. Феййафын уæ. (Паузæ.) Иууылдæр мын арфæ кæнынц мæ сыхаг Хуындæгæй фæстæмæ. (Кæ- сы.) Ахмæт, Алыксандр, Лизæ... Бузныг, кæй мæ нæ 7
рох кæнут, уый тыххæй... Ацы писмота кæмæй у? (Рай- хæлдта йæ, кæсы.) «Сылгоймæгты фидауц Софийæн æхсидгæ салам!» Æгъгъа! Чи у, чи? Майрæм. Майрæм? Цавæр Майрæм? (Кæсы дарддæр.) «Æвæццæгæн, дис кæныс, ай мæм чи фыссы, зæгъгæ? Ды мæн нæ зоныс, фæлæ дæ æз тынг хорз зонын æмæ дын рæхджы мæхи базонын кæндзынæн. Рагацау уал дын мæ къам æрви- тын». Цавæр къам, кæм и, кæ? (Конвертæй къам си- ста, ныххудти.) Гъе уый лæппу у, гъе, йæ мард фесæ- фа! (Кæсы дарддæр.) «...Мæ бакаст, кæй зæгъын æй хъæуы, æвиппайды дæ риуы пиллон арт не ’ссудздзæн, фæлæ дын де ’взонг зæрдæ чысыл кæй ахъыдзы кæн- дзæн, уый мæ уырны». Аллах, мæнæ мæ куыд ахъыдзы кодта! Ай уарзондзинады писмо куы у. (Кæсы.) «Ныб- бар мын ме ’ргом ныхас, дæ къам дын газеты цы бон федтон, уыцы бонæй фæстæмæ æррайау сдæн æмæ дæ афонмæ дæр абæрæг кодтаин, фæлæ æгъдæутты сæрты ахизын мæ бон.нæу,— кæд ыл, зæгъын, мæ разæй ис- чи сдзырдта, уæд искæйы фæндагыл цæмæн æрлæууон? Ныр æй сбæлвырд кодтон, мæхиау дæ тæккæ амонд агургæйæ кæй дæ, æмæ дæм тагъд зындзынæн 15 «Вол- гæйыл», æнхъæлмæ кæс. Мæ адрис: Суинаг горæт Джызæл, проспект именнæ колхозная. Майрæмыхъуа- ты Майрæммæ». Дæ майрæм дæ бахæрæд, чидæрид- дæр дæ!.. (Писмо иуварс баппæрста.) Ехх, мæ сыхаг Хуындæг! Ахæм цины бон мын æнæ дæу куыд зын у, уый куы зонис, уæд дæхи нæ рамбæхс-бамбæхс кæнис. Арфæ нæ, фæлæ мæм йæхи дæр нал æвдисы уыцы сæгъ, æндæр ын æз бирæгъ циу, уый бæргæ фенын кæ- нин. (Ахъуыды кодта.) Кæд мæм, миййаг, фыдæнæн нæ цæуы, ома: «Цæй депутаты аккаг дæн»?! Бæлвырд, афтæ уыдзæни: кандидатæй мæ цы бон сæвзæрстой, 8
уæдæй фæстæмæ мæм хæстæг нал æрбацыд... (Стыхст.) Æниу цæй депутат ис мæнæй, цы мæ уæларвмæ систой? Хъугдуцын мæн йедтæмæ ничи зоны?! (Зары.) У райдзаст бон, æрттивы бæстæ, Мæ циныл цин кæнынц мæ хъæу, Æмæ нæ дыргъдоны бæлæстæ, Фæлæ мæ зæрдæ хъæлдзæг нæу. Æмæ цæмæн? Цы кодта зæрдæ? Цымæ дзы чи бауагъта маст? Æмæ мæ сыхæгтæн сæ кæртмæ Цы скодтон цæстытæ сæ каст? Цæры сæрæн лæппу мæ фарсмæ — Æппæтæй адджындæр, хуыздæр. Фæлæ мæ цины бон мæ размæ Ыæ рацыд, бамбæхсти кæмдæр. У рандзаст бон, æрттивы бæстæ, Æз та æрхæндæгæй лæууын Æмæ нæ сыхæгтæн сæ кæртмæ Æдзух фæкæс-фæкæс кæнын. А ф а с с æ (мидæгæй). Чызг, уазджытæм æрбакæс, цæугæ кæнынц. С о ф и. Ныртæккæ. (Бахызт.) Кæрты фæзынд М а й р æ м, зары. Усгуры зæрдæ... Цу ’мæ йæ базон, Кæцы чызгмæ дзы нæ дары хъус! Ыстыр Ногиры ыскодтон уарзон, Уæлладжырæй та æрдавтон ус. Нæ сылгоймæгтæ рæсугъд бæргæ сты, Фæлæ у бирæ лæгæн сæ маст. Сæ рæвдыдæн-иу цымæ йæ фæстæ Цæй тыххæй вæййы фыдбылыз баст?! 9
Фæлмæн ныхас сæ кæмæн нæ загътон! Кæмæ сæ нæ уыд мæнæн мæ хъавд! Закъонæй уал дзы цыппар фæуагътон, Æнæ закъонæй — æрмæстдæр авд! Мæхи пайдайæн дзæбæх ыссивын, — Мæгуыр лæг —хохаг кæны фæрæз. Мæ зæронд усы нæуæгæй ивын, Æмæ та усгур фæзындтæн æз. Æрбацыд Салфеткæ æд чумæдантæ æмæ тыхтæттæ, ауыдта Майрæмы. Салфеткæ. Уæ хорзæхай, уæртæ уый Майрæмы- хъуаты Майрæм нæу? М а й р æ м (ауыдта Салфеткæйы). Кæд мæ мæ цæс- стытæ нæ сайынц, уæд гъай Салфеткæ у. Зарынц. М а й р æ м. Дæ бон мын хорз, Салфеткæ! Салфеткæ. Æгас нæм цу, Майрæм! М а й р æ м. Дæс азы дæ нæ федтон. Салам! Салфеткæ. Салам! Ма йр æ м. Салам! Салфеткæ. Кæм фесæфтæ, цы фæдæ? Кæм хæтæнты хæтыс? М а й р æ м. Ыссыгъди та мæ зæрдæ! Салфеткæ. Куыд усгур дæ? Майрæм. Фæрсыс?! Фæкæс та мæм, Салфеткæ. Салфеткæ. Дæ зæрдæ дар,.Майрæм! Мгйрæм. Æгайтма та дæ федтон. Салам! Салфеткæ. Салам! 10
М а й рæм. Салам! Салфеткæ. Нæ дын загътон, æнæ мæн хъуыддаг нæ бакæндзынæ. Дæ тъæпп та мæныл фæцыди? Цæй, дзургæ, цы хабар у? М а й р æ м. Цы дзуринаг дзы ис, мæнæ ацы хæдза- ры—чындздзон чызг, дæ разы та—усгур лæппу. Дард- дæр ма дзы цы баззад, уый та дын мæ амонын нæ хъæуы. Салфеткæ (йæхинымæр). Уæдмæ дæр уал лæуу, Софи мын æндæрæн нывондгонд у. (Майрæммæ.) Гъе- уæууæй, гъе! Горæтæй хъæумæ усгур рацу?! М а й р æ м. Чызджытæ — хæрх, ныртæккæ дæр сæ номхыгъд мæнæ мæ дзыппы. Салфеткæ. Цавæр номхыгъд? Майрæм. Мæнæ, табуафси, (систа йæ.) Медин- ституты æхсæзæм курсы чызджыты номхыгъд, мæнæ адон та — сæ къамтæ. Мæнæ дын уый та пединституты фæстаг курсы чызджытæ... Адон та, йæ лæгæй чи ахи- цæн, ахæмтæ сты, газеттæй сæ сфыстон... Æд адрестæ... Мæнæ дзы иуæн хорз хæдзар ис... Иæхæдæг дæр, кæм федтай, ахæм, парахат сылгоймаг, уæртæ уыцы дуа- рыл не ’рбацæудзæн! Иæ хъуг та иу дыгъдæн 15 литры кæны. Салфеткæ. Уæдæ ма уæд цы боны хорзмæ æн- хъæлмæ кæсыс? М а й р æ м. Нæ, уæддæр Софи зындгонд сылгоймаг у. Цæуылнæ ракура Майрæм депутат чызджы? Йæ ах- сæн дзы фæрисдзæн? Горæты проспектыл-иу ын йæ цонгыл куы ’рхæцон, уæд-иу адæм зæгъдзысты: «Уæр- тæ уый Софи у —депутат, уый та Майрæм — депута- ты лæг!» Уый ды цы хоныс? 11
Салфеткæ. Цæй, хорз!.. (Йæ плащ раласта, йæ уæлæ спортивон майкæ æртындæсæм номыримæ.) М а й р æ м. Гъей, чемпион сдæ — згъорæг? Салфеткæ (æфсæрмхуызæй). Тæлчоччы йæ ал- хæдтон. (Æрбадтысты чумæданыл, йæ зонтыкк рай- хæлдта.) Цас? М а й р æ м. Цы «цас»? Салфеткæ. Цас бафиддзынæ? Майрæм. Дæ зæрдæхудты нæ бацæудзынæн, Сал- феткæ. Салфеткæ. Салфеткæйыл ахæм рæдыдтытæ би- рæ æрцыдис. М а й р æ м. Ау, мæныл не 'уУæнДыс? Салфеткæ. Æз мæхиуыл дæр не 'уУæнДын. М а й р æ м. Цас мæ бацагурдзынæ? Салфеткæ. Нырма уал иу мин — задатка,уый фæстæ — дæ цæсгом æмæ дæхæдæг. М а й р æ м. Цавæр мин у? Дæ цæсгом та йæ куыд хъæцы: дыууæ ныхасы баппарыны тыххæй мин ба- цагур! Салфеткæ. Дыууæ ныхасæй уæлдай цас скæнын, уал низы та дын зæгъин æмæ мæм æвгъау кæсыс. Дæ мин дæм мæлæты бирæ кæсы! Лæгъстæ кæнынæй ме ’взаг бапъирозы гæххæттæй тæнæгдæр куы свæййы. Æрвылбон хъæууынгты цоппайæ мæ къæхтыл нал уæл- фад баззайы, нал—дæлфад. йæ алыварс цæрджыты йыл ардауын нæ хъæуы? Уыдонæн къафеттæ æмæ алы гуыбынниз æлхæнын нæ хъæуы? Йæ мадмæ йын хуын- тæ хæссын нæ хъæуы? Æппынкъаддæр мæй, дыууæ мæйы лæгъстæ кæнын нæ хъæуы? Стæй дын дыууæ мæ™æ ДæР сразы уыдзæн, нæ, цы бæрæг ын ис? М а й р æ м. Дæ хъуыддаг раст! Æмæ бынтондæр 12
куынæ сразы уа, уæд ма ме ’хца та доны цæмæн калон? Салфеткæ. Сæлхæр! Мин чи бафиды, уымæн га- рантиныл кусын. Ма й р æм. Ома? Салфеткæ. Ома мæй, дыууæ мæйы, цы мæ бон у, уымæй архайын æмæ куынæ сразы уа, уæд скъæф- гæ. Къуырийы æмгъуыдмæ æдас фысымуат — мæ быгъдуан. М а й р æ м (æнæууæнк каст æм бакодта). Хорз ус, цымæ ды зондагур куы уыдтæ, уæд æз хуыртæ æхсæс- тон? Асайынмæ мæ хъавыс? Салфеткæ. Æз нырма никуы никæй фæсайдтон, чи мæ хоныс? Æз Салфеткæ дæн, Салфеткæ. М а й р æ м. Салфеткæ нæ, фæлæ гобаны цъар куы фестай, уæддæр дын ницы ратдзынæн. Салфеткæ. Ма ратт æмæ Софийы дæ цæсты кæ- ронæй дæр нæ фендзынæ. Уæдæмæ чъынды дæ, чъынды. М а й р æ м. Дæ хуызæттæн чъынды дæн, ай-гъай. Салфеткæ. Мæ хуызæттæн! Уæлæ дæ мад тæ- ригъæдæй куы мары æмæ уымæн дыууæ капеччы куы никуы радтай. Майрæм. Мæ мад тæригъæдæй нæ мæлы, фæлæ низæй. Стæй мын мад ис, уый ма зæгъай, дæ хурхыл дын бахæцдзынæн, ныры чындзытæ, стæмтæй фæс- тæмæ, се ’фсинты нæ уарзынц. Мауал мæ хъыгдар, æз мæ кайыстæм бакæсон. Салфеткæ. Бакæс уæдæ, фæлæ йæ зон, æз иуыр- дæм куыд арæхсын, иннæрдæм дæр афтæ... Архай, æз дæр архайдзынæн дæ ныхмæ. Фендзыстæм, кæддæра нæ кæй æнхъизæн тагъддæр сæнхъизид. (Фæцæуы.) 13
М а й р æ м. Салфеткæ, фæлæуу-ма, Салфеткæ! Мæ хæдзар мын халдзæн. (Иæ фæстæ цæуынмæ хъа- вы, Салфеткæ фæстæмæ фездæхт.) Салфеткæ, цæй ба- фидауæм, кæд кæрæдзи бамбариккам. Хорз æй куы зоныс, дæуæн æнæ мæн цæрæн нæй, мæнæн та æнæ дæу. Салфеткæ. Дæуæн уый загъдæуа. Фæндырдзагъд. Салфеткæ æмæ М а й р æ м кафынц. Хæдзарæй рацыдысты Хъазыбег, Афассæ æмæ С о ф и. Хъазыбег (зары). Цæй, уæ минæстæ — минæстимæ, Уæ цардамонд — бирæзтимæ, Уæ хæдзар — баркадджын, Уæ цард мыдау — адджын. А ф а с с æ. Изæры дæ кафджыты къордмæ цæуын хъæуы, куы загътай. Хъазыбег. Æмæ уымæй цы зæгъинаг дæ? Ома дæм дыууæ анызтон æмæ мæ къæхтыл нал слæудзы- нæн? Бахатыр кæн. Хъазыбег йæ кафты хай мæлгæйæ дæр акæндзæн. Ацы аз та Мæскуыйы балæудзæн, олимпиадæйы, æмæ та дзы а сау лæппу фыццаг бынат бацахсдзæн. Афассæ. Иæ зачъетæ Хъазыбеджы хохы цъуп- пæй урсдæр æмæ ма лæппуты фæзмы. Хъазыбег (зары). Мæ зачъетæм мын ма кæсут, Мæ зæрдæ у æвзонг, Уæ фæндыр ма мын рахæссут, — Æз уыи æркафон рог, гъей! 14
Мæ буц уарзон — Æрыдонæй, Мæ хъæубæстæ та — Ход. Мæ фыдгулæн æрыгонæй Иæ зæрдæ уа зæронд, гъей! (Йæ къахфындзтыл сабыр, уæздан кафт райдыдта, куыдфæстагмæ кафы рогæй-рогдæр. Софи, Афассæ йын æмдзæгъд кæнынц.) Федтай, мæ рагон уарзон? (Ацыдысты Ладинкæимæ.) Афассæ. Цымæ уыцы хуызæнæй кæд базæронд уыдзæн, кæд? Софи. Гыцци, æз ныртæккæ фездæхдзынæн, фер- мæмæ бакæсон. А ф а с с æ. Абон дын улæфты бон у, фермæ никуы- дæм алидздзæни, цæмæй йын тæрсыс? С о ф и. Мæ зæрдæ æхсайы, æрмæстдæр бауайдзы- нæн æмæ фездæхдзынæн. А ф а с с æ (мидæмæ фæцæуы). Уыцы хъуццытæ æмæ ды! Кæрты фæзынд М а й р æ м. Майрæм. Фарн дæм бадзурæд, рæсугъд чызг. (Софи фестъæлфыд.) Дæ бон хорз. С о ф и. Бузныг. Чи дæ хъæуы? Майрæм. Кæрæдзи уал базонæм. Майрæмы- хъуаты Майрæм... С о ф и. А, Майрæм. (Яæхицæн.) Ай мæ курæг куы у! М а й р æ м. Базыдтай мæ? С о ф и. Нæ, фæлæ дын дæ ном кæмдæр фехъуыстон. Ма й рæ м. Фехъуыстаис! Ды га, куыд кæсын, аф- тæмæй Софи дæ, нæ? С о ф и (ахъуыды кодта.) Нæ, æз Софи нæ дæн, сæ 15
сыхæгты чызг, Сафиат мæ ном. (Яæ къух æм дæтты.) Базонгæ уæм — Сафиат. Майрæм. Уæууа, æз та дæ Софи фæхуыдтон! (Йæхинымæр.) Дæлдзæх фæу. (Къаммæ æркасти.) Æмæ цымæ Софи сæхимæ ис? С о ф и. Нæй. Цыма кæдæмдæр чындзхæссæг ацыд. Майрæм. Хъыгаг у, хъыгаг у. Æмæ йæ мад та кæм ис? С о ф и. Иæ мад дæр куыроймæ ацыд. М а й р æ м. Уæууа, уæдæ дзæгъæл цыд фæдæн? С о ф и. Фæстæдæр сæ абæрæг кæн, йе та æндæр хатт. Майрæм. Æндæр хатт мæ не ’вдæлы, абон сæ хъуамæ искæй фенон. С о ф и. Æмæ дæ уагæры цавæр æхсызгон хъуыддаг ис, хатыр бакæн, фæлæ? Майрæм. Сыхаг чызг, хынцфарст ма у. Цыма цæуынмæ хъавыдтæ? Цу, цу, æфсæрмы ма кæн! Æз ма ам абаддзынæн... С о ф и. Бахатыр кæн, хæдзар мæнæн бафæдзæхс- той æмæ дзы æцæгæлон адæймаджы куыд ныууадзон? М а й р æ м. Тыхсгæ ма кæн, чызгай, æз ацы хæдза- рæн тагъд æцæгæлон нал уыдзынæн, чи зоны, рæбинаг дзы бауон. Софи (адæммæ). Уæдмæ дæр уал лæуу. (Май- рæммæ.) Усгур ма уай, миййаг? М а й р æ м. Цæмæй мæ базыдтай? С о ф и. Дæ цæстытыл бæрæг у. Майрæм (æрфæлмæн). Куыд чызг у? Софийæ зæгъын. С о ф и. Æмæ-гъа! Дæхæдæг æй хуыздæр зондзынæ. М а й р æ м. Уæддæр... Ды йæ сыхаг дæ?! 16
С о ф и. Куыд куы зæгъай, уæд арды^Ъ&й^^^ум^ М а й р æ м. Æндæр нæ? Æмæ йæ уæд депу^^йг куыд сæвзæрстой? С о ф и. Фосыкуыстмæ хорз арæхсы, хъуг дуцынмæ. (Ацамыдта йæ къухæй.) М а й р æ м. Æндæр ницæмæ арæхсы? С о ф и. Цæуылнæ? Загъд самайынмæ йæхицæн æмбал нæй а дунейыл. Сылгоймагæй ахæм налат нæ- ма уыди. Майрæм. Ницы кæны. Мæ къухы къуырийы бон- мæ æрмахуырæй агæпп ласдзæн. Хæдзары змæлдмæ та куыд у? Уæлибæхтæ ракæнынмæ, арахъхъ уадзын- мæ? С о ф и. Цытæ дзурыс! Иæ фæстæ йæ хуыссæн дæр никуы бафснайдта. Пецы суджы къæцæл никуы бап- пæрста. Магуса, стæй... куыд дын æй зæгъон, нæ зо- нын... Раст мæ куынæ бамбарай. Хæрз æрæджы срасыг æмæ йæ сæр колхозы æхсырæй æхсадта. М а й р æ м. Уанцон нæу! С о ф и. Фæлæуу-ма, æмæ йæ æппындæр нæ зоныс æви? Майрæм. Уынгæ йæ никуы фæкодтон, фæлæ йæ «личное дело» мæ дзыппы ис. С о ф и. Ома цавæр «личное дело»? М а й р æ м. Æрмæг ыл сæмбырд кодтон, газеты йыл цы фыстой, уыдон, йæ хуызисттæ... Стæй ма мын дзы чидæртæ дæр раппæлыдис. С о ф и (æрбамæсты, цыдæр зæгъынмæ хъавыд, йæхиуыл фæхæцыд). Ныр цымæ ацы сæрхъæнимæ мæ рæстæг цы сафын? Дар уæдæ де ’нгуыр, чи зоны дын тæрхъус æрцахса. (Ацыд.) М а й р æ м. Цæугæ, цæугæ. Æвæццæгæн æй курæг 2 Софпйы зарæг 17
нæй æмæ Софимæ хæлæгæй мæлы. Дæ хуызæтты æвза- гæй æз мæ депутат бинойнагæн развод нæ ратдзынæн. Й* мады уал ын куы фенин æмæ уал уый куы æрта- сын кæнин, уæд чызг дæр ма къухты ис. (Афассæ ра- хызт.) Æнхъæлдæн, ай йæ мад у. (Афассæ баз цæгъ- ды, пакъуытæ Майрæмыл абадтысты. Ус æй ауыдта.) А ф а с с æ. Кæцы дæ, кæ? Бахатыр кæн, уазæг, нæ дæ федтон. М а й р æ м (йæхи сæрфы). Ницы кæны, ницы. Мæхи аххос уыди. А ф а с с æ. Æри-ма, æрсæрфон дæ. М а й р æ м. Нæ хъæуы, нæ. Дæ бон хорз, нæ ма- дыхай. А ф а с сæ. Æгас нæм цу. Мидæмæ нæм рахиз. М а й р æ м. Бузныг, уыйбæрц мæ не ’вдæлы, хъуыд- даджы лæуд дæн. Ныббар мын, чи зоны, мæнæн дæ размæ цæуын дæр не ’мбæлы, фæлæ мæ уавæртæ аф- тæ кæм æрæййæфтой, уым æндæр гæнæн нæй. А ф а с с æ. Ницы кæны, лæппу, ницы. Майрæм. Чызджы мад куынæ уаис, уæд дæм цæугæ дæр не ’рбакодтаин, фæлæ мад кæм дæ, уым мын, æвæццæгæн, мæ тыхст æмæ мæ зæрдæйы ахаст бамбардзынæ. А ф а с с æ. Хъусын дæм, табуафси. М а й р æ м. Мах заман бирæ хъæбултæ сæ мадæл- тæн фаг аргъ нæ кæнынц æмæ куы бахъомыл вæййынц, уæд сæ ныййарджыты рохуаты ныууадзынц. Мады зæрдæ кæй риссы, йæ сабийы авдæны уæлхъус æнæ- хуыссæг æхсæвтæ кæй æрвыста, йæ улæфтмæ дæр ын æдзынæг кæй хъуыста, йæ хъарм хъæбысы йын уазал зымæгон æхсæвты аргъæуттæ кæй кодта, уый сæ фе- рох вæййы. Мæнгæй нæ фæзæгъынц, мадæн йæ асхуыст 18
дæр рæвдыд у. Мады лæггæдтæ нырма а дунейыл ни- чи бафыста. А ф а с с æ. Рæстытæ дзурыс, зондджын ныхæстæ. Дæ ныййарæг дæ хурæй бафсæдæд! М а й р æ м. Мæн дæр бæргæ фæндыдис, мæ ныййа- рæг мæ хурæй куы бафсæстаид, уый. Загътон, мæ ма- ды лæггæдтæ æххæстæй нæ, фæлæ сын сæ дæсæм хай уæддæр куы бафидин, зæгъгæ, гъемæ мын æнæнхъæлæ- джы æрбамард, рухсаг æрбауа! А ф а с с æ. Уæууа, мæгуырæг. Дис кæнын, цæй æнкъард дæ. М а й р æ м. Æмæ мын æнцон у æнхъæл дæ?! А ф а с с æ. Фæлæуу-ма, рæстмæ дæ нæ хъуыды кæ- нын, кæй лæппу дæ, чи уыдис дæ мад? М а й р æ м. Хъуамæ йæ зыдтаис, мæ мады ном — Мисурæт, мæхæдæг — Майрæм. А ф а с с æ. Кæцы Мисурæт? Гæлæуты Мисурæтæй ма зæгъай? М а й р æ м. О, гъе уымæй. А ф а с с æ. Мæ хæдзарыл, æмæ йыл цы æрбамбæл- ди цымæ, судзгæ фæбада? Ды та, ахуырмæ йын цы лæппу уыдис, уый ма у? Майрæм. О, ахуырмæ дæр уыдтæн. Фæлæ, нæ мадыхай, ды дæхи ма ’фхæр... А ф а с с æ. Куыннæ æфхæрон, куыннæ, мыггаджы аргъ сылгоймаг. (Сыхæгтæм хъæр кæны.) Ладинкæ, уæ, Ладиикæ, тагъд ма æддæмæ ракæс. Æмæ йыл цы æрбамбæлдис, судзгæ фæбада? М а й р æ м. Æрсабыр у, зыдтай йæ, уый æнхъæл нæ уыдтæн, æндæра дын æй нæ загътаин... Л а д и н к æ (рауад). Цы кодтай, Афассæ, цы ныл æрцыдис? 19
Афассæ. Цы кодтам куы зæгъай, уæд, дам, Ми- сурæт амардис. Ладинкæ. Уанцон нæу? Чи дын æй загъта?.. А ф а с с æ. Мæнæ нæм йæ ахуыргонд лæппу йæхæ- дæг хъæргæнæг ссыди... (Дыууæ сылгоймаджы кæуынц.) М а й р æ м (йæхицæн). Ай мæхицæн цы фыдбылыз сарæзтон?! Уæ хорзæхæй, уæ кæуын фæуромут. Л а ди н кæ. Куыд æй уромæм, Мисурæт йæхæдæг иу мардыл дæр æнæ хорз фæкæугæ куы никуы лæу- уыдис. Иæ даринæгтæ хурмæ куы баззадысты... А ф а с с æ. Марадз, Ладинкæ, дæ сау кæлмæрзæн æркæн æмæ мæрддзыгой ныууайæм, афонмæ сыхы устытæ дæр æрæмбырд сты. М а й р æ м. Дзæгъæлы ма тыхсут, сыхы устытæй ничи рацæудзæн. Л а д и н к æ. Цæуылнæ? Хъæргæнæг сæм нæ уыди? М а й р æ м. Нæ сæм уыди. А ф а с с æ. Мах цалынмæ нæхи рæвдз кæнæм, уæд- мæ сыл азилдзынæ. Майрæм. Æз сыл нæ азилдзынæн, уымæн æмæ мæ нæ хæдзарæй хъæргæнæг нæ рарвыстой. Л а д и н к æ. Уæдæ дæ цæмæ рарвыстой? М а й р æ м. Цæмæ куы зæгъай, уæд ус курынмæ. (Дыууæ усы сæ кæуын фæуагътой, сагъдæй аззады- сты, кæрæдзимæ бакастысты.) А ф а с с æ (æрæджиау). Фæлæуу-ма, дæ мад амар- ди, зæгъгæ, нæ загътай? Майрæм. О, амарди. Афассæ. Æмæ дæхæдæг та усгур рацыдтæ? М а й р æм. О, усгур! Л а д и н к æ (Афассæйы иуварсмæ акодта, су-
сæгæй). Хъæуы бын, дам, иу лæппу фырахуырæй сæрра, ай ма уæд? А ф а с с æ. Мæ хæдзар байхæлд! Æцæгдæр уый ма уæд. Æмæ йæ мæ кæртмæ цы фыдбылызтæ сардыд- той? Дыууæ усы тæрсын байдыдтой. Ладинкæ. Уæртæ дзæбæх лæппу!.. Тынг тæри- гъæд дын кæнæм. Рухсаг уæд дæ мад дæр... фæлæ... (Цы фæуа, уый нал зоны.) М а й р æ м. Цæй, цы джихтæ кæнут, йæ мад никæ- мæн амæлы?! Иæ фæстæ чи баззайы, уыдон та сæхи цардыл фæтыхсынц. Кæд истæмæй рæдийын, уæддæр мын æй ныббарут. Афассæ (сусæгæй). Марадз-ма, Ладинкæ, лæг- тæй искæмæ фæдзур, цыдæр гуырысхойаг у æмæ сæ- фæм. (Майрæммæ.) Уæдæ усгур дæ зæгъыс? М а й р æ м. Бахатыр кæнут, фæлæ, о. Афассæ. Æмæ дæ мах кæртмæ цы зæдтæ сар- дыдтой? М а й р æ м. Сымах кæртмæ мæ цы зæдтæ сардыд- той, уыдонмæ æз, æвæццæгæн, мæ цæрæнбонты кув- дзынæн. Афассæ (йæхицæн). Уæ, дæлæмæ æрхауой, кæд ныл не ’стыр цины бон ахæм фыдбылыз цы сар- дыдтой... Л а д и н к æ сабыргай фæхъуызы. М а й р æм (Ладинкæмæ). Фæцæуыс, нæ мадыхай? Л а д и н к æ (фæтарст). Дæдæй! Нæ, мæнæ, зæгъ- ын, кæрчытæ хуртуан хæрынц æмæ уыдонмæ акæсон. 21
М а й р æ м. Æмæ цы кæны, табуафси. Мæн мæнæ нæ мадимæ сусæг ныхас ис, кæд гæнæн ис, уæд... Ладинкæ та фæцæйцыд. Афассæ (йæ фæдджитыл ын æрхæцыд). Иунæ- гæй мæ ма ныууадз, кæд сæфæм, уæд иумæ. (Майрæм- мæ.) Æмæ мах кæрæдзийæ ницы сусæг кæнæм, дзур, хъусæм дæм. М а й р æ м (йæхицæн). Æнхъæлдæн, хъуыддаг бын- тондæр сæмтъеры кодтон. (Устытæм, фæлмæнæй.) Мæнæ дыууæ дзæбæх сылгоймаджы, куыд кæсын, аф- тæмæй мах кæрæдзийы раст нæ бамбæрстам. Мæ мад мæнæн фарон амард, йæ ном Мисурæт у, фæлæ йæ, мæнмæ гæсгæ, сымах нæ зонут. А ф а с с æ. Гæлæуты Мисурæт у, зæгъгæ, нæ загътай? М а й р æ м. Иæ фыд, æнхъæлдæн, Гæлæу хуындис, фæлæ уын раст куы зæгъон, уæд, чи зоны, Къæлæу дæр хуындис, нал æй хъуыды кæнын. Фарон æй кад æмæ радимæ бавæрдтам. Афæдзмæ йын хистытæ фæкодтон, иу мæрдты бон дæр ын йæ ном æнæ ссаргæ никуы фæ- дæн. Ладинкæ. Бахатыр кæн сæлхæр зæронд усты- тæн. Мах та йын дæлæсыхы Мисурæт æнхъæл уыды- стæм. А ф а с с æ. Додойаг фæуа мæ сæр, хъуыддаг рæст- мæ нæ бамбæрстон, афтæмæй йыл хойыныл балæу- уыдтæн. М а й р æ м. Æмæ сæры дзæккорæй хойæгау куы хойай, уæд ма истæмæ арæхсы? Сымах дæр мын ныб- барут, хабар уын рæстмæ нæ бамбарын кодтон... 22
Л а д и н к æ. Ницы кæны, афтæ дæр вæййы. Уæхи бар уæ уадзын уæдæ. Мах дæр-иу абæрæг кæн... М а й р æ м. Бузныг, стыр бузныг. Сбад, нæ ма- дыхай. А ф а с с æ. Сбад дæхæдæг дæр. М а й р æ м. Æз алæудзынæн. Æмæ дын уый дзырд- тон... Мады лæггæдтæ кæуылты сты! Мæ ныййарæг куы марди, уæддæр ма йæ мæ мæт уыди, бинонты кой ма, дам, дын уæддæр куы бакодтаин... Ныхæстæ дар- дыл сты... Фæлæ мæ фæнды, мад кæмæн ис, ахæм цардæмбал бацагурын. Мæ мадæн мын балæггад кæ- нын нæ бантыст, фæлæ, зæгъын, мæ цардæмбалы ма- дæн уæддæр балæггад кæнон. Цы уæлдай у! Уый дæр мын хи мады хуызæн уыдзæни. Гъемæ мæ цыфæнды- дæр рахон, æгъдæутты сæрты дæр, чи зоны, ахызтæн, фæлæ нырæй фæстæмæ дæуæн хи мады лæггад куы кæнин, гъе уый мæ фæнды. Афассæ. Стыр бузныг, фæлæ хъуыддагæн куы ницы зонын... Софи дæр мын куы ницы бамбарын кодта... М а й р æ м. Хъуыддагæн Софи йæхæдæг дæр ницы- ма зоны... Афассæ. Уæдæ афтæмæй куыд?.. Афтæ дæр вæййы?.. Майрæм. Æз дæ чызджы разæй дæумæ барæй æрбацыдтæн. Уымæн æмæ ды йæ мад дæ. Ацы рухс дуне йын ды фенын кодтай, ды йæ схъомыл кодтай æмæ дæ разæй дæ чызджы бафæрсын æз стыр æфхæр- дыл банымаин мæхицæн дæр æмæ дæуæн дæр. Мæнмæ гæсгæ, кæд дæ чызг ирон у æмæ йæ мадæн аргъ кæны, уæд дæ фæндоны ныхмæ хъуамæ дыууæ макуы зæгъа. 23
Афассæ. Нæ зонын, фæлæ уыцы заман аив- гъуыдта, ныртæккæ чызг йæ амонд, йæ хъысмæт йæхæ- дæг хъуамæ араза. Уынаффæ йын чи бакæндзæн, уый та æз. Бадзур йемæ, кæд кæрæдзи бамбарат, уæд æз дæр мæ ныхасы хай баппардзынæн... Ныртæккæ дын ницы мæ бон у зæгъын. Фыццаг хатт дæ уы- нын... М а й р æ м. Уый раст у. Фыццаг хатт уынæм кæрæ- дзи, фæлæ фæсмонгонд нæ фæуыдзынæ. Уæвгæ базо- нын хорз у. Мæгуыр кусæг, къабазджын адæймаг дæн. Мæ мады æфсымæр уæлæ горæты министрты минист- рæй кусы, Дзебола йæ ном, фехъуыстаис æй. Уæлæ обкомы дæр Тасолтаны æнæ зонгæ нæ уыдзынæ, уый та мæ чындзы кæстæр æфсымæр у. Æмæ сæ чи фæуы- дзæнис нымад! Мæ хæстæджытæй, мæ зонгæтæй иу дæр ахæм нæй, горæты уынгты дзы фистæгæй чи ра- цæуы. А ф а с с æ. Уæдæ? Майрæм. Иууылдæр машинæты бадынц. Мæхи- мæ дæр дзы иу фынддæсы бæрц ис. Уæууа, кæд дæ, миййаг, горæтмæ, кæнæ сыхаг хъæутæй искуыдæм ауайын хъæуы, уæд ныртæккæ мæнæ телефонæй сдзу- рон æмæ фынддæс «Волгæйы» дæ кæрты æрбалæудзы- сты. (Телефонмæ цæуынмæ хъавы.) Аф а с сæ. Нæ, нæ, дæ хорзæхæй, нæ хъæуы, фынд- дæс нæ, фæлæ мæ иу дæр нæ хъæуы. М а й р æ м. Æфсæрмы ма кæн, фидын сын нæ хъæуы. А ф а с с æ. Æмæ фидыны тыххæй фæсвæд нæ фæ- лæудзыстæм, фæлæ мæ горæты исты хъуыддаг куы уа, уæд автобустæ хорз цæуынц. М а й р æ м. Цæй, куыд дæ фæнды, афтæ. Уæд та 24
дæм хæдтæхæг æрбарвитын кæнон. Сæ хицау мæ хуыз- дæр лымæн у. Ныртæккæ раст дæ тæккæ хæдзары дуармæ æрбалæудзæн. А ф а с с æ. Æз дæ мад, дæ фыды уазæг, ма кæн, ам хæдтæхæг кæм æрбада, уый дæр дзы нæй. Уынг хъаз æмæ гогызы лæппынæй йедзаг. М а й р æ м. Ууыл та мын цы тыхсыс, ног хæдтæхæг у, вертолет. Раст дын æй дæ хæдзары цъуппыл дæр æрбадын кæндзысты. А ф а с с æ. Дæ мады хатырæй, ма йæ æрбакæн. Кæ- дæм дзы тæхын дæ хæдтæхæджы? М а й р æ м. Уæртæ дзы Джызæлмæ батахтаиккам, уым нæ хæдзары къуым дæр федтаис: кæм цæрæм, куыд цæрæм... Уайтагъд дæ фæстæмæ æрбаскъæф- таид. Афассæ. Кæд гæнæн ис, уæд æндæр хатт, ныр- тæккæ мын хæдзары бирæ змæлд и... М а й р æ м. Хорз, фод æндæр хатт дæр. Куыддæр дæ бахъæуа, афтæ-иу мæм фæхабар кæн. А ф а с с æ. Хорз, мæ къона, хорз. (Ныуулæфыд.) Оф, фæтæрсын мæ кодтай дæ хæдтæхæгæй, мæ зæр- дæйы гуыпп-гуыпп ссыди... Майрæм. Ницы кæны, кæд хуыцауы бафæнда, уæд ыл сахуыр уыдзынæ. Мæ мады рухс цæсгомыстæн, æз дæ хъуамæ иу бон хæдтæхæджы уæларвмæ сисон æмæ дæ уырдыгæй парашютимæ расхойон. А ф а с с æ (хъæр кæны). Уæуу, дæдæй! Ма мæ тæр- сын кæн... М а й р æ м. Æз дæ фарсмæ куы уон, уæд цæмæй тæрсыс? А ф а с сæ. Бафæрсын аипп ма уæд, фæлæ кусгæ та кæм кæныс, кусгæ? 25
М а й р æ м. Кæм куы зæгъай, уæд Цæгат Ирысто- ны Автономон Советон Социалистон республикæйы Министрты Советы раз Цæгат Ирыстоны фæндæгты æмæ автомобилон транспорты управленийы инспек- торæй! А ф а с с æ. Аллах, аллах! Цы бæрзонд схызтæ! М а й р æ м. Дæ хорзæхæй, мæ мадыхай, мæхицæй мæ ма æппæлын кæн... Дæхæдæг мæ куы базонай, уæд хуыздæр у. Табуафси, бафæрсут адæмы... Мах бинон- тæ æгъдауджын кæй сты, уый дын чидæриддæр зæгъ- дзæни... Хуыцау æмæ зæххардыстæн, сомы мæ нæ кæ- нын кæныс, нырма нæ чындзæн йæ сæрыхил йæ ныхæй уæлæмæ цы хуызæн у, уый нæ зонын. Йæ цонг ын йæ къухы алгъæй мидæгдæр никуыма федтон. Донмæ куы рацæуы, уæд йæ бедра дыууæ хатты æнхъæвзы, ома исчи афтæ куы зæгъа, уæртæ Майрæмы чындз йæ бед- ра иу æнхъæвзт йедтæмæ нæ ракодта, зæгъгæ. Аф ассæ. Куыд кæсын, афтæмæй æгъдæуттыл фи- дар хæст бинонтæ стут! Цы дын æй сусæг кæнон, махæн та Софи йæ сæрыл сæрбæттæн дæр нæ дары... М а й р æ м. Ма мын æй æфхæр, дæ хорзæхæй. Со- фийы тыххæй æз æппæт дæр зонын. Иæ «личное дело» мæ дзыппы ис... А ф а с с æ. Уаих фæуон, афонмæ ам лæууыны бæс- ты мидæмæ куы ахызтаис. Иу арахъхъ дæр анызтаис. М а й р æ м. Цæй, кæрæдзи афтæ æввахс кæм ба- зыдтам, уым мидæмæ бауайын дæр аипп нæ уыдзæн, фенын хорз у. Демæ æргом дзырд кæй дæн, уый мын ныххатыр кæн. Ныридæгæн дæ хи мады хуызæн ба- уарзтон. 26
Мидæмæ бахызтысты. Ладинкæты хæдзарæй рацыдысты Хъазыбег æмæ X у ы н д æ г. X ъ а з ы б е г. Ау, ныронг сæм куыннæ бацыдтæ æмæ сын арфæ куыннæ ракодтай? Хуындæг. Æмæ фæдис у? Нырма бонты мысты- тæ нæ бахордтой. X ъ а з ы б е г. Мæнæ ма мæ фарсмæ æрбад. (Бæла- сы бын æрбадтысты.) Гъеныр мын мæ фарстытæн дзуапп дæтт æргом æмæ цыбырæй. Зæгъ-ма, æз дæуæн чи дæн? X у ы н д æ г. Мæ мады æфсымæр. X ъ а з ы б е г. Мады æфсымæртæ дæр алыхуызæттæ вæййынц, стæй хæрæфырттæ дæр. Фæлæ ныронг не ’хсæн сусæгдзинад нæ уыдис. Ныр та мæ дæ ахсджиаг- дæр хъуыдытæ ’мæ сагъæстæ æмбæхсыс. Цæмæн? Аф- тæ æнхъæл дæ, мæхи гобийæ дарын, зæгъгæ, уæд мæ цæстытæ ницы уынынц, мæ хъустæ ницы хъусынц? Со- фийы уарзыс? (Хуындæджы дзурын не ’суагъта) Са- быр. Уарзыс... Æмæ уарзын аккаг у? Бæгуыдæр у. Гъе, дæхæдæг уый аккаг дæ, æви нæ, ууыл ахъуыды хъæуы. Хуындæг. Гъе, æз дæр уæдæ ууыл хъуыды кæ- нын, мæ мады æфсымæр. Æз æй уарзын, уый диссаг нæу. Зæрдæ бирæ хатт зонды коммæ нæ фæкæсы æмæ йæхионтæ кæны. Фæлæ куыд бакæсон мæ зæрдæйы коммæ, куы йæ зонын йæ аккаг нæ дæн, уый? X ъ а з ы б е г. Цæмæй йæ зоныс? Чи дын æй загъта? X у ы н д æ г. Софи йæхæдæг. X ъ а з ы б е г. Йæхæдæг? Нæ мæ уырны! X у ы н д æ г. Мæн дæр нæ уырныдта æмæ мæхицæн митæй мæсгуытæ амадтон. Кæд-иу «фæхъуын» стæм, 27
уæддæр мæм афтæ касти, цыма нæ кæрæдзийы æмба- рæм, цыма кæрæдзи цард самондджын кæндзыстæм. Депутаттæм æй кандидатæй куы сæвзæрстой, уæд, æвæццæгæн, мæнæн уымæй æхсызгондæр уыди. Хъазыбег. Зонын æй, уæд нæ хъæуы агитатор- тæй дæ хуызæн ничи куыста. Æппынæдзух нын Со- фийы кой кодтай. X у ы н д æ г. Æгæр дзы кæй æппæлыдтæн, уый ныр бамбæрстон. X ъ а з ы б е г. Æппæлын дзы æмбæлди æмæ æмбæ- лы. Фæлæ кæд уыдис уыцы бон, йе ’ргом ныхасæй дын дæ зæрдæ кæд асаста? Хуындæг. Зæгъгæ мын ницы кодта, фæлæ йæ хатын. Хъазыбег. Рæдийыс. X у ы н д æ г. Нæ рæдийын. Кандидатæй йæ куы сæвзæрстой уæдæй нырмæ мæм йæ цæстæнгас аивта. X ъ а з ы б е г. Куыд? X у ы н д æ г. Куыд куы зæгъай, уæд иунæг хыл дæр никуыуал фестæм. Хъазыбег. Гъемæ табу хуыцауæн. Уый хорз у. X у ы н д æ г. Нæ, мæ мады æфсымæр, уый хорз кæй нæу, ууыл хæрз æрæджы баууæндыдтæн. Ие ’взарджы- тимæ йын фембæлд куы уыдис, уæд президиумы бады, æз æм залæй æнæхъæн сахат кæсын, мæ цæстытæ дзы нæ исын, уый мердæм иунæг каст дæр нæ ракодта. X ъ а з ы б е г. Æмæ залы бадыс, уый кæд нæ зыдта, уæд та? X у ы н д æ г. Зыдта йæ. Фæлæ мæм барæй нæ каст. Уый фæстæ сыстад æмæ мын раныхас кодта. Æнæхъæн мæй дзы чи æппæлыд, уыдонмæ йæ цæвæг райста æмæ сæ сæрфын байдыдта. Нæ йæм хъуыстай? Ома Хуын- 28
дæджы хуызæн трактористтæ зымæджы сæ трактортæ хорз нæ бацæттæ кодтой æмæ, дам, ныр иу бон кусгæ кæнынц, фондз боны та — цалцæг! X ъ а з ы б е г. Æмæ дын цы мæнг загъта? Хуындæг. Мæнг нæ загъта, фæлæ кæй аххосæй афтæ у, уый сбæлвырд кæнын хъуыдис. Стæй ахæм бæрæгбоны æндæр цы загътаид, уый йын нæ уыд? Хъазыбег. Гъемæ ды дæр йæ фыдæнæн загъ- тай, фæлæуу, æз ма дæ куы ракурон, зæгъгæ. Нæ? Хуындæг. Фыдæнæн нæу... (Паузæ.) Мæхæдæг æй хатын, уый аккаг кæй нæ дæн æмæ ма мын æй йæхæдæг дæр зæгъа, уый мæ нæ фæнды. Кæй мын æй зæгъдзæн, ууыл та гуырысхо нæ дæн. Уый ныр депу- тат у, зындгонд адæймаг, æз та — ничи. X ъ а з ы б е г. Гъе, мæ хур, ахæм хъуыдытæ дæм куы уа, уæд дæ базыл дæ уарзоны сæр никуы фендзы- нæ. Депутат у, зæгъгæ, уæд йæ зæрдæйы æнкъарæнтæ атадысты? Дæуæн хъуамæ æхсызгон уа, æгайтма йын адæм ахæм стыр аргъ кæнынц, дæуæн та де уæнгтæ сбаста. Хуындæг. Бæгуыдæр сбаста. Адæм мыл былы- счъилæй худой, уый мæ нæ фæнды. Зæгъæм, бакуымд- та мын, комгæ мын нæ бакæндзæнис, фæлæ, уæд цы уыдзæни? Уынгты-иу куы рацæуæм, уæд-иу адæм зæгъ- дзысты: «Уæртæ уый депутат Софи у, уæртæ уый та йæ лæг». Депутаты лæг!.. Æгæр-мæгуыр ма мын мæ ном дæр нæ зондзысты. X ъ а з ы б е г. Æдылы ныхæстæ! X у ы н д æ г. Бузныг! X ъ а з ы б е г. Софи адæммæ куырдиат нæ балæ- вæрдта, депутатæй мæ равзарут, зæгъгæ. Иæ хорз куысты фæрцы канд йæхицæн не ’скодта кад, стæй 29
канд нæ колхозæн дæр нæ, фæлæ æгас Ирыстонæн. Мæскуыйы йын Адæмон Хæдзарады Равдысты йæ къам хуымæтæджы не ’рцауыгътой. Æмæ дæуæн дæр ис фадæттæ, бырс размæ. Чи дæ хъыгдары? Науæд цал- дæр азы дæргъы ды нæ уыдтæ зындгонд тракторист? Уыдтæ! Ныр та нал дæ æмæ дын кæй аххос у? Хуындæг. Адæймагмæ иу боны цæстæй кæсын нæ хъæуы. X ъ а з ы б е г. Дæуæн уый загъдæуа. Райсом, чи зо- ны, æмбисонд басгуыхай. Уый тыххæй амонд дæ къу- хæй цæмæн æппарыс? Гъе, мæ чысыл хæрæфырт, амонд кæсагæй уæлдай нæу, фидар ыл куынæ хæцай, уæд ацъыввытт ласы æмæ ма йæ æрцахсдзынæ, æви нæ, уый бæрæг нæу. X у ы н д æ г. Мæ къухты куы уаид, уæд ыл бæргæ хæцин! Хъазыбег, Æххæст ма дын æй дæ къухтæм дæр исчи куы радтаид! Софи дæм амонд тæбæгъы куы ’рбахæссид! Рæвдз æм фæлæууын хъæуы. Кæннод мæ- нæ мæнмæ кæсыс? Цымæ искуы ахъуыды кодтай, Хъазыбегыл æртиссæдз азы куы цæуы, уæд йæ хæдза- ры бындар цæуылнæ ис, зæгъгæ? Æвæццæгæн, никуы. Кæд ахъуыды кодтай, уæд та бирæтау загътай, Хъазы- беджы цард-цæрæнбонты зарын æмæ кафыны мæт йед- тæмæ ницы уыд, йæхи удæй дарддæр никæй уарзы, зæгъгæ. Хъазыбег та бирæ хатт æхсæв йæ цæссыгæй уымæл баз иннæрдæм кæй æрфæлдахы, уый уæ ничи зоны. Хуындæг. Цæмæн, Хъазыбег? Хъазыбег. Уымæн æмæ мæ карæн лæгтæ сæ хъæбулты хурæй æфсæст сты, сæ хъæбулты хъæбулты кæуын сæм фæндыры цагъдау кæсы, мæнæн та мæ хæ- 30
дзары уыг дæр никуы суасыд. Æнæ мæн дзы изæр цырагъ чи ссудза, уый нæй, къултæй дарддæр дзы лæг кæнмæ сныхас кæна, уый — иннæ ахæм. Цæй цард у уый? Æнæ бинонтæ сырдтæ æмæ мæргътæ куынæ фæ- разынц, уæд адæймаг куыд хъуамæ бафæраза? Знон Мысырби йæ чызджы лæппуйы уынгмæ йæ хъæбысы рахаста æмæ хъазыдысты. Сывæллон ын йæ чысыл гуккытæй йæ зачъе спыхцыл кодта. Уый сабийæн æх- сызгон куыннæ уыди, Мысырбийæн та дæс хатты æх- сызгондæр! Æз та сæм кæсын æмæ мæхинымæр «тæху- дыйæ» мæлын. X у ы н д æ г. Хистæр дæ, Хъазыбег, бахатыр кæн, фæлæ цæмæн афтæ рауад, ау, æппын никуы ничи цыд дæ зæрдæмæ? X ъ а з ы б е г. Цыдис. Мæ цард-цæрæнбонты иунæг адæймаг æрмæст. Фæлæ цалынмæ мæнæ дæуау тæр- хæттæ кодтон, уæдмæ йæ (Афассæтырдæм бакаст) иу æндæр ахаста. X у ы н д æ г. Ау, æмæ дунейыл æндæр ничиуал уыд? X ъ а з ы б е г. Бирæ дæр уыдис. Фæлæ дзы мæн чи хъуыди, мæ зæрдæйы мын æнæкæрон арт чи ссыгъта, уый иу уыдис. Стæй дыккаг ахæмыл нал сæмбæлдтæн. Æнæ уарзгæйæ та лæг йæ сыхагимæ дæр нæ фæцæр- дзæи. Уæдæй абонмæ Хъазыбег кусы, йæ бонтæ хъæл- дзæгæй æрвиты, мæ зæронд уарзонмæ та хъазгæйæ балзурын, мæ сæфт хурыхай, зæгъгæ. Æмæ мын уый дæр æхсызгон вæййы. X у ы н д æ г. Ныр дæр ма? X ъ а з ы б е г. О, ныр дæр. Афтæ, гъе, мæ чысыл хæ- рæфырт. Лæгмæ йæ амонд уæларвæй не ’ргæпп ласы, йæхæдæг æй ссары. Куыдз цæмæй зæронд кæны, уый зоныс? 31
X у ы н д æ г. Цæмæй? X ъ а з ы б е г. Æнхъæлмæ кæсынæй, — стæджы мур мын кæд раппардзысты, зæгъгæ. А ф а с с æ æмæ М а й р æ м хæдзарæй рацыдысты. М а й р æ м. Лæуу, дæ хорзæхæй, лæуу, лæуу! Афассæ. Ницы кæны, ницы, дæ фæстæ акæсон. М а й р æ м. Дæ салам бирæ. (Салам радта Хъазы- бег æмæ Хуындæгæн.) Уæ бонтæ хорз! Бадут, цæмæ стут? (Сæ къухтæ сын исы.) Хъазыбег. Алыбон æгас нæм цу, уазæг!.. Майрæм. Уæ салам бирæ. Мæнæн бахатыр кæ- нут, цæуын мæ хъæуы. Хъазыбег. Табуафси, фæндараст дæ Къобы уастырджи фæкæнæд. М а й р æ м. Хорзæй баззайут. Нæ мадыхай, куыд баныхас кодтам, афтæ. Абæрæг та уæ кæндзыстæм. А ф а с с æ. Хорз, мæ къона, хорз. М а й р æ м куы ацыд, уæд А ф а с с æ фæстæмæ æрбаздæхт. Хъазыбег. Замманай æгъдауджын лæппу. Чи дын у, чи, Афассæ, куынæ йæ зонын? Афассæ. Мæхæдæг дæр æй ныронг нæ зыдтон. Нæ чызгыл цыма дзуры... Хъазыбег (Хуындæгмæ скасти). Софийыл? А ф а с с æ. Софийыл, уæдæ мæныл? X ъ а з ы б е г. Æмæ куыд у, дæ зæрдæмæ цæуы? А(ф а с с æ. Æвзæр лæппуйы каст нæ кæны. X ъ а з ы б е г. Æмæ Софи та цы зæгъы? А ф а с с æ. Нæма йæ афарстон. Хивæнд мын у, хи- вæнд. Тæрсын, куынæ йын бакома. 32
X ъ а з ы б е г. Æмæ дзы кæд лæппу йæ ныфс нæ хæссы, уæд дæумæ куыд æрбацыдис? А ф а с с æ. Йæхæдæг мын æй не ’схъæр кодта, ныр- ма, дам, не ’хсæн ницы ис. Æмæ уый ныхæстыл чи æу- уæнды? Афтæтæ фæдзурынц. Мады зæрдæ æлхæнæн ныхæстæ! Фæлæ уæддæр нæ чызг хивæнд у æмæ та иннæрдæм куы ныццæва. X ъ а з ы б е г. Афтæ дæр вæййы. Софийæн амонын нæ хъæуы, йæ хъуыддаг йæхæдæг хуыздæр зоны. А ф а с с æ. Уый у, фæлæ уæддæр уынаффæ хорз у. Дзæбæх лæппу у, мæ зæрдæмæ фæцыди. Хуындæг, мæ къона, рагæй дæ нал федтон, куыннæ нæм æрбауад- тæ, куы? X у ы н д æ г. Куыддæр æнæфæразгæ дæн æмæ мын бахатыр кæнут. Афассæ. Уæууа, æмæ мын Ладинкæ куы ницы загъта! X у ы н д æ г. Æмæ ам дæр нæ уыдтæн, куысты уыдтæн. А ф а с с æ. Ныр та куыд дæ? X у ы н д æ г. Бузныг, ницыуал мын у. А ф а с с æ. Дæ хорзæхæй, Софи дæумæ байхъус- дзæн æмæ ма йын зæгъ, кæдмæ, зæгъ, баддзынæ дæ мады фарсмæ? Уыцы лæппуйæн, зæгъ, куынæ бако- май, уæд зæронд чызгæй баззайдзынæ. Дæумæ бай- хъусдзæн. Хъазыбег. Макæ, Афассæ, Софийы йæхи бар уадз, искæй зондхъуаг нæу. А ф а с с æ. Фæлæуу-ма, Хъазыбег, æз йæ мад дæн æмæ йын цы зæгъын хъæуы, уый хуыздæр зонын. X у ы н д æ г. Зæгъдзынæн ын, Афассæ, мæ бон цы уа, уымæй мæхиуыл нæ бацауæрддзынæн. 3 Софнйы зарæг 33
Æрбацыд С о ф и. А ф а с с æ. Мæнæ йæхæдæг дæр фæзынд. С о ф и (йæхицæн). Нæ «сæгъ» дæр куы фæзынди. Ам ма дæ, Хъазыбег? Хъазыбег. Ам дæн, ам. Сымахæй мæ мæ къах нал хæссы. Мæнæ уæм уазæг уыдис æмæ йын «фæнда- раст» загътам. Нæ дыл амбæлдис? С о ф и. Цавæр уазæг, чи уыди? X ъ а з ы б е г. Иæ ном ын зонгæ дæр нæ кæнын, фæ- лæ йæ мæнæ дæ мад усгур уазæг хоны. С о ф и. А-а. Æмæ ма ныронг ам уыдис? Хъазыбег. Ам уыдис, ам. Ды та дæхи бамбæх- стай. Софи (хъазгæйæ). Уæдæ йæм мæхи дæр цы æв- дыстаин? Æмæ цæуыл ахицæн хъуыддаг? А ф а с с æ. Хынджылæг та ма кæн. Мæнæ дын æй Хуындæг зæгъдзæн. Хъазыбег, цом, кæд ма дæ зæрдæ иу бæгæны зæгъы. Уадз æмæ фæсивæд аныхæстæ кæной. X ъ а з ы б е г. Иу нæ, фæлæ дыууæ дæр. Цом. (Су- сæгæй.) Хуындæг, аныхас кæн, хъусыс? А ф а с с æ (сусæгæй). Чызг, йемæ та-иу быцæуыл ма схæц. Хуындæг дын цы зæгъа, уымæ хъус, уый зæр- дæ дын æвзæр никуы зæгъдзæни. Хъазыбег æмæ А ф а с с æ мидæмæ бацыдысты. * С о ф и. Цæй, цы мын зæгъинаг дæ? Ху ы н дæ г. Фыццаджыдæр дын арфæ кæнын зæр- дæбынæй. С о ф и. Бузныг. Æрæджиауы хорзæх дæ уæд... 34
Хуындæг. Нæ мæ равдæлдис... С офи. Зонын æй, ницы кæны... Æндæр ма? X у ы н д æ г. Æндæр ницы... С о ф и. Цом уæдæ мидæмæ, кæд дæ зæрдæ бæгæ- ны зæгъы, йе та сæн, арахъхъ, коньяк, ликёр? X у ы н д æ г. Нæ, æз нозтхъуаг нæ дæн, бузныг. С о ф и. Куыд дæ фæнды, афтæ. (Фæцæуы.) Хуындæг. Софи, фæлæуу-ма! С о ф и. Лæууын. X у ы н д æ г (æрæджиау). Ныртæккæ уæм усгур уыдис. С о ф и. Зонын æй, Майрæм — йæ ном, Майрæмы- хъуатæй — йæ мыггаг. X у ы н д æ г. Хорз лæппуйы каст кæны æмæ йын исты дзуапп ратт. С о ф и. Æмæ йын ды та минæвар дæ? Хуындæг. Минæвар нæ дæн, фæлæ... Афассæйы зæрдæмæ дæр тынг фæцыдис... Сыхаг дæн æмæ мæ дæ сагъæс ис. С о ф и. Бузныг, æгайтма мæ хъысмæтыл афтæ мæт кæныс. Майрæмимæ мах кæрæдзи бамбардзы- стæм, мах мæт дæ ма уæд. Алчи-иу фыццаг йæхи сагъæс куы бакæнид æмæ-иу зонд йæхицæн куы баца- монид. X у ы н д æ г. Æмæ дæу дæр искæй сагъæс цы ис? Алчидæр йæ амонд, йæхи куыд фæнды, афтæ араз- дзæн. Бæргæ, адæм се ’ппæт дæ хуызæн зондджын куы уаиккой, уæд-иу мах дæр нæ хъысмæт ацаразиккам, мæнæ йæ ды Майрæмимæ куыд ацъыкк ластай, афтæ. Фæлæ цы бачындæуа? Уый хыгъд ныр махæн ис зонд- амонæг, депутат, æмæ-иу æй афæрсдзыстæм. С о ф и. Уымæ та дæу ницы хъуыддаг ис. Зондагур 35
дæ ничи цæуын кæны. Æдылы ныхæстæм хъусынмæ мæ не ’вдæлы, хорзæй баззай! Хуындæг. Фæндараст. Салам-иу ратт дæМай- рæмæн. Софи. Майрæм дæр дæ дзыхы радавинаг лæппу нæу. Дæ хуызæтты ма бирæ цыдæртæ хъæуы Майрæм- мæ. (Хуындæджы фыдæнæн ныззарыди.) Майрæм, Майрæм, мæхи Майрæм, кæм дæ? Майрæм, Майрæм, мæ цардамонд ды дæ. Майрæм, Майрæм, дæ уарзонмæ фæзын, Майрæм, Майрæм, мæ зæрдæ дын дæттын. С о ф и заргæ мидæмæ бацыд. X у ы н д æ г лæугæйæ баззад. Æмбæрзæн ДЫККÆГÆМ АРХАЙД Фыццаг архайды бынат С а ф и а т (зары). Мæ сатæг цæстытæ, Мæ фæлмæн дзыхы дзырд, Мæ къæлæт æрфгуытæ, Мæ сау дзыккуты быд Æгъгъæд ысты бæргæ Лæппуйæн уарзынæн, Уæд усгурмæ бæлгæ Кæдмæ дзыназдзынæн? Мæ ахсджиаг Хуындæг, - кæд мæ ды хъуыды дæр нæ кæныс, уæддæр дæм мæ зæрдæ фæлмæн у. Фæцæ- уын, æрцæуын æмæ та мæ мæ дыууæ къахы ардæм æрбахæссынц. Кæд дын дæхи нæ фенын, уæддæр мын 36
дæ кæрт, дæ хæдзары къулты фенд дæр æхсызгон вæй- йы. Уæ, мæн æнамондæй цæрынæн цы мад ныййардта, уымæн та цы зæгъон! Æвæдза, амонд дæр тынг æдзæс- гом у. Иуырдæм дугъы фæуайы, иннæрдæм та сæпп- сæпп дæр нæ комы. Иутыл ичъиау ныхæсы, иннæтæм та йæ зæвæттæ æвдисы. Гъеныр мæнæ Софийы райс. Царды хæрзтæ йæм сæхæдæг згъорынц. Дæс къласы иумæ фестæм каст. Институтмæ дæр иумæ нæ бахауд- там. Ныр Софи — депутат, номдзыд хъугдуцæг. Æз та... Фæлæ ницы кæны! Æз нæ хъæууынгты тасгæ-уас- гæ иу цыд цы акæнон, уый дæр бирæйы аргъ у... Æмæ кæд Хуындæджы мæхирдæм æртасын кæнон, уæд мæн- мæ дæр хæлæггæнджытæ уыдзæни. (Кæсæн систа, йæ былтæ ахорæнæй байсæрста æмæ сæм кæсы.) Изюм... Кастюм... Сæлхæрюм... (Арф ныуулæфыд, сыстад, бæ- ласы цонгыл æрцауындзæгау.) О, Хуындæг, Хуындæг! Хæдзарæй рацыд А ф а с с æ, Сафиаты ауыдта. Аф а с с æ. Чызг, уыцы бæласы цонгыл дæхи ауын- дзыс, æви йын ракæлынæй тæрсыс? С а ф и а т. Æрцауындзыны фаг бæлæстæ нæхи кæрты дæр ис. Чи та ма бæлццонæн «æгас цу» фæ- зæгъы. А ф а с с æ. О, хæдæгай, кæцæй та фæзындтæ, нæ бæлццон? С а ф и а т. Æнæ сымах æнкъард кодтон æмæ та уæм æруадтæн. А ф а с сæ. Алыбон æгас та нæм цу уæдæ, Сафиат! С а ф и а т. Сафиат нæ, фæлæ Софи. Дæхи чызджы ном дæр дæ ферох ис, æви дæм алыбон мæ паспорт аевдисон? А ф а с с æ. Бахатыр кæн, ферох мæ вæййы, дæ ном 37
дæ зæрдæмæ нæ цæуы, уый. Цыфæнды дæ хонæнт, цы йыл тыхсыс? С а ф и а т. Цы йыл тыхсын куы зæгъай, уæд Са- фиат ном Æрджынарæгæй дæлæмæ адæймагыл нæ, фæлæ йæ куыдзыл дæр ничи æвæры. Софи та хъуыст- гонд ном у, суанг фæсарæнты дæр. А ф а с с æ. Æмæ ныр та фæсарæнтæм цæуинаг дæ? С а ф и а т. Сымахты фыдæнæн фæсарæнтæм дæр ацæудзынæн. Дæлæ Сæниатмæ кæсыс? Худтыстут ыл, ницы кусыс, зæгъгæ. Стæй йæ елхотаг капитан Бер- лины балæууын кодта æмæ дзы йæ зæрдæйы дзæбæ- хæн «айнцвайнтæ» кæны. А ф а с с æ. Уый дæр хорз, Сафиат... С а ф и а т. Софи! А ф а с сæ. Тфу, Софи. Дæ курсытæ каст фæдæ? С а ф и а т. Цæй курсытæ? А ф а с с æ. Куыд цæй курсытæ? Ардыгæй курсы- тæм нæ ацыдтæ? С а ф и а т. Ацыдтæн æмæ нæ бацыдтæн. Афассæ. Æмæ уæдæ ныр цыппар мæйы дæргъы кæм уыдтæ? С а ф и а т. Горæты, нæ хæстæджытæм уазæгуаты. А ф а с с æ. Цыппар мæйы уазæгуаты? С а ф и а т. Цас диссаг дæм кæсы? Уæддæр не ’ппæт хæстæджытыл нæ азылдтæн. А ф а с с æ. Кæмæты дзы уыдтæ? С а ф и а т. Дыууæ къуырийы мæ фыды хомæ ацард- тæн. Æмæ ма сæм аззадаин, фæлæ проспектмæ а^гæр дард цæрынц æмæ-иу æхсæв хæдзармæ нал уæн- дыдтæн. Афассæ. Æмæ-иу уыцы афонмæ кæм бафæсти- ат дæ? 38
С а ф и а т. Просгтекты. Уым изæрæй цас адæм вæй- йы! Æрмæст нæхи хъæуæй дæр дзы дыууиссæдзæй къаддæр нæ фендзынæ. Афассæ. Ничи сæм кæсы! Ам колхозы фæллой æфснайæг нал вæййы, уыдон та уым лекка кæнынц. Гъемæ уый фæстæ цы фæдæ? С а ф и а т. Уый фæстæ мæй мæ мады æрвадæлтæм фæдæн, мæйы бæрц уæлæ Дударыхъотæм. Иу къуы- ри та... мæ мады æфсымæр Джегайы зондзынæ. А ф а с с æ. Куыннæ ма! С а ф и а т. Гъемæ иу къуыри та Джегайы чызджы къухылхæцæгатæм уыдтæн. А ф а с с æ. Уæууа! Æмæ сæм куыд чысыл афæсти- ат дæ, нæ дæм фæхæрам уыдзысты? С а ф и а т. Хæрам! Мæхæдæг дæр цæуинаг нæма уыд- тæн, фæлæ дын иу райсом раджысæрудзынгыл сырд- донцъиу абадт, цыдæртæ ахордта æмæ атахт. Уæд дын мæм сæ хуыцауылгъыст лæппу æрбакаст æмæ мын аф- тæ зæгъы, тæхудиаг, дам, нæу гъе уыцы цъиу, æртæ- хын дæр чи зоны æмæ фæтæхын дæр. Афассæ (худы). Хорз дæм фæцарæхсти. С а ф и а т. Уастæн, йæ зынг бахуыссæд, иу-дыууæ къуырийы ма сæм куы аззадаин, уæд сын цыма сæ бынтæ хордтаин! Афассæ. Æмæ дзы дыгай къуыритæ аззайынæн цæсгом нæ хъæуы, цæсгом? Цавæр хабар у? С а ф и а т. Æмæ сæм канд æз уыдтæн, миййаг? Иу æхсæв сæм мæнимæ фараст уазæджы уыдис. Гъемæ, мæгуыртæ, уазджытæ сынтæджытыл схуыссыдысты, лæг сæ сыхæгтæм ацыдис, ус та йæ сывæллæттимæ стъолы бын батылди. А ф а с с æ. Æз уыцы усæй куы уыдаин, уæд уæ фæ- 39
дуарæдде кодтаин. Горæты дæ хъуыддаг бакодтай, уæд машинæтæ хæрх æмæ дæ хæдзармæ рацу. Дæ мад та ам цинæй мардис, афонмæ, дам, мын курсытæ каст фæцис. С а ф и а т. Æнæ курсытæй дæр хуыцау хорз цард куы радтид. А ф а с с æ. Хуыцаумæ дзæгъæлы æнхъæлмæ кæ- сыс, уый нал ис, нал! Са ф и ат (худы). Кæс-ма ацы зæрондмæ, хуыцау, дам, нал ис. Уæдæ цы фæцис? Атомнæй бомбæ йыл ма ныффæздæг кæнæнт? А ф а с с æ. Хуыцауы йæ бынаты уадз, фæлæ исты хъуыддаджы ныллæуу. Дæ мадæн уæддæр фæтæри- гъæд кæн. Чысыл гаги нал дæ. Дæ цахъхъæнæй мах дыгай-æртыгай цотджынтæ уыдыстæм. С а ф и а т. Æмæ дын кæмæй рацот кæнон, Афас- сæ?! Уымæн дæр амонд хъæуы, амонд! А ф а с с æ. Амонд дæр зæххæй сисгæ у; æргуыбыр æм хъæуы, тæбæгъы дæм æй ничи æрбахæсдзæн. С а ф и а т. Цæй, нæма æрхæццæ дæн æмæ та мæ уайдзæфты бын куы фæкодтат. Хорзæй баззай! А ф а с с æ. Фæндараст. С а ф и а т. О, хæдæгай. Фæцæй мæ рох кодта. Со- фийы депутаты значок ма мын авæр. А ф а с с æ. Цы дзы кæныс? С а ф и а т. Мæ къам дзы фелвасон æмæ дын æй райсом æрбадавдзынæн. А ф а с с æ. Мæнæ дын дæхицæн куы раттой, уæд-иу дзы фелвас дæ къам. Сафиат. Ха-ха! Цæхæраджын футæгæй, амард- тай мæ худæгæй. А ф а с с æ. Гъе уый дын футæг æмæ пысыра... Охх, 40
уæд та дæ исчи куы ракурид æмæ уыцы хуызæнæй хъæугæ дæр кæй кæныс? С а ф и а т. Кæс-ма-иу, сымахты фыдæнæн ахæм мой ма скæнон, ахæм, хæлæгæй м&м куыд амæлат. А ф а с с æ. Исты дын куы бантысид. Фæлæ дæ уæд бирæ агурын куы бахъæуа, стæй ардыгæй дард, кæм дæ нæ зонынц, ахæм ран. С а ф и а т. Дард нæ, фæлæ хæрз хæстæг. А ф а с с æ. Ацы зылды ахæм сæрхъæн лæппу нæ зонын. С а ф и а т. Сæрхъæнты дæхи чызгæн уадз, мæнæн дæ сыхаг дæр бабæздзæн. А ф а с с æ. Чи? Хуындæг? С а ф и а т. Хуындæг, Хуындæг. А ф а с с æ. Ацу, сæрхъæн, Хуындæджы хуызæн лæппу дæумæ не ’нтысы. Иæ мад дæ уый куы фехъуса, уæд дын дæ дзыккутæ ныттондзæн. С а ф и а т. Йæхи дзыккутæ хъахъхъæнæд, науæд йæ лæппуйы йæ цæсты кæронæй дæр нал фендзæн. А ф а сс æ. Хуындæг дæумæ йе ’ргом раздаха, уый мæ нæ уырны. С а ф и а т. Раздаха нæ, фæлæ раздæхта. Бирæ йæ нал хъæуы. Мæн куы бафæнда, уæд ын ахæм митæ акæндзынæн, йæ сæр куыройы фыдау куыд разила æмæ мæ фæстæ къæбылайау згъордзæни. Фæкæс-ма- иу. (Сæрыстырæй заргæ ацыд.) Афассæ. Ничи йæм кæсы! Ай æцæг хæйрæгæй уæлдай нæу æмæ лæппуйы фæсайынæн бирæ нæ хъæуы. Фæлæ нæ, Хуындæг сайын чи бакома, ахæм лæппу нæу. Кæрты фæзынд Салфеткæ æд хуын. 41
Салфеткæ. О, хæдзаронтæ, уазæг нæ уадзут ми- дæмæ?! А ф а с с æ. Уый Салфеткæ куы дæ, Салфеткæ. Салфеткæ. Салфеткæ дæн, Салфеткæ. А ф а с с æ. Æгас нæм цу, Салфеткæ! Цы хур, цы къæвда дæ æрбахаста, Салфеткæ? Куыдтæ мын дæ, Салфеткæ? С а л ф е т к æ. Цæй-ма, бæстæ салфеткæйæ куы бай- дзаг кодтай, мæнæ уал мын мæ хуын айс æмæ мæ ми- дæмæ ахон. Афассæ. Æмæ нæм куыд фæрæдыдтæ, ныронг нæм куынæ цыдтæ? Салфеткæ. Æмæ уæм ныронг нæ цыдтæн, зæгъ- гæ, уæд нырæй фæстæмæ дæр ма цæуон? А ф а с с æ. Рахиз мидæмæ, рахиз... Салфеткæ. Мидæмæ нæ, мæнæ бæласы бын абаддзыстæм. Афассæ. Абад уæдæ, абад. Цæй хуыны æфсæрм дæ уыди, стæй цæй фæдыл: куынæ авдæнбæттæн кæ- нæм, куынæ сабатизæр? Салфеткæ. Тобæ, тобæ, Афассæ, цæй сабатизæр- тæ кæныс? Мæнæ дын дæ чызджы паддзахы бынатмæ равзæрстой æмæ дын, зæгъын, арфæ ракæнон. Афонмæ дæр дæ абæрæг кодтаин, фæлæ мæ удисынмæ дæр не ’вдæлди. Æгайтма нæ ирон сылгоймæгтæ дæр адæмы æмрæнхъ цæуынц. Раст мын цыма паддзахæй мæхи сæвзæрстой, афтæ æхсызгон мын уыдис. А ф а с с æ. Цæй паддзахтæ кæныс, Салфеткæ, пад- дзахтæ нал ис, нал! Салфеткæ. Ома куыд нал ис? Паддзахад ис? Ис! Уæдæ паддзах дæр ис. Софи йæхæдæг кæм ис? 42
А ф а с с æ. Софи йæ куысты. Æмæ дæ истæмæн хъуыдис? Салфеткæ. Хъæугæ мæ уыйас иицæмæн кодта, фæлæ йæ, зæгъын, куы фенин, рагæй йæ нал федтон. Уæвгæ, чи зоны, ныр мæ хуызæтты йæ сæрмæ дæр ма- уал æрхæсса. А ф а с с æ. Уанцон нæу, цытæ дзурыс?! С а л ф е т к æ. Хъазгæ кæнын... Дæ кæрт дзæбæх æфснайд у... А ф а с с æ. Æмæ цас æфснаинаг у. Салфеткж. Дæхæдæг дæр бæлвырд фæцард- хуыз дæ. А ф а с с æ. Ницы мын у. Салфеткæ. Уæдæ ма дæм æндæр цы хабæрт- тæ ис? А ф а с с æ. Мæнмæ ницы. Дæхæдæг исты хабæрттæ кæн. Салфеткæ. Цæй хабар æмæ цæй цыдæр! Мæнæ мæ мæ фындзы рагъ хæры, кæмдæр арахъхъ нуаз- дзынæн. А ф а с с æ. Æмæ нуазыс? Салфеткæ. Куы вæййы, уæд дзы апетиты тыххæй иу аназын. Дохтыртæ мын æй амонынц. А ф а с с æ. Уæдæ ма Софимæ кæсæм? Æвн уал дзы иу аназдзынæ? Салфеткæ. Фæрсгæ рынчыны фæчындæуы. Кæд исты дæ зæрды ис, уæд рæвдз, цалынмæ мæ фындзы рагъ бынтон нæ растыгътон, уæдмæ, фæхæры мæ. (Иæ фындзы царм ныхы.) А ф а с с æ. Хорз уæдæ, хорз. Æрмæст мæнæ Ла- динкæмæ дæр фæдзурæм, уадз æмæ йæ зона, хуын æр- бахастай, уый. 43
Салфеткæ. Æнæ Ладинкæ дæр хуыцау хорз цард куы раттид. Фæлæ кæд афтæ у, уæд, табуафси, фæдзур æм. А ф а с с æ. Ладинкæ, уæ, Ладинкæ! Л а д и н кæ (рахызт). Цы кæныс, Афассæ? Афассæ. Мæнæ нын Салфеткæ хуын æрбахаста æмæ иучысыл немæ абад. Л а д и н к æ. Æмæ йæ сæрты цы зæд атахти, ахæм- тæ гæнаг куынæ уыди?! А ф а с с æ мидæмæ бацыд. С а л ф е т к æ. Цæй, бынтон мæ куы «смамм» код- тай, Ладинкæ. Рацу, мæнæ мæ фарсмæ абад, æндæр цы бирæ дзурыс, сходкæйы, миййаг, куынæ дæ. Л а д и н к æ. Æгас цу, Салфеткæ. (Салфеткæйы фарсмæ æрбадт.) Цæй, куыд, цы? Хабæрттæ кæн. Ду- нейы цытæ цæуы? Ды та уæддæр бæстæтыл зилыс æмæ æнæ хабæрттæ нæ уыдзынæ? Салфеткæ. Радиомæ сымах дæр хъусут. (Афас- сæ рахаста фынг æд хæрд æмæ нозт.) Уой, дæ цæрæн- бон бирæ уа, Афассæ. Абад дæхæдæг дæр, абад. А ф а с с æ. Цы аназдзынæ, Салфеткæ, бæгæны? Салфеткæ. Бæгæны та циу? Фæхъæбæрдæр æй кæн. Афассæ (йæхинымæр). Марг баназ, марг. (Æр- кодта арахъхъ.) Айс, Салфеткæ. Салфеткæ. Ладинкæйы разæй? Хуыцау бахизæд! Л а д и н к æ. Æз æй мæ дзыхмæ дæр никуы схастон. С а л ф е т к æ. Айс æмæ ракув. А ф а с с æ. Айс, Ладинкæ, кувгæ уæддæр акæн. Л а д и н к æ. Цæй, уæдæ мæнæ Софийы тыххæй æр-
бауадтæ æмæ нын йæ цæрæнбон бирæ уæд. Сылгоймаг уæвгæйæ стыр хъаруджын разындис æмæ йæ кад, йæ намыс ноджы бæрзонддæр кæнæд. (Иу хуыпп дзы акодта æмæ агуывзæйы тигъ асæрфта.) А ф а с с æ. Нуазгæ у. Ладинкæ. Ма мæм бахатут, уый куы баназон, уæд мæ сæрыл куыройы фыдтæ куы разилдзысты. Салфеткæ. Софийы зæрдæйæ чи уарзы æмæ уый тыххæй иу чи нæ баназа, уымæн йæ иунæг амæлæд! Л а д и н кæ. Сынкъ де ’взагыл. Мæ иунæг цæйнæ- фæлтау йæ къах-къухæй дæр схъæрза, фæлтау марг дæр баназдзынæн. (Тыхнозт æй акодта.) У, саубонтæ, уыцы хуызæнæй йæ уæдæ лæгтæ куыд нуазынц, куыд! Салфеткæ. Æмæ лæгтæн æнцон у, æнхъæл дæ? Фæлæ фыдæбонæн райгуырдысты æмæ фыдæбон кæ- нынц. (Афассæмæ.) Уый та дæхи у. А ф а с с æ. Нæ, ды уазæг дæ. Салфеткæ. Цæй уазджытæ мын кæныс, ды хис- тæр дæ, дæ иунæгæй дын куы расомы кодтон. Афассæ. Ныр махмæ чи æрбакæса, уый хæрзаг ма зæгъа: адон цы сæрра сты?! Салфеткæ. Чи æрбакæса, уымæн дæр иу.адар- дзыстæм æмæ йын йæ зæгъæнтæ ахгæндзæн. Афассæ. Цæй, сымах дæр уæ хъæбулты хурæй бафсæдут. Дæ хуын дæр бирæ уæд, Салфеткæ. (Зынæй йæ нуазы.) С а л ф е т к æ. Гъе, гъе, бирæ дæ нал хъæуы! Фæс- таг хуыпп ма дæ иунæджы цæрæнбоны тыххæй. Афтæ, гъе, хæлар дын уæд. Мæ хай дын. (Дæтты хай.) Афассæ (ахордта, æркодта арахъхъ). Айс, Сал- феткæ. Салфеткæ. Цæй, Софи комы йаргъ сылгоймаг у 45
æмæ нын йæ цæрæнбон бирæ уæд. Бауырнæд уæ, нæ хъæуы хистæртæм дæр исты тæрхон куы вæййы, уæд афтæ фæзæгъынц: «Цом, Софийы афæрсæм, кæддæра уымæ та цы уынаффæ ис». Раст нын нарты Сатана бас- гуыхтис. А1дæмæн сæ уд æмæ сæ дзæцц у. Æниу нæ фермæйы кой куыд айхъуысти. Сывæллæттæн рæвда- уæндон аразын кæны. Æмæ йын йæ хæрзтæ чи фæуы- дзæн нымад!.. Иæ ныфс нын бирæ уæд. (Иу хуыппæн æй анызта, къæбæрмæ басмыста.) Уф! Гъеуый арахъхъ у, гъе! Кæлмгуыбынæн дзы иу адар æмæ саджы хуы- зæн ауыдзæн. Афассæ. Æвналут, Ладинкæ, исты ахæр, цæуыл æрæнкъард дæ? Л а д и н к æ. Арахъхъ мæ сæры смидæг æмæ мæм кæуын æрцыди. (Йæхи ныззыхъхъыртæ кодта.) А ф а сс æ. Кæуинаг нæ хуыцау ма фæкæнæд, арахъхъæй зæрдæ хъуамæ хъæлдзæг кæна, дæумæ та кæуын æрцыди. Уый бæсты мæнæ Салфеткæйæн нæ нуазæн авæрæм. Л адинкæ (йæхи уромы). Айс, Салфеткæ, айс. Салфеткæ (райста). Уагътаиккат мæ, науæд æз дæр кæуын куы райдайон, уæд ныл сыхы куитæ рæйын байдайдзысты. Цæй, уæ нуазæн бирæ. Нуазæн сæры кадæн у, уæлдай кад мын кæнут æмæ кадджын ут уæхæдæг дæр. (Анызта та йæ.) Афтæ, гъе! (Сабыргай худы.) А ф а с с æ. Цæуыл худыс? Салфеткæ. Арахъхъ мын мæ сæр ныццавта æмæ дзы мæныл та худæг бахæцы. (Тынгæй-тынгдæр худы, Афассæ Ладинкæ дæр худын байдыдтой, куыд- фæстагмæ сæхи фырхудæгæй нал уромынц. Стæй æнæнхъæлæджы Ладинкæ кæуынырдæм фæкъæртт. 46
Афассæ æмæ Салфеткæ сæ худын фæуагътой.) Цы код- тай, уый кæцырдыгæй фæкъæртт дæ, Ладинкæ? А ф а с с æ. Цæуыл кæуыс? Л а д и н к æ (хъарæггæнæгау). Куыннæ кæуон, куыннæ! Æз мæ иунæджы цинæй цардтæн. Ныр мын уый ус куы ракура æмæ иу налат исты куы разына, стæй чызгæн йæ мад дæр йæхи хуызæн налат куы фæуа æмæ мæ мæ иунæг хъæбулæй куы фæхицæн кæной, уæд дзы сидзæрæй куы аззайдзынæн, мæ бон бакæла. (Афассæ Ладинкæйы кæуынмæ кæуы, Салфеткæ дæр гæды куыд скæны.) А ф а с с æ. Кæдæмыты ахæццæ дæ, Ладинкæ? Хуындæг дын хорз лæппу у æмæ ахæм рæдыд йæхиуыл не ’руадздзæн. Дзæбæх чызг æрхæсдзæни. Цот дын рауадздзысты, зæронды бонмæ сыл дæхи ирхæфсдзынæ æмæ сæ цинæй дæ зæрдæ уæрыккау кафдзæни. (Йæ зæрдæ суынгæг.) Мæгуыр мæнæ æз уыдзынæн. Мæ чызг чындзы куы ацæуа, уæд тар хъæды халонау иу- нæгæй баззайдзынæн. Къултæй дарддæр-иу кæимæ сдзурон, уый нал уыдзæни мæ хæдзары. Ладинкæ (уый дæр кæуын хъæлæсæй). Дæхи дзæгъæлы риссын кæныс. Семæ дæ акæндзысты æмæ мæнæ мæ хуызæн ды дæр амондджынæй цæрдзынæ. Афассæ (кæугæйæ). Куыннæ стæй! Мæ чызджы æфсин иу бирæгъ исты куы разына, уæд уый мæн æв- вахс уадзы?! Уæ, тæхудиаг æрбауа, йæ иунæг хъæбул лæппу кæмæн у! Фæлæ æз та цы кæндзынæн æмæ куыд цæрдзынæн, мæ иунæг чызг чындзы куы фæцæуа æмæ дзы иунæгæй куы аззайон, мæ бон бакæла! Гъæйттæй кæуынц. Салфеткæмæ кæуын нæ цæуы. Бакæстытæ сæм кодта, стæй йæ хъæлæсыдзаг ныззарыди. 47
Салфеткæ. «Гъей, гъей æмæ Æрджынарæджы сæрмæ мын Елхоты гæмæхтæ! Гъей, Елхоты, дам, гæ- мæхтæ!» (Дыууæ усы сæ кæуын фæуагътой, стæй йын хъырнын байдыдтой æмæ зарæг кæронмæ ахæццæ кодтой.) Гъеуый æндæр хъуыддаг у, гъе, науæд мын сымах мигътæм ниуын байдыдтат æмæ уанцон нæу! Афассæ, дæ хъарæгмæ дын кæм байхъуыстон, уым дын æз ме ’рбацыды сæр зæгъон. Дæ хъысмæт мæнæн дæр уæлдайаг нæу æмæ сомбон æцæг кæуинаг куыннæ фæуай, афтæ бакæн. А ф а с с æ. Нæ дæ ’мбарын. Салфеткæ. Тынг дзæбæх мæ æмбарыс. Æрвыл- бон уæм горæтæй иу усгур цæуы? Цæуы. Майрæм — йæ ном, Майрæмыхъуатæй — йæ мыггаг. А ф а с с æ. Зоныс æй? Салфеткæ. Мæхи куыд зонын, уый дæр афтæ. А ф а с с æ. Æмæ куыд лæппу у? Салфеткæ. Фæрсын æй нæ хъæуы. Ахуыргонд, æгъдауджын, уындджын, дзырдарæхст, стыр мызди- сæг... Иуныхасæй, рафауинагæй йæм æппындæр ни- цы ис. Л а д и н кæ. Мæнмæ дæр тынг хорз лæппуйау кæ- сы. Лæг йæ иу бакастæй дæр бæрæг вæййы. Ардæм куы ’рцæуы æмæ йæ машинæйæ куы рахизы, уæд ыл нæ сыхы устытæ сæ цæстытæ æрæвæрынц. Салфеткæ. Куыннæ йыл æрæвæрой сæ цæстытæ! йæ урс кител дымгæмæ куыд фæпæрпæр кæны! йæ цырыхъхъыты æрттывдмæ адæймаг йæхи уыны. Л а д и н к æ. Хорз у, хорз. Софи дæр хорз у. Стæй йын ныр афон у, уыйбæрц чи бада, ахæм нæу... Салфеткæ. Цытæ дзурут, мæ фыдгулы чызг ма æнæкуырдæй бирæ фæбада. Дидинæг æнæ дон æмæ 48
æнæ хурæй руайы, сылгоймаг та — æнæ нæлгоймагæй. Æмæ хъуыддаг мауал даргъ кæнут, Афассæ. Амонд уæм йæхи къахæй æрбацыд æмæ йыл хæцут. Хъæу- бæстæ дæр æндæр ныхас куынæуал кæнынц, Софимæ та, дам, цы амонд æрхаудта. А ф а с с æ. Бæргæ йæ зонын, фæлæ йæ чызг ской дæр нæ уадзы, йæхи мыл цъиуджын каркау ныццæвы æмæ йын цы бачындæуа? Салфеткæ. Цы та цы хоныс? Бахатын æм хъæуы. Мæнæ йыл сыхæгты дæр сардау. Стæй лæппу- имæ дæр куы сæмбæликкой... Æз æй æрæрвитдзынæн æмæ-иу сæ хибарæй дæр фæуадзут. А ф а с с æ. Уанцон хибарæй нæу! Салфеткæ. Уæд хъуыддаг фæрæвдздæр уыдзæн. Уæдæ куыд вæййы, куыд? Афа ссæ. Кæд та йыл Хуындæджы сардауон. Салфеткæ. Сардау ыл æй, сардау. Мæнæ Ла- динкæмæ дæр байхъусдзæни. Л а д и н к æ. Мæнæн дæр цы мæ бон уа, уый кæн- дзынæн. Афассæ. Дæ хорзæхæй, Ладинкæ, дæумæ тынг хъусаг у. Салфеткæ. Майрæмæн уыцы хорздзинад сара- зут æмæ уæ лæвæрттæй байдзаг кæна. йæхи чындзæх- сæвмæ цæттæ кæны. Йæ мад ныр цалдæр къуырийы арахъхъытæ уадзы. А ф а с с æ. Иæ мад, зæгъыс? Салфеткæ. О, мæгуыр, æнæфæразгæ у, фæлæ уæддæр архайы. А ф а с с æ. Цæй æнæфæразгæтæ кæныс, йæ мад куы амарди. С а л ф е т к æ. Уанцон нæу? Чи дын загъта? 4 СофнЛы зарæг 49
Афассæ. Йæхæдæг. Мæнæ Ладинкæ ме ’вдисæн. Л а д и н к æ. О, мæхи раз æй дзырдта. Салфеткæ (йæхицæн.) Ницы йын æмбарын! (Афассæйæн.) Уæууа, ныр сæм дыууæ къуырийы бæрц нал уыдтæн. Уæд чындзæхсæв дарддæр ахæс- сын бахъæудзæн. Аф а сс æ. Цæй дыууæ къуыритæ кæныс, йæхæдæг афтæ куы зæгъы, фарон, дам, мын амард. Салфеткæ. Фарон? Л а д и н к æ. О, фарон. Салфеткæ. Иæ мад? А ф а с с æ. Иæ мад — Мисурæт. Салфеткæ. Гъе æмæ кæд йæхæдæг загъта, уæд æй уый мæнæй хуыздæр зондзæни. Æвæццæгæн, арахъ- хъытæ чи цæттæ кæны, уый йæ мады хо у. (Иæхицæн.) Цымæ та цытæ фæлæхурдта?! (Афассæйæн.) Цæй, уæ- дæ, баныхас кодтам. Сархайут. Æз дæр, мæ бон цы уа, уымæй мæхиуыл нæ бацауæрддзынæн. А ф а с с æ. Хорз, хорз. Салфеткæ. Гъеныр ма иу хъуыддаг. Дæлæ Ко- серы фырт Ауызби чызг аскъæфта. Фехъуыстат æй? А ф а с с æ. О, фехъуыстам æй. Салфеткæ. Скъæфгæ, зæгъгæ... Чызг басаст, йæ- хи дæр кæй фæндыд, ууыл. Гъемæ мæ Косер дæумæ æрбаминæвар кодта. Зæгъ, дам, дæуæй уымæн æмæ, дам, нæ сæфын ма бауадзæд. Аф а ссæ. Æмæ дзы мæнæн та цы мæ бон у? Æз дзы цалæймаг дæн? Салфеткæ. Куыд цалæм, гормон, куыд? Софи депутат у æмæ кæм хъæуы, уым йæ дзырд куы баппа- ра, уæд мæгуыр лæппуйы сæ хæдзармæ рауадздзысты æмæ сæ мæгуыр царды кой кæндзысты. Никуы ничи 50
фæрæдийы? Стæй дзы, мæ мадыстæн, рæдыдæй дæр ницы ис, лæппу чызджы бауарзта æмæ йын куынæ куымдта, уæд ма йын æнæ скъæфгæ дæр цы хос уьг дис? Л а д и н к æ. Æмæ чызг æндæримæ фидыд куы уы- ди, уæд уый цавæр скъæфт у, цавæр? Салфеткæ. Фæлæуу-ма, кæцырдæм та ныццав- тай, Ладинкæ, чысыл анызтай æмæ дæ дзыхыл фæхæц. Л а д и н к æ. Куыд мæ хæцын кæныс, куыд? Æдзух скъæфджыты фарс цæмæн в&ййыс, Салфеткæ? Мæн- мæ гæсгæ сæ ды сыгъдæг нæ дæ. Салфеткæ. Ладинкæ, сыкъайы дзаг дыл афтæ фæзындзæн, уый æнхъæл нæ уыдтæн. Æз дын æй хуыздæрæн бадардтон, ды та?.. А ф а с с æ. Косерæн тæригъæд кæнын, æндæр лæп- пу цыфæнды фæуæд. Ладинкæ. Косер тæригъæддаг у æмæ йын тæ- ригъæд хъæуы. Салфеткæ. Уæдæ ма цы ракæ-бакæ кæнут. Мæ- нæ Софи куы æрбацæуа, уæд æм дыууæйæ бахатут, сымах коммæ бакæсдзæн æмæ сылгоймагæн баххуыс кæна. Æхсæвæй, бонæй, мæгуыр, йæ кæуынæй не ’нцайы. Къуырийы бонмæ уæлхъæдæй бахус. Баныхас кодтам. Афассæ. Хорз, кæд мах дзырд исты давы, уæд. Афтæ нæу, Ладинкæ? Л а д и н к æ. Цы гæнæн ма ис! Æвзæр æвзæрæй нæ фыстæуы. С а л ф е т к æ. О, уæ ныфс мын бирæ уа, уæ ныфс. Гъеныр мæ зæрдæмæ чысыл рухсы цъыртт ныккасти. Ладинкæ, афтæ æнхъæл ма у, æмæ Косеры хуызæттæ мæнæн лæвæрттæ кæнынц кæнæ мын хæдзæрттæ ара- 51
зынц. Æз фæлмæн зæрдæйы хицау дæн æмæ алкæмæн дæр йæ тыхсты заман куы баххуыс кæнин, уый мæ фæнды. Æмæ мын кæд мæ фыдæбонæн исты авæрынц, уæд хорз, кæннод дæр сæ хъаст никæмæй ахæссын. А ф а сс æ. Нæ зонын, Ирыстоны къуымты кæм нæ балæууыс, ахæм дын нал баззайы. Суанг, дам, Кæсæг æмæ Гуырдзыстонмæ дæр ахæццæ вæййыс. Салфеткæ. Æмæ ныры машинæтæ лæджы Ган- дзамæ куы ласынц, уæд Кæсæгмæ ныууайын цас дис- саг у? Уæууа, Афассæ, ныхæстыл фестæм æмæ арахъ- хъæн йæ тæф фæцыд. Афассæ. Æцæг, æцæг. Ладинкæ, ахæр-ма, ком нæ дарыс, миййаг! Салфеткæ. Иу арахъхъ ын адар æмæ йæм аппе- тит фæзына. Л а д и н к æ. Нæ, мæ мард фен. Хуыпп дæр нал. А ф а сс æ. Уадзæм æй. Фæлæ ма дзы дæхæдæг иу аназ. (Æркодта.) Салфеткæ. Æмæ нæ фегæр уыдзынæн? Цæй, фынг дæр æртæ къахыл лæууы, хуыцаумæ дæр æртæ чъирийæ куывдæуы. (Райста нуазæн.) Чызджытæ, æр- мæст мын оммен дзæбæх кæнут. (Кувы.) Æртæ æмæ уæ æртиссæдз дзуары Хорзæх уæд. Уæ бæркад дæр бирæ. Бирæ куывдæй бирæ амонд хуыздæр æмæ уæ бирæ амонд уæд. (Анызта, дыууæ усмæ бакасти.) Хорз арахъхъ у. Гъеныр ма Софийы куы федтаин, уæд Май- рæм æмæ Косермæ хæрзæггурæггаг фæуин æмæ та Салфеткæйы зæрдæ уалдзыгон уæрыккау скафид. Ладинкæ. Тæхудиаг дæ зæрдæ! Дæу искуы æнкъардæй фен. Салфеткæ. Æмæ цæмæн хъуамæ уон æнкъард, дæуау мæм арахъхъæй кæуын куынæ æрцæуы, миййаг. 52
Салфеткæ цалынмæ æгас уа, уæдмæ цæргæ дæр кæн- дзæн, кафгæ дæр æмæ заргæ дæр. (Зары æмæ кафы’) Зæрдæ, каф, Зæрдæ, хъаз! Гъæйтт-мардзæ, Салфеткæ! Усгуртæн алкæд Сæ минæвар дæ. Салфеткæ сæрæн ус у, Усгуртæн ыстыр ныфс у, Салфет цалынмæ уа ’гас, Уæдмæ хъазгæ дæр кæндзæн, Кафгæ дæр, заргæ дæр! Æрбацыд С о ф и. С а л ф е т к æ (йæ кафын фæуромы). О, Софи, Со- фи! Æгас нæм цу! Марадз, Ладинкæ, Софийæн иу кафт. С о ф и. Ды дæр алыбон æгас цу! Цы хур, цы къæвда дæ æрбахаста? А ф а с с æ. Хуын нын æрбахаста. Ладинкæ. йæ хуын бирæ уæд, бирæ! С о ф и. Дис кæнын, цæй хъазт у. Фæтарстæн, кæд, зæгъын, мæ мад чындзы фæрасти. Л а д и н к æ. Немæ абад, къæбæр ахæр. С о ф и. Нæма мæ æвдæлы. А ф а сс æ. Мæнæ дæм Салфеткæ хъуыддаджы фæ- дыл суад æмæ йæ демæ аныхас фæнды. С о ф и. Салфеткæ мæм цы хъуыддаджы фæдыл ссыд, уый хорз зонын. Салфеткæ. Нæ йæ зоныс, нæ. Софи. Зонын æй, зонын. Фæлæ дæ цæсгом куыд æрбахъæцыди, гъе уый нæ зонын. 53
А ф а с с æ. Софи, мæ къона, хабар уал бамбар. С о ф и. Æз æй куыд æмбарын, сымах дæр æй афтæ куы ’мбариккат, уæд ын хъазт нæ сарæзтаиккат. Цæ- мæн аскъæфын кодтай кæйдæр чызджы? Йæ амонд æвзæрст куы уыди, Ауызбийы нæ уарзы, уый хорз куы зыдтат?! Салфеткæ. Æз та дзы цалæймаг дæн? С о ф и. Дæхи ницы æмбарæг ма кæн. Худинаг та дæм куыннæ кæсы, гормон, худинаг? Дæхæдæг сыл- гоймаг куы дæ! Хъæуи-хъæу цы зилыс æмæ дæхи фæ- сивæды хъысмæт аразæг цы кæныс? Æнæ дæу дыууæ уарзоны кæрæдзи нæ бамбардзысты? Науæд сæ цы капеччытæ райсыс, уыдон та дæ фарсыл куыд бахæ- цынц? Æрыгон чызгæн йæ амонд, йæ сыгъдæг уарзон- дзинад цъыфы стул! Мах рæстæджы ма уымæй æлгъаг- дæр æмæ хъæддагдæр ми цы уа? Уый бæсты дæ мæлæт хуыздæр, капеччытыл адæймаджы амонд чи уæй кæны! Хæсгæ мæнæ дæ хуын фæстæмæ æмæ нæ хæдзары тæф- тыл дæр куыд никуыуал ацæуай! Салфеткæ. Афассæ, ай циу? Иæ хæдзарæй куыдз куы ничиуал суры, уæд мæ куыд сурут, æгъдау нал ис? С о ф и. Де ’гъдæуттæ дæхицæн уадз æмæ дæ зæр- дыл бадар: ацы хъуыддаг дын аслам нæ рауайдзæн, дæуæй дæр дзуапп агурæг уыдзæн. Салфеткæ. Сымахмæ чи цæуы, уый дæр сымах хуызæн! Æри мын мæ хуын! (Хуын райста.) Дæ ный- йарæг дæ афтидæй аззайæд, кæд мæм цы ’ртхъирæнтæ кæныс, уæд! А ф а с с æ. Цы загътай, цы? Æлгъитгæ дæр ма кæ- ныс?! Л а д и н к æ. Де ’лгъыстытæ дæхи хæдзарыл æрцæ- 54
уæнт, æдзæсгом, цæугæ, цалынмæ дæм уисой нæ ра- хастон, уæдмæ. АГфассæ. Цы къæбæр мæм ахордтай, уый даб фарсæй фæуæд! Салфеткæ. Уæдæ мæ тæрсын кæнут?! Фæтар- сти мын Салфеткæ Софийæ, куыннæ стæй! Уæдмæ дæр уал лæуут! Марды хуынтæ уæм фæхастæуæд! А ф а с с æ. Ныр мын мæ иунæджы куыд æлгъитыс?! Мæ мадыстæн, цæугæ дзæбæхæй, науæд дæм куы фе- мæхсон... Л а д и н к æ. Кæс-ма уыцы æдзæсгоммæ. Мах дæ- уæн Бæтæгаты бæхы над куынæ скæнæм! (Ладинкæ уисой раскъæфта, бæстæ хъæлæба сси. Салфеткæйы сæ разæй айстой загъдгæнгæ. Салфеткæ сыл цы ныццæва, уый нæ зоны æмæ сыл йæ дзабыртæ фехста. Хъæргæн- гæ алыгъд: «Марынц мæ, марынц!») С о ф и. Уисæйттæ йæм кæдæм систат, худинаг у. Л а д и н к æ. Худинаг нæ, фæлæ маринаг. Ничи йæм кæсы, йæ цæсгом куыд суагъта?! А ф а с сæ. Кæд ма искуы дæ къах æрбавæрай. Ра- хиз нæм Ладинкæ, немæ абад. Л а д и н к æ. Æрдæбонсарæй бадгæ куы кæнæм. Ничи йæм кæсы, йæ цæсгом куыд суагъта. (Ацыд.) Софи (телефонæй дзуры). Колхозы правлени ма мын авæр. Бола дæ? Де ’зæр хорз. Цы хабæрттæ куы зæгъай, уæд Микъалайæн зæгъ æмæ фосæн хæринаг афоныл ласæд, науæд хъуццытæ бирæгъау бон фыр- æфсæст куы уой, бон фырæххормаг, уæд афтæмæй æх- сыр нæ кæндзысты. Æмæ та йæ ногæй правленийы æвæрæм уыцы фарста? Уынаффæ иу хатт рахастам. Хъуццытæн афтид кæрдæджы æвджид уадзæн нæй. Се ’хсыр бæлвырд фæкъаддæр. Гъемæ хорз. Райсом ра- 55
джы хъуамæ ацæуон горæтмæ, Сæйраг Советы сесси- мæ. Дæс сахатыл райдайдзæн. Æмæ автобусы дæр ацыдаин, науæд «Волгæйыл» сахуыр уыдзынæн. Буз- ныг, стыр бузныг. Трубкæ æрæвæрдта, мидæмæ бацыд. Фæзынд Л а д и н к æ, нæ къухы — къабайаг... Л а д и н к æ. Кыс-кыс, Афассæ! (Афассæ рацыд.) Рауай-ма, æз та дын цыдæр фенын кæнон. Мæнæ та нæ лæппу дысон къабайаг æрбахаста. Афассæ. Къабайæгтæ бæргæ хæссы, фæлæ сын сæ хицауы дæр куы ’рхæссид. Л а д и н к æ. Фарн дæ фехъусæд, фарн. Æз уымæн цынæ кæнын, уæддæр къæрттæй цъула нæ хауы. Куы, зæгъын, базæронд уай, уæд дæм, зæгъын, чызджытæй фæстæмæ дæр ничиуал фæкæсдзæн. Охх... ныры фæси- вæд цæй хивæнд сты, цæй! А ф а с с æ. Æмæ цы фæзæгъы уæддæр? Ладинкæ. Дæлæ кæд уыцы дур исты фæдзуры, уæд уый дæр. Ныджджих вæййы, арф иыуулæфы æмæ ацæуы... Афассæ. Дæумæ ма хъусгæ уæддæр бакæны. Ладинкæ. Софийы ма мын æнæ бафæрсгæ нæй, утæппæт чызджытæй йæ зæрдæмæ ничи цæуы? Софи (рацыдис, Ладинкæмæ). Мæнæ цы дзæбæх у, знон æй дуканийы куы федтон, уæд дзы мæ уд баззад. Ладинкæ. Ой, къабайæгтæ мын бæргæ хæссы, фæлæ сæ хицау, сæ хицау. У-у, мæ хур, Софи, чызджы- тæй йæ зæрдæмæ ничи цæуы? Ницы дын фæзæгъы? Софи (æнкъардæй ныуулæфыди). Цы дын зæгъ- он, нæ зонын. Ууыл никуы фæныхас кæнæм. 56
Афассæ. Ой, Ладинкæ, æрра дæ, ахæм хъуыд- дæгтыл нæ фæдзурынц, фæлæ æдзух хыл... С о ф и. Хъаст та мæ кодта? А ф а с с æ. Æмæ уый дæр диссаг у, цы уаринаг дæ ис? Мæрдты мæ цы мæрдтæ ис, уыдоны рухс цæсгомы- стæн, æз Хуындæгæй куы уаин... Уæд та нæлгоймаг у, нæлгоймаг, æмæ дзы иучысыл æфсæрмы фæкæн... Уæ кæрæдзийы сæрыхъуынтæ тыдтат æмæ уæд гыццылтæ уыдыстут, фæлæ ныр та? Уæд та депутат дæ, дæ цæс- гом дыл æрхауа! Налат ма у, ничиуал дæ ракурдзæн. С о ф и. Æмæ депутаты риуы зæрдæ нæй? (Аджих, æрæджиау Ладинкæйæн.) Ничиуал мæ ракурдзæн? Æццæй, Ладинкæ, налат дæн? (Ладинкæ Софийы æр- бахъæбыс кодта.) Л а д и н к æ. Хуындæг мын иу дæ хуызæн налаты куы æрбакæнид мæ хæдзармæ. С о ф и. Уæдæ налат нæ дæн? Л а д и н к æ. Гъе, мæ хуры чысыл, налаттæ æндæр вæййынц, дæу æмæ налаты ’хсæн бирæ быдыртæ ис, уыдон æнæ дзургæйæ адæймаджы уд ласынц. Уыдон кандбинонты нæ—тæбæгъты дæр фæхицæнтæ кæнынц. (Софи йæ разы дзуццæджы абадт æмæ йын йæ сæр йæ хъæбысы æрæвæрдта, ацыд хъуыдыты.) А ф а ссæ. Æвæр ын, æвæр ды дæр зæрдæтæ, абон та Хуындæгæн хорз фæцис. Уæртæ мын æй Фузæ загъта. Ладинкæ. Уадз æмæ йын фæуа, цы у, уый ма йым Софи фæзæгъы. Æгонгæй, ма йыл ауæрд. А ф а с с æ. Æз уын «ма ауæрд» зæгъдзынæн. Лæп- пуйы ныууадзут, стæй йыл сæмварс ут. Кæд æм мæхи хъæбулы зæрдæ нæ*дарын. Уæдæ ма-иу æм ацы хатт исты сдзур, кæддæра дын æз мæхæдæг дæ дзыккутæ 57
дæ къухы нæ авæрин, æдзæсгом! (Ладинкæ Софийы æрбахъæбыс кодта.) С о ф и. Мæ аххос нæ уыди, Ладинкæ. Абон райсом уарын куы райдыдта, уæд фермæмæ фæцæйцыдтæн. Кæсын æмæ дын Хуындæг лæууы, йæ къухы стыр цырыхъхъытæ, йæ фындзы хъæлыл къæвдайы дон згъоры. Мæнæн уый худæджы хос фæцис: ам та, зæгъ- ын, цы агурыс? Хуындæг йе ’рфгуытæ фæтар кодта æмæ мæм цырыхъхъытæ æрбадардта, дæ къæхтæ, дам, схуылыдз уыдзысты, уазал, дам, дæ бацæудзæн... Æз та ног ныххудтæн, дæхæдæг, зæгъын, æргъæвст цъиуы хуызæн куы дæ. Феппæрстон мæ дзабыртæ æмæ разгъордтон. Стæй ма йæм фæстæмæ аздæхынмæ хъа- выдтæн, куы мæм, зæгъын, фæхæрам уа, фæлæ... (Хъуыдыты ацыд.) Л а д и н к æ. Цæуыл æрæнкъард дæ, чызг, афтæ æнхъæлыс, лæппу дæм фæхæрам уыдзæн, хъазæн ны- хас не ’мбары. Æрбацыд X ъ а з ы б е г. X ъ а з ы б е г. Уе ’зæртæ та хорз! А ф а с с æ. Æгас та нæм цу, Хъазыбег! Писмотæ та æрбахастай? X ъ а з ы б е г. Алы бон писмотæ уанцон нæу! Мæнæ мæ Софи хъæуы æмæ уæм æрбауадтæн. Л а д и н к æ. Ме ’фсымæр, а фæстаг заманы ардæм æгæр æрбауай-æрбауай кæныс. Ды дæр Софимæ ми- нæвар ма у? X ъ а з ы б е г. Æмæ уæд цы? Мæ фыдыстæн, ахæм лæппуйæн æй ма банымудзон, ахæм!.. С о ф и. Фыдгæнæг куынæ дæн, Хъазыбег, кæдæм мæ нымудзыс! 58
Л а д и н к æ. Раст зæгъыс, Софи! Нæ хъæуы лæппу- ты иумæ куы бабæттай, уæддæр дзы Софийы аккаг лæппу нæ разындзæн. X ъ а з ы б е г. Ладинкæ, цытæ дзурыс уый? Л а д и н кæ. Цы хъусыс, уый, ме ’фсымæр. Хуымæ- тæджы лæппу хъуамæ Софимæ уæндгæ дæр ма ’рба- кæна, фæлæ хъуамæ исты министр, хицау. А ф а с с æ. Сминистр мын æй кодтай ды дæр! Хъазыбег. Хорз кæрдут сымах, фыццаг дæр-иу бонджын лæппу агуырдтой чызгæн, бирæ фос, бирæ саратæ æмæ зæххытæ кæмæ уыдаид. Л а ди н кæ. Кæд дæ исчи минæвар скодта, уæд ын зæгъ, дард, зæгъ, дар дæхи Софийæ. X ъ а з ы б е г. О, ма кæн, ма кæн, Ладинкæ, абоны ныхæсты тыххæй дæм искуы фæсмон æрцæудзæн. Л а д и н к æ. Æз цы кæнон, уый мæхи хъуыддаг у, фæлæ дæу минæвар чи æрбарвыста, уымæн зæгъ, Со- фи, зæгъ, дæумæ не ’нтысы. X ъ а з ы б е г. Дæ номæй-иу ын зæгъон афтæ? Л а д и н к æ. Зæгъ, æфсæрмы дзы фæуыдзынæн? Кæд дæ фæнды, комкоммæ йын æй йæхицæн зæгъдзы- нæн. X ъ а з ы б е г. О, ма кæн, нæ зæгъдзынæ. Л а д и н к æ. Ракæ-ма йæ, ракæ. Æниу цымæ цавæр уыдзæн уыцы лæппу, æмæ уыйбæрц чи нæ зоны йæ бон, æдзæсгом тард йæ цæсгом чи æрбакæндзæн, нæ хъæуы фæсивæдæй ахæм æнæгъдау чи басгуыхт? X ъ а з ы б е г. Гъе уый дæр нæ тæры йæ цæсгом, йæ бон зоны æмæ... С о ф и. Уæ хорзæхæй, хистæртæ стут, фæлæ мæ зæрдæ ривæддон нæу æмæ дзы ма джигул кæнут. 59
X ъ а з ы б е г. Æмæ кæд дæ зæрдæмæ минæвар дæн, уæд та? С о ф и. Æмæ дæ цымæ минæвар чи скодта, уый йæ- хæдæг гоби у æви йыл дзых нæй? Бæсты бикъ, комы дæгъæл чи феста, уый дæр мæ нæ хъæуы, æмæ мæ ныу- уадзут. (Азгъордта.) Афассæ. Нæ йæм хъусут. Гъеныр марадз æмæ уыимæ дзур. X ъ а з ы б е г. Мах аххос у, нæ йæм хъæуы дзурын. Иæ амонд йæхæдæг ссардзæн. Тыхмийæ хъуыддаг нæй. (Йæхицæн.) Нæ уарзы, æвæццæгæн, Хуындæджы æмæ йын цы чындæуа?! (Афассæйæн.) Цæй, хæрзизæртæ раут. А ф а с с æ. Мидæмæ нæм рахызтаис. X ъ а з ы б е г. Нæ, нæ мæ ’вдæлы. Л а д и н к æ. Цом уал махмæ. X ъ а з ы б е г. Сымахмæ зæгъыс? Цом, Хуындæг мæ хъæуы æмæ йæм банхъæлмæ кæсон. Л а д и н к æ. Æз дæр лæппуйы æрбацыдмæ исты фе- нон. (Ацыдис.) А ф а с с æ. Хæрзизæртæ раут. (Ацыд.) Æрбацыдис. X у ы н д æ г, кæсы С о ф и т ы р д æ м. Хуындæг. Цæй диссаг дæ уарзондзинад, адæй- маджы хъару бынтондæр куы асæттыс, уæд ма цы чындæуа? Мæхи фæныфсджын кæнин æмæ мæ зæр- дæйы сагъæстæ æргом зæгъин, фæлæ ма уымæй дæр цы пайда ис: уыцы Майрæм мын мæ амонд мæ къух- тæй куы аскъæфта? О, уæд та мæ сыхаг куынæ фæуыдаис æмæ дын куынæ дæ хæдзар уынин, куынæ дæхи, — чи зоны, æнцондæр мын уаид. Мидæгæн хъуысы Софийы фæндырцагъд. X у ы н д æ г зары. 60
Зæрдæ, зæрдæ, фæлæуу, Риу цы хойыс, цы ’рцыд? Æви басыгъта дæу Сауцæст, саулагъзы уынд?! Зæрдæ, зæрдæ, уыдтæ Сабыр, коммæгæсаг,— Ныр чердæмдæр фæдæ, Æдзух — хивæнд, фыдуаг. Уастæн, атъæпп уай ды, Кæд дын рагæй дзырдтон, Акæн, акæн хъуыды, Цæй, дæ митыл бæстон! Уырдæм мауал кæс ныр, Нал дæ уый аккаг ды,— Уым чызгайы фæндыр Ныр æпдæрæн цæгъды!.. Сбадт. Хъуыдыты аныгъуылд. Фæзынд С а ф и а т, ауыдта X у ы н д æ д ж ы, сусæгæй йæм бахъуызыд æмæ нын йæ цæстытæ къухтæй амбæрзта. X у ы н д æ г (цингæнгæ). Софи! (Ауыдта Сафиаты, æнкъардæй.) А-а, Сафиат... С а ф и а т (тæригъæдгæнæгау). Мæ фенд дын цæй хъыг уыдис?.. «Æгас цу» мын уæддæр загътаис, рагæй мæ куынæуал федтай. Хуындæг (уазалæй). Бахатыр кæн... Æгас цу... Тыргъмæ рацыд А ф а с с æ, кæсы С а ф и а т æмæ X у ы н д æ г м æ. С а ф и а т (æнкъардæй.) Хуындæг, цавæр дурзæр- дæ дын ис?.. Загътон: цалдæр мæйы кæрæдзи нал фед- там æмæ мыл бацин кæндзынæ... Ды та... Цæмæн мæ де сæфт федтай, цæмæн? Цы зæрдæ дæм дарын, уый хорз куы зоныс... Хуындæг. Сафиат, гъе уый курæг дæ дæн, æмæ та дæ зæронд митæ ма райдай... Нæ дыл фидауынц... 61
Чызг хъуамæ гыццыл йæхиуыл хæцын зона æмæ йæм æгъдау уа. С а ф и а т. Æмæ кæд мæ бон нæу, уæд та?.. Кæд мæ зæрдæ мæ коммæ нал кæсы, уæд та?.. Мæ уавæрты иу сахат куы бахауис, уæд мæ бамбарис. Хуындæг. Иу сахат!.. Æниу ды куы бахауис мæ уавæрты, уæд мæ æнæ ныхасæй дæр бамбарис... (Тыз- мæгæй.) Цы, уый зоныс, Сафиат: ныууадз мæ, дæ хор- зæхæй, æнæуи дæр мæнæ мæ хъуырмæ дæн. С а ф и а т (Афассæ йæм кæсы, уый федта). Дæ цæсгом дыл æрхауæд, уæртæ нæм ус кæсгæ кæны, ца- вæр тызмæг дæ? Афассæйы цæстмæ мын иу фæлмæн ныхас уæддæр загътаис. X у ы н д æ г. Табуафси. (Барæй, хъæрæй, фæлмæ- нæй.) Дæ хорзæхæй, Сафиат, уæдæй-уæдмæ кæм уыд- тæ? Æнæ дæу мæ хуыссæг куынæуал ахста?! С а ф и а т (цингæнгæ). Балцы уыдтæн, балцы. Дæ фыдæнæн! Кæд, зæгъын, æнæ мæн бынтон сагъæсты хай фæуис. Хуындæг. Æмæ мæ цæуыл мардтай, гормон? Цæй, хæрзæхсæв рау, мæ карк! Хорз фынтæ дæ хай! Райсом дæр та-иу фæзын! (Мидæмæ бацыд.) С а ф и а т. Хæрзæхсæв, Хуындæг! (Афассæмæ, сæ- рыстырæй.) Федтай, Афассæ, куыд мæм загъд кодта, цалдæр мæйы, дам, кæм уыдтæ? Стæй та æрлæгъз. Æнæ дæу, дам, мæ хуыссæг нал ахста... Хæрзæхсæв, дам, мæ карк... (Ныуулæфыд.) Тæригъæд ын кæнын, æндæр мæ тракторист бæргæ ницæмæн хъæуы. Цæрæн- бонты уыцы мазут æмæ бензины тæфмæ чи бафæраз- дзæни? Фæлæ гæнæн нал ис... Кæд сыл сахуыр уаин. Хæрзæхсæв... О хæдæгай, нæ сусæгдзинад нын ничи зоны æмæ йæ макæмæн зæгъ, дæ иунæджыстæн... 62
А ф а с с æ. Ма тæрс. Хæрзæхсæв. (Сафиат заргæ ацыд.) Мæнæ диссæгтæ! Уый æцæг хъазгæ куынæ кæ- ны, хъазгæ. Мæхи цæстæй сæ куынæ федтаин, уæд мæ ницыхуызы бауырныдтаид... Гъе-уæууæй, Хуындæг! Æз дын лæгдæр æнхъæл уыдтæн... Цæй, цы гæнæн ис, сæ хъуыддаг сæхæдæг хуыздæр зонынц. (Мидæмæ бахызт.) Иннæ хæдзарæй рацыдысты Хъазыбег, Хуындæг, Л а д и н к æ. Л а д и н к æ. Куыннæ дзурон, ме ’фсымæр, куыннæ? Уæдæ кæдмæ афтæ цæрдзыстæм? Цы боны хорзмæ ма мын лæууы? Уый цахъхъæнтæ ныр зæнæгджынтæ сты. Æви сын æз хъыгдарыны хос куы уон, зæгъгæ, мæ мæ- лæтмæ æнхъæлмæ кæсы? X ъ а з ы б е г. Уæ, мæ хо, уый дын зондджын ны- хас нæу. X у ы н д æ г. Гыцци!.. Л а д и н к æ. Æз куынæуал уон, уæд-иу цардæй бафсæдут, фæлæ ма æз дæр мæ хъæбысы сывæллон куы фенин, уый мæ фæнды. X ъ а з ы б е г. Фендзынæ йæ... Л а д и н к æ. Иу æхсæв мæм фыны цыма Хуындæг æрбазгъордта æмæ мæм дзуры: «Гыцци, тагъд мын чъиритæ, кусæрттаг, тæккæ райсом минæвæрттæ æр- витæм!» Фырцинæй фесхъиудтон æмæ мæ фын кæрон- мæ дæр нал федтон... X ъ а з ы б е г. Иу бон дæм бадзурдзæнис, кæс-ма- иу. Цу мидæмæ, æз ма Хуындæгимæ аныхас кæнон. (Ладинкæ мидæмæ бацыд.) Лæппу, æцæг дын хъуыд- даг бакæнын афон у, дæ мад дæр тæригъæд у. X у ы н д æ г. Сымах ма мæ уæддæр ныууадзут мæ адыл, æнæуи дæр мæнæ цы фæуон, уый нæ зонын. 63
X ъ а з ы б е г. Æмæ никуы ницы æрцыди? Софи нал ис, зæгъгæ, уæд ус нал курыс? Хуындæг. Ома куыд нал? Хъазыбег. Мæ чысыл хæрæфырт, цыма байрæ- джы кодтам, афтæ мæм кæсы. Æвæццæгæн, уыцы Май- рæмимæ фидыд сты... Ныр цалдæр хатты ныхас код- тон йемæ æмæ... Сæ амонд бирæ уæд... ’ Хуындæг. Гъемæ фæндараст фæуæд!.. Зæрдæ- йæн зын у, æндæр чызджытæ — хæрх; тæккæ райсом дæр дзы иу æрдавдзынæн... X ъ а з ы б е г. Тæккæ райсом дзы не ’рдавдзынæ, фæлæ... Хуындæг. Кæс-ма-иу уæдæ... Мæнæ мын Сафи- ат йæхæдæг лæгъстæ куы кæны... X ъ а з ы б е г. Сафиаты дæр ма æфхæр. Нырма æрыгон чызг у æмæ, чи зоны, истæмæйты рæдийы, фæ- лæ хорз адæймаджы къухмæ куы бафта æмæ йæ раст фæндагыл куы сараза, уæд Сафиат æнæзонд чызг нæу. Исгæмæй æвзæр зæгъын æнцон у, фæлæ йын зонд ба- цамонын та зындæр у. Цæй, цу хæдзармæ, дæ мадæн дæр-иу зæрдæвæрæн ныхæстæ акæн, уый дæр дæ ци- нæй цæры... Хæрзизæр! (Ацыди.) X у ы н д æ г. «Хæрзизæр!».. Мæнæ цæй лæмæгъ ра- зындтæн, мæнæ! Æйтт, Хуындæг, дæхи ма ауадз!.. Фæлæ мæ бон куынæ у, уæд мæхицæн тыхми куыд ба- кæнон?.. (Зары.) Цæмæн-иу раодыстай мæнæн Рæдау æнгас? Цæмæн дæ равзæрстон, цæмæн, Æндæрты раз?! Дæ цуры хур мæнæн цы уыд? Цы уыдис мæй? Дæ хуыз мæм кондджындæр куы зынд 64
Рæсугъд æрдзæй. Æнæ дæу-иу æдзух дзырдтон: «Фæзын, кæм дæ?!» Мæ цардбæлон, цæмæй зыдтон, Фæлывд кæй дæ? Фæтæх, дæ фæндйаг цард æрвит, Фæтæх, мæ маргъ! Мæ риуы дæр кæд ахуыссид Дæ рухс цырагъ! Æрдæгбыд чыргъæды размæ бацыд. Фæзынди С о ф и тыргъы. С о ф и. Цы ма кæнон мæ хивæнд зæрдæйæн, мæ коммæ куынæуал кæсы, мæ хуыссæг мын дард куы фæсырдта, уæд? Уарзондзинад, дам, мæнæуы æфси- рæй уæлдай нæу, афоныл æй куынæ æртонай, уæд зæх- мæ згъæлы... X у ы н д æ г (Софийы ауыдта, йæхицæн). Софи? Куы мæ фена, уæд мæм исты дзурдзæни æмæ мæхи нæ бауромдзынæн. (Чыргъæды бабырыд.) С о ф и. Мæ сæр бынтондæр дзæгъæлтæ кæнын бай- дыдта, ма фæрынчын уон? X у ы н д æ г (чыргъæдæй сабыргай). Афтæ дын хъæуы, абон цырыхъхъытæ цæуылнæ бакуымдтай? С о фи. Мæ райсомы сыстад æмæ мæ изæры сомы, Хуындæг! X у ы н д æ г (чыргъæдæй). Цы, дам, цы? С о ф и. Æхсæв мæ сæр базыл куы ’руадзын, мæ цæстытæ куы æрæхгæнын, уæд мæ фыныхай æдзух ме ’стыр бæллиц Хуындæг вæййы. Хуындæг (чыргъæдæй). О, мæ зæрдæ, ма нытъ- тъæпп кæн, фæуром дæхи. С оф и. Ныр æз ам, мæ зæрдæрисгæ, стъалытæ ны- майын, Хуындæг та афонмæ хуыррыттæй фынæй кæны. 5 Софийы зарæг 65
Хуындæг (чыргъæдæй). Хуыррытт нæ, фæлæ улæфгæ дæр нал кæны. С о ф и (чыргъæды уистæ æрбахъæбыс кодта, зары.) Уæ, æрбансæфай, Сауцæст, саулæппу, Кæд зæрдæдзургæ Мæн цы фæкодтай! Бонæй талынгмæ Уайыс цæстытыл, Адджын буц фынтæ Дард куы фæсырдтай. Уæ, мæ цардамонд, Уæ, мæ хуры тын, Цæй-ма барæвдау Ды мæ тыхст зæрдæ! Райдзаст уалдзæгау Бахуд мидбылты, О, мæ царды ныфс, Цæй, кæм фесæфтæ?! Хуындæг (чыргъæдæй ныхъхъæрзыдта). Оу, гыцци, мæлын дын, мæ бон нал у. (Софи фæтарст æмæ хæдзары смидæг. Хуындæг рахызт, фырамондджынæй цы акæна, уый нал зоны.) Цы фæци, цы? Нæ, нæ, ныр мын дард нал аирвæздзынæ... (Хъæр кæны.) Гыцци, о, гыцци! Ладинкæ (разгъордта, фæтарст). Цы кодтай, мæ къона, дæ зæрдæйыл куы хæцыс? Хуындæг. Зæрдæйæн ницы у. Тагъд мын чъири- тæ, гыцци, кусæрттаг! Тæккæ райсом минæвæрттæ æр- витæм. Л а д и н к æ (фырцинæй йыл йæхи баппæрста). Мæ къонайыл! Чи у, кæмæ? Хуындæг. Дæ сыхагмæ, Софимæ. Л а д и н к æ (ныхъхъæбыс æй кодта). Мæ хъæбул^ Æмбæрзæн. 66
ÆРТЫККАГ АРХАИД Фыццаг архайды декораци. Изæрмилтæ. Ладинкæ тагъд-тагъд æрбауад Афассæмæ. Л а д и н к æ. Афассæ, дæ хорз хорз у æмæ ма мын æххæст дæ лыстæг сасир авæр, мæхион æгæр ставд луары. А ф а с с æ. Абоны хуызæн хъæлдзæгæй дæ никуы- ма федтон, Ладинкæ, уагæры дыл цы стыр цины хабар сæмбæлд? Л а д и н к æ. Гъе, мæ дзæбæх сыхаг, цин цы хоныс, цин! Базыртæ мыл куы уаид, уæд фырамондджынæй уæларвмæ стæхин. Афассæ. Мæнæн дæр ма йæ зæгъ æмæ æз дæр дæ циныл бацин кæнон. Л а д и н кæ. Нырма зæгъинаг нæу. (Стыхсти). Ма- радз, радав мын сасир, нæ мæ æвдæлы, уæлибæхтæмæ ракæнын хъæуы. А ф а с с æ. Тæхын, тæхын. (Фезгъоры.) Л а д и н к æ. Уаих æрбауон, ныр ын æй цæуылнæ зæгъын? Уадз æмæ уымæн дæр йæ зæрдæ барухс уа. Афассæ. Гъа, мæ дзæбæх сыхаг, гъа. Фæрнæй дзы уæлибæхтæ кæн. Дæ сусæгдзинад нæ хъæр кæныс» фæлæ багъæц! Æз та демæ сæгъы къæдзилау æргом дæн, чысыл ницы дæр дын уайтагъд дæ хъусты ба- цæгъдын. Ладинкæ. Бæргæ мæ фæнды йæ зæгъын. Мæ- хицæн мæнæ зæгъынмондагæй мæ гæккуыри куы схауы... А ф а с с æ. Гъемæ йæ уæдæ зæгъ, цу йæ сдиссаг кодтай! Кæннод мæнæн дæр мæ уд схауы. Ладинкæ. Знаджы уд схауæд. Фæлтау дын æй 67
фынддæс хатты дæр зæгъдзынæн. Æрбайхъус-ма. (Афассæ йæм йæ хъус бадардта, нал ын æй загъта.) Дæ-дæ-дæй, нæ лæппу мæ уый куы базона, уæд мæм фæхæрам уыдзæни. А ф а с с æ. Цæй-ма, дæ ныхас кæм срæгъæд код- тай, уым æй фæкъæртт кæн! Л а д и н к æ. Ма мæ къах, йæхæдæг фæкъæртт уы- дзæни. Афассæ. Сæлхæр! Афтæ æнхъæл дæ, мæхæдæг æй нæ зонын, æфсоны фарст дæ кæнын, æндæр. (Йæ- хицæн.) Æнхъæлдæн, Сафиат йæ дзырд баххæст кодта. Ладинкæ. Мæ ингæны ныккæс, кæцæй йæ ба- зыдтай?.. Афассæ. Загъта мын æй. Л а д и н к æ. Чи? Хуындæг дын æй йæхæдæг загъта? А ф а с с æ. Нæ, мæнæн æй чызг загъта. Л а д и н к æ. Гъемæ дæм куыд кæсы? Афассæ. Нæ зонын, дардыл фæзылдыстут æмæ фæстæмæ уæ сыхагыл æрæнцадыстут. Уæвгæ ма дзы мæн та цы фæрсут, хъуыддаг куы куы алыг кодтат, уæд?! Ладинкæ. Мæ судзгæ мæрдтыстæн, нырма ничи ницы алыг кодта. Стæй æнæ дæу бафæрсгæ уыцы хъуыддаг ничи алыг кæндзæн. А ф а с с æ. Зæрдæлхæнæн ныхæстæ! Ладинкæ. Уæд мæ иунæджы мардмæ æрбацу, кæд мах дæ сæрты ахизынмæ хъавыдыстæм. Мæнæй афтæ ма дын æхсызгон уыдзæн, ды та тæргæйттæ кæныс. Афассæ. Тæргайыл нæу, фæлæ мæ цæрæнбонты дæр уый æнхъæл нæ уыдтæн. 68
Л а д и н к æ. Æз дæр нæ уыдтæн. Фæлæ æгайтма хъуыддаг афтæ рауади. Цæй-ма, мæ зæрдæ мын ма сæтт. Загътон, мæнау фырцинæй уæларвмæ хаудзы- нæ, ды та... А ф а с с æ. Æз æргом дзырд дæн æмæ дын æй нæ сусæг кæнын. Фæндонæй мын нæу ацы хъуыддаг. Ладинкае, Цæуылнæ? А ф а ссæ. Цæуылнæ куы зæгъай, уæд кæрæдзи ак- каг не ’сты. Л а д и н к æ. Дæ мадыстæн, кой дæр æй мауал скæн. Кæрæдзи афтæ кæм бауарзтой, уым сæ амонд бирæ уæд. Мауал сын халæм сæ цин, дæ фæхъхъау фæуон, дæ низтæ бахæрон, цæрæнбонты адджынæй куы фæцардыстæм, хъуыддаг ма сызмæнт. А ф а с с æ. Цæй, мæнæн та цы лæгъстæ кæныс, æз дзы цалæм дæн? Кæд кæрæдзи уарзынц, уæд амонд- джынæй цæрæнт. Æз дæ мæт кæнын, цыма дын чызг чындзæн нæ бæздзæн, афтæ мæм касти. Л а д и н к æ. Уымæй хуыздæр чындз мæн нæ хъæуы. Афассæ. Гъемæ хорз, хъуыддæгтæ рæстмæ ацæ- уæнт. Фæкæсын дæм хъæуы истæмæй, уæд, табуафси. Л а д и н к æ. Нæ хъæуы, мæхæдæг сарæхсдзынæн, бузныг. (Азгъордта.) А ф а с с æ. Мæгуырæг Ладинкæ, Сафиаты хуызæн хæйрæгимæ чи цæрдзæн. Уæддæр ма цин кæны. Хуын- дæг ахæм æдылы ми бакæндзæн, уый æнхъæл ын ни- куы уыдтæн. Замманай лæппу æмæ Сафиатæй хуыздæр чызг ма ссар. Кæд ын уыцы сæрхъæн исты хинтæ скод- та, миййаг? Дæ-дæ-дæй, Софи мын иу æдылыйыл куы фæхæст уа, уæд мæхи доны баппардзынæн. Цон, куы- рой абæрæг кæнон, мæ мæнæу мын кæд расдзæн цы- 69
мæ Куыдзæг? Уыйбæрц мæнæу дзы ис æмæ мæм а къуыри рад æрхауа, уый мæ нæ уырны. (Ацыдис.) Чысыл фæстæдæр фæзынди С о ф и, фæлладхуызæй тыргъмæ схызти. Софи. Нана, кæм дæ, кæ? (Дуарæй бакаст.) Ам куынæ ис. Цымæ мæ Хуындæг цæмæн агуры? (Гæх- хæтты кæсы.) «Æхсызгон ныхасæн мæ хъæуыс, прав- ленийы дæм æнхъæлмæ кæсдзынæн. Хуындæг». Цон, бауайон æм æмæ йын æппæт дæр æргом зæгъон. Æгъгъæд у мæстæймарынæн. Æдзух æм схуыст ныхас кæнын æмæ афтæмæй адæймаджы зæрдæ бынтон асæт- дзæни. Нырма йын иу фæлмæн ныхасæй йæ зæрдæ ни- куы балхæдтон. Цæмæн? Цы аххосджын у Хуындæг? Сызгъæрины хуызæн адæймаг. Цæй, æз æй рацагурон. (Мидæмæ бацыд.) Фæзынд С а ф и а т. Хуындæгатырдæм кæсы. С а ф и а т. Куыдз стæгмæ куыд æнхъæлмæ кæса, афтæ цымæ кæдмæ кæсдзынæн ацы кæртмæ, хъуыды дæр мæ куынæ кæны, уæд? Загътон, горæтмæ ацæудзы- нæн, ферох æй кæндзынæн, фæлæ ницы. Зæрдæйæ æп- пындæр фæцух кæнын нæ комы. (Зары.) Мæ хъысмæт, тагъд фæзын, Мæ риумæ мын ныккæс, Мæ зæрдæйы хъæрзын Мæ уарзонмæ фæхæсс! Рæсугъддæр конд— мæ конд, Рæсугъддæр ном — мæ ном, Фæзминаг зонд — мæ зонд, Æрмæст мæм нæй диплом. 70
Мæ хъысмæт, тагъд фæзын, Мæ риумæ мын ныккæс, — Мæ зæрдæйы хъæрзын Мæ уарзонмæ фæхæсс! Хæдзарæй рацыд С о ф и, Сафиаты ауыдта. С о ф и. Де ’зæр хорз, Сафиат! С а ф и а т. Бузныг. С о ф и. Ам уыдзынæ, уæд ма-иу нанайæн зæгъ, правленимæ, зæгъ, ауад æмæ тагъд фездæхдзæни. С а ф и а т. Цы та дæ ферох ис правленийы, æви та мæныл кълйауызтæ кæнынмæ цæуыс? Со ф и. Æз дæуыл кълйауызтæ?.. Марадз, уæхимæ бауай æмæ дæ тæвд абар. С а ф и а т. Алы æмбырды мæ фыдгой цæмæн кæ- ныс, цы дын кодтон, цы мæ дæ ныхтæ ныссагътай? Софи (сахатмæ æркаст). Сафиат, ныртæккæ мæ не ’вдæлы, фæлæ æндæр хатт аныхас кæндзыстæм зæр- дæйæ зæрдæмæ. С а ф и а т. Цæмæн ма дæ равдæла мæнмæ! Чи дæн æз! Дæхи загъдау: «Урскъух». «Нырыккон мещайнаг чызг». Æмæ цымæ, кæд æз мещайнаг дæн, уæд ды та чи дæ? Иу скъолайы куы схъомыл стæм, иу партæйыл куы бадтыстæм. Ныр æз — мещайнаг, ды та — зæды къалиу!.. Софи. Хъыгаг у, дæс азы дыл советон скъолайы цы фыдæбæттæ фæкодтой, уыдон хæрз дзæгъæлы кæй фесты. С а ф и а т. Дæхицæн зон! Хъуццыты бынтæ мæрзы- нæн дæс азы ахуыр ницæмæн хъуыдис! Ахуыргонд хъугдуцæг! С о ф и. Хъугæн йе ’хсыр куы уарзай, уæд æй дуцын 71
дæр хъуамæ зонай. Адæймаг хъуамæ истæуыл хæст уа. Ды та... С а ф и а т. Уæдæ дæумæ гæсгæ æз маймули дæн. С о ф и. О, о, маймули! С а ф иа т. Цы дам? Софи. Маймули! Маймули куыстæй адæймаг сси. Кусгæ куынæ кæнай æмæ искæйы бæрзæйыл куы ба- дай, уæд та маймулийæ фыддæр дæ. Фæхуд дæхиуыл, Сафиат. Ныууадз дæ дзæгъæлы лекка, бон-изæрмæ кæ- сæны раз цы бадыс æмæ дæ цæсгом чъырæй цы цæгъдыс? Сафиат. Чындздзон чызгау мæ мæхимæ зилын дæр ма бауадз! Софи. Зил, чи дæ нæ уадзы! Фæлæ кæдмæ афтæ баддзынæ? С а ф и а т. Цалынмæ мæ исчи ахæсса, уæдмæ. С о ф и. Æмæ дæ уыцы хуызæнæй чи ахæсдзæни? С а ф и а т. Чи куы зæгъай, уæд, чи зоны, дæ сыхаг Хуындæг дæр. Софи (ныххудти). Хуындæг зæгъыс? Хуындæг дæу нæ ракурдзæн. Дæхицæн дзы дзæгъæлы ныфсытæ ма ’вæр. С а ф и а т. Цæуылнæ мæ ракурдзæн? Ам дæр та мæ ныхмæ ма ныллæуу? Мæ хъустыл цыдæр ныхæстæ æрцыд, цыма йæм ды дæр бахъав-бахъав кæныс! Рага- цау дын зæгъын: мæ фæндагыл æрлæууын фæнд ма скæнай! С о ф и. Æз дæ фæндагыл никуы æрлæууыдтæн, фæ- лæ Хуындæг, мæнмæ гæсгæ, æндæры уарзы. С а ф и а т. Чидæриддæр у, æз ын æй йæ хъуырæй фелвасдзынæн. С о ф и. Гъемæ-иу æй фелвас! Бантысæд дын! Фæ- 72
лæ ма-иу райсом правленимæ æрбацу, æз дын исты дзæбæх куыст раттын кæнон, æнцон куыст. С а ф и а т. Саукуыстмæ уын нæ бакомдзынæн. С о ф и. Дæу аккаг куыст дзы ссардзыстæм. Уæууа, правленимæ мын байрæджы! Сафиат. Цу, цу. (Софи ацыд.) Мæнмæ гæсгæ, Хуындæджы йæхæдæг уарзы, йæ ныхæстыл бæрæг у. Нæ, æвæдза, Хуындæг мæн нæ ракуырдта, уæд раст сæ рагъæныл мæхи æрцауындздзынæн. Рацыд Л а д и н к æ, Афассæтæм æрбауайы, С а ф и а т йæ размæ фæци. Л а д и н к æ фæстæмæ фездæхт. Л а д и н к æ. Мæ фыдбылызтæ дæ хай, мæ размæ та куынæ фæуай. Калм, дам, битънайæ тарст æмæ йæ уæлкъæсæр æрзади. (Фæстæмæ аздæхт.) С а ф и а т. Мæнйас хæйрæг дын дæ сæр бахсынæд, зæронд чъебре, кæд мæ де ’сæфт цы федтай! Гъæ-тæ- худы, дæ фыдæнæн мæ Хуындæг куы ракурид, уæд дæ къуыримæ хыссæ бæргæ ацаразин. (Ацыдис.) Чысыл фæстæдæр фæзындис А ф а с с æ. А ф а с с æ. Софи горæтæй куыд æрæгмæ здæхы. Афонмæ æххормагæй йæ уд схауы. (Афассæ бацыдис хæдзармæ.) Хуындæджы кæртæй рахызтысты Хъазыбег, Ладинкæ æмæ М æ х æ м æ т. X ъ а з ы б е г. Гъе, уастырджи, рæствæндаг нæ фæ- кæн уæдæ! Ажондджындæр чи фæци хъуыддаджы, уый æмбал мах дæр фæкæн, — хорз хабæрттимæ куыд раздæхæм фæстæмæ! 73
Ладинкæ. Дæ куывдтытæ хуыцаумæ фехъуы- сæнт. Фæндараст фæут! Хъазыбег. Хуындæг ма немæ куы уыдаид, æмæ-гъа. Л а д и н к æ. Ницы кæны, уæдмæ уый дæр зындзæ- ни, цæут, цæут, мауал фæстиат кæнут. Хъазыбег (зары, Мæхæмæт хъырны). Æнхъæл- мæ кæс уæдæ. Цом, Мæхæмæт. Афассæты кæртмæ æрбахызтысты, Хъазыбег Софиты хæдзары дуар бахоста. Афассæ сæ размæ рацæйхызт. Хæдзар, уазджытæ! А ф а с с æ. Уазæг— хуыцауы уазæг. Табуафси. X ъ а з ы б е г. Рахиз, Мæхæмæт, æфсæрмы ма кæн. Мидæмæ бацыдысты. Л а д и н к æ. У-у, лæгты дзуар, фæндараст сæ фæ- кæн, хъуыддæгтæ рæстмæ куыд ацæуой! Фæзынд X у ы н д æ г. Хуындæг. Цæй, куыд сты хъуыддæгтæ? Хъазы- бег нæма æрбацыд? Л а д и н к æ. Æз ма сæ æрвитгæ дæр акодтон. X у ы н д æ г. Уæууа, фæтагъд кодтай, мæ мад. Л а д и н к æ. Дæхæдæг мын куы загътай. Хуындæг. О, фæлæ абондæргъы Софийыл нæ фембæлдтæн, горæты уыдис æмæ йын хъуыддаг нæ бамбарын кодтон. Ладинкæ. Уый ницы хъыгдары, ме ’фсымæр ын æй бамбарын кæндзæн. Цом мидæмæ, абондæргъы доны хъæстæ дæр куынæ дæ, исты ахæр. Хуындæг. Æфсæст дæн, нæ мæм цæуы хæрын.
Ладинкæ(йæ хъæбысы йæ акодта). Мæ уд дæ сæрыл хаст фæуа, ахæм дзæбæх чындзаг мын чи рав- зæрста. Раст цыма ног райгуырдтæн. X у ы н д æ г. Цæй, нырма æгæр раджы цин кæныс. Л а д и н к æ. Раджы нал у, нал. Цом, æз дын хæ- ринаг фенон. Афассæты хæдзарæй рахызтысты Хъазыбег, Мæхæмæт æмæ А ф а с с æ. А ф а с с æ. Худинаг дын нæу, Хъазыбег, ахæм ахс- джиаг хъуыддаг дын бафæдзæхстой æмæ исгæйы хæ- дзармæ æрбарæди. Хъазыбег. Иарæби, расыг дæр не ’стæм, уæс- хъус дæр нæ ничи у, фæлæ нæ Софийы курæг рарвы- стой æмæ нæ хъазгæ ма кæн, Афассæ, кæннод дæхи дæр худинаг кæныс æмæ мах дæр. А ф а с с æ. Æз та дæуæн зæгъын, Хъазыбег: хъаз- тæн дæр уаг æмæ æгъдау вæййы, фæлæ ахæм хъуыд- даджы ахæм хъæзтытæн бынат нæй. Нæ хæдзары лæг нæй, зæгъгæ, уæд æй хынджылæггаг ма æнхъæл у, мæ дзыхæй дæр дæм никуыуал сдзурдзынæн. Стæй уæ ца- лынмæ Софи не ’рбаййæфта, уæдмæ дзæбæхæй фæн- дараст фæут. Æз æй хорз зонын, Хуындæг Сафиаты куры, чызг мын æй йæхæдæг загъта, стæй мын æй чы- сыл раздæр Ладинкæ дæр дзырдта. X ъ а з ы б е г. Мæнæ бæллæхы хъуыддæгтæ! Уый зонгæйæ мæ къах дæр нæ равæрдтаин. Цом, Мæхæмæт. М æ х æ м æ т. Кæдæм? Сафиататæм? Хъазыбег. Нæ, Ладинкæйы бæстондæр афæр- сæм. (Фæцæуынц.) А ф а с с æ фæстæмæ баздæхт. 75
Ай бæллæх нæу, ахæм æмбисонд мыл никуыма сæмбæлди. X у ы н д æ г сæ размæ рацыд. Мæнæ куы дæ, лæппу, мæнæ. Хуыцауы тыххæй, минæвар мæ куы сарæзтат, уæд мын хъуыддаг дзæбæх цæуылнæ бамбарын кæнут? Знон дæр ма нæм æндæр ныхæстæ куы уыд, уæд æвиппайды цавæр хабар у? X у ы н д æ г. Куыд æвиппайды, дæхæдæг мын куы загътай, хъуыддаг куы ныддаргъ вæййы, уæд дзы ни- цыуал рауайы, зæгъгæ. X ъ а з ы б е г. О, фæлæ чызг — налат, æнæгъдау. Йæ ныхас кæм ныццæвы, уый нæ зоны. Хорз ыл ахъуы- ды кодтай? Хуындæг. Мæ мады ’фсымæр, бынтон сывæллон æнхъæл мын дæ æви?.. Стæй знон дæхæдæг дæр æн- дæр ныхæстæ куы кодтай. X ъ а з ы б е г. Æмæ уæдæ мæнæ де ’ннæ сыхаджы кой нал, нæ? Хуындæг. Иæ кой дæр мын мауал скæн. Ме сæфт дзы федтон. X ъ а з ы б е г. Цæй, бар дæхи. Ды цæрдзынæ йемæ. Фæлæ дæхæдæг дæр цом махимæ. Хуындæг. Нæ, æз ма правленимæ базгъорон, æмбырдæй рахъуызыдтæн. Мæхи сæм бавдисон æмæ та фæстæмæ фездæхдзынæн. Чындзæхсæв сæ кæдмæ фæнды, уæдмæ йæ снысан кæнæнт, мæнæн уæл- дай нæу. X ъ а з ы б е г. Хорз. Цом та, Мæхæмæт. Хуындæг. Мæхæмæт, хъуыддаг куыддæр алыг уа, афтæ-иу мæм фæхабар кæн. Мæхæмæт. Хорз. 7)8
X ъ а з ы б е г. Кæртыл цæуын аив нал у, цом уынг- мæ ахизæм. (Иннæуылты ацыдысты.) Хуындæг. Фæндараст фæут. Цы фæуыдаид уæ- дæ Софи? Кæд, миййаг, йæ фæнд аивта? Кæд йæ ды- соны ныхæстыл фæсмон æркодта? Фидыды агъоммæ йæ кæй нæ федтон, уый хорз нæу! Цæй, ницы кæны, кæд мæ уарзы, уæд мын æй ныббардзæн, чи зоны ма афтæ хуыздæр дæр у. Цон, æз ма правленимæ бауай- он. (Цæуынмæ хъавы, Салфеткæ йæ размæ фæци.) Салфеткæ. Де ’зæр хорз уа, Хуындæг. X у ы н д æ г. Æгас нæм цу, Салфеткæ. Салфеткæ. Кæдæмдæр тагъд кæныс! Хуындæг. Правленимæ цæуын. С а л ф е т к æ. У, дæ фæхъхъау фæуон, мæнæ мын ме ’хсызгон ацараз. Кæцæйдæр мæм æхцайы гæххæтт æрбахастой æмæ мæ къух фыссын дæр тыххæй зонын. Райсом сæ, зæгъын, раджы куы райсин мæ дыууæ капеччы, уæд горæтмæ суаин. X у ы н д æ г. Æмæ дæ мæнæй цы хъæуы? Салфеткæ. Мæнæ йæ мæ паспортмæ гæсгæ афысс, чи дæн, цы дæн, æнæ паспорт дæр мæ зонынц, фæлæ. У, дæ уды фæхъхъау фæуон. Уæдæ ма лæг хуыздæр кæмæ бадзура? Хуындæг. Цæй, æри сæ, ныртæккæ дæ арæвдз кæндзынæн. (Парспорт æмæ гæххæтт исы. Рудзынджы размæ бацыд, кæсы сæм.) Салфеткæ. Æркæс-ма йæм, гæххæтт, æвæццæ- гæн, Кæсæгæй у, уырдыгæй мын сæрвитинаг уыдысты. Хуындæг. Кæсæгæй нæу, фæлæ нæхи районæй. Салфеткæ. Районæй зæгъыс? Æмæ мын уым ахæмæй куы ничи ма ис. Æркæс-ма йæм, кæмæй у? X у ы н д æ г. Кæмæй куы зæгъай, уæд прокурорæй. 77
Салфеткæ. Мæнæ диссæгтæ, мæ хъæбултыстæн, прокурор мæнæй ницы дары. Ху ы н д æ г. Æвæццæгæн дзы дæхæдæг дарыс æмæ дæм райсом 11 сахатмæ сиды. Афоныл куынæ фæзы- най, уæд дæ фæивар кæндзысты. Салфеткæ. Æнхъæлдæн æмæ мæ Софи баны- мыгъта. Æ, дæ бындур ныззила, цы чызг дæ, кæд адæ- мы дзæбæхдæрты цы нымудзыс, уæд! Хуындæг. Дæ хорзæхæй, Салфеткæ, нырма хъуыддагæн куы ницы зоныс, уæд бæстæ хъæрæй дæ сæрыл цы систай? Салфеткæ. Куынæ йæ зонин, уæд нæ хъæр кæ- нин. Ныр ын цы ачындæуа? X у ы н д æ г. Кæмæн? Салфеткæ. Софийæн. Хуындæг. Дæ хъримаг æм райс æмæ йыл æй ныффæздæг кæн. Салфеткæ. Ды хъазгæ кæныс, фæлæ фæлæу- уæд, æз ыл анонимкæтæ куынæ ныккалон. Марадз-ма, гæххæтт æмæ кърандас сис дæ дзыппæй. Хуындæг. Нæй мæм гæххæт æмæ кърандас. Салфеткæ. Ау, куыннæ дæм ис, ирон нæ дæ? X у ы н д æ г. Æмæ йыл анонимкæтæ кæдæм фыссыс? Салфеткæ. Сæйраг Советмæ. Ныр, дам, депутат- тыл анонимкæ куы бацæуы, уæд, дам, æй иннæ æвзæр- стытæм нал ныууадзынц, йе значок, дам, ын уайтагъд байсынц. X у ы н д æ г. Рæдийыс, Салфеткæ; уый, депутат йæ хæстæ куынæ феххæст кæны, уæд вæййы. Салфеткæ. Уæд та йын йæ уарзонмæ ныффыс- сæм. Чи у, чи, йæ уарзон? 78
Ху ы н дæг. Æз. Салфеткæ (дисгæнгæ). Уанцон нæу? Нæ *ъæуы мæрдтæн фæлдыст фæу уæдæ, кæд мæ цы хынджылæг кæныс! Афонмæ дæр мын æй загътаис æмæ мæ про- куроры гæххæтт аскъуыдтаин. (Пырхытæ йæ кæны.) X у ы н д æ г. Цæмæн æй аскъуыдтай? Салфеткæ. Кæд Софи дæ уарзон у, уæд æдас дæн: ды Софийæн зæгъдзынæ, Софи — прокурорæн, æмæ Салфеткæ райсом æнцад-æнцойæ сæ хæдзары баддзæн. Хуындæг. Салфеткæ райсом прокурормæ ацæу- дзæн, стæй уæлдай ныхæстæ куы кæна, уæд ма йын йæ хъуыддагыл æз дæр иучысыл цæхх акæндзынæн æмæ-иу йæ гуырæй райгæ уæд! Цæугæ ардыгæй, цалын- мæ дын алывыдтæ нæ фæдзырдтон, уæдмæ. Анонимкæ- тæ фыссæг, адæмы цард æгъгъæд æнад æмæ æнамонд кæн! Салфеткæ. Ды дæр ныридæгæн дæ хæзгулы æвзагæй дзурын байдыдтай? Багъæцут, Салфеткæ уын æгас куы уа, уæд уæ уый æддæг-мидæг ауайын кæн- дзæн! (Хъуыр-хъуыргæнгæ ацыд.) X у ы н д æ г.Æнæхайыр фæу, ныхæстыл мæ ныд- дардта, правленимæ дæр ма цы цæуон! Тагъд мæ ми- нæвæрттæ дæр зындзысты. (Мидæмæ бацыд.) А ф а с с æ тыргъмæ рахызт. А ф а с с æ. Æрæджиау мæм маст бахъардта. Ничи кæсы Хъазыбегмæ, цыма хынджылæггаг хæдзар стæм, уыйау нæм куыд æрбасхъæл! Хуыцау хорз æмæСофи ам нæ уыдис, æндæр сын уый мæ хуызæн нæ фæуыда- ид. Хъæр кæнын дæр ын æй нæ хъæуы. Æрбацыд С о ф и. 79
Кæм фесæфтæ, кæ, чызг? Софи. Мæнæ ма правленимæ бауадтæн. Ничи мæ агуырдта? А ф а с с æ. Абон дæ Хуындæг иуцалдæр фарсты акодта, æндæр ничи. Цыдæр тыхстхуыз та дæ. Афоныл къæбæр дæр нæ бахæрыс. Рауай, дæ хæринаг дын ныр æртыккаг хатт хъарм кæнын. (Мидæмæ бацыд.) С о ф и. Цыдæр тыхстхуыз, дам, дæ. Цæмæй йæ зо- ныс, мæ ныййарæг мад, сæррамæ мæ бирæ нал хъæуы, уый? Правленийы дæр та йæ нæ баййæфтон. Цы чын- дæуа? Кæмæн ракæнон мæ зæрдæйы хъазт, хуылыдз къодахау мæхимидæг кæдмæ судздзынæн? (Тыргъы æвæрд базыл æрынцой кодта.) Мæ баз, æрмæстдæр мын ды зоныс мæ зæрдæйы сусæгдзинад, мæ сагъæстæ. (Зары.) Уæлæ рухс мæй, ма мæ хъаз, Бамбæхстай та де ’мбисы. Уæ, мæ фæлмæн пакъуы баз, Иунæг ды дæ ме ’вдисæн. Ме ’взонг зæрдæ, атъæпп у, Басыгъта дæ дудгæ маст. Байсæфай, ба, саулæппу, Не ’мбарыс мæ судзгæ уарзт. Рудзынгæй дæ цæсгомыл Мæйы тын куы ахъазы, Уæд æз та мæ зæрдæмæ Пакъуы баз æрбалвасын. Уæлæ рухс мæй, ма мæ хъаз, Бамбæхстай та де ’мбисы. Уæ, мæ фæлмæн пакъуы баз, Иунæг ды дæ ме ’вдисæн. А ф а с с æ (мидæгæй рацыд). Кæсын дæм, мæ чызг, æмæ цавæрдæр стыр сагъæс дæ зæрдæйы ныххызт, фæлæ йын бамбарынæн ницы фæразын. 80
С о ф и. Куы ницы сагъæс мæ ис, нана. А ф а с с æ (йæ хъæбыш йæ æрбакодта.) Дæ ный- йарæгæй йæ цæмæн æмбæхсыс? Афтæ къуымых æн- хъæл мын дæ æмæ дын дæ рыст, де ’нкъарæнтæ нæ бамбардзынæн? Софи. Цæмæн зæгъыс, нана! Афассæ. Уыцы лæппуйы кой дын хъыг вæййы æмæ дæ бар дæхи, йæ кой дæр дын нал скæндзынæн, кæд дæ афтæ фæнды, уæд. С о ф и. Иæ кой нæ, фæлæ йæ æмгæрон дæр мауал уадз. Нæ нæ хъæуы. Афассæ. Æмæ нæ уæдæ чи хъæуы, чи, уæд та мын уый бамбарын кæн. Софи. Нана, зæгъæм, чызг лæппуйы бауарзта, æцæг куыд фæуарзынц, афтæ. Иæхи удæй фылдæр. Лæппу дæр æй цыма уарзы, афтæ йæм кæсы, фæлæ йын бæлвырд ницы зоны, стæй йын зæгъгæ дæр ницы кæны. Ахæм уавæрты чызг хъизæмарæй кæдмæ мæла, куыд кæнгæ йын у? А ф а с с æ. Цы дын зæгъон, мæ хъæбул, нæ зонын. Рагæй-æрæгмæ дæр сылгоймаг æнамонд у, цыфæнды тынг куы уарза, уæддæр йæ фæндон æргом дзурын йæ бон нæу. Æмæ чи у, чи, æхсæв фынæй кæй тыххæй нал кæныс, бон дæ сагъæстыл чи бафтыдта? С о ф и. Тынг дзæбæх æй зоныс, стæй дæ зæрдæмæ дæр цæуы. А ф а с с æ. Æмæ йын ном нæй, ном? Со ф и. Ном дæр ын ис. Никæмæн æй зæгъдзынæ? А ф а с с æ. Сывæллон мæ хоныс, уый та дын цавæр ныхæстæ сты? С оф и. Уæдæ йæ рагæй зоныс, йæ ном... Фæзынд С а ф и а т, фырцинæй йæ цæстытæ цæхæртæ калынц. Софийы зарæг 81
С а ф и а т. Софи, ам нæ лæджы никуы ауыдтай? А ф а с с æ. Дæ уæраг асæттæд, ныхас кæнын ма нæ уæддæр бауадз. С о ф и. Цы загътай, цы? С а ф и а т. Къуырма дæ, нæ лæджы, зæгъын, нæ федтай? С о ф и. Цавæр лæджы? С а ф и а т. Хуындæджы. Софи. Сафиат, абон мæм хъазыны зæрдæ нæй. С а ф и а т. Мæнæн та мæ зæрдæ уæрыккау кафы. Сымах Сафиатæн ницы æнхъæл стут, фæлæ уе ’ппæты фыдæнæн мой скодтон. Иннæ хуыцаубон — чындзæх- сæв. Хонын уæ цъиуæй, бæдулæй. Софи (йæ мадмæ). Нана, Сафиат сæнттæ цæгъ- ды, æви цы хъусын ай? А ф а с с æ. Сæнттæ нæ цъæгъды, мæ чызг. Хуындæг сæм чысыл раздæр æцæг барвыста минæвæрттæ, мæхи цæстæй сæ федтон, Хъазыбег æмæ Мæхæмæты. Ладин- кæ фырцинæй зæххыл дæр нал хæцы. Бафидыдтат? С а ф и а т. Бафидыдтам, Афассæ, бафидыдтам! С о ф и (скæуынмæ йæ бирæ нал хъæуы. Сафиатмæ бацыд). Арфæ дын кæнын. Амондджынæй цæрут... (Йæ цæссыг æркалди.) С а ф и а т. Æмбарын дæ, Софи, зын дын у, фæлæ цы гæнæн ис! Амонд... Хъысмæт... Æз уазджытæм ба- кæсон. (Тагъд азгъордта.) С о ф и базыл ныддæлгом æмæ ныббогъ-богъ кæны. А ф а с с æ дæр йæ кæуынмæ кæуы. А ф а с с æ. Ныронг мын куыд’никуы загътай, Хуын- дæджы уарзыс, уый?.. Цæй, дæхи мауал хæр, цы ’рцы- дис, уый æрцыдис... Дæхи аххос уыди, схуыст ныхасæй 82
дарддæр дæ никуы ницы фехъуыста... Чызг та уæздан- дзинадæй фидауы, фæлмæн ныхасæй. С о ф и. Мæхи аххос уыди, фæлæ мын зын у, нана, куыд æй бауромдзынæн, нæ зонын. Уырнгæ дæр мæ куынæ кæны. А ф а с с æ. Бауромдзынæ йæ, мæ чызг. Лæппутæ — бирæ, амæй ай хуыздæр. Ахиз мидæмæ, дæ сæрыл хаст фæуон, ахиз æмæ дæхи къæбæры хъæстæ уæддæр фæкæн, науæд бынтондæр æрхаудзынæ. С о ф и мидæмæ бацыд, А ф а с с æ базтæ йемæ айста. Адон иууылдæр мæхи аххос уыдысты. Хуындæгæй уы- цы Майрæмæн минæвар сарæзтон æмæ йын уый дæр фыдæнæн ми бакодта. Мæ чызджы мæхæдæг байсæф- тон æмæ байсæфтон, фенамонд æй кодтон, мæ уд схауа! Телефоны дзæнгæрæг. Хъусын. О, Афассæ. Нæхимæ. Къæбæр ахæрын æй уæд- дæр бауадзут, Бола. Æмæ горæты хицæуттæ ацы æна- фоны ам цы ми кæнынц? Æви сæ устытимæ нæ фи- дауынц æмæ се ’хсæв ардæм уымæн æрхæссынц?! Лæг нæу, зæгъыс? Æмæ кæд ус у, уæд ын сывæллæттæ дæр нæй, кæй бар сæ ныууагъта? С о ф и рацыд, трубкæ райста. Со фи. Бола дæ? Чи у? Ныртæккæ фæцæуын. Буз- ныг, машинæ нæ хъæуы. Нана хъазгæ кæны, фæцæуын. (Æрæвæрдта трубкæ.) Нана, æз тагъд фездæхдзынæн. Æнæ мæн ма схуысс. (Ацыд.) А ф а с с æ. Цу, цу, дæхи аирхæфс, дæхицæн хуыздæр уыдзæн. (Мидæмæ бахызт.) 83
X у ы н д æ г хæдзарæй рацыд. Бæлæсты бынæй Софитырдæм кæсы. Ху ы н д æ г. -Куыд æрæгмæ зынынц? Гъей-джиди, ныр уыдонмæ байхъус. Дзæгъæлы нæ бацыдтæн семæ. Хъазыбег цалынмæ хорз баназа æмæ бахæра, уæдмæ йæ бынатæй нæ фезмæлдзæн. Фæлæ Мæхæмæт та куыд бирæ бады, хабар мæм куыннæ рахæссы, лæгъстæ йын куы кодтон, уайтагъд мæм фæхабар кæн, зæгъ- гæ. (Зары.) Мæ буц минæвæрттæ, Куыд бирæ мын бадут? Æнхъæлмæ кæсынæй Куы нал фæразын. Мæ сагъæс, мæ мæт мын Куыд ницæмæ дарут. Цины хабаримæ, Цæй, исчи, разын! Мæ царды рухс, Софи, Æгъгъæд мæ мæстæй мар, Æргом зæгъ дæ ныхас Мæ минæвæрттæн. Дæ риуы сусæг дын Куы зокын, мæ хæлар, Куы йæ сæргом кодтай, Уæд кæрты уыдтæн. С а ф и а т (йæ цæсгом ныррухс). Ничи кæсы нæ лæгмæ, фырцинæй куыд зары! Дæ бонæй уай, цæуылнæ зарай! X у ы н д æ г. Ды та кæцæй фæдæ? С а ф и а т. Хъазыбеджы минæвар кæдæм барвыс- тай, уырдыгæй. X у ы н д æ г. Æмæ рæстмæ ахицæн хъуыддаг? С а ф и а т.Рæстмæ. Дæ хæрзæггурæггаг мæн, фæлæ цæй дæлгоммæ адæймаг дæ, ныронг дæ иу ныхас 84
куыд никуы сирвæзти, дæхи гуымирыйы хуызæн куыд дардтай?! Хуындæг. Æмæ уæдæ уынгты дæр хъæргæнгæ куыд цыдаин? Фæлæуу-ма, ды дæр мидæгæй уыдтæ? С а ф и а т. Уæдæ! Куыддæр Хъазыбег æмæ Мæхæ- мæт бахызтысты, афтæ йæ уайтагъддæр мæ зæрдæ базыдта. Марадз, зæгъын, гыцци, тагъддæр уæларынг балæуу, адон минæвæрттæ сты. Фæлæ дæуæй сты, уый æнхъæл нæ уыдтæн, нæ мæ уырныдта. Гыцци сын уай- тагъд сæ разы цыдæр хæринæгтæ авæрдта, арахъхъ. Æз исдугмæ мæхи райстон, стæй та бауадтæн æмæ сæ фарсмæ абадтæн. X у ы н д æ г. Дæ цæстом дыл æрхауа, куыд къæй- ных дæ, куыд къæйных! С а ф и а т. Ахæм сахат кæцыфæнды чызг дæр скъæйных уыдзæн. Мæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп ныр дæр ма цæуы. X у ы н д æ г. Æмæ ды мæ зæрдæйы гуыпп-гуыпмæ куы байхъусис. Æнхъæлмæ кæсгæйæ мæхи цы фæкод* таин, уый нал зыдтон. С а ф и а т. Æмæ уæд дæхи куыд нæ бавдыстай ми- дæмæ, исчи дæ хæргæ акодтаид, æви дæхицæн цæ- стыйæ тарстæ? Хуыйдæг. Тæрсгæ та цæмæн, фæлæ куыддæр гыццийæ æфсæрмы кодтон, æндæр мын Хъазыбег дæр загъта, цом немæ, зæгъгæ. Фæлæ мæм Мæхæмæт куыд нæ рауадис, фæдзæхсгæ йын куы бакодтон, куыддæр бафидауат, афтæ мæм фæхабар кæн, зæгъгæ? С а ф и а т. Уый аххос нæу. Уайтагъд рацæйцыд, фæлæ йын æз йæ къабазыл фæхæцыдтæн æмæ йæ фæ- мидæг кодтон, æнцад, зæгъын, бад, æз ын æй, зæгъын^ мæхæдæг зæгъдзынæн. Гъемæ дæм разгъордтон. 85
X у ы н д æ г. Бузныг, уый æнхъæл дын нæ уыдтæн. С а ф и а т. Ды мын, уæвгæ, бынтон ницы æнхъæл уыдтæ, фæлæ уый ницы у, фæстæдæр фенай. Хуындæг. Æмæ уæд Софи та, Софи? Уый дæр мидæгæй уыд? С а фи ат. Уый та дзы цы ми кодта! Софийы кой дæр кæныс! Фæлæууæд ныр, ацы хъуыддаг ын кæй федтон мæ цæстæй. Æз ын бацамондзынæн, багъæцæд! Ды сæ нæ зоныс, фæлæ уымæ æндæр фæнд- тæ уыдис. X у ы н д æ г. Адæмы ныхæстæ! Уый мæ фыдæнæн йæхи афтæ дардта, æндæр æм ницы фæндтæ уы- дис. С а ф и а т. Цæй, уыцы ныхæстæ æндæр хатт, цом мидæмæ. X у ы н д æ г. Нæ, ныртæккæ нæ. Æндæр хатт. С а ф и а т. Мæнæ цы и, мæнæ. Емынæ. Йæхи куыд ныккæсæмир кодта. Къодах! Æппын ницы, фæлæ мын хæрзæггурæггагæн иу хъæбыс уæддæр акодтаис. Ам дæр дæм гыцци кæсы, кæмæй тæрсыс? Хуындæг. Хъæбыс ницы у, мæнмæ дын хорз къабайаг. С а ф и а т. Къабайæгтæ дæ ныр дзæвгар æлхæнын бахъæудзæн. Дæ ног гуырвидауц æфсин ног модæтæ уарзьь Ху ы н дæг. Ницы кæны, къабайæгтæ йæ уыйбæрц дæр хъæуæд. Сафиат, дæ хорзæхæй, Софийæн-ма зæгъ æмæ мæм æрмæстдæр иунæг ныхасмæ рауайæд. С а ф и а т. Цы дам, цы? Æз дæ уыимæ лæугæ дæр куы фенин, кæд дын уайтагъд дæ къубал нæ адзæнгæл ласин. Хуындæг. Цæй, хъазæн ныхæстæ уый фæстæ. 86
Рарвит æй, ныр уæддæр хъуыддаг ахицæн æмæ уæл- дай нал у. С а ф и а т. Ома куыд уæлдай нал у? Ахæм ныхæс- тæ-иу æндæр искæмæн кæн! Ничи йæм кæсы, нæма бафидыдтой, афтæмæй йын уæлдай нал у. Сымах, нæл- гоймæгтæ, иууылдæр хæлд стут, куыддæр ус рякурут, афтæ æндæрты фæдыл кæсын райдайут. Фæлæ дæуæн, мæ цæст æрттивгæйæ, уыцы хъуыддæгтæй ницы рауай- дзæни! Ныридæгæн æм ничи кæсы, ды, дам, ардыгæй ауай æмæ, дам, мæм Софийы рарвит, бæласы бынмæ, куыд ничи сæ уына, афтæ. Хуындæг. Цæй, хæргæ йæ акæндзынæн?! С а ф и а т. Хæргæ йæ нæ акæндзынæ, фæлæ йын, мæнмæ гæсгæ, ацы талынджы чиныджы дæр нæ кæс- дзынæ. Хуындæг. Фæлæуу-ма, цы мæ баййардтай, дæ хуымы кæрон мæ баййæфтай æви?.. С а ф и а т. Æгъгъа-уæдæ! Æххæст ма йæ мæ хуы- мы кæрон дæр куы баййафин! Хуындæг. Дæ фыдыстæн, мæ мад дæ æви мыл цы хъæртæ кæныс? С а ф и а т. Нырæй фæстæмæ дзы дæ мад ницыуал давы. Ныр дыл хъуамæ дæ ус хъæртæ кæна дæуыл дæр æмæ дæ мадыл дæр. X у ы н д æ г. О, фæлæ дзы ды та цалæймаг дæ? С а ф и а т» Цалæймаг куы зæгъай, уæд—фыццаг. Ома хæдзары лæг хистæр у зæгъынмæ хъавыс? Уыцы замантæ аивгъуыдтой. Ныр бартæ сылгоймæгты къу\,- ты сты. X у ы н дæ г. Цæй, хорз, хорз. Ныртæккæ мæ уыцы ныхæстæм не ’вдæлы. Лекцитæ-иу дæхи лæгæн кæс. С а ф и а т. Æмæ ды кæй лæг дæ? 87
Хуындæг. Цæй, æгъгъæд, сфæлмæцыдтæн дæ! С а ф и а т. Куыд тагъд мæ сфæлмæцыдтæ, нырма нæ бафидыдыл сахат дæр куынæма рацыд. (Кæуы.) Хуындæг (дисгæнгæ). Цы загътай, цы? С а ф и а т. Æз дæр дæ хуызæн æрра дæн, дæумæ моймæ ацæуыныл чи сразы. Хуындæг. Фæлæуу-ма, сæнттæ цæгъдыс? Æви мæхæдæг æрра кæнын байдыдтон? Хъазыбег кæм ис? С а ф и а т. Нæ хæдзары. X у ы н д æ г. Æмæ уæм цы ми кæны? С а ф и а т. Ды йæ æрбарвыстай минæвар, курæг, мæнмæ. Бафарста мæ, разы, дам, дæ Хуындæгмæ мой- мæ ацæуыныл? О, зæгъын, разы дæн! Гъемæ, дам, уæ- дæ хайыр уæд хъуыддаг, абонæй фæстæмæ, дам, кæ- рæдзи уарзгæйæ цæрут Хуындæгимæ. Бамбæрстай мæ æви нæма? Абонæй фæстæмæ ды — мæ лæг, æз та — дæ бинойнаг. Гукк! X у ы н д æ г. Ды мæ бинойнаг? Æтт, мæ хæсгæ мæрдтæ куыд уыдис, гъе! Æнхъæлдæн, мæ мады æф- сымæр мæ бабын кодта! Фæдис, бауромут фидыд! (Фезгъоры.) С а ф и а т (йæ фæстæ). Нæ лæг, нæ лæг, кæдæм?! X у ы н д æ г. Нæ лæг дарæг дæ ма уæд! (Азгъорд- та.) Гыцци, уæ, гыцци! Л а д и н к æ (рауад). Цы хабар у? X у ы н д æ г. Гыцци, цы бакуыстæй уый, минæвæрт- тæ кæмæ барвыстай? Л а д и н к æ. Кæмæ та цы хоныс? Софимæ. X у ы н д æ г. Гъемæ дын арфæ кæнын. Де ’фсымæр та мын Сафиаты ракуырдта. Марадз, уæртæ дæ чын- дзæн ныхъхъæбыс кæн. Л а д и н кæ (йæ уæрджытыл æрлæууыди). Мæ хæ- 88
дзар куы^ фехæлди, æнхъæлдæн, ме ’фсымæр мæ ба- бын кодта! Æмæ йын ныр ницыуал гæнæн ис? X у ы н д æ г. Цы гæнæн ма йын ис? Хъуыддаг алыг ис. Л а д и н к æ (рауай-бауай кæны). Бабын стæм æмæ бабын. Лæппу, тагъд хъæусоветмæ згъоргæ. X у ы н д æ г. Цæмæн? Ладинкæ. Куыд цæмæн, развод ын ратт æмæ дæхи рахибар кæн уыцы хæйрæгæй. X у ы н д æ г. Разводтæ ныууадз, фæлæ цом, Хъазы- бегæн хъуыддаг фехъусын кæнæм. Л а д и н кæ. Цом, тагъддæр цом. Ме ’фсымæр мæ бабын кодта æмæ бабын. (Фезгъорынц.) С а ф и а т (сæ фæстæ). Ме ’фсин! Фæлæуу-ма! Нæ лæг! (Паузæ.) Æнхъæлдæн, чидæр мæ фæхынджылæг кодта. Уайтагъддæр ыл мæ зæрдæ фæгуырысхо, ам цыдæр ис, зæгъгæ. Хъазыбег æмæ Мæхæмæт дæр цы- дæр тызмæгхуыз уыдысты. (Кæуы.) Хуындæг Софийы разæй мæн ракурдзæн? Мæнæ цæй æнамонд дæн! Фæзындис М а й р æ м. Ауыдта С а ф и а т ы. М а й р æ м. Æнхъæлдæн, фæхæст ыл дæн. (Сафиат- мæ.) Де ’зæр хорз, чызг. С а ф и а т (тагъд йæ цæссыгтæ асæрфта). Æгас цу, уазæг! М а й р æ м. Кæд нæ рæдийын, уæд ды Софийы рæсугъд дæ. Сафиат (йæхицæн). Ай дæр та Софийы агуры. (Майрæмæн.) Рæсугъд кæд нæ дæн, уæддæр Софи æз дæн. Дæхæдæг та чи дæ? М а й р æ м. Мыггагæй мæ ма фæрс... Мæ зæрдæ ныддур... 89
Мæ уындмæ мын ма кæс... Лæджирттæг фæбур... Æз ма а хæдзары уыдтæн, дæ мадимæ базонгæ дæн, дзырдтаид дын æй. Мæ ном — Майрæм, фехъуыста- ис æй? С а ф и а т (йæхицæн). Ай Софийы горæтаг усгур ма уæд?! (Майрæммæ.) А, ды уыцы Майрæм дæ? М а й р æ м. Уыцы Майрæм, мæ мад, мæ фыдыстæн. Сафиат (йæхицæн). Мæхирдæм æй куы фæбьь рын кæнин æмæ Софийæ гъе уымæй уæддæр мæ маст куы райсин. (Майрæммæ.) Тынг æхсызгон мын у. М а й р æ м. Æхсызгон? Уæдæ мæ ныронг дæхи цы рамбæхс-бамбæхс кодтай? Каенæ мын мæ писмойæн æргом дзуапп цæуылнæ радтай? С а ф и а т. Æгъдауджын чызг-иу афтæтæ фæкæны. Уæдæ хъуамæ дæ фыццаг скойæн дæ фæстæ алыгъ- даин? Майрæм. Бахатыр кæн мæ дæрзæг ныхас. Ды раст дæ. Фæлæ хъуыддæгты лæг дæн æмæ мæ нæ хъуыддаг фæцыбыр кæнын фæндыди. Дæ хорзæхæй, Софи, æнæгъдау мæ ма схон, фæлæ зæрдæйæ зæрдæмæ æргом зæгъæм нæ ныхæстæ. Цы дын æй сусæг кæнон, дæу аххосæй æд рихи лæг сæфы æмæ йæ фервæз-ын кæн. Æнæ дæу мæ хъуыры нал къæбæр цæуы, нал дон. Сæррамæ мæ бирæ нал хъæуы. Æмæ мын исты дзуапп, гормон, ирон нал стæм, æви? С а ф и а т. Дзуапп? Афтæ тагъд? Майрæм. О, афтæ тагъд. Ивазгæ хъуыддагæй хъуыддаг нæй. С а ф и а т. Уæдæ кæм тагъд кæныс, уым дын æргом ныхас зæгъдзынæн, фæлæ дын хъыг ма уæд. 90
М а й р æм. Зæгъ, ме ’стъалы, æрмæст мæ ма баф- хæр. С а ф и а т. Æргом дын куы зæгъон, уæд æз æн- хъæлмæ кастæн, нæ фыдæлты лæгдзинад кæмæ ис, гхæм сахъгуырдмæ, фæлæ, æнхъæлдæн, ахæмтæ ныр тынг стæм сты. М а й р æ м. Лæгдзинад дæ уыйбæрц дæр хъæуæд, ныртæккæ фынддæс машинæйы дæ кæрты æрбалæу- дзысты. С а ф и а т. Ахæм лæгдзинад мæн ницæмæн хъæуы. Нæ фыдæлты заманы лæгдзинад цы фæцис, нæ фы- дæлты?! Уыдон-иу чызгмæ лæгъстæмæ нæ цыдысты. Лæппуйæн-иу чызг йæ зæрдæмæ куы фæцыдис, уæд-иу æй йæ бæхыл авæрдта æмæ-иу æй аскъæфта. Ныры усгуртæ та сæ хъустæ æруадзынц, чызджыты къæхты бын атулынц: «Баком мын»... «Курын дæ...» Æлгъаг митæ! Лæгтæ нæ, фæлæ сылгоймæгтæ! М а й р æ м (йæхицæн.) Ай нæхионтæй куы у! Æгъ- гъæд! Бамбæрстон дæ! Ныртæккæ баууæнддзынæ мæ лæгдзинадыл. Мæ машинæ цæттæ у. Аскъæфон дæ? С а ф и а т. Аскъæф, кæд дæ ныфс хæссыс, уæд. М а й р æ м. Ахиз ма уæдæ мæ разæй. С а ф и а т. Æмæ уый цавæр скъæфт у? Æфсонæн мæ размæ схойгæ уæддæр фæкæн. Майрæм. Хорз, æрмæст фæндагыл хъæр нæ кæн- дзынæ? С а ф и а т. Хъæр? Æмæ дæм къухмæрзæн нæй, уæд айс къухмæрзæн дæр. М а й р æ м. Гъæйтт, Майрæм, хæсгæ уæдæ дæ де- путат бинойнаджы, Софийы рæсугъды! (Фелвæста йæ йе уæхскмæ.) С а ф и а т. Майрæм, фæлæуу! Хорз адæм, гыцци- 91
йæн-иу зæгъут, дæ зæрдæ йæм, зæгъ, ма ’хсайæд, ног курсытæм, зæгъ, фæцæуы. Прощай, гыцци! Майрæм, размæ! (Ахаста йæ.) Æрбайхъуысти машинæйы хъæр, стæй та кæйдæр хъæлæс: «Фæ- дис! Софийы фескъæфынц!» Æдде цæуы хъæлæба. А ф а с с æ рауад. А ф а с с æ. Мæ арт бауазал, цæй фæдис у уый, цы æрцыдис? Æрбазгъордтой Хъазыбег æмæ X у ы н д æ г. Хъ а з ы б е г. Софи уæхимæ ис, Афассæ? А ф а с с æ. Нæхимæ нæй, æмæ цы хабар у? X ъ а з ы б е г. Æнхъæлдæн, бабын стæм. Чидæр æй фескъæфы! X у ы н д æ г. Гъæйтт, мæ хæсгæ мæрдтæ, гъе! (Азгъордта.) Афассæ. Мæ хæдзар байхæлд! Софи, мæ иунæгГ Чи мæ бабын кодта?! (Хъазыбегимæ азгъордтой.) Паузæйы фæстæ æрбацыд С о ф и. Софи. Хæдзармæ бацæуын мæм нал цæуы. Ог Хуындæг, Хуындæг! (Бæласы бын æрбадт.) Æрбазгъордта X у ы н д æ г. Телефонæй дзуры. Хуындæг. Алло! Правлени ма мын авæр тагъд. Правлени? Бола мæ хъæуы. Бола дæ? Софи та цы фæ- ци? Сæ хæдзармæ ацыд? Цы кæны куы зæгъай, уæд куыддæр сæхимæ æрбахæццæ, афтæ йæ чидæр аскъæф- та. Тагъд, дæ машинæ рарвит, дæ хорзæхæй, æз та го- рæтмæ адзурон æмæ йæ кæд уым бауромиккой. Дæ хорзæхæй. (Трубкæ æрæвæрдта.) 92
С о ф и сабыргай бацыд æмæ йæ фæстæ лæууы. X у ы н д æ г æй нæ уыны. Алло, горæт ма мын авæр, рæвдз. С о ф и (телефоныл йæ къух æрæвæрдта). Дзæгъæл фæдис ма кæнут, Софийы ничи аскъæфта. Хуындæг (нæ йæ уырны). Софи?! Уæдæ дæ нæ аскъæфтой? (Хъæбыс кæнынмæ йын хъавы.) С о ф и. Æввахс мæм ма цу. Бузныг, æгайтма мыл афтæ тыхсыс. Цу, дæ куыст кæн. Æнхъæлдæн уын уæ цин фехæлдтам. О, хæдæгай, дæ ног амонд хайыр уæд. X у ы н д æ г. Бузныг, Софи, бузныг! Æз дæр дын арфæ кæнын, æри-ма, ныхъхъæбыс дын кæнон. (Хъæ- быс кæнынмæ йын хъавы æмæ йын Софи йæ уадул ныццавта.) С оф и. Гъе уый дын хъæбыс! Хуындæг (йæ мидбынаты æрбадт). Бузныг, не ’фсин, дæ фыццаг рæвдыдæй. Софи. Хынджылæг дæр ма мæ кæныс?! Цæугæ мæ хæдзарæй! X у ы н д æ г. Цæй, æгъгъæд хынджылæг у. Бæстæ дæ мад сæмтъеры кодта, æз та дзы аххосджын дæн? Æз минæвæрттæ сымахмæ барвыстон, Афассæ та сæ Сафиатмæ сардыдта, уыдон дæр бацыдысты æмæ мын уыцы гуырвидауцы ракуырдтой. Софи. Хуындæг, æрра дæ æви цытæ дзурыс? Хуындæг. О, æрра, æрра, æрра! Ды мæ сæрра кодтай! Дысон изæр ам кæрты, мæ царды ныфс Хуын- дæг, зæгъгæ, куы зарыдтæ, уæд æз та тæсчъы бадтæн æмæ дæм хъуыстон. Ды дæр мæ уарзыс, уый куы ба- зыдтон, уæд дæм æвиппайды минæвæрттæ барвыстон. Абон дын рагацау бамбарын кæнынмæ хъавыдтæн æмæ дыл нæ фæхæст дæн, горæты уыдтæ. 93
С о ф и. Хуындæг, цытæ дзурыс? X у ы н д æ г. Цытæ хъусыс, уый! Софи. Нæ мæ сайыс? Хуындæг. Нæ дæ сайын. С о ф и. Хуындæг! Хуындæг. Софи! Кæрæдзийæн ныхъхъæбыс кодтой. Фæдисонтæ æрбауадысты. С о- ф и æмæ Хуындæджы иумæ куы ауыдтой, уæд А ф а с с æ нæ мидбынаты æрхауд. Иууылдæр дисы бацыдысты. X ъ а з ы б е г. Хуындæг, мах дæумæ æнхъæлмæ кæ- сæм, ды та ам хъуыддæгтæ куы кæныс. Софи, ды дæр ам дæ? С о ф и. Ам дæн, дæсны минæвар, ам. А ф а с с æ. Мæ чызг! (Ныхъхъæбыс ын кодта.) Мæ- нæ мæ куыд фæтæрсын кодтай! С о ф и. Ма мын тæрс, нана. А ф а с с æ. Æнхъæлдæн, мæ чызг, хъуыддæгтæ æз сæмтъеры кодтон, Хъазыбеджы аххос нæ уыди. Ладинкæ. Чысыл ма бахъæуа, мæхи мын Терчы ма басхойын кæной. Ахæм æфсымæр мын ис! X ъ а з ы б е г. Цæй, цы ’рцыдис, уый æрцыдис. Гъе ахæм рæдыдтытæ йедтæмæ-иу ныл ма цæуæд. Фæл;г цымæ уæддæр уыцы мæнг фæдис хъæргæнæг чи уы- дис, миййаг, æндæр искæй аскъæфтой? Сафиат (æрбацыд кæугæ). Мæн аскъæфтой. X ъ а з ы б е г. Æмæ дæ чи аскъæфта? Сафиат. Цавæрдæр Майрæм. Афассæ. Мæ хæдзарыл! Уыцы Майрæм ма уæд! Са фиат. Уыцы Майрæм уыд, уыцы Майрæм, йæ быныхъæр айхъуыса. 94
А ф а с с æ. Æмæ ма сæ цы амæлттæй фервæзтæ, чи дæ байста? С а ф и а т. Ничи. Уæллаг сыхы мæ сæхæдæг маши- нæйæ расхуыстой, ды, дам, уыцы Софи нæ дæ! Хæр- джытæ! Мæ хæдзармæ мæ ласгæ дæр нал æрбакод- той, фистæгæй, дам, хаф! X ъ а з ы б е г. Ницы кæны, мауал ку, æгайтма хъуыддæгтæ афтæ хорз ахицæн сты. С а ф и а т (йæ кæуын фæуагъта). Цы дзы ис хор- зæй? Хуындæгæн мæ ракуырдтат æмæ мын сахаты фæстæ развод радта. X ъ а з ы б е г. Дæ разы аххосджын дæн, Сафиат, æмæ йæхи чи амардта, уый æз. Фæлæ мæ аххос дæр нæ уыдис. Афассæ мæ фæрæдийын кодта. Афассæ. Мæн та Сафиат фæрæдийын кодта. С а ф и а т. Афтæ мын хъæуы. Хъуыддаг мæхæдæг сызмæстон, сымахæй аххосджын ничи у. Ме ’дылы ми- тæ мын бахатыр кæн, Софи. С о ф и. Сафиат, цард нæ йæхæдæг ахуыр кæны. Дæуæн дæр дæ амонд дæхицæй аразгæ у. Нана, уаз- джытæн «мидæмæ» зæгъ. А ф а с с æ. Æцæг, æцæг. Цомут мидæмæ, Ладинкæ, рарвит дæ фидауджыты. Ладинкæ. Цы ма сæ ’рвитон, хæрды фæстæ ма цывзыйæ цы кæнæм? X ъ а з ы б е г. Цом, уæддæр Софи æмæ Хуындæгæн арфæ ракæнæм фынджы уæлхъус. Хуындæг, ракæн-ма рæсугъд Софийы. Афассæ! (Залы бадджытæм амоны.) Мæнæ ацы дзæбæх адæмы дæр ахонæм, акæс-ма сæм, уыдон дæр мах циныл цин кæнынц. (Иууылдæр за- рынц.) 95-
Мидæмæ рахизут, Арфæтæ ракæнут Амондджын уарзæттæн, цæй! Уадз æмæ уарзонæй, Царды фæразонæй Арвитой се ’нус фæрнæн. Зонæм, сымахæн дæр Судзы уæ зæрдæты Уарзондзинады цæхæр. Лæппутæ — чызджыты, Чызджытæ — лæппуты Уарзынц сæ удæй фылдæр. Мидæмæ рахизут, Махимæ базарут Уарзондзинадыл уæ зард, Цард циу æнæ уарзтæй?! Цард циу æнæ хъазтæй?! Тас цæуæд уарзондзинад! Æмбæрзæн.
СЕрИя .осетинская совреМенйаЯ ПьеСА- Хубецова Раиса Васильевна Хугаев Георгий Дементьевич Песнь Софьи (Комедия в 3-х действиях) Редактор Б. А. Муртаэов Художник В. В. Гладков Худож. редактор X, Т, Сабанов Технический редакторы А. А. Дзгоев Корректор Е. У. Датриева, В. 7*. Дзодзикова Сдано в набор 30-Х1-65 г. Подписано к печати 1-11-1966 г. Формат бумаги 70х1081/зо. Печат. листов 4,11. Учетно-иэд. листов 3,6. Закаэ М 1247. Изд. М 104. Тираж 1000. ЕИ 00231. Цена 18 к. Книжное иэдательство Управления по печа- ти при Совете Министров СОАССР, г. Орджоникидэе, ул. Димитрова, 2. Книжная типография Управления по печати при Совете Министров СОАССР, г. Орджоникидзе, ул. Тельмана, 16. 7-5 38 - 66 М