Текст
                    ТЛАТТАТЫ А.
МЕТОДИКОН АМЫНДТЫТÆ
3-æм КЪЛАСЫ «КÆСЫНЫ ЧИНЫГ»-мæ
АХУЫРГÆНÆГÆН ÆХХУЫСÆН
ЧИНЫГУАДЗÆН „И Р»
ОРДЖОНИКИДЗЕ * 1975


8С(Осет)(0?) Т 11 Тлаттаты А. Т 11 Методикон амындтытæ 3-æм къласы «Кæ- сыны чиныг»-мæ. Ахуыргæнæгæн æххуысæн. Орджоникидзе, «Ир», 1975. 99 ф. Тулатова А. Е. Методическое пособие к учебнику «Книга для чтения в 3-м классе» на осет. яз. 60601 — 75 М131(03) — 75 71 —75 8С (Осет) (07) © Издательство «ИР», 1975 г.
Разныхас Ацы чиныг у ахуыргæнæгæн кæсыны методикæйæ æххуысæн. Автор йæ размæ æвæры ахæм хæстæ: ахуыргæнæг 3-æм къласы ирон кæсыны уроктæ методи- кон æгъдауæй раст куыд араза; ахуыргæнинæгтæ аив кæсынмæ куыд сдæсны уой; тексты мидис æпцонæй куыд дзурой; уацмыстæн сæ идейæ, сæ аивадон фæрæзтæ, зыпæмбарæн дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ урочы бæлвырд æвзæрст куыд цæуой. Лæвæрд дзы ис кæсыны методикæйы теорийы бын- дурыл арæзт практикон амынддзинæдтæ: 1. Кæсыны чиныджы арæзт. 2. Кæсыны чиныджы хæйттæм — разделтæм, стæй уацмыстæн сæ фылдæрмæ ахуыргæнæгæн цæттæ разны- хас. 3. Ахуыргæнæгæн зонынæн уæлæмхасæн æрмæг. 4. Хуызæгæн цалдæр цæттæ урочы. 5. Уыцы урокты æрмæгæй фæстæмæ кæсыны чиныджы лæвæрд уацмыстæ се ’ппæт дæр цæуынц æвзæрст, урочы сæ куыд хъæуы æвзарын, афтæ. Цæттæ уроктæ ахуыргæнæгæн феххуыс уыдзысты, аивадон уацмысты алыхуызон жанртæй уроктæ куыд алыхуызон арæзт цæуынц, уый практикон æгъдауæй фенынæн. Зæгъæм, зпикон уацмыстæй уроктæ иу хуызы ис аразæн, лирикон уацмыстæй — иннæ хуызы, наукон- популярон æмæ хъуыддаджы статьятæй — бынтон æндæр хуызы. 6. 3-æм къласы кæсыны методикæйы теорийæ ахс- джиагдæр амынддзинæдтæ: а) дзырдуатон куыст урочы алы этапы кæй ис гæнæн, цавæр дзырдтæ уой, уымæ гæсгæ; б) уацмысы аивадон мадзæлттæ æвзарынæн алыхуызон методтæй кæй ис пайдагæнæн; в) тексты мидис дзурыны хуызтæ; г) ахуыргæнинæгты аив кæсын- мæ бацæттæ кæныны мадзæлттæ æмæ аф. д. 7. Хибарæй кæсыны уацмыстæм беседæтæ. 3
8. Фысгæ куыстытæ. Кæсыны чиныджы уацмыстæй урок фаг чи нæу, уыдонæн баиугæнæн ис æндæртимæ. Ацы чиныджы цал- дæр раны ис хуызæг уыцы куыстæн. Уацмыстæй иукъорд сты дыгай уроктæ фаг. Куыд сæ дих хъæуы, уый ам цæуы амынд. Фæрстытæ æмæ бакусинæгтæ кæсыны чиныджы цы уагыл æвæрд сты, æнæмæнг сæ афтæ фæд-фæдыл сæх- хæст кæнын нæ хъæуы, кæд ахуыргæнæгмæ урочы цыдмæ гæсгæ æндæрхуызы растдæр кæсы, уæд. Ахуыргæнæгæн æнцондæры тыххæй ранæй-рæтты лæвæрд цæуынц, уацмыстæ æмæ нывтæ æвзаргæйæ сывæллæттæ цавæр дзуаппытæ хъуамæ дæттой, уыдон. Программæ хибарæй кæсынæн 3-æм къласы цы уац- мыстæ амоны, уыдонæй иутæ сæ идейон мидисмæ гæсгæ сты лæмæгъ, иннæтæ сæ асмæ гæсгæ — æгæр даргъ, Секъа æмæ Цомахъæй программæйы цы æмдзæвгæтæ ис, уыдон ахуыр кæнынц æндæр кълæсты. Уымæ гæсгæ уыцы уацмыстæй 3-æм къласы кæсын хъæуы æрмæст æртæ: «Куысыфтæг æмæ Дурын» (Коцойты Арсен), «Кертыби» (Цæрукъаты Валодя), «Сау хохы фиййау» (Цæгæраты Максим). Хъуамæ ахуыргæнæг ахуыры аз райдайын агъоммæ кæрæй-кæронмæ бакæса ацы пособи. Уый йын феххуыс уыдзæн лæвæрд методикон фæзилæнтæй сфæлдыстадон æгъдауæй пайда кæнынæн. А в то р.
3-ÆМ КЪЛАСЫ КÆСЫНЫ ЧИНЫДЖЫ АРÆЗТ. 3-æм къласы кæсыны чиныджы ис дыууадæс хайы. Кæсыны чингуыты сеппæты дæр куыд вæййы, афтæ ам дæр афæдзы афонтæ райдыдтой сæрды мысинæгтæй. Иннæ хæйттæй цалдæр лæвæрд сты хронологион уагыл. Кæсын дæр сæ хъæуы уыцы уагыл: 1. Рагон цардыл уацмыстæ. 2. В. И. Ленин æмæ Октябры революци. 3. Сæрибар æмæ амондджын цард. 4. Фыдыбæстæйы Стыр хæст. 5. Пионерты цард æмæ-хъуыддæгтæ. Пионерты цард хронологион æгъдауæй хъуамæ Фыдыбæстæйы хæстыл уацмысты размæ уаид. Цæуылнæ у? Пионертæ Фыдыбæстæйы хæсты знаджы ныхмæ тох кодтой хъæбатырæй, уый тыххæй пионерты цард цы хай æвдисы, уым ис иукъорд уацмысы. Фæлæ ахуыр- гæнинæгтæ хæсты хабæрттæ куы бакæсой æмæ куы базоной, хъуамæ уæд рахизой пионерты тох æмæ сгуыхт- дзинæдтæм, логикон æгъдауæй афтæ растдæр у. Дарддæр чиныджы цæуынц ахæм æртæ хайы: 6. Адæмон сфæлдыстад. 7. Æнæниздзинад куыд хъахъхъæнын хъæуы. 8. Наукон-популярон статьятæ — Зæхх, Хур, Мæй, арв, стъалытæ, Ирыстоны æрдз, йæ зæххы уæлцъар æмæ æндæрты тыххæй. Фæззæг, зымæг æмæ уалдзæджы тыххæй уацмыстæ кæсын хъæуы иннæ хæйтты æхсæнмæ-хсæнты, кæсыны чиныджы куыд лæвæрд сты, уыцы уагыл. Кæсыны чиныджы алы хаймæ дæр райдианы лæвæрд ис, æппæт хайы хъуыды чи ’вдисы, ахæм æмдзæвгæйы скъуыддзаг. Фæрстытæ æмæ бакусинæгты руаджы уыцы æмдзæвгæтæ хъæуы æвзарын. Уый тыххæй кæсыны чиныджы 22-æм, 84-æм 197-æм фæрстыл ис хуызæг. Чиныджы арæзты бæлвырддзинад цæмæй уа, наукон- популярон статьятæ иу ран уымæн сты лæвæрд. Кæсæн сын ис æндæр хæйтты дæр. Уацмыстæм фæрстытæ æмæ бакусинæгтæ арæзт сты 5
афтæ, цæмæй æххæстгонд æрцæуой программæйы домæнтæ кæсынæй æмæ ныхасы рæзтæй. Зынæмбарæн дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæй иутæ амынд цæуынц сноскæты. Уыдоны нысаниуæг зонын хъæуы, ахуыргæнинæгтæ цы уацмыс кæсынц, уый хъуыды бамбарынæн. 3-æм къласы ахуыргæнинæгтæн сæ ныхасы пайда кæнын цы дзырдтæ æмæ дзырдбæс- тытæй æмбæлы, уыдон та лæвæрд сты уацмысты бынмæ, Уæ зæрдыл бадарут, зæгъгæ, ахæм рубрикæйы. 1-аг урок. Ахуыргæиæг сывæллæтты фæрсы: сæрды каникултæ куыд арвыстой — кæмыты уыдысты, цытæ федтой, цавæр чиыгуытæ бакастысты. Фæрстытæ: I. 1-æм æмæ 2-æм кълæсты иронау наизусть цавæр æмдзæвгæтæ сахуыр кодтат? Радзурут- ма сæ. 2. Чи радзурдзæн аргъау? Ахуыргæнæджы разныхас: Радзырдтæ, æмдзæвгæтæ, аргъæуттæ, таурæгътæ, æмбисæндтæ, уыци-уьщитæ — уыдонæй сæ алкæцы дæр хуины уацмыс. Ирон æвзагыл фыст уацмыстæ иууылдæр иумæ сты ирон литературæ. Литературæйы уроктæ 3-æм къласы онг фæхонæм кæсыны уроктæ. Ахæм уроктæ нæм ацы аз къуыри уыдзæни дыууæ хатты. Кæсдзыстæм алыхуызон уацмыстæ, дзур- дзыстæм сын сæ мидис, æвзардзыстæм сын сæ идейæ, иуæй-иуты дзы ахуыр кæндзыстæм наизусть — фылдæр æмдзæвгæтæ, араздзыстæм пълантæ, фысдзыстæм изло- женитæ, иукъорд хатты ацæудзыстæм экскурсийы быдыр- мæ, хъæдмæ, чи зоны, горæтмæ дæр нæ къухы бафта ацæуын музейтæ фенынмæ. Кæсыны чиныджы ис нывтæ дæр: 1) чиныгæн йæ хæйтты размæ, 2) уацмыстæм, 3) иу-дæс нывы дзы ис ахæмтæ, кæцытæм-иу нæхæдæг дзæбæх æркæсдзыстæм æмæ-иу сæ бынмæ лæвæрд фæрстыты æххуысæй чысыл радзырд кæнæ аргъау сараздзыстæм. Сисут ирон кæсыны чингуытæ æмæ йыи йæ нывтæ фенæм. Ацы аз суанг кæронмæ литературæ кæсдзыстæм ацы чиныгæй. Сæхгæиут уал уæ чингуытæ æмæ мæнмæ байхъусут. Хуыздæр уæ чи кæса, уыдон-иу бæрæгбонты клубы сценæйæ дзурдзысты æмдзæвгæтæ, радзырдтæй скъуыддзæгтæ. Скъолайы ис, аив кæсынмæ дæсны чи у, уыдонæн къорд, æмæ сæ уырдæм айсдзыстæм. Хатгай уæгиу кæсгæ-кæсыны йе дзургæйæ магнитофоны лентыл ыыффысдзынæн, æмæ-иу уыйфæстæ уæхæдæг уæхимæ байхъусдзыстут. Тынг хорз чи кæса, уыдоны хъæлæстæм б
та-иу бæрæгбон рæстæг клубы æнæхъæн скъола бай- хъусдзысты. Ахуыргæнæг дзуры ирон фысджытæ æмæ сæ уацмыс- ты тыххæй (кæс 136-æм фарсыл статья «Зонут уæ хæлæртты»), Уыйфæстæ сывæллæттæ 138-æм фарсыл уынынц фысджыты хуызист. Ахуыргæнæг. Цытæ базондзыстæм кæсыны чи- пыгæй? Нæ бæстæйы Советон хицауад куы нæма уыдис, ома 1917 азы Октябры революци куы фæуæлахиз, уый размæ сымах карæн сывæллæттæ зын уавæрты кæй цардысты, уæды заман скъоламæ цæуын алкæй къухы кæй не ’фтыди. Ленины разамындæй Октябры революци куыд фæуæлахиз, фæсивæдæн ахуырмæ фæндаг куыд байгом. Ноджы базондзыстæм æрдзы диссæгтæ: арв цъæх цæмæн у, мæйæ стъалытæй нæм хæстæгдæр чи у, адæймаг фистæгæй цæугæйæ мæймæ цал азмæ фæхæццæ уаид, хур нын цы пайда у; райсом къæвда уыдзæн æви хур, уымæн абон куыдæй ис базонæн æмæ æнд. ах. Иннæ хатт кæсдзыстæм æмдзæвгæ Владимир Ильич Ленины тыххæй. Уæ зæрдыл-иу æрлæууын кæнут, 1-æм, 2-æм кълæсты Ленины тыххæй наизусть цы ’мдзæвгæтæ ахуыр кодтат, уыдон. («Ленин», Плиты X., «Хорз цæр æмбалимæ», Хъайтыхъты Г., «Ленин», Багаты Л., «Уый Ленин у, Ленин», Баситы М.). 2-аг урок. Ахуыргæнæг Ленины тыххæй æмдзæвгæтæ дзурын кæны наизусть. Кæсыны чиныгæн йæ IV хай арæзт у В. И. Ленин æмæ Октябры революцийы тыххæй уацмыстæй. Уым ахуыргæнæгæн хорз фадат уыдзæн Ленины сабийы бон- тыл æрдзурынæн, сывæллæтты фæтæджы цард æмæ революцион куыстимæ базонгæ кæнынæн. Разныхас кæддæриддæр хъуамæ æнгом баст уа, цы уацмыс кæсдзысты, уый темæимæ. Уымæ гæсгæ ахуыр- гæнæг ацы урочы радзурдзæн, В. И. Ленин кæй уыди фæллойгæнджыты фæтæг, Коммунистон парти саразæг: 1917 азы Ленины разамындæй нæ бæстæйы фæуæлахиз Цытджын Октябры революци, кусджытæ æмæ зæхкус- джытæ сæ бартæ сæ къухтæм райстой — сæхæдæг сысты Аицау фабриктæн, заводтæн, зæххытæн, цыбыр дзырдæй, æппæт хъæздыгдзинæдтæн. Октябры революци æмæ Ленины фæрцы Ирыстон Дæр у амондджын. Ууыл ныффыста поэт Цырыхаты Михал йе ’мдзæвгæ «Цардуалдзæджы». Дзырдтæй иуты амонын хъæуы кæсгæ-кæсыны кæнæ 7
кæсыны размæ, разыыхасы, уымæн æмæ ахуыргæнинæг- тæ уыдоиы хъуыды куыпæ зоной, уæд, цы кæсынц, уымæн бамбарæп нæй. Ахуыргæнæг æмдзæвгæ бакæсыны агъоммæ амоны ахæм зынæмбарæн дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ: «Арв ацы бон мигъамæст нæу»1 — арв абон у ирд, сыгъдæг, иу мигъы цъупп дæр ыл нæй. Адаг—стыр дзыхъхъ. «Ирыстоны номдзыд ныхасы»— раджы заманты-иу нæлгоймæгтæ исты хъуыддæгтæ æвзарынмæ, стæй сæ фæллад уадзынмæ æмбырд кодтой иу ранмæ, уыцы бынат хуынди ныхас. Ахуыргæнæг æмдзæвгæ аив кæсы. Уыйфæстæ йæ хъуамæ бакæсой ахуыргæнинæгтæ. Цæмæй хъæрæй аив кæсынмæ сарæхсой, уый тыххæй сын фадат раттын хъæуы æмдзæвгæ сæхинымæры бакæсынæн. Ахуыргæнæг. Æмдзæвгæ радзырдæй хицæн кæны цыбыр рæнхъытæй, æмзæлд кæрæттæй, кæсгæ-кæсыны уыдонмæ хъус дарын хъæуы, алы рæнхъы фæстæ дæр æмбæлы чысыл фæлæууын, строфайы фæстæ та уымæй фылдæр хъæуы фæлæууын. Æмдзæвгæ прозæйæ зындæр æмбарæн у, дæсны каст куынæ ’рцæуа, ахуыргæнинæгтæ интонацимæ сæхъус куынæ дарой, логикон цавд раст куынæ ’вæрой, уæд ын йæ мидис нæ бамбардзысты, авторы æнкъарæнтæ фæсвæд аззайдзысты. Уый тыххæй фыццаг хъуамæ бакæсой, аив кæсынмæ дæсныдæр чи у, уыдон, цæмæй сæ иннæтæ дæр бафæзмыной. Иуæй-иу дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ æвзарын хъæуы 2-аг, 3-аг кастæн. Уыдон сты ахæм дзырдтæ, кæцыты руаджы автор бæлвырддæр равдисы йæ хъуыдытæ, йе ’нкъарæнтæ, сныв кæны æрдз, йæ ге- ройты обрæзтæ. Уыдон сты метафорæтæ, эпитеттæ, барæнтæ. Цалынмæ ахуыргæнинæгтæ уацмысы хъуыды бамбарой, уæдмæ уыцы аивадон мадзæлттæн равзарæн нæй. Цæмæй скъоладзаутæ æмдзæвгæ «Цардуалдзæджы» дзырд номдзыды хъуыды бамбарой, уый тыххæй раттæн ис куыст: 3-аг строфайы 3-аг хъуыдыйады кæцы дзырд ис баивæн кадджынæй? Уæдæ дзырдтæ номдзыд æмæ кадджынæн ам сæ хъуыды иухуызон у. Зæгъæн ма йын ис хъуыстгонд ныхас. Ссæнды (дон). Куыд ма ис зæгъæн | * Ам æмæ амæй фæстæмæ дзырдбæстытæ æмæ хъуыдыйæдтæ исдзыстæм дыкъæдзыгты, хицæн дзырдтæ та дæтдзыстæм ставд- дæрæй фыстæй. 8
доны тыххæй, тагъд куы кæла, уæд?—Дон уайы. «Уынгæг комæй фæзтæм тындзы» — иннæ дæтты хуызæн сабыр нæ кæлы, фæлæ тындзы. Куыд æй æмбарут? Кæлы тынг тагъд (дзырдтæ-синонимтæ). Ныр сывæллæттæ æмдзæвгæ бакæсдзысты йæ мидис равзарыны тыххæй. Зæрдыл дарын хъæуы уый, æмæ ахуыргæнинæгтæ текст цал хатты кæсой, уал хатты сын хъуамæ бæлвырд хæслæвæрд уа. Уæд æй æнæмæнг лæмбынæгдæр кæсдзысты, сæ бакусииагæн дзы агур- дзысты дзуапп. Ацы касты размæ ахуыргæнæг дæтты фæрстытæ: 1. Цы зæгъы поэт хæххон доны тыххæй? Ссарут уыцы бынат æмæ йæ бакæсут. 2. Арв æмдзæв- гæйы куыд æвдыст у? Дзырдтæ уæ бон ивын у, куыд сæ ивтам, афтæ. Дзуапп: Арв абон у сыгъдæг, иу мигъы къуымбил дæр ыл нæй. Дарддæр æмдзæвгæйы ис фараст фарстон хъуыдыйады. Хорз уыдзæн, уыцы бынат æмхъæлæсæй куы бакæсой, уæд. Поэт уыцы фарстæн дзуапп дæтты æндæр цыппар рæнхъæй. Хъуамæ сывæл- лæттæ уыцы строфа æнæ чиныгмæ кæсгæйæ дзурын базоной, уымæн æмæ æмдзæвгæйы сæйраг хъуыды æнгом баст у ацы рæнхъытимæ: «Уый Ленины райгуырæн боны Æрæвæрдта уалдзæг йæ фыыг; Уый Ленины бахуыд хæдоны Ирыстоны зæрдæ ысзынг». Уæдæ адæм æмæ æрдз афтæ хъæлдзæг цæмæн уыды- сты? Дзуапп: Уый уыди Владимир Ильичы гуырæн бон, уымæн уыди бæстæ уæлдай хъæлдзæг æмæ райдзаст. Æмдзæвгæйы сæйраг хъуыды бамбарын кæныиы тыххæй ахуыргæнæг радзурдзæн, Ленин кæй рангуырди апрелы — уалдзыгон бон. Уалдзæг бæстæ цъæх-цъæхид адары, быдыртæ дидинæг фестынц. Æрдзы уыцы хъæз- дыг афон æмæ Ленины райгуырæн рæстæг баиу сты. Уы- мæн зæгъы поэт: «Уый Ленины райгуырæн боны Æрæвæрдта уалдзæг йæ фынг...» Ленины разамындæй цы ног цард арæзт æрцыди, уымæй Ирыстоны дзыллæ сты бузныг, æнæкæрон у сæ цип, тырнынц размæ. Уыцы амондджын цард поэт схуыдта «Ленины бахуыд хæдон». Адæмы цинæй та зæгъы: «Ирыстоны зæрдæ ысзынг». Æмдзæвгæйы ныхас цæуы дыууæ уалдзæгыл: иу — æрдзон уалдзæг, афæдзы цыппар афонæй иу. Уæд тындзы хæххон дон уынгæг комæй фæзтæм, цъæх сыфтæ- 9
рæй дымгæ уæд хъазы, уæд фæкалынц дидинæг фæзтæ, гъеуæд фесты бæстæ фæндыр. Поэт Цырыхаты Михал уалдзæгыл нымайы, Ленины разамындæй цы бæллиццаг цард æрцыд арæзт, уый,— царды уалдзæг, æцæг уалдзæг. Ленины уарзт æмæ зондæй зæхх сырх дидинæг куы рафтыдта. Уымæн схуыдта автор йе ’мдзæвгæ «Цардуал- дзæджы». Хæдзармæ куыст. Æмдзæвгæ аив кæсын зонын. I ХАЙ. 3-аг урок. «Æрдз райхъал ис». «Сæумæрайсом». «Горизонт». Ахуыргæнæджы разныхас: Иван Сергеевич Тургенев у зындгонд уырыссаг фыссæг, стыр курдиаты хицау, царди XIX яенусы. Йæ фыстытæй бирæтæ ивд æрцыдысты ирон æвзагмæ. «Æрдз райхъал ис» у, «Степь и лес», зæгъгæ, йæ уыцы повестæй скъуыддзаг. Текст кæсы ахуыргæнæг, стæй та ахуыргæнинæгтæ. (Ахуыргæнæгæн. Ацы текст у прозæйæ фыст лирикон уацмыс. Лирикон уацмыстæ æвзарын хъæуы тынг лæмбынæг). Чиныджы пъланы цы фондз пункты ис, уыдонæй алкæимæ дæр текстæй баст у хæрз чысыл скъуыддзаг бæлвырд хъуыдыимæ. Зæгъæм, пъланы 1-аг пункт у афтæ æвæрд: Стъалытæ ирд цæстæй кæсынц. Ууыл баст у ахæм скъуыддзаг: «Бæстæ у сабыр. Арвæй стъалытæ сæ ирд цæстæй кæсынц зæхмæ. Кæрдæгыл æртæх æрбадт».Сывæллæттæ 2-аг касты фæстæ пъланмæ гæсгæ дзургæйæ пайда кæнынц тексты аив арæзт хъуыдыйæдтæй, уымæй хъæздыг кæны се ’взаг. Дзырд куы фæуой, уæд ахуыргæиæг дæтты фæрстытæ: Тексты 1-аг скъуыддзаджы суткæйæн йæ кæцы афон у æвдыст?. Æхсæв. Уымæй дарддæр та? Бонырдæм. Пъланы фæстаг дыууæ пунктæн цы скъуыддзæгтæ дæттынц дзуапп, уым цафон цæуы æвдыст? Сæумæрайсом. «Сæумæрайсом». Бамбарын кæнын дзырдтæ пилло- нæй, ыссыгъд—«сырх-сырхид сæрттывта» (хурыскæсæн). Æмдзæвгæ бакæсыны фæстæ йæ равзарын хъæуы чиныджы лæвæрд фæрстытæм гæсгæ. Дзырдзæлд-æн ам йæ синоним у уынæр. 5-æм бакусинаг сæххæст хъæуы афтæ: «Нал хъуысы хъæугæрон Стырдоны уынæр», Чиныджы фæрстытæм ма бафтауыи хъæуы ахæм: Цæмæн хуины æмдзæвгæ «Сæумæрайсом»? Уымæн æмæ дзы æвдыст цæуы, æрдз сæумæрайсом цыхуызæн вæййы, уый, 10
Ам æмдзæвгæ абарын хъæуы, йæ размæ цы текст йС, уыпмæ. Уым дæр кæронæй æвдыст цæуы сæумæрайсом. Фæлæ дыууæ текстæй уый хъауджыдæр ис, æмæ «æрдз рлпхъал ис» фыст у даргъ рæнхъытæй. Уый у радзырд. «Сæумæрайсом» та фыст у цыбыр рæнхъытæй. Иу рæнхъы кæройнаг дзырд æмзæлд кæны æндæр рæнхъы кæройнаг дзырдимæ: хæхтæ (1-аг рæнхъ) -æртæхтæ (3-аг рæнхъ), ныттыгъд (6-æм рæихъ)-ыссыгъд (8-æм рæнхъ). Ацы текст у æмдзæвгæ. Хъуамæ нырæй фæстæ- мæ кæрæдзийæ æнцоиæй иртасат радзырд æмæ æмдзæв- гæ. Уыйфæстæ ахуыргæнæг амоны: ацы æмдзæвгæ на- изусть ахуыр кæнын «ъæуы цыппæргай рæнхъытæй. «Горизонт». Статья у наукон-популярон. Аивадон уацмыстæй хъауджыдæр наукон статья, гæнæн ис, æмæ фыццаг каст сывæллæттæ сæхæдæг кæной. 3-æм къласы ахуыргæнинæгтæ фыццаг каст хъуамæ кæной сæхины- мæры. Цæмæй куыд-фæндыйы кæстытæ ма кæной, уый тыххæй сæм раздæр раттын хъæуы чысыл хæслæвæрд. Хæслæвæрдæн дзуапп кæм ис, уыцы абзац бакæсæнт æмæ дзуапп раттæнт. Ахæм методæй пайда хъæуы зынæмбарæн статьятæ кæсгæйæ. Бакусинæгтæ: 1. Хур куы скæсы, уæд йæ тынтæ æппæты фыццаг кæм сæмбæлынц? Бакæсут тексты райдайæн æмæ дзуапп раттут. 2. Нæ алыварс нæм бæстæ цæйау зыны? Ссарут дзуапп 2-аг абзацы. 3. Цы хонæм уынгæ горизонты хахх? Статья кæронмæ бакæсут æмæ дзуапп раттут. 2-аг кастæн хъуамæ ахуыргæнинæгтæ бамбарой, статьяйы хæйттæ кæрæдзийыл куыд баст сты, хъуыдытæ фæд-фæдыл куыд цæуынц, уый. Ацы статья ахуыргæнгæйæ хорз уаид быдырмæ экскурси саразын. Сывæллæттæ фениккой: бæстæ мусау тымбыл кæй у, мах цыма йæ астæу лæууæм, афтæ кæй зыны, зæххы кæронмæ бахæццæ уæвæн кæй нæ ис, арв æмæ зæхх кæй никуы и’у кæныиц. Ахуыргæнæг йæ кæрон- бæттæн ныхасы бамбарын кæндзæн: арв æмæ зæхх кæрæдзиимæ никуы иу кæнынц, æрмæст нæм зынгæ афтæ кæны. Арв æмæ нæм зæхх иугондæй кæм зынынц, уыцы ран хонæм уынгæ горизонты хахх. ^Хæдзармæ к у ы с т. Аив кæсын зонут «Æрдз райхъал ис». Наизусть сахуыр кæнут æмдзæвгæ «Сæу- мæрайсом». 4-æм урок. «Æрдзы къуым». «Куыд æрвитынц мæргъ- тæ сæ рæстæг». Ахуыргæнæг. Абон араздзыстæм радзырд нывмæ 11
гæсгæ. Æркæсут чиныджы нывмæ æмæ ранымайут, цы дзы уынут, уыдон. (Иу кълеткæйы — тæрхъус, иннæйы — цъиутæ. Дыууæ лæппуйы æмæ иу чызг кæсæг- тæн æрцæттæ кодтой аквариум. Ныккодтой дзы хуыр, змис, кæрдæджы хæлттæ, дон, стæй дзы ауагътой кæсæгты. Къулыл ауыгъд дидинæг). Бакæсут лæвæрд дзырдтæ. Нывмæ гæсгæ уыцы дзырдтæй саразут радзырд. Радзырд уыдзæн, зæгъæм, мæпæ ахæм: «Сæрды каникулты сывæллæттæй чи пионерты лагер- тæм ацыди, чи æндæр хъæумæ йæ хæстæджытæм. Дыууæ æфсымæры никуыдæм ацыдысты. Уыдон сфæнд кодтой се скъолайы æрдзы къуымæн аквариум балæвар кæнын. Сæ хъæугæрон цы дон кæлы, уым æрцахстой кæсæгтæ. Срæвдз кодтой, аквариумæн цы хъæуы, уыдон. Æххуыс сып кæны сæ кæстæр хо». «Куыд æрвитынц мæргътæ сæ рæстæг». Ахуыргæнæг сывæллæтты фæрсы, 1-æм æмæ 2-æм кълæсты цавæр мæргъты нæмттæ базыдтой, уымæй (сырддонцъиу, сауцъиу, халон, дзывылдар, булæмаргъ, зæрватыкк, гугукк, цъиах, мит-митгæнаг цъиу). Ахуыргæнæг æвдисы цъиуты нывтæ æмæ фæрсы сывæллæтты, цавæрты дзы зонынц, цъиутæй чи цы пайда у, зиан дзы кæцытæ хæс- сынц. Ныр та базондзыстæм, мæргътæ сæ рæстæг куыд :æрвитынц, уый. Текст бакæсыиы фæстæ йæ хъæуы хи ныхæстæй радзурын. Цæмæй йæ ахуыргæнинæгтæ хайгай радзурой, уый тыххæй раттæн ис а’хæм фæрстытæ: 1. Куыд рай- дайынц мæргътæ сæ цард сæумæрайсом? 2. Кæд фæуа- дзынц сæ фæллад? 3. Хур.арвыл куы фæкъул вæййы, уæд та куыд райдайынц цæрын? 4. Кæд æрсабыр вæййынц сæ зарын æмæ сæ ратæх-батæхæй? Ахуыргæнæг фæдзæхсы сывæллæттæн, цæмæй архайой мæргъты сæ хуыз æмæ сæ нæмттæм гæсгæ сæ зæрдыл дарыиыл, сæ царды уагмæ сын сæ хъус дарой. Хæдзармæ куыст. Нывмæ гæсгæ куыст æмæ текст дзурынмæ бацæттæ кæнын. 5-æм урок. «Абеты куывд». «Ы», «Е», «Ж», «Ш», «Щ», «Д». Хъодзаты Æхсар сывæллæттæн ныффыста чиныг «Абеты куывд». Алфавиты дамгъæтæй алкæцыйы тых- 1хæй дæр ныффыста хæрз чысыл æмдзæвгæ кæнæ ра- дзырд. Фæйпæгыл фыст, сæ хъуыды бамбарын кæнын кæмæн хъæуы, уыцы дзырдтæ: сатæг, азæлыди, афтидарм- 12
æЙ, фыдæй-фыртмæ, гаджидæуттæ уадзынц. Ахуыр- гæнæг сывæллæтты фæрсы, кæцыты хъуыды дзы зонынц (сæ нысаниуæг кæс чиныджы 10-æм, 11-æм фæрстыл бынæй). Радзырд фыццаг кæсы ахуыргæнæг, дарддæр кæсынц ахуыргæнинæгтæ. 2-аг касты размæ ахуыргæнæг фæрсы: 1. Радзырды райдианы ныхас кæцы цæсгомы номæй цæуы? 2. Бакæсут-ма, фидиуæг кæм ныхъхъæр кодта, уый онг. 1-аг цæсгомы бæсты æвæрут дзырд фыссæг, кæм хъæуы, уым та йæ ивут 3-аг цæсгомæй, афтæмæй ацы хай радзурут. 3. Чи уыди фидиуæг? Цы фехъусын кодта Абеты хъæуы цæрджытæн? Бакæсут уыцы бынат. 4. Радзырд бакæсут дарддæр æмæ зæгъут, Абеты куывд куыд райдыдта. 5. Зæгъут-ма, фыссæг Абеты А-йы фынджы хистæр цæмæн хоны? Бакæсут, цы фыссы алфавиты фыццаг дамгъæйы тыххæй. «Ы». Ахуыргæнæг кæсы текст. Сывæллæттæн фæй- нæгыл фыссын кæны дзырдтæ знаг, зды, стыр, стæй сын зæгъы: Бакæсут текст, абетæ ы-йæн уайдзæф кæм кæ- нынц, уый онг. Цæмæн ын зæгъынц: «Ацал-ауал азы немæ цæрыс, æмæ дæ хæдзарæй иу дзырд рацæугæ пæма федтам»? Уымæн æмæ ирон æвзаджы дзырдты райдианы ы нæ фыссæм. Ахуыргæнæг фыстæй æвдисы дзырдтæ: сгуы, стъалы, быдыры, бырыдысты æмæ зæгъы: ы абетæн ахæм дзуапп дæтты: «Гъа, размæ мæ нæ уадзут, фæлæ мæ уæддæр уе ’хсæнæй та кæдæм асурдзыстут?» Цæмæн зæгъы афтæ? Уымæн æмæ бирæ дзырдты æмхъæлæсонты æхсæн фыссын хъæуы хъæлæ- сон ы. Ахуыргæнæг кæны хатдзæг: ирон æвзаджы дзырдæн йæ райдайæны ы фыссæм æрмæст æмдзæвгæты, рæнхъы уæнгтæ фаг куынæ вæййы, уæд. «Ё, Ж, Ш, Щ». Ахуыргæнæг: Æрхъуыды кæнут уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдтæ дамгъæтæ ё, ж, ш, щ, ы, э, ю, я, ь, ъ-имæ. Дзуапп: Ёлкæ, журнал, маши- пæ, щеткæ, экзамен, промышленность, подъезд, яслитæ, юбилей. Ныртæккæ бакæсдзыстæм, уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдты цы дамгъæтæ фыссæм, уыдоны тых- хæй. Ахуыргæнæг кæсы, стæй фæрсы: Цавæр уазджытæ æрбацыди Абеты хъæумæ? Бакæсут уыцы бынат. Бакæсут-ма дарддæр, куыд сæ суазæг кодтой Абеты фæсивæд? Цы загъта Абеты Абе? «Д». Тыхджынæр ахуыргæнинæгтæй исчи кæсы текст. Ахуыргæнæг. Куыд бафарста Абетæй иу? Цы дзуапп 13
ын радта иннæ? Бакæсут уыцы бынат. Цы сын загъта Д? Хæдзармæ куыст. Цыппар скъуыддзаджы аив кæсын сахуыр кæнут. Дзуаппытæ сцæттæ кæнут чиныджы сæ бынмæ лæвæрд фæрстытæн. 6-æм урок. «Фæллойы зарæг».1 «Хинæйдзаг уызын». А х у ы р г æ н æ г. Æркæсут нывтæм æмæ зæгъут, чи сæ цы æвдисы. Дзуапп: 1-аг нывы фæсивæд колхозон цæхæрадоны дыргътæ æфснайынц. 2. Адæм машинæтæй хор ласынц. 3. Шахтер хох къæртт кæны. 4. Поезд арæзтадон хъæдæрмæг фæласы. Уыдæтты архæйдтытæ иумæ куыд хуинынц? Дзуапп: Кусын, фæллой кæнын. Ахуыргæнæг æмдзæвгæ кæсы. Чиныджы лæвæрд фæрстыты руаджы аразы беседæ. Цавæр хæхтæ æмæ цавæр тынты кой ис æмдзæвгæйы? Бакæсут уыцы бынат. Дзуапп: Æмдзæвгæйы ис бæрзонд хæхтæ æмæ хуры рухс тынты кой. Куыд хоны поэт хуымты, дымгæйы? Зад хуымтæ, рог дымгæ. Советон фæсивæд хъæлдзæг æмæ зæрдæрухсæй кæй фæллой кæнынц, уый кæцы рæнхъыты æвдисы поэт? Бакæсут сæ. «Фæсивæды за- рынмæ мидбыл худынц зад хуымтæ». Бакæсут æмдзæв- гæйы фæстаг аст рæнхъы. Цы базыдтат ацы рæнхъытæй? Фæсивæд сæ Райгуырæн бæстæйыл сты æнувыд, сæ цардæй сын адджындæр у. Сæ амонд уынынц куыст- вæллойы. Зæхх адæмæн — цардыхос. Зарæг та — сæ царды цин. Уыйфæстæ сывæллæттæ дзуапп ратдзысты чиныджы 2-аг фарстæн. «Хинæйдзаг уызын». Чиныджы цы фæрстытæ ис, уыдон нывы мидис радзурынæн æгъгъæд сты. Фæрстыты бæсты раттæн ис пълан дæр: 1. Уызын фæткъуытæ йæ судзинтыл систа. 2. Уарын ныккалдта. 3. Уызын йæхи- цæн зонтик ссардта. Нывмæ гæсгæ куысты сывæллæтты дзуаппытæ вæййынц бынтон алыхуызон. Растдæрыл банымайын фæхъæуы, нывы мидис бæлвырддæр чи ’вдисы, стæй стилистикон æгъдауæй растдæр арæзт чи уа, ахæм дзуапп. Ахуыргæнæг сывæллæттæм дæтты фæрстытæ: Цы уынут 1-аг нывы? Цавæр бон у? Нывы цы уыныыц, уый хъуамæ дзурой аив арæзт хъуыдыйæдтæй: Сæрдыгон хур бон. Уызын фæткъуытыл йæхн уæлгоммæ аппæрста æмæ аф. д. 2-аг нывы бон йæхи 1 Чиныджы фæд-фæдыл лæвæрд ис дыууæ æмдзæвгæйы. Хуыз- дæр уыдзæн, хицæн урокты каст куы ’рцæуой, уæд. Уымæ гæсгæ сын сæ бынæттæ ивæм. 14
куыд аивта? Уызын цы ми кæны? Уарын ныккалдта. Уызын фæткъуытæ систа йæ судзинтыл. Уызын къæвдайæ йæхи куыд бахъахъхъæдта? Уызын ссардта зонтик æмæ йæ хæдзармæ хъæлдзæгæй араст. Ныхасы рæзтæн нывтæм гæсгæ дзурын у ахсджиаг мадзал. Сывæллæттæ сæ хъуыдытæ æмбарын кæнынц сæхи арæзт хъуыдыйæдтæй, агурынц, тынгдæр чи сбæзза, ахæм дзырдтæ .æмæ дзырдбæстытæ. Къаддæр акадын- дзинад нæй, нывæн йæ мидис кæй раиртасынц, уымæн дæр. «Хинæйдзаг уызын» радзурын хъæуы афтæ: I. Иу райдзаст сæрдыгон райсом уызын дыргъдоны фæцæйцыди. Кæсы, æмæ дын бæласы бын замманай сырхварс фæткъуытæ. Бахъазыди сæм йæ зæрдæ, фæлæ сæ куыд сиса — къухтæ йын, миййаг, нæй. Уæд сфæнд кодта хин хъуыддаг: уæлгоммæ атылди дыргътыл. Зыд- та, фæткъуытæ йæ сындзытыл кæй афидар уыдзысты. II. Куыддæр уызын йæ хæдзармæ араст, афтæ арв сатæгсау мигътæй æрбахгæдта. Уарын ныссæх-сæх ласта. Уызын сагъæстыл фæци: иуæй йæхæдæг хуылыдз кæны, иннæмæй йæ фæткъуытæн ахауынæй тæссаг у. Æнкъардæй, сæргуыбырæй фæцæуы, мæгуырæг. III. Мæнæ дын уызыны хæд размæ дынджыр рæсугъд къозо. «Ай мæнæ замманай зонтик куы у» — йæхины- мæры бацин кодта. Къозойы бын йæ сæр фæцавта æмæ йыл хæрдмæ схæцыд. Къозойы зæнг зæххæй фæиртæст, æмæ йæ гопп уызыны судзинтыл аззади. IV. Раззаг къæхтæй рахизæй къозойы хъæдыл ных- хæцыд, йæ сæр бæрзонд систа æмæ даргъ санчъех- тæгæнгæ хъæлдзæгæй йæ хæдзармæ араст уызын. Нывыл кусын дæр у текстыл кусыны хуызæн. Сывæл- лæттæн бамбарын кæнын хъæуы, нывæн йæ алы хай, йæ алы зынгæ деталы дæр сæрмагонд хъуыды кæй ис, уымæ гæсгæ сæм лæмбынæг кæсын кæй хъæуы. Зæгъæм, ацы нывтæй дыккаджы уызын (уарын ыл куы ’рцыди, уæд) æнкъард æмæ тарст у, йæ сæр бынмæ æруагъта сагъæсхуызæй. Фæстаг дыууæ нывы уызын у хъæлдзæг, зæрдæрухс: мидбылхудтæй йæ дзых суанг фæсхъусты онг схæццæ. Хъуамæ уыцы чысыл ивддзинæдты хъуыды ахуыргæнинæгтæ иртасой. Цæмæн схуыдта нывгæнæг уызыны хинæйдзаг?— фæрсы ахуыргæнæг. Дзуапп: Уызын æцæгæйдæр у хииæйдзаг — иуæй фæткъуытæ йæ судзинтыл систа, иннæмæй къозойæ зонтичы хуызæн спайда кодта. 15
Ахуыргæнæджы йæ хъус бадарын хъæуы, цымæ уыцы иу ныв пъланмæ гæсгæ хуыздæр радзуриккой æви фæр- стытæм гæсгæ. Сæ хъуыдытæ бæлвырддæр зæгъынæн сын фылдæр фадат кæцы дæтты. Ацы нывмæ гæсгæ саразæн ис фысгæ куыст дæр. Сывæллæттæ йын йæ мидис куы бамбарой, куы йæ ра- дзурой, уæд сын ахуыргæнæг сæ хæдзармæ дæтты бакусинаг — пъланы æххуысæй ныффыссут, нывы цы уынут, уый. Пълан раззаг урочы фыссынц сæ тетрæдты. Чиныджы цы æмбисæндтæ ис, уыдонæн сæ хъуыды æмбарын кæнын хъæуы ахуыргæнинæгтæн. 13-æм фарсыл ис æмбисонд. Ахуыргæнæг фæрсы, цымæ йæ сывæллæттæ куыд æмбарынц, стæй дзуры:— Бакусын фыдæбон у, фæлæ цыфæнды куыст дæр адæймагæн пайда у. Иæ сæр — сындз, ома йæ райдайын зын у, йæ бын — сой: куы йæ фæуай, уæд дзæгъæлы нæ уыдзæн. Хæдзармæ куыст. «Фæллойы зарæг» аив кæсын-,. мæ бацæттæ кæнын. Чиныджы фæрстытæм гæсгæ дзурын зонын иыв «Хинæйдзаг уызыи»-ы мидис. 7-æм урок. «Сой къæвда». «Сауцъиу æмæ Æхсыргур». «Арс æмæ мыд». Ахуыргæнæджы цыбыр разныхас. — Сымах арæх фехъусут хистæртæй: «Къæвда нæй, æмæ цæхæрадæттæ бахус сты. Тæхуды, иу уарыны æртах!» Цымæ цы ’ххуыс у къæвда зайæгойтæн? Уарыны дон зæххы ахъары, мæр сфæлмæн вæййы, æмæ йын зайæгойтæ йæ сой сцъирынц. Ахуыргæнæг рагацау сбæрæг кæндзæн æмдзæвгæйы аивадон мадзæлттæ: сой, сызгъæрин — эпитеттæ, арвы- ронау — барæн; æфсиртæ батилынц сæ сæртæ—мета- форæ. Уыцы терминтæ 3-æм къласы сывæллæтты нæма хъæуы зонын. Алы фыссæг дæр йæ хъуыдытæ аивадон хуызы рав- дисынæн йæ уацмысы спайда кæиы бæлвырд аивадон мадзæлттæй. «Сой къæвда»-йы ранымад дзырдтæ стыр æххуыс сты æмдзæвгæйы идейон мидис бæлвырддæр равдисынæн. Ахуыргæнæг æмдзæвгæ куы кæсын кæна, уæд дæтты фарст: Куыд хоны поэт къæвда? Цавæр донимæ йæ бары? Бакæсут райдианы дыууæ рæнхъы. Цæйау сæрттывта къæвдамæ дидинæг? Æмдзæвгæ кæсут дарддæр. Куыд зарынц адæм къæвдайы цинæй? Ба- кæсут æмдзæвгæйы кæрон. Фæрстытæн дзуапп куы раттой, уæд æмдзæвгæ кæсынц аив æмæ зæгъыпц, къæвда цы ’ххуыс у, уый, поэт уарыны сой къæвда цæмæн хоны, 16
«Сауцъиу æмæ Æхсыргур». Аргъау кæсгæйæ ахуыр- гæнæг сывæллæтты хъус æрдарын кæндзæн, мыдыбындз цы зарæг кæны, уымæ. Æнæуи куыд фæфыссæм, афтæ пæ, фæлæ æндæрхуызы фыст кæй у, ома дзырдты кæй ис дефистæ — цыбыр хæххытæ. Уый уымæн афтæ у, цæмæй кæсгæ-кæсыны дæр уайа зарæгау. (Ахуыргæнæгæн зонынæп: аргъауы сæйраг миниуæг уый у, æмæ дзурынæн арæзт вæййы. Дзурын æй фæхъæуы текстмæ хæстæг.) А х у ы р г æ и æ г. Бакæсут аргъауы райдайæн æмæ зæгъут, куыд зарыди мыды- бындз. Дарддæр дзы арæх у диалогтæ, уымæ гæсгæ аргъау хъæуы цæсгæмттæм гæсгæ бакæсын. Уыйфæстæ ахуыргæнæг фæрсы: Цавæр ныхас рауад Сауцъиу æмæ Æхсыргуры æхсæн? Бакæсут уыцы быыат. Ахуыргæнæг. Аргъауы архайджытæ адæймагау зонынц дзурын. Аргъæутты архайджытæ вæййынц фос, сырдтæ, мæргътæ, хур, мæй, стъалытæ, хъæд æмæ æнд. Фыссын сæ фæхъæуы стыр дамгъæйæ. «Арс æмæ мыд». Аргъау аив бакæсын. Ацы чысыл аргъаумæ раттæн ис ахæм фарст: Цæмæн у арс æнæ- дымæг æмæ цыбырхъус? Фарст домы текст æнæхъæнæй бакæсын, уымæ гæсгæ ахуыргæнæг дæтты хæслæвæрд: бакæсут текст уæхинымæры æмæ дзуапп раттут фарстæн. Дзургæйæ, ацахуыста-йы бæсты уæ бон зæгъын у иучысыл дзы ахордта, дымæг баивæн ис къæдзилæй. Уый руаджы сывæллæттæ базондзысты, уыцы дзырдтæн иу нысаниуæг кæй ис, уый. Хæдзармæ куыст. «Сой къæвда» аив кæсынмæ барæвдз кæнут. Иæ бынмæ цы хæслæвæрдтæ ис, уыдонæн дзуаппытæ сцæттæ кæнут. «Сауцъиу æмæ Æхсыргур» бакæсут. Чиныджы фыццаг цыппар фарстæн дзуаппытæ ссарут. Уæ зæрдыл æрлæууын кæнут, дыргъдæттæн пайда цавæр мæргътæ сты, зиан та. «Куысыфтæг æмæ Дурын». Аргъау бакæсыны размæ ахуыргæнæг йæ къласы зонгæ кæны Коцойты Арсены саби бонтимæ. Ног æрмæгмæ рахизыны тыххæй ахуыр- гæнинæгтæм дæтты хæслæвæрд: ранымайут-ма, 1-æм æмæ 2-æм кълæсты ирон фысджытæй кæйты уацмыстæ кастыстут. Сывæллæтты дзуаппытæм ахуыргæнæг æфтауы иннæ фысджыты нæмттæ. Стæй хæрз цыбырæй Дзуры Арсены тыххæй: Абон ноджыдæр базондзыстут пу ирон фыссæджы æмæ йыи амæй фæстæмæ кæсдзыстут нæ радзырдтæ. (Къласмæ æвдисы фыссæджы портрет. 2 Заказ №_2134 17
Фæйнæгыл фыстйæ райгуырды æмæ йæ амæлæты азтæ). Коцойты Арсен райгуырди Джызæлы. Арсеиы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй ахуыргæнæг фотоальбомæй æвдисы Джызæлы хуызист. Фыссæджы цардимæ баст портреттæ æмæ хуызистыты фæрцы сывæллæттæ зæрдиагдæрæй байхъусдзысты ахуыргæнæджы ныхасмæ, сцымыдис уыдзысты уацмыстæ бакæсынмæ. Арсен йæхæдæг йæхи тыххæй фыссы афтæ: «Куыд хъуыстон, афтæ радзурон мæ сывæллоны бонты тыххæй. Куы райгуырдтæн, уæд уыдис хъызт рæстæг. Мæ мад фæрынчынис æмæ бирæфæсадис. Æхсыр æм нæуыдис... Æндæр сыхмæ мæ хастой бон иу-дыууæ хатты дзидзи дæйынмæ. Æхсырæй хъуаг æййафгæйæ рæстæг фылдæр кæугæйæ æрвыстон. Фервæзын æнхъæл мын нæ уыдысты...»1 Дарддæр ахуыргæнæг аив арæзт, æнцонæмбарæн хъуыдыйæдтæй сывæллæттæн сæ кармæ гæсгæ дзуры Арсеныцарды хабæрттæ: чысылæй ахуыр кодтаДжызæ- лы райдайæн скъолайы (фотоальбомæй æвдисы уыцы скъолайы хуызист). Ам Арсенимæ иумæ ахуыр кодтой ирон зындгонд фыссæг, революционер Гæдиаты Цомахъ, скульптор Адеты Барысбй (кæс альбом). Арсен чысылæй рынчынтæгæнаг уыди. Уый тыххæй йæхæдæг афтæ ныффыста: «Æз арæх рынчын кодтон, æмæ мæ ахуыр цыдис цухтæгæнгæ. Иухатт рынчьш уæвгæйæ айхъуыстоп, ме ’мбæлттæй, дам, æртæйæн, хуыздæр чи ахуыр кæны, уыдонæн, ахуыргæнæг радта цавæрдæр хорз чингуытæ. Иу, дам, дзы мæнæн нысан- гонд уыдис, фæлæ, дам, æгæр рынчын кæй хæссын, уымæ гæсгæ мын бацæуын æнхъæл нал уыдысты æмæ чиныг мæ бæсты æндæрæн радтой. Æз ссыгъдтæн. Мæ низ нал æрхъуыды кодтон, фæлæ дыккаг бон бацыдтæн скъола- мæ. Бацин мыл кодтой ахуыргæнæг дæр, ме ’мбæлттæ дæр. Ахуыргæнæг райста чиныг, мæ бæсты кæмæн лæвæрд уыдис, уымæй æмæ йæ мæнæн радта. Фæлæ уыцы лæппуйæн йæ цæссыгтæ куы ’ркалдысты, уæд ын ахуыргæнæг цыдæр рæвдауæн ныхæстæ загъта æмæ йын ралæвар кодта æндæр чиныг».2 Ацы эпизод ма ахуыргæнæгæн феххуыс уыдзæн хъомыладон куыстæн дæр: фидæны фыссæг чысылæй кæсын тынг уарзта. 1 Коцойты Арсен. Уацмыстæ, II том, Орджоникидзе, 1972, ГЮ7 фарс. 2 Уый дæр уырдыгæй, 308 фарс. 1?
Уыйфæстæ ахуыргæнæг скæндзæн цыбыр разныхас: Кодойты Арсен сывæллæттæн ныффыста иукъорд ра- дзырды: «Дæндæгты дохтыртæ», «Хъæддзау», «Пионер Габо», «Хъусой», «Фæкæс-ма, Ауызби!» «Дада æмæ хъæба- тыр бындз», аргъæуттæ: «Куысыфтæг æмæ Дурын», «Тулдз æмæ Мæцыкъор» æмæ æнд. Аргъæутты архай- джытæ мигæнæптæ дæр вæййынц, æмæуæдсæ нæмттæ фыст цæуынц стыр дамгъæйæ. Абои цы аргъау кæс- дзыстæм, уым архайджытæ сты куысыфтæг æмæ дурыы. Аргъауыл кусын хъæуы радзырды хуызæн. Царды афтæ нæ вæййы, уый фыссæджы фантази у, зæгъгæ, сывæллæттæн дзурын нæ хъæуы. Сæхæдæг дæр æй æмбарынц. Уадз æмæ дисы æфтой, цин кæной, сæ фан- тази рæза. Чиныджы фæрстытæй дыккагæн дзуапп раттыны тыххæй сывæллæтты зонын хъæуы, куысыфтæг рог кæй у. Уый тыххæй бакæнын хъæуы дзырдуатон куыст. Куысыфтæг у хæрæгнасы мыггаг, æцæг йæ цъар — лæгъз, у къаннæг дурыны æнгæс. Ие ’ппытæ йын ссыгъ- дæг кæнынц, æмæ, куы ныххус вæййы, уæд дзы пайда кæиыпц мигæнæны хуызæн. Ныртæккæ бирæ скъолаты ис алыхуызон техиикон фæрæзтæ. Уыдонæй урокты пайда кæнын у ахсджиаг мадзал. «Куысыфтæг æмæ Дурын» фыст у фонохрес- томатийыл. Кæсы йæ Цæгат Ирыстоны АССР-ы сгуыхт артисткæ Уыртаты Верæ. Сывæллæттæ байхъусдзысты артисты аив кастмæ. Уыйфæстæ аргъау сæхæдæг бакæсдзысты рольтæм гæсгæ. Куысыфтæг артæй кæм фæтарсти, уыцы бынат кæсын хъæуы тарст хъæлæсы уагæй: «—Ме ’сæфт æрцыди, Дурын! Уæртæ быдыры кæрдæг судзгæ æрба- цæуы, æмæ мын аирвæзæн нал ис — басудздзынæн!»— цыма йыл тæфсæг бахæцыди, уыйау базБф-зыр кодта Куысыфтæг. « —Ма тæрс, Куысыфтæг,— сабыр æй кæны Дурын.— Ницы дын уыдзæн, æз дæ фервæзыи кæндзынæн». Ам ахуыргæнинæгтæ Дурыны ныхæстæ кæсынц сабыр, æдас хъæлæсы уагæй. Архайд куыд цæуы, цæмæй йæ сывæллæттæ афтæ фæд-фæдыл радзурынмæ сарæхсой, уый тыххæй æппæты фьщцаг раттын хъæуы ахæм бакусипаг: радзурын аргъауы райдайæн, дыууæ хæлары балцы куы араст сты, уый онг. Дарддæр раттып хъæуы чиныджы æртæ фарсты. 19
Ныр ахуыргæнæдЖы хæс у къласы хатдзæгмæ æркæнын: Куысыфтæг баххуыс кодта Дурынæн, тасы сахат Дурын фервæзын кодта Куысыфтæджы. Куыд схонæн ис уыцы æххуысæн? Дзуапп хъуамæ уа афтæ: ахæм æххуыс кæрæдзийæн бакæнынц хорз хæлæрттæ. Ахуыргæнæг фæбæлвырддæр кодта сывæллæтты дзуапп: уæдæ ацы аргъау фыст у хæлардзинадыл. Хæлардзина- дæн стыр тых кæй ис, уыцы хъуыды бавæрдта Арсен аргъауы бындуры. Уыйфæстæ ахуыргæнæг фæрсы къласы, хæлардзинады тыххæй цавæр æмбисæндтæ зонынц, уымæй. Сывæллæттæ цы зæгъой, уымæ ахуыр- гæнæг бафтаудзæн мæнæ ацы æмбисæндтæ: 1. Хорз æмгар зын сахат сбæрæг вæййы. 2. Бæлас куы акæлы, уæд йæ сыхагыл банцайы. 3. Хуры разæй дæр лæг йæ сыхаджы фены. 4. Знагæй лымæн скæн, фæлæ лымæнæй зпаг ма скæн. 5. Хъæуæн галæй хъæуæн лымæн хуыз- дæр у. 6. Æнгом бинонтæ цард арынц, æнгом цуанон- тæ саг марынц. Ахуыргæнæг сывæллæттæп æмбарын кæны аргъауы æвзаг æмæ аивадон мадзæлттæ. Уый тыххæй йæ ахуыргæнинæгтæ кæсынц ногæй. А х у ы р г æ н æ г. Аргъау кæрæй-кæронмæ фыст у Куысыфтæг æмæ Дурыиы ныхæстæй. Уый хуины диалог. Авторы ныхæстæ фыст сты адæмон сфæлдыстады аргъæутты хуызы: «Раджыма-раджыма цардысты, уыдысты дыууæ хæлары — Куысыфтæг æмæ Дурын. Иухатт Куысыфтæг бацыди Дурынмæ æмæ йынзæгъы», «Цæуынц, цæуынц æмæ бахæццæ сты стыр цæугæдон- мæ». Афтæ райдайынц адæмон аргъæуттæ дæр... Уыйфæстæ ахуыргæнæг кæсын кæны уыцы абзацы фæстаг æртæ хъуыдыйады: «Иæ фæйлауæнтæ кæрæ- дзийы сæрты бырстой, йæ уынæрæй хъустæ къуырма кодтой. Дурын æм куы бакасти, уæд фыр тæссæй базыр- зыр кодта». Стæй фæрсы, цы амоныпц, уымæй. Дзуапп хъуамæ уа афтæ: уыцы хъуыдыйæдтæй фыссæг равдыста, цæугæдон æцæгæй дæр стыр кæй уыди, уый. Ам дурын æвдыст у удгоймаджы хуызæи,— афтæ бамбарын кæндзæн ахуыргæнæг сывæллæттæн аргъауы æвзаг æмæ аивадон мадзæлттæ. Аргъауы мидис хуыздæр бахъуыды кæныны тыххæй бакæнæн ис ахæм методикон куыст, цæмæй йæм сывæл- лæттæ саразой дзырдтæй нывтæ. Цымæ аргъауы кæцы бынæттæм ис нывтæ скæиæн?— фæрсы ахуыргæнæг 20
къласы. Дзуаппытæ хъуамæ уой афтæ: 1. Куысыф- тæг Дурынмæ бацыди æмæ йæ хоны балцы. 2. Куысыф- тæг Дурыны йе ’ккойы скодта æмæ йæ фæхæссы доиы иинæ фарсмæ. 3. Сыгъд æрбахæццæ. Дурын Куысыф- тæджы йæхицæй æмбæрзы (кæнæ æрæмбæрзта). Æрмæг ныффидар кæныны тыххæй бакæнæн ис ахæм куыст. Аргъау «Куысыфтæг æмæ Дурын» ахуыр- гæнинæгтæ сæ хæдзары бакæсдзысты æмæ йæ аив дзурын зоидзысты. «Æрра фиййау». Ахуыргæнæджы разныхас. Сымах фарон дæр, æндæраз дæр кастыстут аргъæуттæ, æмбисæндтæ, таурæгътæ. Уыдон адæм сæхæдæг скод- топ, æмæ хуинынц адæмон сфæлдыстад, кæнæ фольк- лор. Хетæгкаты Къоста стыр дæсны уыд ирон æмби- сæндты бындурыл æмдзæвгæтæ фыссынмæ. Абон дзы бакæсдзыстæм æмдзæвгæ «Æрра фиййау». (Ахуыр- гæнæгæн зонынæн: Къостайæн йæ иу чысыл блокноты фыст ис æмбисæндтæ. Уыдонæй пу у ахæм: «Хохы сæ- рæй мигъмæ бæмбæг æнхъæл рагæпп кодта æмæ пых- хæррæгъ».) Ахуыргæнæг аив кæсы, стæй дæтты иу- дыууæ фарсты, фиййауы обрæз раст цæмæй бамбарой, уымæн феххуысы тыххæй: 1. Поэт йе ’мдзæвгæйы кæй кой ракодта? 2. Куыд хопы уыцы фиййауы? 3. Æррайы бæсты ма йын куыд ис схонæн? Æдылы, æнæзонд. Æмдзæвгæ аив кæсынмæ бацæттæ кæнын. Бакæсут 1-аг строфа уæхинымæры æмæ зæгъут, цæимæ абарста поэт мигъы. Уыцы строфайы фæстаг дыууæ рæнхъы æмхъæлæсæй бакæсут. 2-аг строфа уæхинымæры бакæсут. Иæ фыццаг хъуыдыйад ын бамбарын кæнут уæхирдыгонау (Æрфæндыд æй уырдæм). Бакæсут 3-аг строфа æм<æ зæгъут, фиййау йе ’дылы зондæй цы бауынаффæ кодта. Сæмбæлдзыстут дзы дзырд уæзæгыл. Йæ хъуыды йын кæсынц фæйнæгыл фыстæй: уæлкъуы- быр, уæлхох. Æмдзæвгæ кæронм>æ бакæсут. Цы фæци фиййау? Ахуыргæнинæгтæ æмдзæвгæ кæрæй-кæронмæ сæхи- нымæры кæсынц æмæ йæ, чи куыд бахъуыды кодта, афтæ дзурынц. Уыйфæстæ йæ хъæрæй аив кæсынц. Ахуыргæнæг амоны, наизусть ахуыр кæнын æй цып- пæргай рæнхъытæй хъæуы, уый. «Хæххон бæлццон». Ахуыргæнинæгты кæсынмæ барæвдз кæнын. Радзырды ныхас цæуыл цæуы, уый сьшаеллæттæн æнæ зонгæ нæу; федтой суадон, фехъуы- ст°й, зæхх (æмæ зайæгойтæн дон цардыхос кæй у, 21
электростанцæтæ доны тыхыл арæзт кæй сты. Уымæ гæсгæ урок райдайæн ис беседæйæ: 1. Кæм -æвзæрынц цæугæдæттæ æмæ кæдæм кæлынц? 2. Цæугæдæттæ адæймаджы царды цы ’ххуыс сты? 3. Кæцæй нæм цæуы электрон рухс? Цæй хъаруйæ кусынц электростанцæтæ? 1-аг абзац кæсы ахуыргæнæг. Дарддæр кæсы сывæл- лæттæй иу хъæрæй. Ахуыргæнæг къласмæ дæтты баку- синæгтæ: 1. Байхъусут æмæ уыйфæстæ радзурдзыстут, суадон æмæ дуры ’хсæп цы ныхас рауади, уый. 2. Ба- кæсут æмæ радзурут суадон æмæ бæрзы ныхас, суадон æмæ уыгæрдæны ныхас. 3. Радзырды кæрон уæхины- мæры бакæсут æмæ йæ радзурут. Фæйнæгыл фыст дзырдтæ: урссæр, уазал, хæххон, цъæхснаг. Ахуыр- гæнинæгтæ радзырды райдиан сæхинымæры кæсынц æмæ агурынц уыдонæн семæ баст дзырдтæ, стæй сæ хъæрæй кæсынц. Дарддæр радзырд рольтæм гæсгæ бакæсын. Дзуапп раттын чиныджы 3-аг бакусинагæн. Хæдзары аив кæсын базонын радзырд. «Хосгæрст». (Ахуыргæнæгæн зоныиæн: Ацы æм- лзæвгæ у лирикон. Лирикон герой — æмдзæвгæ кæй номæй фыст у, кæй хъуыдытæ æмæ дзы æнкъарæнтæ æвдыст æрцыдысты, лирикон поэзийы уыцы архайæг арæхдæр вæййы поэт йæхæдæг. Поэт пæ хъуыдытæ, йе ’нкъарæнтæ равднсы нывты руаджы, обрæзты фæрцы). Хъамбердиаты Мысост йе ’мдзæвгæйы сарæзта хосгæр- сты пыв: къуыппытыл тæрхъус фæлидзы, рог дымгæйæ кæрдæг ризы, хосгæрдæг хъæлдзæгæй зары, фыр куы- стæй йæ хид йæ фæсоитæй акалд, йæ цæвæджы сæрмæ I оппойцъиу стахт. Дзырдуатонкуыст. «Ды бынозты каф» — кæрдæг хæрз карст кæн, цæвæг. Уис — хосгæр- сты иу уадздзаг. «Ды мæ уис <æрхаф» — цы уадздзаг хæссын, уый ракæрд. Ахуыргæнæг æмдзæвгæ кæсы. Уыйфæстæ кæсынц сывæллæттæ. Цæмæн зæгъы лирикон герой афтæ: «Уæнгты туг æхсиды, хъæлдзæг у мæ бон»? Цæмæн у йæ бон хъæл- дзæг? Уымæн æмяэ йæ куыстæй йæ зæрдæ рухс кæны, æмæ уый руаджы йæ туг йæ буары хъазы. Хъамбердиаты Мысост ацы æмдзæвгæ куы ныф- фыста, уæд ыл цыди æрмæст 18 азы, æдæппæт та 22 азы йедтæмæ пæ фæцарди, афтæмæй ныффыста бирæ æмдзæвгæтæ, цалдæр поэмæйы. Ахуыргæнинæгтæм хъæуы поэты къам æмæ «Цин»-ы 1962 азы рауагъд равдисын. 22
Æмдзæвгæ «Хосгæрст»-ы Мысост равдыста æрдзы асмæ куысты ныв, сæ рæсугъддзинад, адæймаджы цин уыдоныл. Фæрстыты руаджы ахуыргæнинæгты уыцы хатдзæгм-æ æркæнын. Бакæсут æмдзæвгæ æмæ зæгъут: Цавæр нывтæ ауад уæ цæстытыл 1-аг цыппар рæнхъы кæсгæйæ. Кæимæ ныхас кæны хосгæрдæг 2-аг строфайы æмæ йын цы зæгъы? Æмдзæвгæ аив бакæсын æмæ йæ наизусть ахуыр кæнынмæ бацæттæ кæнын. «Бонрæфты». Цæмæй ахуыргæнинæгтæ кæсыны чиныджы лæвæрд 2-аг бакусинаг æнæкъуылымпыйæ сæххæст кæной, уый тыххæй уал раздæр текст хъæуы хъуыдыйадгай равзарын бакусинæгтæм гæсгæ: 1. Бакæ- сут уæхинымæры æмæ ссарут, хуры тыххæй цы загъ- дæуы. 2. Мигъы къуымбилтæ цы кæнынц. 3. Цъиутæта? 4. Сыфтæртæ цы ми кæнынц? 5. Мæргътæ цы кусынц? Дзуапп дæттын райдайдзысты текст хъæрæй бакæсыны фæстæ. «Цы хъауджыдæр сæ ис?» Ахуыргæнииæгтæ ахуыр- гæыæджы æххуысæй ранымайдзысты, нывы цы пред- меттæ ис, уыдон. Гæды, порти, гагадыргъы къалиу æмæ лæппу. Уыйфæстæ уыцы иугай нывтæй алкæцымæ дæр лæмбынæг æркæсæнт галиу кълеткæйы, стæй та — ра- хпзы. Хъуамæ раиртасой: гæдыйæн фыццаг нывы йæ рихиты ис фæйнæ æртæ ’æрдуйы, дыккаджы — галиу æрдутæй иу фæхъуыди. Футболæн раздæр йæ сау хъулæттæ сты дæлæмæ-уæлæмæ. Иннæ нывы йæ азылд- той æмæ йæ æрæвæрдтой йæ урс хъулоныл. Рахиз нывы цы къалиу ис, уымæй иу сыфтæр фæхъуыди (гагаты тæккæ сæрмæ). Лæппу йæ роны æргъæвджытæ иннæр- дæм азылдта. Аив дзурынæй дарддæр ахæм куыст сывæллæтты ахуыр кæны сæ алыварсы предметтæм лæмбынæг кæсыныл. «Худынц сывæллæттæ». А х у ы р г æ н æ г. Æз кæс- дзынæн, сымах зæрдиагæй байхъусут. Каст куы фæуон. уæд мын радзурдзыстут, уæ цæстытыл цавæр нывтæ ауадп. Уыйфæстæ ахуыргæнинæгтæ радзырд сæхины- мæры кæсынц ахæм бакусинаг сæххæст кæныны тыххæй: 1. Радзурут хæрæджы тыххæй: а) кæм лæу- уыди — ома архайды бынат, б) цыхуызæн уыд уыцы хæрæг—архайæджы æддаг бакаст. Кæсынц дарддæр агмæ дзурынц машинæ >æмæ хæрæджы тыххæй. 2-аг 23
кастæн чиныджы 1-аг бакусинаг сæххæст кæнын. Ахуыр- гæнинæгтæ пълан чиныгæй сæ тетрæдтæм фыссынц. Хæдзарысæххæст кæнын2-агбакусинаг. Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. Кæсыны чиныджы алы хайы фæстæ дæр хъæуы рацыд æрмæг ныффидар кæнын. Уацмысты бынмæ цы хæс- лæвæрдтæ ис, уыдон нал хъæуы дæттын, уацмыстæ лæм- бынæг æвзæрст нал цæуынц. Лæвæрд цæуынц ахæм куыстытæ, цæмæй сбæрæг уа, ацыд æрмæг куыд бам- бæрстой, уый. 1. Хъæууынгты — цингæнæг Адæмы змæлд. Нал хъуысы хъæугæроп Стыр доны зæлд. Зæгъут-ма, цавæр æмдзæвгæйæ ист у ацы скъуыд- дзаг? Баивут дзырд зæлд æндæр дзырдæй—синонимæй. 2. Кæд схæлар сты Куысыфтæг æмæ Дурын? Аргъауы сæйраг хъуыды цавæр у? Æрхæссут æмбисæндтæ хæлар- дзинады тыххæй. 3. Радзурут наизусть æмдзæвгæ «Æрра фиййау». Зæгъут, кæй фыст у. 4. Сымах кастыстут радзырд «Хæххон бæлццон». Кæй хоны фыссæг хæххон бæлццон? Цы феххуыс дон быдыр- тæп, зайæгойтæи? 5. Кæй фыст у æмдзæвгæ «Хосгæрст»? Радзурут æй наизусть. Дзырдуатон куыст: Ахуыргæнипæгтæ цы ног дзырдтæ базыдтой, ахæмтæ кæсыны чиныджы I хайы сты фараст. Уыдон зæрдыл бадарынæн бакæнæн ис ахæм методикон куыстытæ: 1. Æнæмæнг бахъуыдыгæнинаг дзы чи у, уыдоп ахуыргæпæг фыссы фæйнæгыл, сывæл- лæттæ алы дзырдимæ дæр зæгъынц хъуыдыйад. 2. Ахуыр- гæнæг кæсы хъуыдыйæдтæ бахъуыдыгæнинаг дзырдтимæ æмæ дæтты бакусинаг, баивут уыцы дзырдтæ æндæр- тæн, зæгъгæ. II ХАЙ «Хæхты». Ахуыргæнæг. Поэт аив дзырдтæй сныв кодта хæххон æрдзы рæсугъддзинад, æмдзæвгæйы 2-аг, 3-аг, 4-æм строфатæ бакæсут æмæ ссарут уыцы рæсугъддзинад æвдисæг рæнхъытæ (Ахуыргæнæгæн: «хæхтыл ма аззайы рихийау мит», «райсомæп байдайы уаддым æхситт», «хуры тыи къæдзæхыл суайы сырхæй», 24
«гауызау быдыртæ»).Æмдзæвгæйы райдиан сывæллæттæ кæсьпт сæхинымæры æмæ дзуапп дæттынц фарстæн: Кæдæм ацыди колхозон сæрды? (1-аг цæсгом ивынц 3-аг цæстом-æй). Æмдзæвгæ кæронмæ бакæсын æмæ сбæлвырд кæнын, цæуыл фыст у, уый. (Быдыры колхоз- тæ сæ фысвос сæрдыгон аскъæрынц хæхбæсты сойджын сæрвæттæм. Сатæг уæлдæф æмæ дзаджджын хизæнты фос снард вæййынц. Фæззæджы сæ фæстæмæ сæхи фермæтæм æртæрынц). Æмдзæвгæйæ пайда кæнут, афтæмæй радзурут, цæимæ бары поэт: а) хæхтыл цы мит аззайы, уый; б) быдырты цæим.æ бары æмæ сæ цы зæгъы; в) фиййау йæ уадындзæй зары æмæ зары — поэт уый йе ’мдзæвгæйы куыд зæгъы. Уый фæстæ сæххæст кæнын кæсыны чиныджы лæвæрд дыууæ бакусинаджы. «Мæргъты уæлдæфон фæндæгтæ». Ацы текст у наукон- понулярон статья, уымæ гæсгæ йæ фыццаг каст кæнынц аухыргæнинæгтæ сæхæдæг. Статьяйæн йæ райдиан у, æндæр рæттæм чи атæхы, уыцы мæргъты тыххæй; дард- дæр та — зымæгиуат ам цы мæргътæ кæнынц, уыдоны тыххæй. Ахуыргæнинæгтæ текст кæсынц хайгай æмæ дзуапп дæттынц йæ бынмæ лæвæрд бакусинаг æмæ фарстæн. «Мæкъуылтæ фервæзын кодта». Фæрстытæ радзырд бакæсыны размæ беседæйæн: 1. Ранымайут-ма, нæ алыварс цы предметтæ уынæм, уыдонæй æхсæнады исбоныл кæцытæ ис банымайæн. 2. Цавæр цæстæй хъуамæ кæса ахуыргæнинаг æхсæнады исбонмæ-мулкмæ? Ныртæккæ кæсдзыстæм радзырд. Зæрдиагæй байхъусут æмæ зæгъдзыстут, цымæ дзы фыссæг цы рав- дыста. Ахуыргæнæг аив кæсы I хай æмæ фæрсы. Цы куырдта Азæмæт йæ фыдæй? Радзырд кæсгæйæ хъус дарын хъæуы фыццаджыдæр сюжетмæ, архайд куыд райдыдта æмæ куыд цæуы, уымæ, геройты архайдмæ. Радзырд сывæллæттæ куы бакæсой, уæд дзуапп ратдзысты чиныджы 1-аг æмæ 2-аг пункттæн. Дыккаг кастæн сбæрæг кæндзысты, ныв радзырды кæцы бынат æвдисы, уый. Цæмæй сывæллæттæ радзырды сæйраг хъуыды бамбарой, уый тыххæй раттæн ис ахæм фæрстытæ: 1. Дзесты Куыдзæг ацы радзырды цы рав- дыста? 2. Сымах та куыд бакæниккат Азæмæты бынаты? Уацмыс аив бакæсын <æмæ Азæмæты сæрæндзинадæн аРгъ скæнын. «Бæркадхон». Радзырдмæ фыццаг касты размæ 25
сæвæрын хъæуы ахæм бакусинаг æмæ фарст. 1. Бакæсут æмæ ранымайут, цæхæрадоны цæрджытæ цæмæй зæгъы фыссæг. 2. Цæмæн хоны Бæркадхон зымæджы йе ’знаг? Бакусинæгтæ дыккаг кастæн. «— Офф, офф, офф! Цæй уынгæг нын у ацы бынат,— бахъынцъым кодта урсбоцъо хистæр нартхор æмæ йе ’мбæлттæн сæ фылдæры кæрты къутумæ арвыста». Ацы хъуыдыйад æвдисы, нартхор тынг хорз кæй æрзади, бынат дæр ын кæй нæуал фаг кодта. Цымæ йæ ахуыр- гæнинæгтæ афтæ бамбæрстой? Сбæлвырдгæнæн ын ис фарсты руаджы: Цæм’æн уыди нартхæрттæн уыцы бынат уынгæг? «Мæ фæрцы уын холлаг — къубалмæ» (Бæркадхон зæгъы фосæн). «Минас—къубалмæ» (хæдзары хицау дзуры Бæркадхонмæ). Ахуыргæнинæгтæ сæ зæгъæнт æндæрхуызы, дзырд къубалмæ куыд æмбарынц, уый тыххæй. Цæмæн хоны Бæркадхон зымæджы йе знаг?— Бæркадхон цæры фæззыгон, зымæджы ралæудимæ фæззæг фæвæййы. Радзырды тынг бирæ ис миногонтæ, (бурбын уадултæ, цъæх арвæй, зæлдаг бецыкк, урсбоцъо хистæр, хæмпус губакк, гæлдæрджын настæ, мигъдзаст цæстытæ æмæ аф. д.) Уымæ гæсгæ ам бакæнæн ис грамматикон куыст, Сывæллæттæ йæ сæ хæдзары куы кæсой, уæд дзы рафыс- сæнт фæйнæ фондз миногоны семæ баст номдартимæ. Уымæй дарддæр дзуаппытæ сцæттæ кæнæнт чиныджы фæрстытæн. «Зыдгæнаг мыст». (Ахуыргæнæгæн. Ирон адæммæ ис ахæм æмбисонд: «Фыр хæрд — фыд рын». Йæ хъуыды у афтæ: æгæр бахæрын зиан хæссы. «Гуыбыны фыдæй — цæст урс» — ахæм æмбисонд дæр ис. «Зыдгæнаг мыст» фыццаг æмбисонды бындурыл фыст у). Бакæсын æмбисонд æмæ дзуапп раттын фарстæн: Мыст æгъдауыл хæрд куы бакодтаид, уæд та цымæ æмдзæвгæйы кæрон куыд уыдаид?— Иæ хуынчъы абыры- даид æмæ гæдыйы дзæмбыты не смидæг уыдаид. «Уарзут хъæд». Статья бакæсын æмæ чиныджы фæр- стытæн дзуапп раттын. Уыйфæстæ ахуыргæнæг къласмæ дæтты хæслæвæрд, цæмæй, тексты цы ис, уымæй дарддæр хъæды пайдайы тыххæй радзурой. «Парчы». Текст у прозæйæ фыст лирикон æмдзæвгæ. Ахуыргæнæг æй аив кæсы. Фæрстытæ уацмысы мидис бамбарынæн: 1. Цæй кой кæны фыссæг 1-аг скъуыд- дзаджы? 2. Цы дзы зæгъы доныхъазты тыххæй? 3. Ца- 26
вæр гæдыбæлæсты кой дзы ис? 4. Цæйау афæлвары мæй алидзыпыл? 5. Бакæсут дарддæр. Зæгъут-ма, цы уынынц ^оныхъазтæ цады бын. Цы ’нхъæл ын сты? Куыд хоны поэт доныхъазты? Цы зæгъы фыссæг йæхи тыххæй? Т ек с т а и в б а к æ с ы н. Уацмысы мидис зæрдыл бадарыны тыххæй йæм ахуыргæнинæгтæ кæнынц дзырдтæй нывтæ. «Нартхоры гага Урсдæндаг». Таурæгъ ахуыргæнæг аив кæсы, стæй къласæн зæгъы: цæлхытæ куыд зарыдыс- ты, уый бакæсут. Дарддæр сæм чиныджы фæрстытæ пугай дæтты, æмæ ахуыргæнинæгтæ дзуаппытæ хъæрæй кæсынц. Дыккаг каст æй кæнынц æнæхъæпæй. Хæдзары таурæгъ аив кæсынмæ бацæттæ кæнын. «Фæззæджы нывтæй». Сывæллæттæ æмдзæвгæйы хъуыды раст бамбардзысты æви иæ, уый сбæрæг кæныны тыххæй сæм ахуыргæнæг дæтты фарст, йæхæдæг æй аив куы бакæса, уæд: Поэт афæдзæн йæ кæцы афоны ныв сарæзта? Бакæсут райдайæн цыппар рæнхъы æмæ зæ- гъут, ныхас цæуыл у ам? 2-аг строфайы та цæй кой кæны поэт? Дзырд сидт аивут æндæр дзырдæй (йе уынæр, йе хъæр). Цы зæгъы хъæд æмæ кæрдæджы тыххæй? Ба- кæсут 3-аг строфа. Фæстаг цыппар рæнхъы бакæсут. Зæгъут, хуымтæ цыхуызæн сты. «Бон фæлладхуызæй кæсы» — бон æвдыст у адæй- маджы хуызы, бонæн фæллад уæвæн нæй. Бон удæгасæй æвдисын у аивадон мадзал (Ахуыргæнæгæн: олице- творени). Æмдзæвгæйы мидис зæрдыл бадарыны тыххæй спай- дагæнæн ис ахæм методикон куысты хуызæй: ахуыр- гæнинæгтæ æмдзæвгæ аив куы бакæсой, уæд алы строфамæ дæр аразынц дзырдтæй нывтæ. «Ныхасы бар халсартæн». Ахуыргæнæг тексты фыц- цаг абзацæй пайда кæны беседæйæн. Статья æнцонæм- барæн у, уымæ гæсгæ йæ сывæллæттæ кæсынц кæрон- мæ æмæ дзуапп дæттынц чиныджы 1-аг, 2-аг æмæ4-æм фæрстытæн. Цæхæра æмæ уырыдзы та куыд хъæуы æфснайын? Ссарут уыцы бынат æмæ йæ бакæсут. Хæ- Дзары кæсгæйæ ахуыргæнипæгтæ дзуапп сцæттæ кæн- Дзысты чиныджы лæвæрд хæслæвæрдтæн. «Хъæбатыр хъаз» (хибарæй кæсынæн). Хибарæй кæсынæн разамынд дæттынæн хъæуы сæр- магонд уроктæ. Ахуыргæиæг йæ къласæн иннæ хатмæ хибарæй кæсы- ч*н уацмыс куы дæтта, уæд сын дзы хъуамæ зæгъа 27
исты диссаг цау, кæнæ акæса уыцы бынат, йе та й наизусть радзура. «Хъæбатыр хъаз»-ы ахæм бынат у, Хъызы доны уылæнты бын кæм аныгъуылд, уый. Хибарæй кæсыны иннæ урочы сбæрæг хъæуы, уацмы ахуыргæнинæгтæ сеппæт дæр бакастысты æви нæ. УьГ тыххæй спайдагæнæн ис ахæм методикон фæрæзтæй: ахуыргæнæг къласмæ дæтты иу-дыууæ фарсты уацмы- сæй. Зæгъæм: Читæ сты радзырды архайджытæ, раны- майут сæ. Ахуыргæнæг уацмысæй цыбырæй зæгъы искæцы бынат, сывæллæттæ йæ дарддæр дзурынц.- Зæгъæм: Фарон иу фæззыгон изæр æрæгмæ зындысты нæ хъазтæ. Æз сæм агурæг ацыдтæн. Стæй фæрсы: Радзурут, Бало сæ хъазты ссардта æви иæ. Иу ахуыр- гæнинаг дзуапп дæтты, дарддæр дзурынц æндæртæ. «Сырддонцъиу;». Радзырд бакæсыны фæстæ йын йæ мидис радзурын чиныджы бакусинæгты æххуысæй. Йæ сæйраг хъуыды сбæлвырд кæныны тыххæй раттын фарст: Цымæ цавæр тых уыди, сырддонцъиуы куыдзмæ чи бауæндын кодта, уый? Ахуыргæнæджы кæронбæттæн ныхас сывæллæтты дзуаппы фæстæ: Сырддонцъиумæ куыдз тынг егъау тых касти, фæлæ уæддæр иу-дыууæ хатты йæхи баскъæрдта куыдзы ссырджын дзыхырдæм. Куыдзимæ йæ тых авзарын ф-æнд скодта йæ лæппыны фервæзын кæныны сæраппонд. Йæ лæппыны йæхи аууон фæкодта, фыр тæссæй йæ буар рызти, йæ хъæлæс фендæрхуызон, афæсус, фæцæймарди. Мады тыхджын уарзондзинад йæ хъæбулмæ — уый у радзырды сæйраг хъуыды — идейæ. Дыккаг касты фæстæ дзуапп раттын чиныджы бакусинаг æмæ фæр- стытæн. Æмбисæндтæ иннæ хатмæ ахуыргæнинæгтæ зонæнт æнæ чиныгмæ кæсгæйæ. «Дымгæ сыстад». 1-аг бакусинаг: Æмдзæвгæ хины- мæры бакæсын æмæ йæ текстмæ хæстæг радзурын. Дзуапп: Сæумæрайсом хохæй быдырмæ радымдта. Хуры рухсмæ æртæх цæппузырау хъазы — æрттивы. Кæрдæг æртæхæй æруæззау. Сыфтæртæ ризынц. Хуры 1ынтæй зæрдæ рухс кæны. 2-аг бакусинаг: Фæстаг цыппар рæнхъы бакæсын æмæ зæгъын, цы дзы равдыста поэт. Дзуапп дæтгæйæ 1-аг цæсгомы бæсты æвæрут 3-аг цæсгом. Дзуапп: Поэт уарзы, быдыртæ куы ферттивынщ уæд уый, дымгæйы 28
митæ — фæндон. Кæрдæг йæ хуыз ивы, уымæн æмæ хУр куы ’ркаст, уæд æртæх сысын райдыдта. д х у ы р г æ н æ г. Æртæхы тыххæй поэт фыссы: «Урс цæппузыртæй зыпы». Уын у аивадоп мадзал (мета- фора — термин ахуыргæнинæгты нæма хъæуы.)—æртæ- хæп цæппузыр уæвæп нæй). Æмдзæвгæ аив бакæсын. «Фæсмон». Нывтæм æркæсын æмæ сæххæст кæиыи бакуспнаг. Радзырд пъланмæ гæсгæ^ Сывæллæттæ фæсурокты скъолайæ сæхимæ фæцæйцыдысты. Иу лæппу кæйдæр фæткъуытæм фæкомкоммæ. Ие ’мбæлттæй йæхи фæфæстиат кодта, йæ пъартфел иуварс фехста æмæ кауы ’ сæрты бахызт дыргъдонмæ. Быруйыл бæласмæ сгæпп ласта, къалиуыл абадт æмæ йæ рои фæткъуытæй айдзаг кодта. Йæ рон дымстæй фæстæмæ куыд рацæйхызт, афтæ нæ хæдоп къалиуыл фæхæцыд æмæ æрфарин-æрыскъуыд, къалиу йæ уæзæй æрсаст, дыргътæ йæ ронæй æр- калдысты. Фæрстытæ: 1. Цæмæн хуинынц нывтæ «Фæсмон»? 2. Куыд уæм фæкастысты лæппуйы митæ? Радзурут, куыд хъуамæ дара скъоладзау уынджы йæхи. «Æвзæр отличник». Ахуыргæнæг кæнæ, скъоладзау- тæй хуыздæр чи арæхсы кæсынмæ, ахæм радзырд аив кæсы. 2-аг фарстæн дзуапп дæтгæйæ ахуыргæпинæгтæ дзурынц сæхи хъуыдытæ, сæхи цæстæнгас, Æхсар сæ хæдзары дæр æмæ скъолайы дæр йæхи куыд дардта, уымæ. Сочинени ныффыссын кæй нæ баци Æхсары бон, уый хъуамæ равзарой афтæ: Æхсар æхсæнадон куыстæй нæхи ласта иуварс, сæ бинонтæн ницы ’ххуыс уыди æмæ, цы ныффыстаид, уый нæ зыдта. Сочиненийæн та ахæм темæтæ радтой, æмæ скъоладзау йе пионерты организа- цпйы куы ницы куса, йе хæдзары мидæг коммæ куыиæ кæса, уæд цы хъуамæ ныффыстаид. Ахуыргæнæджы кæронбæттæн ныхас. ^лы ахуыргæнинаг дæр йæ кармæ гæсгæ хъуамæ скъола- йы кæна æхсæнадон куыст. Отличник æцæг отличник уæд У. аемæ йæ хорз ахуыры æдде хæдзары куы ’ххуыс кæна, «цума»-йæн зивæг куынæ кæна, скъолайы йын йæ баерны цы кæной, уый куы ’ххæст кæна. Ахæм хуызы Ис ацы тексты руаджы сывæллæттимæ хъомыладои куыст СаРазæп. «Мыст æмæ цъиуы аргъау»» Фæйнæгыл таблицæ конд 29
аргъауы зынæмбарæн дзырдтæ æмæ дзырдбæстыть нысаниуæгимæ: адæг —хохаг хъæдын похци, бæрз уисæй конд, завад кæнын байдыдта — арæхæй ссыди; хъуы дыды фæци — уд дзы бацыд: хъæбæр хъуыдыды фæци— йæ нæмыг фæхъæбæр; хуымы къубалдзагъд кæны (мыст) —æфсиртæ сæ рæбыныл лыг кæны; хуым кæр- диппæрд фæуыдаид — йæ кæрдын афонæй аивгъуыд- таид; мæ рæстад дæ фæдыл æфтыд фод —мæ тæригъæд фæхæсс. Ахуыргæнинæгтæ аргъау сæхинымæры кæсынц, чи цы дзырд не ’мбары, уымæй фæрсы, йæ къух сдары, аф- тæмæй. Чи бафæрсы, уымæн ахуыргæнæг дзырды ныса- ниуæг таблицæйы бакæсын кæны. 2-аг касты размæ ахуыргæнæг аргъау наизусть аив дзуры æмæ зæгъы: «Аргъау хуыздæр радзурыныл аразæм конкурс». Тых- джындæр ахуыргæнинæгтæ йæ кæсынц хъæрæй, Сывæллæттæ дзурын куы райдайой, уæд сын бар ис таблицæйыл фыст дзырдтæй пайда кæнынæн. Чи куыд радзырдта, уымæн аргъгæнæг сты ахуыргæиæг æмæ кълас иумæ. Хæдзары дзуаппытæ бацæттæ кæнын чиныджы лæвæрд хæслæвæрдтæи. Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. 1. Цавæр уацмысы герой у Азæмæт? Радзурут, цы бахъуыды кодтат уый тыххæй. 2. Æрхæссут æмбисæндтæ мады тыххæй. 3. Радзурут ныв «Фæсмон»-ы мидис. 4. Цавæр ахуыргæпинæгты хонæм æцæг отличпиктæ? 5. Наизусть радзурут æмдзæвгæ «Фæззæджы ныв- тæй». 6. Радзурут, мыст æмæ цъиуы æхсæн цы загъд рауад, уым сæ аххосджын кæцы у. III ХАЙ. «Уæййаг сывæллæттæ». Октябры агъоммæйы царды хабæрттæ «Кæсыны чиныджы» ацы текстæй райдыдтой, уымæ гæсгæ ахуыргæпæг урокæн хъуамæ скæна разны- хас: Мах кæсын райдайдзыстæм чиныгæн йæ 3-æм хай. 53-æм фарсыл уыцы хаймæ лæвæрд ис скъуыддзаг 30
Къостайы æмдзæвгæ «Мæгуыры зæрдæ»-йæ. Дзуры йæ æцæ кæсгæйæ: Нæй кад мæгуыр лæгæн йæ куыстæн,— Йæ сихор, йе ’хсæвæр, йæ мæт; Йæ уат — ыскъæт, зыгуым йæ лыстæн, Хъæбæр — йæ цъæх хуыссæн нымæт... Ахуыргæнæг къласмæ дæтты фарст: Зæгъут, афтæ кæд уыди мæгуыр лæджы цард? Скъоладзаутæ 2-аг къласы цы кастысты, уыцы æрмæ- гæй зонынц, Къоста цы рæстæджы царди, цæуыл фыста, æмæ раст дзуапп ратдзысты. Чиныджы ацы хайы цы радзырдтæ æмæ æмдзæвгæ- тæ ис^уыдонæй базондзыстæм, революцийы размæ фæл- лойгæнæг адæм куыд удхар цард кодтой, куыд æнæбар уыдысты, бонджынтæн æххуырсты куыст куыд кодтой. Зæхх, фос, цæрæн хæзнатæ — фабриктæ, заводтæ, æрзæткъахæнтæ æмæ мæгуыр адæм сæхæдæг — иууыл- дæр хъæздгуыты къухы кæй уыдысты. Мæгуырты хъысмæтыл бирæ радзырдтæ ныффыста Гæдиаты Секъа. Ис æм радзырд «Саударæг ус». «Уæййаг сывæллæттæ» уырдыгæй скъуыддзаг у. (Ахуыргæнæгæн зонынæн. Радзырд «Саударæг ус» 3-аг къласы карæн фыст нæу. Джусойты Нафи Секъайы сфæлдыстады тыххæй иртасæн куыстыты куыд зæгъы, афтæмæй Секъайы прозаикон уацмыстæ дих кæнынц цалдæр тематикон циклыл. Уыдонæй фыццаг цикл у, патриархалон-феодалон дуджы сахсæнты цы хæххон зæхкусæг утæхсæн кодта, уый ивгъуыд цардыл радзырд- тæ. Уыцы циклмæ хауы «Саударæг ус» дæр). Кæсыны чиныгмæ дзы цы хай бахастам, уым бæлвырд бæрæгæй зыны цагъайраг дуджы уæззау æфсондз. Бакæсыыы размæ ахуыргæнæг скæндзæн разныхас: «Æлдарæн йæ цагъартæ — йæ къухы цы æнæзæхх адæм уыди, уыдон смæгуыр сты, хор, фос сæм нал уыд, Цы ма сæ райстаид. Æлдары бон уыди мæгуыр лæг кæнæ уымæн йæ цоты ауæй кæнын, фос кæнæ дзаума Уæйгæнæгау. Иу бон æлдарæн йæ ус афтæ зæгъы: «Уæр- тæ Глахайы чызг æмæ лæппуйы ахæсс æмæ сæ искуы ^орыл ауæй кæн». Иу мæгуыр лæг æмæ ус — Глаха æмæ Марта, зæгъгæ, уыцы æлдары фарсмæ цардысты, иу бон с^ сывæллæттимæ сæ хæдзары дуармæ бадтысты, хурмæ сæхи тавтой» Уалынмæ сæ уæлхъус æрлæууыд æлдары лæг — моурау æмæ сын загъта, сæ сывæллæтты сын 31
æлдар йæхимæ кæй куры. Уыдон æрвдзæфау фесты æмæ йæ афарстой, цымæ æлдар иæ сывæллæттæй цы кæна, зæгъгæ. Æлдары лæг сыл фæхъæр кодта: — Уый уæ хъуыддаг иæу, цы сæ кæна, уый йæхи бар у! Глаха æмæ Мартайæн сæ зæрдæлæууæн сæ дыууæ сывæллоны уыдысты, фæлæ уыдоныл дæр сæ бар нæ цыди. Акодта сæ æлдары лæг. Глаха æмæ йæ усы кæуы- нæй, сывæллæтты цъæхахстæй къæдзæхтæ арыдтой, зæхх æнкъуысти. Мæгуыр адæмы зæрдæ тъæппытæ хаудта, фæлæ сын нæ уыди, сæ сæрыл чи сдзырдтаид, алчи йæхæдæг ахæм уавæры уыд. Ус æмæ лæгæн фыр надæй сæ царм куыд астыгътой æмæ кæрæдзийы фæдыл, куыд амардысты, саузæрдæ æлдар сывæллæтты куыд ауæй кодта дæс мæртыл (раджы замаи хорбарæн, иу мæрт у 8 килограммы бæрц), уыдæттæ текст кæсгæйæ базон- дзыстæм. Афтæмæй ахуыргæнæг йæ разныхасы бамбарын кæндзæн, уацмысы цы зынæмбарæн дзырдтæ ис, уыдон дæр. Архайд цæуы æрæгвæззæг. Æрдз æвдыст у æнкъард хуызы, уымæн æмæ фыд-заманы хъуыддæгтыл цæуы ныхас радзырды. Æлдары сырды митæ æрдзы рæсугъд нывтимæ не сфидауиккой. Уымæн фыссы Секъа афтæ: «Æрæгвæззæг уыди, æмæ арв хъулæттæ кæнын райдыд- та. Сау мигъты тымбылтæ хохæй-хохмæ згъордтой». Æмæ дарддæр: «Æхсæвы уазал дуг скодта. Мит хъæпæнтæ æвæрдта...» Скъоладзаутæ радзырд кæсыи куы райдайой, уæд сын ахуыргæнæг фæдзæхсы, цæмæй сæ хъус дарой æлдары фыдмитæм, Глаха æмæ Мартайы царды мæгуыр нывтæм, сæ сывæллæтты æнамонд хъысмæтмæ. Ахуыргæнинæгтæ уацмыс раст æмбарынц æви нæ, уый сбæрæггæнæн ис ахæм методикон куысты руаджы — ахуыргæнæг къласмæ дæтты хæслæвæрд: 1. Радзурут Таджы æмæ Дзамайы тыххæй. а) чи уыдысты? кæм цардысты? б) цавæр адæм уыдысты? Уыйфæстæ кастæн рахизæн ис чиныджы лæвæрд фæрстытæ æмæ бакусинæгтæм. Фæстаг фарстыл дзургæйæ æрдзы æрфыстмæ ныхмæ æрæвæрæн ис, æмдзæвгæ «Цардуалдзæджы» бæстæ куЪщ райдзаст, куыд хъæлдзæг у — уымæн æмæ ныр æндæр у рæстæг, æндæр у цард. 32
Ахуыргæнæджы цыбыр кæронбæттæн ныхас ра- дзырды сæйраг хъуыды бамбарыны фæдыл: Радзырды дæр, æмдзæвгæйы дæр фыссæг кæддæрид- дæр дарды æцæгдзинад февдисы. Секъа йæ радзырды равдыста, фæллойгæнæг адæм куыд фыдцæрдтытæ код- гой, цы фыдмитæ сын кодтой æлдæрттæ. Кæронбæттæны фæстæ бафæрсæн ис ахуыргæнинаегты: Кæй фарс стут ацы радзырды? Цæмæн? Æппæтæй уын æнаддæр чи у архайджытæй? Цæмæн? Сæ дзуаппытæй рабæрæг уы- дзæн сæ цæстæнгас уацмысы архайджытæм, йæ сæйраг хъуыды йын куыд бамбæрстой, уый. Радзырды мидис бахъуыды кæныны тыххæй сæ тетрæдтæм фыссынц æрдз æвдисæг бынæттæй фæйнæ иуы, хæдзары йæ куы кæсой, уæд. Æрдзы æрфыстытæ сты фыссæджы дæсныйад æвди- сæг. Сывæллæттæ сæ сæ зæрдыл куы дарой, уæд сын фпдæны стыр æххуыс фæуыдзысты. сæ фысгæ куыстыты. Хъуамæ рафыссой ахæм бынæттæ (йæ зæрдæмæ кæмæп цавæр бынат тынгдæр фæцæуа, уымæ гæсгæ). 1. Æрæгвæззæг уыди, æмæ арв хъулæттæ кодта. Цæгатварсы уазал йæ нысæнттæ равдыста. Сау мигъты тымбылтæ хохæй-хохмæ згъордтой. 2. Æхсæвы уазал дуг скодта. Миты хъæпæнтæ æвæрдта. Цæгатварсы уазал йæхи хæстæгæй-хæстæгдæр ласта. Кæд ма йæ Кавказы хъæбатыр хæхтæ урæдтой, уæддæр сæ сæрты бырста æмæ сау мигъы тымбылтæй дзæнæтон лæнчытæ æмбæрзта. 3. Дыккаг райсом хъарм хур бон скодта. Дунейы рæвдаугæ хурзæрин хохæй тын анывæста. Къæдзæхтæ сызгъæринау сæрттывтой. Зæхх бахъарм ис. Мæргътæ зарын байдыдтой. Радзырд хæдзары аив кæсын сахуыр кæнын. Чиныджы фæрстытæн дзуаппытæ зонын. «Мæгуыры зæрдæ». Чиныджы ацы хайы райдайæны ахуыргæнæг йæ разныхасы æрдзырдта, хæххон зынва- даты цæргæйæ мæгуыртæн сæ цард зындонау кæй уыд. Ам зæгъын хъæуы Къостайы тыххæй. Къоста уыди мæгуыр адæмы сæрыл тохгæнæг. Уыдоны сагъæстæ йе ’мдзæвгæты ахсынц сæйраг бынат. «Мæгуыры зæрдæ»-йы равдыста хæххои лæджы уæззау Царды пывтæ. Ахуыргæнæг æмдзæвгæ наизусть дзуры, æмæ сывæллæттæ дзуапп дæттынц чиныджы 1-аг фар- стэен. Н ы х а с ы р æ з т ы л к у ы с т. Ахуырпæнинæгтæ 3 3^кпз ^ 2134
фыццаг кастæн ивынц хъуыдыйæдтæ: «лæджы æмбæрш æруары мит», «их доныл саразы йæ хид», «æхсæвæм нæм кæрон нæ вæййы», «йæ зæрдæ (хъал вæййы фын| тæй». Сæ хъуыды сын куыд æмбарынц, уый сбæлвырд кæныны тыххæй. Баивæн сын ис афтæ: «мит æруарьл тынг арф», «дæттæ ныссæлынц, ныйих вæййынц», «æхсæв| вæййы даргъ», «йæ зæрдæ фынтæй схъæлдзæг вæййы».1 Дыккаг кастæн дзуапп дæттынц чиныджы 2-аг фарстæн.^ Æмдзæвгæйы идейæ бæстоидæр бамба- рын кæнынæн ахуыргæнæджы кæронбæттæн^ н ы х а с. Зымæгон æхсæв æнæуи дæр даргъ у, хæххон] æвадат царды-иу мæгуыртæ ныххуыссыдысты раджы,' уымæн æмæ фæтæгены цырæгътæ уæды заман мæгуырты’ къухы не ’фтыдысты, æхца сын хъуыди, стæй фæтæген бажæнынмæ нæ уыди. Суджы бæсты арт кодтой сæна- рæй (стуры фаджыс курмæ хусæй), фæлæ уый дæр алы хæдзары фаг нæ уыди, æмæ йыл кодтой ауæрдгæ, фæл- тау-иу изæрæй рагацау схуыссыдысты. Уæд электрон рухс, радио, кино, телевизоры кой хохаг лæг хъусгæ дæр никуы ма фæкодта. Æмдзæвгæ аив бакæсын. Наизусть сахуыр кæнынмæ йæ строфагай бацæт- тæ к æ н ы н. «Хорхæссæг». Беседæ радзырд бакæсыны размæ: 1. Зæгъут-ма, ныртæккæ хъæуты ’хсæн цавæр фæндæгтæ ис? 2. Хæхбæсты цæрджытæ быдыры хъæутæм цæмæй цæуынц? (Дæргъæвс, Тменыхъæу, Мызур, Уынал, Садон, Зджыд æмæ æнд. сты хæххон цæрæибынæттæ). 3. Цымæ мах рæстаеджы хæхбæсты дæр исчи хорхъуаг æййафы? Ахуыргæнæг. Уæдæ-ма байхъусæм фонохресто- матимæ, цымæ зæронд заманы та хæххон адæмы цард куыд уыди. Бацамонын дзырдтæ: къæсса, уæлхæдзар, хæлын æрмкъухтæ, хохы цъасс, æдзæгвæз, фæиппæрд (кæс чиныджы 66-æм фарс). Радзырды I хаймæ лæвæрд бакусинæгтæ бакæсын. Ахуыргæнинæгтæ радзырд абзацгай кæсынц, ахуыр- гæнæг къласмæ фæрстытæ дæтты: Куыд суазæг кодтой фысьимтæ Темсыр æмæ Додийы? (райдианæй 3-аг абзац- мæ). Цæмæй бахъæлдзæг Темсыры зæрдæ? (4-æмабзац). Ахуыргæнæг. Дарддæр кæсут æмæ радзырды хъуыдыйæдтæй дæттут сæргæндтæ, цы скъуыддзæгтæ кæсат, уыдонæн. (1. Доди фæстиау баззади. 2. Мит бæзджын тъыфылæй уарын байдыдта. 3. Лæппу хъæ- пæны аирвæзт. 4. Цæстысыг згъоры уазал цæсгомыл). 34
д ы к к а г к а с т. Ахуыргæнæг сывæллæттæм дæтты ахæм иугай фæрстытæ, иннæ хатт радзырды мидис ч3урыпмæ куыд сарæхсой. Ахуыргæнинæгтæ уацмыс æпæхъæнæй пал кæсынц, фæлæ агурынц, фæрстытæн -^уапп кæм ис, уыцы бынæттæ. '''’Радзырды II х а й. Фыццаг касты фæстæ ахуыр- гæпæг къласмæ дæтты бакусинаг: Радзурут-ма, цавæр æнкьарæнтæ уæм сæвзæрди, уæ зæрдæ цæуыл фæрысти. Дыккаг касты фæстæ кълас æххæст кæнынц чиныджы бакусинæгтæ. Хæдзармæ куыст. Чиныджы пъланмæ гæсгæ цыбыр изложени ныффыссын. Пъланы бынмæ лæвæрд цыппар дзырдæн сæ хъуыды æмæ сæ растфыссынад зæрдыл бадарыны тыххæй сывæллæттæ уыдонæй спайда кæндзысты сæ изложенийы. «Чермен». Ацы æмдзæвгæйæн ахæсоæн ис раздæр — «Уæййаг сывæллæтты» фæстæмæ, цæмæй Секъайы уац- мыстæ фæд-фæдыл каст æмæ æвзæрст æрцæуой, уый тыххæй. Ахуыргæнæгæн æрмæг разныхасæн: (зынæмбарæн дзырдтæй пайда кæны йæ разныхасы, æмæ афтæмæй сæ пысаниуæг сывæллæттæ бамбардзысты). Тлаттаты Чермен — хъуыстгонд ирон адæмон герой,— фыдæлты таурæгътæм гæсгæ уыди хъæздыг æлдар Тлаттаты Бестъолы номылусы (дыккаг усы, æнæзакъон усы) фырт. Ирон æгъдаумæ («адат») гæсгæ номылусмæ бынтæ райсыны бар нæ хаудта, бынтæ иууылдæр задысты закъоныл усæн — фыццаг усæн æмæ уый цотæн. Номыл- усы цоты хуыдтой кæвдæсард, уыдонмæ ницы бартæ лæвæрд уыди, æгадыл иымад уыдысты. Бестъол куы амард, уæд йæ фыццаг усы фырттæ сæ фыды зæххытæ уаргæйæ хинæй рацыдысты Черменыл, бахай йын кодтой æрнæджытæ, гæмæхтæ — хуымгæн- дæп цы зæххытæ нæ бæззыди, уыдон. Зæххытæ куы уæрстой, уæд Чермен уыди хæтынмæ — балцы. Чермен иае балцæй куы ’рбаздæхт, уæд ын йæ мад радзырдта, йе ’рвадæлтæ йæ кæй бафхæрдтой. Чермен йæ мадæн Дзуапп радта: «Хъахъхъæ, нана, мæнмæ дæр» — ома фендзысты, бæрæг сæм уыдзæн. Æмæ таубийау — цыма «уаездæттæй» — хъæздгуытæй уыдис, уыйау хуым ба- кОДта «фæрсырдæм», ома Тлаттатæ сæхæдæг цы зæххытæ бахуым кодтой, уыдоныл цæхгæрмæ аскъæрдта йæ гутон. Чермепы ныфс æмæ æхсар зонгæйæ æрвадæлтæ йемæ- æргом тахы бацæуын сæ ныфс нæ бахастой. Цæмæй зæх- 35
хытæ сæхицæн баззайон, стæй зæхкусджытæ (уыдоп дæр сцырен сты Чермены æхсарджын митæм) дарддæр сæ коммæ куыд кæсой, уый тыххæй сфæнд кодтой сусæгæй амарын Чермепы. Мады хъустыл æрцыди хабар, æмæ нæ фырты бафæдзæхста. Чермен Мæхъæлмæ алыгъди æмæ фыдмитæ кæнып райдыдта йе ’рвадæлтæн. Уыдон сæ фæыд нæ аивтой, лæппуйы сразы кодтой йæ хæдзар- мæ æрбаздæхын, цыма йæм ницыуал бар дардзысты, афтæ хуызы. Куы ’рбаздæхт, уæд æй уайтагъд Кæсæгмæ асайдтой, хинæй йыл рацыдысты æмæ йæ амардтон. Ацы хъуыддаг таурæгъæн йæ иу версимæ гæсгæ æрцыди XVIII æнусы, иннæмæ гæсгæ — XIX æнусы фыц- цаг æмбисы.1 Ахуыргæнæг йæ разныхасы рахиздзæн Секъайы æмдзæвгæмæ: кæй дзурæм, уый у адæмон зарæджы сюжет. Уыцы сюжетыл иропау ис литературон зарæг дæр. Иæ текст у Гæдиаты Секъайы фыст. Фонохрестоматимæ байхъусын. Ахуыргæнинæгтæ æмдзæвгæ кæсынц сæхинымæры, ахæм хæслæвæрдтимæ; 1. Мад йæ фырты кæм фæдзæхсы, уыцы бынат ссарут. 2. Ссарут Чермены дзуапп. Хъæрæй бакæсут уыцы бынæттæ. Хъæлæсы уагæй бамбарын кæнут мады сагъæс, Чермены æхсар. Бакæсут æмдзæвгæйы кæрой- наг аст рæнхъы. Хъæлæсы уагæй равдисут, фыссæг Чер- мены фарс кæй у, уый. Æмдзæвгæ аив бакæсын. Уый- фæстæ рахизæн ис чиныджы фæрстытæм. «Сау хохы фиййау» (хибарæй кæсынæн). Къласы зæрдыл æрлæууын кæнын Цæрукъаты Алык- сандры æмдзæвгæ«Хæхты». Ахуыргæнæг. Æмдзæвгæ уæхинымæры аюæсут. Колхозон фиййауы амондджын цард бæлвырд æвдыст цы рæнхъыты цæуы, уыдон сса- рут («Тигъæй æрбайхъуысы уадындзы цагъд, уæлдæфы нал сысы фиййауы зард»). Æркæсут, 68-æм фарсыл цы ныв ис, уымæ. Радзурут, цы дзы уынут (тыхджын къæвда, æрыгоп лæппу зыбыты иунæгæй). 69-æм фарсыл 5-æм абзац бакæсыи. — Зæгъут-ма, кæцы заман уыди афтæ. Радзырд хæдзары бакæсып, пывтæ йæм скæиып. Иннæ хатт — хибарæй кæсыны урочы ахуыргæнинæг- тæ дзурыиц, сæ нывтæ цы быиæттæ æвдисыиц, уыдои. 1 Осетипские иародные песни, М. 1964, стп. 30. 36
фидары цард колхозоп фиййауы цардимæ абарып /гМдзæвгæ «Хæхты»), Радзырды сæйраг хъуыды рав- зарын — сидзæр сывæллæтты уæззау цард революцийы агьоммæ. Фидар æнахъомæй æххуырсты бацыд, бинопты фæдарын уымæ каст. Чиныджы лæвæрд фыццаг фарстыл æрдзурын. Сбæрæг кæнын фыссæджы цæстæнгас мæгуыр æххуырст лæппумæ. «Зарæг бонтыл». Æмдзæвгæ ахуыргæнæг куы бакæса, уæд къласмæ дæтты фæрстытæ æмæ бакусинæгтæ, æмæ сывæллæттæ текст кæсынц æхсæнмæ-æхсæнты: 1. Хур- иу хохагмæ йе стопг сабиты хъæрмæ кæй æрбакаст, уыцы бынат ссарут æмæ йæ бакæсут. 2. Хур-иу хохаджы æрбаййæфта зæйы уылæнты бын. Бакæсут уыцы строфа. 3. Бакæсут 3-аг строфа. Зæгъут, кæмæп-иу асаст йæ зæрдæ æмæ-иу чи фæлыгъд тæргай? (Хур). 4. Кæд-иу фервæзт хохаг лæг йæ зынтæй? Бакæсут уыцы бьшат. 5. Цы зæгъы поэт абоны царды тыххæй? Ссарут æмæ бакæсут уыцы рæнхъытæ. 6. Цавæр дзырды руаджы равдыста Яков, мах амоидджын рæстæг кæй цæрæм, уый? Бакæсут фæстаг строфа. Дыккаг касты размæ ахуыргæнæг къласмæ дæтты бакусинæгтæ: 1. Æмдзæвгæйы фыццаг хайы ссарут, поэт зып царды нывтæ цавæр дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдты руаджы равдыста (стонг, кæугæ, ингæн; сабиты хъæрмæ, æмæ-иу йæ зæрдæ асаст æмæ-иу фæлыгъд тæргай, уæд уый уыд кæрон йæ зынтæн). 2. Бакæсут æмдзæвгæ дард- дæр. Зæгъут, цы ’вдисы поэт уыцы рæнхъыты. Æртыккаг кастæп чиныджы фæрстытæй спайда кæпын. Æмдзæвгæ аив бакæсын. Ахуыргæнæджы кæронбæгтæи ныхас æмдзæвгæйы мидис сбæлвырд кæныныл: Хозиты Яков йе ’мдзæвгæйы иыхæй-пыхмæ æвæры дыууæ дуджы: революцийы агъом* мæйы цард æмæ советон дуг. Райдайæиы æхсæрдæс рæпхъы æвдисы хохаг лæджы хъизæмар цард: хохагыл- иу бон райдыдта кæнæ че ’ххормаг сабиты кæуыпмæ, кæнæ-иу зæйы бын фæци, афтæмæй, йе та-иу цъулберæи пай кодта. Æрмæст иу адзал фервæзын кодта хохаг •чæджы йæ зындзинæдтæй,— ахæм хатдзæг скодта поэт æмæ уый у йæ зæрдæуынгæг зарæг ивгъуыд бонтыл. Æмдзæвгæйы иинæ дыууадæс рæихъы æвдыст цæуы, ^оветон дуджы хæхты æмæ быдырты кæй хъазы царды ^ни, хохаг дæр хъæрæй кæй зары. Боптæ кæй сты рап- Азаст, амонд, цниад, кад, сгуыхтдзинад улæфт æмæ кУ!>1ст, Ахæм у поэты æцæг зарæг ног дуджы бонтыл. 37
«Цæлыкк фабричы». Ахуыргæнæджы разны- хас. Ацы скъуыддзаг у Боциты Бароны роман «Саст рæхыс»-æй. Æвдыст дзы цæуы революцийы агъоммæйы цардæй дыууæ нывы: 1. Æнахъом фæсивæд фабричы куыд фыдгуыст кодтой, ахуырмæ куыд бæллыдысты; 2. Хæхбæсты адæм цы зындзинæдтæ æвзæрстой: хъалон фидын нал фæрæзтой, хъæуыхицæуттæ сæ æфхæрдтой. Чиныджы 72-æм, 73-«æм фæрстыл сноскæты цы хъуыдыйад æмæ дзырдтæ амынд цæуы, уыдон рагацау сты фæйнæгыл фыст. Скъуыддзаг бакæсыны размæ сын ахуыргæнæг амоны сæ хъуыды, чиныджы куыд у, афтæ. Бафтауын ма сæм хъæуы дзырд æвзаг — ома уырыс- сагау, уырыссаг æвзаг. Фыццаг каст. Ахуыргæнæг. Бакæсут 2-аг абзац æмæ зæгъут, цæуылнæ-иу апыхас кодта Цæлыкк уырыссаг лæппутимæ. Цы дзуапп лæвæрдта Тему йæ лæппуйæн. Бакæсут 3-аг абзац. Текст дарддæр бакæсут æмæ дзуапп ссарут фæрстытæн: 1. Цæлыкк фабрикæй цæуылнæ лыгъди? 2. Цавæр хабæрттæ сæм хъуысти сæхицæй? Дыккаг кастæн радзырд адих кæиын дыууæ хайыл: 1. Цæлыччы уавæр фабричы. 2. Бинонты цард Тъæпæн- хъæуы. Радзырды хæйттæ аив бакæсып. Ацы скъуыд- дзагимæ иу урочы бакæсын хъæуы чиныджы 277-æм фарсыл текст «Къахгæ хæзиатæ» æмæ 278-æм фарсыл «Шахтерты зарæг», уымæп æмæ сæ хъуыдымæ гæсгæ æнгом баст сты. Цы уавæртыл дзы цæуы ныхас, уыдоп та сты ныхмæвæрд Бароны романæй скъуыддзагимæ. «Къахгæ хæзнатæ» у наукон-популярон статья. Фыццаг каст кæнынц ахуыргæнинæгтæ сæхæдæг, сæхиньшæр. Дзуапп дæттынц чиныджы 1-аг æмæ 2-аг фæрстытæн, 74-æм фарсыл 5-æм бакусинагæн. «Шахтерты зарæг» у лирикон æмдзæвгæ. Поэт нывты руаджы равдыста шахтерты кадджын куыст. Æмдзæв- гæйы хъуыды æргом у, уымæ гæсгæ йæ сæрмагондæй æвзарып нæ хъæуы. Арæх дзы ис эпитеттæ, æмæ сæ хъæуы сбæрæг кæнын фæрстыты руаджы: 1. Цавæр кæмттæ æмæ доны кой ис æмдзæвгæйы? 2. Куыд хоны поэт шахтерты? 1-аг строфа бакæсут æмæ дзуапп раттут, цы фарст дзы ис, уымæн. 3. Нæ Фыдыбæстæ цавæр у? Уымæп йæ фидæны та цавæр схуыдта поэт? Бакæсут 2-аг строфа æмæ дзуапп раттут. 3-аг строфа бакæсут. Зæгъут, цæуыл тох кæнынц Иры шахтертæ. 4-æм строфа бакæсут æмæ зæгъут, нæ Цæднс цавæр у. 38
Æмдзæвгæ фыст у зарынæн. Кæсын æй хъæуы тагъд, хъæлдзæгæй, хъæрæй — хъæлæсы уаг цин куыд æвдиса, яфтæ. Æпцонкæсæн текст куыд у, уымæ гæсгæ йæ аив каст бакæндзысты лæмæгъдæр ахуыргæнинæгтæ. Зарæг- лкс пластипкæмæ байхъусын. Кæропбæттæнæн ахуыргæнæг ныхæй-мыхмæ авæр- ;пæп иард æмæ куысты уавæртæ «Цæлыкк фабричы»æмæ «Къахгæ хæзиаты» — Октябры революцийы размæ æмæ советон дуджы. «Уайсадæг чындз». Ахуыргæпæг. Мах амæй размæ кастыстæм радзырдтæ, аргъæуттæ, æмдзæвгæтæ, уыци-уыцитæ, æмбисæндтæ. Абон кæсдзыстæм пьесæ — аив уацмысы ног хуыз (жанр). (Ах у ы р гæ иæг æн : пьесæ у драмон уацмысты иумæйаг ном. Драмон уац- мыстæ вæййынц трагеди, драмæ, комеди. Пьесæ фыст вæййы сценæйы æвдисынæн). Ацы пьесæ ныффыста Тогызты Газакк, йæ фæсномыг—псевдоним Илас Æрни- гон (псевдоним — фысджытæ сæхицæн кæй æрхъуыды кæпыпц, сæхи пом æмæ мыггаджы бæсты кæй фæфыс- сыиц, ахæм пом кæнæ мыггаг). Ахуыргæнæг пьесæйæ кæсы скъуыддзаг. Уацмыс кæронмæ кæсынц ахуыргæнипæгтæ сæхæдæг. А х у ы р- г æ п æ г: ранымайут-ма уацмысы архайджыты. Дыккаг каст кæнынц рольтæм гæсгæ: æртæйæ — архайджыты ны- хæстæ, цыппæрæм кæсы ремаркæтæ. Нырма драмон уацмыс фыццаг хатт куыд кæсынц, уымæ гæсгæ ремар- кæтæ ахуыргæнæг йæхæдæг хъуамæ кæса, уыдон сывæл- лæттæи зып хицæнгæпæн сты сæйраг текстæй. Фæрсты- тæ дыккаг касты фæстæ: 1. Чындз зæроид лæгæн дзуапп цæуылпæ радта?—Уайсадгæ йæм кодта. 2. Цы бакодта чысыл лæппу, чындз æй зæронд лæгмæ тæлмац куы скодта, уæд?— Йæ пыхæстæ йып зæронд лæгæн æндæр- хуызонæй дзырдта. Пьесæ аив бакæсып рольтæм гæсгæ. Чиныджы 2-аг фарстæп ахуыргæнинæгтæ дзуапп’ куы радтой, уæд ахуыргæнæг уыимæ сбæтдзæп уацмысæи йæ идейæ. Ирон адæммæ уыди талынг æгъдау — уайсадын. Фыссæг чиныгкæсæджы худын кæны уыцы æгъдауыл, æргом кæпы, царды зиан хæссын йедтæмæ æххуыс кæй ницы у- Ныртæккæ дæр быитоп нæма фесæфт уайсадын. ^ьуамæ рæзгæ фæлтæр уайсадыи ма уадзой — ахæм хатдзæгыл фæуыдзæн ахуыргæнæг йæ иыхас. «Дæу цы домы». Æмдзæвгæмæ чииыджы конд ис )1ьШпар нывы. Ахуыргæнинæгтæ æмдзæвгæ куы бакæсой, 39
уæд ахуыргæнæг дæтты бакусинæгтæ. 1. 1-аг ныв æмдзæвгæйы кæцы бынат æвдисы, уый ссарут æмæ йæ бакæсут (3-аг строфа); 2. 2-аг æмæ 3-аг нывтæ кæцы бынат æвдисынц? Бакæсут æй (4-æм, 5-æм строфатæ); 4-æм ныв æмдзæвгæйы кæцы бынат æвдисы, уый ба- кæсут. Чиныджы фæрстытæм гæсгæ æмдзæвгæйæн апализ скæнын. Ахуыргæнæджы кæронбæттæн ныхас: Æмдзæвгæйы фæстаг 12 рæнхъы Нигер æвдисы уæды рæстæджы бонджынты, хицæутты, паддзахы хъæздыг, æнæмæт цард. Ахуыргæпæг уыцы рæнхъытæ кæсы аив, хъæлæсы уагæй æвдисы, поэт бонджыптæи се ’пæмæт цард сæ цæстмæ куыд дары; уый уыдоны хъæлдзæг цард æрæвæрдта мæгуырты хъизæмар цард æмæ фыдæ- бæтты ныхмæ. Дзуры сæм иу адæймагмæ дзурæгау æмæ сын карз уайдзæф кæны. Æмдзæвгæйы идейон мидис зæрдыл бадарыны тыххæй бакæнын ахæм методикон куыстытæ: дыккаг хатт æй бакæсын; чиныджы фæрсты- тæп дзуапп раттын. Хæдзары æмдзæвгæ аив бакæсыы. «Мæ бæстæйы сывæллæттæ». Р а з н ы х а с : Стыр Октябры революцийы размæ Ирыстоны сывæллæтты зып цард æмæ æнамонд хъысмæты тыххæй кастыстæм >ацмыстæ: «Уæййаг сывæллæттæ», «Хорхæссæг», «Сау хохы фийпау», «Цæлыкк фабричы». Революцн куы фæ- уæлахиз, уæдæй фæстæмæ нæ ба^стæйы сывæллæттæ сты амондджып. Цæрыпц хъарм, рухс хæдзæртты, аив сты дарæсæй, ахуыр кæиынц лæвар. Капиталистои бæстæты сывæллæттæ сты мæгуыр, бæгъпæг, æххормаг. Ахуыр цæмæй кæной, уый тыххæй сæ ныййарджыты фидын хъæуы бирæ æхца, мæгуыртæн та сæ куысты мызд хæри- наджы фаг дæр тыххæй кæны. Уымæ гæсгæ капиталис- топ бæстæты мæгуыр адæмы сывæллæттæи ахуырмæ сæ фæндæгтæ æхгæд сты. Уым сабитæ æнахъомæп райда- йынц уæззау куыстытæ, æххуыс кæныпц сæ биноптæн. Туркаг фыссæг 'Назым Хикмет йе статья «Мæ бæстæйы сывæллæттæ», зæгъгæ, уым равдыста Турчы сывæллæтты зын царды уавæртæ. Турк у капиталистон бæстæ. Уым хицауиуæг кæнынц америкаг бонджынтæ — империалисттæ. Америкæгтæ Туркмæ ласыпц сæ товар-1 тæ. Туркæн йæхи заводтæ æмæ фабрикты уагъд товарть! бынат ахсынц америкаг товартæ, уымæ гæсгæ уым завод- тæ? фабрикты нымæц кæны къаддæрæй-къаддæр, уый хыгъд кусджытæ дæр хъæуы къаддæр. Иу дзырдæй, æгуыст адæмы нымæц рæзы. Мæгуыр адæмæн нæй 40
хæр]шаг, дзаума, цæрæн хæдзæрттæ. Уæлдай мæгуыр 'с',1,1 сывæллæттæ. фыццаг касты фæстæ статьяйы мидис сбæлвырд К:гпыпæп беседæ фæрстытæ æмæ дзуаппыты руаджы: I Цы фыссы Назым Хикмет туркаг кусæджы лæппу ХюсеГшы тыххæй? Бакæсут статьяйы I хай.Æркæсутраз- заг пывмæ æмæ зæгъут, кæм æрвитынц се ’хсæв дыууæ мæгуыр лæппуйы. Цæмæн сты лæппутæ ахæм уавæрты? 2. Бакæсутстатьяйы II хай. Радзурут зæхкусæджы фырт Ахмеды цардытыххæй. 3. Чи уыди Ибрагим? Цы бакод- та уый сабырдзинады сæраппонд? Ссарут уыцы бынат æмæ йæ бакæсут. Статьяйы идейæ равзарын хъæуы ахæм фарсты руаджы: — Турчы фæллойгæнджыты сывæллæттæ ахæм уæззау уавæрты цæмæн цæрынц? Дзуапп раттынмæ къуылымпы куы кæной, уæд ахуыр- гæнæг зæгъы: — Иу хатт ма бакæсут статьяйы III хай æмæ дзуапп раттут. Фæрстыты фæстæ цы æмбисæндтæ ис, уыдоны хъуыды сбæттын хъæуы тексты идейон мидисимæ. Ибрагим сабырдзинады сæраппонд ахæстонæй нæ тæрсы. Статья хæдзары бакæсын æмæ чиныджы фæрстытæн дзуаппытæ бацæттæ кæнын. Бахъуыды кæнын æмбисæндтæ æнæ чиныгмæ кæсгæйæ. «Æхсæлы æмæ нæзы». Дзырдуатон куыст: æхсæлы— цъæх-цъæхид къутæр, зайы хæхбæсты. Кæддæр дзы-иу мæгуыртæ суджы бæсты кодтой арт: нæзы — хихсыф бæлас, сæрдæй, зымæгæй дары цъæх, йæ хихтæ хус нæ кæпыпц. Нæзы бæлæсты тæф хорз æххуыс у рæуджыты низ дзæбæх кæнынæн. Фыццаг касты фæстæ тексты мидис равзарынæн спайда кæнын чиныджы фæрстытæй. Сбæрæг кæнын швæллæтты цæстæнгас хиппæлой нæзымæ: Куыд уæм фæкаст, зæроид ус пæзыйы дæр кæй ахаста, уый? Цæмæн Уæм афтæ кæсы? X æ д з а р ы и ы ф ф ы с с ы н и з л о ж е н и. Пълан с<чразып урочы. Пъланæн райсын хъæуы чиныджы Фæрстытæн дзуаппытæ: I. Æхсæлы æмæ нæзы æрзадысты комы. П. Нæзы бафидис кодта æхсæлыйæи. III. Нæзы сæрыстыр у йæхицæй. 41
IV. Иу бон æрцыд сæ рад. V. Фыссæджы цæстæнгас хиуарзон пæзымæ. Пъланы пупкттæн урочы раттын дзуапп.Текст аив, бакæсын. Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. 1. Радзурут Глаха æмæ Мартайы тыххæй. Цы баисты фæстагмæ сæ дыууæ сывæллоны? 2. Радзурут наизусть æмдзæвгæ «Мæгуыры зæрдæ». Чи йæ иыффыста? 3. Цы фæдзæхста Темсыр Додийæп? 4. Радзурут-ма, Чермены тыххæй цы бахъуыды кодтат. 5. Цæмæн рафтыди Цæлыкк йæ райгуырæн хæдзарæй фабрикмæ? 6. Æркæсут нывтæм 80-æм, 81-æм, 82-æм фæрстыл. Ранымайут, чи сты уыцы лæппутæ? IV ХАЙ. Ахуыргæпæг. Афæдзы райдиапы ныхас кодтам, Октябры революцийы фæрцы нæ бæстæйы цард куыд аивта, адæм мæгуырдзинадæй куыд фервæзтысты, ууыл. Уыцы æрмæг зæрдыл æрлæууып кæнып цыбыр беседæйы фæрцы: 1. Зæгъут-ма, кæцы аз уыди Октябры революци? 2. Чи уыди революципы сæргълæууæг? Ахуыргæиæг разныхасæи пайда кæны чиныджы ацы хайы æрмæгæн. («Рæстæгмæйы хицауад», «Лепин Раз- ливы»). Мах ныр кæсдзыстæм Владимир Ильич Ленины сабийы бонты тыххæй, кæм райгуырд, уыцы горæт æмæ сæ хæдзары тыххæй. Чиныджы ацы хайы цы радзырдтæ æмæ æмдзæвгæтæ ис, уыдонæй базопдзыстæм, фысджы- тæ Лепипы — дунейы фæллойгæиджыты раздзæуæджы цавæрæй æвдисынц, поэттæ йыл цавæр æмдзæвгæтæ ныффыстой. 1917 азы Петрограды кусджытæ большевикты раза- мыидæй сæ куыст баурæдтой æмæ уыпгтæм рацыдысты. Уыдоп домдтой хæринаг æмæ сабырдзипад. Паддзах сæ пыхмæ арвыста æфсæдтæ, фæлæ салдæттæ кусджыты фарс фесты æмæ иумæ хъæр кæнын райдыдтой: «Хор иыи!» «Сабырдзипад!» «Мауал уæд хæст!» «Паддзах йæ бынатæй ист æрцæуæд!» Революци фæуæлахиз, пад- 42
т*ах йæ бынатæй ист æрцыди, фæлæ хицаудзинад сæхи бакодтой капиталисттæ. Уыдои фабриканттæ æмæ поме- щцктæй сарæзтой сæхи хицауад. Уый адæмæн нæ радта пæдæр сабырдзинад, нæдæр хæринаг. Рæстæгмæйы хидауад хъавыди Ленииы æрцахсынмæ. Парти ^ауыпаффæ кодта Ильичы бахъахъхъæнын — кусæг Пваиовы номыл ын гæххæтт сарæзтой, æмæ Ленин Петроградæй ацыди. Æрцарди иучысыл цады был. Уыцы быпат хуынди Разлив. (Ахуыргæнæгæн зонынæи. Разлив ис Лепииградмæ хæстæг, у æфсæйпаг фæндаджы станцæ. Х’ьæмпын мусонджы дуармæ иу къодах уыди Ленинæи иæ фыссæн стъол, иннæ та — йæ бандон, мусонг ын уыди уаты бæсты. Зæххы тъыст дыууæ саджил хъилы, цæх- гæрмæ сыл æвæрд æртыккаг, ууыл ауыгъд аг. Ам уыди пæ хæрииаггæпæи. Ахæм зын уавæрты дæр дзыллæты разамонæгæн йæ революцион куыст пæ фæцудыдта. Йе ’мбæлттæ йæм Разливмæ цыдысты, революци куыд цæуы, уыцы хабæрттæ йын дзырдтой, Владимир Ильич раза- мыпд лæвæрдта Октябры æдгæрзтæ сыстадæп. Йæ «кæрдæгхуыз кабинеты» — хъазгæйæ афтæ хуыдта Ленин нæ кусæн бынат Разливы — ныффыста йæ зыпдгопд чиныг «Государство и революция»). Къласмæ равдисын Разливы хуызджын пыв кæнæ йæ макетмæ гæсгæ беседæ саразып. «Октябры фæрцы». Фонохрестоматимæ байхъусып. Æмдзæвгæйы иуæй-иу быпæттæ фæрстыты руаджы равзарын: 1. Цæй фæрцы сты адæмы царды æппæт хорздзииæдтæ? Куыд зæгъы поэт? (Стыр Октябры фæрцы). 2. Поэт ног цардарæзтыл цип кæны, уый кæцы рæихъытæн у бæлвырд? Бакæсут уыцы рæихъытæ (Æз сæрыстыр дæн мæ бæстæй, о, пæ уадæмдых фæлтæр! Ехх, цæй кадджыи дæ мæ цæсты, ды, нæ иумæйаг фæл- лой! Зæрдæ барухс вæййы, зæрдæ, не стыр заводты уьшдæй). Æмдзæвгæйы аивадон мадзæлттæ равзарыны тыххæй йæ дыккаг хатт бакæсып æмæ беседæ саразын: 1. Цæнау фæйлауы бæстæ? Цæнау фыцы цип? (ден- джызау, цæджджинагау — барæнтæ). 2. Цы зæгъы поэт нардæй (цард сырх дидипæг æфтауы. Хъуыдыйад иумæ у метафорæ, сырх — эпитет). 3. Бакæсут 3-аг строфа. Зæгъут, дымгæйы тыххæн поэт цы фыссы (3-аг рæпхъ — ^етафорæ). Æмдзæвгæ аив бакæсып. «Октябры фæрцы» ппизусть ахуыр кæныпы размæ сбæлвырд хъæуы: п) дзырдтыл логикоп цавд, б) æмдзæвгæ цавæр хъæлæ- еЬ1уагæй кæсын хъæуы, уый. 43
«гИльичы сабийы бонтæ». Цыбыр р а з н ы х а с. Ленимы хо Аинæ Илышичнæ ныффыста чиныг. Уьш рав- дыста, Валодя чысылæй æгъдауджын кæй уыд, сайгæ кæй пикуы кодта. Ахуыргæнииæгтæ текст кæсыпц æмæ чиныджы 1-аг мæ 2-аг фæрстытæн дзуаппытæ агурыпц. Мидис куы радзурой, уæд дзуапп дæттыпц 3-аг фарстæи. «Ам арвыста йæ сабийы бонтæ», «Райгуырæн хæ- дзар», «Симбирскы гимназ». Ахуыргæнæг. Ныр та бакæсдзыстæм, Ленип кæм райгуырди, уыцы горæт æмæ уыцы хæдзары тыххæй. Мах базоидзыстæм, Валодя гимназы (афтæ хуындысты революцийы размæ Уæрæсейы астæуккаг скъолатæ) кæй ахуыр кодта. Æртæ хайы дæр бакæсын. Текстмæ хæстæг сæ радзурын. Сывæллæттæп сæ хъус уæлдай тынгдæр æрдарын хъæуы, Валодя цы партæйыл бадти, уый тыххæй цавæр æгъдау ныффидар, уымæ. «Æхсæвæддæйы». Ахуыргæпæг радзырды райдиап дзуры цыбыртæй: Валодя чысылæй уыди хъæуы. Лæппутæ-иу æхсæвæддæйы цыдысты хъæдмæ бæхтæ хизынмæ. Валодяйы-иу тынг фæндыди хъæуккаг лæппу- тимæ цæуын, фæлæ йæ уыдон иæ уагътой. Миййаг, горæтаг лæппу куы фæтæрсг., йе куы бафæллайа. Ахуыргæнинæгтæн æрдзы рæсугъддзинад уынынæн хъæуы æххуыс кæнын, уыцы рæсугъддзинад сæм æвзæ- рын кæны эстетикон æнкъарæнтæ. А х у ы р г æ н æ г. Ныртæккæ бакæсдзыстæм, иухатт Валодя сусæгæй лæппуты фæстæ куыд ацыди, æхсæвы хъæды куыд рæсугъд уыди, «мæй сцæйтылди йæ цæл- хыдзагæй», «арвыл стъалы атахт». Радзырды сæмбæл- дзæн ахæм бынат: Иæ алыварс цæлхæмбырд æристы — ома йæ алыварс, арты алыварс, бадтысты; æрдуз — хъæды астæу лæгъз ран, æнæбæлас рап. Фыццаг кастæн сывæллæттæ дзуапп агурынц ахæм фæрстытæн: 1. Кæм-иу уыдысты хъæуы лæппутæ æхсæвæддæйы? 2. Цы куырдта Валодя лæппутæй? 3. Цæуылнæ йæ код- той уыдон семæ? 4. Æнафоны иунæгæй хъæдмæ куыд фæцæйцыди Валодя? Бакæсут уыцы бынат. 5. Бакæсут, куыд уыди хъæды; цы загътой Валодяйæп лæппутæ, цы куыстой сæхæдæг, цавæр уыди æрдз. Радзырд аив бакæсын. Хæдзармæ куыст. Радзырды быпмæ лæвæрд фæрстытæн дзуаппытæ сцæттæ кæныи. «Дзырд». Радзырд бакæсыны агъоммæ бамбарын 44
^опып ахæм дзырдты нысаииуæг: къуырма хъæу — юрæтмæдард хъæу, машинæтæйе поездтæ цы фæндагыл даеуынц, уымæй дард ран хъæу, зырн — хъæд кæнæ згъæр лæгъзгæнæн станок. Сывæллæттæ фыццаг каст кæнынц æнæ фæрстытæй. Дыккаг кастæи чиныджы 1-аг, 2-аг фарстытæн агурынц дзуаппытæ. Радзырды фæстаг хай рольтæм гæсгæ бакæсын. Æмбисопды хъуыды сбæлвырд кæнын фарсты руаджы: 1. Дзырд нæ сайын адæймаджы хуыздæр мипиуджытæй иу у, уый тыххæй Ленин цавæр æмбисонд алрхаста? Бакæсут æй. Уæ зæрдыл æй бадарут. Радзырды сæйраг хъуыды бамбарыны тыххæй сывæл- лæтты хатдзæгмæ æркæнын фарсты руаджы: Цы ’вдисы фыссæг йæ уацмысы? Дзуапп: Влади- мпр Ильич кæддæриддæр йæ ныхасæн уыди хицау. Сыбыры зып уавæрты дæр æм дзырд фæсайын тынг зыи фæкасти æмæ иæзыйы цъарæй йæхи дыууæ къухæй скодта шахмæттæ. Дзырдæн хицау уæвын, ома цы зæгъай, уый сæххæст кæпып у адæймаджы хуыздæр миниуджы- тæй иу. Радзырд аив бакæсын. Чиныджы фæрстытæ æмæ бакусинæгтæ сæххæст кæнын. «Рæстæгмæйы хицауад» æмæ «Ленин Разливы»-йæ ахуыргæнæг спайда кодта йæ разныхасы, уымæ гæсгæ сæ урочы кæсын æмæ æвзарын нал хъæуы. «Ленин æрбацыд». Дарддæр ныхас кæиæм, Ленин æмæ Октябры революци, зæгъгæ, уыцы темæйыл. Раз- ныхасæп æрмæг лæвæрд цæуы статьяйы размæ. (Ахуыр- гæпæгæн зопыиæи: 1917 азы 3-æм апрелы Вла- димир Ильич Финляндийы вагзалы цы ныхас ракодта, уын историйы зындгонд у «Апрелы тезистæ», зæгъгæ). Кæсыны размæ дзырдуатон куыст бакæнын — баца- мопып сноскæтæм хаст бынæттæ. Статья скъуыддзаггай хипымæры кæсын — чипыджы фæрстытæн дзуаппытæ агургæйæ сывæллæттæ дыккаг каст кæнынц хъæрæй. Кæсгæйæ сын зын цы быпæттæ уыдзæн, уыдон акæсы ахуыргæнæг, интонаци раст аразынæн феххуысы тыххæй. Текст аив бакæсын, нывы бынмæ ныффыссынæн дзы хъуыдыйад ссарын (Ленин иуц^^усдуг алæууыд æмæ рай- Дыдта дзурын). «Салдаты дзул». Фыццаг касты фæстæ фæрстытæй арæзт беседæ скæнып. Уæд сбæрæг уыдзæн, радзырды идейæ куыд бамбæрстой, уый. Спайда кæнын чиныджы Фгсрстытæ, 1-аг пункты фæстæ бафтауын: 2. Цæуыл ']Ь1хсти буфетчицæ? Бакæсут уыцы бынат. Дыккаг кас- 45
тæн дзуапп ратдзысты фарстæн: Цавæр миниуæг ма? уыди Ленинмæ? (Уыди хуымæтæг адæймаг, хæларзæр. дæ, йе сныхас — фæлмæн). «Леннн Смольныйы», «Зымæгон галуанмæ бабырст». Ацы дыууæ тексты кæсып хъæуы иумæ — фыццаг у дыккагæн разиыхасы хуызæн. Ахуыргæнипæгтæ чипы- джы фæрстытæ хъæрæй кæсыиц. Текст сæхимидæг кæсгæйæ ссарынц дзуапп, стæй йæ хъæрæй бакæсынц. Дыккаг касты размæ ахуыргæнæг амоны фæйнæгыл фыст дзырдты хъуыды: æдгæрзгæ сыстад, Зымæгон галуан, крейсер, юнкертæ (кæс кæсыны чиныджы 102-æм фарс). Фыццаг текстмæ дæтты сæргæндтæ: 1. Большевиктæ сыстад бацæттæ кæпыпæп бынат равзæрстой Смольный. 2. Рæстæгмæйы хицауад ахст æрцыд. Ахуыргæнинæгтæ агурынц тексты хæйттæ уыдонмæ гæсгæ. Рæстæгмæйы хицауад ахст фæуыны размæ цаутæ куыд цыдысты, уый æвдыст у «Зымæгон галуанмæ бабырст»-ы. Дыккаг кастæп ам дæр æвзæрст цæуы цауты фæд-фæдылдзипад. Статьяйы хъуыдыйæдтæй ахуыргæнæг къласмæ дæтты сæргæыдтæ: 1. Сыстæг адæм бахæццæ сты Зымæгои галуаны цурмæ. 2. Зымæ- гои галуапмæ фæндаг суæгъд. 3. Галуаны мидæг хæст цыд сахат æмæ æрдæг. 4. Рæстæгмæйы хицауад ахст æрцыд. Сывæллæттæ агурынц хъæугæ хæйттæ. Афтæмæй сбæл- вырд уыдзæп уацмысы хъуыды. Аив касты фæстæ чипыджы фæрстытæн дзуаппытæ раттып. «Уыдис зымæг». Ахуыргæнинæгтæ 1-æм, 2-æм къласы кæсыны чипгуытæй зопыпц, В. И. Лепин 1924 азы январы 21-æм боп кæн амарди. Уый сын сæ зæрдыл æрлæууын кæпып хъæуы фарсты руаджы. Разныхасæн æмдзæвгæйы иуæй-иу быпæттæй спайда кæнын: Ленипы амарды хабар хæхбæстæм куы байхъуыст, уæд адæмы хъыг уыди æпæкæроп. Суанг æрдз дæр пыттар, ныттыз- мæг, цъæх арв йæ цæстысыг калдта уыцы уæззау хабар фехъусгæйæ. Адæмы зыпдзипад Боциты Бароп равдыста йе ’мдзæвгæ «Уыдис зымæг», зæгъгæ, уым. Ахуыргæпæг кæсы 5-æм строфа, æмдзæвгæйы идейæ уыцы цыппар рæнхъимæ у баст. Ленип куы амард, уæд æппæт фæллойгæнæг адæмтæ æмдзыхæй загътой, дзыл- лæты раздзог, адæмы хъæбулæн мæлæн нæй, зæгъгæ, поэт уып тыххæй фыссы: (кæс 6-æм строфа). Æмæ æцæгдæр, Ленины амыпдтытæ баззадысты царды. 46
Цавæртæ сты уыцы амыпдтытæ? Ленин тох кодта чзыллæты амонды сæраппонд. Ныртæккæ советон адæм аразынц коммунизм. Нæ бæстæйы адæмтæ дарддæр хæццæ кæнынц Ленииы уыцы хъуыддаг. Мах бæстæйы ям1æсцухæй арæзт цæуыпц электростанцæтæ. Азæй-азмæ рæзы скъолаты пымæц. Раздæры нæузæххыты зайы хьæздыг тыллæг, азæй-аз бæрзонддæр кæны зæххы куысты культурæ, рæзы фосдарыны хъуыддаг. Уыдон пууылдæр сты Ленины амынд хъуыддæгтæ. Уымæн фæзæ- гъæм, Ленин æгас у, зæгъгæ. Фыццаг касты размæ ахуыргæнæг æмбарын кæны дзырд фыдæхзæрдæ æмæ хъуыдыйад «Зæххæн йæфарн- дæттæг фæхъуыд» (кæс сноскæ). Æмдзæвгæ кæсын хъæуы сындæг, æнкъард хъæлæсы уагæй. Равзарын, æрдз æмæ адæмы зындзинад цы бынæттæ æвдисынц, уыдон фæрстыты руаджы: 1. Куыд æвдыст цæуы æрдз æмдзæвгæйы? Ссарут уыцы бынæттæ æмæ сæ бакæсут (мит тъыфылæй калд- та, уад хъæдбынтæй æхситт кодта, æнусон зæй хохæй згъордта: цъæх арв йæ цæстысыг згъæлдта; рызти хох- къæдзæх). 2. Цæмæп уыд æрдз афтæ æнтъыснæг? Дыккаг кастæн хъæлæсы уагæй сбæрæг кæнын, æмдзæвгæйы сæйраг хъуыды цы рæнхъыты ис, уыдон (5-æм строфа). Æмдзæвгæ апализ скæиын фæрстыты руаджы: 1. Цы загътой адæм уыцы саударæн бон? 2. Цæмæн уарзынц дзыллæтæ Владимир Ильичы афтæ тынг? Цæмæн ын хæссынц сæ зæрдæты йæ рухс ном? 3. Цæмæн фæзæгъæм мах: «Ленин æдзухдæр æгас у»? Æмдзæвгæйы хицæн бынæттæ кæсгæйæ ссарын, йæ идейæ раргом кæнынæн æххуыс чи у, уыцы аивадон мадзæлттæ. Бакæсут 1-аг рæнхъ, куыд ма ис зæгъæн зымæджы тыххæй? (Тынг уазал). Бакæсут строфа æнæхъæнæй. Æрдз æргъæфсгæ кæны? Уæдæ уый у аивадон мадзал. 2-аг строфа бакæсут. Уацæй ма сауы бæсты куыд ис зæгъæн? (Æнкъард). 3-аг строфа ба- кæсут. Арв кæугæ фæкæны? Уый у аивадон мадзал. Æмдзæвгæ а и в б а к æ с ы н. Ч и н ы д ж ы Ф æ р с т ы т æ н д з у а п п р а т т ы н. «Сережæ Костриков». Ацы уацмыс æмæ «Орджони- кидзейы зарæг»-мæ разпыхас лæвæрд ис кæсыны чипыджы (кæс «Киров æмæ Орджоникидзе уыдысты «’Чеиины æмтохгæнджытæ»). Разныхасы фæстæ къласмæ Фгсрстытæ’раттын: 1. Цы фыста Киров Орджоиикидзе- мцо 2. Чи уыдысты Киров æмæ Орджоыикидзе? 47
3; Цавæр аргъ скодтой дыууæ революциоиерæн Цæгат Ирыстопы? (Сæ помыл Цæгат Ирыстоиы ис куыстуæттæ, колхозтæ, совхозтæ, хъæутæ, уынгтæ. Ыæ республикæйы столицæ хæссы Орджоникидзейы ном. Арæзт æрцыдис сæ цард æмæ сæ революциои куыст æвдисæг музей). «Сережæ Кострнков» Кировы æрыгон бонтыл фыст чиныг кæй у, уый дæр ис разныхасы. «Мах уыцы чины- гæй бакæсдзыстæм 3 сæры», зæгъы ахуыргæпæг. Алы сæр дæр æвзарын хъæуы, каст куыд цæуа, афтæ. Фыццаджыдæр уал спайда хъæуы чиныджы фæрстытæй, уæд ипнæ фæрстытæп æнцопдæрæй ратдзысты æххæст дзуаппытæ. Дыккаг кастæп уæлæмхасæп фæрстытæ I сæрмæ: 1. Цы загъта нана хаст адæмы тыххæй? 2. Сережæйы цæстытыл ахст революционерты цардæй цавæр ныв ауад? II сæрмæ: 1. Куыд сæххæст кодтой лæппутæ уыцы тæссаг хæс? III сæрмæ: 1. Цавæр тæссаг уавæрты баххуыс кодтой дыууæ лæппуйы хаст революционертæн? Ахуыргæпæг: Уый уыди Костриковы-Кировы револю- цион куысты райдайæн. Урочы кæрои байхъусын музыкæмæ («Орджоии- кидзейы зарæг»-мæ). Скъоладзаутæ Орджопикидзейы зарæг фыццаг каст кæныиц æиæхъæнæй. Дыккаг каст — æхсæпæй-æхсæнмæты, чнпыджы фæрстытæп дзуапп раттыны тыххæй. Аив кæсынмæ бацæттæ кæныны тыххæй аивадон мадзæлттæ— барæптæ равзарын. Цæимæ абарстой адæм сæ зарæджы Серго Орджо- никпдзейы? Ссарут уыцы бынæттæ æмæ сæ бакæсут («хæххон цæхæрцæст цæргæсау», «худгæ хурау куы худти», «Дæ памыс Хъазыбеджы хохау бæрзоид куы фæцыд»). Зарæджы текст аив бакæсып. Дзырдуатои куыст, чипыджы ацы хайы ахуыргæни- пæгтæ цы политикон æмæ æпдæр алыхуызои терминтæ базыдтой, уыдон зæрдыл æрлæууыи кæныпæп. 1. Валодя Ульяиов кæм ахуыр кодта, уыцы скъола куыд хуынди? 2. Æрхъуыды кæнут, æдгæрзтæ сыстад кæм уа, ахæм хъуыдыйад (кæнæ æд гæрзтæ сыстадысты). 3. Чи уыдысты юпкертæ? 4. Фæйнæгыл ныффыссут: Октябры Стыр социалис- тод революци. 5. Кæм бадти Рæстæгмæйы хицауад? 48
Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. 1. Кæм райгуырди Валодя Ульяпов? 2. Радзурут, Лепипы сывæллопы боптæй уæ зæрдыл ,ь!цгдæр цы цау бадардтат, уый. 3. 1917 азы октябры кусджытæ, салдæттæ æмæ мат- росты сыстадæп разамынд чи лæвæрдта? 4. Радзурут, цы бахъуыды кодтат крейсер «Аврорæ»- пы тыххæй. 5. Цы хуыпди Уæрæсейы капиталистты æмæ поме- щикты фæстаг хицауад? Кæд æрцыди ахст Рæстæгмæйы хнцауад? 6. Чи уыди Сережæ Костриков? 7. Нанзусть радзурут Хъаныхъуаты Майрæмы æм- дзæвгæ «Октябры фæрцы». V ХАЙ. «Цъырцъыраг» у басня, уымæ гæсгæ йæ кæсын хъæуы радзырды хуызæи. Басняйы мидис лæмбынæг дзурын пæ хъæуы: йе ’лвæст æвзаг, йæ персонажты характерис- тикæйæн цы сатирикон ахорæнтæй пайдагонд æрцыд, уыдон сывæллæттæн æнæ чиныгмæ кæсгæйæ зын зæгъæн сты. Цырцъыраджы хъæлдзæг зæрдæйы уаг æвдисæг бынæттæ ссарын æмæ бакæсыи. Басня æххæстæй бакæ- сып, дзырдтæй сныв кæиын мæлдзыг æмæ цъырцъы- раджы царды уаг. Кæропбæттæн беседæйы аргъгонд цæуы мæлдзыджы куыстуарзопдзипадæн. Уый ныхмæ æрæвæрыи хъæуы цъырцъыраджы рæузонддзинад. Басняйæн йæ мораль ис йæ фæстаг цыппар рæнхъы. Аллегориои кæй у — мæлдзыг æмæ цъырцъыраджы хуызы адæймæгтыл кæй цæуы ныхас, уый дæр ацы рæпхъытæй рабæрæг уыдзæн, зæгъæм, ахæм фарсты руаджы: Адæмы æхсæн дæр ахæмтæ вæййы цымæ? Сывæллæттæ дзуапп лæвæрд куы фæуой, уæд ахуыр- гæнæг кæны ахæм хатдзæг: Куыд уыиæм, афтæмæй Царды бындур у фæллой кæнын, кусыи. Басняйæ лæвæрд бакусипæгтæ домынц куысты тых- ЗДй æмбисæпдтæ æрхæссын: 1. Бирæ дзурынæй бирæ кусын хуыздæр у. 2. Дзæгъæл бадтæй дзæгъæл куыст хуыздæр у. ’ 3''К:п № 2134 49
3. Куыстæи йæ сæр—сындз, йæ бын — сой. 4. Кусæгæн мæгуырæй тас пæу. Басня аив бакæсын æмæ йæ наизусть сахуыр кæныМ мæ бацæттæ кæпыи. Щ «Хъæрæгъæцы уæлмæрдты». (Ахуыргæнæгæн. Ащл радзырд йæ идейон мидисмæ гæсгæ хауы чиныджы VII хаймæ. Ам ис уымæн, æмæ архайд цæуы зымæгон! зымæджы тыххæй та æгæр чысыл æрмæг ис чиныджыЯ Иæ бакæсыны размæ хъæуы беседæ — спайдагæнæн ия кæсыны чиныджы 154-æм фарсыл статьяйы раззаг дыууаа абзацæй. Бафтауып ма пæм хъæуы: 1942 азы фæззæджьЙ хæст схæццæ Ирыстонмæ. Адæм стырæй, чысылæй] сыстадысты. Иутæ ацыдысты партизанты отрядтæм, ин^ иæтæ баззадысты хъæуты æмæ уырдыгæй æххуыс код-З той партизаптæн). Кæсыны размæ ног дзырдты нысаниуæг бамбарын кæнын (кæс сноскæтæ). Дыккаг кастæн чииыджы хæс- лæвæрдтæ сæххæст кæнын. 5-æм бакусинаг — радзырды раззаг хай схопæп ис афтæ: «Лæппу сау дурмæ бахæц- цæ». Уыцы хай фæуыдзæп ахæм хъуыдыйадыл: «Скъолайы алфæмбылай бирæ крестытæ». Дыккаг хай схоиæн ис: «Саухалы къах бапдзыг». Радзырды идейæ равзарын фæрстытæ æмæ дзуап- пыты руаджы: 1. Цы баххуыс кодта Саухал партизаи Алыкканæн? (Йæ хæслæвæрд ын сæххæст кодта). 2. Цавæр лæппу у Саухал? (Ныфсхаст, йæ ныхасæи хицау,— цыфæнды тæссаг уавæрты дæр йæ пысан сæххæст кодта). Ра- дзырды идейоп мидис зæрдыл бадарыиы тыххæй дзы ахуыргæнæджы амындмæ гæсгæ хæдзары аив кæсын- мæ баццæттæ кæиыи хицæн скъуыддзæгтæ. «Рувас бирæгъы куыд фæсайдта». Ахуыргæнипæгтæ æркæсæнт нывтæм æмæ радзурæнт, цы уынынц фыццаг нывы, дыккаджы, æртыккаджы. Фыццаг нывы рувас кæсæгтæ хæры, бирæгъ йæ уæлхъус лæууы æмæ йæм хæлæггæнæджы каст кæны. Дыккаг нывы бирæгъы къæдзил донисæиы ныссалд, сласын ын нал комы, æмæ арвмæ ниуы. Иæ ниуынмæ адæм фæфæдис сты: чи хъилимæ, чи сагоимæ. Æртыккаг нывы бирæгъ æнæ къæдзилæй. Аргъау нывтæм гæсгæ радзурын сывæллæтты ныхасы рæзтæн у стыр ахъаз. ’ «Иу зымæгон хъызт боп рувас кæцæйдæр кæсæгтæ радавта. Хибар рапмæ сæ фембырд кодта, стæп сыл 50
æрбадт æмæ сæ хæрын райдыдта. Уалыимæ дыи æххор- млг бирæгъ йæ уæлхъус алæууыди. Фæрсы йæ, кæсæгтæ г1)1п кæм уыди, уымæй. Тынг æм цæуы хæрын: фыр .-хормагæй йæ тæптæ бахаудтой, хæрын мондагæй йæ ь0мыдæттæ уайынц. Рувас хип кæм нæ у — сфæнд кодта рпрæгъы асайын. Дзуры йын, æз, зæгъы мæ къæдзил доиисæны нытътъыстон (цы йын дзуры, уый нывгæнæг равдыста фæлурсдæрæй конд чысыл иывы) æмæ дзы агасед кæсæгтæ сластон. Ды дæр изæры афтæ бакæн, æмæ райсоммæ дæ къæдзил кæсагæй зæу-зæу кæпдзæп. Ныццин кодта бирæгъ. Изæры æцæгдæр йæ къæдзил доиисæны нытътъыста. Æхсæвы куы æрбауазал, уæд донисæн ихцъар æвæрын байдыта, бирæгъы къæдзил та сæлын. Къæдзил куыд салд, афтæ уæззауæй-уæззау- дæр кодта, бирæгъæй афтæ та йыл кæсæгтæ фылдæрæй- фылдæр хæцы. Ции кæны бирæгъ, райсом ногахст кæсаджы фыдæй йе ’ххормаг гуыбын куыд бафсаддзæп, уый йæ цæстытыл уайы. Зымæгон æхсæв даргъ у, фæлæ пыффæрæзта бирæгъ йæ къæдзил уазал доиы дарын. Уалынмæ бон æрбацъæх. «Гъеныр æгъгъæд фæуæд,— загъта йæхинымæр бирæгъ,— лидзоп хъæдмæ, цалынмæ адæм дон хæссын нæ райдыдтой, уæдмæ». Схæцыд къæдзилыл. Куыппæ стæй! Къæдзил пыссалд, ныддæв- дæг дæлдон. Бирæгъæй афтæ кæсæгтæ æгæр ныббирæ сты, æмæ йæ уымæн нæ фæразы сласын. Ноджыдæр та авзæрста йæ тых-йæ бонæй. Нæй^ ницы. Уæд бирæгъ нынниудта йæ хъæлæсы дзаг. Донисæн кæройнаг сыхы тæккæ раз уыд. Бирæгъы ниуып райсомы сабыр уæл- дæфы дардыл азæлыд. Лæгтæ рафæдис кодтой. Чи хъил райста йæ къухы, чи сагоймæ фæлæбурдта. Ралæууы- дысты мæгуыр бирæгъыл дописæнмæ. Æрдæгмæрдтæй ма раирвæзт бæргæ, фæлæ къæдзил суанг йæ рæбынмæ донисæны аззад. Йæ фæстæ ма дур- адзагъдæй ралæууыдысты. Фæрсксаст æмæ уæнтæцъæлæй хъæдырдæм ныййарц бирæгъ. Йе ’ххормаг дæр дзы айрох». Ахуыргæиипæгтæ дзырд куы фæуой, уæд рахиз- дзысты чиныджы 3-аг æмæ 4-æм бакусинæгтæм. «Ногбон алы бæстæты». Ахуыргæпæг рагацау фæй- пæгыл фыссы зынæмбарæп дзырдтæ, стæй бæстæты æмæ горæтты иæмттæ: Вьетнам, Афганистан, Кабул, Монгол, ^æрæсе, къарол, указ. Фæрстытæ æмæ дзуаппытæй арæзт беседæ уацмыс бакæсыны агъоммæ. Ахуыргæнæг. Цавæр стыр бæрæг- 51
бои вæййы зымæгоп? Ныртæккæ цавæр бопмæ цæттИ кæнæм нæхи? щ — Ногбопмæ. II — Кæд райдайы бæрæгбоп? щ — 31 декабры æхсæвы 12 сахатыл. Уæд ралæууя 1 яиварь. Л Куыд цæттæ кæнынц адæм Ног азмæ сæхи?— I — Алы хæдзар дæр æрцæттæ кæнынц хорз хæринæг! тæ, саразыпц заз бæлас. I Скъолаты та куыд цæттæ кæпыпц ногбопмæ? I Заз бæлæстæ алыхуызоп рæсугъд хъазæнтæй сфæлын! дынц, æрцауындзыиц ыл къафеттæ, æнгузтæ, дыргътæ! Митып Дада нын æрбахæссы лæвæрдтæ, фæкафæм] зазы алыварс, фæзарæм, хъæлдзæгæп сæмбæлæм Ноп азы бæрæгбоиыл. <; А х у ы р г æ н æ г. Уæдæ мах бæстæйы Ногбоп кæнынц’ I япвары. Алы бæстæты алы афои кæныиц ацы бæрæг- бон. Æз фæйнæгыл ныффыстон бæстæты иæмттæ (кæсы сæ). Абон бакæсдзыстæм, уыцы бæстæты Ног аз кæд кæпынц æмæ сыл куыдæй ралæууы, уый тыххæй. Мах бæстæ Октябры революцийы размæ хуынди Уæрæсе. Ногбон Уæрæсейы куыд кодтой, уый дæр базондзыстæм. Фыццаг каст. Ахуыргæпæг чииыджы фæрстытæ иугай кæсы, сывæллæттæ уыцы бынат агурыиц тексты сæхи- нымæры кæсгæйæ, стæй йæ хъæрæй кæсынц. Дыккаг касты фæстæ дзуапп. дæттынц 7-æм фарстæн. 6-æм ба- кусинаг сæххæст кæнын, стæй аив бакæсын. «Зымæгон нывтæ». Æмдзæвгæйы дзæвгар пс зынæм- барæн дзырдтæ, ахуыргæнæг сæ фæйнæгыл фыссы æмæ сын кæсыны размæ сæ хъуыды æмбарын кæпы. Къардиу— къæдзæхы уырдыг былгæрон; урсуæлæфтау, ома урс- дарæсджын — вазыгджып дзырд, амоны митæй æм- бæрзт: тæссаргом — цæхгæрмæ цы ком цæуы, уый; зæ- лынц — хъуысынц, салф, хъыргъы (кæс сноскæ). Фыццаг кастæн фæрстытæ æмæ дзуаппыты фæрцы сбæрæг кæнын æмдзæвгæйы мидис æмæ ног дзырдты нысаниуæг. Дзырдты нысаниуæг бамбæрстой, нæ, уый сбæрæг уыдзæн, сæ дзуаппыты дзы куыд пайда кæной, уымæй. 1. Куыд æвдыст у мырткæ? Кæсыпц хъæугæ быпæттæ , æмæ дзуапп дæттыиц хи пыхæстæй. Къæдзæхы уырдыг былгæрон мырткæ халасы уæзæй пыггуыбыр. 2. Цыхуы- зæн у быдыр? Быдыр миты рæгътæ сси. 3. Цы ми кæны $ хъыргъы? Тæрхъус та? Фыр уазалæй нæ боп иицыуал I 52
^ æмæ Къутæры сæр зыр-зыргæпгæ бады. Тæрхъус хъæДРæбын фæлидзы. 4. Куыд зынынц рæгътæ? Митæй ^мбæрзт хæхтæ фæлмæп мигъы аныгъуылдысты æмæ нал оыпьпщ. 5. Цы равдыста поэт йе ’мдзæвгæйы? Поэт ^фæзта зымæджы пывтæй цалдæр. Чппыджы фæрстытæ равзарып. Æмдзæвгæ аив ба- к,и*ын, логикон цавд раст æвæрын. Ахуыргæпæджы кæрочбæттæн иыхас. Раст загътат — ноэт йе ’мдзæвгæйы равдыста зымæгои æрдзы нывтæ. Уыдоны руаджы раргом сты йе ’пкъарæптæ, зымæг йæ цæстытыл цыхуызæнæй уайы, уый. «Арсы лæппын». Радзырд у цыппар хайæ. 1-аг хай. Фыццаг касты размæ ахуыргæнæг къласмæ дæтты ба- кусинаг. Æркæсут иывтæм. Бакæсут 1-аг абзац, дард- дæр æй пывтæм гæсгæ радзурут. «Цас алæууыд, чн зопы»... уырдыгæй кæронмæ бакæсут радзырд æмæ ^æгъут, Мишкæ хæрæндоны йæхи куыд дардта. «Мишкæ-къæрных». Бакæсын радзырды ацы хай. 1-аг цæсгом 3-аг пæсгомæй ивын — махы бæсты уыдон кæнæ салдæттæ æвæрын, афтæмæй йæдзурын— фарст домы уыцы сæр æпæхъæнæй радзурын. «Миш- кæйы хъавыдысты адавынмæ». Бакæсын ацы хай. Ахуыргæнæджы æххуысæй цæсгæмттæ хъæугæ формæты æвæрып, афтæмæй йæ радзурын. Иу райдайы дзурып, стæй та иннæ дарддæр æнæ фæрстытæй. «Мишкæ-кæсагахсæг». Фыццаг касты фæстæ иу ахуыргæнипаг хи пыхæстæй дзуры, инпæ та дарддæр. Дзургæ-дзурыи мах æмæ нæ ивын салдæттæй. Дыккаг каст. Чиныджы фæрстытæм гæсгæ радзурып радзырд. Кæсгæ-кæсыпы равзарын, нывты быимæ фыс- сыпæп хъуыдыйæдтæ (ис сæм чысыл ивддзинæдтæ хæссæн). 1-аг нывмæ: Мишкæ йæ дзоныгъ фæуагъта. 2-аг пывмæ: Мишкæ йæ къус пъовырмæ балæвæрдта. 3-аг нывмæ: Кæсагахсæн хыз пырхытæй лæууы. «Хъæды». Хъамбердиаты Мысост пе ’мдзæвгæйы равдыста зымæгоп нывтæ хъæды. Цæмæй уыцы нывтæ ^æрæй-бынмæ сывæллæтты цæстытыл ауайой, сæ зæрдыл сæ бадарой, уый тыххæй ахуыргæнæг фыццаг касты рæстæг аразы беседæ. I 1. Цы зæгъы поэт бирæгъты тыххæй? Уазалы тыххæй? 1 Вакæсут уыцы бынат уæхипымæры, стæй та хъæ- Г^н. 2. Куыд æвдыст цæуынц хъæддзау æмæ йæ бæх? 3. Бæ- 53
лæстæ, дымгæ æмæ фæрæты тыххæй бакæсут æмдзæв гæйы. н Дзырд салф чиныджы æмбæлы дыккаг хатт, йæ ныса ниуæг ын бамбæрстой, æви нæ, уый сбæрæг кæныны тых. хæй ахуыргæнæг дæтты бакусинаг: æндæр дзырдæи (синонимæй) баивут салф, хъуыды ма фехæлæд, афтæ’ мæй. > Æмдзæвгæ бакæсын æмæ дзы бирæон пымæцы ном- дартæ ссарын. Аивадон мадзæлттæ (олицетворепитæ) равзарын. Ахуыргæнæг. Бакæсут æмæ зæгъут, бæхы къæх* тæ цы ми кæнынц, дьгмгæ цы кæны, зымæг куыдæй кæсы (къæхтæ скафынц, дымгæ кæуы, зымæг мæстыйæ кæуы). А х у ы р г æ н æ г. Хъæддзау бæх кафын нæ зоны, фæкафы адæймаг. Дымгæ кæугæ нæ кæны, фæкæуы адæймаг. Мæстыйæ фæкæсы адæймаг, зымæг кæсгæ нæ кæпы. Поэт бæхы, дымгæйы æмæ зымæджы æвдисы адæймаджы хуызы. Уый у аивадон мадзал—олицет- ворени. Зымæджы нывтæ цæстытыл ауайын кæнын дзырдтæй пывтæ кæпыны руаджы. Æмдзæвгæ аив бакæсып. «Æфсæддонтæ» минæтæ ссардтой». Сывæллæттæ зар- ницæйы тыххæй цы зоныпц, цы фсхъуыстой, уымæй сæ бафæрсын. Статья хинымæры кæсын æмæ дзы чиныджы фæрстытæн дзуаппытæ агурын — уый сæ бацæттæ кæн- дзæи, цы бакастысты, уый æххæстæй радзурынмæ. «Сырх тырыса». Фыццаг касты фæстæ ахуыргæни- пæгтæ дзуапп дæттыиц чииыджы 1-аг фарстæн. Дыккаг кастæп та 2-аг фарстæн, стæй æххæст кæнынц 131-æм фарсыл 4-æм бакусинаг. Статья æмæ æмдзæвгæ аив бакæсын. Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. 1. Чиныджы V хайы нывтæй æхсæнмæ-’хсæиты ахуыр- гæпæг æвдисы къласмæ. Сывæллæттæ дзурыиц, чи дзы цавæр уацмысмæ у, уый. 2. Радзурут аргъау «Рувас бирæгъы куыд фæсайд- та». 3. Радзурут, Саухал уæлмæрдмæ цавæр ахсджиаг хæсимæ ацыд. Чи уыди Алыкка? '4. Наизусть радзурут æмдзæвгæ «Цъырцъыраг». 54
VI ХАЙ. «Ног Ир». Поэт зæронд заман хоны Октябры рсво- люцийы размæйы рæстæг, «æрттивгæ хур æрбакаст» зæгъы пог цардарæзтæй. Революцийы фæстæ Ирыстопы схуыдта Ног Ир. Æмдзæвгæйы идейæ бамбарынæн уæлдай тынгдæр феххуыс уыдзысты дыууæ хъуыдыйады: I. «Хæссын мæ цæст дæ фæзтыл дардмæ, мæ цин дæ рагуалдзæг хынцы». 2. «Нæ бæстæ хоры кæндæй — зæй». Куыд сæ æмбарынц, сывæллæтты уымæй бафæрсын æмæ сын сæ хъуыды равзарыи: 1. Поэт лæмбынæг кæсы ног цардмæ æмæ уыны йæ «рагуалдзæг»-æн йæ райдиан цины аккаг кæй у, 2. Цард у бæркад. «Æндон бæх» бамбарын кæныи: коллективизацийы райдиан трактортæ искуы-иу йедтæ- мæ пæ уыди, фысджытæ сæ уацмысты арæх кодтой сæ кой, схуыдтой сæ ’æндоп бæхтæ. Æмдзæвгæ аив бакæсын. «Цæмæн æй уарзын æз мæ Фыдыбæстæ?» Лирикоп уацмыстæ вæййынц куыд æмдзæвгæтæй фыст, афтæ прозæйæ дæр. Прозæйæ фыст лирикæ хоныиц прозæйæ фыст æмдзæвгæтæ. Æмдзæвгæйы хъуыды сбæлвырд кæныны тыххæй беседæ саразын хъæуы афтæ, цæмæй сывæллæттæ бамбарой поэты зæрдæйы уаг йæ райгуырæн Ирыстонмæ. Хъуамæ ахуыргæнипæгтæ сæ зæрдыл бада- рой, поэт цы рæсугъд нывтæ сарæзта, цы аив мадзæлт- тæй спайда кодта, уыдон. Беседæ арæзт цæуы фæрстытæ æмæ дзуаппытæй: 1. Цы зæгъы поэт цъититы тыххæй? 2. Хæхты цъуппытæй та цы зæгъы? Хъуыдыйадæи йæ лъуыды ма фехалут, афтæмæй йæ æндæрхуызы зæгъут (хæхтæ бæрзонд фæцыдысты). 3. Куыд лæууынц къæдзæх- тæ?Кæмтты тыххæй цы фыссы Цомахъ? 4. Куыдæй æвдисы къулы (ныхас цæуы къæдзæх-къултыл). Бакæсут уыцы быпæттæ. 5. Бакæсут, дон æмæ хъæуты тыххæй цы загъд ис æмдзæвгæйы. 6. Цавæр хатдзæг скодта поэт, Ирыс- тоны æрдз куы равдыста, уæд? Дзуапп раттут: Цавæр сты цъититæ, къæдзæхтæ, кæрдæг, хъæутæ. Ахуыргæни- иæгтæ кæсынц хъæрæй, стæй дзуапп дæттынц. А х у ы р г æ н æ г. Дзырдтæ æнусон, рагон, зæлдаг, хæххон сты аивадои мадзæлттæ — эпитеттæ. Хæххоп хъæутæ мæгуырхуыз кæй сты, уый Цомахъ цавæр Дзырдты руаджы равдыста? (Сидзæртау — барæн, чи ^абукъ —-чи батымбыл). Чиныджы 4-æм фарстæн дзуапп: Дзырд «Фыдыбæстæ 55
баивæн ис ахæм дзырдтæй — Райгуырæп зæхх, пыппарæ| зæхх. Райгуырæн бæстæ, иæ Фыдæлты зæхх. ] Æмдзæвгæ хæдзары иннæ хатмæ а и 1 к æ с ы н м æ б а ц æ т т æ к æ н ы н. ^ «Дидинæг». Æмдзæвгæйы сæйраг хъуыды ис йаа фыццаг хайы фæстаг дыууæ рæнхъы: «Афтæ рæвдауь! ма рухс бæстæ мæн». Кæсгæ-кæсыны ахуыргæиæп хъæлæсы уаг æмæ логикон цавды руаджы уыцы рæнхъы! тæм хъус æрдарып кæндзæи. Ахуыргæнипæгтæ æм| дзæвгæ кæсынц дыууæ хайæ. Поэт йæхи тыххæй зæгъы:! «Афтæ рæвдауы ма рухс бæстæ мæп». Ссарут æмæ ба-] кæсут, цæимæ бары поэт, бæстæ йæ куыд рæвдауы, уый (райдайæп æхсæз рæихъы). ; II хай. Цы фæдзæхсы поэт дидипæгæн? Бакæсут, æмдзæвгæ дарддæр. Дыккаг кастæн æмдзæвгæйы аива-, дон ’мадзæлттæ равзарын. Фыссæг дидипæгæй зæгъы «бахуды уалдзæджы хъæбысы». Дидинæг худгæ пæ кæпы, уалдзæгæн хъæбыс нæй. Уыдон сты аивадон ма- дзæлттæ. Æмдзæвгæпаизусть ахуыр кæнын хъæуыхай- гай (дыууæ хайæ), уыцы хæйттæ рагацау аив кæсыныл сфæлтæрын. «Къостайæн». Къостайы портрет равдисыи. Фоно- хрестоматимæ байхъусын. Ацы æмдзæвгæмæ уæлæм- хасæпæн бакæсып хъæуы Къостайы «Додой». Уæд ахуыр- гæиинæгтæ æнцондæрæй бамбардзысты ахæм бынæттæ: «Рацыдтæ иунæгæй... «Додой» ныззарыдтæ», «Де зпаг дæ ахаста дардмæ дæ адæмæй». Фыццаг кастæн бамбарып кæпыи ахæм хъуы- дыйæдты мидис: 1. «Ингæнмæ ахастай зарджытæ — хъарджытæ, адæмы мæт...» 2. «Царды уаг бархийæ аразыпц дзыл- лæтæ,— райстой сæ бар». Къоста амарди 1906 азы, уæд адæмы хъарджытæ æмæ тухинæн кæроп пæ уыди. Къоста, мæгуыр адæмы бартыл тохгæнæг, йæ зæрдæмæ арф ныйиста уыдопы зыпдзипад. Поэт зæгъы, адæмы мæт Къоста ингæнмæ дæр немæ кæй ахаста. 2. Ныр фæллойгæнæг адæм сæ цардæп сæхæдæг сты хицау, цæрынц сæрибарæй, Къостайы рæстæджы куыд уыди, уыцы æфхæрд æмæ ссæстæй фервæзтысты. Бакæсып, хаст уæвгæйæ Къоста йæ Райгуырæп Ирыстоп, йæ адæмы тыххæй цы зæрдæмæхъаргæ æм- дзйвгæ ныффыста, уып — «Æпæ хай». 56
Æмдзæвгæ «К/ьостайæи» аив бакæсыны размæ 1ЦШЫДЖЫ бакусипæгтæ сæххæст кæпын. «Рæсугъд у нæ республикæйы столицæ». Текстмæ лæвæрд 3-аг бакусинаг цы куыст домы, уымæн æнæ- мæпг хъæуы хъыбыллæ. Уымæ гæсгæ статья «Хъыбыллæ» (259-æм фарс) бакæсын ацы статьяйы размæ. Сывæллæттæм равдисын хъыбыллæ æмæ сыи бацамоиыи, практикоп æгъдчуæй дзы куыд папда кæнып хъæуы, уый. Уый фæстæ статья «Рæсугъд у нæ республикæйы столицæ» бакæсын æмæ йæ радзу- рып. «Фыццаг ауæдз». Æмдзæвгæны хъуыды ма фехæлæд, афтæмæй 1-аг строфа цыбыртæй æпдæр дзырдтæн зæгъып (Гагарин космосмæ стахт, æмæ адæмы цинæп кæроп нал ис). Афтæ аивыи 3-аг строфайы раззаг дыууæ рæнхъы (адæм се ’мбæстагæй сты разы, йе сгуыхтæп ыи кæпынц стыр кад). Космосмæ фыццаг атахт поэт цавæр ныхæс- тæй равдыста, уый тыххæй бакæсын фæстаг дыууæ рæнхъы. Æмдзæвгæ кæсгæйæ паузæтæ раст кæпьтп. Хъæрои хъуыдыйæдтæ кæсгæйæ хъæлæсы уаг раст аразын. Дзуапп раттыи æмдзæвгæйы бынмæ фæрстытæн. Æмдзæвгæ аив бакæсын. Бацæттæ йæ к æ н ы н н а и з у с т ь с а х у ы р к æ н ы н м æ. «Æмбаргæ куыдз». Ахуыргæнæг фæйнæгыл фыстæй гом кæны радзырды хъуыдыйæдтæй арæзт пълан. Пъланы пункттæ фæд-фæдыл æвæрд не сты, фæлæ хæццæ-мæццæ. Сывæллæттæ сæ кæсгæ-кæсын æвæрыиц, архапд радзырды куыд цæуы, афтæ фæд-фæдыл. П ъ л а н ы р а с т в а р и а и т: I. Бпрæгъ кæй æнхъæлдтам, уый разыпдис куыдз. II. Неляйы аскъæфтой знæт уылæнтæ. III. Фыд ардæм æрцыд й,æ хъæбулы агурæг. IV. Пиратæп пæ цæссыгтæ калдысты. V. Хуыссæджы цъыртт нæ федтон. VI. Пираты раластон мемæ Ирыстонмæ. Радзырды мидис сфæлдыстадон хуызы дзурынмæ бацæттæ кæпын, ома 1-аг цæсгом ивыи 3-аг цæсгомæй. Уацмысы рандиан уыдзæн афтæ: «Иу æфсæддон хап ла^ууыди... Иу изæр цыппар лæппуйы сæхи пайынмæ ацыдысты. Гуырдзиаг лæппу Давид... Ныр дæр та пппæтæй фæхицæп... Иппæ æртæйæ ну уыди даргипаг, иипæ уырыссаг, иннæ — ирои. Лæппутæ кæсынц, æмæ... Æфсæддоптæ (кæпæ лæп- ы
путæ) æхсæры къудзиты аууæттæм хъуызгæ-хъуызг сæхи ныйистой» æмæ аф. д. Фæрстытæ мидис радзурынæн æмæ идейæ сбæрæ калшнæн: 1. Кæцы ран лæууыди æфсæддоп хай? 2. Кæдæм фæцæйцыдысты лæппутæ? Цал æмбалы уыдысты? 3. Цавæр хабар радзырдта салдæттæн зæронд ус? 4. Куыд фервæзыи кодтой лæппутæ Пираты йæ зып- дзинадæй? 5. Цы ф.æци куыдз? 6. Лæппутæй кæцыйы номæй цæуы ныхас радзырды? 7. Радзурут-ма чызджы ирвæзынгæнæг морячы тыххæй. Куыд ис схопæн ахæм адæймагæн? (Дзуапп: Неляйы дон куы фæцæйласта, уыцы рæстæг былгæронмæ йæ куыдзимæ æрбацыд къуылых лæг морячы дарæсы... æмæ дарддæр радзырд- мæ гæсгæ. Морячы дои аласта. Уый равдыста лæгдзинад адæймаджы фервæзын кæиыны сæраппонд. Йæхи цард нал æрхъуыды кодта — иу къахимæ йæ бон ленк кæнын пе суыдзæн, уый дзы, æвæццæгæн, рох нæ уыди, фæлæ пæм рæзгæ саби йæхи удæй зынаргъдæр фæкаст). Морячы обрæз дæтты хъæздыг æрмæг къласимæ хъомыладон куыст бакæнынæн. Ахуыргæнæджы кæрон- бæттæн ныхас морячы удыхъæды тыххæй. Зынаргъуыди морякæн адæймаджы цард — Неляйы фервæзын кодта, нæхи адзалмæ радта, афтæмæй. Уый Фыдыбæстæйы Стыр хæсты дæр йæ адæм æмæ йæ Райгуырæн зæхх бахъахъхъæиыиыл тох кодта хъæбатырæн. Уæззау цæф фæци — хæсты быдырæй сыздæхт æиæ къахæй, хæсты замаи йæ бинонтæ фесæфтысты. Фæлæ уыцы зыи- дзипæдтæй йæ уды коид иæ фепдæрхуызон, йæ лæг- дзииад иæ фæдæлдæр, адæймагмæ йæ уарзт пæ фæкъад- дæр. Ахæмтæй фæзæгъæм, гъе уый дын æцæг адæймаг, Ахæм адæймæгтæи сæ цæргæйæ хъæуы кад кæныи, сæ амæлæты фæстæ сæ хъæуы мысын, сæ ныфс, сæ хъæба- тырдзинад хъæуы фæзмын. «Хæдтæхæджы». Æмдзæвгæ æнцон кæсæн у, уымæ гæсгæ йæ фыццаг хатт кæсынц лæмæгъдæр ахуыргæни- нæгтæ. Уый фæстæ хинымæры кæсгæйæ ахуыргæнинæгтæ рæнхъыты кæрæтты агурынц, æмзæлд цы дзырдтæ кæ- пынц, уыдон. Æртыккаг касты фæстæ равзарын чиныджы дыууæ фарсты, Поэт хæхты пæлæз хоиы мигъты. 1-аг строфаны фæстаг дыууæ рæнхъæн сæ хъуыды у афтæ: хуры тынтæм мигътæ апырх сты. Ахуыргæнæг фæрстыты рус)джы амоны æмдзæвгæйы аивадон фæрæзтæ: хæхты пæлæз, фæндæгтæ згъорынц, дугъон бæхтау. 53
Æмдзæвгæ аив бакæсын. «Экскурсийы Мичурины цæхæрадонмæ». А х у ы р- г æ п æ д ж ы р а з н ы х а с. Иван Владимирович Мичу- рип уыди зындгонд дыргъыкуыстгæнæг. Райгуырди 1855 азы, мæлгæ та акодта 1935 азы. Мичурины ахуыра- дæп абон дæр пайда кæнынц нæ бæстæйы дыргъыкуыст- гæпджытæ. Паддзахы Уæрæсейы Иван Владимировичы куыстытæи аргъ пæ кодтой. Æрмæст Советон хицау- дзинады рæстæг æрцыди арæзт хъæугæ фадæттæ уымæн пæ фæлварæн куыстытæн. Ахуыргæнинæгтæ текст кæсынц хайгай аемæ чиныджы фæрстытæи дзуаппытæ дæттынц. «Æхсæвæддæ хъæугæрон». Ацы лирикон æмдзæвгæйы поэт равдыста æрдзы рæсугъддзинад. Ахуыргæнæджы фæрстыты руаджы æвзæрст цæуы алы хъуыдыйад дæр. Ахуыргæнæг зæгъы хуызæг: Ныссабыр хъæу. Сывæл- лæттæ мивдиоæгæй æвæрынц фарст æмæ уый руаджы агурыиц сæйрат. Дарддæр ахуыргæнæг нымайы мивдис- джытæ. Ахуыргæнинæгтæ æвæрынц фарст æмæ дæттынц æххæст дзуаппытæ: Уайы, зары цы? Æрдымы цы? æмæ аф. д. Æмдзæвгæйы сæйраг хъуыды ис йæ фæстаг дыу- уæ рæнхъы. Кæсгæйæ уыдон хъæлæсы уагæй иннæ рæнхъытæй рахицæн кæнын. Чиныджы бакусинæгтæ равзарын. Аив бакæсын æмдзæвгæ. «Мæ Райгуырæн бæстæ». Æмдзæвгæ наизусть сахуыр кæныны тыххæй йæ строфагай кæсын æмæ æвзарын. Æмдзæвгæ хицæн хæйттыл æнцонæй куы дихкæна,уæд алы хайæн дæр сбæлвырд хъæуы йæ хъуыды. 1-аг строфайы сæйраг хъуыды — Райгуырæн бæстæ ныййарæг мадимæ барын. 2-аг строфа — нæ бæстæ у бирæиациои. Уыдон сæ кæрæдзиимæ цæрынц хæларæй. 3-аг строфа — Райгуырæн бæстæ уарзын, куы бахъæуа, уæд уый сæраппонд хи цард ма бавгъау кæнын. Фæстаг хъуыды У æмдзæвгæйы идейæ. Дыккаг кастæн чиныджы бакусинæгтæ сæххæст кæпын. Æмдзæвгæ аив бакæсып. «Цæмæ бæллы бæлццон». Ахуыргæнæг æмдзæвгæ аив кæсы. Уый фæстæ йæ кæсынц ахуыргæнииæгтæ. Чпныджы фæрстытæи дзуапп дæттыны тыххæй скъуыд- 'Паггай кæсынц хъæугæ быиæттæ. Æ м д з æ в г æ а и в б а к æ с ы н. X æ д з а р ы й æ 1[ а н з у с т ь с а х у ы р к æ н ы н. 59
Рацыд æрмæг зæрдыл &рлæууын кæнын 1. Мах кастыстæм Хозиты Яковы æмдзæвгæ «Ног Ир». Зæгъут-ма, цæмæн схуыдта поэт Иры афтæ. 2. Апв бакæсут Гæдиаты Цомахъы прозæйæ фыст æмдзæвгæ «Цæмæн æй уарзын æз мæ Фыдыбæстæ?» 3. Æндæр дзырдтæй аивут: æврагъ, уддзæф. 4. Кæд вæййы Космонавтикæйы бæрæгбон? 5. Уæхинымæры кæсут æмдзæвгæ «Къостайæи», сбæрæг дзы кæнут рæпхъыты æмзæлд кæрæттæ. VII ХАЙ. Кæсыны чиныджы VII хай у Фыдыбæстæйы Стыр хæсты тыххæй. Ахуыргæнæджы разныхас арæзт уы- дзæн уацмысты размæ лæвæрд статьятæй «Зиаг пырх- гонд æрцыд» æмæ «Хæстон поэттæ». Фæстаг статьямæ бафтауын хъæуы: 1972 азы иронау рацыди хæстон фыс- джыты æмбырдгонд «Хорзæй баззай, Ир». Чиныджы ис 51 æдзард лæппуйы уацмыстæ. Хæст куы райдыдта, уæд уыцы фысджытæн сеппæты хистæр Гутнаты Хъаны- мæтыл цыди æртын æхсæз азы. Сеппæты кæстæртæ уыдысты Елехъоты Мурат æмæ Хайманты Георги— цыди сыл æвддæсгай азтæ. 51 лæппуйы... Уыдон æфсис нæ зыдтой уалдзæджы уындæй, Ирыстопы митсæр хæхты райдзаст æнгасæй, фиййауы уадындзы хъæлæсæй, зиууон хосгæрдджыты цæвджыты зылангæй. Æмæ сæхæдæг дæр зæрдæйы зарæгæй æвдыстой сæ цин. Райгуырæн бæстæ тæссаг уавæры куы бахауд, уæд 51 ирон лæппуйы бирæ æндæр лæппутау хæрзбоп загътой сæ бинонтæн, сæ уарзон адæмæн æмæ ацыдысты карз хæстмæ. Уыдонæй иу дæр пал сæмбæлд йæ Иры зæххыл, фæлæ ардæм — Ирыстоп- мæ — æрыздæхт сæ зарæг æмæ ам баззади æнусмæ.1 Уыцы чиныгæй къласмæ равдисып хæстон поэтты хуызистытæ. Иу-цалдæр æмдзæвпæйы дзы бакæсып. «Нæ сæрибар нæ ратдзыстæм». Афæдзы райдиаиы Баситы Дзамболаты æмдзæвгæтæй иу — «Сæумæрайсом» сывæллæттæ сахуыр кодтой паизусть. Радзурып æн кæиын. 1 '«Хорзæй блззай, Ир». Сарæзта йæ Хъодзаты Æхсар, Орджоннки- дзс, 1972. 60
Фарст: Поэт ацы æмдзæвгæйы цы равдыста? Дзуапп: Хьæууоп æрдзы нывтæ сæумæрайсом. Лхуыргæнæг аив кæсы «Нæ сæрибар пæ ратдзыс- 1;см».— Ацы ’мдзæвгæйы та цы равдыста поэт? Дзуапп: Фашистои лæбурджытæ советон зæххæй тард кæй :грцæудзысты, уый. Ахуыргæиииæгтæ кæсынц æмæ æвза- рыпц: 1. Поэт Фыдыбæстæйы куыд хопы. 2. Зпаджы тыххæй та цы зæгъы (дзуапп ис 2-аг строфайы). Дыккаг кастæн сбæрæг кæнып, ахуыргæнинæгтæ ацы рæнхъытæ куыд æмбарыпц: «Ныппырх кæидзыстæм сау мигъты», «Нæ уыпджы дæр къæрццæмдзæгъдæй рæхджы уы- дзæии хъазт». (Ахуыргæнæгæи: 1. Фыссæг сау мигътæ \'оны хæсты тымыгъ, немыцаг фашистты. 2. Советон адæм рæстаг хæсты фæуæлахиз уыдзысты, æмæ сьш \ый уыдзæн стыр бæрæгбон). Уæд сывæллæттæ бамбар- дзысты æмдзæвгæйы идейæ æмæ дзуапп ратдзысты ■шныджы 1-аг фарстæн. Æмдзæвгæ аив бакæсыны размæ сывæллæттæ дзуапп чæттынц чиныджы 2-аг фарстæп. «Кертыби». (Хибарæй кæсынæн). Ахуыргæнæджы ныхас хæсты темæйыл дарддæр: Фыдыбæстæйы хæсты заман æпцад пæ бадтысты æрыгон фæлтæр, суанг сымах карæнтæ дæр æххуыс кодтой æфсадæн, партизантæп, фæсчъылдымы цæрджытæн. Ахуыргæнæг повссты скъуыддзагæй дзуры иу цау: Чысыл лæппу Кертыби разынди диссаджы хъæбатыр, немыцаджы афæлывта æмæ йæ мады æфсымæры бæх партизантæм хъæды балæууып кодта. Уый у хорз мадзал, ахуыргæиииæгтæ уацмыс сæ хæдзары цæмæй бакæсой, уымæп. Уацмыс иууылдæр бакастысты æви пæ, уый инпæ хатт хибарæй кæсыны урочы сбæрæг кæнын бакусинæгты руаджы: 1. Ранымапут архайджыты. 2. Уацмысы кæцы рапмæ у, чиныджы цы пыв ис, уый? Уацмысы мидис равзарын фæрстыты руаджы: 1. Цавæр æвирхъау митæ кодтоп псмыц хъæуы цæрджытæн? 2. Цæмæн бæллыд Ксртыби партизаиты æрцыдмæ? Бакæсут уыпы быпат. ^- Цæмæн мæсты кодта Кертыби Буланмæ? 4. Радзурут- ма, Кертыби нæмгуыты æхсæпты партизантæм куыд ’ЧЫГЪДИ. Цæмæй Кертыбимæ ахуыргæнипæгты цæстæпгас Ппргом уа, уын тыххæй равзарын чиныджы 4-æм фарст. ^ьшмæ баст у скъуыддзаджы идейæ дæр. Уацмыс а’дихгæнæп ис хицæи хæйттыл. Сæ хъуыдымæ '•'’сгæ сæм раттæн ис ахæм сæргæидтаз: «Хъæбатыр 61
лæппу», «Булаи партизапты баци», «Кертыби бæхы фесхуыста», «Бæх хъæдырдæм иыййарц», «Уæд æпцад пичи бадти». Скъуыддзаджы I хай фæуыдзæн ахæм хъуыдыйадыл: «Уый фæстæмæ фæзылди, разгъордта æмæ акъоппы скуыси». Сæргонд æм уыдзæн афтæ: «Акъопгытæ уæлбылы тъæпæныл бæрæг дардтой» кæнæ: «Афицер бæхыл ратæх-батæх кæны», «Булаи пе стыр цæстытæ ныйирд кодта» æмæ æнд. II хай фæуыдзæп ахæм хъуыдыйадæй: «Иннæ уыд æфсæддон, уырыссаг». Сæргопд: «Цин æмæ тас баиу сты» кæнæ «Къалиутæ цæсгом хостой» йе «Фæрв бæла- сæй æргæпп кодта дыууæ лæджы». III хай у суанг кæронмæ. «Кертыби Гауейыл йæхи баппæрста», «Буланы джыджийæ тагъдис туг». Ацы хъуыдыйæдтæй иу раттæн ис сæргондæн III хаймæ. «Не ’мбæстаг хъæбатыртæ» А х у ы р г æ н æ г. (Ахуыр- гæнæгæн разныхасæн æрмæг). Дарддæр ныхас кæнæм Фыдыбæстæйы хæсты тыххæй. Хæсты архайæг уыдысты æппæт советон адæм: фронты — æфсад, чъылдымы — партизаитæ. Сæ дыууæтæн дæр æххуыс кодтой адæм, уæлдайдæр фæсивæд. Хæсты сæйраг тых уыди æфсад.— Советоп Æфсады æххуысæй бирæ бæстæтæ суæгъд сты фашистты дзæмбытæй (Чехословаки, Румып, Польшæ, Болгари æмæ аф. д.) .Уыцы хъæбатыр æфсады инпæ адæмты æмрæнхъ уыдысты Ирыстопы хъæбултæ дæр. Уыдонæй бирæтæн сæ ном мыггагмæ кадджынæй баззади адæмты историйы. 60 ирыстойпаг лæппуйы хæсты цæхæры, знагимæ карз тохы сысты Советон Цæдисы Геройтæ. Фæлтæртæ ивдзысты фæлтæрты, хистæртæ кæстæртæп дзурдзысты номдзыд ирон лæппуты хъæбатырдзинæдтæ. Фæсивæд æрдхæрæнæн хæсдзысты Плиты Иссæйы, Дзусаты Ибрагимы, Доййаты Давиды, Милдзыхты Хадзымырзæ æмæ уыдоны хуызæн сгуыхт лæгты пæмттæ. «Иры сагсур бæгъатыр». Очерк бакæсыны агъоммæ споскæйы цы дзырдтæ ис, уыдоны нысаниуæг бамбарын кæиып. Æмдзæвгæйы скъуыддзаг равзарын чиныджы 3-аг æмæ 4-æм бакусипæгтæм гæсгæ. Очерк фыццаг каст кæныпц ахуыргæпинæгтæ сæхæдæг. Дзуаппытæ агурынц фæрстытæ æмæ бакусипæгтæн: 1. Чи у Плиты Иссæ? 2. Цæй руаджы сырæзыд Иссæ инæлары о’пг? Бакæсут уыцы бынат. 3. Советоп Информбюро Иссæйы тыххæй 1944 азы цы фехъусын кодта? Ссарут 62
х’ьты бынат чиныджы. 4. Плийы фырт фыццаг хатт Советои Цæдисы Герой цæй тыххæй сси? Дыккаг .\атт та? А х у ы р г æ и æ г. Уымæй дарддæр ма Иссæ \1оиголы Адæмоп Республикæпы Герой. Байхъусын пластинкæйыл фыст Иссæйы зарæгмæ. «Дзусаты Ибрагим», «Милдзыхты Хадзымырзæ», «Доййаты Давид», «Райгуырæн Ирæи кад скодта», «Цы сусæг кодта Днестры доп?» «Танкист Мария Октябрь- ская» — сеппæт дæр сты историоп очерктæ. Очерктæ кæсыны размæ ахуыргæпинæгты акæнын Æфсымæрон ингæнмæ экскурсийы. Очеркыл урочы кусыи хъæуы радзырды хуызæи. Геройтæы æнæмæнг раттып хъæуы характеристикæ. Ахуыргæнинæгтæ кæсынц алы очерк дæр хицæ- чæй. Фæрстытæ æмæ дзуаппытæй арæзт беседæйы руаджы сбæлвырд кæнын очерктæн сæ идейæ, сывæллæтты цæстытыл ауайын кæнын, пыхас кæуыл цæуы, уыцы историои цау — Фыдыбæстæйы Стыр хæст. 1. Радзурут, уæлдæфон полчъы командир знагимæ куыд тох кодта. 2. Цæй тыххæй радтой Милдзыхты Хадзымырзæйæп Советон Цæдисы Геройы пом? 3. Цы фыст уыди фронты газеты Давиды тыххæй? 4. Цавæр кæлардзинад сæвзæрд Джызæлы æмæ горæт Керчы скъолаты ’хсæн? 5. Кацитан Корнеев йæ салдæттимæ шагæп ныхкъуырд куыд лæвæрдта? 6. Кæм æмæ кæд æрцыдп тапчы хабар? 7. Цыппар æмæ ссæдз азы Дпестры дон цы сусæг кодта? 8. Раттут характерис- тикæ, сæ танк æфсымæрон ингæн кæмæп сси, уыцы æртæ хæстонæн. 9. Цавæр тел райста Мария Октябрь- ская? 10. Цы куырдта сылгоймаг йæ писмойы? Куыд сæххæст йæ курдиат? 11. Куыд фæци хъæбатыр сылгой- малжы цард? Чиныджы ацы хайы уацмыстæ ахуыргæнгæйæ (^пæллæтты акæнын Орджоникидзейы горæты Бæстæ- ВДæн музеймæ. Уым фехъусдзысты, хъæбатырæй чи Ф<тмард, уыдопы хабæрттæ, фендзысты сын сæ порт- реттæ, сæ дзаумæттæ. «Гагкайты Алиханы зарæг». Фæрстыты руаджы С1>1вæллæтты зæрдыл æрлæууын кæнын, 2-æм къласы ^чиханы тыххæй цы бакастысты, уый: 1. Чи уыди ] ?гкайты Алихан? Кæд фæмард? 2. Цæй тыххæй йыи ,ч,1Щыд лæвæрд Советоп Цæдисы Геройы ном? (Алихап 63
фæмард 1943 азы. Гитлерон Германыл фæуæлахизь’ 20 азы бонмæ йын йæ хæстоп хъæбатырдзипæдты тых хæй лæвæрд æрцыд геройы ном). А х у ы р г æ н æ д ж ы н ы х а с. Ирон адæмы зарджы ты стыр бынат ахсы Фыдыбæстæйы хæсты темæ. Уыцьп зарджыты æвдыст цæуы нæ адæмы хъæбатырдзинад,. советон адæм цыфыддæр знаг немыцаг фашисттпмæ куыд карз тох кодтой, уый. Иром фæсивæдæй хæсты хъæбатырдзинад чи равдыста, уыдонæй адæм кады зар- джытæ скодтой Плиты Иссæйыл, Æхсараты Энверыл, Цæбиты Гагуыдзыл, Мнлдзыхты Хадзымырзæйыл, ЦæлыккатыХъантемырыл, Ботъоты Гæмæтыл, Будтуты Тамарæйыл æмæ .æндæртыл. Гагкайты хъæбатыр лæппуйы ном æнусмæ адæмты \\сæн цæмæй баззайа, уый тыххæй йыл поэт Дзасохты Му- зафер ныффыста зарæг. Зарынц æй хихъæппæрисадон къорды уæнгтæ Абойты Б. æмæ Дзуццаты В. Музыкæ- мæ байхъусыны размæ бацамоиын, сывæллæттæ фыццаг хатт кæуыл æмбæлдзысты, уыцы дзырдтæ (кæс сно- скæ чиныджы 169-æм, 170-æм фæрстыл). А х у ы р г æ н æ д ж ы к æ р о н б æт т æ н н ы х а с. Зæххы къорийыл цыдæриддæр бæстæтæ ис, уым сеппæты дæр фæллойгæиæг адæмы царды сæйраг нысан у иу — сабырдзинад. Мах, советон адæм, стæм сабырдзинады фарсхæцджытæ, стæм хæсты пыхмæ. Кæронбæттæн ныхасмæ бафтауын, кæсыны чипыджы 153-æм фарсыл VII хаймæ цы ’мдзæвгæйы скъуыддзаг ис, уый. Строфа аив бакæсын, йæ хъуыды пып сывæл- лæттæн бамбарын кæиын: Сабырцæрæг адæмты зарæгу хæлар цардмæ цæуыи. Мах бæллæм уым-æ, цæмæй алы бæстæйы дæр фæуæлахиз уа социализм. Уæд æппæт ду- пейæн уапд иумæйаг тырыса — коммупизмы тырыса. Иæ уæлæ уаид фыст: «Хæст фесæфæд!». Рацыд темæ зæрдыл бадарыпæн спапдагæпæп ис ахæм методикоп куысты хуызæй: къласмæ раттын фæр- стытæ æмæ бакусинæгтæ. 1. «Мæ царды фæстаг минуты онг мæхи нымапын мæ адæмы аккаг хъæбулыл». Кæй ныхæстæ сты адон? Цæмæй сæ ныффыста? Ссарут æмæ бакæсут, Дзотты Ла- зыр йæ тугæйфыстæй йæ адæммæ цы иыхæстæ ныууагъ- та, уыдон. 2. Ранымайут, кæйты зонут хæстон поэттæй. 1 3. Зæгъут-ма* цавæр æмдзæвгæйæ у ацы строфа: 64
«Рæсугъд Цæдис — Фыдыбæстæ Цæрæд æмæ цæрæд! Мæлæт — фашистон бырсджытæн, Мæлæт фашизмæн уæд!» 4. Советон Цæдисы Геройтæй кæй зонут, уыдои ра- пымайут. 5. Кæд райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст? 6. Цавæр адæймагæй фæзæгъынц патриот? Æрхæс- сут примертæ кæсыны чиныгæй (Азæмæт — радзырд «Мæкъуылтæ фервæзын кодта», туркаг лæппу Ибрагим, Сережæ Костриков, Саухал, хæстон поэттæ сеппæт даер, Райгуырæн бæстæйы сæраппонд чи тох кодта, уыдон иууылдæр сты патриоттæ). VIII ХАЙ. 171-æм фарсыл ис ныв æмæ æмдзæвгæйы æхсæзрæн- хъоны. Сывæлл-æттæ ахуыргæнæджы фарстæн дзуапп дæттынц — нывгæнæг еды фарсыл скодта пионерты, зæгъгæ. Æмдзæвгæйы скъуыддзаг кæсынц æмæ фæрсынц, цы дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ не’мбарынц, уыдонæй: тау кæрдæг, цардцæрдæг, рухстау æфсад, А х у ы р г æ н æ г. тау кæрдæг у ногдзыд кæрдæг, ома нырма ныр чи суад, ахæм кæрдæг. Цымæ кæй хоны поэт афтæ? Дзуапп: Рæзгæ сабиты. А х у ы р г æ н æ г. Рухстау æфсад дæр сымахæй зæ- гъы, сывæллæттæ. Поэт уæ нымайы рухсдзинад хæсджы- тыл. Куыд ма уæ хопы поэт ноджыдæр? Цардцæрдæг. Куыд æй æмбарут? Цæрдæг, рæвдз. А х у ы р г æ н æ г. Цардбæллон, цардуарзаг уæ схуыд- та Хъамбердиаты Мысост. Чиныджы ацы хайы кæсдзы- стæм уацмыстæ сьимах (карæн сыкæллæтты тыххæй. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты знагыл фæуæлахиз уæвы- нарн цы ’ххуыс бакодтой; пионерты организаци кæд фæзынди, пиопертæм цавæр ахуыргæнинæгты исынц; пи- °пер йæхи куыд хъуамæ дара æмæ æнд. ах. «Æвзонг патриоттæ». Ахуыргæпинæгтæ статья бакæс- Дзысты æмæ ранымайдзысты æрыгон патриотты фарсты Руаджы: Ацы статьяйы кæйты ис схоиæн патриоттæ? Дыккаг кастæн статьяйы мидис равзарын хъæуы лæмбы- Нæг. Фæрстытæ æмæ бакусинæгтæ беседæйæн: 1. Куыд <(^хуыс кодтой Ирыстоны скъолаты ахуыргæнинæгтæ и ^:'каз № 2134 65
Райгуырæн бæстæйæн? 2. Радзурут, ахуыргæнинаг Ма ряты Марк партизантимæ куыд куыста? 3. Цæмæй бах’ хуыс кодта Маряты Марат та Райгуырæн бæстæйæн? 4. Га- санты дыууæ лæппуйы тыххæй кино дæр федтат теле- визорæй. Радзурут æвзонг хъæбатыр æфсымæрты тыххæй. 5. Уататы Коля хæцæг æфсад æмæ партизантæн цавæр ахсджиаг æххуыс бакодта? Ахуыргæнинæгтæ дзуапп дæттын къуылымпы кæм кæной, уым сын ахуыргæнæг бар дæтты уыцы бынæттæ чиныгæй бакæсынæн. Ахуыргæнæджы кæронбæттæн ныхас хъомыладон ку^ст бакæнынæн: Куыд базыдтам, афтæмæй Фыдыбæ- стæйы Стыр хæсты Ирыстоны пионертæ Райгуырæн бæс- тæйæн бакодтой стыр æххуыс. Æркæсæм-ма иуæндæсаз- дзыд Мараты лæгдзинадмæ. Иæхи уацары нæ радта, знагмæ дзырдхæссæг нæ ныллæууыд, гитлеронтæн лæг- гадгæнæг не сси, мæйæтæй нæ фæтарст, знаджы къух- тæй алыгъд, немыцмæ удæгасæй уæвынæй йæм нæхи зæххыл адзал ссарын растдæр фæкаст. Иннæ ахæм Уа- таты Коля. Хъуамæ 21 машинæйы араст уыдаиккой, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ бæстæ, нæ адæмæн фыдбылызтæ кæнынмæ, фæлæ ацæуынæввонгæй баззадысты. Уый у стыр (æххуыс знагыл фæуæлахизæн. Цы лæппуты тыххæй бакастыстæм, уыдон сеппæт дæр сæ Райтуырæн бæстæ æмæ сæ адæмыл сты æнувыд. 3-æм къласы ахуыргæнинæгтæ амæйразмæ базыдтой, патриот цавæр адæймæгты фæхонынц, уый, уымæ гæсгæ ахуыргæнæг кълаомæ дæтты фарст: Куыд ис схонæн, кæй тыххæй бакастыстæм, уыцы лæппутæн? «Хъахъхъæн сырх галстучы кад!» Фарст: Цавæр у галстук? Цæмæн у ахæм? Ахуыргæнинæгтæ текст бакæс- дзысты æмæ дзуапп ратдзысты уыцы фарстæн. «Хæлардзинады клуб». Ахуыргæнинæгтæ статья сæ- хинымæры кæсынц æмæ дзуаппытæ агурынц чиныджы фæрстытæн. Уыйфæстæ йæ ногæй кæсынц æмæ йæ текстмæ хæстæг дзурынц. Ахуыргæнæджы кæронбæттæн ныхас: Интернациона- лон хæлардзинады клуб цыбырæй хонынц КИД — «Клуб интерпациональной дружбы». Нæ республикæйы дæр ис ахæм клубтæ, уыцы клубты ис алыхуызон секци- тæ: мыхуыры секци, æндæрбæстаг хæлæрттæм фыссы- ны секци, хи бæстæйы мидæг фыссыны секци, балцыты, диСсаджы фембæлдтыты, аивадон хихъæппæрисады æмæ æидæр ахæм секцитæ. Уыцы клубты руаджы нæ бæс- 66
тæйы скъолаты пионертæ зонынц сæ (кæрæдзийы царды уаг, уымæй дарддæр зонынц иннæ бæстæты царды ха- бæрттæ дæр. «Боныцъæхтыл зындзынæн». Ацы радзырдмæ ахуыр- гæнæджы беседæ нæ хъæуы. Йæ райдиан ын касты- сты, стæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты тыххæй беседæ уыди. Хæдзармæ куыстæй бафæрсыны фæстæ ахуыргæ- пæг къласмæ дæтты цалдæр иумæйаг фарсты, цæмæй, повестæй цы бакастысты,уый сæ зæрдыл æрлæууа: Мах кастыстæм скъуыддзаг Цæрукъаты Валодяйы повестæй, сæйраг архайæг дзы уыди чысыл лæппу Саухал. 1. Цы хуынди уыцы уацмыс? 2. Цы бахæс кодта Саухалæн партизан Алыкка? 3. Куыд сæххæст кодта лæппу йæ хæслæвæрд? 4. Цавæр рæстæг æвдыст цæуы уацмы- сы? Цæмæй сывæллæттæ уацмысмæ сæ хъус æнувыдæй æрдарой, уый тыххæй ахуыргæнæг зæгъы иу штрих: Саухал æхоæвыгон зыбыты иунæгæй схæцыди немыци- мæ... æмæ фæмард. Повесты кæрон сывæллæттæ ахуыр кæндзысты наизусть. Уымæ гæсгæ уыцы скъуыддзаг ахуыргæнæг аив бакæсдзæн. А х у ы р г æ н æ г. Ныр та бакæсдзыстæм, Саухал зы- быты иунæгæй знаджы ныхмæ хъæбатырæй куыд стох кодта æмæ куыд фæмард, уыдæттæ. Ахуыргæнинæгтæм æнæмæнг диссаг фæкæсдзæн Сау- халы хъæбатырдзинад, уымæ гæсгæ сын раттын хъæуы фадат сæ хъуыдытæ зæгъынæн. Фарст 1-аг касты фæстæ: Радзурут-ма, куыд уæм фæкастысты Саухалы хъуыд- дæгтæ? Дыккаг хатт ахуыргæнинæгтæ радзырд хайгай кæ- сынц æмæ йæ дзурынц. Алы фыссæгæн дæр йæ уацмысы æвзаг у æндæрхуы- зон, дзургæйæ уыцы хицæндзинæдтæй хъæуы пайда кæнын. Фысджыты сеппæты сфæлдыстады тыххæй иу- хуызон æвзагæй дзурын нæ хъæуы. Ахуыргæнæг уымæ хъуамæ йæ хъус дара. Фæрстытæ æмæ бакусинæгтæ уацмыс хи ныхæстæй радзурынæн: 1. Мад куы ’рфынæй, уæд Саухал цы ба- кодта? 2. Цы федта Саухал сосайы уынджы? 3. Чи уы- Дысты Хъуыбайы фырт, Гуысинæ? 4. Кæцы цæхæрадон Равзæрста Саухал æрæмбæхсынæн? Чи царди уыцы хæ- Дзары? 5. Кæд райдыдта Саухал æхсын? 6. Цы сыхъуыст ^Флбылæй? .Цы ауыдта лæппу? 7. Иу хатт-ма бакæ- ^’т, сæууон хуры тын æдзард хъæбатыры кæм ссардта? 67
8. Радзурут, цы зæгъы фыссæг, чысыл Саухал митæм бæрзтæй йæ уазал цæссыглæ цæуыл калдта. Ахуыргæнинæгтæ мидис дзырд куы фæуой, уæд аргъ скæндзысты Саухалы хъæбатыр хъуыддагæн. «Кæддæриддæр цæттæ стæм». Акуыргæнæг. Сы- мах а дыууæ боны цæудзыстут пионерты рæнхъытæм.' Бакæсæм-ма текст, цымæ сывæллæттæ пионертæм цæу- гæйæ ард цæуыл бахæрынц. Дыккаг кастæн сбæлвырд кæнын, хистæр фæлтæртæ пионерæн цы фæдзæхсынц. Чи сты уыцы фæлтæртæ, цавæр дзуапп сын дæтты пионер. «Штабы æмбырд». (Хибарæй кæсынæн). Разныхасæн æрмæг ис уацмысы размæ. Ног дзырдтæ кæс сноскæ- ты. У р о ч ы I х а й. Цы урокмæ лæвæрд у, уæд ахуыр- гæнæг сбæрæг кæндзæн, уацмыс сывæллæттæ иу- уылдæр бакастысты æви нæ, зæгъæм, ахæм хæслæвæрдты руаджы: 1. Читæ уыди Тимуры командæйы? Ранымайут сæ. 2. Æркæсут нывмæ æмæ зæгъут, уацмысы цавæр бынат æвдисы. Кæнæ: 3. Чи уыди Квакин? 4. Цытæ хуын- дысты дыууæ хойы? 5. Уацмысы цал хайы ис? У р о ч ы II х а й. Уацмысы мидис куыд бамбæрстой, уый сбæлвырд кæныны тыххæй ахуыргæнæг иу ахуыр- гæнинагмæ дæтты чиныджы 1-аг фарст, 4-æм фар- стæн дзуапп дæтты æндæр ахуыргæнинаг æмæ аф. д. Куыд оæмбæлдысты Тимур æмæ Квакин? Ацы фарстæн дзуапп хъæуы бакæсын, уьшæн æмæ арæзт у диало- гæй — дыууæ лæппуйы ныхасæй. Беседæйы рæстæг æрлæууын хъæуы оæйрагдæр фар- статыл, лыстæг хъуыддæгтыл лæмбынæг дзурын нæ фæхъæуы. Ацы уацмыс хорз æрмæг у сывæллæттимæ хъомыладон куыст бакæнынæн. Хъуамæ рабæрæг уа ахуыргæнинæгты цæстæнгас, Тимур æмæ йæ командæ сæхимæ цы бæриои хæстæ райстой, уымæ, аргъ сын скæной. «Чиныг хъахъхъæн!». Ахуыргæнæг. Владимир Ильич Ленин чиныгæн кодта стыр аргъ: «Чиныг у зо- нындзинæдты гуырæн»,— фыста уый. Зæгъут, куыд’ æмбарут уыцы ныхæстæ. Надеждæ Константиновнæ Крупская уыди Ленины. бинойнаг. Уый Владимир Ильичæн йæ революцион куы- стр кодта стыр æххуыс. Крупская сывæллæттæн амыдта; чиныг куыд хъахъхъæнын хъæуы, уый. Статья бакæсый! 68
а>мае дзуапп раттын ахæм фарстæн: Цы фыссы Круп- ская, чиныгыл бирæ фыдæбон кæй ис, уый тыххæй? Фæйнæгыл фыстæи ахуыргæнæг гом кæны ахæм фæрстытæ: 1. Цавæр писмо райста Надеждæ Констан- типовнæ скъоладзаутæй? 2. Зайæгойты чи стыдта, уы- цы лæппу уæм куыд кæсы? 3. Цавæр исбоныл нымад сты бнблиотекæйы чингуытæ? Цы хонæм æхсæнадон исбон? 4. Ранымайут, уæ алыварс æхсæнадон исбонæй цы уынут. 5. Цы хъуамæ кусой библиотекæйы æвзонг хæ- лæрттæ? Ахуыргæнинæгтæ статья кæсынц æмæ дзуапп дæт- тынц фæрстытæн. Чиныг хъахъхъæныны тыххæй цы ’гъдæуттæ ис, уы- дон зæрдыл бадарыны тыххæй ноджыдæр ма иу хатт кæсынц. Ахуыргæнæг йæ кæронбæттæн ныхасы æмбарын кæ- иы В. И. Ленины ныхæстæ чиныджы Æхадындзинады тыххæй: адæймаг зонындзинæдтæ исы чиныгæй, цас фыл- дæр кæсай, уыйас фылдæр зондзынæ. Чиныг бакæсдзынæ, уый æгъгъæд нæу, хъахъхъæнын дæр æй хъæуы, уæлдайдæр та библиотекæйы чиныг, уымæн æмæ уый у æхсæнадон исбонæй. Æхсæнадон ис- бон та адæмæн сеппæтæн иумæйаг у, æмæ дзы хъуамæ алчи дæр пайда кæна, стæй йæ алчи дæр хъахъхъæна. Сымахæн уæ хæс у, чингуытæй дарддæр хъахъхъæнын уе скъола, уæ кълас, уæ къласы цыдæриддæр дзаумайæ ис, уыдон — æхсæнадон исбонæй уæ алыварс цы ис, уый. Хæдзары статья лæмбынæг бакæсын. Библиотекæйы кусджытæ чингуыты тыххæй цы ’гъдæуттæ сæвæрдтой (кæс рамкæйы æхсæз пункты), уыдои бахъуыды кæнын. «Скъоладзаутæ сарæзтой музей». Статья ахуыр- гæпинæгтæ кæсыиц сæхæдæг. Фæрстытæ æмæ бакуси- пæгтæ статьямæ: 1. Цы куырдтой сывæллæттæ редак- дийæ? 2. Цытæ ^æрæмбырд кодтой Воркутайы ахуыргæ- шшæгтæ фæтæджы цард æмæ революцион куысты тых- хæй. 3. Радзурут, сымахæй та чи куыд архайы, уе скъо- ■чайы дæр музей цæмæй уа, ууыл. «Кæд фæзынди пионерты организаци?» Мах æрвыл- боц кæнæм пионертæ æмæ пионерты организацийы кой. Абон базондзыстæм, пионерты организаци кæд фæзын- ;*и, уый. Ахуыргæнинæгтæй иу хъæрæй кæсы, иннæтæ хьусынц æмæ дзуапп дæттынц чиныджы фæрстытæн. Дыккаг кастæн дзуапп дæттынц чиныджы фæрстытæн, е1^п æххæст кæнынц ахæм хæслæвæрдтæ: 1. Аныма- 69
йут-ма, цал азы рацыд, пионерты организаци куы фæзынЗ ди, уæдæй. 2. Цавæр ахуыргæнинæгты исынц пионертæм?! «Герой-пионерты кадæн». Текст бакæсын. Науты нæмт-| тæ стыр дамгъæйæ фыст цæмæн сты, уый ахуыргæнæп æмбарын кæны. Фыццаг кастæн сæххæст кæнын чины^ джы бакусинаг- Дыккаг кастæн тексты мидис радзурын.] «Пионер хъуамæ фæзминаг уа». Тексты мидис хуыз- дæр бамбарынæн раттæн ис ахæм уæлæмхасæн фæр- стытæ: 1. Куыд фыст и пионерты æгъдæутты хи дарыны^ тыххæй? 2. Бакæсут статьяйы фæстаг фондз рæнхъы; æмæ радзурут, пионер цавæр хъуамæуа. 3. Радзурут-ма, \ чи уæ куыд æххуыс кæны йæ кæстæртæн ахуыры, цы! цæстæй сæм кæсут хæдзары. ] «Ахболы зæрдæ хъæлдзæг у». Разныхас лæвæрд у^ уацмысы размæ. Фæбæлвырд ма хъæуы иу ахсджиаг | хъуыддаг: Бæстæзонæн музей саразын сфæнд кодтоГь; скъоладзаутæ сæ ахуыргæнджытæ æмæ сæ директоримæ..; Æрæмбырд кодтой экспонаттæ (музейы цы предметтæ| вæййы, уыдон афтæ хуинынц), сæ цæрæнбынат сахуыр кæнынæн сын чи феххуыс уа, ахæм предметтæ. ] Радзырды райдиан кæсы ахуыргæнæг. Дарддæр кæ- ] сынц ахуыргæнинæгтæ сæхæдæг. Цы не ’мбарынц, уымæй фæрсынц. Цы кæсынц, уый раст æмбарынц æви нæ, уый ахуыргæнæг бæрæг кæны фæрстыты руаджы: 1. Цæмæн схуыдтой Березникийы хъæу хæсты фæстæ Безымянкæ? (иронау — Æнæном). Дзуапп: Æнæзонгæ хъæбатыры ном æнусон скæныны тыххæй. 2. Чи разынд æнæном тан- кист? 3. Куыд хуинынц Хъайтмырзæйы хуызæн адæй- мæгтæ? Дыккаг каставн ахуыргæнинæгтæ дзурынц сæйраг ге- рой Хъайтмырзæйы хъæбатырдзинады тыххæй, дæттынц<; ын характеристикæ. Ахуыргæнæджы æххуысæй кæнынц^ хатдзæг: фыссæг равдыста царды æцæгдзинад. ^ Радзырд хæдзары бакæсын. Æрхъуы-1 д ы й ы н к æ н ы н æ н д æ р н о м. I («Æнæном танкист», «Хъæбатыр танкист» кæная «Рæстдзинад сбæлвырд»). Хибарæй бакæсын Цæрукъать| Валодяйы чиныг «Гайтойы хæлар». 1 «Хъусой». Радзырд стыргомау у. Фыццаг урочы йа| кæсынц æмæ йæм аразынц пълан, дыккаг урочы йщ Дзурынц, стæй йæ æвзарынц. Фыццаг урочы, радзырЗ бакæсыны размæ, ахуыргæнæгсывæллæтты фæрсы: АхуьЦ ры азы райдианы кастыстæм аргъау «Куысыфтæг сгНЩ 70
Дурын». Зæгъут-ма, чи йæ ныффыста. Абон бакæсдзы- стæм Коцойты Арсены радзырд «Хъусой». Кæсы ахуыр- гæнæг, йе пайда кæны фонохрестоматийæ. Радзырдмæ аразын хъæуы композицион-сюжетон пълан, уый æвдис- дзæн радзырды хицæн хæйтты кæрæдзийыл баст- дзинад. Ахæм пълан февдисы цауты фæд-фæдылдзинад æмæ сывæллæттæн феххуыс кæны уацмысы мидис дзур- гæйæ иу хайæ иннæмæ æнцондæрæй хизынæн. ^Пълан арæзт уыдзæн радзырды хъуыдыйæдтæй — уый руаджы ахуыргæнинæгтæн уацмысы мидис дзурын у æнцондæр. Сывæллæттæ радзырд хайгай кæсынц æмæ ахуыргæ- пæджы æххуысæй пъланæн хъуыдыйæдтæ æвзарынц. П ъ л а н: I. Сугъарты хæдзармæ æрбафтыди къæбыла. II. Хъусой сси тыхджын куыдз, хъæлдзæг уыд йæ цард. III. Хъусойæн фæзынди къæбылатæ. IV. Мад æмæ фыд бауынаффæ кодтой къæбылаты аппарын. Лæппутæ разы не сты. V. Гаппо къæбылаты чыргъæды фæхæссы. VI. Хъусой йæ хъæбулты фæстæ Терчы йæхи баппæр- ста. VII. Гаппойы зæрдыл лæууыди ныййарджыты фæ- дзæхст. VIII. Хъусой нæ хъусы, Хъусой ие змæлы. IX. Мад йæ къæбылайы мардимæ фæлыгъдп тæргай. X. Галиу къахы дзæмбы — мард къæбылайыл æвæрд. Ахуыргæнæг пълан фыссы фæйнæгыл, сывæллæттæ та — сæ тетрæдты. «Хъусой»-мæ пълаи саразæн ис иывты руаджы дæр. 1959 азы радзырд рацыди хицæн чиныгæй аст хуызджын нывимæ. Нывты фæд-фæдыл æвдыст цæуы уацмысы сю- жет (чиныг ссарæн ис библиотекæты, кæнæ кæс Арсены цард æмæ сфæлдыетады тыххæй фотоальбом). Ахуыргæ- иæг эпидиаскопы руаджы нывтæ иугай æвдисы къласмæ. Ахуыргæнинæгтæ зæгъынц, чи кæцы хаймæ у, уый æмæ тсксты агурынц хъуыдыйæдтæ нывтæй алкæцымæ дæр ^нцæнæй. Афтæмæй сæ рауайдзæн пълан. Дыккаг урочы пълапы пунктты æххуысæй ахуыргал- Шшæгтæ дзурынц уацмысы мидис. Ацы радзырд сывæллæттæн уарзын кæны хæдзарон п;срæгойты, æвзæрын сæм кæны тыхджын эмоцитæ. Цæ- ^ен сæ хъуыдытæ, се ’нкъарæитæ æргомæй зæгъоп, уый 71
ты^хæй ахуыргæнæг аразы беседæ: 1. Цымæ лæппуть! ныййарджытæ раст уыдысты, къæбылаты кæй аппарьщ кодтой, уымæй? 2. Сымах кæй фарс стут, Гаппо æма| Сосланы æви ныййарджыты? Цæмæн? | Сæ дзуаппытæй раргом уыдзæн сæ цæстæнгас — маÆ æмæ фыды уынаффæ цæрæгойтæн уыди карз тæрхоий Уыдоны дæр фæнды цæрын, æмæ сын аразын хъæуь^ фадæттæ. Хъусой Госæмайæн фервæзын кодта йæ сабийы,! фæлæйын уый йæ хорздзинад ницæмæ ’рдардта, гадзьн рахатæй йыл рацыди. Адæймаджы фыддзинадæй дард: фæлыгъди Хъусой æмæ йæ хъæбулты фæстæ фыр зæр-: дæрыстæй амарди. : Радзырды идейоп мидис зæрдыл бадарыны тыххæй ахуыргæнæджы бон у ахæм методикон куыстытæй иу равзарын: 1) радзырд бакæсæнт хæдзары. Иннæ уро- чы алчи дæр радзурдзæн, диссагдæр æм цы бынат фæ- кæса, уый. Афтæмæй ахуыргæнинæгтæй чи иу эпизод ра- дзурдзæн, чи æндæр, æмæ радзырды мидис кæрæй-кæ- рон-мæ ногæй фехъусдзысты. Кæд уыциу быиæттæ дзу- рой, уæд хуыздæр уыдзæн радзырды мидис пъланмæ гæсгæ дзурын кæнып; 2) фотоальбомы нывтæм радзыр- дæй цитаттæ равзарæнт æмæ сæ урочы кæсгæйæ амонæнт. Ахуыргæнæг йæ кæронбæттæн ныхасы сывæллæтты дзуаппытæм бафтаудзæн ахæм хъуыдытæ: Госæма ницæ- мæ ’рдардта Хъусойы — мады цин, нæ бапымадта, стыр зæрдæниз ын кæй кæны, уый. Фесæфта Госæма къæбы- латы. Сафын та сæ фæкодта æнæтæригъæд сыгъдæгзæр- дæ лæппутæн. Госæма Хъусойы къæбылаты фесафын кодта уымæн æмæ йын ницы пайда сты, сæ мад ын, йæхæдæг æгъгъæд у. Ам Арсен æвæры ахæм хъуыды:| адæймагмæ, цардмæ пайдайы цæстæй кæсын нæ хъæуы^ тæригъæд зопын хъæуы, рæсугъддзинад сафын нæ- хъæуы. ■*) Афтæмæй ахуыргæнæг хуымæтæг æвзагæй сывæллæт-Ч тæн бамбарын кæндзæн радзырды арф, философощ хъуыды — цардмæ, удгоймагмæ пайдайы цæстæй кæсыш кæй у адæймаг уарзыны, гуманизмы ныхмæ. Л Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. | 1. Ранымайут, æвзонг патриоттæй кæйты базыдтатв Уыдонæй чи цавæр хъæбатырдзинад равдыста 1941—194Я азты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты заман? ’Я 2. Цæй фæрцы фæуæлахиз Советон бæстæ гитлерои 72
лæбурджытыл Фыдыбæстæйы Стыр хæсты? (Ахуыргæнæ- гæн. Советон Æфсад æмæ советон адæм знаджы иыхмæ хæцыдысты æмзондæй, сæ тохы нысан уыди бæлвырд — пемыцаг тыхгæнджыты нæ зæххæй фæсурын æмæ сын сæхи зæххыл сæ адзал ссарыи кæнын. Сæрибарыл тохмæ се ’ххуысы хап бахастой шюнертæ дæр. Цыбыр дзырдæй, зпаджы ныхмæ тохы сыстадысты æппæт советон адæм[ уый руаджы ’рцыд знаг пырхгоид, уый руаджы фæуæ- лахиз Советон бæстæ). 3. Кæд фæзынди пионерты фыццаг оргапизаци Иры- стоны? 4. Цавæр уацмысы герой у Саухал? Ахбол та? IX ХАЙ. Чинылжы IX хапмæ разныхасæн спайда хъæуы ста- тьяйæ «Цы хонæм адæмон сфæлдыстад». (231-æм фарс). Фæстагмæ ахуыргæнæг зæгъдзæи: чиныджы ацы хайы мах кæсдзыстæм адæмон сфæлдыстады уацмыстæ. Уыдо- пæн сæ фылдæр сты аргъæуттæ. Ахуыргæнинæгты зæрдыл æрлæууып кæнын, аргъæуттæ кæй вæййынц фысджы- ты фыст дæр — адæмон аргъæуттæй дарддæр ацы хайы ис фысджыты аргъæуттæ дæр, зæгъаэм, «Цыллæуафæг æмæ рæмпæг», «Æууæнк». Ахуыргæнæг. Аргъæутты мидис æвдыст вæййы аив арæзт сюжеты, диссаджы обрæзты. Се ’взаг у хъæз- дыг, аивадон æгъдауæй сты тыхджын, æнцонæмбарæн. Аргъæуттæн цыбьирæй дзурæн нæй, дзурын сæ хъæ- уы текстмæ хæстæг. Дзурæн сын ис урочы алы этапты дæр. Хорз у, ахуьтргæнæг аив касты бæсты аргъау дзургæ куы ракæна, уæд. Се ’взаг, сæ дзуапп мæгуыргомау цы сывæллæттæн у, уыдоны хъуамæ ахуыргæнæг фæлтæрын кæна аргъæутты æвзаг фæзмыныныл. «Мæгуыр лæг æмæ уæйыг». Зынæмбарæн дзырдтæ бацамонын (кæс сноскæтæ). Дыккаг каст æй хъæуы роль- тæм гæсгæ, уымæн æмæ райдианæй кæронмæ арæзт у Диалогæй. Чиныджы бакусинæгтæ сæххæст кæнын. Аив касты фæстæ аргъау æххæстæй радзурын. «Чи у хистæр». Фыццаг кастæн сбæлвырд кæнын, бас- пяйы архайджытæ цал сты, читæ сты. Басняйы мораль Раргом уыдзæн дыккаг касты фæстæ, беседæйы рæстæг, ^ллегорион’кæй у, уый дæр уæд сбæрæг уыдэæн: 1. Цы загътой фæрæт, ка,рд* хæсгард æмæ сарт? 73
2. Цы загъта фæрæт иннæтæн? кард æмæ аркъау та? 3. Куыд сын бауайдзæф кодта дзæбуг? 4. Зæгъут-ма, кусæн дзаумæттæ дзурыи зонынц. Басняйы мидис текстмæ хæстæг дзурыиæн зып у. Æгъгъæд у йæ бакæсын æмæ фæрстытæн дзуапп рат- тын. «Йæ зивæджы — йæ мæлæт». Аргъау бакæсыны раз- мæ ахуыргæнæг амоны зынæмбарæн дзырдты мидис (кæс сноскæтæ). Сывæллæттæ аргъау хайгай кæсынц æмæ чиныджы фæрстытæн дзуаппытæ агурынц. Ног дзырдтæ куыд бамбæрстой, уый сбæлвырд кæныны тыххæй ахуыр- гæнæг кæсы, уыцы дзырдтæ цы хъуыдыйæдты æмбæлынц, уыдон, сывæллæттæ дзырдтæ ивынц синонимтæй. Аргъау аив бакæсын æмæ йæ текстмæ хæстæг радзурын. Хæ- дзары аргъау дзурып сахуыр кæныи. Йæ быпмæ лæвæрд æмбисæндтæ наизусть зонын. «Рувас æмæ Уæрцц». Ахуыргæпæджы аив касты фæ- стæ сывæллæттæ радыгай хъæрæй юæсынц. Беседæ ар- гъауы мидис сбæлвырд кæныны тыххæй: 1. Цæуыл зыл- дысты рувас æмæ уæрцц? 2. Цы сфæнд кодта уæрцц сабатизæры устытыл хинæй рацæуыны тыххæй? 3. Уæрцц æмæ рувасмæ фæсминас цавæр ныхас рауади? Уыцы бынат рольтæм гæсгæ бакæсут. 4. Бакæсут, рувас куыд фæтарсти. 5. Уæрцц рувасы куыд асайдта, уый хъæрæй бакæсут. Аргъау аив бакæсын. Текстмæ хæстæг æй радзурын. Хæдзары сæххæст кæнын чиныджы 2-аг бакусинаг. Аргъау æнæ пъланы æххуысæй аив дзурын зонын. 222-æм фарсыл уыци-уыцитæй чи цы амоны, уый сбæлвырд кæнын. Наизусть сæ сахуыр кæнын. «Хъæмпыхал». Зынæмбарæн дзырдтæ бацамонын (кæс фæрстыты быпмæ лæвæрд рубрикæ «Уæ зæрдыл бадарут»). Радзырды 1-аг абзац кæсы ахуыргæнæг, стæй къласмæ дæтты бакусинаг: 1. Бакæсут дарддæр ’æмæ зæгъут, куыд бауайдзæф кодтой хъæмпыхалæи йæ ’мбæлттæ. 2. Цы дзуапп сын радта хъæмпыхал? Бакæсут 5 3-аг абзац. 3. Кæсут дарддæр æмæ радзурут, цавæр ны- хас-ма уыди тихалæг æмæ йæхионты ’хсæн. 4. Цæуыл фæци къуыдипп хъалы цард? Радзырд кæронмæ бакæ- сут. Радзырд чиныджы фæрстытæм гæсгæ равзарыи. Аигё , карты размæ сæххæст кæнын 5-æм бакусинаг. 1. ÆнгоÆ бинонтæ цард арынц, æнгом цуанонтæ саг марыпц. 2. ИУ ’ мыдыбындз чыргъæд нæ дзаг кæны. 3; Æмвæнд адæмЫ 74
къæдзæх Дæр нæ уромы. 4. Адæм куы нæ уой, уæд иу адæймагæн фæцæрæн нæй. «Зондджын тæрхъус». Аргъау у æрмæст нывтæй арæзт, æнæ текстæй. Иæ мидис раиртасынæн сывæллæт- тæи феххуыс уыдзæн чиныджы лæвæрд бакусинæгтæй дыккаг. П ъ л ан I. Тæрхъус балцы араст. Бирæгъ ыл амбæлд. II. Бирæгъ тæрхъусы хæрынмæ хъавы. III. Тæрхъус бирæгъыл хинæй рацыд. Ацы нывтæ сты аргъау «Находчивый зайчонок»- æй скъуыддзаг. Сывæллæттæ йæ æнæ зонгæ нæ уы- дзысты æмæ сын зын нæ уыдзæн дзурынæн.Тæрхъус цæмæй зондджын у? Иæхи бирæгъæй бахъахъхъæнын базыдта, хинæй йыл рацыд: бæласы саккомы абырыд, бирæгъ дæр æй афæзмдзæн, уый зыдта. Бирæгъ тæрхъусæй бирæ стырдæр куыд у, уымæ гæсгæ бæласы саккомы ныссагъ- ди, æмæ йыл тæрхъус уырдæм лæдзæгæй хорз æрцыди. Аргъау дзургæйæ ахуыргæнинæгтæн пъланы бæсты сæ бон пайда кæнын у нывтæй. Дзурын æй куы базоной, уæд сæххæст кæнын чиныджы 3-аг бакусинаг. Нывтæм гæсгæ скæнæн ис фысгæ куыст — сочинени цыбыр хъуыдыйæдтæй. Сочинеии уыдзæн уæлдæр лæ- вæрд пъланы æнгæс. «Цыллæуафæг æмæ Рæмпæг». Уацмыс бакæсыны раз- мæ дзырдуатон куыст бакæнын: цыллæуафæг — цыл- лæйы калм; хъуыдыйад: «Сæ фыдæх мæ фæдыл æфта- уынц»—æлгъитынц мæ, мæсты мæм кæнынц: фæсыкк — ницыуал сдзырдта, фæхъус. Аргъау бакæсын æмæ раиртасын, цыллæуафæг æну- выд фæллой кæй кодта, рæмпæг та царды зиан кæй ха- ста, лæвархор кæй уыди. Аргъауæн йæ мораль уыцы дыууæ хъуыддаджы ис. Фæллой кæнын кæнæ лæвархор уæвын та сты адæймаджы миниуджытæ, фæлæ ахуыргæ- пинæгтæн уый æргом дзурын иæ хъæуы, сæхæдæг æрцæу- дзысты ахæм хатдзæгмæ. Сæйрагдæр хæс уый у, цæмæй аргъауы мораль бамбарой. Дзуапп раттыи чиныджы фæрстытæи. Аргъау аив ба- кæсын. «Æууæнк». Хинымæры кæсгæ-кæсын дзуапп ссарын фæрстытæн: 1. Куыд æртхъирæн кодта рувас æхсæрсæттæгмæ? 2. Цы ’фсон скодта рувас æхсæрсæттæджы асайынæн? ’Ч. Цы дзуапп радта æхсæрсæттæг рувасæн? Дыккаг ка- стæн ахуыргæнинæгтæ дзуапп дæттынц чиныджы 1-аг 75
фарстæн. Фарст домы аргъау æнæхъæнæй радзурын. Прозаикон хай сывæллæттæ дзурынц текстмæ хæстæг, æмдзæвгæтæ кæсынц чиныгæй. Дзырдуатон куыст: «Де ’ууæнк бахордтай» зæгъын æндæр дзырдтæй, йæ хъуыды ма феидæрхуызоп уæд, афтæмæй. Æмбисонды хъуыды сæргом кæнын фарсты руаджы: Г. Чи у аргъауы архайджытæй хииæйдзаг? Цæмæн уæм афтæ кæсы? Аргъау аив бакæсын. «Фыр». Ахуыргæпæджы фарст фыццаг касты фæстæ: Цæй тыххæй бакастыстут ацы баспяйы? Беседæ пайда у капд уацмысы хъуыды бамбарынæн нæ, фæлæ сывæллæттæн сæ ныхасы рæзтæн дæр, уымæ гæсгæ ахæм методæй пайда кæнын хъæуы арæх. А х у ы р- г æ н æ г. 1. Цы зæгъы поэт фыры тыххæй? Бакæсут уыцы бынат. 2. Бакæсут-ма, цы дзуры фыр йæ аууонимæ? 3. Куыд асхъиудта фыр къæдзæхы тигъæй? Фæрстытæ, басня аллегорион кæй у, уый раргом кæиынæн: 1. Раттын чиныджы фарст. 2. Царды ахæм адæймæгтæ нæ вæййы цьшæ? 3. Зæгъут-ма, фыр сабыр куы уыдаид, уæд басня цæуыл фæцадаид. Басня аив кæсынмæ бацæттæ кæнын. А х у ы р г æ- н æ г. ’ Куыд кæсгæ сты фарстон хъуыдыйæдтæ? Хъæрон хъуыдыйæдтæ та? Ахуыргæнæг кæсгæйæ амоны, хъæлæсы уаг куыд аразын хъæуы, уый. Сывæллæттæ йæ фæзмынц. «Симды зарæг». Пластинкæмæ байхъусын. Зарæг адæмон сфæлдыстадæй кæй у, уый бацамонын. Чиныджы йæ бынмæ хæслæвæрд сæххæст кæнын... «Сырдон уæйгуыты куыд асайдта». Ацы аргъаумæ æнцон-у пълан саразын. Ахуыргæнæг аргъау аив куы ра- дзура, уæд дæтты хæслæвæрд, цæмæй аргъауæн йæхи хъуыдыйæдтæй саразой пълан. - Ахуыргæнипæгтæ иугай кæсынц, ахуыргæнæг сæ, хъæупæ скъуыддзаг кæм фæуа, уым фæуромы æмæ ба- фæрсы, цæй тыххæй бакастæ, зæгъгæ. 3-æм къласы æнæ ахуыргæнæджы æххуысæн дæр хъуамæ ахæм чысыл аргъаумæ пълап аразыимæ арæхсой. Пълан: I. Сырдон нарты фæд-фæд араст. II. Æртæ уæйыджы кæрæдзийы нæмынц. III. Сырдон куывд скодта. Пъланмæ гæсгæ дзурыны размæ ма аргъау иу хатт кæсынц. Мидисыл беседæйæи спайда кæнын чиныджЫ фæрстытæ. Аив бакæсып æмæ аргъау текстмæ хæстæг радзурып.
Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. 1. Аргъау «Мæгуыр лæг æмæ уæйыг»-мæ фонохресто- матимæ байхъусын. 2. Аив бакæсут «Тагъддзурпнаг» æмæ «Дычъе- дычъе», «Симды зарæг», «Кæхцы зарæг», «Мæйхортæ». 3. Радзурут, адæмон сфæлдыстады тыххæй цы ба- зыдтат. 4. «Сырдон уæйгуыты куыд асайдта», уыцы аргъау æнæ чиныгмæ кæсгæйæ радзурут. X ХА Й. «Боны фæтк — æнæниздзинады хос». Ацы текст у очерк, йæ бындуры пс паукон мидис. Фæлæ наукон стать- яйæ хъауджыдæр ахæм очеркæи вæййы сюжет æмæ йыы уый фæдæтты аивадон хуыз. Ахуыгæнинæгтæи фыццаг касты размæ лæвæрд цæ- уынц чиныджы 1-аг æмæ 2-аг бакусинæгтæ. Уыдон сæхи- нымæры кæсынц очерк кæронмæ, стæй дзуапп дæттынц. Дыккаг касты фæстæ кæнынц хатдзæгтæ: Цæмæй сывæл- лон æнæнизæй рæза, фидар уа, уый тыххæй боны фæтк раст аразын хъæуы — куыстытæй алцы дæр йæ афоныл хъæуы кæнын. Ахуыргæнæг йæ цыбыр кæронбæттæн ны- хасы бафтаудзæп: Скъоладзаумæйæ зæрдæ кæд цы сдзу- ра, уый нæй г-æнæн, афтæ цæрып æнæниздзинадæн зиан у. Иу дзырдæй, ахуыргæпипагæн хъуамæ уа бæлвырд цар- ды уаг—режим. Æз уын феххуыс кæндзынæи, æмæ сы- махæй алчи дæр йæхицæн бопы фæтк сараздзæн, чины- джы кæй кастыстæм, уымæ гæсгæ. Чи йæ куыд æххæст кæпы, уый æз рæстæгæн рæстæгмæ бæрæг кæндзыиæп. X æ д з а р ы о ч е р к б а к æ с ы н æ м æ й æ д з у р ы п з он ы н. «Зымæгон хъæзтытæ». Чиныджы хæслæвæрды бæсты пывтæм гæсгæ рапымайыи, сЬшæллæттæ зымæгон цавæр хъæзтытæ фæкæпынц. I ныв: Лæппутæ скодтой митын лæг. Æрцæттæ кодтоп миты къуыбæрттæ æмæ дзы æхсынты хъазынц, æз дард- Дæр фехсоныл архайынц. II пыв. Чызджытæ æмæ лæппутæ къуыбырæй дзо- пыгътыл сæхи рауадзынц дæлвæзмæ. III нывг. Хуыцаубон. Скъоладзаутæ хæстæг хъæдмæ ^щыдысты лыжæтыл бырынмæ. Уæлкъуыбырæй фæнда- 77
джы былмæ чи цал минутмæ рахæццæ уыдзæн, ууьк- ерыс кæнынц. IV ныв. Иухатт кълас æмхуызонæй сфæнд кодтой сабаты фæсурокты доны былмæ къахдзоныгътыл бырын- мæ ацæуын. Уый тыххæй рагацау сæ ныййарджытæн загътой, æм,æ сын уыдон семæ хæринаг сæвæрдтой, уьь мæн æмæ зьгмæгон бон цыбыр у — ялчи скъолайæ йæ хæдзармæ цалынмæ цæуа, стæй та хъæугæронмæ, уæдмæ æртадынг уыдзæн. Урокты фæстæ уыциу цыд акодтой, сыгъдæг уæлдæфы сихор бахордтой, ныр хъæлдзæгæй бырынц къахдзоныгътыл. Уæнгрог æмæ зæрдæрухсæй фæцæудзысты сæ хæдзæрттæм. Нывты мидис дзурыпмæ сарæхсыны тыххæй къласп- мæ бакæнæн ис ахæм методикон куыстытæ: 1. Ахуыргæ- нинæгтæ дзуапп дæттынц чиныджы фæрстытæн кæнæ сæхирдыгонау дзурынц, нывты цы уынынц, уый. «Ангинæты чысыл Микъро». Радзырд у сывæллæтты цардæй, арæх цы уынынц æмæ хорз цы зонынц, ахæм те- мæйыл фыст, уьшæ гæсгæ фыццаг каст кæнынц ахуыргæ- нинæгтæ сæхæдæг ахæм хæслæвæрдимæ: Ангинæты мыг- гаг куыд фæцагъды, уыцы бынат ссарын æмæ йæ хъæрæй бакæсын. Дыккаг кастæн чиныджы фæрстытæн дзуап- пытæ сцæттæ кæнын. Фæрстытæ радзырды сæйраг хъуыдыйы фæдыл беседæйæн: 1. Микробтææмхиц цавæр сывæллæттæм сты? 2. Цы базыдтат ацы радзырдæй? 3. Микробтæй уæхи куыд хъуамæ хъахъхъæнат, уый тых- хæй радзурут. Радзырд хæдзары бакæсын, йæ мидис ын дзурын зо- нын чиныджы фæрстытæм гæсгæ. «Дæндæгты дохтыртæ». Ацы радзырд бакæсын X хай- мæ кæронбæттæнæн. Кэесыны чиныджы ацы хайæ ахуыр- гæнинæгтæ æпæниздзинады тыххæй базыдтой дзæвгар •æрмæг, æмæ «Дæндæгты дохтыртæ» бакæсыны р’азмæ саразын хъæуы фæрстытæй беседæ: 1. Радзурут-ма, буар- мæ куыд зилын хъæуы. 2. Адæймаджы æнæниздзинадæн ма цавæр хъуыддæгтæ сты’ пайда? \ Ахуыргæнæг. Абон бакæсдзыстæм Коцойты Арсе-| ны радзырд «Дæндæгты дохтыртæ». Байхъусут фонохре| стоматимæ æмæ зæгъут, цы нын амоны Арсен йæ ра| дзырды. | Ахуыргæнинæгтæ радзырд хинымæры бакæсгæйæ сæз хи бацæттæ кæндзысты рольтæм гæсгæ кæсынмæ. | Уацмысы идейон мидис ахуыргæнинæгтæ куыд 6гЩ бæрстой, уый сбæрæг кæпыны тыххæй ахуыргæнæг ар^ 78 €
зы беседæ: 1. Цæуыл ныхас .кодтой Уари æмæ Гуассæ? 2. Сослан та сын цы загъта? 3. Цы радзырдта ахуыргæ- нæг сывæллæтты ныхас фехъусгæйæ? 4. Цы равдыста фыссæг ацы радзырды? А х у ы р г æ н æ г. Сымах дæр пыр зондзыстут уæ дæндæгтæм зилын. Радзырд аив бакæсын. Ранымайын, цæмæй адæймаг æнæниз уа, уый тыххæй царды уаг куыд аразын хъæуы, химæ куыд зилын хъæуы. Хæдзары сочинени ныффыссын. Т е м æ: «Мæн фæнды æнæниз уæвын». Пълан сочиненийæн: I. Мæнæн ис бæлвырд боны фæтк. II. Æз уарзын физкультурæ, кæнын алыхуызон хъæзтытæ. III. Мæ сæйраг хæстæй иу у сыгъдæгдзинадыл тох. «Лæджы бындзæфхад». Æххæст хъуыды цы хæйтты ис, уыдон кæсгæйæ ахуыргæнинæгтæ сæхи барæвдз кæн- дзысты текстдзурынмæ. Радзырды кæрон фæци авторы фарстæй: «Сымахмæ гæсгæ та чи у лæджы бындзæфхад, Къæбу æви Зауыр?» Фæстагмæ ацы фарстæн дзуапп сбæлвырд кæнын, уымæи æмæ уый ахуыргæнинæгтæн феххуыс уыдзæн уацмысы идейæбамбарынæн. Радзырды мидис дзургæйæ диалогтæ 3-аг цæсгомы формæйæ ивын дзырд дамы руаджы. Уый у уацмысы мидис сфæлдыста- дон хуызы радзурын. Аив касты размæ радзырды хъуыдыйæдтæй раттын сæргæндтæ уацмысы æртæ хаймæ (тексты хъуыдыйæдты чысыл ивддзииæдтæ ис гæнæн, куы хъæуа, уæд). I. Дыууæ лæппуйы баззадысты хæдзаргæс. II. Æхсыр акалд, — исты æрхъуыды кæнæм. III. Æцæг лæджы бындзæфхад иннæ у. «Уæ цæст дарут сыгъдæгдзинадмæ». Фыццаг кастæн сбæлвырд кæнын статьяйы темæ. Дыккаг кастæн йæ ми- дис равзарын бакусинæгты руаджы: 1. Бакæсут æмæ зæгъут, цы сты микробтæ. 2. Микробтæ адæймаджы буармæ куыдæй бафтынц? 3. Хæцгæ низтæй хи куыд хъæуы хъахъхъæиын? «Найынмæ». Чиныджы лæвæрд фысгæ куысты размæ æвзæрст цæуы æмдзæвгæйы хъуыдыты фæд-фæдыл азвæрд. Бакæсын 1-аг строфа æмæ радзурын, цæстытыл дыхуызæи нывтæ ауад. Дзуапп: Хур бон, кæрдæгджын 79
фæзтæ, цæугæдон. Куыд кæсгæ сты уыцы рæнхъытæ?, Тагъд, хъæрæй. 2-аг строфайы цытæ æвдисы поэт? Сыгъ- дæг донæи.йæ арфы сабитæ сæхи найынц. 3-аг строфайы уыдоны тыххæй цы ис фыст? Чп дзы кæрæдзнйы суры, чп та фæспад змисыл хуыссы. Цы кусынц сывæллæттæ фæс- над? Хурмæ сæ буар дарынц, стæй уæнгролæй нæууыл хъазыиц. Æмдзæвгæ хинымæры кæсгæйæ апв кæсынмæ бацæт- тæ кæнын. «Буармæ куыд зилын хъæуы». 3-æм къласы иуæй-иу наукоп-популяроп статьятæм фыццаг кастæн дæттæн ис бакусипаг пълан саразынæп. Ацы статьяйы ис 4 сæйраг хайы. Ахуыргæпæг фæйиæгыл фыссы сæргæндтæ: 1. Къухтæ æмæ къæхтæм зилын. 2. Буармæ зилын. 3. Сæ- рыхъуыптæ хъахъхъæнып. 4. Уæлæдарæсмæ цæст дарып. • Ахуыргæнинæгтæ сæхинымæры кæсгæйæ сæргæндты æххуысæй статья хæйттыл дих кæнынц, алы скъуыддза- гæн дæр йæ мидис дзурыпц æмæ пълан саразынæи хъуыдыйæдтæ дæттынц. Дыккаг кастæн тексты хæйттæ фæд-фæдыл дзурынц. Наукон-популярон статья кæсгæйæ кæронбæттæн беседæйы хæс у, сывæллæттæ цы базыд- той, уымæй царды спайда кæнын куыд зоной, ахæм бæлвырд цыбыр хатдзæгтæ скæнын. Фæрстытæй арæзт беседæ ахуыргæнинæгты хъæугæ хатдзæгтæм æркæны- пæн: 1. Радзурут, буармæ зилын цы ’ххуыс у. 2. Цавæр æгъдæуттæ базыдтат буармæ зилыны тыххæй? 3. Дзуапп раттут чипыджы 2-аг бакусинагæн. «Æнæниздзинад æмæ физкультурæ». А х у ы р г æ- нæг. Мах цалдæр статьяйы бакастыстæм, адæймаджы æнæниздзинадæн ахъаз цы у, уыдæтты тыххæй. Ныхас кæнæм дарддæр уыцы темæйыл. Тексты мидис у æнцонæмбарæн, уымæ гæсгæ йæ цал- дæр касты нæ хъæуы. Фыццаг касты фæстæ кæронбæт- тæн беседæ скæнын, уым фæрстытæ афтæ сæвæрын, цæмæй сывæллæттæ бамбарой, адæймаджы оенæниздзи- надæн физкультурæ тынг æххуыс кæй у: 1. Амæй размæ цы кастыстæм, уымæй уæлдай ма ногæй цы базыдтам, ’ æнæниз цæмæй уæм, уый тыххæй? 2. Радзурут, цы ба-| зыдтат физкультурæйы тыххæй. Дзуапп раттутчиныджы;| 2-аг бакусинагæп. | «Хæрды ахадындзинад æнæниздзинадæн». Ахуыр-| г æ н æ г. Сыгъдæгдзинад, хуры тынтæ æмæ физкульту-1 рæйы хуызæп æнæнпздзипадæн .æиæмæиг хъæуы, хæрп*| иаджы хъуыддаг раст æвæрд цæмæй уа, уый. Бакæсу% 80
статья æмæ дзуапп ссарут фарстæн: Цавæр æгъдæуттæ хъæуы зонын хæрды æмæ хæрипаджы тыххæй. Дзуаппы фæстæ ахуыргæнинæгтæ хъæрæй кæсынц уыцы бынат. Дыккаг хатт бакæсын æмæ зæрдыл бадарын, адæймагæн пайда цавæр хæринæгтæ сты. Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. 1. Ранымайут-ма, цæмæй æнæнизæй рæзат, уый тых- хæй цы хъæуы: а) боны фæтк, б) алыхуызон хъæзтытæ, в) микробтæй хи хъахъхъæнын, г) буармæ зилын, д) физкультурæ, е) хæринаджы хъуыддаг раст сæвæрын. XI ХАЙ. Ахуыргæнæджы разныхас. Иу цалдæр уро- чы мах кæсдзыстæм статьятæ ахæм темæтыл: нæ рес- публикæйы æрдз тыиг хъæздыг кæй у, йæ зæххы уæл- цъар — алыхуызæттæ; Цæгат Ирыстоны бирæ цæугæдæт- тæ кæй ис, зæххы сæрмæ нæм боныгон цъæх-цъæхидæй цы зыны, уый цы у æмæ цæмæн афтæ у; уæлдæф цæмæн хъæуы, адæймаджы царды хур цы пайда у, дон æрдзы мидæг куыд зилдух кæны, зæхмæ æппæтæй хæстæгдæр цавæр планетæ у; цы у пълан, къæлиндар кæд фæзынд а^мæ æидæр ахæм диссæгтæ базондзыстут кæсыны урокты. Абон бакæсдзыстæм, куыд вæййы базонæн, изæры кæнæ райсом къæвда уыдзæн æви хорз рæстæг. «Боныхъæд цавæр уыдзæн, уымæн ис рагацау базо- нæн». Ахуыргæнæг. Махæн алы бон радиойæхъусын кæнынц, боныхъæд цавæр уыдзæн, уый. 1. Бакæсут ста- тьяйы райдиан æмæ зæгъут, куыд базонынц уыцы хъуыддаг рагацау. 2. Ахæм станцæтæ æмæ радио куы нæма уыди, уæд та-иу цымæ адæм сæ цæрæнбынаты бо- ныхъæд рагацау куыдæй зыдтой? Ссарут уыцы бынат æмæ йæ бакæсут. 3. Мах цæрæнбынаты боныхъæд цавæр бæрæггæнæнты руаджы ис рагацау базонæн? Статья бакæсут д-арддæр. Дыккаг касты фæстæ беседæйы фæрцы сывæллæттæ 6 Заказ № 2134 81
нымайынц, статьяйы хицæн хæйттæй цытæ базыдтой, уый: 1. Боиыхъæд зоиынæн ис сæрмагонд станцæтæ. 2. Уыцы станцæтæ куы нæма уыди, уæд адæм боны- хъæд рагацау цæй руаджы бæрæг кодтой. 3. Нæ цæрæи- бынаты боныхъæд цавæр бæрæггæнæнтæм гæсгæ ис ра- гацау базонæн. Наукон-популярон статьятæ кæсгæйæ ахсджиаг бынат ис ахæм хъуыддагæн: ахуыргæнинæгтæ цы базыдтой, хъуамæ уый цардимæ сбæттой — спайда кæнын дзы сарæхсой. Уый зæрдыл даргæйæ ацы статьяйæ хæдзармæ раттын ахæм хæслæвæрд. Статья бакæсут. Нæ цæрæн- бынаты тыххæй чиныджы цы бæрггæнæнтæ ис, уыдон уæ зæрдыл бадарут. Уыдонмæ гæсгæ суткæйы дæргъы бо- ныхъæды ивддзинæдтæ уæхимæ фыссут. Сæ бынмæ уæ алчи дæр ныффыссæд йæхи хъуыды, суткæйы фæстæ ца- вæр бон уыдзæн^ уый тыххæй. Иннæ урочы сын ахуыргæнæг æнæмæнг сæ куыстытæн аргъ кæны. Сæххæст кæнын чиныджы 2-аг бакусинаг. Уыцы куыст схонын «Боныхъæды къæлиндар». «Къæвда». (Ахуыргæнæгæп: Ацы æмдзæвгæ хауы пейзажон лирикæмæ. Поэт сарæзта æрдзы ныв къæвдайы рæстæг æмæ йæ хæд фæстæ). Ахуыргæнæг æмдзæвгæ аив кæсы. Дзырдуатон куыст: уадымс — хъарм дымгæ; мигъ- дзæссыгты (саха)—дзырд йæ морфологон арæзтмæ гæсгæ равзарын: мигъ+цæссыг — мигъты дон — уарын. Ахуыргæнинæгтæ фыццаг кастæн сбæлвырд кæндзы- сты, æмдзæвгæ цæуыл фыст у, уый. Поэт йе ’мдзæвгæйы цы ныв сарæзта, уып сывæллæт- ты цæстытыл бæлвырддæрæй ауайын кæнын. Уый тых- хæй ахуыргæнæг зæгъы: Сымах æнæ фенгæ нæ фæцадаик- кат, къæвдайы размæ мигътæ арв куыд сæхгæнынц, хуры сæ аууон куыд бамбæхсынц, стæй арв ныннæры æмæ уарын ныккалы. Хатгай уайтагъд фенцайы, арв раирд вæййы, хур ракæсы, бæстæ схъæлдзæг вæййы. Кълас аив кæсынмæ бацæттæ кæнын. Уый тыххæй ахуыргæнинæгтæ æмдзæвгæ хайгай кæсынц æмæ йæ чи- ныджы лæвæрд цыппар пунктмæ гæсгæ дзурынц. Уыцы хæйттæм дзырдтæй нывтæ кæнынц. «Цæгат Ирыстоны æрдз». Статья æнцонæмбарæн у, уымæ гæсгæ йæ сывæллæттæ сæхинымæры кæронмæ кæсынц, чиныджы фæрстытæн дзуаппытæ цæттæ кæнынц. Уыйфæстæ иу ахуыргæнинаг хъæрæй бакæсдзæн, иннæтæ та р&дыгай дзурынц тексты мидис. «Нæ цæрæнбынаты уæлцъар». Текст у цыбыр, йæ 82
хъуыды вазыгджын иæу. Ахуыргæнинæгтæ фыццаг ка- сты фæстæ аразынц пълан статьяйы хæйтты хъуыдымæ гæсгæ: абзац бакæсынц æмæ дзы пъланæн хъуыдыйад равзарынц. П ъ л а н: I. Мах цæрæм хæхбæсты. II. Хæхты æхсæнты цæуынц кæмттæ. III. Терк цæуы лæгъз быдырты. Статья дыккаг хатт бакæсын. Пъланмæ гæсгæ йæ радзурын. «Нæ цæугæдæттæ». Фæйнæгыл фыст хъуыдыйæдтæ: 1. Ранымайут нæ республикæйы цæугæдæттæ. 2. Нæ цæугæдæттæ сæлгæ нæ кæнынц, сæрд вæййынц лакъон, зымæг рæсуг. 3. Терк — не стырдæр цæугæдои. 4. Дæтты хъаруйæ пайда кæныиц электры тых исыиæи, хуым- зæххытæ донхорыг кæнынæн. Хъуыдыйæдтæй алкæцы дæр æвдисы статьяйæ чысыл скъуыддзаджы сæйраг хъуыды. Сæ фæд-фæдылдзинад у текстмæ гæсгæ. Уый руаджы сывæллæттæ дзуапп дæт- дзысты æнцондæрæй, бæлвырддæр бамбардзысты ста- тьяйы хъуыды. Ахуыргæнинæгтæ сæхинымæры кæсгæйæ дзуапп агу- рынц хæслæвæрдтæн фæд-фæдыл. Дыккаг каст кæнынц статьяйы хæйтты бастдзинад раиртасыны тыххæй. Дзурынц æй текстмæ хæстæг. «Хæснаг». Æмдзæвгæтæй фыст аргъæуттæ хуыздæр у цыбыртæй дзурын. Бакусинæгтæ æххæстгæнгæйæ ахуыр- гæпипæгтæ аргъау дзурынц сæхи ныхæстæй, тексты иуæй- иу бынæттæй пайда кæнынц, афтæмæй. Фыццаг касты размæ сывæллæттæм раттын чиныджы 1-аг фарст. Дык- каг касты фæстæ аргъау хи ныхæстæй радзурын. Дзырд- тæ рæгъ æмæ фисынмæ аивын (кæс сноскæ). «Фæрстытæ». Æмдзæвгæ фыст у авторы хъуыдытæ — сагъæсты бындурыл (уырыссагау с элементами размышления цы æмдзæвгæтæй фæзæгъынц, ахæм). Поэты хъуыдытæм ахуыргæнинæгты хъус æрда- рын. Уый тыххæй æмдзæвгæ бакæсыны размæ сæйрагдæр предметтæ фæхнцæн кæнын: зæхх, арв, стъалытæ, нартæ, денджыз, зарæг ныффыссæг. Ахуыргæнæджы аив касты фæстæ сывæллæттæ æмдзæвгæ сæхинымæры кæсынц, ра- нымад предметты тыххæй поэтмæ цы хъуыдытæ ис, уы- дон бæрæг кæнынц. Ахуыргæнæджы фæрстыты æххуысæй хъæрæй кæсынц уыцы бынæттæ. Дзырд хæтæн баивын балцæй. .Æмдзæвгæ аив бакæсын. Чиныджы фарстæн дзуапп раттьш. 83
«Цы у пълан». Ацы текст у практикон куыст. Хæслæ- вæрд ис йæхи мидæг. Чи йæ куыд сæххæст кодта, уый чиныджы лæвæрд бакусинаджы æххуысæй сбæрæг кæ- пын. «Арв». Ацы статья æнцонæмбарæн у. Ахуыргæнинæг- тæ сæхинымæры кæсынц æмæ дзуапп агурынц чиныджы фæрстытæн. Дыккаг касты фæстæ ахуыргæнинæгтæ дзуапп дæттыиц чипыджы фæрстытæн. Наукон-популярон статьятæ сывæллæттæн дæттынц наукон зонындзинæдтæ, хъæздыгдæр сын кæиынц, æрдзы фæзындтæ æмæ æрдзон предметты (буар- гъæдты) тыххæй цы фæзонынц, уый. Исты диссаг текст бакæсгæйæ сцымыдис вæййынц æмæ сæ фæфæнды сæ алыварсы царды тыххæй ноджы фыл- дæр базонын. Наукон-популярон статьяты мидис сывæл- лæттæн æмбарын кæнын хъæуы æрдз æмæ æрдзон фæ- зындтæн сæхи уынгæйæ, арæхдæр сæ хъæуы экскурситы кæныи быдырмæ, хъæдмæ, доны былмæ, уæлдæф- мæ. «Атмосферæйы ахадындзинад». Ацы статья зындæр у, уымæ гæсгæ ахуыргæнæг бакусинæгтæ дæтты, бæлвырд хъуыды кæм ис, ахæм хæйттæм: 1. Бакæсут райдианы дыууæ абзацы æмæ дзуапп раттут чиныджы 1-аг æмæ 2-аг фæрстытæн. Дарддæр ахуыргæнæг дæтты фæрстытæ: 2. Удæгас буары цардæн æппæтæй ахсджиагдæр цы у? 3. Цæй руаджы вæййы цæрæгойты буар кæддæрид- дæр хъарм? Кæсут дарддæр æмæ дзуаппытæ ссарут дыууæ фарстæн дæр. 4. Статья кæронмæ бакæсут æмæ дзуапп ссарут чиныджы 3-аг фарстæн. Наукон-популярон статьяйы хъуыды æвзæрст цæмæй æрцæуа, уый тыххæй йæ кæсын хъæуы дыууæ хатты. Фыццаг кастæн хъус тынгдæр дарын хъæуы, йæ темæ цы у, уый раиртасынмæ, хицæп бынæтты хъуыды бамбарып- мæ, дзырдты нысапиуæгмæ. Дыккаг кастæн ахуыргæни- пæгтæ сбæлвырд кæнынц, хицæн скъуыддзæгты хъуыды- тæ кæрæдзийыл куыд баст сты, уый. Скæныиц хатдзæгтæ. Зын статьятæ бахъæуы æртыккаг каст дæр — сæ хъуыды бæстондæр бамбарыны тыххæй. Ацы статьяйы ныхас цæуы иу-цалдæр æрдзон фæзындыл. Уыцы фæзындтæ кæрæдзийыл куыд баст сты, уый дзы 1 æвдыст у наукон æгъдауæй. Æртыккаг касты размæ ( хæслæвæрдтæ дæттæм æндæрхуызы — ома афтæ, цæмæй ] ахуыргæнинæгтæ мидис радзурой бæлвырд, иу æрдзон , фæзынд æндæримæ фидар баст кæй у, уый раиртасой- * 81
Хъуамæ сывæллæттæ сæ дзуаппыты раст пайда кæной наукон терминтæи. «Къæлиндар куыд фæзынд». Хицæн, сæрмагонд хъуы- ды кæм ис, статья^ ахæм хæйттæй арæзт нæу, æмæ йæм пълан саразæн нæй. Йæ радзурыны тыххæй йæм фæрсты- тæ сæвæрæи дæр пæй — 3-аг абзацæй суанг кæронмæ ныхас у иу хъуыдыйы алыварс. Ахæм уавæры иу ахуыр- гæнинаг кæсы, æндæр æй хи ныхæстæй дзуры. Дыккаг касты фæстæ иу райдайдзæн дзурын, дарддæр та-~ æндæртæ. Статьяйы мидис дзырд куы фæуа, уæд ахуыр- гæнинæгтæ дзуапп дæттынц чиныджы фæрстытæн. « Авд хойы». Бакæсыны размæ ахуыргæнæг амоны зыи- æмбарæн дзырдты хъуыды (кæс сноскæ). Æмдзæвгæ хинымæры бакæсын, чиныджы 1-агбакусинагсæххæсткæ- нын. Ахуыргæнинæгтæ æмдзæвгæ хъæрæй кæсынц æмæ дзурынц, сæ цæстытыл цавæр нывтæ ауади, уый. Æмдзæвгæ йæ мидисмæ гæсгæ кæсын хъæуы тагъд, уый зæрдыл даринаг у къласы аыв кæсынмæ цæттæгæн- гæйæ. «Цы пайда у хур адæймагæн». Ахуыргæнинæгтæ ста- тья сæхинымæры кæсыпц æмæ дзы хицæн хæйттæ бæрæг кæнынц. Дыккаг каст кæнынц хъæрæй. Бæлвырд хъуыды кæм фæци, уыцы скъуыддзаджы фæстæ ахуыр- гæнæг скъоладзауы фæуромы йæ кæсынæй æмæ йæ фæрсы: Цæй тыххæй бакастæ? кæнæ: Цы скъуыддзаг бакастæ, уым ныхас цæуыл у? Фарст æппæт къласмæ: Цавæр сæргонд ис ацы хаймæ раттæн? Сæргæндтæ статьяйы хæйттæм: I. Фæззыгон цыбыр бонты фæстæ ныллæууы уазал зымæг. II. Хур мах рохуаты нæ ныууадзы. III. Адæймаг сахуыр ис арт кæнын. IV. Адæймаг ссардта электры энерги æмæ атомы энерги. Æртыккаг касты фæстæ статьяйы хæйттæ фæд-фæ- дыл радзурын. «Доны тæф»-æй урок райдайæн ис афтæ: статьяйæ ист хъуыдыйæдтæй фæйнæгыл рагацау сæргæндтæ фыст кæрæдзийы бынмæ: 1. Дон æнæрæнцайгæйæ кæны зилахар. 2. Къæвда, мит æмæ их æрдзон æгъдауæй æвзæрынц. 3. Дон зæххы къорийæи ахсы йæ фылдæр хай, 85
4. Адæймаг архайы доны тыхæй пайда кæыыныл. Ахуыргæнипæгтæ статья сæхинымæры кæсынц, сæр- гæндтæм гæсгæ йæ дих кæнынц хæйттыл. Дыккаг кас- тæн ахуыргæиæг сæргæпдтæ дæтты фарсты хуызы, ахуыргæнинæгтæ дзуапп дæттынц текстмæ хæстæг. Уы- цы куысты рæстæг сæххæст кæнын чиныджы 2-аг баку- синаг. «Мæй — не ’ввахсдæр сыхаг». Ахуыргæнинæгтæ сæ- хинымæры кæсынц æмæ статья хи ныхæстæй дзурынц. Йæ мидис æнцонæмбарæн у, уымæ гæсгæ дыккаг кастæн скæнæн ис кæронбæттæн беседæ. Наукон-популярон ста- тья кæсгæйæ кæронбæттæн беседæйы фæрстытæ афтæ æвæрын хъæуы, цæмæй сбæлвырд уа: ахуыргæнинæгтæ цы бакастысты, уый раст бамбæрстой æви пæ, стæй цæмæй феххуыс уой уыцы зонындзинæдтæ ныффидар кæнынæн. Фæрстытæ кæронбæттæн беседæйæн: 1. Æрвон рухсдæт- джытæй зæхмæ хæстæгдæр кæцы у? Мæй нæм тынг дард кæй нæу, уый автор цæимæ абарста? 3. Адæймаг мæймæ фистæгæй цал азмæ схæццæ уаид?. 4. Хæдтæхæ- гæй та йæ цас рæстæг бахъæуид? Рухсы тын цасмæ æрхæц- цæ вæййы Зæхмæ? Ахуыргæнæг скæндзæн хатдзæгтæ статьяйы фæдыл æмæ ма йæм бафтаудзæн, америкаг космонавттæ Мæймæ куыд атахтысты, уый тыххæй. ÆмбисÆндтæ бакæсын, иннæ хатмæсæ наизусть зонын. «Къæдзилтæ». Цæрæгойты тыххæй сывæллæттæм ис зонындзинæдтæ, уымæ гæсгæ радзырдмæ разныхас нæ хъæуы, æгъгъæд у цыбыр беседæ. Ахуыргæнæг. Сы- мах телевизорæй арæх уынут алыхуызон цæрæгойтæ, уыдонæй бирæтæн зонут се ’ддаг бакаст, бахъуыды сын кодтат сæ царды уаг. 1. Ранымайут-ма иукъорд цæрæ- гойы, къæдзил кæмæн ис, ахæмтæ. 2. Цымæ уыцы цæрæ- гойтæн сæ къæдзилтæ цы ’ххуыс сты? 2-аг фарст сын фех- хуыс уыдзæн радзырды мидис раст бамбарынæн—базон- дзысты, фыссæг йæ уацмысы цы цæрæгойты нымайы, уы- донæй йæ къæдзилы руаджы чи хæринаг амал кæны, чи дзы знагæй йæхи хъахъхъæны, кæмæн иу ранæй иннæ ранмæ цæуынæн у æххуыс. Радзырды райдиан — бындз æмæ адæймаджы æхсæн цы ныхас рауад, уый кæсы ахуыргæнæг. Стæй къла- сæн дæтты бакусинаг: Дарддæр бакæсут, стæй ра- нымайдзыстут, бындз къæдзилтæ цавæр цæрæгойтæй куырдта. Рувасимæ сæ пыхас кæм фæцп, бакæсдзыстут, 86
уый онг. 1<æи зæгъыи йæ хъæуы, сывæллæттæ , сеппæт фæд-фæдыл æхсæз архайæджы æнæ фæрæдигæйæ нæ ранымайдзысты, уымæ гæсгæ, дзуапп лæвæрд куы фæ- уой, уæд ахуыргæнæг фæйнæгыл гом кæны, сырдтæ ра- дзырды куыд сты, афтæ кæрæдзийы фæдыл фыстæй. Ра- дзырд кæрæй-кæронмæ у диалогæй арæзт, æмæ дыккаг каст хъæуы рольтæм гæсгæ: а) бындз æмæ сæтæлæджы иыхас кæсынц дыууæ ахуыргæнинаджы, б) бындз, кæ- саг æмæ уæртджынхæфсы ’хсæн ныхас — иннæ дыууæ сывæллоны æмæ аф. д. Фыссæджы ныхæстæ кæсы уы- донæй иу. Ахуыргæнæг сын хъæлæсы уагæй амоны, ав- торы ныхæстæ æндæрхуызы кæсгæ кæй сты. Аив касты размæ ахуыргæнинæгтæ хи ныхæстæй дзу- рынц, сырдты ’хсæн цы ныхæстæ рауади, уыдон. Дзуапп дæттынц чиныджы фæрстытæн. Аив кæсынæн радзырдæй спайда хъæуы æхсæнæй-’хсæнмæты. «Сбон и». Æмдзæвгæ хъæздыг у аивадон мадзæлт- тæй. Цы рæнхъыты сты, уыдон кæсгæйæ сæ равзарын. Текст æнцонæй дих кæны дыууæ хайыл, сæ алкæцыйы дæр ис сæрмагонд, æххæст хъуыды: фыццаг хайы поэт сарæзта мæйы обрæз, дыккаджы — сæумæрайсомы ныв. Ахуыргæиæг хицæн хæйттæ аив кæсы, хуымæтæг фарсты руаджы бæрæг кæны: Цы равдыста автор райдиан 4 рæнхъы? Дарддæр та цæуыл у ныхас? Ахуыргæнинæг- тæ кæсынц æмæ æвзарынц аивадон мадзæлттæ. Фæр- стытæ: 1. Куыд хоны поэт мæйы? 2. Цавæр у йе ’ддаг бакаст. Хъæрæй бакæсут уыцы рæнхъытæ. А х у ы р г æ н æ г. Мæйыл дарæс нæ вæййы — адæй- маг нæу. Куыд хуины, иоэт æй æмпъызт кæрцы кæй сныв кодта, уый? Аивадон мадзæлттæ сывæллæттæн сæ кармæ гæсгæ зынæвзарæн куы уой, уæд сæ æрмæст ба- цамонæпт, кæнæ сæм сæ хъус æрдарæпт, цавæр аивадон мадзал у, уый зæгъын сæ нæ хъæуы домын. 3. Цавæр ивддзииад æрцыдп æрдзы уыцы рæстæг? Бакæсут дарддæр. Фæрссагыл аивут рудзынгæй. 4. Искуыдæр ма бон судзгæ скæны? Ахæм бынæттæ цы хуипынц? 5. Ф^æ- стаг дыууæ рæнхъы бакæсут. Бацамонут дзы аивадон фæрæзтæ (кæсагау — барæн, цъæх къусы — адæмæн къу- сы змæлæн нæй). Æмдзæвгæ аив бакæсын. «Уæ зæрдыл бадарут». Мах амæй размæ кастыстæм, боныхъæд цавæр уыдзæн, уымæн рагацау базонæн кæй нс, уый тыххæй. Беседæ уыцы статья зæрдыл æрлæууып кæнынæн:'1. Цæй руаджы базонынц боныхъæд рага- цау? 2. Бонæй дымгæ дæлвæзтæй хæхтырдæм куы кæ- 87
йа, ^æхсæвы та хæхтæй, уæд цавæр бон уыдзæн? 3. Æв- рæгътæ сæхи хæхты рæгътæм куы исой, уæд цавæр рæстæг хъуамæ скæна? Абон бакæсдзыстæм ноджыдæр цалдæр бæрæггæнæ- ны боныхъæды тыххæй. Хæслæвæрдтæ фыццаг кастæн. 1. Статья уæхинымæры бакæсут æмæ ссарут, рæстæг фæхорз уæвынмæ куы хъава, уæд ма цавæр бæрæггæ- нæнтæ ис. Хъæрæй сæ бакæсут. 2. Боныхъæд йæхи æв- зæрырдæм аивдзæн, ууыл та кæцы бынæттæ дзурынц? Бакæсут сæ. Статья бакæсут æмæ ранымайут, боныхъæ- ды тыххæй раздæр æмæ ныр цавæр бæрæггæнæнтæ базыдтат. Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. 1. Радзурут-ма, кæсыиы чиныгæн йæ ацы хайы но- гæй цытæ базыдтат. 2. Хур адæймагæн цы пайда у? а) Цæгат Ирыстоны æрдз. б) йæ зæххы уæлцъар. в) цæугæдæттæ. XII ХАЙ. «Æцæг уалдзæг». Чипыджы ацы æмдзæвгæмæ ис ныв, уый йæ мидисимæ у æнгом баст. Спайда дзы хъæуы кæсынмæ цæттæгæнæн этапы. Ахуыргæнæг. 1. Æркæсут нывмæ æмæ зæгъут, цы дзы уынут. Дзуапп: Бæлæстæ дидинæгæй урс-урси- дæй зынынц, трактор хуым кæны. 2. Уыдæттæ кæд вæййынц? Уалдзæг. Ахуыргæнæг æмдзæвгæ аив куы бакæса, уæд дæтты бакусинаг: Æмдзæвгæ бакæсут. Æцæг уалдзæг ралæууыд зæгъæн кæд вæййы, уыцы бынат ссарут. Æмдзæвгæ хайгай хъæрæй бакæсын. Фарст: Цы нæ у æгъгъæд, уалдзæг ралæууыд зæгъынæи. Райдайæн дыууæ строфамæ дзырдтæй иывтæ скæнын. Уалдзæджы ралæуд сывæллæттæ сæхирдыгонау дзу- рынц. Æмдзæвгæ аивбакæсын. «Мæргъты ахстæттæ». Къулыл мæргъты хуызджын ныв конд. Сывæллæттæ нымайынц,,цавæр цъиуты нæмт- тæ йонынц, уыдон. Хуызæй цы мæр’гъты зонынц, уыдоны та нывы амонынц. Зæрдыл æрлæууын кæнын, мæргъты 88
тыххæй аз цы бакастысты, уый: а) сæ рæстæг куЫД æрвитынц (райсом раджы цъыбар-цъыбур райдайынц, сихорыл сæ фæллад уадзынц, хур куы фæкъул вæййы, уæд бæстæ цъимас-цъумас свæййы. Æхсæвы сыл цъиу- тæ сæ лæппынты уазалæй хъахъхъæнынц ахстæтты, нæл цъиутæ ахстæттæм хæстæг фынæй кæнынц; б) мæргътæ æндæр рæттæм куыд фæтæхынц. Ахуыргæнæг. Сымах зопут, цъиутæ сæ рæстæг куыд фервитынц, фæззæг сæ æндæр рæттæм цавæртæ атæхы, куыд атæхынц. Ныр та базондзыстæм, цъиутæй кæмæн цавæр ахстон ис. Уæхинымæры кæсут æмæ сса- рут ахæм бынæттæ: 1. Бурцъиуы ахстоны тыххæй цы фыст ис статьяйы. 2. Дзывылдар æмæ бурдымы ахстæтты тыххæй та? 3. Зараг цъиутæ ахстæттæ куыд кæнынц? 4. Æпæ ахстонæй цавæр цъиутæ æфтауы æйчытæ? Кæм? Статья аив бакæсын æмæ хи ныхæстæй р а д з у р ы н. «Цъиутæ». Æмдзæвгæ йæ ас æмæ йæ хъуыдымæ гæсгæ у хорз пример, прозæ æмæ æмдзæвгæйæ æддаг бакастæй цы хъауджыдæр ис, уый зæрдыл æрлæууын кæнынæн. Ф,æйнæгыл ныффыссын дзырд цаддон —цад- дон, ома цады дон (дзырды морфологион арæзт). Цæ- мæй æмдзæвгæйы рæнхъыты аивдзинад ма фехæла, уый тыххæй поэт фыццаг дзырды кæронæй ы аппæрста æмæ дыууæ, дзырдæй сарæзта вазыгджын дзырд). Ахуыргæнæг. Мах бакастыстæм цалдæр статьяйы æмæ базыдтам мæргъты цардыуаг. Бакæсут æмдзæв- гæ æмæ йæ уæхи ныхæстæй радзурут. Дзуапп: цъиутæ хъæмпытæ æмæ пакъуытæ цады доны тулынц, стæй сæ цъыфдзасты æвдулынц æмæ ахстæттæ кæнынц. Æйчы- тæ дзы æфтауынц, цъиутæ рауадзынц æмæ уыдоны рæв- даугæйæ цæрынц. Хатгай дзырдуатон куыст кæнæн вæййы беседæйы рæстæг. Ахуыргæнæг. Райдианы дыууæ рæнхъы бакæсут. Куыд ма ис зæгъæн пакъуыты бæсты? Дзуапп: Бумбулитæ. Амæй размæ статьяйæ цы базыдтам, уый ныр бакастыстæм фараст рæнхъы. Æркæсут чиныгмæ æмæ зæгъут, цæмæй хицæн кæнынц дыууæ уацмысы рæнхъытæ кæрæдзийæ? Статьяйы рæи- хъытæ сты даргъ, æмдзæвгæйы та — цыбыр. Рæнхъыты кæройнаг дзырдтæ дыгæйттæ-дыгæйттæй хъæрæй кæсут. Цы раиртæетат? Уыдои кæнынц æмзæлд. Текст наизусть сахуыр кæныны тыххæй аив бакæсын. «Цин»'. Фыццаг кастæн сæххæст кæнын чиныджы лæ- вæрд 1-аг æмæ 2-аг бакусинæгтæ. Дзуаппытæ: 1. Баз- 89
мæлыд бæстæ, базмæлыд цард. 2. Мит атади, боныл бафтыд. Æмдзæвгæйы 2-аг строфа равзарын: 1. Цавæр уыди æрдзæн ныронг йæ кæрц? Урс, митын кæрц. 2. Цæ- мæй раивта æрдз йæ митæй кæрц? Цъæх-цъæхид кæрдæ- гæй. Чиныджы 3-аг бакусинагмæ бафтауын: Уæ хъуы- дыйæдты хъуамæ уа миты тыххæй, дæттæ, хур æмæ мæргъты тыххæй, бæстæ кæнæ царды тыххæй. Æмдзæвгæ бакæсын. 3-аг бакусинаг æххæстгæнгæйæ спайда хъæуы æмдзæвгæйæ: 1. Миттæ атадысты. 2. Дæт- тæ згъорынц. 3. Хур тавы йæ рухс тынтæй. 4. Мæргътæ æртахтысты æмæ зарынц. 5. Райхъал бæстæ, райхъал цард. Æмдзæвгæ наизусть сахуыр кæныны тыххæй строфагай аив бакæсын. «Диссаджы чиныг». «Æппæты тыхстдæр бон». (Хиба- рæй кæсынæн). Дыууæ скъуыддзаджы сты иу уацмысæй. Фыццаг у повестмæ раздзырды хуызæн. Сывæллæттæ стæмтæй фæстæмæ зонынц, цъиутæ куыд рацæуынц, уый. Уымæ гæсгæ ахуыргæнæджы разныхасы бæсты хъæуы цыбыр беседæ: 1. Зæгъут-ма, цъиутæ куыд ра- цæуынц? 2. Æмæ цымæ колхозты фермæты дæр утæппæт цъиутæ кæрчытæ рауадзынц? Иннæ хатмæ уæхимæ бакæсдзыстут ацы уацмыс æмæ радзурдзыстут, инкубаторæй цъиутæ куыд рацæуынц, уый. Дыккаг хайы райдиаи — курсивæй фыст — ахуыргæ- нæг кæсы къласы. Иннæ урочы ахуыргæнинæгтæ уацмысы мидис куы дзурой, уæд бирæ рæтты цæсгæмттæ хъæудзæн ивын. Ахуыргæнæг кæсы фыццаг скъуыддзаджы 1-аг абзац æмæ дæтты хуызæг уыцы куыстæн. «Фæлæ махæн нæ зæрдæ- тæ ницæмæй рухс кодтой». «Нæ дыууæ Мишкæ æппы- нæдзух...» Ибын сæхъæуы афтæ: «Фæлæ Коля æмæМиш- кæйы зæрдæтæ ницæмæй рухс кодтой». «Коля æмæ Мншкæ æппынæдзух...» Хибарæй кæсыны урок ацы уацмысæй, !. Фæрстытæ, ахуыргæнинæгтæ уацмыс бакастысты æви нæ, уый сбæрæг кæнынæн: I. Цавæр чиныг касти Мишкæ, Коля сæм куы бацы- ди, уæд? 2. Дыууæ лæппуйæ дарддæр ма инкубатормæ чи касти? 3. Инкубатор цъиутæ рауагъта æви нæ? 4. Чи- ныджы лæвæрд ныв уацмысы кæцы бынат æвдисы? II. Уацмысы мидис куыд бамбæрстой, уый сбæрæг кæнын. Беседæйы рæстæг фæрстытæ æвæрын хъæуы афтæ,
цæмæй, дзуапп чи дæтты, уыдонæп æххуыс уой сæ хъуы- дытæ кæрæдзийы фæдыл раст равæрынæп. 1-аг абзац ахуыргæнинæгтæ раивдзысты сфæлдыста- доп хуызы ахæм бакусинаджы руаджы: 1-аг абзац ба- кæсут, цæсгæмттæ, куыд хъæуы, афтæ ивут кæсгæ-кæ- сыны. 2. Иубон Коля Мишкæмæ бауад... Дарддæр цы уыди, уый радзурут. 3. Мишкæ цы чиныг касти, уый фæ- дыл дыууæ лæппумæ рауади зæрдиаг ныхас. Рольтæм гæсгæ бакæсут уыцы бынат. Ахуыргæнæг уацмысæй цыбырæй дзуры мæнæ ахæм бынат: Райсомæй раджы Коля Мишкæтæм балæууыд, Вадикæн йæ рад фæци, æмæ сæхимæ ацыд. Дыууæ лæп- пуйы æйчытæ фæрауын-бауын кодтой, фæлæ иу цъиу дæр нæма рацыд. Коля сфæнд кодта иу айк асæттын, фæлæ йæ Мишкæ нæ бауагъта, уыйразмæ чиныджы кæи бакаст, ахæм цыдæр ын радзырдта. 4. Радзурут, цы уы- ди уыцы цыдæр. Ацы бынат ахсджиаг у, уымæн æмæ дзы сывæллæттæ райсдзысты практикон зонындзинад: цъиутæ цалынмæ сæ буарæй фæулæфынц, уæдмæ удæ- гаснæма вæййынц, рæуджытæй куы райдайынцулæфын, уæд сын айчы хъузджы лæууæн нал ис,— сæ бырынкъæй йæ ракъæртт кæнынц. 5. Сæххæст кæнын дыккаг скъуыд- дзагмæ лæвæрд бакусинæгтæй дыккаг. 6. Радзурут, уац- мыс уæ зæрдæмæ фæцыди æви нæ. Æппæтæй уæм дзы хуыздæр цы фæкасти. «Арæнхъахъхъæнæг». Ахуыргæнæг. Нывмæ æркæ- сут ,æмæ йын дзыхæй дзургæйæ II хай скæнут. Дзуапп: Иу лæг арæнхъахъхъæнæджы ауыдта æмæ фæстæрдæм фæлидзæг. Нывмæ лæвæрд бакусинаг æххæстгопдæй: Арæи- хъахъхъæнæг цыдæр сыбар-сыбур айхъуыста. Биноклæй акасти, æмæ дын уæртæ бæлæсты бын — цыдæр æндæрг. Азгъордта йæ куыдзимæ. Æндæрг разынди адæймаг. Уый хъавыди Советон Цæдисы арæныл æрбахизыимæ. Хъуыддаг куы фембæрста, уæд фæстæмæ лидзынмæ фæци. Цырддзаст сты нæ арæнхъахъхъæнджытæ. Цъиу атæхын дæр нæ уадзынц нæ бæстæйы арæнты сæрмæ. «Дуне сæнкъуыст дисæй». Хæслæвæрд фыццаг касты разм.æ: Æмдзæвгæ бакæсын æмæ зæгъын, цæмæн сæн- къуыст дуне? Куыд ма ис загъæн сæнкъуыст-ы бæсты (цин кæнынц, дисы бацыдысты). Дыккаг касты фæстæ дзуапп раттын чиныджы фæрстытæн. «Фыццаг трактор». 3-аг къласы ахуыргæнинæгтæ кол- хозты арæзтады тыххæп пицы зопынц, уымæ гæсгæ ам бс- П1
седæйæн гæнæн нæй, æнæмæнг хъæуы ахуыргæнæджы разныхас: 1929—1930 азты Цæгат Ирыстоны райдыдтой колхозтæ аразын. Колхоз у уырыссаг цыбыргонд вазыг- джын дзырд — коллективыое хозяйство, иронау амоны иумæйаг хæдзарад. Уыцы темæйыл Гæдиаты Цомахъ ныффыста повесть «Фыдæлты намыс». Сæйраг архайджы- тæ дзы сты мæгуыр лæг Дæхци, бонджын Илас, коммунист Хæмæт, фæскомцæдисонтæ Мысост æмæ Со- на—Дæхцийы фырт æмæ чызг. Уæды заман адæм зæх- хы куыст кодтой дзывыр æмæ гутонæй, бæхæй, кыртæк- кæйау алыхуызон хъæууонхæдзарадон машинæтæ арæх иæ уыди. Кулактæ мæгуыр адæмы ардыдтой галиу зондыл, колхозтæм куыд н,æ цыдаиккой, афтæ. Кулактæм уыди бирæ фос, бирæ кусæн дзаума (найгæнæн машинæтæ, самангæрдæнтæ, бричкæтæ, уæрдæттæ, гутæттæ æмæ æнд.), сæ исбон адæмæн иумæйаг хъæздыгдзинад суа, уый сæ нæ фæндыд. Уый тыххæй нæ уарзтой колхозты, уымæн ардыдтой адæмы сæ ныхмæ. «Фыццаг трактор» у скъуыддзаг уыцы повестæй. Ахуыргæнинæгтæй иу кæсын райдыдта, дарддæр кæ- сынц иннæтæ радгай. Фыццаг касты размæ къласмæ рат- тын чиныджы 2-аг фарст. Д зу апп: Уымæн æмæ дзы æвдыст цæуы, Дæхцийы хъæумæ фыццаг хатт трактор куыд фæзынди, сыхаг колхоз сын æмбаладон æххуыс бакæнын куыд сфæнд кодта. Дыккаг кастæн сбæлвырд кæнын скъуыддзаджы идейæ ахæм фарсты руаджы: Цы радзырдта трактортæрæг адæмæн? Хъæрæй бакæсын уы- цы бынат. Уыйфæстæ сæххæст кæнын чиныджы 1-аг ба- кусинаг. Хæдзары уацмыс аив бакæсын. Дзу- р ы н æ й з о н ы н. «Май». Ахуыргæнæг. Цавæр бæрæгбонмæ цæт- тæ кæиæм ныртæккæ нæхи? (Ахуыргæнæгæн уæлæм- хасæн æрмæг Майы бæрæгбоны тыххæй разныхасæн: 1-æм Майы бæрæгбон дунейы фæллойгæнджытæ кæнынц 1890 азæй фæстæмæ. Уый тыххæй уынаффæ хаст æрцыд Интернационалы II конгрессы, Парижы 1889 азы. Хъуа- мæ æппæт дунейы пролетартæ сæ тыхтæ баиу кодтаиккой 8 сахаты кусгæ боныл тохы. 1-æм Майы бæрæгбон Уæ- рæсейы жппæты фыццаг скодтой 1891 азы Петрограды. 1-æм Май у æппæтадæмон бæрæгбон, дунейы фæл- лопгæиджыты революцноп тыхтæм æркасты бон. Махмæ, советон бæстæйы, 1-æм Май у сæрибар фæл- 92
лой æм,æ коммунистон арæзтады ног уæлахидзйнæдтыл тохы бæрæгбон, сабырдзинад æмæ фæллойадон æнтыст- дзинæдты бæрæгбон. Фыццæгæм майы размæнæбæстæ бахынцы фабрикты, заводты, совхозты, колхозты кус- джытæ æмæ фæллойгæнджыты ерысы æвдисæнтæ. Кæд- дæриддæр нæ бæстæйы адæм куысты дæр æмæ ахуыры дæр 1-æм Майыл æмбæлынц æнтыстдзинæдтимæ. Бирæ фæсарæйнаг бæстæты арæзт æрцыди социа- лизм. Уым дæр 1-æм Май æрвитынц куыстадон æмæ арæзтадон уæлахиздзинæдтимæ. Бирæ бæстæты нырма фæллойгæнджытæ кæнынц тох сæ сæрибардзинадыл. Советон адæм æмæ Советон Цæ- дисы Коммунистон парти уыдонæн кæнынц æфсымæрон æххуыс сæ бартæ райсыныл. Махмæ, стæй нæ алыварс æфсымæрон социалистон бæстæты хъæздыгдзинæдтæ: фабриктæ, заводтæ, шах- тæтæ, скъолатæ, рынчындæттæ æмæ аф. д. адæмæн сты иумæйаг. Хицауиуæг нæм кæнынц фæллойгæнджытæ сæхæдæг. Капиталистон бæстæты нырма æппæт хъæздыгдзи- нæдтæ сты иугай адæймæгты — капиталистты къухы. Уым сывæллæттæн ахуыры фадат нæй, хæрз æнахъомæй райдайынц уæззау куыст кæнын). Ахуыргæнæг æмдзæвгæ кæсы аив. Сывæллæттæ кæ- сынц æмæ дзуапп агурынц ахæм фæрстытæн: 1. Кæй хоны поэт йæ фæндырæн хъæлæс: (Нæ райгæ Май, нæ рухс бæстæ — мæ фæндырæн хъæлæс). 2. Кæй хоны поэт сæрибар дзыллæ? Цы зæгъы уый тыххæй? (Æхса- римæ уæлахизтæм бырсы.) Дыккаг касты фæстæ ахуыргæнæг дæтты бакусинæг- тæ: Цавæр бæрæггæнæн дзырдтæ ис майæн æмдзæв- гæйы? Ссарут уыцы бынæттæ æмæ сæ бакæсут (Уарзон Май, худгæ Май, райгæ Май). 2. Куыд хоны поэт нæ бæстæйы? (Рухс бæстæ). 3. Цавæр бæрæгбон у 1-æм Май? Æмдзæвгæ аив бакæсын. «Уызын æмæ паддзах». Ахуыргæпæг аргъауæй скъуыддзаг кæсы. Стæй зæгъы сывæллæттæн: Сымах фе- хъуыстат, паддзахы къухы кæйуыдибирæ адæм, сырдтæ, мæргътæ. Ныртæккæ аргъау радгай хъæрæй кæсдзыстут æмæ дзуапн ратдзыстут фæрстытæн: 1. Æппæты зонд- джындæр чи разынди, паддзахы къухы чи уыди, уыдо- нæй? Бакусинæгтæ дыккаг кастæн: Бакæсут-ма, паддзах 93
уызынæн цы загъта æмæ йын уызЫн цы Дзуапп радта. 2. Уызыны размæ та цавæр дзуапп радтой паддзахæн? Бакæсут аргъауы райдиан. Ахуыргæнинæгтæ аргъау аив кæсынц, стæй йæ текст- мæ хæстæг дзурыиц. Фæрстытæ аргъауы идейæ рарго- мæн: 1. Цæмæн ралгъыста паддзах уызыны? 2. Аргъауы уæ зæрдæмяе тынгдæр цы фæцыди? (Хъуамæ зæгъой: Уызыны дзуапп). Хæдзармæ куыст. Иннæ урокмæ аргъау æнæ чиныгмæ кæсгæйæ дзурын зонын. «Æрцыд, ныллæууыдуалдзæг». Фыццаг кастæн ахуыр- гæнинæгтæ ахуыргæнæджы æххуысæй æндæрхуызы ивыны руаджы æвзарынц ахæм рæнхъыты хъуыды: 1. «Нæ къуылдымтæ, нæ фæзтæ сфæлыстой оæхи» — къуылдымтæ кæрдæгæй цъæх адардтой, дидинджытæ сыл фæзынди. 2. Дзырд уддзæф амæй размæ базыдтой, фæ- лæ ныр æмбæлы æндæр контексты: «Фæйлауы уддзæф зилгæ сыфтæрты ’хсæн» — рог дымгæ згъоры ногкалд сыфтæрты ’хсæнты. Дыккаг кастæн дзуапп раттын чи- ныджы цыппар фарстæн. Дзуаппытæ: 1. Ныллæууыд диссаг май. 2. Фыдуаг рæстæг, фыдуаг зымæг. 3. Рæв- дауы хур æрттивгæ, йæ рухс тын у фæлмæн. 4. Ныззары цъиу йæ зарæг, фыр цинæй зары уый. Æмдзæвгæ строфагай аив бакæсын наизусть сахуыр кæнынмæ бацæттæйы тыххæй. «Дыууæ дидинæджы». Куыд зонæм, афтæмæй лири- кон уацмыстæ æвзарын хъæуы лæмбынæг. Ахуыргæнæг сывæллæттæн фæдзæхсы: Æз кæсдзынæн, сымах дзæбæх хъусут, стæй зæгъдзыстут, автор ацы уацмысы цæй кой кæны. Ахуыргæнинæгтæ скъуыддзаг кæсынц абзацгай, дзуапп дæттынц фæрстытæн: 1. 1-аг абзацы ныхас цæ- уыл у? Дзуапп: 1-аг абзацы ныхас у хурыл. 2. 2-аг абза- цы та? Дидинæгыл. 3. 3-аг абзацы цы зæгъы автор? Фыссы фæлмæн дымгæйы тыххæй. 4. Ф,æстаг хъуыды- йады цы зæгъы фыссæг? Дыккаг кастæн сбæрæг кæнын: 1. Хуры тыххæй цы фыссы автор? 2. Дидинæг æмæ дым- гæйы тыххæй та? 3. Дидинæджы тыххæй ма ногæй цы бафтыдта фыссæг уацмысы кæрон? Аив бакæсын. Чи- ныджы бакусинаг сæххæст кæнын. Хæдзармæ куыст. Скъуыддзаг наизусть сахуыр кæнын. «Айчы хъузг». Фыццаг кастæн сбæрæг кæнын, ста- тьяйы иыхас цæуыл цæуы, уый. Дыккаг кастæн ахуыргæ- 94-
пинæгтæ дзуапп дæттынц чиныджы райдианы æртæ фарстæн. Уыдон сын феххуыс уыдзысты мидис бамба- рынæн. Сывæллæтты зæрдыл æрлæууын кæнын, бындзы- тæ адæймагæн цы зиаи сты, уый. Уæд раст дзуапп ратдзысты чиныджы 4-æм фарстæн. «Акъаци». Æмдзæвгæйы сæйраг хъуыды ис фæстаг строфайы, ахуыргæнæг кæсгæ-кæсыны хъæлæсы уагæй æмæ логикон цавды руаджы сывæллæттæн уый бамба- рыи кæндзæн. Беседæ æмдзæвгæйы мидис равзарынæн: 1. Æмдзæв- гæ кæронмæ бакæсут æмæ зæгъут, цæуыл цин кæнынц мыдыбындзытæ. 2. Цавæр миниуæг ис акъацимæ? Ба- кæсут 1-аг строфа. 3. Мыдыбыпдзытæ адджииаг кæцæй исынц? Бакæсут 3-аг строфа. > Æмдзæвгæ аив бакæсын. Дзуапп раттын чиныджы гЬæрстытæн. [ «Нывгæнджытæ». Ацы радзырд у прозæйæ фыст ли- рикон уацмыс. Тынг хъæздыг у æрдзы поэтикон æрфы- стытæй. Сывæллæттæ æппынæдзух сæхи цæстытæй цы уынынц, темæ ахæм у — æрдзы рæсугъддзинад афæдзы цыппар афоны. Радзырдæн йæ аивдзинад дзыхæй ра- дзурынимæ нæй абарæн, уымæ гæсгæ ахуыргæнæг урок йæ райдианæй йæ фæуынмæ аразы афтæ, цæмæй сывæл- лæттæ кæной кæсгæ. Хæслæвæрдтæ: 1. Чи уыдысты цыппар нывгæнæджы? Бакæсут радзырды райдиан. Дарддæр бакæсут æмæ зæгъут; а) кæцы æфсымæр райдыдта æппæты разæй ныв кæнын? б) цæуыл ба- хъынцъым кодта лæппу йæхинымæры? 3. Цы фау æрха- ста хур Уалдзæджыхъойы нывмæ? 4. Бакæсут-ма, цы- хуызæн сси ныв, лæппу хуры коммæ куы бакасти, уæд. Беседæ р а д з ы р д ы II х а й м æ: 1. Цæуыл ба- хъуыр-хъуыр кодта Сæрдахъыз? Бакæсут уыцы быпат. 2. Кæсут дарддæр æмæ радзурут: а) хур тынгдæр цæ- мæн ссыгъд? б) цавæр хуыз сахуырста халсарты, дыргъ- ты? в) быдыры та цы сныв кодта? цæмæн? Ахуыргæнинæгтæ радгай кæсынц хъæрæй, инпæтæ хъусынц æмæ дзуапп дæттынц. Зын бахъуыдыгæнæн бынæттæ кæнынц кæсгæ. III хай. 1. Цавæр ахорæнæй аивта Фæззабег йæ кæ- стæрты нывтæ? Бакæсут уыцы бынат. 2. Зæгъут-ма, цъæх ахорæн бурæй цæмæн аивта? Дзуапп раттып къуылымпы куы кæной, уæд сын феххуыс хъæуы æндæр фарстæй: ’ Цыхуызæн вæййынц зайæгойтæ фæззыгон? 3. Бакæсут-ма дарддæр, цымæ цавæр ивддзинæдтæ ба- 95
хаста æртыккаг нывгæнæг йе ’фсымæрты конд нывтæм. IV хай. Сывæллæттæ ацы хай кæсынц сæхинымæры, стæй йæ абзацгай кæсынц хъæрæй æмæ йæ текстмæ хæстæг дзурынц. Хæдзары радзырд аив бакæсын. Чи- ныджы хæслæвæрдтæн дзуаппытæ зоиын. Уацмысы цып- пар хайæ алкæцыйæн дæр сæргонд æрхъуыды кæнын. «Чи хуыздæр радзурдзæн». Нывтæм иумæйаг фарст сæвæрын, афæдзы афонтæ кæй æвдисынц, уый сбæлвырд кæнынæн. Ахуыргæнинæгтæ афæдзы афонтыл цы ’мдзæв- гæтæ зонынц, уыдон сын сæ зæрдыл æрлæууын кæнын. 1-æм къласы ахуыр кодтой «Ныр цы футт кæныс, зы- мæг!» (Цæр. В.) «Уалдзæг» (Цæр. А.). «Сауцъиу» (Бас. М.). «Сабитæ æмæ фæззæг» (Хоз. Я.); 2-æм къласы- «Уалдзæг (Къоста), «Рагуалдзæг» (Цæр. В.), Скъо- ладзаутæ» (Пл. Г.); 3-æм къласы — «Фæззæджы ныв- тæй» (Коч. М.), «Цин» (Наниты В.) «Зымæгон нывтæ* (Чедж. Æ.) æмæ аф. д. Сæххæст кæнын чиныджы 1-аг æмæ 2-аг бакуси- нæгтæ. Ранымад æмдзæвгæтæй ацы нывтæм сбæздзысты ахæм скъуыддзæгтæ (уый у 3-аг бакусинагæн дзуапп): I. «Къардиуы был мырткæ. Салфы бын ныггуыбыр. Миты рæгътæй дымгæ Байдзаг кодта быдыр». (Чедж. Æ.) II. «Мит фæтары, Бон фæдаргъ. Къохæй зары Хъæлдзæг маргъ». (Наниты В.) III. «Абон хурмæ хъазы бæстæ. Цины аныгъуылди зæхх. Мах нæ уроктæн сæ фæстæ Хъазæм доны был дзæбæх». (Пл. Г.) IV. «Дон ныссабыр и, ыстæнæг, Комæй нал хъуысыйæ сидт. Халас бьщыртыл хæрз тæнæг Байтауы æвзист». (Коч. М.) Ацы куыстæн саразæн ис, ацы аз цы ’мдзæвгæтæ ахуыр кодтой, æрмæст уыдоныл дæр. Скæнæн ын ис конкурсы хуызы, цым.æ фылдæр æмдзæвгæтæ чи зоны кæнæ нывтæм хуыздæр скъуыддзæгтæ чи сарæхсид рав- заркн æмæ æнд. ах. «Хæс». Æмдзæвгæ аив бакæсыны фæстæ ахуыргæ-
иæг къласмæ дæтты фарст: Цæмæн схуыдта поэт йе’ ’мдзæвгæ «Хæс»? Кæмæй хоны йæхи хæсджын? Ахуыргæ- нинæгтæ уыцы хъуыды куы раиртасой, уæд сын бæлвырд уыдзæн æмдзæвгæйы идейæ. Дзуапп уыдзæн, зæгъæм, афтæ: Поэт йæхи хæсджын хоны райгуырæн Ирысто- нæй, уымæн схуыдта йе ’мдзæвгæ «Хæс». Æмдзæвгæ бакæсын æмæ сбæрæг кæныи, строфаты кæрон цавæр рæвдауæн ныхас зæгъы Ирыстонæн. («Уæд рохы нæ вæййы мæнæй, фырты хæс кæй дарын дæуæй»). Æмдзæвгæйы аивадон фæрæзтæ равзарын. Ахуыргæ- нинæгтæй иу хъæрæй кæсы, иннæтæ сæ чингуытæм кæсгæйæ йе ’мцыд кæныпц, уый фæстæ дзуапп дæттынц фæрстытæн: 1. Цæимæ бары поэт быдырты тау? Бакæсут 2-аг строфайы райдайæн дыууæ рæыхъы. 2. Цавæр уылæнты ’хсæн айгæрды лирикон герой йæ нау? 3. Зымæгæн ца- вæр эпитет ис æмдзæвгæйы? Сывæллæтты моралон-эстетикон хъомылады ахæм æмдзæвгæты тых у стыр, æмæ кæсыны урокты уыцы хъуыддагмæ хъæуы фаг æргом здахын. Ахуыргæнннæгтæ ацы ’мдзæвгæ куыд бамбæрстой, цавæр æнкъарæнтæ сæм фæзынди, цы хъуыдытæ сæм сæвзæрди, уыдоны тыххæй хъуамæ радзурой, ахуыргæ- нæг та сыи скæна аккаг аргъ. Ахуыры азы фæстаг урок. Æппæт рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. Чиныджы дыууадæс хайæ алкæцыйæ дæр ахуыргæ- нæг къласмæ дæтты иу-дыууæ фарсты, зæгъæм: мæнæ афтæ: 1. Наизусть радзурут Къостайы æмдзæвгæ «Æрра фиййау». 2. Аив бакæсут скъуыддзаг аргъау «Куысыфтæг æмæ Дурыи»-æй. Зæгъут, кæй фыст у? Цавæр уацмыстæ ма бакастыстæм Коцойты Арсенæй? 3. Цавæр радзырды герой у Азæмæт? Радзурут, цы сгуыхтдзинад равдыста? Фыссæг æй йæ уацмысы герой цæмæн скодта? 4. Радзурут-ма, чи уæ цавæр æхсæнадон куыст кæны. «Æвзæр отличник», зæгъгæ, цавæр лæппуйы тыххæй кастыстæм ацы аз? Цæмæн æй схуыдтой æвзæр от- личник? 7 Заказ М 2134 97
5. Наизусть радзурут К/ьостайы æмдзæвгæ «Мæгуьь ры зæрдæ». Зæгъут, кæд уыди афтæ? 6. Тлаттатæ куы байуæрстой, уæд Черменæн цавæр зæххытæ бахай кодтой? Æлдæрттæ йыи сæхи зæххыты хуызæн цæуылнæ радтой? 7. Радзурут, цы бахъуыды кодтат Ильичы сабийы бонтæй. 8. Кæд фæуæлахиз ис революци? Фæйнæгыл ныф- фыссут: Октябры Стыр социалистон революци. 9. Наизусть радзурут æмдзæвгæ «Цъырцъыраг». 10. Раиымайут, Советоп Цæдисы Геройтæй кæйты базыдтат. 11. Радзурут, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг Ирыстоны пионертæй Райгуырæн бæстæйæн чи баххуыс кодта, уыдонæй кæй тыххæй кастыстæм. Цы бахъуыды кодтат уыдоны хъæбатырдзинады тыххæй? 12. Цавæр дзырд радтат, пионертæм уæ куы истой, уæд. Ранымайут пионеры хæстæ. 13. Цы аргъæуттæ кастыстæм, уыдонæй уæ зæрдæмæ тынгдæр кæцы фæцыди? Радзурут æй. 14. Радзурут уыци-уыцитæ æмæ сын зæгъут сæ дзуап- пытæ. 15. Æрхæссут æмбисæндтæ. 16. Цæмæй рынчынтæ ма кæнат, фидар æмæ хъару- джын уат, уый тыххæй уæхицæн цавæр боны фæтк са- раздзыстут каникултæй фæстæмæ? Куыд зилдзыстут уæхимæ, уæ дарæсмæ, кæм цæрут, уыцы агъуыстмæ, уæ къласмæ? 17. Ранымайут Ирыстоны цæугæдæттæ. 18. Хъыбыллæ цæмæп хъæуы, уый радзурут. 19. Цы пайда у хур цæрæгойтæн? 20. Доны тæф уæлдæфы куыд зилдух кæпы, уый тых- хæй радзурут. 21. Ранымайут, афæдзы дæргъы цавæр бæрæгбоитæ вæййы. 22. Ныффыссут фæйнæгыл мæйты нæмттæ, бонты нæмттæ. 23. «Абеты куывд»-æй искæцы дамгъæйы тыххæп радзурут. 24. Наизусть радзурут чиныджы лæвæрд тагъддзу- ринæгтæй искæцы. (25. Уæ зæрдыл æрлæууын кæнут, цæмæй бафарста паддзах. Цы дзуапп ын радтой йæ зæххыл цæрджытæ? Уызыны дзуапп уæм зондджын ц&мæн кæсы? 98
26. Кæсыны чиныджы лæвæрд нывмæ гæсгæ куысты- тæй искæцы радзурут. 27. Ранымайут-ма, ацы аз цы уацмыстæ бакасты- стæм, уыдонæй уæ йæ зæрдæмæ тынгдæр кæмæн цавæр фæцыди? Чи уæ цы базыдта уыцы уацмысæй? Ахуыргæнæджы ныхас йæ къласимæ а х у ы р ы а з ы к æ р о н. Фæци ахуыры аз. Ныр сымах каст фестут райдайæн скъола. Сентябрæй фæстæмæ уыдзыстут астæуккаг скъо- лайы ахуыргæнинæгтæ. Кæсыны уроктæуын ныр хуиндзы- сты литературæйы уроктæ, уæ чиныг та—ирон литерату- рæйы хрестомати. 4-æм къласы уацмыстæ кæсгæйæ фыл- дæр æргом здахдзыстут уыдонæн сæ сæйраг хъуыды— идейæ æргом кæнынмæ, геройты обрæзтæм, уыдонæн характеристикæ дæттынмæ. Амæй фæстæмæ уын алы предметæй дæр уыдзæни хицæн ахуыргæнæг. Ахуыры азы райдайæны уæ ирон литературæйы фыццаг урочы уæ ахуыргæнæг фæрсдзæн, 3-æм къласы цы базыдтат, уымæй: аив кæсынмæ куыд арæхсут, уацмысты мидис куыд дзурут, наизусть цавæр æмдзæвгæтæ сахуыр кодтат æмæ аф. д. Каникулты рæстæджы ма ферох кæнут, афæдзы дæргъы цы бака- стыстæм, уыдон. Уæ куыстытæ кæнут, уæ фæллад уа- дзут, стæй уын чиныг дæр рохуаты ма баззайæд!
Анна Е ль б изд ик о е вн а Тулатова МЕТОДИЧЕСКОЕ ПОСОБИЕ К УЧЕБНИКУ „КНИГА ДЛЯ ЧТЕНИЯ в 3-м классе" Редактор И. А. Будаева Художест веиный редактор У. К. К а н у к о в Технический редактор С. X. Гутиева Корректор И. X. Д ж а н а е в а Наборщики Н. Харченко, А. Хомутова Печатник В. И. Журавлев Сдано в набор 18-У1П-75 г. Подписано к печати 21-Х1-75 г. Формат бу- маги 84x108 1/3о- Печ. л. 3,125. Усл.-п. л. 5,25. Учетно-изд. л. 5,36. Ти- раж 2000 экз. Заказ № 2134. Изд. № 75. Цена 5 к На тип. бумаге № 1. Книжное издательство Управления по делам издательств, полиграфии I! книжноп торговли Совета Министров СО АССР, г. Орджоникидэе, ул. Днмитрова, 2. Книжная типография Управления по делам издательств, полиграфии и книжной торговли Совета Ми. нистров СО АССР. г, Орджоникндзе, ул. Тельмана, 16.