Автор: Плиев И.К.  

Теги: аивадон литературæ  

Год: 1979

Текст
                    Шкюы. илъя
€3002,01
и
раа^’ыратосг
V ^ О
р(
рауагъдад ч11рыетои«
Цхинбал
19?9


РАЗНЫХАС Плиты Ильяйы ирон чиныгкæсæг, фыццаджы фыц-- цаг базоны, куыд поэт, афтæ. Г1е ’мдзæвгæтæй бирæтæ хаст æрцыдысты райдиан скъолайы ахуыргæнæн чингуы- тæм. Суапг уырдыгæй сывæллæттæ семæ базонгæ вæй- йыпц æмæ сын уырдыгæй фæстæмæ ацы фыссæг зонгæ вæййы, куыд поэт, афтæ. Фæлæ Плийы фырт, куыд поэ- тикон, афтæ прозаикон уацмыстæ дæр фыссы æйтысгæ- йæ. ;Уый афтæ бамбарын хъæуы, æмæ литературæйы тыгъдбыдырмæ æрбацыд поэт-прозаикæй. Цалдæр азы размæ прозæйы къабазы мыхуырæй рауагъта йæ’иууыл гуырахстджындæр уацмыстæ — уацаутæ «Сырх тыры- са» æмæ «Балцы зарæг». Фæлæ уыдон Плийы фыртæн йæ фыццаг прозаикон уацмыстæ не сты. Уæдмæ дæр æмæ уæдæй фæстæмæ дæр областон газеттæ, журнал «Фиди- уæг», стæй областæн æттейæ дæр æндæр æмæ æндæр мыхуырон органты рæстæгæй-рæстæгмæ фæзынынц Илья- йы цыбыр радзырдтæ æмæ аивадон очерктæ. Фæлæ ба- нысан кæнын уый хъæуы æмæ Плийы фыртæн чиныг «Фыды уæзæг» кæй у йæ цыбыр радзырдты фыццаг æм- бырдгонд. Адонимæ’ ирон чиныгкæсæг нырыонг зонгæ кодта хицæнтæй, хицæн мыхуырон органты фæрцы, фæ- лæ йын ныр та рауагъдад «Ирыстон»-ы фæрцы фæцис;, Ильяйы цыбыр уацмыстимæ æмткæй базонгæ кæныньи фадат. Æмбырдгондмæ бацыд æдæппæт иуæндæс æмæ: ссæдз уацмысы. Уыдон сæ тематикæмæ гæсгæ сты алы- гъуызæттæ. Автор уæлдай тынгдæр йæ хъус дары Ирьгс— тоны хæхтыл фосдард райтынг кæныны фарстытæм: З^
«Фыййауы лæдзæг», «Фыццаг операци», «Уазæгуаты фыййæуттæм» æмæ æндæртæ. Ацы радзырдты зæронд фæлтæрд фосдарджытæ Тедо, Тома, Дади, Уасикъо æмæ иннæты æмрæнхъ ’фосыл зæрдиагæй аудвшц фосы дох- тыртæ Сона, Ахмæт, Зæрæда, стæй æвзонг фыййæуттæ Бæби, Карум, Бало, Габе æмæ æндæртæ. Плийы фыр- тæн йæ иннæ ахсджиаг темæ у хæххон ирон хъæуы цар- дивæнтæ. Ацы темæйыл ын уæлдай зæрдæмæдзæугæдæр рауадысты «Ног фæндагыл», «Хъæу йæ хуыз скалдта». Автор ма зæрдиагæй архайы революцийы сæрыл фæл- лойгæнæг адæмы удуæлдай тох æмæ æлгъаг меньшевик- ты æфхæрдæй Цæгат Кавказмæ лидзæг адæмы фыдæ- бæттæ чиныгкæсæгæн радзурыныл. Ацы темæйыл фыст •сты «Уæлахизы тырыса», «Коммунартæ» æмæ æндæр ра- дзырдтæ. Радзырд «Коммунартæ» кæд Хъуылаты Си- къойы зындгонд радзырд «Æртындæсæй иумæ»-йы .æнгæс рауад, уæддæр дзы иу’ цасдæр бæрцæй зыны авто- грæн йæхи сæрмагонд æрмдзæф. Илья, куыд фыссæг, а<фтæ æнæхатгæ нæу, нырма нæ царды рагон фауддзаг æгъдæуттæ арæх кæй фæзы- нынц æмæ нын нæ размæцыд кæй хъыгдарынц, уый дæр. Уымæн та ирд æвдисæн сты радзырдтæ «Ды мад нæ дæ», «Мад æмæ фырт», «Хуырымты Чъебо» æмæ æндæр- тæ. Плийы фырты уацмысты тематикæ уæлдæр раны- мадгонд къордтыл нæ фæуд кæны, фæлæ дзы уæддæр сæйраг сты уыдон. Автор арæхсы, цы зæгъын æй фæфæн- ды,- уый цыбыртæй зæгъынмæ, цыбыр радзырдтæ фыс- сынмæ. Æцæг сæ хатт æгæр фæцыбыр кæны æмæ уæд кæронмæ нал райхæлы авторы зæгъинаг хъуыды («Зæ- рæда», «Цæугæ сырх тырыса»), Плийы фыртæн бæрæг аивдæр рауайынц, хи цæстæй цы федта, зæрдæйæ цы банкъардта, уыцы хъуыддæгтыл фыст уацмыстæ. Ацы хъуыды бафидар кæныны тыххæй дæнцæгæн æрхæссæн ис ахæм уацмыстæ: «Ног фæнда- гыл», «Зæронд усы таурæгъ», «Сонайы зарæг» æмæ æн- 4
дæртæ. Æцæг адон дæр сæ аивадон удыхъæдæй иу æм- вæзадыл нæ фæлæууынц алы хатт. Кæй ранымадтон, уыдон æхсæн уæлдай лæмбынæгдæр æрхъусдарыны ак- каг у радзырд «Ног фæндагыл». Кæй зæгъын æй хъæуы, темæ бынтон ног нæу. Мæгуыр лæппу æмæ хъæздыг чызджы ’хсæн сæвзæргæ уарзондзинад рагæй фæстæмæ бирæ фысджыты зæрдæ агайдта. Алы фыссæг дæр æм цыд йæхи адæнкъарæнтæм гæсгæ æмæ йæ скъуыддзаг дæр кодта йæхирдыгонау. Плийы фырт дæр ацы проб- лемæ* аскъуыддзаг кæнынæн ссардта йæхи амал. Радзырды хъайтартæн нæмттæ нæй. Архайынц дзы лирикон хъайтар «æз» æмæ йæ уарзон «чызг», стæй ма семæ чи ахуыр кодта, уыдонæй чидæртæ æмæ иу цасдæр бæрцæй чызджы «фыд» дæр. Радзырды сюжет цыбыртæй мæнæ ахæм у: Мæгуыр лæджы фырт æмæ хъæздыг лæ- джы чызг, иумæ ахуыр кæнгæйæ, кæрæдзи бауарзтой. Æнувыд цыма сты кæрæдзийыл. Чызг лæппуйы стыр уарзтæн зæрдæйы хъармæй дзуапп дæтты. (Чызгыл ма æндæр чидæртæ дæр атæфсынц, фæлæ дзы уый ком ни- кæмæн дæтты). Фæлæ йæм иу хатт фæзынд йæ фыд. Лæппуйæн алывыд фæкалдта йе ’мбæлтты 'хс(эен,' стæй йæ чызджы сæхимæ акодта. Фæстæдæр лæппу, чыз- джы хъæуы уæвгæйæ, чызгæн йæхи дзыхæй фехъуыста, йæ фыд æй хъæздыг лæппуйæн кæй дæтты, уый. Чыз- гæн йæ бон не сси йæ зæрдæйы æнкъарæнтæ, йæ сыгъ- дæг уарзондзинад бахъахъхъæнын æмæ йæ царды зын- доны хай бакодта. (Уый лæппу базоны, цалдæр азы фæс- тæ йæ кæддæры уарзон чызгыл зæронд, цардæфхæрд усæй куы фембæлы, уæд). О, фæлæ сæйраджы дæр автор зæгъинаг уыд мæ- нæ ахæм хъуыды: цардвæндæгтæ æмæ лæппуйы кæддæ- ры уарзон чыз’джы хъæуыл сырæзгæ фæндæгтæ ахыз- тысты уыцы æнæзæрдæ адæм (чызджы фыды хуызы) ^мæ сæ дуджы сæрты. Æмæ йын йæ зæгъинаг æмбæлон æгъдауыл зæгъын цыма æнтысгæ дæр бакодта: чызгæн йæ кæддæры хъæздыг цæгат кæм цардысты, раст ууыл- 5
ты ахызт хъæуы ног сосæвæндаг æмæ сæ хæдзар ист æрцыд. Хæстæгмæ зæгъгæйæ, ахæм равгыл фыст сты Пли- йы фыртæн йе ’ннæ уацмыстæ дæр. Ис ма дзы, царды ,æцæгæй уæвынад чи кодта, кæнæ ма абон дæр йæ фæр- ныг фæллойæ адæмæн чи лæггад кæны, ахæм адæймæг- тыл мысинæгты хуызы фыст уацмыстæ дæр. Ацы фæ- дыздæхтæн ирд æвдисæн у уацмыс «Магъы æфцæгыл». Илья рохуаты нæ уадзы йæ чысыл хæлæртты дæр. Фыссы сын æмдзæвгæтæ, стæй радзырдтæ дæр. Ацы чи- ныгмæ дæр цалдæр къаннæг радзырды бахаста ’саби- тæн. Уыдон сты «Бæтæйы балц», «Бæбнйы æххуыс» æмæ .æндæртæ. Ацы чиныджы уацмыстæ кæд æмткæй æмхуызон бæрзонд аивадон æмвæзадыл фыст не сты, уæддæр дзы бирæ ис, чиныгкæсæджы зæрдæ чи балхæна, ахæм ра- дзырдтæ. Къæбысты 3.
УÆЛАХИЗЫ ТЫРЫСА Арын дзы Дзуццаты Арсены ном. 1921 аз. Феврал. Округон Комитет Хуссар Ирыстон- мæ Арвыста Дыккаг ирон Бригадæйы хæстонтæй æртын адæимаджы, сæ командир уыди Тохтæ. Уыдонæн хæсгонд уыдис, цæмæй хъæуты мидæг аги- тацтон куыст рапарахат кæной, цалынмæ Сырх Æфса- ды /сæйттæ æфцджытыл хызтаиккой, уæдмæ. Цæвиттон, ^еньшевикты хицауад фехъусын кодта, зæгъгæ, Гуыр- Азыстоны зæххыл цыдæриддæр ирæттæ цæры, уыдон рууылдæр æрвыст хъуамæ æрцæуой Цæгат Кавказмæ. Иу бон куы уыд, уæд Айлар Тохтæмæ йæхимæ фæ- сидти æмæ йын лæмбынæг бамбарын кодта хъуыддаг: — Ды, Тохтæ, фæндæгтæ дæр æмæ хъæутæ дæр хорз зоныс. Уымæ гæсгæ адæмæн .бамбарын кæнут, нæ тохы сæр цаеуыл у, уый. Меньшевиктæм ма хъусæнт, уыдон адæмы кæрæдзийыл ардауынц, фæлæ мах нырæй фæс- тæмæ дæр иумæ цæрын хъæуы. Меньшевиктæ та абон, асом атте уыдзысты. Айлар иу чысыл æнæдзургæ алæууыд, цæуылдæр ахъуыды кодта æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — Ирон адæмæй ма уым чи ис, уыдонмæ дæ хъус хуыздæр фæдар. Меныневиктæ сæ цыфæнды æфхæрой, уæддæр быхсæнт, лидзынвæнд ма скæнæд ардæм. На- уæд сæ куы сыстын кæной ныртæккæ, айхуызæн хъызт рæстæджы æмæ æфцджытыл хизыныл куы схæцой, уæд фæцагъды уыдзысты. Тохтæ зæрдиагæй хъуыста Лйлары амындтытæм æмæ йæм æдз^шæг касти. Айларыл кæд 40 азы йеттæ- мæ нæ цыди, уæддæр нырйдæгæн йæ ных æмæ йæ уа- дултыл æнцъылдтытæ фæзынди. Хъуыдыгæнгæ дзырдта. Иунæг уæлдай ныхас дзы нæ сирвæзт. А-фæстаг рæс- тæджы йæ лигъдæтты мæт бадомдта. Фæлæ фидар зæрдæйы хицау уыди Айлар. Фæл- 7
тæрд большевик стыр хæстон фæндагыл рацыди. Зымæ- гон Галуан"сисыны сæрыл тохты активон хайад райста, Йæ риуы ’мбæрц бырста размæ. Зындзинæдтæй никуы фæтарсти, фыдцард æй никуы фæтæрсын кодта. Уый нæ, фæлæ-иу цы-фæнды зын хъуыддаджы дæр разæн- гард кодта хæстонты, кусæг адæмы. / — Мах дæр уæм тагъд ныццæудзыстæм Сырх Æф- сады хæйттимæ иумæ, — фæстаг хатт загъта ныфсджы- нæй, зына-нæзына мидбылхудгæ, Айларæн.. Циндаинад ахъазыд йæ къæсхуыр, нуарджын цæсгомыл. Тохтæйы къухыл ныххæцыд, æмæ йæ куы фæндараст кодта!уæд ын. бафæдзæхста: I — Масты фæдыл ма ныллæуут, бынатмæ ньшцæу- гæйæ. Мацы зиан уыл æрцæуæд. Тохтæ йæ чысыл къордимæ рараст Дзæуджьхъæ- уæй. Хъызты æмæ æвæды цæугæйæ, тых æмæ фьщтæй талынгтæм æрхæццæ сты Джинатмæ. .Тынг бафадлла- дысты. Урсгвардионты къæхты хъæрмæ чи кафыд, ахæм- тæ разынд уыцы хъæуы, уыдонæй сæ иу, Софроц, зæгъгæ, уый сæ хæдзармæ нæ уагъта, æвзæр дзыхæй ’дзырдта, æлгъыста сæ: • I, — Æз большевикты мæ хæдзармæ не ’рбауадздзы-1 нæн, мæгуыры лæдзæг нын нæ ’къухмæ уыдон раттын| кодтой. Уæхи хуызæн босяктæ нæ скодтат! Тохтæ йæм сабыр хъæлæсæй дзырдта: — Хорз лæг, ницæмæй дæ бахъыгдардзыстæм, нæ- химæ ис хæринаг, æрмæст нæ мидæмæ бауадз, нæхи ба- тавæм, æвæды фæцыдыстæм æмæ бафæлладыстæм. Фысым уæддæр йæхион кодта, къæсæрыл ныллæу- уыд æмæ сæ мидæмæ нæ уагъта, мæ куысты куынæ ба- фæлладыстут, зæгъгæ, дзырдта уый. Тохтæ куы бамбæрста, йæхигъæдæй сæ мидæмæ нæ бауадздзæнис, уый, уæд йæхи фæмæстыгъуыз кодта, ай уæддæр махæй нæу, зæгъгæ, æмæ фысымы къухæй асхуыста. Иргъæвæг æй ничи уыдис, йе ’мбæлттæ дæр фыдæхы цæстæй акастысты хæдзары хицаумæ.' Софрон йæхи. хæдзары къæсæрыл бафæлдæхти, фæтарсти баф- хæрынæй æмæ фæстагмæ, йæ зæрдæ йæхиуыл куы ’рхудтис, уæд йæхи æрлæгъз кодта. Бæлццæтты иу уат- мæ бауагъта, арт сын скодта, æхсæвæрыл сын цыдæр хæ- ринæгтæ дæр бахаста, фæлæ йын сæ Тохтæ фæстæмæ рарвыста, дæуæй нæ ницы хъæуы, дæ хойраг хæринаг дæр нæу, зæгъгæ, йын загъта. 8
Райсом раджы сыстадысты Тохтæ æмæ йе ’мбæлт- тæ. Дымдта хæхтырдыгæй. Тар мигътæ хæлбурцъ код-. той æфцджыты сæрмæ. Адæймаг йæ разц&ндаг не ’взæрста. Фæлæхæстонты цы баурæдтаид! Чи йæ цухъ- хъайы, чи та йæ цинелы фæдджи рæтты æрсагътой æмæ дарддæр цыдысты кæрæдзи фæдыл. Фæлладæй, зæйуат бынæтты цæугæйæ куыддæртæй схæццæ сты Дзомагъы æфцæгмæ. <> ’ Тыхджын дымдта æфцæгыл, ахизæнтæ дзы нæ уыди, мит астæумæ, хъæпæнтæ сæвæрдта. Зæйтæ цыдысты æмæ-иудалæ дæлиау, кæмтты, сæ гыбар-гыбурæй 0æс- тæ хастой. Дымгæ цæстытæ къахта. Бæлццæттæ уый- бæрц хъарм арæзт нæ*уыдысты æмæ суазал сты. Тохтæ цыдис æппæты разæй, фæдгæнгæ, æмæ йе ’ндон фидар- дзинадæй разæнгард кодта йе ’мбæлтты. Иугæр æфцæгæй куы ауырдыг кодтой, уæд сын цæ- уынæн фенцондæри. Æхсæвæрафæттæм Уæллаг Дзо- магъы хъæумæ ныххæццæ сты, барæй баталынг кодтой сæхиуыл, цæмæй сæ гвардионтæй мачи федтаид. - Фæзы Дзомагъы гвардионтæ кæй бады, уый зон- гæйæ, Уæллаг Дзомагъы ныллæууыдысты. Хъæуы иу- нæг цæрæг дæр нал уыди. ÆхсæвьГ хосы мæкъуылты бын сбон кодтой. Райсом æхсæвыцъæхæй сыстадысты. Сæ цæст дардтой фæзы Дзомагъы хъæумæ. Дзæбæх куы ’рбарухси, уæд кæсынц æмæ хъæууынгты ’змæлын байдыдтой бурнымæтджынтæ-мохеуæгтæ. Чысыл фæстæ- дæр кæрæдзи фæдыл ныххал сты æмæ гуыбыр æмæ уæнтæхъилæй араст сты Уанелырдæм. Бæрæг уыди, цæ- уылдæр æнкъард кæй сты, сæ дзыхæй ныхас нæ ха- удта. Тохтæитæ хъæумæ бацыдысты. Иу скъæтæй дзы фæздæг калди æмæ бацин кодтой. Тохтæ къæсæргæрон æрлæууыд, йæ миттæ цæгъдын æфсон йæ къæхтæ æрхоста. Уалынмæ дуар байгоми: скъæты баййæфтой дыууæ зæронд лæджы, хъомты цур. Зæронд лæгтæ сæ куы ауыдтой,.уæд сæ размæ сæхи раппæрстой, фырцинæй скуыдтой: — Мæнæ ма нæхиуæтты нæ цæстæй федтам, — æм- хуызонæй дзырдтой уыдон цæстысыгтæ калгæйæ. Дыууæ зæронды дæр уыдысты æнæдаст, цыдæр- гъуызон сыл сау хуыз бафтыд, сæ цæсгæмттыл, сæ за- чъетыл ала схæцыд, тамакойы донау сын сбур сты. 9<
— Хорз æнæамаргæ уæ фесты гвардионтæ, — загъ- та Тохтæ^ — Мардæй хъауджыдæр не стæм, — афтæ бакод- та зæрæдтæй иу. — Мæнæ ма нын нæ цардмæ ракæсут, хъомтимæ нæ баппæрстой. — Æмæ уын кæй хъомтæ сты,— бафарста сæ Тох- тæ. — Сæ бон ныккалæнт—гвардийы, мах та сæм зил- гæ кæнæм-. ’—Уæдæ ныр кæдæм фæцæуынц ,уыцы бурнымæт- джынтæ афтæ раджы? — Дысон ардæм дыууæ гвардионы æрбацыд, сусæ-- гæй сын цыдæртæ адзырдтой æмæ цъус раздæр ам дæ- лæмæ нæ фыдбылызтæ ахастой, ацыдысты. — Æмæ ницы загътой, кæд ссæудзысты, уымæй? — Зæгъгæ ’ницы кодтой, райсомы нæм цæугæ дæр нал æрбакодтой. — Ма тæрсут, мæ фыды хæйттæ, иу цъус ма уæ зын, стæй нæхиуæттæ æрцæудзысты, — загъта , Тохтæ æмæ, астæуарт скæнгæйæ, йæ алфæмблай сбадтысты бæлццæттæ æмæ сур кодтой сæ дарæс æмæ сæ къахы дзаума. Сæхи куы схъарм кодтой Тохтæитæ, уæд уый фæс- тæ аходæн бакодтой, зæронд лæгтæн хæрзбон загътой æмæ рараст сты гвардионты фæдыл Уанелырдæм. Уанелмæ нæма ныххæццæ сты, афтæ кæсынц æмæ * мæнæ лигъдæтты иу къорд: зæронд лæгтæ, устытæ, сы- вæллæттæ кæрæдзи фæдыл ныххал сты, афтæмæй ра- цæуынц Ручъырдæм. — Кæдæм цæут айхуызæн хъызты? — афарста сæ Тохтæ. ; Лигъдæтты разæй цы зæронд лæг цыд, уый йæ ба- сылыхъы кæрон йæ цæстытæй уæлдæр систа æмæ сдзырдта: — Ай Тохтæ куы дæ, Тохтæ, уæд дæхæдæг кæдæм цæуыс, ’а-мах хуыцау ралгъыста, фæлæ? ’ . Тохтæ æмæ зæронд лæг кæрæдзийыл бацин кодтой. Тохтæйæн зонгæ разынд — Джеры хъæуккаг. — Уæдæ ныр кæдæм цæут? — Гварди нæ сыстын кодтой, дæ рын бахæрон, ирон адæмы иууылдæр æрвитынц Цæгат Кавказмæ, — йæ цæсты сыгтæ йæ уадултыл уадысты, афтæмæй дзырдта зæронд лæг. Фæлæ куы базыдта, Тохтæитæ Дзауырдæм 10
кæй цæуынц, уый, (уæд сæм лæхстæгæнæгау бахатыд: — Уæ рынтæ бахæрон, ардыгæй дарддæр мауал ацæут. Дзауы гвардионты æфсæдтæ бадынц æмæ уæ æвыдæй нæ ныууадздзысты, стæй ма æрлæууæндонтæ ныууагътой? Хъæутæ басыгътой, цæрæг сæ нал ис, чи уæ хъуамæ бавæра? Иннæ лигъдæттæ дæр-æвдисæн балæууыдысты æмæ кæрæдзи дзыхæй истой ныхас, афтæ дзургæйæ: — Фæстæмæ аздæхут, амæй дарддæр цæуынвæнд ма скæнут, бирæгъты дзыхмæ уæхи къахæй цæут? Лигъдæттæн сæхи тæригъæдæй бæстæ скъуыдтæ кодта. Баргъæвстысты, гæв-гæв кодтой, астæумæ миты, æвæды æмæ хъæпæнты рахау-бахаугæнгæ цыдысты, кæрæдзи фæдыл ныххал сты, афтæмæй. Тохтæ сæ алкæмæ дæр лыстæджытæ касти, æнæбон лигъдæтты тæригъæддаг уавæр уынгæйæ йæ зæрдæ рыс- ти æмæ хъуыды кодта, цæмæй сын бахху^с кæна, ууыл. Фæлæ ницы æрхъуыды кæнын баци йæ бон. Æрмæст, сæ фæндыл сразы уæвгæйæ, фæстæмæ аздæхтис æмæ йе ’цбæлттимæ разæй фæдгæнгæ цыдысты. Чысыл фæс- тæдæр сæ лигъдæтты æндæр къорд дæр баййæфта. Уа- лынмæ æртыккаг, цыппæрæм дæр. Къордгæйттæй, хъæу- гай цыдысты æмæ цыдысты. Уыцы бон тынг схъызыди Ручъы æфцæгыл. Æна- хуыр дымгæ сыстад, рыг мит цæстытæ къахта æмæ-иу фаёд уадидæгæн ахгæдта. Тохтæ йæ къордимæ фæстæмæ Дзомагъы æфцæгыл ахызти æмæ Захъамæ куыддæр ныххæццæ сты, афтæ сыл сырхæфсæддонты сæрмагонд къорд фембæлд. Къор- ды командир куыддæр Тохтæйы ауыдта, афтæ йæ афарс- та, лигъдæтты хъысмæт куыд у, уымæй. — Тынг мæгуырау уавæры сты, — æрхæндæг зæр- дæйæ загъта Тохтæ. Сырхæфсæддонты къорды коман- дир захъайаг бынæттон хицæуттæн æмæ цæрджытæч бафæдзæхста, цæмæй, цы лигъдæттæ цæуа, уыдон ба- вæрой Земæ сæ ардыгæй дарддæр мауад ауадзой. Тохтæиты цинæн ма кæрон уыди! Куыфедтой, Сырх Æфсады хæйттæ дæр семæ ’сты, уый, уæд сæ фæллад алыгъди, сæ фыдæбæттæ сæ айрох сты. ’ Тохтæйы къордæн бахæс кодтой, цæмæй фæстæмæ рахиза Зикъарайы æфцæгыл. Дыккаг къорд хъуамæ æрхызтаид Ручъы æфцæгыл æмæ уырдыгæй та Дзаумæ, стæй дарддæр Цхинвалмæ. 11
Тохтæ йæ къордимæ æрхызти Зикъарайы æфцæгыл æмæ се ’хсæв ныххастой Чеселтмæ, разæсгарджытæ ар- выстой, афтæмæй. Меныневиктæн Чеселты хъæуы хъахъхъæнæн пост уыди, фæлæ сын бынæттон цæрджы- тæй чидæр хæрзгæнæг" фæци æмæ уайтагъд уырдыгæй сæхи айстой. — Абон райсом ма ам уыдысты, — дзырдтой чесел- таг зæронд лæгтæ, бынаты чи баззад, ахæмтæ, — фæлæ сæ уый фæстæ нæ цæстæй дæр нал ауыдтам, æвиппайды æрбатары сты. Чеселт’æгтæ дис кодтой партизантыл, айхуызæн хъызты æфцæгыл куыд рахызтысты, зæгъгæ. Дис код- той уырыссæгтыл дæр: А-ирæттæ ма ахуыр сты хæх- тыл хизынмæ, фæлæ уыдон.та куыд æрфæрæзтой. — Уыдон махæй æхсарджындæр æмæ фæразондæр сты,—дзырдта Тохтæ- æмæ уырыссаг. æмбæлттæн æм- барын кодта, зæронд лæгтæ цы дзырдтой, уый. Къорды ^æстонтæ æхсæвы Чеселты хъæуы базза- дысты, алы рæтты бахсæвиуат кодтой, æртытæ скодтой, сæ дарæс ссур кодтой, баулæфыдысты. Æхсæвы разва^д- сгарджытæ Дзауæй схæццæ сты, æмæ фехъусын кбдтой, зæгъгæ, гвардионтæй иу дæр нал аззадис, иууылдæр фæлыгъдысты. Мæстæй сæ былтæ æхсыдтой, алчи дæр сæ бæллыди знагыл фембæлынмæ æмæ сæ маст рай- сынмæ. — Знаджы фæстийæ сурын хъæуы, — загъта Тохтæ æмæ бардзырд радта, цæмæй тагъддæр архайой. Чъехы нарæгмæ куы ’рхæццæ сты, уæд комырды- гæй фыдæлтыккон мæсыгæй цалдæр æхсты фæцыди. Уалынмæ гæрæхтæ сарæхысты. Анхъуысти пулеметты къæр-къæр. Хæстонтæ ныхмæлæууæгыл кæй сæмбæлдысты, уый сьш заманайы- æхсызгон уыдис, алчи дæр сæ бацин кодта: «Ныр дзы иу дыууæйы уæддæр ныммардзынæн æмæ кæд иу чысыл мæ маст ссæуид». Фæлæ уалынмæ рагъæй пулеметты къæр-къæр рай- хъуысти, йæ фæдыл та топпыты æмæхст. Нæмгуытæ их- уарæгау калдысты гвардионтыл. — Чи сты, рагъæй кæй æхсын цæуы? — кæрæдзи фарстой хæстонтæ. — Чи сты, куы зæгъат, уæд — не ’фсымæртæ, — сæ- ры^тырæй дзырдта Тохтæ. Рагъ-рагъ æрцыдысты æмæ ацы ран ныхмæлæууæджы размæ фесты. 12
Гвардионтæ дыууæрдыгæй æрхъулайы бахаудтой, атæлфæн сын ничердæм уал уыдис. Меньшевиктæ æнæ хæстæй радтой Цхинвал. Сæ гæппыл цæст нал хæцыдис. Фæйнæрдæм æгады лыгъд кодтой. Сæ «паддзах» Ной Жордания дæр лидзынæй фæстийæ нæ зади. Йæ «уæз- дан» хæстæджытимæ сусæгæй ахъуызыд Батуммæ æ^æ . уым англисаг науыл бабадти æмæ йæ сæр бафснайдта. Калакмæ ма йæм бæргæ дзырдтой фæйнæрдыгæй теле- фонтæй: «Батъоно, Ной Жордания, сæфæм, де ’ххуыс нæ хъæуы, большевиктæ ^рыфсæрстой хæхтыл, зæгъгæ. Фæлæ дзуаппдæттæг нал уыди. Нойтæн сæхицæн сæ сæр сæ кой фæци, мысты хуынкъ туманæй агуырдтой. — Æфсымæртæ, кæсут, ныр уæлахизæй фембæл- дыстæм Цхинвалы. Цин кæнут, — знаг къæхты бын фæци!.. Адæмы цинæн кæрон нал уыди, кæрæдзи хъæбыстæ кодтой, сæ кæрæдзи къухтæ зæрдиаг æлхъывд кодтой. — Æгас нæм цæут, нæ ирвæзынгæнджытæ, — фæй- нæрдыгæй арфæтæ кодтой адæм Сырх Æфсады хæстон- тæн. — Уæдæ уæм ногæй цы хабар ис, æмбал Боков,— йæ уарзон æмбалы куы фарста Тохтæ, уæд уый йæ къу- хыл бæрзонд схæцыд æмæ амыдта,-сырхæфсæддон ба- рæг цы сырх тырыса хаста, уымæ: — Акæсут-ма, хæлæрттæ, сырх тырыса фæйлауы Советон Гуырдзыстоны сæрмæ, Советон Хуссар Ирыс- тоны сæрмæ. Уымæй хуыздæр ма хабарæн скæнæн ис?! Боков афтæ дзырдта æмæ йын йæ ныхæстæ се ’ппæтдæр хъуыстой æмæ-иу ын æмхуызон нымдзæгъд кодтой. — Æфсымæрон уырыссаг адæмы минæвæрттæ, стыр Ленины минæвæрттæ Хуссар Ирыстоны зæхмæ сæ къах æрбавæрдтой, уæлахиздзинад нын æрхастой æмæ нын сæ’цæрæнбон бирæ уæд,—хъæрæй дзырдта Тохтæ дæр. Æмæ партизантæ æмхуызон «Ура», зæгьгæ, фæхъæр кодтой. Уыцы бон Боков æфсæддонтимæ Чъехы онг бацыд, æфцджытыл цы сырхæфсæддонтæ æрхызти, уыдон уа- вæр базоныны тыххæй. Тохтæ дæр ацыд йæ райгуырæн хъæумæ, Мæсгуыты хъæумæ. Уый уым федта æбуалгъы нывтæ: хъæуты алы- ран дæр æрцардысты имеретгомæй æрцæугæ адæм, сæ П
райгуырæн зæхх цы лигъдæттæ ныууагътой, уыдон хæ- дзæртты æрцардысты. — Цы ми кæнут ам? Цæмæн ам стут? — дисгæнгæ- сæ фарстой партизантæ. — Ам нæ гварди’æрцæрын кодтой, мах аххосæй дзы ницы ис, — дзуапп лæвæрдтой имереттæгтæ. Тохтæ фæйнæрдæм хъæутæм лæгтæ арвыста, адæ-^ мы сеппæты иуранмæ æрæмбырд кодтой æмæ сын загъ- та: — Еныр уæхæдæг тæрхонгæнæг фестут æмæ зæгъут, чи уæ хъыгдардта, лигъдæттæн фыдмитæ чи кодта... Имереттаг зæхкусджытæ комдзог рацыдысты, адæ- мы чи ’фхæрдта, ’лигъдæтты чи мардта æмæ сыгъта, уыдоныл. Ахæмтæ се ,'хсæн разынди цалдæр адæй- маджы. Уыдонимæ уыди бынæттон цæрæг Къæбылаты Никъала дæр. Тохтæ сеппæты дæр æрцахста æмæ сæ бакæнын кодта хъæуы иу стыр скъæты. Æхсæвы чидæр арт баф- тыдта скъæтыл æмæ йæ мидæг цы адæм уыд, уыдон цъыбыртты сыгъд баисты. Имереттаг. зæхкусджытæ сыстадысты æмæ фæстæ- мæ сæ райгуырæн уæзгуытæм фæфардæг сты. Мæсгуыты комы арæзт æрцыд революцион комитет æмæ дзы сæрдарæй баурæдтой Тохтæйы. Бирæ куыст уыди Тохтæйæн: Цæгат Ирыстонæй фæстæмæ цы адæм здæхти,' уыдон бæстон кодта, алДы ’гъдауæй сын æххуыс кодта, пырхгонд хæдзарад æнди- дзын кæныны хъуыддаджы æхсæвæй-бонæй æрхуыст нæ зыдта. — Нæ цард дзыхъынногæй хъуамæ саразæм, — дзырдта Тохтæ æмæ адæм дæр зæрдиагæй æрæвнæлд- той ног цард аразынмæ.
ФЫЙЙАУЫ ЛÆДЗÆГ Дардыл айтынг сты хæхты хъæбысы сæрдыгон рæ- сугъд хизæнуæттæ. Гауызау æвæрд цъæх-цъæхид нæу- уытыл амыты-уымыты, урс дзæнхъадурты цæндтау, бæ- рæгæй зынынц фосы дзугтæ, зыдæй æвналынц дзадж- джын кæрдæгмæ., Уæртæ сæ разæй — здыхтсыкъа цæу> йе ’фсæртæ радав-бадавгæнгæ сынæр цæгъды æмæ аф- тæмæй дард кæдæмдæр нымдзаст. Фыййау та йæ даргъ лæдзæгыл размæ анцой кодта æмæ йæ хъуынджын худы бынты кæсы, фыстæ куыд хизынц, уымæ. Ие стыр домбайæнгæс куыдз йæ фарс: мæ, йæ дыууæ раззаг къахыл йе ’фсæртæ æрбавæргæ- йæ æнцад хуыссы. Бæстæ у сабыр. Арвы ирд к’йуырфы астæуæй хур фæлгæсы дунемæ. Уæлхæххон быДыры акомкоммæ, сар- гъы-гоппы хуызæн, рагъы сæрмæ иу.стыр цæргæс, йæ даргъ базыртæ фæйнæрдæм нытынгкæнгæйæ зилахар кæны йæ зæрдæйы дзæбæхæн. Уалынмæ фыййæуттæй иу р’ахызт хъæды дзыхæй. — Тедо, хæрзæгкурæггаг цы ратдзынæ, иу’æхсызгон, хабар дын куы зæгъон, уæд? — Бæби цæра, зæгъ мын æй, уый йеттæмæ цы ку- рай, уый дын ратдзынæн. Ай дын мæ фыды къух! — йæ хъуынджын худыл разæй хæрдмæ фæхæцыд Тедо. — Ахæм æхсызгон хабар у æмæ афтæмæй зæгъи- наг нæу, — мæстæй йæ мары Бæби. — Æхсызгон хабарæн — лæвар йæ хос, мæнæ дын мæ хъама ратдзынæн, ныртæккæ мæ къухы æндæр ни- цы ис, — йæ астæумæ æркасти Тедо æмæ йæ къух авæрдта йæ хъамайы сæрыл. , — Уæдæ хорз, æри дæ къух, ногæй та йæм йæ къух фæдардта Бæби æмæ, Тедойы цæстытæм кæсгæйæ, рай- дыдта дзурын: — Дæ фырт Карум махимæ кусдзæнис, колхоз æй 15
ардæм сæрвыста, хъæуæй нырма чысыл раздæр схæц- цæ, дæлæ уым дарæны фыййæуттимæ бады. Зæронд фыййау æвиппайды йæ хуыз аивта æмæ, зæхмæ кæсгæйæ, хъуыдыты аныгъуылдис: «Ау, æмæ ам< уæлхох быдыры мæ фырты аккаг бынат цы ис, фыййау ныллæудзæн æви цыхтахсæг?» Чысыл фæстæдæр Карум, ссæдз азы кæуыл цыд, ахæм хæрзконд лæппу, иннæ фыййæуттимæ ныхасгæн- гæйæ, фæзы æрбацæйцыд Тедойы ’рдæм. Йæ фыдмæ куы баввахс, уæд йемæ цæуджыты фæстийæ фæуагъта æмæ йæ фыдмæ йæхи баппæрста, атыхст ыл... — Æгас æрцу, — сдзырдта Тедо дæр. Карум, — онгджын лæппу, къуыбыр рихитæ ра- уагъта, йе стыр цæстытæ æппынæдзух æрттивынц, цард сæ худы. Астæуккаг скъола каст куыддæр фæцис, чфтæ куырдиат-балæвæрдта сæ колхозы разамынадмг: цæ- мæй йæ фыййау арвитой. ...Тедо йæ фырты афæрстытæ кодта хæдзарæй, йæ мадæй, хъæубæстæй, стæй, йæ сæр ныллæг æр,/адзгæ- йæ, Карумы хъусы, сыбар-сыбургæнæгау, бадз^лрдта: — Лæппу, ацы адæм кæй дзурынц, уый - æцæг у? Бамбарын ма кæн мæнæн дæр дæ фæнд. — Цы дзурынц, баба, адæм?—йæ хъуынджын ху- ды ’бынты скаст Карум йæ ф’ыдмæ. , — Колхоз дæу ардæм æцæгдæр фыййауæй сæр- выста? Карум фæсырхи, фыййæуттыл сеппæтыл йæ цæст ахаста æмæ стæй сдзырдта: — Æмæ цьт, баба, фыййау цæуын æвзæр у? Ды дæ- хæдæг фыййауæй куы базæронд дæ, уæд мæнæн цæмæй тæрсыс? Тедо ницыуал сдзырдта: «Мæ дуг æндæр уыд», хъуамæ загътаид, фæлæ йæ алфæмблайы аракæс-бакæс кодта, зындис ыл, кæй амæсты ис, уый. Фæлæ фыййæут- ты цур йæ фыртмæ хæцыдаид, уый йæ нæ фæндыд æмæ, цæмæй йæ ныхас хылмæ ма асайдтаид, уый тыххæй, кæд фос æнцад хызтысты, уæддæр сыл ахъæр кодта «æр-р-р-р-æй», зæгъгæ. — Цы уын у, фыд æмæ фырт, иумæ кусдзыстут, хуыцау дæр сымах æмæ бæсты хицау дæр! Фыййæуттæй чидæр батæхуды кодта Тедомæ. Тедомæ цыдæр хъыг фæкастысты ацы ныхæстæ, 16
хынджылæгмæ сæ бамбæрста æмæ, фыййаумæ нæ, фæ^ лæ йæ фыртмæ баздæхтис, лæдзæгыл анцойгæнгæйæ, афтæ зæгъы: — Лæппу, тæккæ райсом фæстæмæ аздæх нæхимæ, ам дæ аккаг бынат нæй! Æз афтæ федтон æмæ скъола каст чи фæвæййы, уый кæнæ службæйы ныллæууы, кæн- нæуæд та дарддæр ахуыр кæнынмæ бацæуы... Уыцы æхсæв-бонмæ иунæг цъынд никуы ба-кодта Тедо. Уæйлаг нымæты йæхи стыхта, дардæй стъалы- джын арвыл сабыргай йæ цæст хаста, æмæ йæхинымæр дзырдта: «Ай диссагæн дзуринаг нæу: дæс азы йæ скъо- ламæ фервыстон, дарæс æмæ йæ хæрдцух никуы ныу- уагътон, зæгъын, кæд сахуыр уаид, лæг дзы рауаид æмæ, мæнау, къуырмайæ нæ баззаид. Уый та, схæццæ мæм ис’ æмæ мын аппæлыди: «Баба, æз дæр демæ кус- дзынæн». Ацу æмæ ныр ды уый зондæй бафæрс. Æз ма та йын куывд кæнинаг уыдтæн, скъола-каст куы фæуы- даид, уæд». Къуырф ададжы ’рдыгæй уыг зæрдæхалæн уаст ныккодта «У-у-у-у» — зæгъгæ. Тедо фестъæлфыд, æр-' хæндæг хъуыдытæ ныццавтой сæры магъз, ахгæдтой хурхы уадындзтæ. «Уыцы иунæджы хицау уыдтæн æмæ мын уый дæр нæ фæрæстмæ. Фыдæбон ма та цæуыл кодтон». * * * Райсомæй раджы сыстадысты фыййæуттæ.' Æхсæвы фос чи хъахъхъæдта, уыдон, сæ нымæттæ сæ уæхсчы- тыл, афтæмæй радгай цыдысты хъæдгæрон халагъудмæ аулæфынмæ. Чысыл фэестæдæр халагъудæй рахызт Карум. Уы- дис æнкъардгомау. Аракæс-бакæс кодта йæ алфæмблай æмæ, фыййæуттæй йё ’мгæрæтты куы ничиуал уыдис, уæд цыхцырæджы ’рдæм йæ ных сарæзта. Уазал суадон къæдзæхы скъуыдæй цонджы стæвдæнæй æппары йæхи. пырх кæны æвзистгъуыз æртæхтæ æмæ. дæлæ, фынккал- гæ, фæдугъ кæны. Суадонмæ кæсыныл фæци Карум. Фарон ацафон дæр ма ам уыдис, фæлæйæмныры хуы- зæн рæсугъд нæ фæкаст ацы суадон. Уæд æрмæстдæр йæ фæрсты ахызт. Нцр^^адада^у^^’æ’^æдон^раласта, 2 Плиты И. 17
йæхп цæхсадта, астæуæй уæлæмæ йæ буар сæууæрста уазал донæй, йæ армыдзаг дзы нуазгæ дæр бакодта, æмæ цыма ногæй райгуырди, афтæ срог сты йæ уæнгтæ. Хæхтæй рог ирдгæ радымдта, риуыдзаг дзы сулæфыд, йæ сæрыхъуынтæ фæстæмæ афаста сæрвасæнæй, стæй йæ цæнгтæ æхсызгонæй фæйнæрдæм айвæзтытæ кодта. Рагъы зæпгæй хуры цалх сыгъзæрин доны тылдæй сзын- ди æмæ ныррухс кодта Карумы цардбæллон зæрдæу Æхсар æмæ йын хъару уагъта йе уæнгты. Дысон бирæ рафт-бафт фæкодта йæ лыстæны Ка- рум. Ардæм цæуыны размæ дæр æй зыдта, йæ равзæрст фæндаг фыды зæрдæмæ кæй нæ фæцæудзæн. Фæлæ цы гæнæн ис? «Нæй, æз ардыгæй цæуæг нæ дæн,»мæ фыд мæм цы- фæнды хæца, уæддæр. Иу дыууæ боны амаст кæндзæн æмæ стæй æрсабыр уыдзæн, — ахъуыды кодта æмæ фосæрдæм араст. Колхозы хисдæр фыййау Тома — ас лæг} бæрзонд, худæндзаст;-— иу урс мадæл фыс йæ фарсыл афæлдæх- та, фарсылдарæн кардæй- йын йæ фæстаг къахы сæф- тæг арæхстгай рацамадта, къæцæл амайæгау, стæй йæ феуæгъд кодта æмæ уый дæр фосы фæдыл адугъ кодта. Тома скаст Каруммæ æмæ афтæ бакодта: — Цæвиттон, йæ сæфтæг æддæмæ рацыд, рацыргъи, иннæ къахыл ын ныдзæвд æмæ-иу йæ туг рахъардта, гъе, æмæ йæ æз дæр ныллыг кодтон. Тома кард кæрдæгыл адаудта, стæй йæ кæрддзæмы ныссагъта. — Дæ чысыл рынтæ ахæрæнт дæхи Тома, æнкъард- гъуыз дын ис, кабд хуыссæгæй йæ бафсæстæ, мыййаг? — афарста Карумы. — Мæ фыд мæ нæ уадзы ам кусын. Знонæй нырмæ мемæ хыл кæны... Тома худгæ бакаст Каруммæ. — Ды ма мын уый зæгъ, мæ чысыл хур. Зæрдиагæй дæ фæнды фыййау цæуын? • — Кæй зæгъын æй хъæуы, фæнды мæ, куыннæ мæ фæндид, уæд мæ тыхæй ничи æрвыста. Тома та чысыл ахъуыды кодта, стæй йæ къæбут аныхта æмæ кæд хъуыддагимæ зонгæ уыдис, уæддæр æй афарста: — Колхозы разамынад дæ рарвыста? — О, — дзуапп радта Карум. 18
— Уæдæ райдай кусын, дæ рын бахæрон, дæ фы- димæ æз баныхас кæндзынæн, — Тома цæрдæг фестад йæ бынатæй, йæ лæдзæг Каруммæ бадардта: — А, уæдæ ’ дын мæнæ лæдзæг æмæ фосы фæдыл цæугæ кæн, æз дæр дæ тагъд сæййафдзынæн, — йæхæ- дæг арастис, Карумы фы’д Тедо цы халагъуды улæфы- дис, уырдæм. ’ ’ * * * Карум, лæдзæг йæ къухы, афтæмæй ссыд адаг-адаг фосы фæдыл, баздæхта сæ хъæдгæрæтты, йæхæдæг сæм дæрддзæф æрлæууыд. Бургъуыз здыхт сыкъаджын цæу фосы разæй иудзæвгар ацыд, стæй æрлæууыд, йæ даргъ цыргъ боцъо тилгæйæ, фæстæмæ ракасти Каруммæ, цы- ма бæрджытæ кодта, ацы æнахуыр фыййау та чи у, зæгъгæ. Фосы дзуг хъæды сæр фæтæнты апырх стьг, астæу- мæ кæрдæджы хизгæ. Хæхтæй радым’дта цъитийы ирдгæ. Карум рыидз- мæ бацыд, хæххон’ дзæбидырау йæ сæрыл бæрзонд схæ-' цыд æмæ афæлгæсыди. Уæртæ, йæ акомкоммæ фаллаг хохы сæрмæ иу цæргæс зилахар кæны. Карумы зæрдыл æрбалæууыд стыр уырыссаг поэт Пушкины æмдзæвгæ «Кавказ». Райдыдта йæ хъæрæй дзурын, йæ галиу къух дардыл хæсгæйæ: , , Фæлгæсын Кавказыл. Бæрзонд хохæн æз Йæ митæмбæрзт цъуппыл слæууыдтæн тигъыл. Мæ бæрзæндæн сабыр йæ базыртæ уигъы Кæройнаг уæлхохæй стæхæг цæргæс. Æвиппайд йæ хъустыл ауад фысы зæрдæхалæн уаст. Карум фæкаст фосы ’рдæм. Уыдонæн сæ иу хай сæзнæт.. Лæппу фергъиау: «фос цы кодтой, сырд сæм ма æрхъуыза, мыййаг? Æмæ уæд Мила сæ фарсмæ æнцад хуыссид?» Карумрындзæй дæлæмæ йæхи рауагъта æмæ цæс- ты фæныкъуылдмæ фысты ’хсæн смидæг. Тагъд-тагъд асгæрста фысты, цалдæрыл дзы йæ къух ахаста æмæ та-иу уыдон дæр размæ алыгъдысты. Уалынмæ иу ма- дæл фысы къуылых цæугæ ауыдта. Рацахста йæ. Фыс 19
тынгдæр ныууасыдис. «Æвæццæгæн дур ратылди æмæ уый сæмбæлдис йæ къахыл, — загъта йæхинымæры, æмæ фысы.фæфæлдæхта. Иæ къах уыд цъæррæмыхсты- тæ, туг, дзы рахъардта. Асгæрста йæ. Саст нæу.' Цы ба- кæна ныр? Цæмæй йæ бабæдта? Дзыппæй къухмæр- зæн сласта æмæ йæ, а-ныр бабæдта, афтæ Тома йæ уæл- хъус æрбалæууыд. Фысы къах тугæйдзагæй куы ауьгд- та, уæд джихæй аззадис: — Цы ми кæныс, лæппу? — Мæнæ фысы къахыл дур сæмбæлд æмæ йæ, зæ- гъын, бабæдтон, — йæ уæхсчы сæрты скаст Томамæ, аххосджын цæстæнгасæй. — Фосыл дур . æхсын нæ хъæуы, хъæрæй , сæ азда- хын хъæуы, — сабыр хъæлæсæй загъта Тома. —- Дур ’ нæ фехстон, тулгæ ракодта. •-г’-’О/ уæд’æ; уый æндæр хъуыддаг у,— загъта Тома æмæ йæ лгууæрагыл æрлæууыд: — Ды мын афтæ фæхæц æмæ йæ ныр мæ бар ба- уадз. Карум фысы къæхтыл хæцыдис æмæ цымыдисæй кастис Томайы архайдмæ. Тома йæ хызынæй цавæрдæр хостæ систа, фысы цæфтæ байсæрста æмæ йæ уый фæстæ арæхстгай ба- баста. , г - . • — Федтай, мæ чысыл хур, — фыййауы куьгст куыд вазыгджын у? Дохтыртæ дæр нæхæдæг стæм, фосæн фыццаг æххуыс нæхæдæг кæнæм,—^æмæ Карумьг йæ хызыны хуылфмæ ныккæсын кодта, — дæу дæр айхуы- зæн хызын хæссын хъæуы. , . Иу чысыл алæууыд’.Тома, стæй афтæ бакодта: — Уæдæ фæтарстæ фьгсæй’мæлынæй, нæ? — Фæтарстæн. Ахъуыды ’кбдтон, зæгъ’ын мыл худ- дзыстьг: нырма нæ райдыдта кусын æмæ афтæмæй йæ фысы къах асаст. . . Тома къухаууонæй акаст фосмæ æмæ, ’кæд сабыр хызтысты, уæддæр сьгл æ’р-р-рæй, зæръгæ, ахъæр кодта. Мила йьгн кæцæйдæр дзуапп радта рæйынæй. Томайыл дыууиссæдз азæй фьглдæр цæуьг. Иæ ра- хиз рус — нуæс. Фыдыбæстæйон х&стæй йæ æрхаста, у куьгстуарзаг. Кæсдæртæн зонд амонæг. Ныр дæр та Каруммæ æввахсдæр бабадтис æмæ йемæ ньгхас кæньгн райдыдта. — Афтæ ’нхъæл дæ, æмæ исчи дæсныйад, кæнæ 20
арæхстдзинад мады гуыбынæй рахæссы? Нæ, мæ хур, нæ! Уæдæмæ, дæ зæрдæмæ цы хъуыддаг цæуа, уымæ зæрдиа- гæй куы рывналай, уæд дын йæ сæххæст кæнын æнæ- мæнг бантысдзæн. Фыццаг хатт фыййау куы ацыдтæн, уыцы аз мæ нæ хъæуы фыййæуттæ семæ* Хъызлармæ акодтой. Иу бон дын фосы дзуг. хизын Къаспы ден- джызмæ ’ввахс тыгъд быдыры. Дæхæдæг зоныс, зымæ- гон бон скæс æмæ ныккæсы йеттæмæ нæу. Фæсæмбис- бон уыдаид, афтæ схъызыдис, тымыгъ сыстад, бæста^ йæ сæрыл хаста, цæст ницыуал ’уыдта. Уæйлагнымæт мыл уыдис, мæхи дзы стыхтон æмæ зæххыл дæлгоммæ ныххуыссыдтæн, зæгъын мæ тыхдымгæ’ исчердæм куы фæхæсса. Фыстæ схъомпал сты, дымгæ сæ йæ,уæлных- ты систа. Уалынмæ кæсын æмæ дзы иу къорд фæхицæн ис, тымыгъ сæ йæ разæй ахаста денджызы ’рдæм. «Сæф- дзысты мæ фос, цы бакæнон ныр, адæмæй æввахс нцчи ис, чи мын баххуыс кæндзæн, дарæн та дард у. Æндæр гæнæн нал уыд’ æмæ дын уыцы иу гæпп фæкодтон, фо- сы раз ныллæууыдтæн, хъæр сыл кæнын, мæ лæдзæг дæр фæхъил кæнын, фæстæмæсæ здахын,уæдæ сæ цæв- гæ дæр кæнын, фæлæ, марадз, зæгъ, кæд коммæ кæ- сынц: хъæр нæ хъусынц, уынгæ ницы кæнынц... Тымыгъ ноджы фæтыхджындæри, зæххыл мæ ахæм цæф ныккод- та æмæ мæ бирæ нал бахъуыди бауадзыг кæнынмæ т~ мæ рæмбынкъæдз салд зæхмæ æрхастон. - Фæлæ мæ рыст ницæмæ æрдардтон, мæ фосы мæт мæ уыдис. ,Уæд- мæ тыхдымгæ мигъты фæйнæрдæм пырх кæнын.рай- дыдта æмæ арв раирдис. Суанг изæрдалынгтæм мæ ф.ос тымбылгонд нæ фæдæн. Æмæ дын уьш цæй фæдыл ра- дзырдтбн: уæд ма æвæлтæрд уыдтæн. Ныр мын ахæм тымыгътæ мæ цухъхъайы фæдджи дæр нал фæтасын кæн- дзысты». Тома йæ ныхас фæци, тамако стыхта газеты гэебазы æмæ йæ ссыгъта æмæ та дарддæр дзырдта: — Ныры фæсивæд хорз фæндагыл ныллæууыдысты. Скъолайæ колхозмæ кусынмæ кæй цæуьтнц, уый хорз хъуыддаг у, чи ’мбæлы, ахæм. Уæдæма зæрæдтæнуый- бæрцтæ сæ бон кусын у, цы, мæ чысыл хæлар. Дæлæ дæ фыдмæ кæсыс, фондз æмæ ссæдз азы фыййау цæуы колхоз^Г фосы фæдыл. Ныр базæронд æмæ йæ раивын хъæуы,- æви нæ? Куыст бонæй-бон вазыгджындæр кæ- ны. Æз афтæ нæ зæгъын æмæ дæ фыд æвзæр кусы, кæ- нæ фосыл исты зиан æруагъта. Нæ! Уымæй афтæ ни- куы ничи загъта. Фос бирæ уарзы, фосгæиæг лæг у йæ 21
чысылæй фæстæмæ, мæнæ махты уый схъомыл кодта, фосимæ куыд архайын хъæуы, уыдæттæ уымæй базыд- там. Æмæ кæд бирæ азты дæргъы фæкуыста æхсæна- дон хъуыддаджы, уæд ын ныр йæ куыстæн саргъ кæ- нын хъæуы. Улæфт ын раттын хъæуы. Уадз æмæ æнцон- дæр куыстытæ кæна. * * * Дыккаг бон райсомæй радл<ы сыстадысты фыд æмæ фырт. Дарæнæй ауагътой фосы дзуг æмæ хурыскастмæ хизгæ-хизгæ, схæццæ ’сты хизæнуатмæ. Дарæнæй суанг сæрвæтмæ кæрæдзимæ иунæг ныхас дæр не скодтой Тедо æмæ Карум, афтæмæй æнцад цыдысты фосы фæ- дыл^ алчи дæр сæ йæхицæн хъуыдытæгæнгæйæ. Уалын- мæ фыййæуттæй чидæр сæ фале хъæды сæрмæ къæ- дзæхы сæрæй базарыди: Хорз фыййау пыхсы дæр ары йæ фрсы фæд. , Рындзыл нæ кæны фынæй. — Уæдæ фосимæ цæуын сфæнд кодтай, нæ? — Ка- руммæ æнæкæсгæйæ, сдзырдта Тедо æмæ йæ уæйлаг- нымæт бæрзбæласы бын суадоны фарсмæ нæууыл æры- тыдта æмæ йыл сындæггай æруагъта йæхи. Карум исдуг зæхмæ кæсгæйæ баззад. Фыды зæрдæ фæфæлмæндæр æмæ, рæвдаугæ сдзырдта йæ хъæбулмæ: — Дæ бар дæхи, фæлæ дарддæр куы сахуыр кодта- ис, уæд цыма хуыздæр уыдаид, афтæ мæм каст. — Дыууæ азы бæрц бакусдзынæн, æмæ "уый фæстæ бацæудзынæн уæлдæр скъоламæ,—ныфсджынæй сдзырд- та Карум æмæ йæ фыды фарсмæ æрбадти. — Дыууæ азы фæстæ ахуырмæ бацæудзынæ,' зæ- гъыс? — йæ цæсгом фæрухсдæри Тедойæн æмæ йæ фыр- ты цæстытæм ныккасти. — О, дыууæ азы фæстæ, ахуыр кæнынæн кæддæ- риддæр рæстæг ис, зæронд куынæ бадæн, мыййаг. Уæр- тæ Къостайыхъæуккаг чызджытæ дæр астæуккаг скъо- ла каст фесты æмæ ныр хъугдуцджытæй кусынц колхо- зы фермæйы. г— Уыдон чызджытæ сты, æмæ хъугдуцæгæй куы кусой, уæддæр сын зæрдæмæ цæуы, фæлæ ды та? Зы-
мæг цы бакæндзынæ Хъызлары уазал тыгъдбыдырты фосимæ, и? —Ма мын тæрс, баба, фæстæ никæмæй фæлæудзы- нæн. Фæскомцæдисон дæн æз. Тых мæм ис, ннцы мæ риссы, æмæ цæмæннæ хъуамæ ацæуон, нæ хисдæртæ мæ кæдæм æрвитынц, уырдæм кусынмæ. Фарон Алтайы хор æфснайынмæ куы цыдтæн, уæддæр мæ ды æмæ гыцци нæ уагътат, æмæ æвзæр бакуыстон? Грамотæ дæр ма мын радтой. Ницы загъта Тедо, æрмæст циндзинад ахъазыд йæ уадултыл, йæ цыбыр зачъе ■ базмæлыди æмæ йе ’рф- гуыты бынты, мидбылхудгæ, æдзынæг касти Каруммæ, йæ фырт ахæм æмбаргæ ныхæстæ кæй кæны, уый йын иттæг æхсызгон уыд. — Баба... — цыдæр сдзурынмæ ма хъавыд Карум, фæлæ хизæнæй фосæй кæйдæр тæригъæддаг .уасын ссыди æмæ, фыццаг Тедо, стæй Карум дæр цæрдæг фес- тадысты сæ бынæттæй æмæ фосмæ атындзыдтой.
ФЫЦЦАГ ОПЕРАЦИ Сæрдыгон тæвд бон. Хур арвы астæуæй фæлгæсыд. Дыууæ барæджы — Ахмæт, Уæллаг хъæуы зоотехник, æмæ Сона — нырма æрæджы ветеринарон институт каст чи фæци æмæ уыцы хъæуы колхозмæ фосы дохты- рæй кæй æрбарвыстой, -уыцы æрыгон чызг хъæуы кæ- рон бæхтæй æрхызтысты. Ахмæт бæхты æгъдæнцæйттыл идæттæ абаста æмæ сæ уæгъдибарæй ауагъта, йæхæдæг Сонаимæ колхозы правленимæ бацыдысты. Колхозы сæрдар, ацæргæ сылгоймаг, йæ сæры стæм урсытæ кæмæн фæзынди, ахæм, стъолы фарсмæ бадгæ- йæ, ныггуыбыр кодта æмæ цавæрдæр гæххæттытимæ’.ар- хайдта. — Кæй кой кæнай —къæсæрмæ,— йе стыр цæсты- тæ сзилгæйæ æмæ йæ бынатæй сыстгæйæ, загъта сæр- дар, уазæг чызгæн йæ къух райста. — Манидзæ, иунæгæй куы бадтæ, уæд кæимæ код- тай мах кой, — загъта Ахмæт æмæ йæхæдæг фынджы дæллаг фарс бандоныл æруагъта йæхи, Манидзæ æмæ Сона дæр æрбадтысты. — Цъус раздæр мæм партийы райкомы секретарь Лекси телефонæй дзырдта, дæ фосы дохтыр, дам, фæ- цæуы, æмæ, дам, уæхæдæг зонут, уавæртæ, дам, ын са- разут. — Йæ цæрæнбон бирæ уæд, — Сонайы бæсты арфæ кæнынмæ фæцæттæ Ахмæт. —Нæ бон цы уа, уымæй йын баххуыс кæндзыс- тæм,— загъта Манидзæ æмæ Ахмæты ’рдæм аздæхти: — Фæлæ ма ды радзур, Ахмæт, æфцæгыл фос цы уавæрьт сты, фыййæуттæ кæд ницæуыл тыхсынц? Ахмæт лыстæггай радзырдта сæрдарæн, фос дзадж- джын кæрдæгыл кæй хизынц æфцæгыл, æмæ ныртæк- кæ фыййæуттæ дæр кæй ницæуыл тыхсынц. Ахæм æхсызгон хабар фехъусгæйæ, Манидзæйы 24
цæсгом фæрухсдæри, мидбылты бахудт æмæ афтæ зæ- гъы: — Уæдæ мах дæр ам æнцад нæ бадтыстæм: уе ’рбацыдмæ нæ фосы дохтырæн кусæн бынат æмæ цæ- рæн уат дæр самал кодтам. — Уæдæ хорз хъуыддаг куы бакодтат, Манидзæ., хорз, — загъта Ахмæт æмæ Сонамæ бакасти: — Кæсыс, Сона, колхоз дын куыд кад кæны? — Бузныг дæн уеппæтæй даер, — къæмдзæстыгæй загъта Сона, стæй сыстади йæ бынатæй, фæндыдис æй зæгъын, зæгъ’гæ, кæм кусдзынæн, уыцы уат куы фенин, фæлæ Ахмæт фæраздæр: — Манидзæ, исты хъуыддаджы тыххæй ма мæ уро- мыс, науæд бæхтæ фæстæмæ æфцæгмæ арвитон. Сона- йы дæр, чи зоны, йæ кусæн уат фенын фæнды. — Хорз, ацу, бæхтæ уал арвит искæмæн, стæй дæ- хæдæг ардæм рацу, æз та Сонайæн\йæ кусæн уат фе- нын кæнон, — загъта Манидзæ æмæ се ’ртæ дæр канто- рæйæ æддæмæ рахызтысты. " " Манидзæ æмæ Сона бахæццæ сты ног арæзт хæдза- ры размæ. — Ам кусдзынæ, мæ чызг, — уаты дуар бакæнгæйæ^ загъта Манидзæ. — Кусынæн иттæг хорз бынат у, хибар ран, иу- дзырдæй, ветпунктæн бæзгæ у> — загъта Сона æмæ йæ къæбæлдзыг сау сæрыхъуынтæ къухæй фæстæмæ алæгъзытæ кодта. ’—Кæд дæ фæнда, мæ чызг, уæд мæнæ йæ фарсмæ цы уат ис, уым та цæргæ кæндзынæ, — фæлмæн, рæв- даугæ хъæлæсæй дарддæр дзырдта Манидзæ æмæ сæ дыууæ дæр бацыдысты иннæ уатмæ. Сонайы зæрдæмæ тынг фæцыд йæ цæрæн уат дæр æмæ йын йæ къултыл йæ цæст ахæсгæйæ, стæй Мани- дзæйы фæдыл дуармæ рахызти. Манидзæ балкъонæй зæхмæ куы ’рхызти, уæд ара- кæс-бакæс ’ кодта, -кæйдæр агуырдта йæхинымæры, хъуамæ сылгоймæгтæй искæмæ фæдзырдтаид, цæмæй ветпункт нйссыгъдæг кæнойг æмæ дзы дзаумæттæ æрæ- вæрой. Фæлæ уалынмæ йæ уæлхъус æрбалæууыд, иу- фынддæс азы кæуыл цыдаид, ахæм чызг. Зындис ыл, дугъ кæй фæкодта æмæ тыхулæфтгæнгæйæ афтæ зæ- гъы:. 25
— Манидзæ, райкомæй дæм телефонмæ дзурынц. — Хорз, æз ацæудзынæн, фæлæ ды уазæгмæ фæкæс, уæттæ бафснай; махæй уал ын стъол -æмæ бандæттæ схæсс... афтæ, æз дæр та уæ тагъд абæрæг кæндзы- нæн, — тагъд-тагъд адзырдта сæрдар чызгæн æмæ стæй атындзыдта канторæмæ. Сона кæд нырма уыцы бон æрбахæццæ районæй, уæддæр æнæхъæн хъæуыл айхъуысти, фосы дохтыр сæм кæй кусдзæн, стæй ног ветпункт кæй бакодтой, уый дæр. Сона йæ чемоданæй систа, фосдард райтынг кæны- ны тыххæй кæм дзырдæуы, ахæм лозунгтæ æмæ плакат- тæ, ноджы ма хъуццыты, фысты, хуыты, бæхты нывтæ, фосы низты ныхмæ куыд тох кæнын хъæуы, ахæм ныв- тæ дæр æмæ сæ бакодтой ветпункты къултыл æддейæ- мидæгæй. , . ’ Колхозонтæ чыртæ-чыртæй æмбырдтæ кодтой ныв- чты раз æмæ сæ цымыдисæй кастысты. Мæнæ уалынмæ адæмы бардзмæ æрбацыд Дуччи дæр, мæллæг, стджыты йеттæмæ йыл цыма фыды мур дæр нæй, ахæм зæрондгомау, саударæг ус. Уый ма Со- найы æрдæбон дæр федта, йемæ базонгæ ис! Æмæ ныр, Сона Дуччийы æрбацæйцæугæ куы ауыдта, уæд йæ раз- мæ рауади, ногæй йын йæ къух райста æмæ адæмы фæстæ балæууыдысты. — Амондджын бынат дын фæуæт æмæ дзы æнæни- зæй кус, — арфæтæ кодта Дуччи Сонайæн. — Бузныг, мæ мады хай, — загъта Сона, æмæ цы- ма уый дæр нывтæ фыццаг хатт уыдтй, уыйау сæм ра- кæс-бакæс кодта Дуччиимæ. Дуччимæ уæлдай диссагдæр фæкасти, гæххæттыл иунæгæй цы хъуджы ныв уыдис, уый. Хъугæн уыди стыр фæздон. Уый уыди мыггагджын хъуг. — Тæхуды, айхуызæн хъуццытæ нæ колхозæн дæр куьГ уаид, уæд æвæдза æхсырæрдыгъдæй нæ плантæ уæлдайджынтæй æххæст кæниккам мах дæр, — загъта Дуччи æмæ Сонамæ бакасти. Дуччи дарддæр хъуамæ ацыдаид’æндæр нывтæ уы- нынмæ дæр, фæлæ йын Сона йæ цонгыл рахæцыди æмæ йæ нывы цур æрурæдта: — Мæнæ уый, мæ мады хай, костромаг хъуджы мыггаг у, афæдз дæтты фондз мин литры æхсыр. Æмæ йæ дуцгæ дæр къухæй нæ кæнынц, фæлæ токæй. Кос- тромы областы колхозты ахæм хъуццытæ бирæ ис æмæ 26,
уыдон къухæй, дыгъд та кæд хъуамæ фæуой. Стæй то- кæй дуцын сыгъдæгдæр у. Сона Дуччиимæ куы ныхас кодта, уæд сæм иннæ колхозонтæ дæр æввахс балæууыдысты, зæрдиагæй хъуыстой, хъуджы нывмæ кæсгæйæ. Дуччи, нывтæн сеппæты дæр куы федта, уæд афтæ зæгъы: — Сона, бирæ нывтæ æрбахастай, фæлæ дзы мæргъ- ты нывтæ куынæ ис, уæд мæргътæ къаддæр пайда дæт- тынц колхозæн? Дуччийы ныхасмæ сылгоймæгтæй чидæр афтæ ба- кодта: — Дуччи кæрчыты фермæйы кусы æмæ ахæм фарст дæр уымæн радта. Сона уæдыонг нæма зыдта, Дуччи кæрчйты фермæ- йы кæй кусы, уый æмæ афтæ зæгъы: — Дуччи, ды раст зæгъыс, хъуамæ нæм кæрчыты ыывтæ дæр уаид, фæлæ дын тагъд дæ куырдиат дæр сæххæст кæндзынæн. Сона бамбæрста, колхозонты нывты мидис базо- нын кæй фæнды, уый, æмæ сын уымæ гæсгæ дзырдта: — Мæнæ уый та у казахстайнаг фысы мыггаг, та- бырджан къуымбил чи дæтты, уыцы фысы мыггаг,, йæ уæз ласы сæдæ килограммы, къуымбил та дæтты афæдз дæс килограммы. Йæ дзидза махмæйы фысы фы- дæй адджындæр у. Афтæ бæстон дзырдта Сона иннæ нывты тыххæй Дæр. Дуччи зæрдиагæй хъуыста Сонайы ныхæстæм, фæндыдис æй ноджыдæр йæ цуры бадын, фæлæ кæрчы- тæм йæ зæрдæ ахсайдта æмæ Сона дзырд куы фæци, Уæд дзы хатыр ракуырдта: • — Æз уал мæ кæрчытæ абæрæг кæнон, стæй та Дæм æрбауайдзынæн, — загъта æмæ ацйди. Чысыл фæс- тæдæр иннæ колхозонтæ дæр иугай-дыгай аивылдысты. Сона йæ фæллад суадзыны тыххæй сынтæгыл, хуыссæнты уæлæ æрхуыссыдис, цармæ йæ цæстытæ са- Разгæйæ, йæ сæры магъзы ленчытæ кодтой алыгъуы- 3°н хъуыдытæ æмæ бæллйцтæ. «Ацы хæххон адæм диссаг сты лæггад кæнынмæ. Æвæццæгæн сæ алы уазæгæн дæр афтæ кад кæныни. Фаелæ ныртæккæ æз мæхи тыххæй хъуамæ хъуыды кæ- нон. Ацы кад æмæ лæггадæн аргъ кæнын хъæуы. Æмæ 27
йын аргъ та скæндзынæн, хорз- куы кусон, уæд», — афт^ хъуыды’ код’та йæхицæн Сона,. фæлæ йын цыма йæ хъу, сы бадзырдæуыд: «Сона, айхуызæн кусгæбоны, æвæдз^ дзæгъæл’ы бадынæн æвгъау дæ», .уыйау фæгæпп кодта’ сынтæджы бынæй чемодан раласта,, урс ’халат дзы си& та æмæ йæ йæ уæлæ# æрбакодта. Уый фæстæ медика* мент’тæ бахаста кусæн уатмæ. Рæбынæй равæрдтастъо^, газеттæй йæ бамбæрзта, рæвæрдта йыл чернила, ручкаё, чин^уытæ, йæхæдæг, бандоныл æрæнцой кæнгæйæ, хъуы^ дытæ кодта йæ дарддæры куыстыл. | Сона ныртæккæ -урс халат æмæ урс худы мидæг зынди бирæ æвзонгдæр æмæ рæсугъддæр. Цыдæр цин& хъуыдыты ныгъуылдис æмæ Дуччи, стæй ма иу чызг куыд бацыдысты уаты къæсæры онг, уый зонгæ дæр ну бакодта. Семæ йын цыдæр хæринæгтæ бадастой. \ —'Дæ хорзæхæй, Сона, æрдæбонæй нырмæ дæ хуыз бынтон куы аивтай æмæ дæ куынæуал базыдтон. Уый цæй урс халат æмæ урс худ ныккодтай? — загъта Дуччй æмæ йæ фарсмæ æрбадти. Иемæ цы чызг æрбацыд, уьй хъæдын тæбæгъы мйдæг хæринæгтæ стъолыл æрæвæрд- та æмæ йæхæдæг Дуччийы фарсмæ балæууыд. | . Æмæ кæд ныртæккæ Сонайы æндæр цыдæр зæгъьц! ф’æндыд, уæддæр уал, йæхимæ æркæсгæйæ, афтæ зæ- гъы Дуччийæн: — Куысты рæстæджы урс халат æ^мæ урс худ да- рын хъæуы, æгъдау афтæ у, мæ мады хай. | — О, дæ н’ывонд фæуон, о, стæй дыл цæй дзæбæ^ фидауынц. Дуччийы ма абадын фæндыд Сонайы цур, фæлэе йемæ цы ’чызг æрбацы’д, уый, «нæ мæ ’вдæлы», зæгъг^ куы загъта, уæд уый дæр сыстад æмæ йæ фæдыл фа^ расти. ! Сона сын ноджыдæр бузныг загъта, сихор ьш кæй бахастой, уый тыххæй, стæй хæринæгтæ йæ цæрæнуаТ’ мæ бахаста: тæбæгъы мидæг хæбизджын, фых æйчыт^. къаннæг аджы та æхсыр. ’ \ Адджын сихор бакодта Сона, уæддæр рагæй мысь!- дис хæбизджын, ног ахст цыхтæй хæбизджын хæрза^ вæййы, стæй йæ хæхты куыд хорз кæнынц! | . Хæрд куы фæци Сона, уæд та йæм чысыл фæстзб’ дæр иу æндæр, йæхи æмцахъхъæн чызг дæр ахæм хуыу (æрбахаста. ^Сона сæфсæрм ис. Æрæджиау афтæ бакодта: 28
— Басихор кодтон, Дуччи мын мæнæ цы дзаджджын * хæбизджын æрбахаста, уæд ма йæ ды та кæдæм хас- тай? Æхсæвы бирæ. фæбадти Сона, æрæгмæ схуыссыди. Цыдæр лыстæг куыстытæ бакодта. Ныффыста куысты план, сарæзта, рынчын фос кæм фысса, ахæм журнал. Дыккаг бон, фæскуыст, хъæуы сæрмæ, фæзмæ ссы- ди æмæ уырдыгæй фæйнæрдæм фæлгæсыди. Ацы рай- дзаст бынаты, Сона «дзæнæт» кæй рахуыдта, уым æр- тæ тулдз бæласы бæрзонд фæцыдысты, фæйнæрдæм дардыл айтынг кодтой сæ къабæзтæ. Хæхтæй рог дымгæ радымдта.æмæ Сонайы къæ- бæлдзыг сæрыхъуынтæ зулмæ афаста. Сона йæ риуы- дзаг сулæфыди, йæхи ныртæккæ афтæ хорз æнкъардта, æмæ йæ маргъау атæхын æрфæндыди. «Ой, цы хорз дæ, хæххон æрдз, дæ мад амæла», — загъта йæхинымæры. Æвæдза рæсугъд у Уæллаг хъæу! Сона йæм кæ- сынæй не ’фсæды. Хъæуæн йæ бынты заргæ згъоры цъитийæ райгуыргæ дон. Доны уæлæ арæзт ис электро- станц. Станцы дæлийæ доны былтыл арæгъ сты цалдæр чысыл хъæдæй арæзт куыройы. Сонайы зæрдæмæ уæлдай тынгдæр фæцыдис, хъæу- гæрон колхозæн цы скъæт ис, уый. — Сона, æз та дæ хæдзары агуырдтон æмæ бынаты куынæ уыдтæ, уæд дæм комкоммæ ардæм рацыдтæн. Йеныр де-’зæр хорз! — загъта Ахмæт æмæ Сонайы къух райста. — Дæхи изæр дæр- .хорзуæд, Ахмæт. Цы ног ха- бæрттæ дæм ис? . ’ — Мах абон колхозæн хос карстам. Æнудæс гек- тары хос ныккæрдын мæнæ нæй! Æмæ нæ колхозонтæ куыд райгондæи баззадысты нæ куыстæй, уый куы зо- яис? — загъта Ахмæт/йæкъухы тъæпæнтæ æвдисгæйæ. Сонайæн радзырдта, боны уыгæрдæнты хос кæрдынмæ кæй уыдысты хъæуы интеллигенци иууылдæр, уый тых- хæй. — Сымах хорз хъуыддаг бакодтат, фæлæ ма куы Цæуат, уæд-иу мæнæн дæр зæгъут, тынг мæ фæнды уы- гæрдæнты хос ссивын, — загъта Сона. — Æнæмæнг дæ акæндзыстæм, — ныфс ын æвæрд- та Ахмæт. — Ссивынмæ ма, лæппутæй уæлдай чызджы- тæ дæр уыдысты...
Райсом раджы сыстади Сона. Йæхи сæхсадта, йæ! кусæн дарæс скодта æмæ уаты цыдæртæ архайдта.5 Рудзгуытæй хуры тынтæ парахатæй æрбакастысты. | Сонайы хъустыл ауади кæйдæр хъæлæба, дуарæй! ракасти: иу ус æмæ иу лæппу кæртмæ баскъæрдтой иу! къаннæг- род. ! Роды хицæутты дохтырмæ бадзурыны сæр нæ ба- хъуыди. Сона йæхæдæг сæ размæ рауад, «æгас цæут» сын загъта æмæ сын сæ къухтæ райста. — Дæ ныврнд фæуон, нæ род дæм æрбаскъæрдтам, цæвиттон, йæ оуар схæлмаги æмæ рæстмæ хизгæ дæр нал кæны, — тыхстгъуызæй загъта ус. Сона йæ урс халаты дыстæ басчъил кодта æмæ ро- ды уындтытæ райдыдта. Иæ гуыбын æмæ йын йæ ра- гъыл къухæй бахæстытæ кодта, стæй йын йæ къæбут аныхта æмæ род æнцад алæууыди. — Цыран вæййы конд ацы род æхсæв? — Нæхи скъæты, йæ мадимæ иумæ. — Æмæ дын цæмæн схæлмаги, уый нæ зоныс, мæ мады хай? — фæлмæн хъæлæсыуагæй бафарста Сона усы, æмæ дзуапмæ дæр нал банхъæлмæ каст, афтæмæй йын дзуапп радта йæхæдæг,— Ракæс-ма, цас рыг, цас чъизи схæцыд йæ буарыл, стæй йæ æгъдтыл æмæ йæ фæрстыл та фаджыс ныхъхъæбæри. Сона роды рагъыл йæ къух асæрфта æмæ æцæгдæр йæ рыг скалди. — Ахæм æвзæр зылдæй дæ род рынчын нæ, фæлæ мæлгæ куыднæ кæны, — мæстыгъуызæй загъта Сона æмæ йæ кусæн уатмæ фæрасти. Ус сæфсæрмы Сонайы уайдзæфтæй, æцæг дзургæ ницы, скодта, зыдта йæ азым, фæлæ уæддæр сабыр къахдзæфтæгæнгæ йæ фæдыл схызти медпунктмæ. Сона хостæ куы радта усмæ, уæд ын бацамыдта: — Дæ род хорз хъугаг у æмæ йæ хъуамæ схъомыл кæнай. Æз ын дыууæгъуызон хосы рафыстон. Мæнæ йæ ацы хосæй æрвылбон дæр найгæ хъуамæ кæнай хъарм донимæ, иннæмæй та сæрдгæ, — дзырдта Сона усы фæ- дыл рахизгæйæ. Ус æмæ лæппу райгондæй рацыдысты Сонайæ, сæ рынчын род сдзæбæх кæнынæй сын ныфс кæй бавæрдта, уый тыххæй. Сона фæстæмæ бауад кусæн уатмæ, стъолы фарс- мæ æрбадти æмæ хъæбæрцъар журналы цыдæртæ афыс- 30
та. Чысыл фæстæдæр æм дуарæй æрбадзырдта æндæр чызг, мидæмæ бацæуыны бар ис, зæгъгæ? — Рахиз мидæмæ, — уæлæмæ сыстгæйæ загъта Сона æмæ дуар бакæнынмæ йæхæдæг тагъд къахдзæфтæгæ- нгæ рацыди. — А-а-а, зæгъын ма æндæр чидæр у, уый Ахмæт куы дæ, Ахмæт! Мидæмæ рахиз! • Ахмæт салам .радта Сонайæн, стæй бандоныл æр- уагъта йæхи, Сона дæр æрбадти. — Дæ хорзæхæй, Сона, афтæ раджы кæимæ ныхас кодтай, дæ дзурын суанг махмæ куй хъуысти? — фарс- та Ахмæт Сонайы. — Иу ус æмæ мæм иу лæппу сæ рынчын роды æр- бакодтой хос кæнынмæ æмæ уыдонимæ ныхас кодтон. — Хæцгæ низæй, мыййаг, рынчын у? — афарста йæ Ахмæт. — Æвзæр зылдæй схæлмаги йæ буар æмæ, кæд не ’мбæлы, уæддæр ын йæ хицауыл бабуцтæ кодтон. Чи- зоны мæм хъыг дæр фæци. Фæлæ цы кæнон? Куыст аф- тæ домы. - — Фæхъыг кæнынæй макæмæй тæрс, алкæмæн дæр йæ рæдыд æргом зæгъын хъæуы, науæд иуæй-иу кол- хозонтæ сæ .фо’смæ рæстмæ нæ зилынц, афтæмæй сыл низ фæзыны æмæ тас у, колхозы фосыл дæр куы апырх уа. Уый тыххæй та æппæггы фыццаг æз æмæ ды дзуапп дæтдзыстæм. { — Дзуапп кæй дæтдзыстæм, уымæй раст зæгъыс, фæлæ, цалынмæ низ нæ фæзына, уæдмæ колхоЗонтæк бакæсын хъæуы лекцитæ, фосы низты ныхмæ куыд тох кæнын. хъæуы, уый тыххæй. Ды, куыд зоотехник, афтæ цал хатты ауагътай беседæтæ колхозонты ’хсæн, кæнæ сын цал лекцийы бакастæ? — Раст дын куы зæгъон, уæд иунæг хатт дæр нæ, — йæ къæбут аныхгæйæ загъта Ахмæт. — Уæдæ уый афтæ нысан кæны, æмæ ды æвзæр кусыс, — загъта Сона æмæ Ахмæты цæстытæм комком- мæ бакасти. — Мæхæдæг дæр æй зонын, — йæ рæдыдыл басаст Ахмæт, æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта; — фæлæ иунæ- гæй кусын зын у, зын, Сона. — Фæскомцæдисон нæ дæ? — Дæн. — Уæдæ иунæг цæмæн хоныс дæхи? Æз цы фæси- вæд федтон Уæллаг хъæуы, уыдонæн исты хъуыддаг 31
саразын бахæс кодтай,. зæгъгæ, уæд æй æнæмæнг сæх- хæст кæндзысты. Хæхтæ дæр ма рафæлдахдзысты, хæх- тæ! Æрмæст адæмы ’хсæн кусын хъæуы. Стæй ма дзы фæндондзинад дæр хъæуы. Ахмæт ницы сдзырдта. Сона йын афтæ тагъд хур- мæ ракала йæ куысты цухдзинæдтæ, уый æнхъæл дзы нæ уыди. «Сабыр чызг æй куы хуыдтой æмæ æгæр фыдсыл дæр ма куы разынди», — йæхинымæр загъта Ахмæт æмæ æргомæй та: — Æз дæ ныхæстыл разы дæн, Сона, æрмæст мып мæ куысты ды дæр хъуамæ баххуыс кæнай. Сона фæфиппайдта, Ахмæтæн ■ цы карз ныхæстæ загъта, уыдон æм кæй бахъардтой, уый, æмæ цыма фæс- моп фæкодта, уыйау фæлмæн хъæлæсабй загъта: — Иунæг михыл кау ничи бийы, Ахмæт. Мах дæр иунæгæй ницы бакæндзыстæм, фæлæ куысты план са- разæм, нæхи æнгом сбæттæм партион æмæ фæскомцæ- дисон организацитимæ. — Иттæг хорз хъуыды у, — сразы ис Ахмæт æмæ сыстад, цæуынмæ хъавыд, фæлæ Сона йæ цонджы са- хатмæ æркасти æмæ афтæ зæгъы: — Зоныс, цы дын зæгъон, Ахмæт. Дуччи мæ сихор хæрынмæ сæхимæ хоны æмæ мемæ цом ды дæр. Цы зæгъдзынæ? — Ау, уый та куыд, афтæ дæр ма вæййы æмæ уа- зæг фысымы фæхоны? — Мах иууылдæр ам фысымтæ стæм. Колхоз дæр æмæ адæм дæр нæхи сты. Сона цалынмæ йæхи.рæвдзытæ æмæ Ахмæтимæ ны- хæстæ кодта, уæдмæ, æцæгдæр, дуары къæсæрыл æрба- лæууыди, дыууадæс азы кæуыл цыди, ахæм лæппу, йæ хъуырыл сырх галстук, афтæмæй. — Нана мæ дæумæ рарвыста, рацу, дам, махмæ,— загъта лæппу æмæ раст слæууыди. — Хорз, хорз, мæ чысыл æфсымæр, ацу уал ды, мах дæр фæцæуæм мæнæ Ахмæтимæ, — загъта Сона, йæ урс халат ласгæйæ. Лæппу æвиппайды фæзылди æмæ уынгмæ’адугъ кодта. Сона æмæ Ахмæт Дуччитæм фынг æвæрдæй бай- йæфтой. Хæххон адæммæ хæринæгтæй хæбизджынæй кадджындæр ницы ис æмæ дзы фысымы фыыг дæр цух 32
нæ уыдис. Дуччи ахæм хæбизджынтæ ныззылдта æмæ сæ бæхджын лæг нæ фæзындаид, царв сыл ауагъта тæ- бæгъмæ æмæ сæм зæрдæ мæнæ-мæнæ кодта. Сона Уæллаг хъæуы Дуччиты йеттæмæ нырма ни- кæмæ уыди хæдзары æмæ уымæ гæсгæ аивæй йæ цæст хаста къуымты, дзаумæттыл. «Дзæбæх цæры, æвæдза, идæдз ус уæвгæйæ, йæ уат хæрзæфснайд, дыууæ сынтæджы, хуыссæнтæ фаг, шифанер, тындзгæ стъол, бандæттæ. Уæдæ ма цы вæй- йы? Иудзырдæй, горæттаг цард кæнынц», — йæхины- мæр дзырдта Сона. — Дуччи, уазæг дзæгъæлдзых нæ вæййы, фæлæ нæ иугæр сыгъдæгзæрдæйæ æрбахуыдтай, уæд мæ фæнды базонын, бинонтæ уын цытæ ис? — хæбизджыны дзадж- джын хай йæ къухмæ сисгæйæ бафарста Сона. — Цæй бинонтæ ма мын ис, дæ нывонд фæуон. Мæ сæры хицау раджы амардис, лæппу мын уыд æмæ уый та хæсты фесæфти. Мæнæ уый йæ лæппу у (Сонамæ хо- нæг кæй барвыста, уымæн йæ уæхскыл йæ къух æрæ- вæрдта). — Хорз лæппу уыди Дуччийæн — Хæсанæ, — къу- лыл фæлгæты мидæг цы ныв уыдис, уымæ къухæй амон- гæйæ загъта Ахмæт æмæ уазæгæй, фысымæйиууылдæр, сæ цæстæнгас скодтой нывмæ, Сона ныв уынынмæ куыд сыстад, афтæ дуарæй кæйдæр хъæр æрбайхъуысти. Дуччи дуар бакодта æмæ сæ хъæуккаг лæппуйы кæрты’ лæугæ куы ауыдта, уæд æм адзырдта, мидæмæ рахиз, зæгъгæ. ч Фыййау лæппу йæ нымæтхудыл хæцыдис æмæ цы- дæргъуызон тыхстхуызæй дзырдта: — Дохтырмæ æрбацыдтæн, тагъд хъуыддагæн мæ хъæуы. Цæвиттон, нæ колхозы бæхыл калм фæхæцыди æмæ, зæгьын... — йæ ныхас кæронмæ нал загъта фыййау æмæ йæ цæстæнгас хæдзары дуармæ скодта. Сона æмæ Ахмæт лæппуйы ныхæстæ куыддæр фе- хъуыстой, афтæ уайтагъд фестадысты, фысымæн раар- фæ кодтой æмæ лæппуимæ медпунктмæ фæцæуæг сты. — Цы кодта’ дæ бæх, .загътай? — цæугæ-цæуын фарста лæппуйы Сона. Лæппуйæн ’ йæ ныхæй цæппузырты хуызæнæй йæ хид уырдыгмæ йæ рустыл мызти æмæ афтæмæй дзырд- та: 3. Плиты И. 33
— Æфцæгæй нырма чысыл раздæр æрхæццæ дæн. Мæ бæх хидæйдзаг уыдис æмæ йын йæ саргъ дæр нæ систон, афтæмæй йæ каумихыл æрбастон. Хæдзармæ нæма бахæццæ дæн, афтæ фæстæмæ фæкастæн æмæ бæх сызнæт ис, фæстаг къæхтæй чъыллипп кæны. Цы хабар у, цы кæны, цы йæ нæ уадзы, æввахс æм куы ни- цы ис, "уæд цæмæй тæрсы? — хъуыды кæнын мæхины- мæры. Уалынмæ бæх ныззæвæт кодта, идон йæ сæрæй фелвæста æмæ ме ’рдæм æрдугъ кæны. Йæ размæ суад- тæн, кæсын æмæ уæртæ нæууыл сау калм дыууæ дихы фæци, йæ сæр ма схъил кодта, йæ дзых — хæлиу, афтæ- мæй. Æвæццæгæн ыл бæх къахæй фæлæууыди, ахъуы- ды кодтон мæхинымæр, мих фелвæстон æмæ дзы кал- мы сæр ныццавтон. Идон райхæлдтон каумихæй æмæ бæхмæ æрцыдтæн. Фæлæ бæх уæддæр знæт кæны, ра- дугъ-бадугъ систа. Йæ къахмæ йын фæкомкоммæ дæн, йæ туг кæлы. Цы зонын ма мын æй хъуыдис, уый калмы хæст кæй у æмæ бæхы комкоммæ медпунктмæ ралас- тон. Фыййау йæ ныхас фæци, афтæ, медпунктмæ бахæц- цæ сты се ’ртæ дæр. — Калмы хæст кæуылты у, уый слыг кæнын хъæ- уы, — бæхы хъæдгом басгаргæйæ загъта Сона æмæ тагъд йæ хостæ рахаста кæртмæ. — Бæхы саргъ сисут, æрмæст тагъддæр, — команда- гæнæгау загъта Сона æмæ йæхи æрцæттæ кодта кусын- мæ. Фыййау æмæ Ахмæт бæхы саргъ фелвæстой, бæхы къæхтæ бæндæнæй фидар сбастой æмæ йæ зæххыл йæ иу фарсыл ,афæлдæхтой. Нырма уал ын судзин сарæзта Сона,ч стæй йын йæ хъæдгом ссыгъдæг кодта спирты тылд бæмбæгæй. — Дæ бæх рæстæгыл кæй æрбаластай хос кæнын- мæ, уымæй хорз бакодтай, — раппæлыди фыййауæй Сона. — Дæ цæрæнбон бирæ, мæ хойы хай, мæ бæхы амондæн ам фæдæ, æндæра цалынмæ районмæ цыдаин, уæдмæ калмы хæст ныррæсыдаид. Æниу ныр дæр...— йæ ныхас æрдæгыл фескъуыди фиййауæн, хъуамæ загъ- таид, зæгъгæ, ма ныр дæр фервæздзæн, нæ зонын, фæ- лæ уыцы ныхас зæгъын йæ цæст нæ’ бауарзта, æрмæст цырд кастис Сонайы къухтæм, сæ архайдмæ. Сона, калм кæм фæхæцыд, уыцы бынат куы слыг 34
I кодта алмасийы хуызæн цыргъ кардæй, уæд бæх стæл- фыди, йæ сæр фæхъил кодта, йæ уæрджытыл фæлæу- ^ынмæ хъавыди, фæлæ йыл фидар хæцыдысты фыййау дзмæ Ахмæт æмæ уæд æгомыг хайуан арф ныуулæфы- днс, ныхъхъæрзыдта. — Сона, мæ бæх куы фервæза, уæд æрмæстдæр дæ фæрцы æмæ дын ацы хорздзинад æз дæр нæ ферох кæн- дзынæн, — дзырдта фыййау. Сона йæ цæсгомы хид къухмæрзæнæй тагъд-тагъд сæрфта, фыййаумæ дæр-иу бакаст æмæ мидбылхудгæ загъта: • - —\Ме ’фсымæры хай, хицауад мын уый тыххæй фи- ды: мæ хæс у фосы дзæбæх кæнын. Æз та дæуæй фæ- дæн бузныг, бæхы мæм рæстæгыд кæй æрхæццæ кодтай, уый тыххæй. Барæджы кодтай, зæпьгæ, уæд бæхæн тас уыди мæлынæй, калмы хæст æвзæр у. йæ марг дзы ауагъта. Сона бæхы хъæдгом хосæй байсæрста, бинтæй йæ бабаста, æмæ бæх йæ къæхтыл куы слæууыди, уæд Со- на дæр йæ астæу сраст кодта, риуыдзаг сулæфыд æмæ, бæхмæ кæсгæйæ, йæхинымæр афтæ зæгъы: — Табу хуыцауæн, — мæ фыццаг операци хорз ра- уади, йæ’ ныхы хид къухмæрзæнæй асæрфта.
НОГ ФÆНДАГЫЛ Æз раджы иу рæсугъд чызджы уарзтон. Мæ фыцца\ уарзон уый уыдис. Мæнæ зарæджы цæйау акæнынц: «Æхсæв мыл хуыссæг нал хæцы, уый, дам, уарзоны тыххæй у», — ахæм æмбисонд мæныл дæр æрцыдис. } Чызг мæ йæхæдæг дæр уарзта, æмæ йыл кæд.бирæ дзурджытæ уыд, уæддæр никæмæн разы кодта. Чи йыл дзырдта, уыдон дæр, кæд мæнæй уындджындæр, фæ; лыстдæр æмæ хъæздыгдæр уыдысты, уæддæр йæ зæрдæ ме ’рдæм уыдис, никæй хæрзконд лæппуйы уынд æй атасын кодта, никæй хъæздыгадмæ бабæллыдис. ] Мах ахуыр кодтам’ иу скъолайы. Нæ дыууæ дæ^ хорз кæй ахуыр кодтам, уымæ гæсгæ нæ ахуыргæнинæН- тæ дæр æмæ ахуыргæнджытæ дæр бирæ уарзтой. ,-{ Чызг мæйтæ æмæ хуртæ уыди. Йæ сау къæлæс æрфг гуытæ, йæ урс дæллагхъуыртæ, йæ худгæ цæстытæ æмае йæ уæздан дзыхы дзырд мæнæн ныфс æмæ хъару лæ- вæрдтой æмæ мыл уымæ гæсгæ ахуыры мидæг ничи тых кодта. | Мæгуыр цард кодтой мæнæн мæ мад æмæ мæ фыд. Мæ фыд саукусæг лæг, — чысыл кызд иста æмæ йын афтæмæй та бирæ бинонтæ даринаг уыдис. ЧызджЫ фыд та кулак уыди, бонджын лæг, фæлæ уыдæттыл æп* пындæр никуы хъуыды кодтон, мæ фæсонæрхæджы дæ# нæ уыд мулк, мæн æрмæстдæр чызджы уарзæгой зæрд^ хъуыдис. ) Бирæ ныхдуртæ æвæрд уыдис мæ разы ацы чыз; джы уарзгæйæ. Цы лæппутæ йæ уарзтой уый размæ) уыдонæй бирæтæ, чызгæй сæ бон куы базыдтой, уæД минæвар-минæвары фæдыл æрвыстой хъæумæ йæ ма,д æмæ йæ фыдмæ, йе ’фсымæртæм, йæ хотæм. | Иу бон куы уыдис, уæд, дын, изæрæй фæсахуыр нæг химæ, хæдзармæ цæугæйæ, фæндагмæ мæ размæ æрба| цыд, мемæ чи ахуыр кодта, уыцы лæппутæй иу. Æру; 1 рæдта мæ, ныхасæн мæ хъæуыс, зæгъгæ. ÆрлæууыдтæЧ æз дæр. Тротуары кæрон иу бæласы бындзæфхадыЛ 36
банцой кодтон æмæ хъусынмæ æрцæттæ кодтон мæхи. дæппу уыдис мæстыгъуыз, йæ худы бынæй мæм касти, #ыры хуызæн æнкъардæй йæ никуы федтон. Уый рай- дыдта дзурын: , — Абоны онг-мæхи фæурæдтон, фæлæ ныр мæ бон нал у, хъуамæ дын æргом зæгъон, мæ зæрдæйы сусæгæй цасдæр рæстæджы æвæрдæй кæй дардтон, уыцы ныхæс- тæ. Ды цы чызджы уарзыс, уый æз рагæй уарзын, ца- лынмæ ацы скъоламæ не ’рцыд, уæдмæ дæр æй уарзтон, аемæ дæ курæг дæн, ме ’фсымæры хай, йемæ мауал цу„ мауал дæр æй уарзгæ кæн. Кæннод дæу дæр амардзы- нæн æмæ уый дæр... Уарзондзинад тыхджын у, уый хатгæйæ, æрыгон лæппуйæн фæтæригъæд кодтон æмæ йæм уый адыл мæс- ты не сдæн. — Кæд дæ чызг уарзы, уæд ацу æмæ йæ уарз, чи дæ нæ уадзы, кургæ дæр æй ракæн, — бирæ радзур-ба- дзуры фæстæ загътон æз^ лæппуйæн æмæ ахицæн стæм. Æниу мæ риуы пиллон цы уарзондзинад уагъта, уымæн афтæ æнцонæй ахуыссæн уыд! Иу лæппу нæ, фаелæ фондзыссæдз лæппуйы æд кæрдтæ мæ разы куы æрлæу- уыдаиккой, уæддæр сæ мæ уарзон чызджы никæмæн радтаин, къуыхтæ мæ куы кодтаиккой, уæддæр... Уæдæй фæстæмæ уыцы лæппу дæр æмæ ма æндæр лæппутæ дæр æртхъирæнтæ кодтой мæнмæ дæр æмæ чызгмæ дæр, фæлæ мах уæддæр иумæ тезгъо кодтам, кинотæм, театртæм дæр’ иумæ цыдыстæм. Чызджы мад æмæ фыд хъæуы цардысты. Уыдонмæ дæр байхъуысти, æз сын сæ чызджы кæй уарзын, уый. Æвзаг дур халы, æвæццæгæн сæм мæнæй æвзæр æвзæг- тæ фæхастæуыд æмæ дын иу бон чызджы фыд æрхæц- Дæ ис. Скъоламæ нæм æрбацыдис. Ме ’мбæлттæ мæ мæстæй мардтой, дæ каис æрцыд æмæ йын балæггад касн, зæгъгæ. Фæлæ адæймаг лæггад кæмæн бакæна, ахæм нæ уыд. Фыццаг мæм йæ хъоппæг сырх цæстытæй Дзæвгар фæкæстытæ кодта, мæ уынд æмæ мын мæ конд- мае куы ниЦы фау ссардта, уæд, йæ даргъ рихитæ аздух- гæйæ, афтæ бакодта: — Иæхи дарынхъом чи нæу, уый дæр мын ус куры!.. Æз ницы сдзырдтон, сæфсæрмы дæн мæ алыварс Хъусджытæй, мæ сæр æруагътон уырдыгмæ, афтæ сдæн ^мæ загътон, .зæгъын мæ иу цонг хаудæй ам куы нæ Фзгцадаин, атæппæт адæм мæм куы нæ æрыхъуыстаик- 37
кой. Цыма ме ’ккой стыр æргъом хастон, уыйау м$ сур хид акалдис, мæ цæстытæ атарытæ сты, иуран цавддурау, сагъдæй баззадтæн. Чызджы фыдыл уыдис: цухъхъа, куырæт, бухайраг худ, йæ фарсыл æвзист хъама баст. Йæ цæсгом дæр æмæ йæ цæстытæ дæр туджы зылдысты. Зындис ыд, кæмдæр кæй анызта æмæ, йæ галиу къухæй хъамайь! сæрыл хæцгæйæ, йæ рахис къухæй та йæ’риу хойгæйае, дарддæр дзырдта: ■«' — Чызджы фыд æз„ дæн, æз, æмæ дæ кæд чызг хъуыдис, уæд дыл фыццаг мæн бафæрсын æмбæлдис.) Æз æнцад хъуыстон. Æнцад хъуыст.ой ме ’мбæлттге дæр. , * < — Ирæд бафидын дæ бон бауыдзæнис? Чындздзон дарæс балхæнын дæ бон бауыдзæнис? Чындзæхсæв скæ- нын дæ бон бауыдзæнис? — уæд нæм æрбацу, бафидд- уæм æмæ дæу фæуæд мæ чызг, — загъта фæстаг хатт саузæрдæ лæг, стæй йæ чызджы цонгыл фæхæцыди æмае йæ уыцы æрцыдæн не ’хсæнæй акодта, нæ дæр скъола- йы директоры бафарста, нæ дæр ын йæ документтае акуырдта, афтæмæй. Уый дын бонджъш’ æмæ хъæддаг лæджы мнтæ! Дæ балгъитæджы зæрдæ-иу афтæ фæрис- сæд, мæнæн уыцы бон мæ зæрдæ куыд фæрыст. ^ Уыцы бонæй фæстæмæ мæ зæрдæ ахуырмæ нал ра- дис, æхсæв фынæй нал кодтон, мæ хъуыдытæ иууылдæр уыдысты уыцы чызгимæ ахуыры, фæндагыл, хæдзары.;. Хъæумæ ма йæм сусæгæй фыстæджытæ бæргæ æрвы^- тон зонгæ бæлццæттæн... Уый дæр мæм цалдæр хаттЬ1 æрæрвыста, стæй бынтондæр йæ фыссын ныууагъта. | Мæнæн мæ зæрдæ цыдæргъуызон тыхсти: иуран лæууьш мæ бон нал1 уыдис, æхсæв фынæй нал кодтон, хæдзары бадын мæм нал цыдис, ахуырæй дæр фæстийае зайын байдыдтон æмæ нæ уалдзæджы каникулты куыд- дæр рауагътой, афтæ хъæумæ афардæг дæн. ( Мæ фæндаг уыдис мæ уарзоны хъæуыл, тæккæ фæй’ даггæрон цардысты, фалдæр, комы та цардыстæм мах. \ Æризæрмилтæ ис, афтæ бахæццæ дæн хъæугæроН’ мæ æмæ хъæдын хиды фарсмæ кæрдо бæласы бын су^' доны цур къæйдурыл æрбадтæн. Хъæубæстæ, сæ хъæу^' каг чызджы кæй уарзын, уый нæ зыдтой, фæлæ цы^ иууылдæр мæнмæ ныккастысты, афтæ æнхъæлдтой- ’ Уымæ гæсгæ цыдæргъуызон æфсæрмы кодтон, мæхи мй’ дæг тыхстæн. 38
Уалынмал. иу къаннæг чызг, дурын йæ къухы, аф- тæмæй суадонмæ донхæссынмæ рацæйцыд. Æмæ мæ бынатæй цæрдæг фестадтæн. Чызджы размæ бауадтæн æмæ йын ныллæг хъæлæсæй, лæхстæгæнæгау, загътон, цæмæй мын мæ уарзон чызгмæ фæдзырдтаид. Чызгæнæзивæгæйфæстæмæ фездæхти æмæ цæсты- фæныкъуылдмæ фысымты дуармæ балæууыди. Æз æм мæ цæст дардтон. Уый куыддæр мæн тыххæй радзырд- та, афтæ уайтагъд фæстæмæ æд дурын радугъ кодта, афтæ дзургæйæ: — Загътон ынæмæ ныртæккæ рацæудзæн! Æмæ, æцæгдæр, чысыл фæстæдæр кæртæй фæндаг- мæ рахызти, дунейыл мæм иууыл хуыздæр чи кастис, уыцы уарзон чызг. Чызг мæ æвиппайды суадоны цур бæласы бын лæугæ куы федта, уæд фыццаг йæ мидбыл- ты бахудти æмæ ме ’рдæм тагъд къахдзæфтæй рацæй- цыд, стæй йæхи фенкъард кодта, фæстæмæ хæдзары ’рдæм фæкæ’сгæйæ, йæ цыд фæсындæгда^р кодта. Мæнæн мæ зæрдæ нал фæлæууыд фырцинæй, йæ размæ бауадтæн æмæ йын йæ фæлмæн уæздан къух тыхджын нылхъывтон. Аст мæйы фæстæ дæ уарзон чыз- джы куы фенай, уæд ыл куыннæ хъуамæ бацин кæнай!..' Афæрстытæ йæ кодтон йæ царды хабæрттæй. Уый дæр мæ тагъд-тагъд афæрстытæ кодта, цыдæргъуызон мыл йæ уазал цæстæнгас ахаста æмæ стæй афтæ бакодта: — Мæ фыд куыстæй ныр тагъд æрцæудзæнис, æмæ яæ мыййаг куы фена ам лæугæ, уæд...—Чызджы цæс- гом асырх, цы ма сдзырдтаид, уымæн ницыуал зыдта æмæ ма а^рæджиау афтæ бакодта: — Мæ фыд уазæгуарзон у, уымæй дзы ничи рахъаст кæндзæнис, хæдзармæ дæр дæ бакæнин, фæлæ дын^ æй цы æмбæхсон: дæуæн мæ нæ дæтты... Æзух мæм хыл кæны: йæ кой дæр макуы скæнай, уæд дам, дæ мæ хæдза- рæй рацъон бирæгъы сырд фæкæндзынæн. Уайтагъд мæ риу сгуыпп-гуыпп кодта, мæ цæстытæ атарытæ сты, мæ сæры цыдæргъуызон талынг хъуыды- тæ аленк кодтой æмæ, цæмæй зон, кæдæмыты нæ ахæц- цæ дæн, кæмыты нæ февзæрдтæн. Уыцы тæккæ сахат чызджы цур лæууыдтæн, уый мæ рох дæр æрбаци, ни- цыуал сдзурын баци мæ бон. • Æрæджиау ын афтæ бакодтон: — Уæдæ мæ нал уарзыс?.. Чьтзг æвиппайды мæ фарстæн дзуапп нæ радта, фæ- 39
лæ мæм сæргуыбырæй йæ сау æрфгуыты бынæй скасти, йæ цæстытæ доны разылдта æмæ цыдæр ахъуыдыгæн- гæйæ, кæуынхъæлæсæй загъта: — Мауал мæ уарз, ферох мæ кæн, сæппар мæ дæ зæрдæйæ, мæн тыххæй мур хъуыды дæр мауал кæн, абонæй фæстæмæ ды дæхицæн, æз та — мæхицæн. — Куыд тагъд мыл сивтай дæ зæрдæ, æндæр уар- зондзинад нæй дæ риуы? — Æндæрæн мæ дæттынц мæ мад æмæ мæ фыд, ме ’фсымæртæ, мæ хотæ, мæ хæстæджытæ, æндæр фæ- рæз мын нал ис æмæ ма цы кæнон, уымæн мæхæдæг дæр ницыуал зонын!.. — Æмæ дæ кæмæн дæттынц, уый уарзыс? Чызг ницы сдзырдта, йæ сæр уырдыгмæ æруагъта, зæхмæ ныккасти. — Æз дæ уæддæр уарздзынæн, мæн дæуы йеттæмæ ничи хъæуы, уый зон, — загътон æз’æмæ йын йæ къух- мæ бавнæлдтон. — Мæхи мын ма амарын кæн, ныууадз мæ, кæд мæ айас дæ хорзæх ис, уæд, — загъта чызг лæхстæгæнæгау, стæй мын «фенынмæ», зæгъгæ, бакодта æмæ фæцæуæги, æвæццаёгæн нæ сæ бинонтæй исчи куы фена, уымæй тæрсгæйæ. Уайтагъд сæ кæрты бамидæг. Кæрты дуар рахгæнгæйæ ма мæм иу каст фæкодта, кæддæра ма уым лæууы, зæгъгæ, уый базоныны тыххæй, æвæццæгæн. Æз мæ бынаты* сагъдæй баззадтæн, нал дæр иуæр- дæм ацæуын фæрæзтон, нал дæр иннæрдæм. Бæстонæй бамбæрстон, чызджы зæрдæ ме ’рдæм кæй нал у, уазал цæстæнгас мæм кæй дары, уый. Изæры нæхимæ куы æрцыдтæн, уæд, цин æмæ хъæлдзæгдзинады бæсты, бирæ фæрахъуыды-бахъуыды кодтон, Къостайы «Чи дæ» мæ зæрдыл æрбалæууыдис, цыма мæн тыххæй ныффыста мæнæ ацы ныхæстæ: Кæй барвитон курæг? Кæй та равдæла? Цæй мæгуыр дæ, иунæг, Дæ мад амæла! Къорд азтæ рацыдис уæдæй фæстæмæ. Æз мæ фыццаг уарзонимæ цы скъолайы ахуыр код- тон, уый иттæг хорз нысæнттимæ каст фæдæн. Уый фæс- 40
тæ институт..., Бæрнон куыст... Партийы уæнг... Ферох мæ сты мæ рагон сагъæстæ... Æрæджы, иу уалдзыгон бон æз цыдтæн горæтæй мæ райгуырæн хъæумæ. Авд æмæ дзы ссæдз азы нал уыдтæн., Мæ балц уыдис диссаг. Цæдис-трансы билет- тæ балхæнгæйæ, мæ фарсмæ бадт фæцис, уæлдæр цы чызджы кой кодтон, уый, мæ фыццаг уарзон. Бадæм фæрсæй-фæрсмæ. Диссаджы фембæлд... — Куыдтæ дæ? — афарстон æй æз. — Бузныг, ницы мын у, — дзуапп радта уый, чы- сыл йæ мидбыл бахудгæйæ. — Кæдæм дарыс дæ фæндаг? — ноджы та йæ афарстон. — Районмæ. — Уым фæкусыс, мыййаг? — Кусгæ нæ кæнын, тæрхондоны мæ хъуыддаг ис, — æнкъардгъуызæй загъта, йæ кæлмæрзæны хаутæ йæ къухæй даугæ. — Æмæ дæ цы хъуыддаг ис тæрхондоны? — Афтæ... Мæ лæг мæ ныууагъта, сывæллæттæ мын баззадис æмæ мын алименттæ нæ фиды, — дзурын рай- дыдта ус, мæ фыццаг уарзон. Æз ын фæтæригъæд код- тон æмæ йæм лæмбынæгдæр байхъуыстон, къахæй-къух- мæ йæ сбарстон мæ цæстæнгасæй.—«Ныр ын цы ’гъдауæй баххуыс чындæуа», — ахъуыды кодтон мæхинымæ- ры... Адæймаг куыд тагъд ивы йæ хуыз! Стæй мастæн цы лæууы. Мæ фыццаг уарзонæн йæ рæсугъд æмдынг уадултæ нынцъылдтытæ сты, йæ раздæры хурау худгæ цæстытæ сагъæсгæнаг, æдзух хъуыдыгæнаг хуыз æв- дыстой, йæ раздæры миты къæртты хуызæн дæндæгтае сбуртæ æмæ ссаутæ сты. Æз æй бафарстон. — Æмæ уæдæ дæ цæгат та куыдтæ’цæрынц? Уый мæм фыццаг æрбакастис йе ’нкъард цæстытæй, стæй æнæбары бакодта, ницы сын у, зæгъгæ. Æз æй æндæр ницæмæйуал бафарстон. Уалынмæ нæ машинæ æрбахæццæ ис мæ фыццаг уарзоны цæгатмæ, авд æмæ ссæдз азы размæ, фæстаг хатт цы суадоны цур лæууыдыстæм, уырдæм. Бæлццæт- ты фæндонмæ гæсгæ шофыр баурæдта суадоны цур. Хорз суадон у, рæсугъд ын сарæзтой йæ бынат. Рахыз- тыстæм машинæйæ, фæлæ мæнæ диссаг! Æппæт дæр аивта йæ хуыз. Хъæугæрон чысыл цæугæдоныл цы хæ- лаетдзаг хъæдын хид уыдис, уый уым нал. Иæ бæсты 41
дæлдæр сырæзт рæсугъд бетон хид, дыууæ машина^ фæрсæй-фæрсмæ кæуыл ацæуа, ахæм. Р1æ бакомкоммæ^ фæндаггæрон мæ фыццаг уарзоны цæгаты хæдзар уьь’ дис. Уый дæр уым нал. ’ ; <—Дæ цæгат искуыдæм алыгъдысты, сæ хæдзар уым куы нæ уал ис? — афарстон, æй. — Фæндаг ууылты цыдис æмæ сæ сыстын кодтой/ æндæр ран цæрынц ныр, уæлæ уым, уæлдæр^ — къухæй мын ацамыдта иу хæдзармæ... ] — Хорз бакодтой, хæдзар кæй систой, æмæ ууылты’ ног фæндаг кæй ацыдис, уымæй, — кæд мæ уый зæгъы^ ны сæр нæ хъуыдис, уæддæр загътон æмæ цингæнгæ;' афæлгæсыдтæн мæ алфæмблай. Уæртæ, фæстаг хатт цы кæрдо бæласы бын лæууыд- тæн мæ фыццаг уарзонимæ, уый дæр йæ хуыз аивта.] Цыдæр ног дыргъы мыггаг ыл бафтыдæуыдис, йæ зад’ ’цæнгтæ дардыл айвæзта. ;■ Дон банызтам. Сбадтыстæм машинæйы. Машинæ’ скусын кодта шофыр æмæ атахти æнæнкъуысгæ ног}" æмæ уæрæх бетон хидыл. < Районы центры куы æрхызтыстæм машинæйæ, уæд;] мын мæ фыццаг уарзон, фæхæрзбон у, зæгъгæ, загъта^ фæлæ кæсгæ дæр никуыдæм фæкодтон, афтæмæй йемæ5 •фæцæуæг дæн. Уый мæм йæ цæстæнгас цыдæргъуызон.; æрбазылдта æмæ мæ афарста, ды та кæдæм цæуыс? ^ — Æз дæр тæрхондонмæ! ,{' — Æмаг дзы дæу та цы хъуыддаг ис? '’, — Æз дæн газеты кусæг, фæнды мæ базонын, кæд-/ дæра дæ сывæллæттæн алименттæ кæй аххосæй нæ}' исыс. Стæй мæ ноджы фæнды дæ лæджимæ уæ ахи-|, цæны хъуыддаг базонын дæр. Чизоны, бафидауат-ма:: Дæ сывæллæттæ, дæ хъæбултæ куыд сты, афтæ сты нæ;{ бæстæйы хъæбултæ дæр, нæ фидæны цардаразджытæ.* Æмæ сыл мах дæр хъуамæ хъуыды кæнæм... - 8 Ус сыфсæрмы ис, куыддæр йæхинымæр тыхстис, дис ыл æфтыдтой мæ ныхæстæ æмæ сындæггай-сындæг-| гай, цыма йæ хуыз скалдта, уыйау йæ цæсгомыл цин-* дзинады уылæнтæ ахъазыдысты, йæ мидбылты бахудт, æмæ мæм цыдæр уарзон каст æрбакодта: 4 — Уæдæ æрмæст мæн тыххæй цæуыс тæрхондонмæ?; — О, дæу æмæ дæ сывæллæтты тыххæй... æмæ уый >; ,чысыл хъуыддаг нæу, — д^уапп радтон æз æмæ бахыз-.! тыстæм тæрхондонмæ.
УАЗÆГУАТЫ ФЫЙЙÆУТТÆМ Диссаг у нæ дæхбæсты æрдз. Ацы райсом афтæ ирд уыдис, æмæ арвы къуырфы иунæг мигъы къæм нæ фед- таис. Стыр аходæнафæттæм хур тыхджын ныккаст, фæ- сонтæ сыгъта, дзæгæрæг кодта, бæстæ цыдæргъуызон ныггуыппæги. Чысыл фæстæдæр æрбацасæста, мигътæ хæлбурцъ кæнын райдыдтой, дымгæ сдцмдта æмæ бæ- лæсты хихты дыууæрдæм хъеллаугæнæгау кодта. Арв, æвзист рæхысау, къæдзтæ-мæдзтæгæнгæ, ферттив-ферт- тив систа, стæй иæргæ ’рцыди куыд-мидæмæ хæхты сæр- ты... Иугай æртæхтæ æрхаудта, къæйдуртыл тæппытæ фæзынд, райхъуыст бæлæсты сыфтæрты сыф-сыф. Дадимæ йæ фырт Бало нырма дысон æрбацыди, сæрды каникулты йæ рауагътой. Къæвда уарынвæнд кæй скодта, уый йын хъыг уыди æмæ йыл æртæхтæ Куы æрхауд, уæд Баломæ фæрсæджы каст бакодта. — Балоди (афтæ йæ хуыдта фырбуцæн), мыййаг уæд та их рацыди, фос дæлæмæ куы раздæхиккой, хъæ- ды ’рдæм^ Лæгæтмæ дæр... Фæлæ уый æгæр дард у... Бало йæ фыдмæ нал фæкаст, лæдзæг йæ къухы, аф- тæмæй атындзыдта фосмæ. Ададжы сæрмæ даргъсыкъа- джын цæу, йæ раззаг къæхтæ æхсæры къутæрыл сæвæрд- та, «Цохс!», зæгъгæ йыл куы фæхъæр кодта Бало, уæд цæу æрхызт æмæ, кæд къæвда ныккалдта, уæддæр цыма хъæр нæ фехъуыста, уыйау узгæ цыдæй фосы разæй ра- расти дæлæмæ, йæ гуыбыны, даргъ сæхъистæ куы иуы- рдæм, куы иннæрдæм рахæсс-бахæссгæнгæ. Къæвда æвиппайды ставд æртæхтæй ныссæх-сæх кодта, къæртайæ калæгау ныккодта, йæ фæстæ их ра- цыд, сыфтæрты къæрцц-къæрцц тынгдæр ссыд, æмæ чы- сыл фæстæдæр та бæрзæндтæй дæттæ рафсæрстой, хъæргæнгæ, лакъон хæццæ. Дади дæр æмæ Бало дæр уæйлаг нымæттæсæ уæхс- чытæй аппæрстой, афтæмæй фосыл хъæр кодтой, тагъд- тагъд сæ здæхтой бæлæсты бынмæ. 43
«Æвиппайды ахæм их æрцæугæ никуыма федтон», — йæхинымæры дзырдта Дади, тыхсти æмæ дыууæ къухæй фосы размæ, хъæдырдæм ссыдта. Бало дæр йæ фыдæй фæстæ нæ лæууыд: фыстæй фæстейæ чи аззайы, уый дыууæ къухæй фелвасы æмæ та йæ пæлæхсар тулдз бæласы бынмæ рогæй ныскъæ- фы. Дадайы куыдз Милайæн йæ хъуын буарыл нын- дæгъд, егарау ныллыстæг. Уый дæр радугъ-бадугъ кæ- ны, уый дæр здахы фосы, йæ риуæй сæ цæвы. Иу афоны йæ сæрыл дыччийы стæвдæн их сæмфæлдис, уый йæм хæрдмæ мæстыйы къæпп фæкодта, цыма йæ исчи ныц- цавта, уыйау схъырныдта, фæлæ аххосджынæй куы ни- кæй федта, уæд уый дæр бæласы бынмæ балыгъди. — Табу хуыцауæн, нæ фос æнæзианæй хъæдмæ æрирвæзтысты, кæд сын ам ницыуал тас уаид, — стыр тулдзбæласы бын фосы ’хсæн балæууыд, афтæмæй хуы- лыдз къухæй йæ ныхæй къæвдайы донимæ хæццæ хид сæрфгæйæ дзырдта Дади. Мила мигъмæ рæйæгау ныккодта, стæй бæласы бы- нæй уыцы иу уагъд акодта йæхи æмæ уæртæ Æхсæр* джыны ’рдæм фæтæхы. — Акæс-ма, Балоди, уыцы куыдз цыдæр суыдта, фыстæй фæстийæ мачи баззайæд... Бало дыууæ къахдзæфы дæр нæма акодта, яфтæ кæсы æмæ уæртæ ивылд дон иу фысыраласы, йæ сæр ма чысылтæ фæзыны. Архайы кæронмæ йæхи аппарыныл, фæлæ йæ тæхгæ дон кæм уадзы, хатт чъизи уылæн йæ сæрты дæр акæлы æмæ та фæдæлдон вæййы. Мила дон-дон йæ фæстæ згъоры, йæ къах фæтъыссы донгæ- рон, хъуамæ йæм бахиза, фæлæ нæй, ницы йæ бон у: ивылд дон йæ кæнон кæны. \ Бало лыгъд радта йæ размæ, доны смидæг, фысмæ къухæй бавнæлдта, уылæн спырх кодта — аирвæзти сын. Адугъ та кодта, дон йæ астæуы онг скалди, уылæнтæ схъуыр-хъуыр кодтой, дурты гыбар-гыбур ссыд... — Дон дæ ласы, дæ хæдзар фехæла, дæхи цæуыл сафыс? — Балойы фæстæ, хъæргæнгæ, лыгъд Дади дæр. Цалынмæ Дади сæ цурмæ хæццæ кодта, уæдмæ Бало фысы доны былмæ раппæрстд, фыс йæхи ныууыгъ- та, йæ дон ацагъта, стæй йæ Бало сывæллонау йæ риу- мæ схаста æмæ йæ, дон тæдзгæ, хаста фосмæ, Дади дæр æмæ Мила дæр йæ фæдыл цыдысты. — Гормон, уæд та дæ... Исчи ма уый хуызæн ивылд 44
донæн йæ арфмæ хизы, быдираг дæтты хуызæн æй ма ’нхъæл, нæ йæм кæсыс, куыд тагъд цæуы, æмæ иу фысы тыххæй дæхи сафыс, фос ссаргæйæ сты, адæймаг у сæй- раг,— Дади Баломæ хæцыди, фосмæ куы бахæццæ сты, уæд. — Баба, фæтæригъæд ын кодтон, айхуызæн далыс... худинаг дæр нын уыдаид, — загъта Бало, иугæр фысы фосимæ куы суагъта, уæд йæ дарæс лæмарын рай- дыдта. Арв ма дард, хурокæсæны ’рдыгæй, цалдæр хатты ныннæрыди, æртæхтæ дæр ма æрхаудта, фæлæ радымд- та æмæ къæвда йæ уарынæй фæлæууыд. Сыфтæрты дымгæ бауыгъта æмæ се ’ртæх, сыхырнайæ калæгау, ныггæр-гæр кодта. Мæнæ сæм уалынмæ удаистæй æрхæццæ хйсдæр фыййау Тома дæр, донласты хуызæнæй, цъыфæйдзæг- тæй. Иæ фыццаг фарст уыдис: — Фосыл исты зиан æрцыдис, мыййаг? — Зиан ницы æрцыд, фæлæмын мæнæ Балойы дон ласта, — загъта Дади æмæ радзырдта Томайæн, йæ фырт цы лæгдзинад равдыста, уый. Тома зулмæ бакаст Балом^е æмæ афтæ зæгъы: — Уæдæ уый æцæг хъæбатыр куы дæ, æцæг, мæ чысыл хур! Де ’рбацыдæй дæ лæгдзинад фæраздæри,— Тома йын йæ уæхск хуылыдз къухæй æрхоста. — Бæдæйнаг, æмбалæн мын сбæздзынæ... Кæсдæр- ты бон бирæ у, Дади, дæ рын бахæрон, æз æмæ ды куы базæрæдтæ уæм, уæд нæ фос уыдоны бæрны бакæн- дзыстæм. Их-къæвдайы фæстæ хур ракасти.. Арты фарсмæ бадгæйæ дæр Балойы цæстытыл æп- пынæдзух уадис йæ фыды фæлгондз, уæнгрог, куыстуар- заг адæймаг, арæхстджын фыййау. Иууыл диссаг та дзы Баломæ цы фæкасти: фос иумæ куы хызтой, уыцы рæстæджы уæрыччытæй иу фæхицæн æмæ уасыди, агуырдта йæ мады. Дади йæ систа йæ хъæбысмæ, фос- мæ йæ схаста, йæ цæст сыл ахаста, стæй йæ иу фысы цур æрæвæрдта. Уæрыкк балыгъд йæ мадмæ æмæ уай- тагъд дзидзийыл йæхи ныццавта. «О, æмæ диссагу, дис- саг, утæппæт фысты ’хсæн уæрыкк йæ мады та куыд ба- зыдта, — йæхинымæры дзырдта Бало. ...Изæры, фыййæуттæ дарæнмæ сæ фосы дзугтæ куы æртардтой, уæд сæ алкæмæндæр йæ фыццаг фарст уы- 45
дис, фосыл кæд ницы зиан æрцыд, зæгъгæ. «Иунæг сæ- ныччы хъус дæр нæ фæхъуыд мæ фосæй», — йæхицæй ныббуц уæвгæйæ, дзырдта хисдæр фыййау Тома. Бало халагъуды размæ бадтис фæлладгъуызæй æмæ æдзынæг касти фыййæутты змæлдмæ. Цæлхыдзаг мæй- иу хаттæй-хатт мигъты бацыд, фæлæ та-иу чысыл фæс- тæдæр ленккæнгæ рахызт аемæ йæ фæлурс тынтæ тыд- та дунейыл. Фыййæуттæ гуыр-гуыргæнаг* арт скодтой. Уæртæ дыууæ саджил хъилы уæлæ ауыгъд у къаннæг цуайнаг, йæ мидæг фыцы дзидза, сæ пæлхъ-пæлхъ цæуы, аг йæ былтæй ^кæлы, басы сой зынджытыл æркæлы æмæ та йæ цъыс’цъыс ссæуы. Фыййæуттæй чи йæ дарæс сур кодта, чи æхсæвæр цæттæ кодта, чи ма та фосимæ ар- хайдта. Дади кæрты алыварс зылди, йæ фос бæрджытæ кодта. Бæди кæй хуыдтой, уый та куыйтæн даргъ хъæ- дын бæлæгъы холлаг лæвæрдта. Æхсæвæр куы сцæттæ, уæд фыййæуттæ халагъуды размæ нæууыл нымæттæ райтыдтой æмæ дывæлдахæй рабадтысты. Арт цыренæй сыгъдис æмæ сын уый рухс кодта сæ фынг. Фынджы уæлийæ бады Дади, æппæты дæлийæ йæ акомкоммæ та — Бало. Афтæмæй фыд æмæ фырт кæсынц кæрæдзимæ. Фыййæуттæй Баломæ хæстæг чи бадт, уыдон æй фарстой ног хабæрттæй, скъола сыгъ- зæрин медалыл каст кæй фæци, уый сеппæтæндæр æх- сызгон уыди. Фыййæутты хисдæр Тома басы къус зæххыл æрæ- вæрдта æмæ Баломæ аф.тæ дзуры: — Фыййауы куыст дæм куыд кæсы, мæ чысыл æф- сымæр? — Иттæг хорз, цьшыдисаг, — æндæр ницы сдзырд- та Бало. Тома йын йæ къухмæ фысы сгуы авæрдта. — Ахæр, мæ хур, абон ’нын ды стыр æххуыс бакод- тай, — загъта Тома æмæ дзы фыййæуттæн æппæлын рай- дыдта. Тома артыл хус сугтæ бавæрдта, даргъ цыргъ æв- зæгтæ сæхи хæрдмæ сывæзтой, фыййæутты цæсгæмттæ ныррухс сты. Уыдон адджын æхсæвæр хордтой. Бало цы авджыдзаг арахъ схаста хæдзарæй, уымæй Дади йæхæ- дæг (рарæпь кодта, фæйнæ сыкъайы сæ фæцис алкæйы дæр Балойы йеттæмæ, уый нæ нуæзта æмæ йæ нуа- зæн зæронд Бæдийæн авæрдта. 40
Тома фарсылдарæн кардæй дзидзатæ’ карста æмæ- пу кæрдих кæмæн йæ къухмæ авæрдта, кæмæн та-иу æй йæ дзыхмæ схаста, кæрæдзимæ хатыдысты, «иу кæрдих ахæр мæхй къухæй», зæгъгæ. Бало цымыдисæй фæлгæ- сыди фыййæуттыл, æхсызгон ын уыд, кæрæдзи афтæ би- рæ кæй уарзынц, æнгом бинонтау кæрæдзийыл хъæцын- хъом дæр кæй не сты, уый. «Адонимæ кусынæй æмæ цæ- рынæй чи хъуамæ бафсæда», — дзырдта йæхинымæр Ба- ло. Фæсхæрд фыййæуттæй чи йæ фарсыл æрхуыссыд, чи дзуццæг бадт æркодта арты фарсмæ æмæ кастысты, арт-иу куыд сфæздæг кодта, стæй та-иу хус сугтæ алы- гъуызон даргъ сырх æвзæгтæ куыд ацарæзтой, уымæ. Бадтаиккоп ма, ныхæстæ ма кодтаиккой, фæлæ дарæ- нæй куыдз срæйдта æмæ фыййæуттæ иууылдæр уыцы- рдæм фæкастысты,' чидæртæ дзы сæ бынатæй цæрдæг фæгæппытæ кодтой. — Фос хъахъхъæнын ахсæв кæй рад у, уыдон мæ фæдыл рацæуæнт, — сдзырдта То^а, йæхæдæг-йæ фар- сыл даргъ фæтæн хъама’ æрбараст кодта æмæ йæ къу- хы тыхтæй уæйлагнымæт айста йемæ. — Цом ды дæр махимæ, — йæ къух Балойы дæларм акодта æмæ иумæ араст сты.
X Æ Л А Р Æхсæв йæ бартæм бахызт. Адæм фынæй кæнынц. Уынгты змæлæг нал ис. Æрмæст нæ фынæй кæны Хæ- лар. Ахсæв радгæс у. Уынджы рацæуы, йæ уæхсчытыл пæлæз. Цыма адæмæн сæ фынæйæ райхъал кæнынæй тæрсы, уыйау сабыр къахдзæфтæй цæуы. ч Хæлар уарзы йæ куыст, сæрыстыр дзы у. Фыды-; бæстæйы хæсты агъоммæ цæхæрцæст арæнхъахъхъæнæг уыди. ...Иу хатт, иу фæззыгон æхсæв, къæвда кодта, аф-] тæмæй посты лæууыди арæныл. Райсомырдæм кæсы æмæ й& фале ададжы былыл цæйдæр сындз къутæрыл йæ цæст схæцыд. «Мæнæ царциаты диссаг, — загъта йæхинымæр Хæлар. Знон дзы сындз къутæр куынæ уы-1 ди, уæд ныр кæцæй февзæрд, йæ ’ цæст дзы нал иста, лыстæггай йæм йæ хъус дары." Уалынмæ сындз къутæр базмæлыди, стæй иу цасдæр размæ абырыди. «Ам цы- дæр фыдбылыз ис...» — загъта та йæхинымæр Хæлар. Æвиппайды дуры фæстæ дæлгоммæ ахуыссыди æмæ фæ- хъæр кодта: «Дæхи ратт, чидæриддæр дæ, науæд дæ æхсын», фæлæ дзуаппдæттæг нæчуыди. Ногæй та фæ- хъæр кодта Хæлар: «Дæ къухтыл схæц!» Чысыл фæстæдæр къутæры бынæй гæрах райхъуыс- ти. Хæлар йæ цонгмæ февнæлдта, фæцæфи, уæдмæ къу- тæры бынæй лæг рагæпп ласта. Лидзынмæ хъавыди, фæлæ йæм Хæлар топп фæцарæзта: — Æрлæуу! Фыдгæнæгæн амал нал уыди æмæ йæ къухтæ сдард- та. Уый йæ хæстон сгуыхтдзинæдтæн се стырдæр нæу, фæлæ... Фыдыбæстæйон хæстæй Хæлар фараст хорзæхы æр- хаста, Кавказæй суанг Берлинмæ хæцгæ фæцыд, рæн- хъон салдатæй капитаны онг сырæзти. Æмæ фæстæмэе 48
йæ райгуырæн горæтмæ куы ’рыздæхти, уæд кусынмæ бацыди милицæмæ. ...Хæла’р ма ноджыдæр хъуыдытæ кодтаид, фæлæ уынджы кæронæй зарын райхъуысти æмæ уæд йæ цыд фæтагъддæр кодта. /Ертæ лæппу-лæджы цух-мухтæ гæнгæ кæрæдзийы уæхсчытыл сæ къухтæ ауагътой æмæ афтæмæй хъæрæй заргæ рацæуынц. Хæлар сæ рачзмæ фæци, æрурæдта сæ æмæсын бауайдзæф кодта: — Ахæм æнафоны уынгты хъæрæй заргæ куы цæут, бæстæ уæ сæрыл куы исут, уæд афтæ цæмæннæ ахъуы- ды кæнут, алæма, адæм фынæй кæнынц, райсом сæ куы- стмæ цæуын хъæуы... — Ацу æмæ бафынæй кæн! Мах никæй хъыг да- рæм, — загъта лæппутæй иу æмæ йæ сырх цæстытæй сонтау нымдзасти Хæлармæ. — О, Хæлар куы дæ æмæ дæ куынæуал базыдтон. Хъæздыг кæндзынæ. Де ’хсæв хорз. Лæппу фæцудыдта æмæ размæ ахаудта, йæ къухты тъæпæнтæ асфальтмæ æрхаста. — Фæстаг дæ нуазын нал хъуыди, — æмдзыхæй сдзырдтой йе ’мбæлттæ æмæ ныххудтысты сæхи ныха- сыл. Хæлар лæппуйыл схæцыд. — Уæхи æхсæвтæ дæр хорз, фæлæ’ уæ курæг дæн æмæ йеныр æнæхъæлæбайæ уæ хæдзæрттæм куыд фæ- фардæг уат. — Ныххатыр нын кæн, Хæлар, — сдзырдта лæппу- тæй иу æмæ араст сты. 1 ■ ’ Хæлар сæ фæдыл касти æмæ йæхинымæр дзырдта: «Хорз лæппутæ сты, рагæй зонгæ дæн се ’ртæимæ дæр, фæлæ ацы нозт, ацы нозт, лæджы сафæг у, кад сафæг. Ахсæв рæстмæ куыиæ бафынæй кæной æмæ афтæмæй райсом куыстмæ куы бацæуой, уæд сæм цы хъару уы- дзæн?...» Цæуы Хæлар иу уынгæй иннæ уынгмæ хъавгæ, йæ хъус дары алырдæм дæр, цырд кæсы йæ алфæмблаймæ. ’ Адæмы æнцойдзинад хъахъхъæны. Хуыссæг йе ’мгæрæт- ты нæ уадзы. Уæвгæ, ахæм æхсæвтæ хæсты быдыры би- рæ хæттыты арвыста... Æмæ ам та асфальт уынджы цæ- уы, айк ыл куы атулай, уæд нæ асæтдзæнис. Фæйнæ- рдьцæй рухсытæ судзынц. Дард кæцæйдæр, кæройнаг уынгæй, куыдзы рæйын ссыди. Хæлар айхъуыста, йæ цыд фæтагъддæр кодта. 4. Плиты II. 49
Стæй иу хæдзары фиссыны фæстæ йæхи бааууон кодта. Цæмæдæр йæ.цæст дарын байдыдта. Чысыл фæстæдæр дыууæ æрыгон лæппуйы, сæ къух- ты стыр чемодантæ, афтæмæй кæрæдзийы фæдыл ра~ хызтысты иу хæдзары кæртæй. Сæ, алфæмблаймæ фæ- кæс-фæкæсгæигæ, рараст сты Хæлары ’рдæм. Уæззау чемодантæ тыхæй фæрæзтой æмæ сæ тагъд-тагъд иу къу-> хæй иннæ къухмæ раив-баив кодтой. Хæлар йæ цонджы сахатмæ æркасти — 4 сахаты. «Афтæ æнафоны кæдæм цæудзысты ацы лæппутæ?» Æмæ сæ размæ бацыди. — Кæйонг цæут, лæппутæ? Уе ’хсæв хорз! — загъта Хæлар æмæ семæ ныхасмæ æрлæууыди, фæлæ уыдон тагъд кодтой, æрмæст сæ иу æнæбары салам радта Хæ- ларæн, бирæ цæр, зæгъгæ, æмæ йе ’мбалмæ йæ уæхсчы сæрты радзырдта: — Размæл, стæй гаккæй цу! — Тагъд ма кæнут, лæппутæ, æхсæв даргъ у æмæ кæдæмдæриддæр фæхæццæ уыдзыстут, фæлæ ма мын зæгъут, кæцæй цæут? — Мæнæ ам нæ хæстæджытæм уыдыстæм, — дзуапп радта, разæй чи цыд, уыцы лæппу. — Æмæ цæугæ та кæдæм кæнут? — ногæй та сæ афарста Хæлар. — Уый дæ хъуыддаг нæу, фæлæ дæ фæндагьгл ацу, — мæстыйæ загъта, фæстийæ чи цыдис, уый æмæ йæ дзыпмæ февнæлдта, электроны рухсмæ йæ къухы кард ферттывта. Ирдгæ радымдта æмæ Хæлары пæлæзы фæдджи рон- басты онг афæйлыдта. Хæлары къухы фæзынд пистолет. Уый ауынгæйæ бæлццæттæ джихæй аззадысты. Лæппу кард фæстæмæ йæ дзыппы ныссыдта... Хæлар цæхгæр фæхъæр кодта: — Ныртæккæ мæ разæй цæугæут! Лæппутæ сæ* кæрæдзимæ бакастысты æмæ сын куы ницыуал гæнæн уыдис, уæд ^æнæсыбырттæй уæззау че- модантæ систой, афтæмæй араст сты Хæлары разæй. Хæлар къæрныхты ахстæй .ныккодта милицæмæ, рад- та сæ дежурнæ милиционеры къухмæ æмæ йæхæдæг æр- дæг сахаты фæстæ балæууыд, лæппутæ чемодантæ цы кæртæй рахастой, уым. , Хæлар кæртæй бахызт, хæдзары асинтыл суад, бал- къонмæ бацыд, уаты дуарыл бахæцыд, фæлæ æхгæд ра- 50
зынд. Фæстæмæ æрхызти, бæстыхайы алыварс æрзылди, хæрдмæ фæкаст æмæ мæнæ цæхæрадоны ’рдыгæй фæр- сæгтæ — гом. «Хæдзары хицæуттæй ам бынаты ничи ис. Æнæмæнгæй уыцы лæппутæ фæхастой хæдзар», — загъ- та йæхииымæры æмæ дзыппы фанар рудзынгæй бадард- та. Уат уыдис змæст, æнæфснайд, мигæнæнтæ — пырхы- тæ. Цы зонын ма хъуыди Хæларæн, къæрныхтæ уыцы лæппутæ кæй уыдысты, уый. Фæлæ уæддæр хъуыддаг бæстондæр базоныны (тыххæй лыстæджытæ касти зæх- мæ, йæ алфæмблай дзаумæттæм... Мæнæ уалыпмæ йæхи сивæзта, сыхаг кæртмæ ба- касти æмбонды сæрты æмæ федта: дуары фæстæ къан- нæг сау куыдз йæ дыууæ къахы ’хсæн стæг бакодта æмæ йæ æхсыны, йæ алыварс та дзулы кæрстытæ. — А-а, — ныр бæстон бамбæрста Хæлар, хъуыддаг цæй мидæг ис, уый. «Æрдæбон куыдз куы рæйдта, уæд ын къæрныхтæ дзидза æм& дзулы кæрстытæ аппæрстой, æмæ стæй уæд йæ рæйынæй дæр уымæн банцад». Цæуы уынджы Хæлар. Кæцæйдæр, æввахс ранæй уасæг йæ базыртæ нытъæпп-тъæпп кодта æмæ стæй ныу- уасыди. Бон дзир-дзур кæнын байдыдта. Арвы кæрæт- тæ æрбарухс сты. Уынджы иугай чидæртæ фæзынди, сэ$ къæхты тъæпп-тъæпп бæрæгæй хъуысы. Хæлар фæкаст æмæ уæртæ иу уæзласæн машинæ разынд, уый афтæ тагъд тæхы æмæ йæ фæстæ рыг сыстади, машинæ дзыхъ- хъыты хæрдмæ фесхъиуы, йæ уæлæ цы æфсæйнаг боц- къатæ.ис, уыдон хæрдмæ фæхауынц, бæстæ сæ гыбар- гыбурæй хæссынц. Бæ’лццæттæй йæ чи ауыны, уый тро- туармæ багæпп ’кæны, ка^сынтыл æм фæвæййынц. Алчи дæр æм мæсты кæны. Хæларæн æм йæ дæндæгты къæс-къæс ссыди. Уый уынджы астæу слæууыд, йæ къух бæрзонд сдардта æмæ машинæ бауромын кодта. — Кæй машинæ у? — афарста шофыры. — Колхозы, — дзуапп радта шофыр, рулыл хæцгæ- йæ. — Ды дæ фыдгæнæг, æндæр ницы, æдылы уæйыгау къуыппæй-дзыхъхъæй не ’взарыс, афтæмæй тæрыс ма- шинæ, — хыл кодта Хæлар гуымир шофырмæ, йæ шо- фыры чиныг ын байста æмæ йын загъта: Ныртæккæ ацу милицимæ, æз дæр дæ феййафын. Акт саразын нæ ба- хъæудзæнис!.. Хæлар уынджы кæронмæ æрхæццæ. Æрлæууæны 51
автобусмæ хъуамæ банхъæлмæ кæса. Автобус куы æр- лæууыд, уæд бæлццæттæ фæстаг схизæныл тагъд-тагъд сгæппытæ кодтой. Хæлар сæм йæ хъус дары. Бæлццæт- тимæ цыд, дыууадæс азы кæуыл цыд, ахæм скъоладзау лæппу дæр. Барæй уыдис æви æнæбары, бæлццæттæй чидæр лæппуйы йæ цонгæй атъæпп ласта æмæ фæстæ- мæ рахаудта, зæххыл йæ цыппæртыл алæууыди, йæ худ æмæ йæ чингуыты портфель иуырдæм ахаудтой. Хæлар шофырмæ уæлæмæ цыдæр сдзырдта, йæхæ- дæг цæрдæг бауади лæппумæ, зæххæй йæ фелвæста йæ дыууæ къухæй, йæ рыгтæ йын ацагъта, йæ худ æмæ йын йæ портфель дæр йæ къухы радта, стæй йæ раззаг схизæныл . сæргъæвта æмæ, автобус куы арасти, уæд бæлццæттæй кæмæндæр бауайдзæф кодта: — Сывæллоны дæ цонгæй асхуыстай æмæ-ахаудта, дæхæдæг æнцад сбадтæ æмæ афтæ хорз нæу, кæд ды куыстмæ ’тагъд кæныс, уæд^уый дæр йе скъоламæ тагъд кæны.' Ахъуыды ма кæн, дæхи сывæллоны ахæм уавæ- ры фснгæйæ, куыд фæуыдаис? Сывæллоны схойын* нæ .хъæуы, фæлæ иæ’рæвдаугæ хъуамæ бакæнай. Мæнæн мæ зæрдыл æрлæууыд, иу хатт раджы, ацы лæппуйы цахъхъæн куы уыдтæн, уæд мæ иу милицио- нер, Димоз, зæгъгæ,. машинæмæ .хизгæ-хизын куыдас- хуыста æмæ зæххыл мæ тъæпп куыд фæцыди, уыцы ха- бар. Мæхинымæр загътон, зæгъын, кæрæдзимæ тынг дард лæууынц Димоз æмæ Хæлар. Димоз уыди гуымир, æнæхсæст æмæ Хæлар та? Хайлар у уæздан, æмбаргæ адæймаг, адæмæн лæггадгæнæг, сабыр цард хъахъхъæ- нæг, рæзгæ сывæллæттыл аудæг. Цыма мын мæ хъуыды бамбæрстой бæлццæттæ, уыйау Хæларæн арфæтæ кодтой: — О, бирæ цæрай, Хæлар, æмæ адæмæн лæггад кæ- нынхъом уай ноджыдæр! ,
ЦÆУГÆ СЫРХ ТЫРЫСА Æрæджы уыдтæн мæ райгуырæн хъæуы. Гррæтæй хъæумæ бацæугæйæ, мæ бон нæу æмæ ма бацæуон кол- хозы правленийы канторæмæ. Уый фæстæ азилын бьь дырты, фенын колхозонты куыст, аныхас кæнын семæ æмæ, мæхи цæстæй куы фенын колхозы æнтыстытæ, уæд мыл цыма базыртæ базайы, уый’ау ме 'уæнгтæ СР0Г вæй- йынц æмæ хъæлдзæгæй æрфардæг вæййын нæхимæ. Æмæ ныр дæр нæ хъæуы колхозы канторæйы къæ- сæрæй куы бахызтæн, уæд фыццаг мæ цæстытæ схæцы- дысты, канторæйы къулыл цы сырх тырыса уыдис, ууыл. Колхозы нымайæгæн салам радтоы, йæ къух ын рай- стон, стæй йæ афарстон уыцы сырх тырысайы тыххæй. — Уый, мæ хæлар, цæугæ сырх тырыса у, нæ кол- хозы къухты бафтыд æнувыд ,куысты фæрцы: фарон хъæууоихæдзарадон куыстыты нæ колхоз фыццаг бы- нат кæй бацахста, уый тыххæй нын æй радтой, — уæ- лæмæ сыстгæйæ мын рахабар кодта нымайæг. Уый уыди Хынцæгты Бæтæг — Стыр Фыдыбæстæ- йон хæсты хайадисæг, асæй бæрзонд, фæтæнрцу æмæ фидæрттæ конд. Хæстæй куы рыздæхтис онгцухæй, уæ- дæй нырмæ кусы колхоз «Ног царды» нымайæгæй. Гос- питалæй æрцæугæйæ, фыццаг хатт мах хæдзармæ бацы- дис. Фæлæ уæд уыдис æнкъард æм,æ фæлладгъуыз. Иæ рахис къах йæ уæлæ кæй нал уыдис, уый фенгæйæ, мæ зæрдæ тыхджын фæрыст, фæлæ йын мах не ’ппæт дæр пыфсытæ æвæрдтам, зæрдæ фидаргæнæн ныхæстæ йын кодтам. Бæтæджы æрцыд фехъусгæйæ, сыхæгтæ, цин- гæнгæйæ, махмæ цыдысты æмæ йæ уæд схъæлдзæг код- там. Фæлæ-иу уый фæстæ дæр Бæтæг йæ хауд къахы тыххæй æнкъард кодта. Бæтæгæн хорз уавæртæ арæзт æрцыд. Колхоз ын хæдзар сарæзта, пенсп иста, кусын дæр райдыдта. Фидар зæрдæйы хицау уыд Бæтæг æмæ- иу кæддæриддæр афтæ дзырдта: 53
— Ныр хæст фæци æмæ цард ногæй аразын хъæуы. Æмæ колхозы кусын райдыдта нымайæгæй. Бæтæг бынтондæр аивта йæ хуыз. Иæ сау бæзджын сæрыхъуынтæ фæстæмæ афаста, йе стыр æрттиваг цæс- тытæй худтис æмæ мын афтæмæй йæ фенд тыхджын æхсызгон уыдис, — советон салдат, хæстæй онгцухæй æр- цæугæйæ, йæхи нæ ауагъта. Уый сси колхозы разамынд- гæнджытæй иу. Уый у колхозы райдиан парторганиза- цийы секретарь дæр. — Æз цæуын быдырмæ, тыллæг куыд æфснайынц колхозоитæ, уый фенон. Ардæм дæ фенынмæ фездæх- тæн, —*афтæ загътоы Бæтæгæн, стæй йын хорзæй баз- зай загътон æмæ рацыдтæн. Диссаг у арвы хъуыддаг. Цалынмæ канторæмæ нæ бацыдтæн, уæдмæ хур афтæ тыхджын æндæвта, æмæ фæсонтæ сыгъта. Ныр, дуармæ рацæугæйæ, кæсын æмæ арвы риу сау бæзджын мигътæ æрбахгæдтой. Дард кæм- дæр арв ныннæрыд, нырттывта æмæ къæвда ныккалын- æввонг сси. Дымгæйы уддзæф никуыцæйуал цыд. Бæс- тæ ныггуыппæг æмæ нытталынги. Æртæхтæ кæнын бай- дыдта. Къæвдайы ставд æртæхтæ уæлхæдзæрттыл сæхи цавтой æмæ фæндырдзæгъдæгау кодтой. — Мæнгагъуысты бын уал балæу, науæд та ардæм рацу, ныртæккæ колхозонтæн сæхи дæрардæм хъæ- уы, — фæстейæ мæм рахъæр кодта Бæтæг.' Къæвда тыхджын ныссæх-сæх кодта æмæ ма цы гæ- нæн уыди — быдырмæ нал ацыдтæн, канторæмæ дæр нал аздæхтæн, фæлæ мын Бæтæг цы мæнгагъуыстмæ бацамыдта, уырдæм балыгътæн. Кæсын æмæ уалынмæ мæ фæдыл, пыххуылыдз къæвдамæ, афтæмæй æрбахæц- цæ ис стыр цъиуджын карк йæ цъиутимæ. Карк, хорз командирау, 'уйæ сæрыл бæрзонд схæцыд, йæ цъиутæм акасти, фæсидти сæм, цыма сæ нымапгæ акодта, иууыл- дæр ын уым куы уыдысты, уæд разæй ацыдис, мæнга- гъуысты балкъоны бынмæ йæхи байста, стæй, йæ ба- зыртæ дардыл айвазгæйæ, йæ бынмæ цъиу-цъиугæнгæ- йæ йæ лæппынтæ иугай-дыгай балыгъдысты, уый дæр сæ йæ базырты бын æнгом æрбатыхта йæхимæ. Гыццыл цъиутæй ма иу йæ сæр карчы базыры бынæй сдардта, фæлæ йæ карк ауыдта, уайтагъд, йæхи иуырдæм фæзил- гæйæ, уый дæр амбæрзта, афтæмæн сæ хъарм кодта, йæхи ныллæг æруадзгæйæ. Æстдæс цъиуы банымадтон ацы каркæн. Æстдæс цъиуы бакодта йæ дыууæ базыры 54
бын! Æрмæст, æвæццæгæн, мæнæй тарсти æмæ къуыртт- къуырттгæнгæ, ме ’рдæм арæх фæкæс-фæкæс кодта. — Кæсут, ацы карк дæр ма йæ лæппынты хъарм кæны йæ базырты бын. Æмæ мах, колхозонты та ацы иумиаг агъуыст бахъахъхъæнæд къæвдайæ, — æвиппай- ды мæ уæлхъус февзæргæйæ, хъæлдзæгæй, хъазгæмха- сæн загъта, колхозонтæй фыццаг чи æрбахæццæ мæнга- гъуыстмæ, уый. Къухмæрзæнæй йæ хуылыдз къухтæ асæрфта, мæ къух мын райста, стæй мын æгас цузагъ- та. Уый фæстæ афтæ бакодта каркмæ амонгæйæ: — Уыдон нæ фермæйы кæрчы.тæй сты, æвæццæгæн, къæвда куы ныккалдта, уæд се ’мбæлттæй фæхицæн сты, æмæ ам сæхи бааууон кодтой. Цалынмæ мах карк æмæ цъиуты тыххæй ныхас’код- там, уæдмæ иннæ колхозонтæ дæр радгай-дыгай кол- хозы мæнгагъуыстмæ æмбырд кодтой. — Ныртæккæ къæвда бæргæ ницæмæн хъæуы, фæ- лæ арвы ныхмæ кæй бон у хæцын, æндæра изæрмæ а-чызг йæ куысты нормæ уæлдайджынтæй сæххæст код- таид, — сырх сæрбæттæн йæ сæрæй сисгæйæ æмæ йын йæ дон лæмаргæйæ, загъта Уарди — колхозы бригадир. — Тыллæг афоныл æмæ рæстæгыл бафснайынæй хуыздæр цы ис, фæлæ та кæд нæ бригадæ дæр фæстейæ нæ баззаид, — афтæ ныхас кодта, йæ сæрыл худ кæ- мæн нæ уыдис æмæ къæвдайы йæ къæбæлдзыг сæры- хъуыитæ кæмæн ныххуылыдз сты, уыцы æвзонг лæппу Хазби. — Алчи уæ йæхицæй куынæ æппæлид, — ныхас бап- пæрста колхозонтæй чидæр. — Иунæг бригадир ницы бакæндзæнис, мах уым куынæ уæм, уæд,—загъта æндæр колхозон. — Æз та афтæ зæгъын æмæ куысты æнтыстытыл куы дзурай, уæд рæнхъон колхозонты кой дæр хъуамæ скæнай. Уый тыххæй æмæ колхозы куыстытæ чи ’ххæст кæны? — Колхозонтæ. Зæгъæм, цæугæ сырх тырыса чи райста æмæ цæй тыххæй? — Нæ колхозонтæ сæ хорз куысты тыххæй, — райхъуыстис æртыккаг хъæлæс. — Уымæй растзæгъыс, Уасил: æнæ колхозонтæ кол- хоз дæр пæ уаид, фæлæ кащы-фæпды колхозæн дæр хорз къухдариуæггæнджытæ куынæ уа, уæд колхозæн æнтыстытæ дæр нæ уыдзæнис, — загъта Уарди æмæ ма стæй йæ ныхасмæ бафтыдта: — Æмбæлттæ, афтæ ма банхъæлут æмæ æз мæхицæй æппæлгæ ’кæнын, æз æр- 55
мæстдæр бригадир дæн, фæлæ нæ колхозы уæнгтæ æмæ уæлдайдæр та сæрдар æмæ парторг хорз кусынц. Сæ хорз куыстæн æвдисæн — цæугæ сырх тырыса. — Уарди цæстмæ митæ дæр зоны, æндæра колхозы сæрдар æмæ парторджы хорзы кой нæ кæнид, нæ сæ æп- пæлид, — Уарди йæ куыннæ фехъуыстаид, афтæ иу сылгоймаг "иннæ сылгоймагмæ ныллæг хъæлæсæй ба- дзырдта. Æмæ кæд Уасил сылгрймаджы ныхас нæ фехъуьь ста, уæддæр афтæ зæгъы: — Уарди искæмæй æнæхъуаджы раппæла, уый йæм нæй æмæ, раст цы у, уый зæгъы. Фæлæ йæм мæ цæс;гом хъуамæ бахъæца: йæхи цухдзинæдтæ нæ уыны, никуы сыл фæдзуры. Зæгъæм, знон комбайн фæссихормææфс- найд фæци йæ фадыг. Илас «ын йæхæдæг дзырдта, фæ- кæсон уæм, зæгъгæ, фæлæ ды (ныр комкоммæ дзырдта Уардимæ) не сразы дæ, комбайн, дам, нæ куысты фа- дыджы не сырæхсдзæнис, нæхæдæг, дам, æй бæстондæ- рæй бафснайдзыстæм. Уымæй ды дæхи равдисынмæ хъавыдтæ, æмæ ныр кæсыс: къæвда скодта æмæ афтæ- мæй хор бафснайдзынæ!» — Тыллæг æфснайынмæ æнхъæлмæ кæсьтн нæ хъæ- уы, тыллæг æфснайын у ахсджиаг хъуыддаг æмæ, сæр куы бахъæуа, уæд æхсæв дæр хъуамæ кусæм, æхсæв! *Уасил æмæ Уардийы ныхæстæм колхозонтæ базмæ- лыдысты сæ бынæтты. Алкæй дæр сæ фæндыд ныхас кæнын, æмбырды куыд фæныхас кæнынц æитыстытыл æмæ хъæндзинæдтыл, афтæ, фæлæ Уарди Уасилы кри- тикæмæ скарзи, йæхи нал баурæдта, æмæ цыма æмбыр- ды ныхасы 0ар ракуырдт-а, уыйау размæ ралæууыди æмæ афтæ зæгъы: — Æмбæлттæ, рæстытæ дзурут, фæлæ фæстийæ та кæд баззадыстæм? Фарон аз зилгæ Сырх тырыса цæй тыххæй райстам? — фарст радта æмæ йын йæхæдæг дзуапп радта: 100 гектары фæзуатыл нын бафснаинаг уыдис фæззыгæнд æмæ уалдзыгæнд мæнæу, — рæстæгыл сæ бафснайдтам, 50 гектары нын нартхор тыд уыдис — æмгъуыдæй раздæр æй -бабæстон кодтам, 30 гектары нын тыд уыдис картоф æмæ халсар — æмæ уыдон дæр афтæ— графикмæ гæсгæ сæ бафснайдтам, нæ районы колхозтæй сеппæтæй раздæр фестæм тыллæг æфснайд. Ацы аз дæр та фæстейæ нæ баззайдзыстæм. Сæр куы бахъæуа, уæд æхсæв дæр кусдзыстæм, æхсæв! 56
Колхозонты ноджы тыхджындæр сразæнгард код- той куыстмæ Уардийы ныхæстæ æмæ кæд нырма къæв- да йæ уарынæй нæ банцадис,. уæддæр сæхи цæуынæв* вонг скодтой быдырмæ. Колхозонтæ зыдтой, Уарди хъазуатон кусæг кæй у æмæ йæм чидæр ахæм фарст радта: — Тыллæг æфснайынæй фыццаг бынат чи ’рцахста, соцерысы куысты чи фæуæлахизи фарон, уый цæуылнæ зæгъыс, Уарди? — Кæй зæгъын æй хъæуы, мах бригадæ, — цыма йын фыст уыдысты ацы ныхæстæ, æмæ дзуапп дæттын- мæ цæттæ уыдис, уыйау æвиппайды фæрæвдз ис Уарди. Хазби мадзура лæппу уыдис, куысты та — æвзыгъд æмæ ньгр дæр æнцад хъуыста Уасил æмæ Уардийы ныхæстæм, къæвда бон у, æвдæлон сты æмæ бирæ дæр дзурæнт, — дзырдта йæхинымæры, фæлæ иугæр брига- дæтыл дзырд куы цыдис, уæд нал фæлæууыди, йæ къæ- бут аныхта æмæ хылгæнæгау афтæ зæгъы: — Уасил æмæ Уарди, уæ ныхæстæм гæсгæ цыма нæ бригадæ ницы аразы, афтæ йæ æмбарын. Алчи ма йæ- хицæй ма ’ппæлæд. — Карчы цъиуты фæззæджы фæнымайынц, фендзы- стæм, кæддæра чи хуыздæр бакуса. Уарди дæр нал фæлæууыди æмæ хъазгæйæ афтæ ба- кодта: — Сау æмæ урс абанайы рабæрæг вæййынц. Уардийы ныхæстыл колхозонтæ бахудтысты, фæ- хъæлдзæгдæр с’гы æмæ ныр æндæр хабæрттыл ныхас кæнын райдыдтой. Колхозонтæ цалынмæ ныхас кодтой, уæдмæ къæв- да дæр йæ уарынæй фенцадис, лыстæг хъарм æртæхтæ ма ракодта æм’æ стæй арв раирдис, хур арвы астæуæй разынд æмæ уæд колхозонтæ сцин кодтой, кусгæ бон сын скæндзæн, зæгъгæ. — Хур йæхи ныннадта! — загъта хъæлдзæгæй Уарди æмæ, сæрбæттæн фæстæмæ йæ сæрыл абæтгæйæ, зæх- мæ рахызтис. — Æмбæлттæ, — дарддæр дзырдта уый,— ныры хур тыхджын у æмæ цалынмæ нæ куысты бынат- мæ хæццæ кæнæм, уæдмæ хуымтæ кæрдынæн сбæздзы- сты. Науæд æфсиртæ къубалæгæй хауынц кæрдгæ-кæр- дын фырхусæй. Колхозонтæ, сæ разæй Уарди, афтæмæй араст сты хъугомы хуымтæм сæ бæркадджын тыллæг æфснайын- 57
мæ. Æппæты фæстийæ тамако дымгæ цыдис комбайнер Илас. Иннæ колхозонтæ дыууæ бригадæйæ кæрдгæ дæр æмæ ссивгæ дæр кодтой æндæр фадыджы, хйцæнæй, ком- байн кæм нæ рæхстис, ахæм фадгуыты æмæ уымæ гæс- гæ цыдысты æндæр фæндагыл. Иласæи йæ комбайн лæууыдис быдыры астæу. Уый фидар къахдзæфтæгæнгæ цыд æмæ сæрыстырæй дзырд- та: — Æз тагъд нæ кæнын. Хур дзæбæх ракæса æмæ хуымтæ кæрдынæн бæззой, уый йедтæмæ мæ фадыг ар- дыгæй изæрмæ дæр куыстгонд фæуыдзынæн. Илас дæр æмæ иннæ колхозонтæ дæр тагъд кодтой сæ куыстмæ, хуымтæ кæрдынæн æмæ ссивынæн бæз- зынц æви нæ, уæддæр. Уыдонæй алкæй зæрдæ дæр дзырд- та колхозы кадджын тырысаимæ. Уый сæ разæнгард кодта куысты ног æнтыстытæм.
ЦАРДВÆНДАГ Ие ’хсай азы йæхи фесты Хъæвдынæн. Хицауад ын цæрæнбонтæм пенси снысан кодта æмæ ныр йæхицæн дзæбæх, æнцад-æнцойæ улæфы. Æмæ афтæ ’нхъæл дæ, цъус ын снысан кодтой пенси, — мызд цас иста, пенси дæр уыйбæрц исы. Мæнæ йын цы цард æрцыди, — рай- сом æй куыстмæ цæуын нал хъæуы, куыд æй фæиды, афтæ улæфы, æмæ афтæмæй йæ царды бонтæ æрвиты. Раджы рæстæджы-иу стæм хъæздыг лæгæй загътой аф- тæ, тæхуды, зæры бонты удæнцой цард кæмæн ис, зæгъ- гæ. Ныр, мæ бон, Хъæвдын йæхæдæг тæхудиаг баци, ахæм удæнцой, æвæлмæцгæ цард кæмæн æрцыди. Куыс- тæй йæ куы фæнДараст кодтой йæ уарзон æмбæлттæ, уæд дæр ын сæ арфæйы ныхасы уый дзырдтой: —Дæхи фæндиаг баулæф, зæгьгæ,. Хъæвдын. — Сыгъзæрин хицауад нын ис, адæмыл тынг хорз ауды, — загъта йæхинымæры Хъæвдын, стæй йæ цыбыр цуркæлвыд боцъо къухæй алæпьзытæ кодта æмæ мид- былхудгæ акасти, сывæллæттæ цы фæзуаты хъазыды- сты, уыцырдæм. Сывæллæттæй сæ иу, дæс-иуæндæс азы кæуыл цы- даид, ахæм, къæбæлдзыг сæр лæппу, пурти йæ сæрæй ныццавта, Калоты Зауыр, дам, дæн æз. Лæппу уæлгом- мæ сæмбæлд, пурти иннæрдæм атахт,. «Зауырæн» йæ къæхтæ хæрдмæ хъилæй баззадысты. Сывæллæттæ се ’мбалы ахæм уавæры куы федтой, уæд худæгæй бакъæ- цæл сты. Хъæвдынмæ дæр уыцы ныв цыдæр худæг фæ- касти, йæ дзыхы дзаг ныххудти æмæ йæ цæстытæ допæй айдзаг сты. — Сывæллонæй хуыздæр цы’ и зæххыл, зæрда^хъæл- дзæггæнæг у. О, уастæн сæ хицæутты фæндиаг байрæ- зой, цас мæ фæхудын кодтой, — загъта Хъæвдын æмæ къухмæрзæнæй йæ цæссыгтæ асæрфта. Æвæдза, азтæй та цы ис, азтæй? лæгыл кæуылты атæхынц, уый зонгæ дæр нæ бакæны. Хъæвдыныл дæр 59
кæд æхсай азы сæххæсти, уæддæр æй нæма уырны, уый- бæрц азты кæй рацард, уый. Фæхсбандоныл йæхи ’фæс-. тæуæз ауадзгæйæ, уый йæ хъуыдытæ дард ахастой. Цьь ма нырма знон уыди, уыйау йæ зæрдыл æрлæууыд, иу хатт раджы Бакойы æфсæнвæндаджы депойы куы куыс- та, уæд æм иу изæр хæдзармæ Козаты Разден куы ба- цыди æмæ йæ куы бафарста: — Лæппу, ’нæ Райгуырæн бæстæйæ ньш меньшевик- тæ хынджылæг куы кæнынц, уæд цы хъуыды кæныс? цы фæнд дæм ис? Æгайтма мах ам нæ гуыбынтæ сау кæрдзынæй æфсадæм. Гуыбын талынг скъæт у, фæлæ сæрибарыл тох кæнын та кад æмæ намыс у... Уæд ма йæ тæккæ лæппуйыл уыд Хъæвдын. Разде- ны ныхæстæ йæм тынг бахъардтой, меньшевикты кой- мæ маст йæ хъуырмæ ссыди, йæ бынатæй фестад, йæ цæстытæ цæхæртæ акалдтой, дзурын уыйбаррц ницы ба- фæрæзта, фæлæ афтæ бакодта Раздены æмбаргæ цæс- тытæм бакæсгæйæ: — Ды куыд кæнай, мæ зынаргъ æфсымæр, æз дæр афтæ, — Уæдæ æз мæ куыст уадзын æмæХуссар Ирыстон- мæ цæуын мæ мæгуыр адæмæн баххуыс кæнынмæ. Хуссар Ирыстоны фæллойгæнджыты растадты сеп- пæты дæр хайад райста Хъæвдын, уыди Бургъустаны хæсты. Хорз хъуыды кæны станицæ Бекешовкæйы цур тугкалæн хæст дæр. Йæ цæстытыл ауайы ныр дæр, иу урсгвардион хъазахъхъаг атаман кардæлвæстæй сыз- нæтгонд бæхыл бадгæйæйæхирауагъта комкоммæ Хъæв- дыпмæ. Хъуамæ йæ ныкъкъуыхтæ кодтаид. Хъæвдыпмæ фондзæхстон йедтæмæ ницы уыди. Хъазахъхъаг æй а-ныр æрцъыкк кæна, афтæ йæм Хъæвдын топп зулмæ фæдардта æмæ хъазахъхъаджы æхсаргард йæ астæуыл фæцъæли. Хъæвдыны дæр ма æндæр цы хъуыди, йæ домбай цæнгтæй февнæлдта хъазахъхъагмæ, бæхæй йæ æрæппæрста, стæй йæ зæххыл афæлдæхта æмæ йæ ных- хурх кодта, йу дзырдæй, æнæтугæргæвст æй акодта. Йе ’мхæстон æмбæлттæй чидæртæ тæхуды дæр ма бакод- той: — Ды бæргæ райстай дæ маст зæрдæйы фæндиаг, знæгтæн сæ тæккæ цæудæрæй, фæлæ дзы мах къухмæ ничи ’рхаудта гæлхæртты’ йедтæмæ. » Хæсты фæстæ дыккаг бон Дзадтиаты Алыксандр ба- цыд Хъæвдынмæ, æмæ йæ хъазахъхъаджы маргæ йæ- 60
хæдæг федта æви йын æй исчи дзырдта, уый нæ зоны, фæлæ йын йæ уæхск æрхоста æмæ афтæ зæгъы: — Молодец, Хъæвдын, ирон лæджы ми бакодтай, хорз басгуыхтæ хæсты быдыры, урсгвардионтæн сæ цæу- къатæй иуы хорз ныммур кодтай дæ къæхты бын. Хъæвдыны кой арæх фæкæнынц рагон болыпевик- тæ, партизантæ, йемæ тохты хайад чи иста, уыдон. Йæ- хæдæг дæр сæ æрымысы, иуран куы æрбамбырд вæй- йынц йæ хæстон æмбæлттæ, уæд. Æмæ, æвæдза, Хъæвдын цы радзура йæ рацæугæ царды фæндагæй, уыдон бирæ сты. Сæ хъæуы фыццаг хатт колхоз куы арæзтой, уæд æм уымæй раздæр ничи бацыд, бонджынтæ ма йæм марынæй æртхъирæнтæ дæр кодтой, фæлæ-иу сæ уый мурмæ дæр никуы ’рдардта. Дыууæ галы, иу æфсæи гутон, галуæрдон, дыууæ бонгæ- ны хуымзæхх, — йе уыдон уыдысты йæ мулк, йæ фæл- лой æмæ сæ колхозы бæрны бакодта, йæхæдæг йæхи æмхуызон мæгуыртæ æмæ æмбисцæрæг зæхкусджыти- мæ иумæ кусын райдыдта. Цæмæй колхозтæ хæлд æр- цыдаиккой, уый тыххæй бынæттон кулæктæ цынæ фыд- митæ кодтой, цынæ алывыд мысыдысты, фæлæ сæм Хъæвдын нйкуы байхъуыста, йæ иу хъусæй-иу сæ фе- хъуыста ^æмæ-иу сæ йе ’ннæ хъусæй ауагъта. — Советон хицауады сæрыл мæ туг ныккалдтон æмæ ныр йæ политикæйы ныхмæ рацæудзынæн? Нæ, уый ни- куы уыдзæн! Мæнæн хицауады ныхас закъон у æмар йæ æххæст дæр хъуамæ скæнон. — Æмæ усæй, лæгæй дыууиссæдзгæйттæй иу хъæц- цулы бын куы хуыссат, уæддæр ма кусдзынæ колхо- зы? — иу хатт æм йæ марг æвзаг сласта сæ хъæуккаг бонджын лæг Уасил. — Уый хуызæн мæнг ныхæстæ цъулбертæ кæнынц, Советон хицауады знæгтæ. Æвæццæгæн, ды дæр се ’мбал дæ, æндæра ахæм ныхæстæ (нæ кæнис. Алчи уæ йæхи- цæн æнцад куы ’рбадид, науæд... Уасил фырмæстæй бæргæ адæнгæли уыцы ныхас- мæ, фæлæ «мæгуырты паддзахмæ» (Хъæвдыны афтæ хуыдтой бонджынтæ) хæйрæг бауæндæд тызмæг ныхас скæнын комкоммæ. Колхозы арæзтады Хъæвдын, йæхи ’мхуызон мæ- гуыртимæ æмæ рæстæмбис цæрæг зæхкусджытимæ æнгом æмае фидар цæдис саразгæйæ, фæуæлахиз сты, сæ хъæ- 61
уы колхозыл «Ног цард» сæвæрдтой æмæ^цæрынтæ рай- дыдтой амондджын цардæй. Фæлæ Советон хицауады знæгтæ æнцад кæм бад- тысты, сæ цæстытæ хаудтой йе ’нтыстытæм кæсынæй. Афтæмæй дын фашистон Герман иу бон куы уыд, уæд фыдвæнд ныккодта æмæ æнæхæст расидгæйæ нæ бæс- тæм æрбабырста. Советон адæм сæ къахыл слæууыды- сты æмæ Хъæвдын дæр хæдзары кæм бадтаид? Уай- тагъд фæрасти хæстмæ. Раджы Бакойы мантерæй куыста, бастдзинады хъуыддæгтæ зыдта æмæ йæ ныр æфса- ды бастдзинады батальонмæ снысан кодтой. Хæсты рай- дианæй йæ фæудмæ ф|Зонты фæцис, «Сырх тырысайы орден», «Сырх стъалыйы орден» æмæ «Кавказ бахъахъ- хъæныны сæраппонд медал» йæ риуæй цæхæртæ калд- той, фæлæ йæхицæй никуы раппæлыди, хæсты фесгуых* ти æви нæ, уый тыххæй никуы ницы радзырдта. Фарс- той-иу æй, радзур-ма, зæгъгæ, Хъæвдын, кæм æмæ цæй тыххæй райстай уыц^1 ордентæ, фæлæ-иу йæ дзуапп уый фæци: * \ — Цы уын радзу^он, мæ хуртæ, исты, Цоциты Уа- сил кæнæ Хъоцыты Къостайау, Советон Цæдисы хъай- тар куынæ сдæн, уыдонау стыр куынæ басгуыхтæн, мый- йаг? Хъæвдын æфсадæй куы сыздæхти, уæд бастдзина- ды канторæйы куыста. Æфсады йæ дæсныйад хорз са- хуыр кодта. Афтæмæй цъус куы акуыста, уæд æй кус- джыты коллектив бирæ бауарзтой йæ арæхстдзинад æмæ иузæрдион куысты тыххæй. Йæхæдæг бирæ кус- джытæ бацæттæ кодта, бирæ æрыгон адæймæгтæн ба- цамыдта йæ фæлтæрддзинад. Никуы хъуыды кæны Хъæвдын æмæ йæ куысты фа- дыджы искуы телефоны хахх æнæкусгæ иу бон дæр фæ- уыдаид. Никуы дзы ничи рахъаст кодта. Цы’ кусджыты бригадæйæн разамынд кодта, уый Коммунистон куысты бригадйсйы ном дæр уымæи райста. Æмæ уыцы кад- джын ном сæ къухы æнцонтæй нæ бафтыд, — бирæ тых, бирæ хъару бахардз кодтой йæ райсыны тыххæн. Хъæвдын, йæ рацæугæ царды фæндагмæ фæстæмæ акæсгæйæ, арæх йæхи афæрсы: «Цымæ цы рацардтæн, уымæй исты ахъаз фæдæн нæ райгуырæн бæстæйæн? Фæлæ цы цъус сарæзтон, уый сыгъдæг зæрдæйæ, мæ ббн цы уыд, цы хъару мæм уыдис, уый никуы бахæлæг кодтон», æмæ цыма.искæимæ дзырдта, уыйау йæ къух С2
фæхъил кодта, фæзуаты пуртийæ цы сывæллæттæ хъа- зыди, уыдонырдæм, æмæ йын хъæрæй дзырд фæци: — Мæнæн цы нæ бантысти саразын, уый та уæртæ уыдон баххæст кæндзысты. — Дæ хорзæхæй, Хъæвдын, кæимæ ныхас кæныс, ам дæм æввахс куы ничи бады? — афарста йæ йæ сы- хаг зæронд лæг Габо æмæ уый дæр фæхсбандоныл йæ фарсмæ æруагъта йæхи. Хъæвдынæн йæ дзыхæй хъæрæй ныхас кæй сирвæз- ти, уый тыххæй куыддæр фефсæрмы ис, фæлæ фæцæт- тæ ис: — Кæимæ ныхас кæнын куы зæгъай, уæд уæртæ уыцы стыр лæджимæ, — къухæй ацамыдта Ленины егъау цыртмæ. «Уый удыгæстæй удыгасдæр у», — хъуамæ ма йæ ныхасмæ бафтыдтаид Хъæвдын, фæлае йæ Габо афарста, газетты ногæй цы фыссынц, зæгъгæ? — Газетты бирæ ног хабæрттæ ис фыст, дæ рын бахæрон, фæлæ «ныры фæлтæр коммунизмы цæрдзы- сты» уыцы сыгъзæрин дзырдтæ фыст кæм сты, мæнмæ дзы уыдонæй хуыздæр ницы кæсы ног хабæрттæй. Хъæвдын дæр æмæ Габо дæр иу дзæвгар ницыуал сдзырдтой, æрмæст цины хъуыдытæ сæ сæры аленк код- той, сæ мидбылты-иу бахудтысты сæ дыууæ дæр, цин- æнгас æвдыстой æмæ-иу рæстæгæй-рæстæгмæ куы Ле- нинмæ, куы та сывæллæттæм бакастысты. «Ныры фæл- тæр цæрдзысты коммунизмы». ’ — Уæдæ æз æмæ ды дæр коммунизмы цæрдзы- стæм, — уыцы хъуыды иу уысм дæр сæ сæрæй нæ хицæн кодта дыууæ зæрондæн. Æмæ, æвæдза, цæрын та кæй нæ фæнды коммуниз- мы!
ЗÆРДÆХУДТ Бæрнон кусæг у Сауи. Иу æмæ дыууæ хатты, мый- йаг, нæ уыди Суары хъæуы колхозы. Фарон дæр Гæм- сыры колхозы сæрдарæй уый бауромын кодта, кæд кол- хозонтæ йæ ныхмæ’ уыдысты, уæддæр. Сауи йæ фæнд атардта: уæдæ ма мах та цЪ1 гæс стæм, кæд æмæ нæныч хас нæ атула, уæд. Ныр дæр, Сауи трибунæмæ куы схызтис, уæд йæ нейлон хæдоны æфцæггот бараст кодта, сыгъзæрин- гъуыз галстукыл йæ къух æруагъта, зына-нæзына йæ мидбылты бахудт æмæ райдыдта дзурын: — Зынаргъ æмбæлттæ, колхозы сæрдары хыгъдон доклЗдмæ æмæ стæй раныхасгæнджытæм дæр куыд бай- хъуыстам, афтæмæй фароны азы уæ къухы бафтыдзын- гæ æнтыстытæ. — Кæд нæ къухты зынгæ æнтыстытæ бафтыд, уæд колхозонтæ куыстбонтæм цъус продукттæ цæмæн райс- той, æхцайы капек нæ куы ничи райста? — фæстаг рæн- •хъыл чи бадтис, уыдонæй сæ иу -фарст радта Сауимæ, фæлæ йæ уый цыма нæ фехъуыста, афтæ равдыста йæ- хи, æмæ дарддæр ныхас кодта: — Уæ колхоз бындуронæц кæны фысдарды куыст, фæлæ басæттын хъæуы, фосы нымæц азæй-азмæ къад- дæр кæй кæны, ууыл. Хъуыддаг рараст кæнын хъæуы. Уæ фосæй Хъызлары чи амардис, уыдоныл та акттæ са- разут. — Нæ колхозы фосимæ дын цы фыстæ ис, уæдæ уы- дон нымæц цæуылнæ къаддæр кæны? — чидæр та бап- > пæрста ныхас, фæлæ йæ йæ цуры бадæг рæмбынкъæ- дзæй басхуыста, лæгæй худинаг у, зæгъгæ. ; — Худинаг цæмæн у, исты гæды ныхас кæнын? Æн- дæраз йæ фыстæ дæс æмæ дыууиссæдзы йеттæмæ нæ* ^ уьщысты, ныр ын фондзсæдæйы бæрц баисты, сæныччы } хъус дæр ын дзы нæ фæхъуыдис. '< 64
Æмбырды сæрдар къарандасæй стъол æрхоста, хъæлæба ма кæнут, зæгъгæ. Сауи йæ хъусты онг асырхи, йæ ныхас кæнынæй фæлæу-фæлæу кæны, барæй йæхи гæххæтмæ кæсæг скæ- ны. Дзуры дарддæр: — Фæлæ мæм дис кæсы, æмæ диссагдæр куыннæ у? Фæстаг хатт уæм куы уыдтæн, уæд уæ дыргъдæттæй зæрдæ рухс кодта, тынг зад уыдысты, алы бæласмæ дæр быцæутæ æвæрд уыдис. Æмæ уæдæ паддзахадмæ цъус тыллæг цæмæн радтат? Пълантæ цæмæннæ сæххæст код- тат? — Дыргъдæттæй хъæздыг тыллæг бæргæ райстам, нæ пълантæ дæр уæлдайджынтæй сæххæст кодтам, фæ- лæ къæрныхтæ сарæх сты, къæрныхтæ, æмæ сæдавынц! Æрæджы машинæйыдзаг фæткъуытæ фæцæйхъуызын кодтой, фæлæ сæ цæрæнбон бирæ уæд милицæйы кус- джытæн, фæндагыл сæ рацахстой, Æмæ уый уыдон ба- зыдтой, фæлæ мах кæй нæ зонæм, уыдон цæмæйзон цас сты. ,— Аслан, дæ ныхас ма фергомдæр кæн, машинæйы фæткъуытæ кæмæн ластой, уый ма ацы адæмæн дæр зæгъ, — колхозонтæй йæм чидæр бахатыд. — Уый та ды зæгъ, кæд æнцон у, уæд, — загъта, Аслан кæй хуыдтой, уый æмæ йæ бынаты æрбадтис. Ас- ланы чи фарста, уый йæ фарсмæ бадæджьГ хъусы ба- дзырдта: — Сауийæн сæ ластой, С.ауийæн, æмæ хъуыддаг ныссуйтæ кодтой. Нæ сæрдар æй бахъахъхъæдта, пад- дзахадмæ, дам, сæ хъуамæ радтаиккам. — Ау, æмæ сæ уæд æндæр районы цæмæн амидæг кодтой, нæхимæ дыргъисæн пункттæ цалдæр раны куы ис? Æмбырды разм^æ æнæхъæн хъæуыл айхъуысти, Са- уийы йæ .бынатæй кæй исынц, колхозы фосимæ сусæгæй йæхи сæрмагонд фос кæй дары, сæрдæй-зымæгæй сæ колхозы хардзæй кæй хизы, уыдæттæ. Æртæ тоннæйы фæткъуытæ дæр Сауийæн ластой, фæлæ йæм нал фæ- хæццæ сты ацы хатт. Уымаей дарддæр ма колхоз стуртæн скъæт куы арæзта, уæд уыцы æрмæгæй Сауи дæр йæхицæн стыр хæдзар ныззылдта. Колхозы скъæт куыд рæзтис, афтæ рæзти Сауийы хæдзар дæр! • ■ Уыцы хабæрттæ зонгæйæ, Суары хъæуы колхозон- 5. Плиты И. 65
тæ нал фефсæрмы кодтой Сауийæ, йæ цæстфæлдахæн митæ йын хурмæ ракалдтой. — Раздæр кæм уыдыстут, раздæр, нырыхуызæн æр- гом æмæ уæндонæй цæмæннæ дзырдтат? — Дзырдтам, дзырдтам, фæлæ нæ хахуыргæнджы* тæ хуыдтой. Къостайы загъдау: «Лæгдзарм тæнæг у, мæлын кæй фæнды!» Гæмсыр йæ доклады фæстæ æнцад бадтис æмæ хъуы- ды кодта, зæгъгæ, колхозы адæм нырæй активондæр никуы уыдысты, уæд исты фехъуыстой, райкомы минæ- варæй æфсæрмы дæр куынæуал кæнынц, минутæй-ми- нутмæ йæм дзырдæппарæн кæнынц. Цыма исты хорз- дзинадмæ æнхъæлмæ кæсынц, уыйау сты ныфсхаст æмæ хъæлдзæг. Колхозы сæрдарæй кæй равзарæм, зæгъгæ, уыцы фарстмæ куы æрцыдысты, уæд Сауи тыххудт бакодта æмæ, Гæмсырмæ бакæсгæйæ, загъта: — Уæ колхоз рæзты фæндагыл ныллæууыди, хорз сомбон æм кæсы. Районы хицæутты фæнды, цæмæй Гæм- сыр фæстæмæ колхозы сæрдарæй баззайа... Гæмсыр йæ къæхты бынмæ ныккасти.- — Æмæ дзы мах ничи фæрсы, мах? — йæ бынатæй сыстгæйæ загъта колхозонтæй иу. . — Куыннæ, куыннæ, зæгьут сымах дæр уæ фæндон. Фæлæ уал районы хицæутты фæндоныл ахъуыды кæ- нут. Мах уарзæм Гæмсыры, аргъ - ын кæнæм йæ куыстæн, æххуыс ын кæндзыстæм йе ’рвылбонон куысты. Колхозонтæ схор-хор кодтой: — Нæуæг сæрдар равзарæм, Гæмсыр нæ нæ хъæуы. Сауи амæсты ис, йæ ф&ндоныл кæй не сразы сты, уый тыххæй. Хъуамæ йæ ныхмæдзурджытыл фæхъæр кодтаид, бартхъирæн, сæм кодтаид æрцахсынæй дæр, фæлæ йæхиуыл фæхæцыд. Алыгъуызон хъуыдыты аны- гъуылдис. Фарон æмæ æндæраз дæр ацы колхозы хыгъ- дон-æвзæрстыты æмбырдтæ йæхæдæг ауагъта, æмæ-иу уæд йæ ныхас атылдис — дыууæ хатты дæр колхозы сæрдарæй Гæмсыры равзарын кодта. Фæлæ ныр. та? Колхозонтæ иууылдæр йæ фæндоны ныхмæ рацыдысты: Гæмсыр нæ нал хъæуы! Мæгуыры лæдзæг нын нæ къухты ныссагъта, колхозы фæллой ных* хайлæттаг кодта æмæ дзы дзуапп домæг нæй, районы хи- цæуттæ йыл сæ къух æвæрынц. 66
Сауи йæхи фæндоны тыххæй ницыуал загъта, фæ- лæ ма æнæбары афтæ бакодта: — Уæ бар уæхи, фæлæ лæмбынæг ахъуыды кæнут, ахæм равзарут сæрдарæй æмæ Гæмсырæй хуыздæр чи бакуса. — Уый афтæ хъуамæ уа, — райхъуыст хъæлæстæ. Сауи йæ фарсмæбадæг Гæмсыры хъусы цыдæртæ адзырдта. Чысыл фæстæдæр Гæмсыр сыстад йæ бына- тæй æмæ æлхынцъ æрфыгæй колхозонтæн бамбарын кодта, Сауийы кæй не ’вдæлы, районмæ тагъд кæй кæ- ны цыдæр æхсызгон хъуыддаджы фæдыл, æмæ йын бар радтæм æмбырдæй ацæуынæн, зæгъгæ. Гæмсыр хæдзары бахæс кодта бинонтæн, æмбырды фæстæ Сауи æмæ ма æндæр чидæртæ дæр кæй æрцæу- дзысты сæхимæ, æмæ хорз фынг куыд æрæвæрой. Сауи ацы хатт йæ ахуыр фехæлдта, нал баздæхтис йæ хæлар Гæмсыры хæдзармæ. Абадт машинæйы æмæ ацыд районмæ, колхозы æмбырд кæронмæ нæ ауагъта,' афтæмæй. Коммунисттæ æмæ фæскомцæдисонтæ колхозонти- мæ иумæ, колхозон цæвиттойнаг Уставы бындурыл æм- бырд кæронмæ ауагътой æмæ сæ колхозæн ног сæрдар сæвзæрстой. Дыккаг бон районæй æрбайхъуыстис, Сауийы йæ бынатæй кæй систой, уыцьт хабар. Хъызт боны фæстæ хур куы ракæсы, æмæ уый зæрдæйæн куыд, æхсызгон вæййы, афтæ æхсызгон уыди Суары хъæуы цæрджытæн дæр, Сауийы йæ бъшатæй кæй систой, уыцы хабар. 67
ФЫДЫБÆСТÆ Фыдыбæстæ, «цы номæй дæм бадзурон, уый ма мын зæгъ?» Цæргæсгъуыз Ирыстон, Советон Ирыстон! Мæ фыдæлты намысджын артдзæст! Мæ уарзон, мæ ныййарæг мад! Ды куы дæ æппæт дæр! Чысылæй, ныййарæг, дæ риуы хсыр дадтон, дæ фæлмæн хъæбысы æсхастон æз рæз. Æдзухæй дæумæ у мæ каст, дæуимæ мæ хъысмæт у баст, Мæ зæрдæ ис демæ дæ цйны, дæ хъыджы. Дæу хонын мæ мад дæр, дæу хонын мæ фыд дæр! Æфсымæр дæр, хо дæр, æрвад дæр, хæстæг дæр, æмгар дæр, хæлар дæр, æппæт дæр ды куы дæ мæнæн! » Зынаргъ у ныййарæг, йæ лæггæдтæ бирæ! О, чи йын сæ бафиддзæн, чи!.. Ирыстон, дæ куырдадзы ’хсыст дæн. Магнитау мæ \лвасы дæ царддæттæг тых. О, адджын дæ, адджын, Фыдыбæстæ, уарзон, мæ райгуырæн зæхх! Мæ цæстытыл уайы: цыма уый знон уыд, дæ фæ- тæнты хъомвос куы-иу хызтон æз. Бæрзонд рындзы сæ- рæй, сæгуыты сæныккау, фæлгæсыдтæн дардыл, мæ уа- дындз цæгъдгæ. Æрдзы рæсугъд уындæй кæм æфсæсти зæрдæ! Хæхты цъуппытæ арвмæ фæцыдысты, цыма, цыргъ арцытау, арвы гуыбыны сныхсынмæхъавынц, аф- тæ зынынц дардмæ. Хур йæ зынг цæстæй арф кæмттæм, сатæг лæнчытæм ныккасти. Бæстæ улæфы. Æрдз у са- быр. Æрмæст мæ акомкоммæ, бæрзонд тар хъæды сæр- мæ, зымтæ зилахар кæнынц. Æнæнымæц фосы дзугтæ, урс дуры цæндтау, зынынц бæрзонд хæхты фæхсытыл. Сæ фалейæ цъæх ада1гонды, дуртыл, хъæдастæуты, залмы сыфты ’хсæнты, астæумæ кæрдæджы суых-суых- гæнгæ, хъæрæй зарæггæнгæ згъоры, хæххон куырой кæ- уъ\л разила, ахæм къаннæг, фæлæ рæсуг дон. Æвæдза, рæсугъд дæ, Ирыстон! Дæ иу мидбыл фæхудт дæр у цæ- рæнбоны аргъ лæгæн! 68
Цыма зноц уыдис, уыйау мæ цæстытыл уайы: хъæ- ды-иу бадзæгъæл сты хъомвос, нал-иу сæ ардтон, æмæ- иу уæд бæгъæмвадæй сæ фæдыл згъордтон. Мæнæ уа- лынмæ къахы сныхсти сындз, къуылых-къуылых адугъ кодтон, нæууыл абадтæн, фарсылдарæн карды бырын- къæй сындз фелвæстон. Къахы туг акалдис. Ох, куыд. риссаг у, къахы сындз куы фæныхсы, уæд! Цæстытæ; доны зилынц. Кæм мæ ’вдæлы бадынмæ, фос агурын, хъæуы. Дæ цæстытæ асæрфтай дæ фæсмын хæдоны ды- стæй, счепп-счеппгæнгæ, фос агурæг зилыс тархъæды, æхсидтытæгæнгæ. Зынаргъ Фыдыбæстæ, мæ фыды уæзæг, уæддæр дæ никуы схъыг дæн, дæ цæст сау да^р дын никуы загътон, мæ цæст дæ ралгъитын никуы бауарзта. Дæ низтæ дын æз бахæрон ’фæлтау! Цыма знон уыдйс, уыйау мæ цæстытыл’ уайы: мин фарастсæдæ ссæдзæм азы июны мæйы меньшевиктæ мæ фыды къонайыл арт бафтыдтой... Сыгъдысты хъæутæ, хъæдтæ, сæ пиллон арвмæ калдис. Ссыгъди цард, ссыгъд æнæхъæн Хуссар^ Ирыстон! Лыгъдысты адæм æд фос фæсхохмæ, сæ чысыл муртæ се ’ккой хастой. Цыдтæн сæ фæдыл æз дæр æфхæрд-ссæстæй, æдых-æнкъардæй, фæл- лад-стонгæй. Мæ къухы . хастон мæ фыды хæзна, мæ хъæздыгдзинад, мæ дала фæндыр. Цыдис мæ мад дæр зæрдæрхæндæгæй, йæ цæссыгкалгæ. Иæ цæнгтыл хаста йæ ноггуырд саби тæнæг фæйнæджы уæлæ бызгъуырты тыхтæй. Иæ кæуын, йæ цъæхахст сиуи адæмы хъæр- хъæлæба, хъомвосы богъ-богъ æмæ устыты судзаггаг хъарджытимæ... Фæндаг ныддаргъи.л Азмæлæн нал уьь дис размæ фыдвæндæгтыл. Мæ уæрджытæ дыдæгътæ кодтой. О, куыд зын уыдис Зикъарайы æнусон цъити- джын хохы фæхстыл цæуын, куыд тынг ныффæллад- тæн!.. О, куыд зын мын уыд: Елхоты хъæуы, æфсæнвæн- даджы цур даргъ æмæ талынг къазарматы лидзæг адæм холерайæ цагъды кодтой, сæ тæригъæдæй бæстæ скъуыд- тæ кодта... Хуыды ма кæнын: нæ хъæуккаг урсзачъе зæронд лæг Хъарадзау, йæ уд исгæйæ, цæссыгкалгæйæ (æниу ма кæд куыдта, кæ, æхсарджын дада та!) фæдзæхста махæн: — Фыды уæзæг адджын у, мæ буц кæсдæртæ... Æз амæлдзынæн, фæлæ-иу большевиктæ куы фæуæлахиз уой, уæд-иу мæ ингæнмæ хъæрæй ныдздзурут: «Уæлæ- 6
мæ сыст, зæронд Хъарадзау, меньшевиктæ тард æрцы- дысты дæ фыдыбæстæй». - Зынаргъ Фыдыбæстæ, стонг æмæ бæгънæгæн, маст æмæ æфхæрдæн, — фæразон, знаджы фæндиаг нæ фес- тæм: —дзыхъхъынногæй рафтыдтай дидин! Нарты бай- зæттагæн, аланты хъал мыггагæн советон дуджы сæ рæз- гæ цот слæгтæ сты, цардаразæг дæр сæхæдæг систы, сæ рын бахæрон! < Хъуыды ма кæныс, мæ намысджын Фыдыбæстæ, раджы Ака æмæ Бега Хъолайы мæсыджы куы бабадты- сты æмæ паддзахы æфсæдты ныхмæ куы слæууыдысты кардæлвæстæй, топпæргъæвдæй сæрибары сæрыл то- хы — æгады цардæй мæлæт хуыздæр у, загътой. Дзауæй сæм хъæр кодтой: «Хъæдмæ айсут уæхи, хæхтæм айсут уæхи!» Фæлæ Чеселтгом нæ айстой хъæдмæ сæхи, нæ айстой хæхтæм сæхи. Сæ сæрмæ не схастой цагъардзи- над райсын Хъолайы фæсивæд, Бегайы сæрибаруарзаг адæм. . , Хъуыды ма кæныс, мæ уарзон Фыдыбæстæ, Антъон æмæ Шакройы, Олгъа æмæ Уасойы... Революцийы уы- лæн сæ йæ сæрмæ систа бæрзонд, æмæ зæхкусджыты ра- зæй тохмæ цыдысты паддзахы сатрапты ныхмæ, адæмыГ амонды тыххæй, рухс фидæны тыххæй... Хæхтæ æмæ кæмттæ, фæзтæ æмæ быдыртæ хъырныдтой хъæбатырты зардæн: «Дзауы уæрдæттæ тулгæ нал кæнынц, махæн не - знæгтæ худгæ нал кæнынц...» Зынаргъ Фыдыбæстæ, дæ цæхæрцæст хъæбултæ дæ сæрыл æрхастой сæ сæртæ нывондæн. Дæу тыххæй нык- калдтой сæ туг. Макуы ферох уæнт уыдон хорз нæмттæ нæ Иры дзыллæты ’хсæн тъымы-тъыматæм дæр! Æну- сон цыт хъæбатыртæн! Хъуыды ма кæныс, уарзон фыдыбæстæ, ирон адæмы легендарон хъайтар Харебаты Исахъ меньшевикты ных- мæ тохы дыууадæс цæфы фæцис Сачхереты хæсты бы- дыры, уæддæр йæ фидар цонгæй йæ фæринк кардыл бæрзонд хæцгæйæ, размæ, уæлахизмæ сидтис йæ сахъ фæдонтæм. Æхсарджын Исахъ .йæхи нæ радта фыдгул знæгтæн, йæ цонг’нæ фæллад, йæ хъару нæ асаст цæ* хæрцæст лæгæн. Æмæ йыл уымæн скодтой зарæг нæ ’ хорз фæсивæд: «Уæй, тох ныл ныккодта, хъæбатыр тох ныккодта ныр меньшевиктимæ». Х^уыды ма кæныс, нæ царддæттæг Ирыстон, ^ном- дзыд болыпевик Айдарты Знауыры? Уый Хцисы хъæуы 70
ахсджцаг куыст кодта йæ хæстон штабы. Фæлæ мæн^ гард знæгтæ æрхъула-кодтой хъæуыл. Айдарты Знауыр, цæхæрцæст лæппу, сæ къухмæ бахауд. Хæцæнгæрзтæ йæм ныддардтой æмхуызон: «Зæгъ ныр, кæм сты дæ партизантæ!» — нысхъæл, лæдзæгау, меньшевик Хим- шиашвили. Бæрзонд схæцыд йæ сæрыл Знауыр æмæ ныфсджы- нæй хъæрæй загъта: «Кæсут мæм: æз дæн хуымæтæг кусæг, æмæ мæ марут, фæлæ йæ зонут, кæрон æрцæудзæн цагъардзинадæн. Нæ бæстæ растдзæн. Нынныгуылдзæн уæ хур сымахæн. Уæлахиз мах у. Советон Уырыс æрцæ- уы æххуысмæ. Æгас цæуæд нæ фæтæг Ленин!» /Зынаргъ Фыдыбæстæ, Исахъ æмæ Знауыр, дæ зæр- диæгтæ, цæрынхъуаг уæвгæйæ, дæ сæрыл цыдысты мæ- лæтдзаг тохмæ, цæмæй ды цæрай, сæрибардзинад дæ къухы бафта, цæмæй тыхгæнæг знæгтæн сæ ’кой дæр ма уа зæххыл. Хъуыды ма кæныс, мæ цæсты рухс, Ирыстон, æр- тындæс коммунары налат мёныневикты къухмæ куы ба- хаудтой, уый?.. Згъудеры рагъмæ сæ скодтой къухба- стæй, æфсымæрон ингæны былыл æрлæууыдысты æр- тындæсæй иумæ — æртындæс бæгъатыры, фæлæ тæрсгæ нæ фæкодтой, иу дæр дзы йæ сæр не ’ркъул кодта, — сæрыстырæй фæлгæсыдысты цъитиджын бæрзонд хæх- тæм, æгæрон тыгъдбыдыртæм... Æрмæст ды уыдтæ сæ сагъæс, сæ мæт, дæуыл, Ирыстоныл, хъуыды кодтой ин- гæны былыл лæугæйæ дæр... цæмæй дæ знаг ма ссæнда, цæмæй мауал уа æлдар, æфхæрæг, цæмæй фæллойгæ- нæг йæ бартæ йæ къухмæ райса, амонд ссара йæ цар-' ды... Хъуыды ма кæныс, мæ цардамонд Ирыстон, гермай- наг фашисттæ нæ Райгуырæн бæстæм сырдон æгъдауæй куы ’рбабырстой, уый?.. Нæ горæттæ æмæ хъæутæ арв- мæ пиллон уагътой. Нæ мулк æмæ нын нæ фæллой пырх кодтой. Зæрæдтæ æмæ ’æнахъом сывæллæтты æгъаты- рæй æфхæрдтой, мардтой... Цæстытыл уайы: ирон адæ- мы хъæбатыр фырттæ æмæ чызджытæ не стыр бæстæ- йы адæмтимæ иумæ цыппар азы дæргъы сæ риутæй куыд хъахъхъæдтой, зынаргъ Фыдыбæстæ, дæ кад æмæ дæ намыс, дæ цыт æмæ дæ ном! Адæмæн æмбисонд Цо- циты Вася — къуыпных, фæтæнриу, арвы уæрæхты уый тахтис æмæ фашистон лæгмарты, пиллон калгæ, уырдЪ1гмæ куы калдта, Нарты Батрадзау сæ сухты 71
цагъд кодта. «Ахтунг, ахтунг!» — хъæр кодтой фашист- тæ, — «Цоцийы фырт уæлдæфы, уæхи дзы бахизут, уæ- хи дзы бахизут!..» Цæстытыл уайы: Сау денджызы уылæнты бæгъатыр Хъоцыты Къостайы катер ленк кодта размæ ныфсджы- нæй, налат пиратты-иу ныддæрæн кодта карз тохы бон- ты. • * Цинæй марди мæстыгæр денджыз ирон гуЬфды ми- тыл, йæ хъæбатырдзинадыл. Куыд бирæ бауарзта ден- джыз Хъоцыты Къостайы, йæ фæлгондз цæрдзæнис мыг- гагмæ йæ риуы. Уый арæх фæкæсы цымыдисæй Ирысто- ны урссæр хæхтæм — Къостайы хуызæн гуырд кæм схъо- мыл, уырдæм. Цæстытыл уайы бæгьатыртæй-бæгъатырдæр Плиты Иссæ. Йæ бæхджын æфсад кардæлвæстæй æгæрон тыгъд- быдыры, фатау, тæхынц, сæ разæй фæтæрынц гитлерон сырдты, туджы зæйты сæ хуыдуг кæнынц, чи ма дзы аир- вæзы, — бæхты къæхты бын æрцæуы æссæст. Хъæба- тырты разæй фыдгул знаг ныгуылæнмæ удаистæй лидзы. Зынаргъ Фыдыбæстæ, зæгъ-ма мын, чи фæнымай- дзæн де ’нувыд хъæбулты нæмттæ, бир,æ у сæ нымæц, денджыз — сæ хъару, сæ тых. Дæу тыххæй æппæт дæр сараздзысты уыдон бахъуаджы сахат.. , Мæ цæстытыл уайы: уалдзæджы, апрелы мæйы, иу райдзаст райсом, урсзачъе зæронд лæг, фæзмæ Ленины цыртмæ æввахс бацыд. Бирæ пионертæ, скъоладзаутæ фæтæджы райгуырды боны цытæн ардæм æрхастой алы- гъуызон дидинджыты губаччытæ, цырты раз рæнхъгай ралæууыдысты. Дада йæ урсзачъе адаудта, мидбылты бахудти, ны- ры хуызæн никуы батæхуды кодта æрыгон фæлтæрмæ: «Тæхуды уæ къона, ацы сывæллæттæ, йе ’взонджы бон- тæ афтæ х’ьæлдзæгæй чи ’рвиты», — загъта йæхиньшæр, стæй уæд Ленинмæ скасти æмæ, цыма удæгас Ленини- мæ ныхас кодта, уыйау райдыдта: «Ленин... Фæллойгæнæг адæмы фæтæг, нæ зондамо- нæг, Мах, ирон адæм буц стæм, нæ зæххыл дæ кæй уы- нæм, уымæй. Мах сæрыстыр стæм, иронау немæ ныхас кæй кæныс, уымæй. Ирон æвзагыл кæсæм дæ хорз чцн- гуытæ. Ленин, ды радтай мæгуыр хæххон адæмæн сæ- рибардзинад, ды нæ ракодтай уæрæх æмæ рухс фæндаг- мæ, нæ талынг кæмттæ нын ды куы срухс кодтай, нæ мæгуыры лæдзæг нын ды куы фехстай дардмæ. Цæргæ- 72
цæрæнбонты ирон адæм фыццаг хатт дæуæй базыдтой фыды лæггад, рæвдыд. Фæндаггон, дæ фæрсты цæугæ- йæ, æнæ дæумæ скæсгæ нæ фæвæййы, нæ! Иæ худ дын сисы, цыма йыл хур ракæсы, йæ зæрдæ хуры фарсмæ абады. Нæ хисдæр æфсымæр уырыссаг адæмы хъæбул Ленин! Ирыстон дæ фæрцы æфтауы дидин, нæ горæттæ æмæ нæ хъæутæ дæ фæрцы кæнынц бонæй-бон рæсугъд- дæр. Дæ’фæрцы фылдæр кæны цæ быдырты хорæрзад> нæ хæхты бæркад. Уый, Ленин, æппæт дæр дæ фæрцы куы сты нæ уæлахиздзинæдтæ!». Зæронд дада ныхас фæци. Сывæллæттæ тыхджын нымдзæгъд кодтой. «Ленины хъуыддагæн стæм кæддæ- риддæр цæттæ!» Цъæхснагæй зæлы æвзæнгты хъæлæс. Æз федтон: зæронд дадайы цины цæстысыгтæ йе ’нцъылд- тæ уадултыл æргæр-гæр кодтой. Æз федтон, Ленины номыл уæрæх, авджы хуызæн лæгъз фæзы, цъæх наз бæлæсты ’хсæн Кьостайы бæрзонд пьедесталыл лæугæйæ... Йæ уæлæ уæйлаг нымæт, басы- л1ыхъхъ йæ уæхсчытыл, йæ фарсыл хъама баст... Хъуы- дыты ныгъуылы поэт... Иæ цæстытыл уайы, мæнæ хохы цъассы, зæрватыччы ахстонау, хъæугæрон иу хæдзар бабукъ ис. Уым цæры саударæг идæдз ус. Йæ сидзæр сывæллæттæ бадынц фæныкмæ æнгом, чи бæгънæг, чи гом... нæй сын хæринаг... Уад’ тымыгъ хæссы... Уалынмæ йæ цырты размæ хъæлдзæг заргæ æрбацыдысты цард- бæллон сабитæ. • По^т сывæллæтты ’хсæн базыдта сидзæргæс мады сывæллæтты дæр. Уыдон нал уыдысты кæддæры хуыз- дзыд, æрхæндæг, фæлæ хъæлдзæг æмæ амондджын. Пьёдесталыл Кьостайы цыртыл хъазыдысты хуры тынтæ æмæ, дардæй’ бакæсгæйæ, афтæ зынди, цыма поэт сидзæртыд стыр амондæй йæ мидбыл худти. Æз .федтон колхозон быдырты тракторты кусгæ. Æмбисæхсæв у. Адæм сæ фæрныг хæдзæртты адджын фынæй кæнынц. Фæлæ тракторист нæ фынæй кæны. Уый рулыл хæцы æмæ йе ’фсæн гутонæй фæлдахы саумæр сыджыт. Æвзыгъд трактористæн куысты фарнæй æрт- тивынц йæ дыууæ цæсты. Æз федтон хæххон фыййауы фосы дзуджы фæдыл цæугæ, даргъ лæдзæг йæ къухы, иымæтхуд йæ сæрыл, афтæмæй. Уый уыд сабыр дуг, хур арвы астæуæй фæл- гæсыди дунемæ. Уалынмæ сасæста, арф кæмттæ, бæр- зонд хæхтæ аталынг сты. Уæртæ бæрзæндты тæрккъæв- 73.
•да рацыди, ныккалдта, тыхдымгæ бæлæсты æд уидæгтæ æнкъусы. Фос сызнæт сты къордгай фæйнæрдæм ли- дзынц. Уæрыччытæ мадæлтæй фæхицæнтæ сты, уасынц. Иххæццæ уарын байдыдта. Сæрвæт сæмтъери. Дæттæ раивылдысты. Фыййау скатай. Цы кæна ныр? Сæфынц йæ фос! Аппæрста уæйлаг нымæт йæ уæхсчытæй. Ставд их ын хойьГйæ сæр, нæмы йын йæ фос. Фæлæ фыййау удуæлдай фыдæбæттимæ фосы батардта лæгæтмæ. Зын у фыййауы куыст, фæлæ райгонд у фыййау йæ куыстæй! Æхсæнадон фос, колхозы фос, фыдбылызæй фервæзын кодта æмæ йæхицæй ныббуци. ’ Зынаргъ Фыдыбæстæ! Нæ бæстæйы столицæ Мæс- куыйæ куы рыздæхтæн, уæд загътон: дунетыл Мæскуы- йæ хуыздæр горæт нæй! Æмæ канд хорз горæт нæу: Мæскуы у сабырады гæнах, дунейы фæллойгæнæг адæ- мæн се скаст, сæ ныфс. Мæскуыйы уынынмæ цæуынц зæххы къорийы алы кæрæттæй дæр. Уыдонæй алкæй дæр фæнды Ленины мавзолей фенын, уадæмдых, хурæмном зæххон лæг Ленины фæлгондз фенын. Мæскуы куыд хорз у, куыд рæсугъд у!.. Тæхуды, уæд та зæрдæйæ-зæр- даёмæ ныккæсæн куы уаид. Дунетыл мæм арвæй зæххы ’хсæн мæ чысыл Ирыстонæй рæсугъДдæр ницы кæсы æмæ уый зæгъинаг дæн: куы ’рхæццæ дæн мæ райгуы- рæн уæзæгмæ, куы рывæрдтон мæ къах Иры зæххыл, куы сулæфыдтæн йæ сыгъдæг.уæлдæфæй мæ риуы дзаг, , куы скастæн нæ цъитиджын хæхтæм, куы афæлгæсыд- тæн, цæст кæуыл не ’ххæссы, уыцы тыгъдбыдыртыл; уæд ме уæнггæ срог сты, фырцинæй зæрдæ мæ риуы гуыпп-гуыпп кодта, маргъау мæ атæхынмæ бирæ нал хъуыдис. Куыд хорз дæ, Райгуырæн бæстæ, дæ рын ба- хæрон, дæуæй адджындæр зæрдæйæн куы ницы ис! Тæ- худы, зæгъын, мæ цæнгтæ дардыл куы ’ххæсиккой, куы сæ æртухин мæ Райгуырæн бæстæйыл, адджын тыхст ыл куы ныккæнин зæрдæйы фæндиаг! Ахæм у хъæбул æмæ фыдыбæстæйы уарзт., Мæнæн мæ фæндаг у уæрæх, мæ барта^ — бирæ, мæ дард — рæсугъд, мæ къахайст — фидар æмæ хъæддых. Коммунизм — мæ бæллиц, мæ фидæи, мæ сом! Коммунизмы къæсæрыл куы ’рлæууон, уæд хъуамæ зæгъон æз дæр барджынæй, æхсарджынæй иронау, мæ фыдæлты уарзон æвзагæй: * —Дæ бонтæ мын хорз уа, мæ ахсджиаг, рухс ком- мунизм! 74 •
САЛДАТЫ ЗÆРДÆ Цыппарæй цыдысты развæдсгарæг, цыппар хæстон æмбалы æд винтовкæтæ, æд гранаттæ, æд дамбацатæ. Сæ командир уыд Хæсанæ. Амæй-ай хъæбатырдæр лæп- путæ. Фæлтæрд, арæхстджын, цыфæнды зындзинадæн дæр — фæразон. Цыппар азы дæргъы хæсты цæхæры чи бахсысти, уæззау, гуыргъахъ фæндæгтыл чи рацыд, ахæмтæ. Цыдысты цæугæдоны былтыл, кæм сæ фазыл, кæм та-иу гуыбыны цъарыл дæр бырыдысты размæ. Коман- дæкæнынад сын бахæс кодта: хъуамæ базоной, цæугæ- донæн фаллдг фарс ныхмæлæууæг йæ позицитæ кæмы- ты равæрдта, уый æмæ тагъд фехъусын кæной уавæр. Гъе, уымæ гæсгæ, мæйдар æхсæвы цыппар хæстоны, кæрæдзимæ дæрддзæф цæугæйæ, сæ хъус дардтой донæн фаллаг фарсмæ. Иунæг чысыл уынæр дæр сæ никæмæй райхъуысти, иунæг къæцæлы къæрцц дæр никæй къæх- ты бынæй ссыди. Афтæмæй фæцыдысты цалдæр кило^ метры. Фæлæ знаг хинæйдзаг у. Гитлеронты стыр къорд Донæн фаллаг фарс сæхи æрфидар кодтой æмæ сæ по- зицитæ хъахъхъæдтой. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу ракетæ- тæ суагътой, бæстæ-иу афтæ тынг ныррухси, æмæ-иу до- нæн иннæ фарсмæ алы чысыл тæпп дæр бæрæгæй ра- зынди. Цыппар хæстоны дæр сæхи хызтой фыдбылызæй, йæ сæр сæ уæлæмæ ничи сдардта, зæххыл дæлгоммæ хуыссыдысты æмæ афтæмæй сæ хъус дардтой знæгты архайдмæ. Ныртæккæ сæ хи царды мæт ничи кодта. Сае бæллиц уыдис: командæкæнынады хæс сæххæст кæ- ньш. Ардбахæрд сæххæст кæнын. Чысыл фæстæдæр арвыл фæзындысты знаджы дыу- У& хæдтæхæджы. Бомбæтæ куыд рыппæрстой, уый Хæ- санæ нæ базыдта. Зæхх тыхджын ныррызти. Цыма вул- кан стыдта, уыйау сау-сауид сыджыты къуыбæрттæ 75
арвмæ йемæ сыскъæфта æмæ сыл фæстæмæ калдысты, Иу къуыбар дзы Хæсанæйы фæсонтыл сæмбæлд æмæ иу* цасдæр нал сызмæлыд, дæлгоммæ хуысгæйæ баззад, Куы ’рчъицыдта, уæд размæ акаст: йе ’мбæлттæй чидæр фæгæпп ласта æмæ къуылых-къуылыхгæнгæ фæлидзыл «Цымæ ме ’мбæлттæй исчи мæлæтдзаг цæф фæуы1 даид», — загъта йæхимидæг Хæсанæ æмæ фæстæмæ фа^ касти, йæ алфæмблацы ахъахъхъæдта. Ногæй та хæд^æ! хæджы гуыр-гуыр ссыдис. Хæсанæ хæрдмæ куыд фæ? кастис, афтæ чысыл фалдæр, къаннæг обауы фалейæ, бомбæ æрхаудта, ныггуыпп ласта æмæ та зæхх ныц- къуысти. Фæздæгæй ницыуал ауыдта Хæсанæ, йæ хъус? тæ фæкъуырма сты. Сыджыты лыстæг къуыбæрттæ ныр та ’ йæ сæрыл æрхаудтой. Хæсанæ дыууæ къухæй йæ сæр- мæ февнæлдта. Рыст баурæдта, йæхи ныффидар кодта!'. Зæгъгæ, йæ размæ обау нæ фæцис, уæд æй бомбæйы схъистæ фæхастаиккой. «Мæлæты дзæмбытæй ма тьь хæй аирвæзтис. , - / Хæсанæйæн ма ныр цы зонын хъуыдис, знагæн йæ позицитæ донæн фаллаг фарс кæй сты, уый. Гитлеронты стыр къорд уым сæхи’ æрфидар кодтой. ,Хæсанæ йæхи-: цæн тæрхæттæ кодта: «Цыппар æмбалæй ма иу-дыууæ: йæ удæгас уæддæр куы аирвæзикКой, уæд хабар фехъу; сын кæниккой командæкæнынадæн. Фæлæ кæм сты, ць! фесты ме ’мбæлттæ? Хæйрæг сæ зонæг. Æрдæбоны сы- джыты къуыбæртты цæфæй йæ сæр риссын райдыдта, йæ худ фелвæста, къух ыл æрхас^а, туг дзы куынæ ра- цыд, уæд загъта: Цæй, уымæн ницы у, зæгъгæ, æмæ гуыбыр-гуцбыр цæуын райдыдта. Дардмæ бæлæсты цъуппытæ суыдта æмæ фæныфсджындæр ис. Бæллыдис^ йе ’мбæлттæй искæуыл куы фембæлид, æмæ та фæстæг мæ фæкасти. ; Æнæнхъæлæджы пулеметы къæр-къæр ссыдис æмæ тæвд нæмыг Хæсанæйы тæккæ хъусы фæрсты ныцъыпь- гъуытт ласта. Зæххыл дæлгоммæ ахуыссыдис, къухæй йæ хъус асгæрста æмæ æнæхъæн куы баззад, уæд загъ- та: «Гъеныр мæ сæр бахъуыдис! Гуыбыны цъарыл быр- гæ, мæнæуый! Науæд нæ знæгтæ уынынц, мах сæ нæ уынæм, æмæ нæ афтæмæй иууылдæр ныццæгъддзыстьь Æмæ ма уæд командæкæнынадмæ зонæнтæ чи ныххæц- цæ кæндзæн? Афонмæ махмæ æнхъæлмæ кæсынц. Сæ каст махмæ у — развæдсгарджытæм». 76
Хæсанæ хæдæхс галиу къухмæ райста æмæ бырын райдыдта гуыбыны цъарыл. Хъæды дзыхмæ куы бахæц- цæ, уæд цырд фестадис æмæ, хъæды мидæгау бацæугæ- #æ, бæласаууонæй иудзæвгар фæракæс-бакæс кодта, кæ- цæй йæ æхстой, уыцы бынæттæм. Иæхинымæры дзырд- та: «Хæдтæхджытæ сæм иС. Уый уал.дын иу. Дыкка- джы: алыгъуызон хæцæнгæрзтæй ифтонг сты. Бирæкæй сты, уый дызæрдыггаг нæу». Хæсанæ гранаттæ бараст кодта йæ фарсыл, хæдæхс рахис къухмæ райста æмæ хъавгæ, цыма цæмæдæр хъуызгæ кодта, уыйау йæ къæхтæ фæлмæн ист кодта размæ. Ирон æмбисонд йæ зæрдыл æрлæууыдис: «Фыд- былыз фæзыны хи къахы хæдбынæй дæр», зæгъгæ. Знаг æнцад нæ бады, гæнæн ис, æмæ хъæды иукъахфæндæг- тыл минæтæ нывæрой. Гæнæн ис æмæ назбæлæсты хих- ты ’хсæн дæр бамбæхсой æмæ дæ уырдыгæй ныггæрах кæной. Гъе, уымæ гæсгæ Хæсанæ уыдис цырддзастдæр æмæ къæрцхъус дæр, афтæмæй цыдис тархъæды зыбыты иу- нæгæй мæйдар æхсæвы, æнæзонгæ фæндæгтыл. Фæлæ фæстæмæ цæугæйæ йæхиуæттæм æввахсæй-æввахсдæр кæй кодта, уый зыдта. Бон дЗир-дзур кæнын байдыдта, арвы кæрæттæ æр- бацъæх сты, æмæ уæд Хæсанæ йæ развæндагмæ лыстæ- джытæ кастй, чизоны йе ’мбæлтты фæд разынид, фæ- кæс-фæкæс кодта кæрдæджытæм дæр, йæ цæстхаста бæ- лæстыл, чизоны, сырдæй тарстысты, æмæ сæ исчи бæла- сыл схызти. Фæлæ нæй æм& нæй! Æвæццæгæн сæ бом- бæ фæхаста. Цынæ вæййы... Хæст хæст у. Фæстийæ баз- задысты зæгъон, æмæ донбылтыл æмбæхсæн бынат ни- куы йс. Цæуы Хæсанæ тархъæды иукъах фæндæгтыл æмæ йæ сæры гуырынц алыгъуьгзон хъуыдытæ. Фæлæ дзы рох нæу иу хъуыддаг: цыфæнды амалæй дæр сæххæст кæнын хъæуы командæкæнынады хæс! Кæд ме ’мбæлт- тæ удæгас баззадысты, уæд, чизоны, мæ разæй фесты æмæ уæд хабар уыдон радзурдзысты. На уый нæ, уæд æз хъуамæ сарæхсон мæхи бахъахъхъæнын, цæмæй зо- нæнтæ мæхæдæг фæхæццæ кæнон. Хæсанæ афтæ хъавгæ, афтæ арæхстгай цыдис, æмæ хъæды зылын-мылын, къæдз-мæдзытæ иукъахфæндагыл йæ къахы бынæй иунæг къæцæлы къæрцц дæр нæ фæ- цыдис. 77
Ныр, тархъæды дзыхæй куы рахызти, æмæ æнæкæ- рон быдырыл йæ цæст куы ахаста, уæд йæ риуы дзаг сулæфыдис, йæ цыд фæтагъддæр кодта. Цæуын дæр ыц фенцондæр ис. Хæсанæ куыд дарддæр цыдис, афтæ йæм дардæй амыты-уымыты цыдæр сау тæппытæ зынын байдыдтой., Мæнæ уалынмæ иу къаннæг цады цурмæ бахæццæ, æр^ лæууыдис. Цадæй æддæмæ цонджы стæвдæны йас дон’; хуырдуртыл ’згъоры дæлæмæ къанаувæдыл. Хæсанæ дард фæндагыл рацыд, сдойны ис, ныггуы-, быр кодта, дон баназон куыд загъта, афтæ, иуæрдæм фæкæсгæйæ, æнахуыр диссаджы ныв ауыдта: бомбæ кæй скъахта, ахæм уæрмы фарсмæ зæххыл æнæзмæлгæ-, йæ хуыссы æрыгон сылгоймаг. Иу афæдзы бæрц кæуыл цыдаид, ахæм сывæллон йæ риумæ сбырыдис, йæ чы- сыл къухтæй йын йæ дзидзитæ расæрф-басæрф кæны. Фæлæ дзидзитæ, кофтæйæ æддæмæ къуыпп цы дарынц, уый йедтæмæ зъшгæ нæ кæнынц. Сывæллон дзидзитæм йæ дзых бахæссы, куы ницы бафты йæ къухы, уæд та фæстæмæ ракæсы, мæгуыр, тæригъæддаггъуызæй. Хæсанæ æнæбафиппайгæ нæ фæци, сывæллон æх- хормаг кæй у, æмæ дзидзи кæй агуры, уый. Фæлæ æрьь гон сылгоймаг у мард. Иæ галиу ф’арсæй туг чфæцыд æмæ зæххыл бацахст. Йæ фарсмæ хызын. Хæсанæ йын йæ комбаст айхæлдта, ныккасти дзы — кæрдзыны хус къæбæртæ йæ мидæг, цæхджын хуыйы фыд гæххæтты тыхт. «Æвæццæгæн, дон нуазынмæ æрбацыд ардæм. Фæ- лæ йæ маргæ чи акодтаид. Сывæллон ма удæгас куыд баззад», — сылгоймаджы хъысм-æтыл хъуыды кæнгæйæ, загъта Хæсанæ æмæ йæ алфæмблаймæ аракæс-бакæс кодта. Ауыдта дардыл къахт уæрм, бомбæйы схъисæй’ кæй фæмард ус, уый ма йын цы базонын хъуыд! Хæсанæ æргуыбыр кодта, марды риуæй систа,сы- вæллоны йæ хъæбысмæ. Уый хæрдмæ скасти, йæ бинаг был фæзылын кодта æмæ скуыдта. Развæдсгарæгæн йæхи зæрдæ дæр суынгæг, фæлæ йæ бирæ сагъæстæм не ’вдæлд — дзидзидай сывæллон æххормаг у. Исты амал ын хъæуы. Иæ фарсыл хæссæн хы- зынмæ нывнæлдта, кæрдзыны фæлмæн дзы стыдта æмæ йæ сывæллонмæ дары. Уый йæ нæ исы. Нæ йæ исы уы- м^ен, æмæ уый нырма кæрдзыны ад нæ зоны. Кæрдзыны къæбæр доны атылдта Хæсанæ, кæд 78
афæлмæн уаид, зæгъгæ, фæлæ та йæ афтæмæй дæр нæ айста сывæллон. Иæ былтæм ын æй бахаста, уый йæ былтæ дæр нæ фæзыхъхъыр кодта. «Уæдæ ма йын цы кæнон? æххормаг сывæллонæн цы бахæрын кæнон?» — тыхсы йæхимидæг хъæбатыр хæстон. Сывæллоны йæ риумæ æнгомдæр æрбалхъывта æмæ хъуыдыты ацыд. Йæ цæстытыл ауадысты йæхи ус æмæ йæхи сывæллон. Хæсты райдианæй фæстæмæ сæ ницы бæрæг зоны. Фыс- тæг сæ никуы райста, кæд сæм йæхæдæг фыста фыстæ- джытæ, уæддæр. Чизоны йын йæ уарзон усы дæр немы- цæгтæ афтæ амардтой æмæ ацы сылгоймагау дæргъæй хуыссыди зæххы. Чизоны уымæн дæр йæ сывæллон йæ риумæ сбырыдис æмæ дзидзи агуырдта... Ныры онг ахæм хъуыддæгтыл никуы ахъуыды код- та’Хæсанæ, Хæст хæст у. Хæст кæм вæййы, уым мæлæт дæр вæййы. Иæ фыд Дзæх — революцийы салдат, афтæ-* иу арæх дзырдта, зæгъгæ, хæстон лæг, знаджы ныхмæ тохгæнгæйæ, бинонты æппындæр ма хъуамæ хъуыды " кæна, уæд, дам, йæхи дæр бабын кæндзæн æмæ ма стыр зиан æрхæсдзæн æфсадæн дæр: Ацы хъуыдытæ куыд кодта, афтæ йæ хъустыл ауад кæйдæр къæхты хъæр æмæ фæстæмæ фæкасти. Хъæды дзыхæй рахызт, æфсæддон дарæс кæуыл уыд, ахæм бæрзондгомау чызг. Хæсанæ цады цур, къу- тæры фæстæ æрæмбæхсти, дзуццæг бадт æркодта, сы- вæллон дæр йæ хъæбысы, афтæмæй. Чызгмæ йæ хъус дары. Чызг, хъæдмæ ’ввахс бомбæ кæм фехæлд, уыйонг бацыд, уæрмыл йæ цæст арахæсс-бахæсс кодта æмæ стæй комкоммæ цадмæ йæ фæндаг ракодта. Хæсанæ йæ базыдта, уый нæхиуæттæй у, медицинон хо, фестадис йæ бынатæй, чызгмæ йæ къух фæтылдта, дзургæ ницы скодта, афтæмæй. Хæсанæ цыма йæ командир уыди æмæ йæм хæстон бардзырд дæттынмæ сндтис, уыйау чызг уайтагъд йæ уæлхъус февзæрдис æмæ сдзырдта: — Хъусын дæм, æмбал лейтенант, — загъта æмæ сывæллонмæ кæсынтыл фæцис Чызг æнхъæлмæ касти, лейтенант æм цæмæ фæдзырдта, уымæ. — Дæ фенд мын æхсызгон уыдис, мæ хойы хай, — загъта Хæсанæ. — Ацы сывæллонæн цы ми бакодтаин, уымæн* мæ сæрæн ницы зыдтон æмæ... Чызг дыууæ къухæй бавнæлдта сызæллонмæ, йæхи- 79,
мæ йæ райста, йæ риумæ йæ балхъывта, стæй лейтенан- ты сагъæссаг цæстытæм бакасти æмæ загъта: — Æмбарын дæ, æмбал лейтенант, ныр сывæллоныл мауал хъуыды кæн, тагъд æй ф&хæццæ кæндзынæн сан- батмæ. Ды дæ хæстон хæс æххæст кæн! — Ды уыдзынæ ацы сывæллоны ирвæзынгæнæг, мæ- нæн та мæ ныфс æмæ мæ кæнгæ хо. Æмæ кæд удæгас баззайон, уæд дæ мæлæты бонмæ дæр нæ ферох кæн- дзынæн. — Цыма йын йæхи сывæллоны рæвдыдта уыцы чызг, уыйау ын зæрдиаг арфæтæ кодта. • Сывæллонмæ ма иу каст фæкодта Хæсанæ, стæй чызгæн хæрзбон загъта æмæ фæрастис йæ фæндагыл. Сывæллон ’нырмæ æнцад лæууыдис, фæлæ цыма Хæсанæйыл ахуыр уыдис, уыйау йæ фæдыл скуыдта. Хæсанæ фæстæмæ фæкæс-фæкæс кодта сывæллон- мæ дæр æмæ чызгмæ дæр, йæ къух сæм тылдта æмæ хъæрæй дзырдта: — Фенынмæ.уал, мæ хойы хай! Фенынмæ уал, М’æ чысыл хъæбул!, 80
БÆЛАСЫ ХЪАСТ Æз’’бæлас дæн, бæсты фидыц, адæймаджы хæлар! }(ур мæ, пыййарæг мадау, рæвдауы. Къаннæг талабæ- лас уыдтæн, зæххæй уæлæмæ дæр нæ зындтæн. Адæй- маг мæ схъомыл кодта таладоны, стæй мæ мæнæ ам — фæндаггæрон ныссагъта, мæ быныл мын дон кодта, мæ хус къалиутæ мын æхсæста. Зылдцух мæ нæ уагъта. Æмæбайрæзтæн. Сдынджыр дæн. Кæс-ма, бæрзонд фæ-. цыдтæн, мæ цæнгтæ — даргъ æмæ фидар. Мæ уидæгтæ фæйнæрдæм арф ацыдысты æмæ зæххы сой парахатæй цъирын. Æз бæлас дæн, цæстытæ мын ис, æмæ сæ уынын, хъус- тæ мын ис, æмæ сæ хъусын, зæрдæ мын ис, æмæ зонын, æнкъарын циндзинад цы у, æмæ хъыгдзинад цы у, уый дæр. Æз бæлас дæн, мадзура бæлас, кæсын-фыссын нæ зонын. Фæлæ хорз цы у, æмæ æвзæр цы у, уый æмба- рын. Адæмæй хæрзтæ куыд ис, афтæ дзы æвзæртæ дæр ис. Фæлæ сусæггаг нæу: хæрзтæ фылдæр сты. Æмæуый афтæ хъуамæ уа. Æвзæртæ цас къаддæр уой, уыйас цæрын æнцондæр у. Хорзы цур æвзæр гæнгæлыйæ хъау- джыдæр нæу. Æдых у, æнæбон, ницæйаг. Адæймаг, дæумæ дзурын, байхъус мæм. Æрдзы хъæ- бул дæн æз, æмæ кæд æрдзы уарзыс, уæд уарз мæн дæр, æз йæ’зæрдæйы тæгтæй иу дæн. Фарон фæззæг, уазæлттæ æмæ дымгæты фæстæ мæ сыфтæртæ куы азгъæлдысты æмæ куы абæгънæг дæн, афтæ дын, иу бон куы уыдис, уæд иу æнæхафт къамбе- Цы хуызæн лæг ’мæ уæлхъус æрбалæууыд, йæ къухы Дыргъ фæрæт, афтæмæй. Лæг мæм скæстытæ кодта. Цъуппæй бындзæфхады онг мыл йæ цæстытæ ахаста, цæуылдæр бацин кодта ^мæ йæ мидбылты бахудтис. «Ай мын æнæхъæн зымæг- йаг уыдзæни сугæн», — загъта йæхинымæры. Фæрæт мæ 6. Плиты И. 81
бындзæфхадыл бахъил кодта. Уалынмæ йæ къандзод" йæ уæхсчытæй феппæрста æмæ йæ зæхмæ фехста. Фæ* рæт ногæй йæ къухмæ райста æмæ мын æй а-ныр мге зæнджы ныссадза, афтæ дын æй мæ фарсмæ цæрæг ауыдта, йæхи йæм рауагъта, иргъæвæгау, æмæ йыл фæ- хъæр кодта: • \ ’ — Дæ хæйрæджытæ дæ сардыдтой, цы ми кæныс; бæлас цæмæн калыс? Лæг хъæрмæ фесхъиудта, фергъиау пс, цы ма, загъ- таид, уый нал зыдта, æрмæст ма афтæ сфæрæзтаг’ — Мæнæ бæлас хус кæны æмæ йæ калын’ хъæуы, уæдæ цы, сыфтæр ууыл нал зайы æмæ æндæр. — Мæнг зæгъæгæн йæ къухтæ бахус уæд, кæддæ- ра кæй къухтæ бахус уаиккой. Æмæ нырма хæрзæрæ-' джы куы азгъæлдысты йæ сыфтæртæ, уæд кæй сайыс? Тагъд дæхи айс ардыгæй, æндæра ныртæккæ хицауад- мæ фехъусын кæндзынæн æмæ дæ закъонæй бафхæр- дзысты. Хъæлæбамæ фæзындысты иннæ сыхæгтæ дæр. Ха- бар бæстон куы базыдтой, уæд æнæхафт къамбецы хуы- зæн лæгыл æххы ту фæкодтой æмæ йæ куыдзы тард фæкодтой мæ цурæй. — Исчи ма уый хуызæн бæлас калы. Уый фыдра- кæндыл нымад цæуы. Фæнды бæлас акал, фæнды лæг амар. Цы хъауджыдæр сæ ис. Бæлас дæр уд у, цæрын æй фæнды. Иу зæронд ус, чи мæ хъуамæ ракалдтаид, уый уай- дзæфты бын фæкодта: — Де гæр калай, Æррæби, сывæллæтты хицау куы дæ, уæд дæ дæ зæрдæ та куыд бахаста айхуызæн зам- манайы хорз бæлас ракалын. Нæ уынг уымæй куы фи- дауы, йæ быны фæбадæм, нæ фæллад дзы суадзæм. Адæм тыхджын сты. Цы сæ бафæнда, æмæ цьтнæ сараздзысты. Фьтдгæнæгæн йæ.фæндаг æрæхгæньтнц. Уæ- дæ! Мæн дæр фыдбьтлызæй фервæзьтн кодтой. Фыдгæнæг дурзæрдæ у. Тæригъæдтæ æмæ хатыртæ нæ зоны. Æрмæст æй ис йæхи мæт. Иæхи гуьтльт бьтн æндзары. йæ удæн æнцон уæд, папахат цард кæнæд, æмæ чи цьт фæнды дæр кæнæд! Искæй рис нæ зоньт. Ис- кæй маст æм нæ хъарьт. Бæстæ куьт судза, уæддæр æм дардæй кæсдзæн æмæ йæ мидбьтлты худдзæи. А-сæоды иу æнæхсæст шофыр, фæндагьтл цæуыньт фæткой фехалгæйæ, йæ уæзласæн машинæ мæ тæккæ 82
цурты æрбаскъæрдта, йæхи мыл схафта, мæ цæнгтæй мын сæ иуы йæ тæккæ рæбьщыл атыдта æмæ зæххыл дæргъæй аззадис. Шофыр фæстæмæ дæр нæ фæкаст> ныкъуырдта æмæ афардæг. Æппæты фыццаг мын мæ цонг зæххыл хаудæй чи федта, уыцы фæндаггон бамаст кодта. Машинæйы фæс- тæ ма бæргæ фæкастис, йæ номыртæ йын уæддæр куы. базыдтаин, зæгъгæ, загъта, фæлæ уæдмæ машинæ фæ- зилæны фæаууонис. , Фæндаггон раздæхтис, æргуыбыр кодта, мæ хауд цонг мып зæххæй систа æмæ йæ арæхстгай мæ дæллаг фарс æрæвæрдта. Тынг смæсты ис æмæ шофыры æл- гъыста: — Дæ цонджы фыдтæ бахæр, æмæ дæ рахис цонг та быныл ахауæд! Уæд базонис, кæддæра æнæкардæй ис- кæй цонг ахауын кæнын æнцон у æви зын. Цоцг ахауын кæнын мады рацъыччы хуызæн нæу, мæ бон. Дæ-дæ-дæй! Куыд тыхджын мын рысти!. Цас туг мæ фæцыди. Мæ цæстытæй цæссыг цас фæмызти. Хъæдгом æрæгмæ дзæбæх кæны. Æмæ садтæн, уæдæ цы уыдаид!- Кæд, дам, цæфæй нæ мæлыс, уæд, дам, дын уый та* рæхуыст. Иу сихорафон кæсын, æмæ дын мæ бынмæ иу æрыгон лæппу æрбацыд. Слæууыд æмæ дзæгъæл ракæс- бакæс кæны. Ныры кæсдæртæ рæсугъд æмæ уындджын сты. Йæ фенд мын æхсызгон уыдис. Бацин ыл кодтон. Мæ рæсугъддзинад æм равдыстон. Уалынмæ кæсын,. æмæ йæ дзыппæй хырынкъа систа. «Цы ми кæны, дæ хорзæхæй», — хъуыды кæнын мæхинымæры. Уый æввахс балæууыд мæ бындзæфхадмæ æмæ хырынкъайы бырын- къæй къахын райдыдта мæ бындзæфхады бæзджын цъар. Мæнæн мæ уд схауы. Мæ зæрдæйы мын цыма судзинтæ тъыссы, уыйау дудын æмæ риссын. Мæхи нал уромын. Фæлæ мæ хъаст кæмæн ракæнон. Адæмæй мæм æввахс ничи зыны. Алчи йæ куысты сæр лæууы. Лæппу дыууæ- дамгъæ: А æмæ О ныффыста мæ бындзæфхады уæлæ^ стæй йæ хырынкъа фæстæмæ йæ дзыппы нывæрдта æмæ ахъуыдты ис, мæ фыдбылызтæ йемæ ахаста. Ацы рыст дæр та ныууром, мæнæуый, де знæгтыт фыддæрадæн, æндæр гæнæн дзы нæй. Бон цæуы æмæ* фари йемæ хæссы. Чизоны, мæнмæ дæр цы амонд кæсыГ Æрдз æмæ адæймаг хæлæрттæ сты. Адæмы хорзæх мæ куы уа, уæд мын ницæмæй у тас. Æмæ уый мæхи* 8а:
цæй кæнгæ дæр у. «Иу адæмы тыххæй, адæм иуы тых- хæй». Афтæ фæдзурынц адæм. Æмæ уый æцæг афтæ у. Чи хъæуы æмæ чи ’мбæлы, ахæм хъуыддаг у. Иу изæрыгон, адæм куыстæй куы цыдысты, уæд æр- тæ æнахъом сывæллоны мæ быны бадтысты, хæдзæрт- тæ аразынæй хъазыдысты. Къаннæг хъæды лыггæгтæ кæрæдзийыл æвæрдтой. Хæдзар-иу сцæттæ, æмæ-иу стæй куы ныккалдис, уæд-иу худæгæй бакъæцæл сты. Сæ ный- йарæг мæдтæ сæм дæрддзæф бадтысты æмæ сæм сæ хъус дардтой. Уалынмæ дын иу рог машинæ уæллаг уынджы фæ- зилæнæй ратахтис, æмæ размæ нæ, фæлæ ме ’рдæм фæ- зылдис æмæ мæ зæнгыл йæхи ныццавта. Иуæй-иу хъыхъ- хъаг куыдз дæр ма афтæ кæны: дардæй дæм йæхи ра- уадздзæн, йæ раззаг къæхтæ дын дæ риуыл авæрдзæн, дæмæй дын дæ хъуырыл фæхæца, кæнæ дын дæ цæсгом ныттона. Ацы машинæ мæнæн дæр афтæ бакодта: цыма мæ уæлæ хизынмæ хъавыдис, уыйау йæ раззаг цæлхы- -тæ мæ даргъ зæнгмæ сæхи сæппæрстой, фæстаг цæлхы- тæ та зæххы аззадысты. Æз мæхимидæг базыр-зыр кодтон, мæ уидæгты онг мæ нынкъуысын кодта. Машинæйы ^раззаг хай бынтон- дæр ныппырхис. Йæ æвгтæ лыстæ’г згъæлæнтæ ныйисты. Сывæллæттæ’ сæ амондæн мæ зæнгæн иннæ фарс бадт фесты. Фæлæ сæ ныййарджытæ, æвирхъау ныв фенгæ- йæ, цъæхахстгæнгæ фæгæппытæ кодтой, сæ рустæм фæ- лæбурдтой: «Фесæфтыстæм, нæ сывæллæттæ машинæйы бын фесты». Афтæ хъæргæнгæ^мæ цуры ’февзæрдысты. Фæлæ сывæллæтты — чысыл хурты — рæзинæгты фыдбылызæй бахызт.он, сæ цард сын бахъахъхъæдтон, Ме ставд зæнджы фæрцы, мæ фидар бындзæфхады фæрцы удæгас баззадысты. Сæ низтæ сын мæ уд- ахордта. Милицæйы кусджытæ машинæйыл уайтагъд мæ уæлхъус æрбалæууыдысты æмæ рабæрæг кодтой: маши- нæйы скъæрæг уыди нозтджын, фæндагыл цæуыны фæт- кой гуымир æгъдауæй фехæлдта, мæн та ахъаззаг цæф фæкодта, мæ буар цалдæр ран фæхъæдгæмттæ ис. Милицæйы кусджытæ бынаты æвдисæнты цур акт сарæзтой æмæ фыдгæнæджы — шофыры семæ акодтой æд машинæ — æндæр машинæ йæ йæ фæдыл аласта. Адæмы арфæтæм хъусгæйæ, мæн мæ дудгæбæттæ байрох сты. Иууылдæр куывтой мæнæн: 84
— Ацы бæлас куынæ уыдаид, уæд æртæ сывæллоны дæр бабын уыдаиккой. — Уастæн, уый ам чидæриддæр ныссагъта, уый йæ хъæбулты хурæй бафсæдæт! Сывæллæтты мæдтæй сæ иу мæ бындзæфхадыл йæ къухтæ æрбатыхта, йæхимæ мæ балхъывта, цины цæс- сыгтæ калгæйæ: — Мæ адджын хъæбулы ирвæзынгæнæг дææмæ дæ абонæй фæстæмæ мæ "хуыцауы хай хондзынæн. Мæ цæфтæ мын бабастой, хæрзбон мын загътой адæм æмæ фæйнæрдæм аивылдысты. Æз мæхимæ ныззындтæн, мæхицæй тынг ныббуа дæн, адæм мæ кæй уарзынц, цæсты гагуыйау мæ кæй хъахъхъæнынц, сæ фарсмæчцæрон, уый сæ кæй фæнды, уый тыххæй. Мæ быны бадгæйæ, сыхæгтæ адджын ныхас фæкæ- нынц æмæ æхцондзинад райсынц. Къæвдабонты, бæлц- цон уа, æви бынæттон цæрæг, сæхи мæм æрбаппарынц, мæ даргъ, пæдæхсар къабæзты бын лæугæйæ, уыдонЫл иунæг æртах дæр не ’рхауы. Мæйрухс æхсæвты, уарзæттæ мæ быны лæугæйæ, кæрæдзийæн зæрдæбын ныхæстæ фæкæнынц, сæ уарзон- дзинад, уалдзыгон дидинæгау, райхæлы. Хъæддаг мæргътæ мæ уæлæ ахстæттæ кæнынц, сæ цъыбар-цъыбурмæ, сæ диссаджы зарджытæм хъусынæй кæй зæрдæ не ’фсæды! Мин хатты стæхынц æмæ мин хатты æртæхынц сæ чысыл лæппынтæм хæринаг хæс- сыны охыл, уыдонæн цард раттыны охыл! Æз бæлас дæн, бæсты фидыц, æрдз æмæ адæйма- джы æнувыд хæлар. Зæхх у мæ раттæг, мæ ныййарæг. Адæмæн хæссын æвдадзы хос. Бæлццоны бавæрын нæр- тон фысымау. Адæмы хæдзæрттæм рыг хæссын нæ уа- дзын. Мæхимæ æмбырд кæнын сыгъдæг уæлдæф. Ахъаз дæн адæмы æнæниздзинадæн. Мæ алфæмблай æрдзы хъахъхъæнын тыхдымгæтæй, уазæлттæй. Сæрд цъæх цухъхъа дарьш, зымæг та тинты кæрц. Æз бæлас дæн, бæсты фарн, бæсты фидыц, зæххон Адæймаджы æнувыд хæлар!
ХЪÆУ ЙÆ ХУЫЗ ЛИВТА Поезд Цхинвалмæ куыд æввахсдæр кодта, афтæ бæлццæттæ сæ хæссинæгтæ сæхимæ хæстæгдæр æвæрд- той. Бабале дæр йæ чемодан бандоныл йæ фарсмæ æрæвæрдта æмæ æнхъæлмæ касти, станцмæ кæд бахæц- цæ уыдзысты, уымæ. Дыууиссæдз азы бæрц нал уыдис хъæуы Бабале. Бакомæ раджы алыгъдысты йæ лæджимæ. Йæ лæг Алыкси йæ цæрæнбонты æфсæнвæндаджы кондукторæй фæкуыста. Бæлццæттæ ласæн поезды цыдис Бакойæ Ба- туммæ æмæ фæстæмæ Батумæй Бакомæ. Уый фæстæ-иу дыгай-æртыгай бонты улæфыдис. Иæ службæйæ дарддæр ма-иу æндæр куыстытæ дæр акодта Алыкси, æмæ афтæ- мæйкъæбæр хæрынхъом фесты. Фæстагмæ цардыл фæ- хæст сты. Зæнæг сын рацыд: дыууæ чызджы æмæ йу лæп- пу. Хæрдæмæ дарæс цух никуы баззадысты, афтæмæй уæлдæр скъолатæ каст фесты. Фæлæ иу бон куы уыд, уæд Бабалейы хæдзарыл æнамонд хабар сæмбæлд:йæ хæдзар- дарæг, йæ уарзон лæг Алыкси йæ службæйы рæстæджы поезды бын бахаудта, цæлхытæ йæ лыстæг челха скод- той... Хæдзар фæцудыдта. Фæстæдæр чызджытæ сæ амонд ссардтой — чындзы фæцыдысты, лæппу та ус æр- хаста. Иу афæдзы бæрц Бабале семæ ацардис, фæлæ чындз йемæ нæ фидыдта æмæ Бабалейы ахицæн код- той, сæ фарсмæ хицæн уаты иунæгæй цардис. Йæ лæ- джы тыххæй цы пенси иста, уымæй архайдта. Иæ хъуыдытæ йæ дардыл ахастой Бабалейы. Цы- мæ йæ ныр йæ лæджы ’фсымæр^ ус, йæ файнуст Кати куыд райсдзæн (йæ лæг Лади цалдæр азы размæ амар- дис), цы хуызæн цæстæй йæм ракæсдзæн? Ноджы ма хъуыдыты ныгъуылдаид, фæлæ уыцы рæстæджы дæргъ- вæтин æхситт фæцыдис æмæ поезд йæ цыд фæсабырдæр родта, чысыл фæстæдæр æрлæууыдис. — Уый та дын Цхинвал, нæхи Чъреба, — загъта Ба^- балейæн йæ ныхмæ бадæг сылгоймаг, уый Тбилисæй 86
йемæ рацыдис. Сæ дыууæ дæр сыстадысты. Вагонæй куыддæр æрхызтысты, афтæ кæрæдзийæн хæрзбон загъ- той, æмæ сæ иу иуæрдæм ацыд, иннæ та иннæрдæм." Бабале фæрсгæ-фæрсгæ, йæ чемодан йæ къухы, афтæмæй уæззаугай бацыдис билеттæ уæйгæнæн кассæ- мæ, билет райста, стæй вокзалæй рахызт æмæ, автобус- мæ кæм æнхъæлмæ кæсынц адæм, уым уый дæр æрлæу- уыд, йæ чемодан æрывæрдта асфалтыл. Бабале фæстаг хатт Цхинвалы куы уыдис, уæд вок- залы размæ цъыфæй азмæлæнтæ нæ уыдис. Ныр ма акæс, куыд рæсугъд рафидыдтой уынгтæ, стыр æмæ уæ- рæх фæз. Дæлæ уый та цырт. Ленин йæ къух размæ дары. Ам ^æр цæй бæрзонд хæдзæрттæ сырæзт! Бабале- йы зæрдæ барухси. Æниу, Дыргъджыны онг машинæ та кæд цыдис! Иууылдæр-иу къахæй цыдцсты. Ныр, дам, æм бон æр- тæ хатты цæуы автобус. — Цымæ Дыргъджыны хъæумæ цы машинæ цæуы, уый ам нæма ис, — машинæтыл йгё цæст ахæсгæйæ, ба- фарста Бабале иу йæхи цахъхъæн сылгоймаджы. ’ , — Мах дæр уымæ æнхъæлмæ кæсæм, ам нæма ис. Йæ цонджы сахатмæ æркасти: — нырма нæ фынддæс минуты хъæуы. Афæрсын аипп ма уæд, фæлæ Дыргъ- джынмæ кæмæ цæуыс? — Дæ разы Кати мæ файнуст у, куыд дын æй зæ- гъон? — Мæ лæджы ’фсымæры ус, Лади хуындис йæ лæг, чизоны йæ зыдтай? — Уæу, мæнæ фыны диссæгтæ, Бабале куы дæ, æмæ дæ куы нæуал базыдтон, — сылгоймаг Бабалейы къух райста æмæ йæ зæрдиагæй цæмæйдæрты фæрсын рай- дыдта. — Кæцæй ма мæ хъуамæ базонай, цард мыл йæ уæз æруагъта, Бабалейагæймæ ницыуал ис. Стæй, дæ фæхъхъау фæуон, дæ балгъитæгыл мæ бои акæнæд, мæ сæры хицау "æнамонд мард акодта, æмæ мæ тыхджын- дæр уый маст бадомдта. — Йæ лæппуйæ хицæн кæй у, уый тыххæй ницы загъта Бабале. Дыууæ усы ма ныхæстæ кодтаиккой, фæлæ уæдмæ дзыхъхъын ног автобус æрбатылд æмæ бæлццæттæ сæ- хи уыцырдæм байстой. — Уый мах автобус у, Дыргъджыны хъæумæ цæ- уы, — чидæр загъта бæлццæттæй. Бабале æмæ уыцы сылгоймаг дæр сæ хæссинæгтæ семæ айстой. 87
Бæлццæттæ сæ бынæттæ бацахстой. Бабале дæр йæ бынаты сбадти, йæ зонгæ сыЛгой-маг æндæр бандо- ныл сбадти, дæрддзæф æм уыди, æмæ уьшæ гæсгæ нал ныхас кодтой. — Иууылдæр сбадтыстут? — афарста шофыр бæлц- цæтты æмæ, иууылдæр ам стæм, куы загътой, уæд шо- фыр фæндыры тæнты хуызæн дуæрттæ ахгæдта, матор скусын кодта æмæ автобус йæ бынатæй фезмæлыди. Бабале фæрсагæй æттæмæ касти æмæ йыл дисæф- тыдис: уæвгæ, алы ран дæр цард куыд схорзи! Уый æн- хъæл та чи уыдис, æмæ Дыргъджыны хъæумæ искуы айхуызæн рæсугъд машинæ цæудзæнис. Бабале фæстаг хатт йæ лæджимæ куы уыд ам, уæд вокзалæй суанг сæ хъæумæ фистæгæй фæцыдысты, сæ хæссинæгтæ се ’ккæйтты хастой, афтæмæй. «Диссагыл дис дæр ничиуал кæны! Бако рагон го- рæт у, йæ ном ын рагæй хъуыстон. Цхинвал та нырма æрæджы сырæзти. Ныр ма йæм акæс, кæуылты ныззыл- ’ дис! Дыргъдоны хуызæн æй фестын кодтой. Бабале суанг Дыргъджыны хъæуы онг иу ныхас дæр никæмæ скодта, фæрсагæй касти быдыртæк, хъæу- тæм, дыргъдæттæм, сæндæттæм, йæ зæрдæ сæ рухс код- та. Автобус цалдæр ран æрлæууыдис, бæлццæттæй би- рæтæ ахызти, фæлæ ныр, хъæумæ ку.ы бацыд æмæ фæс- тæмæ куы разылдис, уæд базыдта Бабале, Дыргъджы- ны хъæумæ кæй бахæццæ сты, уый. Дыргъджыны хъæу дардыл айвæзта йæ къабæзтæ , æмæ йæ Бабале зонгæ дæр нæ бакодта. Йæ зонгæ сылгоймаг æм бадзырдта: — Бабале, рахизæм, машинæ ардыгæй фæстæмæ здæхгæ кæны, — йæ чемодан ын йæ къухмæ систа. Сæ билеттæ шофырмæ радтой æмæ æрхызтысты. Фæцæуынц уынджы. Фæлæ Бабалемæ æнахуыр хъæуы хуызæн кæсы. Иæ рæстæджы, хъæубæсты адæм цы ныллæг æмæ тъæпæн хъæдын хæдзæртты цардысты, уыдонæп сæ кой дæр нал ис. Уыдон бæсты асфалт уынгæн йæ дыууæ фарс дæр бæрзонд фæцыдысты дыгай уæладзыг хæдзæрттæ. Æмæ, зæгъгæ, уыцы ус нæ уыдис, уæд Бабале фæрсгæ-фæрсгæ цыдаид йæ фысымты агу- . рæг. — Уæдæ кæм цардыстут, уый дæр нал хъуыды кæ- ныс, — иу чысыл куы ауадысты, уæд æй бафарста сыл- ^оймаг, мидбылты худгæйæ. 88
Бабале йæ сæр батылдта: — Нæ, «мæ мæрдтыстæн, нал æй хъуыды кæнын. — Уæдæ мæнæ ацы æмбонды мидæгæй цы хæдзар ис, уым цардыстут сымах, ныр дзы Гаглойтæ цæрынц, Къусджытæй ралидзгæ сты. — Фæрнæй дзы цæрæнг, —загъта Бабале æмæ сырх агуиридурæй амад хæдзарыл кæрæй-кæронмæ йæ цæс- тытæ ахаста. * — Уæртæ уый та дæ фысымты хæдзар у, æфсæйнаг дуар ын ис, — сылгоймаг йæ къухæй бацамыдта, Га- глойты хæдзар кæй рахуыдта, уымæн йæ фарсмæ цы хæдзар ис, уымæ. Иæхæдæг Бабалейы чемодан зæххы хъæбæрыл æрæвæрдта æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыд- та: — Мæн ма иу цъус фалдæр бауайын хъæуы къахæй. Кати мæ куы ауына, уæд мæ уый афтæ тæгъдты нæ ауадздзæнис, цингæнаг у, мæн та æвдæлгæ нæ кæны колхозы куыстæй. — Хæрзбон загъта Бабалейæн æмæ атындзыдта сæхимæ, Бабале йæ фысымты иууылдæр бынаты баййæфта. Улæфты бон уыдис æмæ Катимæ йæ дыууæ чындзы* дзыд чызджы дæр æрцыдысты. Лæппу йæ ус æмæ йæ дыууæ сывæллоны улæфæн хæдзармæ акодта йæхи машинæйыл. Ныр Бабалейы фæстæ уый дæр æрбахæц- цæ ис æмæ сæ уазæгыл тынг бацин кодтой. — Æгайт-ма дзæбæх, сæрæгас дæ, Бабале. Уæллæй, гъе, хуры фендау нын æхсызгон у дæ фенд. Кæй нæ абæрæг кодтай, уый тыххæй дæ æнæкæрон бузныг стæм,-— загъта Катийы лæппу Будзи æмæ ма йæ ны- хасмæ бафтыдта: — Нæ фыды ’фсымæр, дæ сæры хицау, мæрдты рухсаг уæд, мардæй æвзæр ничи дзуры, фæлæ нæ иунæг хатт дæр никуы бабæрæг кодта йæ удæгасæй. Будзи ауад æмæгаражы дуар бакодта, йæ«виллис»- бафснайдта, фæстæмæ дуар сæхгæдта, чысыл фæстæдæр кæрты Бабалейы фарсмæ бандоныл .æрбадтис æмæ йæ цæ^æйдæрты фæрсын райдыдта. — Хицæттæ кæрæдзимæ куынæ фæцæуынц, уæд кæ- рæдзи рохгæнаг сты. — Уæдæ куыдтæ цæрынц: дæ лæппу, дæ чызджытæ, дæ чындз, сæ зæнæг? Акæс-ма, дæ хорзæхæй, иуы дæр дзы нæ зонын æмæ худинаг нæу? Дæхиуæтты ма зонай, цыма ахæм дард стæм кæрæдзимæ. Бирæ цæмæйдæрты фарстой Бабалейы йæ фысымтæ æмæ сын уый дæр дзуаппытæ лæвæрдта. 89*
— Ныхас кæнын дæр хорз у, цæмæннæ, фæлæ уазæг дард фæндагыл рацыдис, æмæ уал исты хæринаг куы фениккат, стæй уæд ныхас дæр кæндзыстæм, — загъта Будзи. Бинонтæ Бабалемæ хъыгзæрдæ уыдысты, кæрæдзи- мæ дæр уый аххосæй нæ цыдысты. Æмæ кæд хабар ра- джы уыдис, уæддæр-иу æй арæх æрымысыдысты. Уый та уыдис афтæ’: иу хатт сæм Бакомæ Лади ныццыдис. Йе ’ккой цы фæрæзта, уый сын хæрд æмæ нозт ахаста. Уæд ма Бабалёйы лæг Алыкси дæр удæгас уыди. Дыууæ •боны æмæ сæм дыууæ æхсæвы баззадис Лади. Хъуы- мæцтæ, къахдарæс æмæ æндæр цыдæр дзаумæттæ æл- хæдта æмæ бои изæрмæ магазинты зилыныл бахъуы- дис. Иу райсом цай рахсыста Бабале. Алкæмæн йæ кружкæйы цур фæйнæ æнгуырстуаны йас сæкæры къæртт æвæрд, дæ дзыхщ йæ бакæн’ æмæ айдагъ дон хуыпп кæн кæрдзынимæ. Ладийæн йæ сæкæры къæртт йæ дзыхы адон ис æмæ йæ цайы кружкæ æнæадæн ба- нызта. * Æмæ ма уый дыфæнды дæр фод! Ладийыл резинæ дзабыртæ уыдис, пакрдшкæйы резинæйæ хуыд уыдысты. Сæ уæлфæдтæ. бынмæ хæцыдысты æмæ сæ бынтæ та хæрдмæ. Сæ уæлæ рыг бадаг уыди. Бабалейæн йæ пъол- тæ сырх ахорæнæй ахуырст уыдысты, лæг сæ йæхи уыд- та, æрттывтытæ калдтой. Лади йæ къæхтыл рыг бахаста æмæйæ фæдтæ бæрæгæй разындысты. Бабале хуылыдз хæцъил йæ къухы дардта æмæ Ладийы фæдтæ сæрфта, Лади сæфсæрмы ис æмæ стъолы фарсмæ æрбадтис бандоныл, йæ къæхтæ стъолы бын æмбæхсæгау бакодта, Уæд тй Бабале стъолы бынмæ дæр ныггуыбыр кодта .æмæ’та Ладийы къæхты, алыварс сæрфын райдыдта. «Ацы ус мæ афтæмæй нал ныууадздзæн», — загъта йæхинымæры Лади. Сыстад æмæ дуармæ рацыд. Нал бацыд хæдзармæ, сæфсон кодта, мæ зæрдæ цыдæргъуы- ’ зон хæццæ кæны, сыгъдæг уæлдæфмæ рацыдтæн, зæгъ- гæ. Иæ дзыхмæ .къæбæр дæр нал схаста. Æртыккаг бон дæр цæуинаг нæ уыди сæхимæ, фæлæ йæм уыцы хъуыд- даг хъыг фæкаст æмæ нал ныллæууыдис. Райсом ра- джы сыстад. Фысымтæ йын дзырдтой, абон баззай, зæгъгæ, фæлæ ма йæ цы баурæдтаид! Фæтæргай, æмæ уæдæй фæстæмæ сæ тæфтыл дæр никуыуал ацыдис. 90
Уыцы бонæй фæстæмæ Бабалетæй дæр ничиуал уыдис Дыргъджыны хъæуы. Уый фæстæ Бакомæ чи цыдис, иу ахæм лæгæн Лади ныхæстæ арвыста Бабалемæ йæ масты фæдыл: «Уæ пъолтæ æвзагæй стæрыны бæсты уе стонг гуыбынтæ кæрдзынæй бафсадут», зæгъгæ. Бабалейæн хъыг уыд æмæ йæм уый дæр æрбарвыс- та дæрзæг ныхæстæ... Ныр бады Бабале Ладийы хæдзары фынджы фарс- мæ, йæ цæстытæ райвæз-байвæз кæнынц хæрзæфснайд уаты къуымты. Мæнæ йæ къæхты бынмæ, сырх ахорæ- нæй ахуырст пъолмæ дæр æркасти, авгау æрттивы, лæг дзы йæхи. уыны. Æмæ цынæгъуызон мигæцæнтæ ис, цы уаты бады, уым. Чысыл раздæр иннæ уæтты дæр азыл- дысты, уым дæр афтæ. Дыккаг уæладзыгмæ хизг/эейæ, Бабале йæ къæхтæ нæ асæрфта, æмæ йæ дзабыры фæдтæ бæрæгæй разын- дысты. Цыдæргъуызон йæхимидæг тыхсы, сæфсæрмы ис. Цыма исты радавта, æмæ йæ æмбæхсынмæ хъавы, уыйау йæ алфæмблаймæ аракæс-бакæс кодта. Стæй сыстад æмæ, къæсæргæрон цы бæзджын кæттаг уыдис, уый систа æмæ дзы рыг.тæ сæрфьгн райдыдта. Уыцы рæстæджы Кати къæсæрыл æрбалæууыд æмæ бадиссæгтæ кодта: — Бабале, æз дын куыд амардтæн, æмæ хæдзæрттæ ды куынæ бафснайай, уæд дзы æндæр ничи ис, нæхæдæг æнæхъæн æфсад куы стæм. Кати Бабалейы къухтæй хуылыдз хæцъил скъæфæ- гау ракодта æмæ йæм фæлмæн сдзырдта: — Уæртæ диваныл æрбад, æмæ йыл хуысгæ дæр æр- кæн, дард фæндагыл рацыдтæ æмæ иу чысыл дæ фæл- лад дæр суадз. ’ Бабалейæн йæхи дæр фæндыдис йæ фæллад суа- дзын, æмæ йын Кати куы загъта, диваныл æрулæф, зæгъгæ, уæд æм йæхи байста, йæ дзабыртæ раласта æмæ фæлмæн диваныл æрхуыссыдис. Кати йæ фæдыл дуар рахгæдта æмæ кæртмæ ахызтис. Бабале, уæлгоммæ хуысгæйæ, йæ цæстытæ.нæ иста царыл ауыгъд сыгъзæрингъуыз люстрæйæ. Алыгъуызон хъуыдытæ йæ сæ базыртыл рахæсс-бахæсс кодтой... Ка- тиимæ иу аз æрцыдысты чындзы ацы хъæумæ. Лади æмæ Кати сæ зæрæдтимæ зæронд хæдзары иумæ цар- дысты. Алыкси æмæ Бабале та, хæдзары фарсмæ цы 91
скъæт уыдис, уый бадзæбæхтæ кодтой, æмæ уыдон та уым цардысты хицæнæй. Катийæн йæ къух цы амыдта, уымæй Бабалейæн æххуыс кодта, æфсины сусæгæй-иу ын куы ссад авæрдта, куы ’хсыр, куы цы, куьг та цы. Æнгомæй цардысты дыууæ файнусты. .Алыкси æмæ Бабалемæ цыппæркъахыгæй ницы уыдис, афтид къулты йеттæмæ. Зæрæдтæм дæр бæрцæй иу дуцгæ хъуг уыдис, сæхи фаг дæр нæ кодта. Йе ’хсырæй йын ахуыйæнтæ кодтой, æмæ афтæмæй сæ царды бонтæ æрвыстой. Алыкси æмæ Бабале ног бацæргæйæ, кæд кæрæдзи хурæй æфсæст уыдысты, уæддæр фыдцардæй нал фæ- рæзтой — схæцыдысты, æмæ иу бон куы уыд, уæд Ба- комæ алыгъдысты цардагур. Бабалейæн, кицойы лентæйау, мæгуыр, æвадат цар- ды нывтæ йæ цæстытыл уадысты, йæ зæрдæ сæ уынгæг кодта, хуыссын нал фæрæзта æмæ рабадтис диваныл. Цыма йæ фарсмæ исчи "уыдйс, уыйау дзырдта: «Тæху- диаг нæу Кати, йæ зæнæг йæ уæлхъус кæмæн сты. Сæ- хицæн сæрмагонд машинæ, хæдзæрттæ хорз, къуымтæ алцæмæй йедзаг, цæрынæн сæ цыдæриддæр хъæуы, уы- донæй цух ницæмæй сты». Кати афтæ ’нхъæлдта, Бабале фынæй у, уымæ гæс- гæ йæ зæнæджимæ кæрты бадтис æмæ ныхас кодтой. Радзырдта сын, Бабале пъолы рыгтæ Хуылыдз хæцъи- лæй куыд сæрфта, уый дæр. — Къулбадæг у цæрæнбонты, иу хатт ма сæхимæ хæдзары дæр нæ мæгуыр фыды къæхты фæдтæ афтæ сæрфта, цыма йæ уд хаудта æмæ нал лæууыдис. Куы рацыдаид, уæд сæ ныссæрфтаид. Уæдæй фæстæмæ йæм баба хъыгзæрдæ уыдис. Арæх-иу хъаст кодта, — афтæ дзырдта буцтæгæнгæ Катийы кæсдæр чызг Рези. — Бабайы тыххæй, дам, афтæ дæр дзырдта, нæ хуыссæнтæ, дам, нын нычъчъизи кодта, æмæ, дам, сæ æнæхъæн къуыри æхсгæ фæкоДтон. Сыстбæрзæй дæр ма рахуыдта Бабайы, — мæстыйæ дзырдта хисдæр чызг Ануси дæр. Бабале цы уаты хуыссыди, Кати уыцырдæм фæкас- ти æмæ.йæ зæнæджы бафæдзæхста: «Хъæрæй ма дзу- рут, фехъусдзæн уæ æмæ худинаг у. Уый рагон хабар у, йæ кой мауал кæнут, дур ыл ныффæлдахут. Æнæ рæди- гæ ничи у. Æвзæр æвзæрæй ничи фиды, уæ фæхъхъау фæуон!» Будзи йæ хоты ныхæстæм хъусгæйæ мидбылты худ- 92
тис, цыдæр зæгъынмæ хъавыдис уый дæр, фæлæ йæ ма- ды ныхасыл сразы æмæ ныхас æндæрырдæм аздæхта: — Цы уыдис, уый уыдис, гыццийы загъдау, æвзæр æвзæрæй ничи фиды. Абон Бабале нæ уазæг у. Æмæ канд нæ уазæг нæ, фæлæ иу артæй байуаргæ стæм, кæм- фæнды цæрæд, уæддæр нæхи у, æмæ йыл бацин кæ- кæм. — Гыцци, ды Бабалейы ардæм æркæн, Ануси æмæ Рези та фынгмæ истытæ æрдавæнт. Будзи йæхæдæг би- наг хæдзарæй дурын рахаста æмæ уый та пъадвалмæ бацыд сæн хæссынмæ. Цалынмæ хæринæгтæ цæттæ кодтой æмæ сæ фынг- мæ хастой, уæдмæ Кати Бабалейы азилын кодта инна* уæтты дæр. Алы уаты дæр гардероб, хъæдын сынтæ- джытæ, чингуыты скъапп æмæ æндæр зынаргъ мигæ- нæнтæ. — Мæнæ уый та зал у, — йæ дуар ын байтыгъта Кати. Даргъ æмæ райдзаст.залы кæрæй-кæронмæ стъол- тæ æвæрд, сæ фæйнæ фæрсты венæйаг бандæттæ, æнæ- хъæн куывды фаг адæм дзы бацæудзысты. Дæлæ рæбы- нæй къаннæг стъолыл телевизор æвæрд, йæ фарсмæ ру- дзынггæрон æндæр стъолыл телефон. Царыл сыгъзæ- рингъуыз люстрæ ауыгъд. Æмæ сæм цыиæ ис! «Омæ сæ æлхæнгæ та кæд фæкодтой, æлхæнгæ, кæнæ уый хуызæн зынаргъ дзаума аргæ та кæм скодтой? — дис кодта йæхинымæры Бабале. — Ничи сæм кæсы, цы цард скъобор кодтой. Зæронд скъæты куы цардысты, уæд сæм тъахти æмæ æртыкъахын фынджы йеттæмæ ницы уыдис. Ныр та...» Æргомæй та афтæ зæгьы Бабале: Заманайы хорз хæдзæрттæ уын ис, райдзаст, дзуар- бадæны • хуызæн. Цæрынæй сæ бафсæдут! Æхсызгон мын у, ахæм рæсугъд цард кæй сарæзтат, уый. — Æхсызгон цинтæ дыл цæуæд, Бабале, — загъта Кати æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта: —Ды иннæты хæ- дзæрттæ куы фенис, кæддæра дæ цæстытыл нæ ныххæ- цис. Кати Бабалейы разæй æрхызти асиныл кæртмæ. Кæрты астæу тута бæласы бын цы стъол уыдис, Бабале уырдæм бацыд æмæ йæ фарсмæ бандоныл йæхи æруа- гъта. Стъол алыгъуызон хæринæгтæй афтæ байдзаг код- той, æмæ йыл къух æрæвæрæн дæр нал уыдис. Будзи агуывзæтæ урс сæнæй æрыдзаг кодта. Агуыв- 93
зæйыл йæхимæ схæцыд æмæ æппæты фыццаг Бабале- йæн акуывта: — Бабале, кæй нæ æрхъуыды кодтай, æмæ далæ Бакойæ ардæм мах уынынмæ кæй æрбацыдтæ, уый тых- хæй дæ стыр бузныг стæм. Чи дын ис, уыдон хурæй æф- сæст у — номхуындæй: дæ дыууæ чызджы, дæ лæппу, дæ чындзы, сæ зæнæджы цæрæнбон бирæ уæд! Будзи агуывзæ быныл анызта, йæ сæр ын бынмæ фæкодта æмæ афтæ зæгъы: — Де ’взæрмæ бæллæгæн йæ хæдзар афтæ рааф- тид уæд! — Дæ мадьГхсырау дын1 батайæд, Будзи, дæсæрыл хаст фæуоп! Кати дæр æмæ чызджытæ дæр Бабалейы цæрæн* боны тыххæй акуывтой æмæ алчи йæхион анызта. Бабале агуывзæ йæ къухмæ систа, фæкуывта, фæарфæ кодта йæ фысымтæн, афтæ тынг ыл кæй ци» кæнынц, уый тыххæй æмæ банызта йæхион уый дæр, Стæй ма йын нуазæн дæр авæрдтой. Нæ йæ куымдта, фæлæ йæм æмдзыхæй сдзырдтой бинонтæ, нуазæн ничю здахы, зæгъгæ. Æмæ йæ уæд Бабале дæр банызта. Адджын сихор бакодта Бабале йæ фысымтимæ. Фынгæй сыстадысты. Чысыл фæстæдæр сæм газеты фото-уацхæссæг фæзындис. Уый уыдис хъæлдзæг, ху- дæнбыл лæппу-лæг. Сеппæты къухтæ дæр райста. — Бечыр, дæ мад дæ фæсхæрд ныййардта, æмæ дын цы кæнæм, нæ сихорыл нæхæдæг фæтых стæм,— хъазгæмхасæн загъта Кати æмæ Бечыры хоны фынг- мæ: — Хъазгæ дæ кæнын, уый бæсты фынгыл абад æмæ нын нæ уазæгæн дæр акув. Уазал сæн нæм ис. Фото-уацхæссæг не сразы ис фынджы фарсмæ ба- дыпыл. — Ныртæккæ басихор кодтон, фæлæ уæм цæй тых- хæй фездæхтæн, уый уын хъуамæ зæгъон. Канторæйьт мын загътой, Катийæн, дам, йæ файнуст æрбацыд Ба- койæ æмæ, дам, кæм цардысты, уый нал базыдта. Уый уый нысан кæны, æмæ хъæу йæ хуыз аивта: — Æццæй, уыцы хабар æцæг у: хъæуы хæдзæрттæй никæйуал базыдтай? — фæрсы Бабалейы фото-уацхæс- сæг. — Мæ судзгæ мæрдтыстæн, никæйуал дзы базыд- трн, тъæпæн хъæдын хæдзæртты цардыстæм æмæ уыдск нæн сæ кой дæр нал ис. 94
— Æмбал колхозы бригадир,— Будзимæ хатæгау бадзырдта Бечыр: — мæн фæнды Бабалейы иыв сисон уæ хæдзары размæ, «Хъæу йæ хуыз аивта», зæгъгæ, ахæм сæримæ йæ хъуамæ радтон нæ газетмæ. — Хорз фæнд у, ныв æмæ текст иумæ мыхуыр куы ’рцæуой, уæд, —дзуапп радта Будзи. Бабалейæн дыккаг хатт йæ къух райста Бечыр: — Зонгæ уыдзыстæм нырæй фæстæмæ. Иæхи дæр ын бацамыдта. ; — Курæг дæ дæн, мæ мады хай, хæдзары къулмæ- æввахсдæр балæуу æмæ мæнæ аппаратмæ комкоммæ кæс. Бабале къулмæ æввахсдæр балæууыдис, йæ сæрьь хъуынтæ къухæй фæстæмæ алæгъзытæ кодта æмæ ком- коммæ-аппаратмæ кæсы. Фото-уацхæссæг аппараты акасти, абæрстытæ йæ код- та: «Афтæ лæу, ма фезмæл», загъта æмæ цæйдæр къæрцц фæцыди. — Сæрибар дæ, Бабале, — загъта фото-уацхæссæг, йæ уæхскыл аппарат баппаргæйæ. Фысымтæ йæм но- джы дæр хатыдысты фынгмæ сихор кæнынмæ, фæлæ уый, не ’рбадтис. — Бынтондæр мæ не ’вдæлы, быдырмæ тагъд кæ- нын, ну раззагон комбайнеры ныв хъуамæ сисон мæнæу кæрдгæ-кæрдын. Хæрзбон сын загъта æмæ даргъ къах- дзæфтæгæнгæ фаерасти фæндагыл. — Цымæ чи у уыцы раззагон комбайнер, — бинон- тæй чидæр афарста фото-уацхæссæджы, фæлæ йæ уый нал фехъуыста. Чысыл фæстæдæр Катцты дуармæ машинæ æрлæу- уыдис. Дæргъвæтин сигнал радта. — Акæсут-ма, чидæр нæм дзуры, — фæкодта Кати. — Уый дæлæ сырх машинæ у, — афтæ-хуыдта Рези, газы баллонтæ чи ласта, уыцы машинæйы, æмæ сæм йæхæдæг уынгмæ ратындЗыдта. Дыууæ æрыгон лæппу- йы газы сырх баллон иумæ баскъæфтой мидæмæ, къух- нæйы йæ бабæстон кодтой, æмæ фæстæмæ рогæй рахас- той афтид баллон. Машинæ скуыста æмæ дарддæр ацыд. Ущцы бон Катийы зæнæг ницы бами кодтой сæ уа- зæджы цинæй. Суанг изæрмилтæм кæрты бадтысты æмæ ныхас кодтой. Бабалейы фарстой Бакойы хабæрттæй, зонгæтæй, йæхи цардæй дæр. 9&
— Цу-ма, рухс скæн, æмæкæрæдзи фенæм, — ба- хатыд Будзи йæ кæсдæр хо Резимæ. Уый йæ бадæнæй цæрдæг фестад, асинтыл сызгъордта, къулыл кнопкæ фелхъывта, æмæ балкъоныл цы стыр цырагъ уыди, уый кæрт боны хуызæн ныррухс кодта. — Дæ лæппу æмæ дæм дæ чындз та куыд кæ- сынц, — бафарста Кати Байалейы. Уый ницы сдзырдта, зæхмæ ныккасти. йæ зæрдæ цыдæргъуыз^н суынгæг, йæ цæстысыгтæ йе’ нцъылдтытæ уадултыл æртылдысты æмæ сæ йæ кæлмæрзæны кæронæй асæрфта. Æвæццæгæн, ыл нозт фæзындис, йæ уадултæ асырх сты, йæ зæрдæ фæтæнæги, æмæ дзы цы мæстытæ уыдис, уыдон скалдта: — Мæ чындз сындзытыл фæцæуæд, мемæ нæ фи- дыдта æмæ мæнæй ахицæн сты. — Æмæ уæдæ ныр хицæнæй цæрыс? — бадис кодта Кати. —0, хицæнæй, — мæгуыргъуызæй дзуапп радта Ба- бале. — А-нæхион та цы зæгъы, цы фæнд æм ис?-—нал фæлæууыд Будзи дæр. — Дæ лæппуйæ зæгъын. — Никуы фехъуыстат, лæг æмæ, дам, ус фæрæты хъæдæй барст сты? Лæппу дæр усы коммæ кæсы, цы йын зæгъы, уый æххæст кæны. Мæ; сæры хицауы амæ- лæты фæстæ ратон-батон кæнинаг фæдæн. Загътон, зæ- гъын, цалынмæ нæ амардтæн, уæдмæ’мæхиуæтты уын- гæ уæддæр фæкæнон. Цæгатырдыгæй дæр’мын ничиуал ис æмæ... Бинонтæ иууылдæр ныхъхъус, ныссабыр сты. Хъуы- дыты аныгъуылдысты. Фæтæригъæд кодтой Бабалейæн. Иæ лæппу æмæ йæ йæ чьшдз зæронды бонты кæй нæ бавæрдтой, уый тыххæй. Будзи мæстæй ссыгъди. йæ бон бадын нал уыди, сыстад æмæ, йæ къухтæ йæ синтыл сæвæргæйæ, кæрты дыууæрдæм рацу-бацу кодта, стæй Бабалемæ æввахс бацыдис æмæ йын рæвдаугæ, фæлмæн хъæлæсы уагæй афтæ зæгъы: — Бабале, æппындæр мацæуыл тыхс. Дæ лæппу æмæ дæ дæ чындз ахицæн кодтой, мæнæ адон хæдзæрт- тæ не сты? Махимæ цæрдзынæ, дæлдæр абад дын ничи заргъдзæн. Мах цæмæй цæрæм, ды дæр уымæй. Гыццийæ дæуæй мын цы хъауджыдæр ис... 96
Кати фæбузныг ис йæ лæппуйæ, Бабалейы тыххæй ахæм ныхæстæ кæй загъта, уый тыххæй. — Бабалейы азмæджы æз никуыдæм уадзæг дæк. Уæддæр нын файнустытау иумæ цæрыны фадат никуы фæцис, — загъта Кати æмæ æввахсдæр бабадтис Баба- лемæ. — Дæу чи асхойа, ууыл цард макуы ’рхæцæд. — Уый та ноджы хуыздæр ныхас, — фæкодта Бу- дзи. Бинонтæ бахъæлдзæг сты. Бахъæлдзæг Бабале дæр. Фæныфсджындæри. *Ныры онг æнкъард зæрдæйæ абад- тис. Ныр цины нысæнттæ йæ уадултыл ахъазыдысты. Йемæ зæрдиаг ныхас кæй кæнынц, уый хатыд. Иæ лæг куы амард, уæдæй фæстæмæ йæ лæппу æмæ йæ чындзæй схуыст ныхас йеттæмæ рæвдыд ныхас никуы фехъуыс- та, æмæ ныр йæ фысымтæн арфæтыл схæцыд, йе ’нцой кæй балæууыдысты, уый тыххæй. Иæхи нымæры ра- фæнд кодта: Чемодан кæртмæ æрхæсса æмæ, бинонтæй кæмæн цы лæвар æрбахаста, уыдон байуара. Кати- , йæн — къабайаг, Будзийæн сарочкæ, дыууæ чызгæн æм- ’хуызон кæлмæрзæнтæ. Хуымæтæг хъуымац, хуымæтæг сарочкæ, хуымæтæг кæлмæрзæнтæ. Цы капеччытæ фем- бырд кодта, уыдонæй сæ балхæдта. Сæхицæй цæугæйæ, афтæ æнхъæлдта, стыр диссæг- тæ хæссын, фæлæ йæ фысымты дарæсы дардмæ куы ба- касти, сæ царды уавæртæм, уæд йæхинымæры ахъуыды кодта: «Нæй, мæ лæвæрттæ мын ницæмæ айсдзысты, фæлтау сæ уадзон, мæхи ма та цæмæн худинаг кæ- нын?» Раст уыцы рæстæджы кæрты дуарæй Катийы дыууæ хъуджы — Бури æмæ Бурдухан сæ сæртæ бадардтой æмæ мидæмæ бауасыдысты. Кати йæ бынатæй фестади, хъуццытæм рацыдис ныхасгæнгæ: сæ ахуыр афтæ у, хизæнæй куы ’рцæуынц, уæд фыццаг ардæм хъуамæ фездæхой. Хъуццытæн сæ чъылдымтæ къухæй æрсæрфтытæ кодта æмæ сæм сдзырдта: — Цом мæ фæдыл æмæ уын скъæты дуар бакæнон. ч ’Цыма йын, æцæгдæр, йæ ныхас бамбæрстой, уыйау дыууæ хъуджы дæр Катийы фæдыл фæраст сты, сæ тæн- тæ къуыппытæ ^адардтой, афтæмæй. Кати хъуццыты фæздæттæм дæр бакасти æмæ сæ лалымты хуызæнæй куы федта, уаёд йæ зæрдæ барухси æмæ арфæтыл схæ- цыд. 7. Плиты И. 97
— Уый хъомгæс у, гъе, бирæ фæцæра, мæ хъуццыты мын хорз фæхызта, æфсæст сты. А-чызг ын сом сæухиз- афон ахæм дзаджджын хæбизджын ныззилдзæн æмæ дзы бæхджын лæг куыд аирвæза. Кати ног дыгъд æхсыр къаннæг аджы рахсыста^ садджын æй кодта æмæ дзы кружкæйы дзаг -Бабале- мæ бахаста: — Мæ хъуццыты æхсыр ма мын фен, кæддæра куыд дæ зæрдæмæ фæцæуа. Бабалейæн йæ зæрдыл æрлæу- уыд, иу хатт нæуæг чындз куы уыд,-уæддæр-иу ын афтæ æрбахаста хъæдын къусы дзаг æхсыр æмæ йæм ныр мидбылхудгæ куы ракаст, уæд ын цыма Кати дæр йæ хъуыды бамбæрста, уыйау бахудæнбылис. ’ Бабале æхсыр куы бацымдта, уæд æндæр ницыуал æркуырдта йæ зæрдæ æмæ хуыссынмæ фæци. Хуысгæ уатыл хъуыдытæ кодта Бабале абоны фо- то-уацхæссæджы ныхæстыл: «Хъæу йæ хуыз аивта», зæгъгæ. Куыд раст загъта уыцы нывисæг. Æмæ канд хъæу нæ аивта йæ хуыз, фæлæ ма йæ адæм дæр сæ хуыз скалдтой, суындджын сты. Уæздан — сæ ахаст, фæлмæн — сæ дзыхы дзырд. Кæрæдзи уарзгæйæ цæрынц. Æвæдза,, цард диссаг у, тæбæгъы донæй уæлдай нæу: куы иуæрдæм фæкъул вæййы, куы иннæрдæм... Бабале, дидинæгау, куы ’рттывта, йæ тæккæ чызгон тыхыл куы уыдис, уæд ацы -бинонтыл йæ къух’Систа, дард фæлыгъдис йæ лæджимæ цардагур. Ныр цæрдтæй мæрдтæм куы феввахсдæри, уæд, ногæй ацы бынатмæ æрцæугæйæ, афтæ зæгъы: «Тæхуды, ам иу цъус ацæр æмæ стæй амæл...», Фадат аразæг у, мæ къона. Уæдæ!
ЦÆРАЙЫ ЦÆВÆГ Хур йæ был сдардта рагъы къахырæй, афтæ бахæц-- цæ стæм Рæбыны хъæумæ. Сабат бон уыдис, улæфты бон. ,Хъæууынгты цъиузмæлæг дæр нæма уыдис. Нæ шофыр йæ уæзласæн машинæ афтæ тыхджын скъæрдта æмæ, куыд бахæццæ стæм, уый зонгæ дæр нæ бакодтам, Гом машинæйы бадгæйæ, нæ цæсгæмттæ размæ, афтæ- мæй сатæг уæлдæф ныхъуырдтам. Сæрдыгон, райсом комы мидæмæ цæуГæйæ, рог дымгæ цæсгæмттæ цавта æмæ цахæмдæр æхсызгондзинад лæвæрдта зæрдæйæн. Шофыр хъæугæрон машинæ баурæдта, мах æргæппытæ кодтам æмæ слæууыдыстæм, кæмзедæр æнхъæлмæ кæсæ- гау. Чысыл фæстæдæр нæ размæ цырд къахдзæфтæгæн- гæ рацыдис, цыппор азы кæуыл цыдаид, ахæм лæппу- лæг, йæхи нын бацамыдта, æз колхозы бригадир дæн, зæгъгæ, æмæ нын нæ къухтæ райста. — Уæдæ мах та хос кæрдынмæ æрбацыдыстæм мæнæ æхсæрдæс æмбалæй, фæлæ нæ иумæ дæр цæвæг нæй, — мидбылхудгæ загъта ме ’мбæлттæй иу — Ирбег,. æмæ неппæтыл дæр йæ цæст ахаста. Бригадир, йæ къæхты бынмæ ныккæсгæйæ, иу чы- сыл ахъуыды кæныны фæстæ .загъта: — Фынддæс цæвæджы нæм бæргæ ис, сымахæн сæ ныууагътам, фæлæ ма нæ иу хъæуы æмæ уый дæр кæд ссяриккам,— загъта æмæ хъæуыл йæ цæст ахаста. — Хъæубæстæй уал нын исчи йæ цæвæг куы авæ- рид, — загЪта Ирбег бригадирæн. —|Ныртæккæ;хъæуы иунæг куыстхъом>адæймаг дæ:о» не ссардзынæ зæрæдтæ æмæ æнахъом сывæллæтты йеттæмæ, иууылдæр æфцæгыл сты — чи кæрдгæ кæны, чи ссивгæ, чи’ та мæхъитæ кæнынмæ ис. Ацйфон хохаг лæджы хæдзары бадынмæ æвдæлы, цы, уæ рынтæлба- хæрон! Цалынмæ ныхæстæ кодтам, уæдмæ нæ уæлхъуг æрбалæууыди иу лæдзæгджын зæронд лæг, дзырд цæ- 99-
уыл цæуы, уый куы бамбæрста, уæд афтæ бакодта: — Кæмæдæр хорз цæвæг бæргæ зонын, фæлæ, хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ йæ ратдзæнис? — Чи у йæ хицау, ардыгæй нын æй изæрмæ куыннæ хъуамæ авæра? — зæронд лæджы фарста Ирбег. — Уæртæ нæхи Сонайæ зæгъын, йе сæфт лæппу Цæрайы цæвæг сæ мæнгагъуысты рагъхъæдыл ауыгъ- дæй лæууы, йæ номыл æй æвæрдæй дары, адгурæн æй . нæ дæтты, фæлæ... чизоны, — хъазгæйæ дзуапп радта зæронд лæг. Бригадир ницы сдзырдта, хъуыдыты ацыд, фен- къардгъуызи. «Сонайæ-Цæрайы цæвæг мæ цæсгом ра- курын нæ бахъæцдзæнис, фæлтау æндæр ран ссардзы- нæн», —загъта уый йæхицæн, стæй йæ ныхас фергом кодта: — Дысон мæхæдæг азылдтæн хæдзари-хæдзар хъæубæстыл, кæмæдæриддæр уæлдай цæвæг уыдис, уы- ,дон иууылдæр æрæмбырд кодтон. Бригадир ацыд æмæ чысыл фæстæдæр фынддæс .цæвæджы колхозы канторæйы размæ æрхаста, æмбон- дыл сæ бахъил кодта: . — Зынаргъ уазджытæ, мæнæ уын фынддæс цæвæ- джы, фынддæсæй кæрдгæ кæндзыстут, æхсæрдæсæм та суадонæй дон хæсдзæнис. — Горæтæй ардæм махæй дон хæссынмæ ничи æр- бацыдис, фæлæ колхозæн армæй хъуамæ баххуыс кæ- нæм, — уайдзæфы хуызы загъта чидæр уазджытæй. Сонайæн хъæубæстæй чидæр загъта, горæтæй кус- джытæ кæй æрбацыд колхозæн хос кæрдынмæ, æмæ дзы иуæн цæвæг кæй нæй, уый. Æмæ мæнæ канторæйы размæ æрцыдис саударæсджын, асæй рæстæмбис, ацæр- гæ сылгоймаг. Уазджытæн æгас цæут, зæгъгæ, загъта, æмæ се ’ппæты къухтæ дæр райста æмæ ныллæг, фæлæ рæвдаугæ хъæлæсы уагæй загъта: — Мæ хъæбултæ, уæ фæхъхъау фæуон, æххуысмæ нæм кæй æрбацыдыстут, уый фехъуыстон æмæ мын æх- сызгон уыдис, æхсызгон цинтæ цæуæд сымахыл дæр. Мæ сæфт лæппуйы цæвæг дæс æмæ ссæдз азы рагъхъæ- дыл лæууы æмæ йæм куы скæсын, уæд цыма мæ иунæ- гæн йæхи фенын, афтæ мын цыдæр тых ме уæнгты ба- уадзы, хуртæ мыл бакæсы. Æгайт-ма мæ фырты цæвæг , цины хъуыддагæн æркуырдтат. Æгайтма мын мæ лæп- пуйы ном æрымысыдыстут. Бузныг уеппæтæй дæр. 100
Сона уазджытæй иуæн йæ цонгмæ бавнæлдта æмæ сын æмхуызон загъта: — Цомут, уæ сæрыл хаст фæуон, кæм цæрын, уый фенут æмæ цæвæг дæр рахæссут. Уазджытæ æнкъардгъуызæй, сæ сæртæ разыйы тылд бакодтой, æмæ, сæ разæй колхозы бригадир Тох- тæ, афтæмæй араст сты Сонайы фæдыл. Æртын æртæ азы мæнгагъуысты рагъхъæдыл ауыгъдæй лæууы Сонайы зынгхуыст хъæбул Цæрайы цæвæг, стыр зынаргъ дзаумайау æй æвæрдæй дары, цæсты гагуыйау æй хъахъхъæны. Мæнæ рæбинаг цæ- джындзыл рифтæгтæ ауыгъд, сæ мидæг дзæбуг, хъæс- дарæг æмæ дауæн. Уыдон дæр Цæрайы мигæнæнтæ сты. Къухæй-къухмæ сæ истой лæппутæ, уындтытæ сæч код- той. Уый фæстæ Сона уазджыты хæдзармæ бакодта, къулыл фæлгæты мидæг цы ныв конд уыдис, уымæ къу- хæй амонгæйæ, загъта: — Мæ буц уазджытæ, фынджы алыварс ма абадут æмæ мын мæ зынгхуыст хъæбулы рухс ном ссарут. Уазджытæ сæфсæрхмы сты. Уæд сеппæты хъуыды Тохтæ загъта: — Бузныг дæ лæггады тыххæй, мæ мады хай, фæлæ нæ баназынмæ не ’вдæлы, фæлтау лæугæйæ скувдзы- стæм æмæ нæ фæндаг цыбыр кæнæм. Куыст махмæ æн- хъæлмæ кæсы. — Тохтæ раст зæгъы, бадынмæ нæ не ’вдæлы, — уазджытæ æмхуызон сдзырдтой. Алчи дæр иу сыкъайæ Цæрайы ном ссардта, рухс ын загътой: акуывтой Сона- йы цæрæнбоны тыххæй дæр. Дуармæ куы рацыдысты уазджытæ, уæд Сона йæ- хæдæг рагъхъæдæй райста Цæрайы цæвæг, стæй та риф- тæгтæ æмæ сæ бахаста уазджытæй сæ иумæ — Дуламæ. — Иу фæкастæй ды мæ хъæбулы хуызæн дæ, цæс- гомæй дæр, уæнгты кондæй дæр, айс мын йæ цæвæг æмæ дзы фæрнæй, уæнгтæрогæй бакус, дæ нывонд фæ- уон! Абонæй фæстæмæ дæм хъæбулы цæстæй кæсдзы- нæн. Дуламæ цыма хæцæнгарз раттæуыд, уыйау цæвæ- джы хъæдыл фидар’хæцыди, йæ къæхты бынмæ кæсгæ- йæ, стæй йæ сæрыл бæрзонд схæцыд æмæ раарфæ код- та Сонайæн: — Бузныг, мæ мады хай, ахæм кад мын кæй скод- тай, уый тыххæй. Куысты мидæг æз дæр мæ хъаруйыл ЮГ
нæ бацауæрддзынæн, ацы цæвæджы кад дæлæмæ не ’руадздзынæн. Дæ хуызæн мад кæн ссардтон, уый тых- :хæй та мæхи амондджыныл нымайдзынæн абонæй фæс- тæмæ. . Сонайы æнцъылдтытæ уадултыл цкн æмæ хъыджы цæссыгтæ кæрæдзи фæдыл æртылдысты,афтæмæй касти хосдзауты фæстæ, цалынмæ хъæуæй нæ фæаууон сты, уæдмæ. Фæндагыл Тохтæ бирæ цыдæртæ’радзырдта лæппу- тæн Цæрайы тыххæй æмæ йæм уыдон дæр зæрдиагæй хъуыстой. < — Нæ комбæсты Цæрайы хуызæн цæвæджджын нæ уыдис, хуыздæр хосдзауæн скæна^н нæ уыд. Хъаруджын лæппу уыдис — фæтæн уæхск æмæ фæтæн риу, тыхы къуыбар. Дардыл æвнæлдта, фæтæн уис хаста. Хоскæр- дынæй йыл пичи тых кодта. Йæ разæй уис хæссын йæ ныфс ничи хаста. Йæ разæй исчи хос карста, зæгъгæ, уæд-иу хъазгæйæ сдзырдта: «Дæхи мæ хъахъхъæн, æф- сымæр, фæстæ баззадтæ, зæгъгæ, уæд дын дæ къах ныл- лыг кæндзынæн мæ цыргъ цæвæгæй æмæ-иу мæ аххос ма уæд». Афтæмæй-иу хосдзæуттæ ерысæй кусын рай- дыдтой. Алчи дæр ,сæ тырныдта фылдæр хос æркæрдын- мæ. Колхозы фос холлагхъуаг никуы фесты цыфæнды даргъ зымæджы дæр. Цæрай йæхæдæг бригадир уыдис. Иу хатт колхоз зну ракодтой хосгæрдæны. Зиуы та хуыздæр хосдзауæн лæвæрд цыд галы сгуы æмæ кады нуазæн. Райсомæй изæрмæ цы пыффæрæзтой Цæрайы цæнгтæ! — йе схъæлфындз цæвæгæй сеппæтæй фылдæр хос ныккарста, цæстæвæрæн фæцис æгас комбæсты фæ- • сивæдæн. Æмæ фынджы хисдæртæ Цæрайæн саккаг код- та сгуы æмæ кады нуазæн. Сыхаг хъæуы иу æмбисонды хорз чызг уыдис, куыстуарзаг, Агуындæ хукндис йæ ном. Уый та ссивыны зиуы басгуыхтис æмæ лæвар уы^ фæ- ци. Зиуьг фæстæ фæсивæд хъазт сарæзтой, Цæрай æмæ Агуындæйы иумæ ракафын кодтой. Уый адыл кæрæдзи бауарзтой чызг æмæ лæппу. Комбæсты адæм сæ амон- дæн куывтой. Куысты ссаргæ амондæн дзы æмбал нæй. Чындзæхсæв Джиуæргуыбаты хъуамæ скодтаиккой. Фи- даугæ дæр бакодтой. Фæлæ сæ хæст бакъуылымпы код- та. Цæрайы комкоммæ фронтмæ акодтой æмæ дзы æр- 102
„тæ мæйы фæстæ сау гæххæтт райстой. Ротæйы коман- дир фыста, зæгъгæ, «уæ фырт Цæрай хъæбатырæй мард фæцис немыцаг фашистты ныхмæ тохы Украинæйы зæх- хыл. Бавæрдтам æи цытджын æгъдауæй Днепры былыл Тарас Шевченкойы цыртмæ æввахс. Мах, ротæйы хæс- тонтæ нæ уарзон æмбалы маст райсдзыстæм фыдыз- нагæй. Мæлæт немыцаг фашисттæн!» Нырма дæр уыцы гæххæтт æвæрдæй дары Сона йæ хъæдын чырыны. Цæрайæн йæ уарзон чызг Агуындæ медицинон тех- никум фæцнс каст, уый дæр æфсадмæ сфарстой. Афæ- дзы фæстæ уымæй дæр сау гæххæтт æрцыд йæ ныййар- джытæм. Уыцы иунæг чызг йеттæмæ сын ницы уыдис уыдонæи дæр. Афтæ бабын сты уыцы дыууæ цæрынхъуаг адæймаджы, кæрæдзи хурæй нæ бафсæстысты, афтæ- мæй. * * * Тохтæ йæ ныхас фæцис, æмæ хосдзæуттæ дæр хъæ- ды дзыхæй сзындысты. Цæвджытæ се ’ккæйттæй æрис- той æмæ зад уыгæрдæнтыл сæ цæст хастой. Тохтæйы бригадæйы уæнгтæ.дысон фермæйы баззадысты. — Цæвиттон, дыууæрдæм цæугæйæ, лæг иуæй фæл- лайгæ бакæны, иннæмæй та рæстæ’г дзæгъæлы фесафы. Æмæ уымæ гæсгæ раджы æрлæууыдысты куысты уæл- хъус, бирæ сын бантыстис, — ног кæрстытæм кæсгæйæ дзырдта Тохтæ. Сау къæдзæхы сæрмæ хохы фахсыл хос- дзæуттæ кæрæдзи фæдыл пыххал сты, сæ цæвджыты æх- ситт дардмæ хъуыстис. — Сымах дардмæ цæуын нæ хъæуы, — загъта Тох- тæ æмæ къухæй ацамыдта: — Уæртæ нæзыджынæй къæ- дзæхрæбынмæ цы фæндаг ахаста, уый сымахæн рахицæн кодтам, фыды номæй сæ Чъеботы уыгæрдæнтæ хонæм. Мæпæ ацы иукъахвæндагыл бауайдзыстут æмæ уæком- коммæ Суарадагмæ бакæндзæн. Мæнæн бар радтут, мæ бригадæйы адæмы фенон, æмæ та уæ тагъд-абæрæг кæндзынæн. Тохтæ йæхæдæг, æфсæддон лæгау, цæрдæг фæзылд æмæ æндæр фæндагыл уæлæмæ фæхæрд кодта, йæ ных хохы ’рдæм сарæзта. — Хорзыл амбæл, Тохтæ, фæлæ-иу салæмттæ зæгъ нæ хотæ æмæ не ’фсымæртæн, зæгъ-иу сын, ерысæп куыстмæ сæм тсæй сидæм, — сеппæты бæсты загъта, Цæ 10
райы цæвæг кæмæ уыдис, уыцы фидæрттæконд лæппу* лæг Дула. Механикон заводы кусджытæ кæрæдзи фæдыл ных* хал сты иукъахвæндагыл ныхæстæгæнгæ. Фысымтæ ра- джы æрлæууыдысты сæ куысты уæлхъус, мах та ныр* ма фæндагыл стæм, сæ зæрдæ ныл фæхуддзæн, зæгъгæ, уымæ гæсгæ размæ атындзыдтой, бригадир сын кæдæм бацамыдта, уыцы бынатмæ. Хæстонтæ атакæйы размæ винтовкæтæ се ’ккæйт- тæй куыд тагъд æрнсынц, афтæ хосдзæуттæ та сæ цæв- джытæ се уæхсчытæй рæвдз æристой æмæ сын сæ кæмт- тыл дауæнтæ арауадз-бауадз кодтой. Дула Цæрайы схъæлфындз цæвæгмæ лыстæг æр- кæстытæ кодта, йæ хъæдыл ын къухы æнгуылдзтæ кæ- рæй-кæронмæ ахаста æмæ дзы бакастис кардæй фыст дамгъæтæ; дыууæ дзырды «Цæриаты Цæрай». Дуда сæ фенын кодта Ирбег æмæ иннæ æмбæлттæн дæр. Уый фæстæ рифтагæй систа. дæргъæццон дауæн æмæ хафын- райдыдта, цæвæгыл цы сау тæппытæ уыдис, уыдон. Цæвæгæн йæ ком цыргъыссад уыдис. Дула цæвæджимæ куы архайдта, уæд æм йе ’мбæлт- тæ сæ цæст дардтой. Уый цыдæргъуызон нынкъард ис, цæмæндæр хъуыдыты ныгъуылдис. — Дула, æнкъард та цæмæн дæ? Æз дæуæй куы уаиц, уæд кафгæ дæр ракæнин. Цы дын у, ахæм цæвæг бафтыдис дæ къухы,— бадзырдта йæм Ирбег. — Цæвæг мæм хорз ис, уымæй раст зæгъыс, фæлæ кæй цæвæг уыдис, уымæн йæ хъысмæтыл куы ахъуыды кодтон, уæд мæ зæрдæ фæрыстис. Йæ мадæн уыцы иу- нæг хъæбул уыдис, фæхъомыл æй кодта, ныфсытæ дзы февæрдта, йæ хурæй æфсæст уыдзынæн, зæгъгæ, загъта, æмæ йæ тæккæ лæппуйы кармæ куы бахæццæ, афтæ фыдгулты амæттаг баци. Уастæн, ацы хæст чи рымысыд, уый авд дæлдзæх иыххауæд! — йæ цæхæр цæстытæ фæ- ирд кодта Дула, æмæ цыма Цæрайы марджытæ æввахс сты, æмæ сæ Дула йæ маст райсынмæ хъавыд, уыйау цæрдæг фестадис йæ бынатæй æмæ, цæвæг йæ къухы, афтæмæй фæхъæр кодта: — Æмбæлттæ, цæмæ ма кæсæм? Нæ куысты уæл- хъус æрлæууæм æмæ кæрдгæ! Йæхæдæг уыгæрдæны кæ- рон алæууыдис æмæ цæвæджы хъæд зæххы æрсагъта. Хосдзæуттæй йæ цæвæг чи тагъддæр ссадта, афтæ цыдысты æмæ Дулайы фарсмæ лæууыдысты. 104
Дула йе ’рртивгæ цæстытæ йе ’мбæлттыл ахастаг къухтæй йæ сау бæзджын сæрыхъуынтæ фасæгау акод- та фæстæмæ, стæй зæххы сагъд цæвæджы хъæдыл фи~ дар ныххæцыд æмæ загъта: — Абоны бон махæн уыдзæн зæрдылдарæны бон. Иуæй, ардæм æрбацыдыстæм колхозæн æххуыскæнын- мæ — хос кæрдынмæ, аннæмæй та — мæнæ ацы цæвæ- джы хицау — Цæриаты Цæрай Райгуырæн бæстæйы сæр- вæлтау, адæмы сæрвæлтау йæ сæр нывондæн чи æрхас- та немыцаг фашистты ныхмæ тохы, уый хъысмæтимæ базонгæ стæм. Иæ цæвæджы йын скусын кодта. Ацы зынаргъ дзаума — хæххон лæппуйы уарзон ку- сæнгарз, — цæвæгмæ скæсгæйæ загъта Дула, — музейы æвæрдау, йæ мад Сона æвæрдæй дардта, ныр æй мæн- мæ радта, йæхицæн мæ хъæбул загъта, æмæ дзы хорз цы бакусон — адæмы пайдайæн, иумæйаг хъуыддаджы пайдайæн, уыцы амонд мæ уæд сымахимæ иумæ, мæ зы- наргъ æмбæлттæ! — Оммен! Оммен! — æмхуызонæй сдзырдтой хос- дзæуттæ. — Ард хæрын, мæ уарзон æмбæлттæ, уæ разы, куыд Цæрайы цæвæгæн, тырысайау, йæ кад бæрзонд хæсдзьь нæн, — загъта Дула æмæ йæ уæнгтæ базмæлын кодта, зад уыгæрдæны æппæты разæй йæ цæвæджы æхситт азæ- лыдис. Фæтæн уис хæсгæйæ, æхсæрдæс цæвæджджыны, æхсæрдæс хосдзауы, дыстæсчъилæй кæрæдзи фæдыл æрлæууыдысты æмæ æмхуызон, ритмикон æгъдауæй, æм- риуыгъд, æмист кæнынц цæвджытæ, се ’ндон фæрстæ хурмæ ферттив-ферттивгæнгæйæ. Бимболат — механикон заводы сæйраг инженер, къулы газеты редактор, куы федта, йе ’мбæлттæ зæрдиа- гæй æрывпæлдтой кусынмæ, уæд уый фырцинæй йæхи нал баурæдта æмæ бæзджын хъæлæсæй базарыд: Цæрайы цæвæг цыргъ ыссад у, Кæрдæг быныл дæр уымæн дасы. Хъазуатон куысты нæ тырыса у, Домбай къухты та хурмæ хъазы. Уæйтæ, уæрæйдæ, хурмæ хъазы, гъей! Колхозоп лæппу, ракæрд, мæ бон, Цæрдæг-цæрдæг. 105:
Уæлахиз нын уа Цæрайы цæвæг, Цæрайы цæвæг! Ой, æмæ Цæрайы цæвæг, гъей! • — Æй, дæ цæрæнбон бирæ уа, Бимболат, æмæ де ^рхъуыды уæлахиз уа, ахæм хорз зарæг чи ’рымысыдис. Уый неппæтæн дæр кад у. Дæ рынтæ мæ уд ахæрæд, —\ арфæтæ кодта заводы раззагон кусæг, мадзура Дими. Зарæг ын цыма йе уæнгты тых бауагъта, уыйау йæ кæр- дын фæрæвдздæр кодта. Дула æнцад хъуыста йе ’мбæлтты ныхæстæм, фæлæ дзургæ ницы скодта, нæ дæр заргæ кодта. Фæлæ йын æхсызгон уыдысты зарæджы иыхæстæ æмæ йæхинымæ- ры дзырдта: «Цыдæр амонд мæ æрбахаста ардæм. Цы- дæр тых, цыдæр хорздзинад мæ иу кæны Сонайы хъыс- мæтимæ. Фыццаг фендæй мæ йæхæдæг садджын кодта йæхицæн, хъæбул мæ загъта. *Иæ зынгхуыст фыртимæ даер нæ мыггæгтæ æмæ нæ нæмттæ цыма æмхуызон сты, афтæ мæм кæсы. Уый Цæриаты Цæрай у, æз та — Ду- латы Дула. Амонд, амонд æмæ амонд! Тæхуды, удæгас ма куы уаид, йе ’рцыдмæ куы кæсин, æмæ куы ’рцæуид, уæд кæрæдзийæ æфсымæртæ зæгъиккам. Куывдтæ фæ- кæниккам. Зынгхуыст, æнæзонгæ æфсымæр... Цæмæй йын у мæ бон баххуыс кæнын? Ницæмæй. Цæмæй йын скад кæнон? — Харз куыстæй/ Йæ мадмæ йын кæсдзынæн. Мæнæ ацы уыгæрдæнты хос карста, ардыгæй йæ æфсад- мæ акодтой. Ам ын цырт сараздзынæн мæхн къухтæй, уæртæ 'Суарададжы, суадоны сæрмæ...» Колхозонты хъæлæба Дулайæи йæ мидхъуыдытæ. фескъуыдтой:^ Сæ фалейæ, хъæды сæрмæ Тохтæ, армы тъæпæнтæ йæ дзы- хы алыварс авæргæйæ, рахъæр кодта: — Арфæуыи кæ-нæм, ар-фæ! Фæр-нæй ку-сут, фæр- нæй, зы-наргъ æм-бæлттæ! Дула нæ фæкасхи Тохтæйы хъæрмæ, йæ уис дард- дæр хаста. Фæлæ, æппæты фæстæ цы лæппу карста, уый йæ сæрæй нымæтын худ фелвæста, къухæй йæ тылдта хосдзæуттæм, æмæ уымæй, йе ’мбæлтты бæсты, бузныг загъта арфæгæнæгæн, йæхæдæг хъæрæй сдзырдта, йæ разæй чи карста, уымæ: / . —Æфсымæр, фæстийæ ма зай, æндæра дын дæ къах куы ныллыг кæнон, уæд-иу мæ хъаст ма ракæн. Лæппуйы хъазæн ныхасмæ иууылдæр . бахудтысты, уый тыххæй æмæ, куыд æвæлтæрд хосдзау, горæты хъо- 100
мылгонд, афтæ йæхæдæг фæстинæ задис (хос никуы карста). Дула дæр æмæ иниæ æмбæлттæ дæр горæтмæ хъæу- тæй æрцыдысты,. хъæууонхæдзарадон куыстытæ код- той, хуым дæр карстой æмæ хос дæр. Ныр цалдæргай азты заводы кусынц, фæлæ уæддæр иттæг хорз арæ- хсынц цæвæджимæ, хос кæрдынмæ. Хæрдмæдзог цъиутæ сыгъдæг арвы бын сæ сæрмæ зилдух кæньшц, цыма æнахуыр уазджытыл цин кæнынц, уыйау. Сæхирдыгонау хъæлдзæг зарджытæ кæнынц, ху- ры тынтимæ хъазынц. Хæххон рог уæлдæф, цъититы ирдгæ алыгъуызон дидинджыты æмæ карст кæрдæджы диссаджы æхцон тæф ныхъуыргæйæ,' хосдзæутты зæр- дæтæ райьтнц, се уонг рæуæг кæны, æмæ кæд аходæн афон нæма у, уæддæр сын бантыст дзæвгар.. Дула фæстаг уис куы рахаста, уæд йæцæвæгдурыл фæхæцьтд æмæ фæцъула. Хосдзау тынг бамаст кодта: «Цæмæй тарстæн, уый мæ баййæфта. Æвæццæгæн мын æгæр риуыгъд фæци», — загъта йæхинымæры æмæ, кæр- дын кæцæй райдыдта, уыцы фæзмæ ссыди. Дзуццæг бадт æркодта. Къухмæрзæнæй йæ хид асæрфта. Цæра- йьт рифтæгтæй дзæбуг æмæ хъæсдарæг систа. Хъæсда- рæг зæххы арф ныссагъта æмæ дзæбугæй арæхстгай ц&- вæджы цæгъдын райдыдта. Йæ цурмæ бацыдис, ’æппæ- ты фæсте чи карста, уыцьт лæппу-лæг Бимболат. Афар- ста йæ. — Дула, цьт ми кæньтс? — Мæнæ мæ цæв’æг фæцъула æмæ йæ, зæгъын, ра- цæгъдон, — дзуапп радта Дула æмæ Бимболатыл сæ- рæй къæхты бьтнмæ йæ цæст ахаста. Бимболат афтæ тынг ныффæллад æмæ Дуламæ кæсгæ дæр нал бакод- та, цъæх нæууыл уæлгоммæ афæлдæхтис. Йæ цæнгтæ фæйнæрдæм аппæрста, афтæ тыхджын схидис, æмæ йæ хæдон йæ буарыл баныхæстис, йæ бæзджын сау сæры- хъуыптæ дон фестадысты, цьтма ныртæккæ хуыдымæй схызтис, уыйау. Йæ армьт тъæпæнтæ дæр — тæппæлттæ. Дула йын фæтæригъæд кодта: «Æвæлтæрдæй фæ- карста, æмæ ныффæллади, цæвæгæй кæрдын алкæй бон нæу». Дула иæвæг цагъд куы фæци, уæд æввахс бабадтис* Бимболатмæ æмæ афтæ зæгъьт: — Бимболат, мæ ныхас дæм хъыг ма фæкæсæд, фæ- лæ алкæмæн физикон куыст кæнын йæ бон нæу, уæл- 107
дайдæр та хос кæрдын. Уым худинагæй ницы ис, фæлæ цæвæг дæ къухмæ дæр мауал райс. Куы сахуыр уай, уæд та кæрддзынæ. Уый бæсты нын суадонæй дон хæс* дзынæ. Дулайы ныхæстæ Бимболатмæ хорз нæ фæкастьь сты, уыцы иу гæпп фæласта, йæ къæхтыл алæууыд æмæ уайдзæфы хуызы афтæ бакодта: — Æмæ цымæ æз сымахæй къаддæр ныккарстон? СымаХимæ иумæ нæ куыстон? Цалдæриддæр уисы хас- тат, æз дæр уал уисы æрхастон. Бимболат цæвæгæй никуы карста, æмæ йын зын уы- дис хос кæрдын фæлтæрд æмæ арæхстджын хосдзæут^ тимæ: нæ сæ æййæфта, кæрдæг быныл нæ карста,' æмæ йæм уыцы хъуыддаг иуæрдыгæй æгад кастис. Фæлæ йæ- хи нæ саста. Дула уыцы хабар фембæрста,. йæ ныхас фæфæл^ мæндæр кодта: — Фыццаг хатт цæвæг мæ къухмæ, куы райстон, уæд æз дæр дæ уавæры уыдтæн, мæ армы тъæпæнтæ стæп- пæлттæ сты æмæ рогдæр куыстытæ æххæст кодтон: дон хастон, хъæдæй мæхъитæ ластон, мæкъуылтæ амадтон, куы та-иу ссивгæ дæр кодтон. Ницы сдзырдта Бимболат æмæ, цыма Дулайы фыц- цаг хатт уыны, уыйау æм кæсынтыл фæци: йæ разы лæууыдис фидæрттæконд лæппу-лæг дыстæсчъилæй æмæ бæгъæмсарæй, йæ сау сæрыхъуынтæ фæстæмæ фаст. Фæлладгъуызæй йæм æппындæр ницы ис. Дула фæйнæрдæм аракæс-бакæс кодта, йæ цæст ахаста хосдзæуттыл æмæ фæхъæр кодта: — Лæппутæ, ацы фæлтæр ма æххæст кæронмæ фæ- уæм, стæй, баулæфдзыстæм. Дула йæхæдæг дардыл фæ- тæн уис æрхаста. Йæ фæдыл цыдысты йе ’мбæлттæ дæр. Быныл дастой бæзджын кæрдæг, уистæ, хыссæйы тулайау, сæ фæстæ уагътой, диссаджы хæрздæф калгæ- йæ. Дула фæстæмæ фæкæс-фæкæс кодта Бимболатмæ æмæ, фæсте куы задис, уæд зына-нæзына мидбылты ба- худтис, йæхинымæры афтæ дзуры: «Кусын æй фæнды æмæ уый хорз миниуæг у. Кæй зæгъын æй хъæуы, рай- дианы йын зын у, уый афтæ вæййы кæддæриддæр. Фæ- лæ куы фæцайдагъ уа, уæд ын фенцондæр уыдзæн ку- сын, цæвæгæй кæрдын». Аходæн афон ссис, уæддæр ма куыстой лæппутæ, 108
хъæлдзæг ныхас кодтой, зарыдысты алыгъуызон зар- джытæ. Сæ уæлийæ дæр, æмæ сæ фалийæ дæр колхо- зонтæй чи кæрдгæ кодта; чи ссивгæ, чи та мæкъуылтæ амадта. Сеппæтæн дæр сæ цæстæнгас здæхт уыдис уаз- джытæм, æппæлыдысты сæ, хорз кæй куыстой æмæ кол- хозæн цæстуарзонæй кæй æххуыс кодтой, уый тыххæй. Чысыл фæстæдæр хъæды дзыхæй сзындысты иу ацæргæ сылгоймаг æмæ дыууæ къаннæг чызджы, — скъоладзауы дарæсы, сæ къулты цыдæр хæссинæгтæ,, афтæмæй. Бим.болат къухаууонæй акастис æмæ афтæ бакодта: — Кæд ма исты зонын, уæд уый Сона хъуамæ уа, Цæрайы мад. ч Дула Сонайы иу фæкастæй уайтагъддæр базыдта, бацин кодта: — Уæллæ-гъи, Бимболат, хæрзæггурæггаг мæм кæй фæдæ, уый тыххæй дын стыр лæвар — мæнмæ. Абон- дæргъы мæ хъуыдытæ иууылдæр Сонаимæ сты. Кæнгæ мад, ныййарæг мадæй хъауджыдæр нæу, мæхи мады йас æй бауарзтон. Дулаитæ цалынмæ ныхæстæ кодтой, уæдмæ сæ уæл- хъус балæууыдысты Сона æмæ дыууæ чызджы. Сæ хæс- синæгтæ карст хосыл æрæвæрдтой æмæ уал Сона Бим- болаты къух райста, стæй та иннæты къухтæ дæр. Ха- тыркурæгау дзырдта: ’ . ’ — Уæ зæрдæ мыл ма бахудæд, уæ нывонд фæуон, аходæн æрæгмæ кæй хастам, уый тыххæй. Махмæ, хохы, хосгæрдæны мæй, удисæны мæй фæхонынц, хос æмæ хорæфснайыны куыстытæ нæ иу рæстæджы æрыййафынц, æмæ сыл нал тых кæнæм. Ацафон хъæуы, хæснагæн дæр, куыстхъом адæймаг ничи ссардзæнис, иууылдæр хуымты æмæ уыгæрдæнты сты, чи та фосы фæдыл цæ- уы. Сона Дулайы къухы йæ лæппуйы цæвæг куы ауыдта, уæд фыццаг бацин кодта, стæй зæхмæ кæсгæйæ хъуы- дыты аныгъуылд, сусæгæй йæ цæстытæ къухы уырзтæй асæрфта, фæлæ йæхи нæ басаста: тыххудт бакодта æмæ, хосдзаутыл йæ цæст ахæсгæйæ, афтæ зæгъы: — Уæ. фæхъхъау фæуа мæ зæронд сæр, цины цæсты сыгтæ асæрфтон мæ цæстытæй æмæ мын æй æвзæрмæ ма бамбарут. Дулайы къухы мæ лæппуйы цæвæг куы ауыдтон, уæд мæхи фырцинæй нал баурæдтон. 109
Чи нæ зоны мады фæлмæнтæ æмæ уарзæгой зæрдæ„ йæ цинтæ æмæ йæ хъыгтæ, йæ сагъæстæ. Æхсæрдæс хосдзауы Сонайы раз сæркъулæй лæу- ’ уыдысты. Хъæбулуарзаг æмæ бирæ азты масты фых, фæлæ фидар æмæ фæразон сылгоймаг лæппуты цæс- гæмттыл сагъæсы нысæнттæ куы федта, уæд йæхи фæ- - хъæбæр кодта æмæ, й’емæ цы дыууæ чызджы уыд, уы- донмæ адзырдта: — Уаих макуы фæ’уах, цæмæ ма кæсут, уæ разы хо- сы карстыл стъолæмбæрзæн айтаут æмæ хæринæгтæ авæрут, мæ фæрстæ уын фехæлой, хур кæйонг сфардæг ис, æмæ, кæд мыййаг, сæххормаг стут. Сона цалынмæ хосдзæуттимæ ныхæстæ кодта, уæд- мæ чызджытæ стъолæмбæрзæны уæлæ авæрдтой дзадж- джын хæбизджынтæ, карчы фыд, аджы мидæг дзыкка, дурыны дзаг арахъ æмæ ма ноджы æндæр цыдæр хæ- рпнæгтæ. Сона хатыркурæгау дзырдта: , — Бæргæ хуыздæр исты æмбæлдис, уæ фæхъхъау фæуон, фæлæ мын мæ -хæринæгтыл. баввæрсут, — фынг- мæ хатыдис лæппутæм, уыдон дæр ног карст кæрдæгыл рабадтысты «фынджы» алыварс. — Сона, дæхицæн дын лæггад кæнын хъæуы æмæ дæхæдæг фæраздæр дæ. Цæй, дæ хуын нын бирæ уæд, — загъта Дула, йæ къухмæ дурын æмæ сыкъа райсгæйæ. Дула йæ бынатæй сыстад, дурыны дзыхæй арахъ æркодта æмæ лæугæйæ акуывта: — Сона, мæ мады хай, дæ цæрæнбон нын бирæуæд, дæ хуын дæр бирæ. Хъыгзæрдæ адæймаг дæ, ныр дæс æмæ ссæдз азæй фылдæр дæ фыртмæ æнхъæлмæ кæсыс æрцæуынмæ, æмæ царды цы нæ вæййы, де ’нхъæлмæ’ каст дзæгъæлы цынæ фæуа, уыцы амонд дын дунейы фарн радтæд! Бæргæ зын у йæ зæгъын, æвзаг коммæ нæ кæсы, фæлæ кæд нал ис дæ фырт, знаджы амæттаг ба- цис, уæд рухссаг уæд. Мæрдты рухс дзæнæты бадæд нæ зынгхуыст æфсымæр Цæрай. Дулайы фæстаг ныхæстæ фехъусгæйæ, хосдзæуттæ’ сеппæт дæр слæууыдысты, сæ худтæ систой. Сона йæхæ- дæг дæр сыстад. « < . ’ Дула Сонамæ æввахсдæр балæууыд æмæ дарддæр акуывта: ’ , — Дæхицæн мæ хъæбул загътай, дæ иунæг фырт Цæрайы уарзондзииады фæдыл, æмæ дын æз дæр истæ- 110
мæй дæ зæрдæ цы барухс кæнон, уыцы амонд мæн дæр уæд! — Оммен! Оммен! — æмхуызон, æмдзыхæй сдзырд- той хосдзæуттæ. — Дæ уарзон лæппуйы цæвæг дæс æмæ ссæдз азæй фылдæр æвæрдæй фæдардтай, ныр æй фыццаг хатт мæнмæ радтай, æмæ дзы æз дæр айхуызæн цины хъуыд- дæгты- цы кусон, уыцы амонд мæн дæр уæд! — Фæрнæй дзы кус, Дула, махтимæ иумæ æпæниз æмæ сæрæгасæй, — сеппæты бæсты дзуапп радта Бим- болат, • йæхæдæг Дулайы къухæй дурын æмæ сыкъа райста, æри-ма, æз арæгъ кæнон, зæгъгæ. Рæгъ ацыдис кæронмæ, Хосдзæуттæй алчи дæр йæ сыкъа банызта, рухс загътой Цæрайæн, стæй сбадтысты æмæ фысымæй, уазæгæй иумæ аходæн бакодтой. Сона йæ фырты тыххæй радзырдта афтæ: — Ардыгæй мын акодтой æфсадмæ Цæрайы, раст ацафон, хосгæрдæн йæ тæккæ тæмæны уыдис. Æфсæд- дон комиссариатæй иулæппу æрбацыд, тагъд, дам, куыд хæццæ кæнай, æмæ йæ йемæ акодта. Сиддоны гæххæтт æм схаста, а-комбæстæй ма сын ноджы æндæр чидæр- тæ дæр бамбал сты. Фæлæ ныры хуызæн хъæлдзæг, мыййаг, нæ уыдысты адæм. Цалдæр хæдзарæй сау гæх- хæттытæ райстой сæ хæстонтæй. Æмæ ме уонджы мигъ бадтис мæнæн дæр. . Цæрай бæрæг хъæлдзæгдæр уыдис уыцы бон, æвæц- цæгæн, мæн тыххæй йæхи афтæ дардта æмæ йæ хос кæрдын нæ ныууагъта:—■ æххæст ма мæ фæлтæр кæ- ронмæ ныххæссон, зæгъгæ, загъта. Мæ фадыг карст фæ- уыдзъшæн, æмæ стæй уæд хæрзбон зæгъдзынæн ацы рæ- сугъд уыгæрдæнтæн. Цыма нырма знон уыдис, уыйау мæ хъустыл æмбæлынц йæ ныхæстæ. Фæлæ нал сæм^ бæлдис йæ мæгуыр хæдзарыл. Нал æрыздæхтис мæ куыстуарзаг хъæбул, бирæ кæй уарзта, уыцы -хæхтæм. Уастæн, мæ тæригъæдæй йæ ахсджиæгты фыдтæ бахæ- ра хæст рауадзæг, кæд мæ кæимæ цы хæцинаг уыдис, нæхицæн куыстам æмæ нæ мæгуьтр къæбæр хордтам æнæмастæй. — Дзырд фæцис Сона æмæ, йе ’нцъылдтæ уадултыл цы ставд цæссыгтæ æртылдис, уыдон сау кæл- мæрзæны кæронæй асæрфта. Сона йæ ныхас куы фæцис, уæд йæ мид-зæрдæйы дзырдта: — мæ кæнгæ хъæбул Дула хорз адæймаг зы- ны, Цæрайы цæрмæстыгъд бакодта йæ къахайстæй, йæ ш
фердæхтæй, йе сныхасæй, уæзбын у уый дæр, стæй æм- гæртты уарзон, фæлæ ма йæ æххæст цæвæгæй кæрдгæ дæр куы федтаин... Æмæ цыма Сонайы хъуыды фе- мбæрста Дула, уыйау йæ бынатæй цæрдæг фестади, йæ цæвæг æрбайста йæ къухмæ æмæ йе ’мбæлттæм адзырд- та: — Æмбæлттæ, цæмæ ма у нæ каст, бадгæйæ нын нæу, ерысæй фæсидтыстæм колхозы’ бригадæмæ, — нæ хъару æмæ нæхæдæг, нæ куыст кæронмæ фæуæм. Хосдзæуттæ’ Сонайæн ноджы дæр раарфæ кодтой адджын аходæны тыххæй, йæ лæггады тыххæй. Чыз- джытæ дон æрбахастой хосдзæуттæн, Сона та цымыди- сæй касти, Дула цæвæгæй арæхстджынæй хос куыд карс- та, уьщæ! .
ДЫ МАД НÆ ДÆ! Бон дзир-дзур кæнын байдыдта. Нырма уынгты цъиузмæлæг дæр нæй. Дард кæцæйдæр, ныккæндæй æры- гон уасæг фæсус уасыныл фæлвæрдта. Горæт æнцад-æн- цойæ фынæй кæны. Чысыл рæстæг ма рацæудзæн æмæ адæм базмæлдзысты, горæт райхъал уыдзæн. Раст ацафон, уынджы фæзилæнæй разынд иу æры- гон сылгоймаг, йæ цæнгтыл хаста сывæллон къаннæг урс хъæццулы тыхтæй. Цыма æнафоны истæмæй тæрсгæ кодта, уыйау фæстæмæ фæкæс-фæкæс кодта, аууон- дæр рæттæм йæхи ласта. Афтæмæй, æмбæхсгæ-æмбæх- сгæ, бахæццæ иу хæдзары бахизæны уонг, уым æрлæу- уыд. Сывæллоны цæсгоммæ ныккасти. Иу хатт ма фæй- нæрдæм ахъахъхъæдта, стæй сывæллоны æд хъæццул хæдзары бахизæны лæгъз цементы дуртыл æрывæрдта. Уым æй фæуагъта, йæхæдæг згъорæгау атындзыдта уын- гæн фаллаг фарсмæ. Иу хæдзары бахизæны фæмидæг æмæ дуары стыр рудзынджы фæстæ’ балæууыди, йе уæнг- тæ ризынц," уæрджытæ дыдæгътæ кæнынц, æрцæйхауы. «Цы ми бакодтон, уый! Фæсбайдианы маст ын йæ зæр- дæ ’хсыдта, хатт-иу афæнд кодта йæ сывæллонмæ бацæ- уын æмæ йæ фæстæмæ рахæссын. Уæдмæ сывæллон скуыдта. Сывæллоны кæуынмæ хæдзарæй чидæр ра- цыд. Сывæллонмæ ныккаст, уæдмæ йæ алыварс иугай- дыгай æрбамбырд сты адæм. Кæрæдзи фарстой: «Кæй сывæллон у, ам цæмæн ис, йæ мад кæм ис?». Усы хъустыл уадысты адæмы ныхæстæ æмæ хины- мæр йæхи раст кодта: «Мæ аххос нæу. Мæ лæг мæ ныу- уагъта, мæнæн та мæ бон сывæллон дарын нæу. Мæн мачи* хæраймаг кæнæд». Уалынмæ кæсы: иу ус æмæ иу лæг адæмы бардзыл фæйнæрдæм ахæцыдысты. Ус йæ къухмæ систа кæугæ сывæллоны. Ацы сывæллоныл афтæмæй исты æрцæу- дзæн æмæ уал æй æз нæхимæ хæссын, — æрбайхъуыст ^ Плиты И. 113
та мадмæ йæ ныхас. Кæд ын хицау зынæг уа, уæд-иу; æй махмæ ардаут». Сывæллоны мад уыцы ус æмæ лæгмæ йæ хъус дард-, та, уынджы цъус куы ауадысты, уæд уый дæр йе ’мбæх- сæн бынатæй рахызти æмæ сæ фæдыл цыди гурæй- гурмæ. Фæндыдис æй базонын, кæм цæрынц, уый. Би- рæ цæуын æй .нæ бахъуыдис. Уынджы тигъæй æртыккаг хæдзары кæртмæ бацыдысты. «Æвæццæгæн ам ис са? хæдзар», — загъта йæхинымæр ус æмæ иудзæвгар лæу- гæйæ баззад уым. * * * Уый уыдис фынддæс азы размæ. Уæдæй нырмæ би- рæ ивындзинæдтæ æрцыдис Масикъойы царды. Иæ фа- раст мæйдзыд сывæллоны горæтмæ куы ныххаста æмæ йæ уынджы куы ныууагъта, уый фæстæ йæ лæджы фыд- дæрадæн амой кодта æндæр лæгæй. Иу афæдзы бæрц ацардысты йæ дыккаг лæджимæ, фæлæ нæ фидыдтой, арæх хылтæ кодтой æмæ ахицæн сты. Уый фæстæ Ма- сикъо иу зæронд лæгæй смой кодта æмæ уыимæ йæ цар-' ды бонтæ æрвыста. Фæлæ ус æмæ лæгæн зæнæг нæ ра- цыди æмæ иунæгæй хъыг кодтой. Иу бон куы уыди, уæд Масикъо, рагæй йæ зæрдæ- йы сусæгæй кæй æмбæхста, уыцы ныхас сæргом кодта: — Мæ фыццаг лæгæй мын чызг баззади. Иæ дарын мæ бон кæм нæ уыди, уымæ гæсгæ йæ горæтмæ ныххас- - тон æмæ( йæ уым ныууагътон фараст мæйдзыдæй. Иу æнæзонгæ лæг æмæ йæ ус сæхицæн ахастой. Кæм-цæ- рын-ц, уый зонын. Хъуамæ йæм ныццæуон æмæ йæ нæ- химæ ракæнон. Ды та цы зæгъдзынæ. Зæронд лæг сразы ис усы ныхасыл, цин дæр ма ба- кодта, фæлæ æрæджиау йæ сæр батылдта. — Гъа да, гъа, радтой ма дын дæ чызджы? — Мæ чызгмæ мын чи цы бар дары? Мæхи йын куы бацамонон, уæд^куыд фæцин кæндзæнис, уый мæ цæс- тытыл уайы, — загъта Масикъо æмæ иу бон йæ лæджи- мæ арасти горæтмæ. Бацыдысты, фынддæс азы размæ Масикъо йæ сы- вæллоны фæстæ цы дурæй амад хæдзармæ бацыд, уыр- дæм. Масикъо йæ лæджы фæстийæ æрурæдта, ды ам лæу, зæгъгæ, йæхæдæг иу къаннæг чызджы барвыста, 114
цæмæй йæм уыцы хæдзары цæрджытæй исчи æттæмæ ракæса. Чысыл фæстæдæр йæ размæ рацыди, фынддæс-æх- сæрдæс азы кæуыл цыди, ахæм сауцæст, къæлæсæрф- гуытæ æмæ хъуымбылдзыкку чызг. Масикъойы раз æр- лæууыди æмæ йыл къахæй-къухмæ йæ цæст ахаста. «Цымæ ай мæ чызг уа», — хинымæры загъта Масикъо æмæ чызгмæ лыстæджытæ кæсын райдыдта. — Кæй агурыс, мæмады хай? — афарста чызг Ма- сикъойы. — Дæ фысымтæ кæм сты, мæ чызг? — загъта Ма- сикъо. — Мæ мад æмæ мæ фыд кусынмæ’сты,— дызæр- дыггæнгæ загъта чызг. — Дæуы йеттæмæ ма сын зæнæгæй исты ис? ’ — Ацы иунæг чызджы йеттæмæ сын ницы ис, — чызджы бæсты дзуапп радта иу æндæр чызг. Масикъо- йæн йе уæнгтæ барызтысты, йæхи чызгмæ баппæрста’ цæссыгкалгæ. — Æз дæн, æз, де цæг мад. Гыццыл уыдтæ, афтæ- мæй дæ ардæм æрхастон... Чызг фергъуыйау ис, цы ма загътаид, уымæн ницы- уал зыдта. Йæ тыхстдзинад ын сыхы чызджытæй чи- дæр фæхатыдта æмæ йæ афарста. . — Чи дын у, Фаризæт? Дæ хæстæг у? — Нæ зонын, — йе уæхсчытæ фелхъывта’чызг. — Мæ фыны дæр æй никуы федтон, афтæмæй йæхи мæ мад хоны. Чызг иугæр хъæбæр ныхæстæ куы кодта, уæд Ма- сикъо йæ цæссыгтæ асæрфта æмæ йæм лæхстæгæнæгау хатын райдыдта, йæ цонгмæ йын бавналгæйæ: — Фараст мæйы дæ мæ гуыбыны фæхастон, фараст мæйы дын дзидзи фæдардтон æмæ мæ чызг дæ, уæдæ кæй чызг дæ? Цом мемæ иæхимæ, дæ нывонд фон. Ма тæрс, мæхи дыл никуы атигъ кæндзынæн. — Ацы ус, сонт фæдæ, æви дæ зонд дæхи бар нæу? Кæдæм мæ кæныс демæ. Стæй мæ мад æмæ мæ фыды нал фæрсын, мæнчи схъомыл кодта, уыцы мад æмæ фыды?. — Мæхи куынæ уыдаис, уæд дæм цæугæ дæр не ’ркодтаин, — дзырдта дарддæр Масикъо. , — Чи мæ схъомыл кодта, уыдон сты мæ мад æмæ мæ фыд, ды мæнæн æппындæр ничи дæ, — фæкъæйцых 115
æм ис Фаризæт. Фæстагмæ мæсты кæнын байдыдта æмæ усыл фæхъæр кодта: «Æдзæсгом цыдæр, кæд мæ дæхи- цæй хуыдтай, уæд мæ йенырмæ цæмæннæ искуы бабæ- рæг кодтай, и? Науæд мæ цæмæн аппæрстай?» Масикъо, Фаризæты карз ныхæстæ ницæмæ даргæ- йæ, бæстондæрæй радзырдта, уынджы йæ куыд ныу- уагъта, стæй йæ уыцы æнæзæнæг ус æмæ лæг сæхицæн куыд ахастой, уыдæттæ. — Хъæбул адджын у, æмæ дæм кæнынмæ æрцыд- тæн, — йæ сайæн æвзаг фелвæста Масикъо Фаризæтмæ. — Фесæф ардыгæй, — æрæджиау йæ дзыхыдзаг фæ- хъæр кодта Фаризæт æмæ сыхæгтæй кæмæдæр адзырд- таГ—Милицæмæ фæдзурын хъæуы, æмæ кæд ахæм æдзæсгом ми бакодта ацы ус, уæд æй æрцахсын хъæуы, дзуапп дзы ракурын хъæуы. Масикъомæ ма иу здæхт бакодта æмæ йæм, йæ цæстытæ схъулæттæ кæнгæйæ, сдзырдта. — Ды мад нæ дæ! — æмæ стæй хæдзармæ фæ- цæуæги. Масикъойы цæстытыл ногæй ауади, фынддæс азы размæ цы фыдракæнд сарæзта, уый, æмæ уымæ гæсгæ йæ зæрдæйы тас бацыди. Цыма уыцы хабар ныртæккæ æрцыд, афтæ йæм фæкасти. «Фесæф ардыгæй!» «Ды мад нæ дæ!» «Милицæмæ фæдзурын хъæуы», «дзуапп дзы æрдомын хъæуы», «æдзæсгом», — йæ хъусты нæрыдысты Масикъойæн Фа- ризæты ныхæстæ æмæ адæмы ’хсæнты хъуызæгау акод- та æмæ никуы уал фæзынди.
ЛЕНИН ЦÆРДЗÆН Адæймаг чысылæй, сывæллонæй цы фехъусы æмæ- цы фены, уый дзы мæлæты бонмæ нæ рох кæны. 1920 азы июны мæйы хуссайраг ирæттæ Цæгат Ирмæ лидзгæйæ, цы бирæ фыдæбæттæ бавзæрстой, уыдон нырма дæр мæ- цæстытыл уайынц. Меньшевиктæ хъæутыл арт æфтыд- той, мардтой, сыгътой æмæ сæм лидзæг адæмæн сæ дæн- дæгты къæс-къæс бæргæ цыди, фæлæ цы сæ бон уыди? — иуæй цъус уыдысты, аннæмæй та хæцæнгарз ссарæн нæ уыдис. Цæмæй фæлæууыдацккой знæгты ныхмæ? Лыгъ- .ды чи уыд, уыдон хорз хъуыды кæнынц, фыддæрадæны хуызæн, уыцы бонты цахæм тыхкъæвдатæ уыдис, уый. Арв æмæ зæхх кæрæдзи хостой, дæттæ тынг раивылдыс- ты æмæ бæстæ ластой. Доны цъыртт кæм нæ цыдис, уы- мыты дæр стыр къадатæ фæзынди æмæ сæ хъæрæй кæмт- тæ æмæ хæхтæ арыдтой. Адæм тынг фæтыхстысты. Бæ- лæсты къалиутæ лыг кодтой æмæ сæ халагъудтæ арæз- той, уæйлаг нымæттæ; хуыссæнтæ сæ уæлæ æмбæрзтой, фæлæ уыдон дæр ницыуал æххуыс кодтой — къæвда цыхцырджытæй ныллæууыди. ч —Арв дæр ныл рахæтыдис, арв, дæттæ нæ ласдзыс- ты, бынысæфт кæндзыстæм, — бæласы бын лæугæйæ,. дзырдта Дзауы хъæуккаг Санахъоты Хъараман — фи- дæрттæ конд зæронд лæг. Иæ фарсмæ ставд тæрс бæласы бын иу æндæр лæг лæууыдис æмæ уый Хъараманæн ныф- сытæ æвæрдта: — Ма тæрс, Хъараман, фыдлæг æмæ фыдбонæн бирæ цæрæнбон нæй. Советон Уæрæсе мæгуырты паддзах у, Ленин йæ сæргълæууæг у æмæ нын баххуыс кæндзысты. Хъараман Уæрæсейы тыххæй ницы загъта, фæлæ, Ленин та чи у, зæгъгæ, бафарста? — Ленин стур ахуыргонд лæг у, фæллойгæнæг адæ- мы фæтæг. Уый алцы дæр зоны. — Уæдæ мах — ирон адæмыл уынгæджы бон скодта æмæ уый дæр зоны? — афарста йæ Хъараман. 117
— Кæй зæгъын æй хъæуы, зоны. Æмæ нын æххуыс дæр бакæндзæн, æгæрыстæмæй, ацы хуыты дæр а-.бæс- тæй фæтæрдзæнис. Ленины коймæ, халагъуды чи уыд, уыдон дæр хъуыстой æмæ куывтой: — Хуыцау куы зæгъид æмæ уыцы ’Ленин мæгуыр адæмы хъизæмардзинæдтæ куы фехъусид æмæ нын исты куы баххуыс кæнид. Къæвда куы банцад йæ уарынæй, уæд дзыхæй-дзых- мæ айхъуыст Ленины -кой лигъдæттыл æмæ, цыма, йæ размæ тындзыдтой, йæ уынынмæ, уыйау сæхи рæвдз код- той цæуынмæ — хæхтыл ахизынмæ. Л’игъдæтты иу хай Елхоты æфсæддон казарматы æрбынат кодта-. Æфхæрд æмæ фæлмæцыдæй, стонг æмæ бæгънæгæй, лидзæг адæмыл емынæ сыстадис, цагъ- ды кодтой, æхсæв-иу чи æрбарынчын, уый-иу бонмæ нал ахаста, æгас бинонтæ-иу аскъуыдысты, ныгæнæг сæ нал уыди. Лигъдæттæ алы ныхас кодтой: — А-хуыцау нын ницыуал æххуыс кæны,- фæлæ ды та цы фæдæ, Дкеры дзуар, мæгуыр адæм дæ бынмæ ку- вынмæ куы цæуынц фыдæлтæй фæстæмæ, уæд сын се знæгтæм афтæ куыд кæсыс, дæ цæхæртæ сыл цæмæннæ акалыс?! — Джеры дзуарæн исты йæ бон куы уаид, уæд æй, чи ныппырх кодта æмæ йæ фаджысдон чи скодта, уыдо- нæн сæ цæстытæ акъахтаид. Фæлæ хуыцау дæр нæй æмæ Джеры дзуар дæр. Советон Уæрæсейæ дзырд уыдис æмæ лигъдæттæн цæрæн бынæттæ радтой. Уый фæстæ Мæскуыйæ вагæт- тыл лигъдæтты номыл æххуыс райстой: хъуымац, уæлæ- дарæс, сапæттæ æмæ хæлц. — Ленин сæ хуссайраг лигъдæттæн лæварæн рар- выста, — афтæ дзырдтой, чи сæ уæрста, уыцы, бæрнон кусджытæ.. — Æ, бирæ фæцæра уыцы Ленин æмæ йæ хъæбулты хурæй бафсæда. Йæ лæвар бирæ уа, йæ лæвар! — арфæ кодтой адæм. 118
* * * Хуссайраг ирæттæ æнхъæлмæ кастысты, фыдæлтæй фæстæмæ кæм цардысты, уыцы уæзгуытæй цыфыддæр знæгтæ тард кæд æрцæудзысты, уымæ. — Уæзæг адджын у, фыды артдзæст, — дзырдтой лигъдæттæ æмæ ног, æхсызгон хабар фехъусынмæ æн- хъæлмæ кастысты. Æмæ уыцы æхсызгон хабар хъусгæ дæр фæкодтой: , — 11-æм Арми, кусджытæ æмæ зæхкусджыты фырт- тæй арæзт Арми æрцæуы æмæ нæ зæххæй фæсурдзысты знæгты. — Искуы ма уый нæ’цæстæй куы фениккам, — бæл- лыдысты лигъдæттæ. Æмæ йæ федтой сæ цæстæй, -сæ бæллиц сæххæсти: меньшевиктæ тард æрцыдысты Хуссар Иры зæххæй. Ленины саразгæ æфсад мæгуыр адæмæн сæ тыхсты рæстæджы сæ уæлхъус балæууыд æмæ сæ мæлæтæй фер- вæзын кодта. Фæстæмæ сæ уæзгуытæм æрыздæхтысты хуссайраг ирæттæ. Стыр Октябры социалистон революцийы уæлахиз- хæссæг тырыса сфæйлыдта Ирыстоны сæрмæ, адæм сæ цард ногæй аразын райдыдтой Советон хицауады фæр- цы, Коммунистон партийыфæрцы, стыр Ленины фæрцы, нæ бæстæйы адæмтимæ иумæ ирон адæм дæр сæ бартæ сæ къухмæ райстой, ныллæууыдысты социализмы фæн- дагыл. 1924 азы 21-æм январы советон адæмыл стыр зиан æрцыди: амард фæллойгæнæг дзыллæты’ фæтæг Влади- мир Ильич Ленин. * Къанцлары къух бакæнæн нæ уыд адæмæй. Уыдис дзы сывæдлæттæ дæр. Æмбырд байгом. Разæй стъол, сырх хъуымацæй æмбæрзт. Стъолы алыварс цалдæр лæгæй бадтысты. Къулыл Ленины ныв, йæ кæрæттæ сау хъуымацы уац- цагæй фæлыст. Ныхасгæнæг радзырдта Ленины цард æмæ куысты тыххæй. — Ленин амард, фæлæ йæ ном цæрдзæн нæ зæр- дæты. Ленин не ’хсæн нал ис, фæлæ цæрдзæн йæ са- разгæ Коммунистон парти! Уæлахиз уæд Ленцнизм!.. Æмбырд райхæлди. Адæм уæнтæхъилæй’ æмæ сæр- 119
’гуыбырæй цыдысты сæ хæдзæрттæм, куыдтой, сæ цæс- ты сыгтæ калдтой. — Пу, мæ фыдбылыз дæ хай, Салугæрдæны нæ бинонтæ быныскъуыд систы æмæ уæд куынæ куыдтай, уæд дыл ныр цы ’рцыдис— дзырдта нæ хъæуккаг ус йæ лæгæн. — Ахæм зиан никуыма æрцыдис кусæг адæмыл, ахæм лæг никуыма райгуырдис зæххы цъарыл... Хорздзинад нæ сæфы, — зæгъы ирон æмбисонд. Ленины хæрзтæ никуы ферох кæндзысты ирон адæм цæргæ-цæрæнбонты. Æмæ йын йæ хъуыддагыл æнувыд дæр уымæн стыг æмæ йæ уарзгæ дæр афтæ бирæ уымæн кæнынц, сæхи ленинонтæ дæр хонынц. Ирон адæм фыдæлтæй фæстæмæ сæ дзырды хицау сты. Бæрзонд дарынц Ленины тырыса æмæ зæгъынц: • — Ленины ном æмæ йæ хъуыддаг цæрдзысты æнус- тæм!
МАГЪЫ ÆФЦÆГЫЛ Рагæй бæллыдтæн Магъы æфцæг фенынмæ. Фæлæ- мын никуы бантыстис. Зын мæм кастис уырдæм иунæ- гæй цæуын. Æмæ ныр æмбалимæ, уымæй дæр машинæ- йы цæугæйæ, мæ цинæн кæрон нæ уыдис. Фæлтæрд шофыр афтæ дзæбæх скъæрдта машинæ, æмæ зонгæ дæр нæ бакодтон, Дзаумæ куыд бахæццæ стæм, уый., Хуыцъейæ мидæмæ нæ машинæ йæ цыд фæсабыр- дæр кодта. Хицæн æмæ хицæн фадгуыты фæндагараз- джытæ къордтæ-къордтæй алыхуызон куыстытæ æххæст кæнынц. Машинæтæ дыууæрдæм згъорынц. Чи мидæмæ цæуы,; чи дæлæмæ. Леуахи æмæ Дзомагъы дон кæм иу кæнынц, уыцы ран, ног фæндагыл фæзылдыстæм, æххæст Дзомагъы хъæумæ нæ бацыдыстæм, фæлæ Магъы хъæуыл бахыз- тыстæм, стæй къæдзтæ-мæдзтæ фæндагыл схæрд кодтам æмæ тагъд Магъы æфцæгыл (Кутухы æфцæг дæр æй хо- нынц) февзæрдыстæм. Магъы æфц&г... Кæсын, фæлгæсын, æмæ не ’фсæдын алæмæтон æрдзы уындæй. Мæ хъуыдытæ мæ дард кæ- дæмдæр ахастой. Мæ, цæстытыл ауадысты æвирхъау нывтæ. Уый уыдис фæндзай аст азы размæ. Хуссар Ирыстопæй, сæ райгуырæи уæзгуытæй меньшевиктæ кæй сыстын кодтой, уыцы лигъдæттæ фæстæмæ здæхтыс- ты. Елхоты цардыстæм мах. Рæдау фысым нын уыдис Елойты номдзыд сылгоймаг Дзаппа. Бирæ фæцархайдта мæ мад æмæ мæ фыдыл, ам лæуут, зæгъгæ. Мæнæ уын хæдзар, мæнæ уын зæххытæ, махимæ цæрдзыстут. Фæлæ фыды уæзæг адджын у, æмæ мæ мад æмæ мæ фыд æн- дæр лигъдæттимæ иумæ цæуыны къахыл ныллæууыдыс- ты. — Уæ бар уæхи, фæлæ, иуæй фыдæбон фæкæндзыс- тут уыцы дард фæндагыл, аннæмæй та уын уæ хæдзæрт- 12!
тæ æмæ уæ муртæ меньшевиктæ ныххæлæттаг кодтой, куыд æмæ цæмæй цæрдзыстут? Æмбаргæ адæймаг уыдис Дзаппа, бæстон куы бам- бæрста мæ мад æмæ мæ фыды хъуыды, уæд нын йæхи бричкæйы бæхтæ баивтыгъта, кусæг, баххуырста йæхи хардзæй æмæ нæ суанг Зæрæмæгмæ нылласта. Немæ нын^ ратта дзыхъхъынног брезент, мыййаг къæвда куы уара, уæд ма ныххуылыдз уат, зæгъгæ. Бирæ хорз адæй- мæгтæ ис зæххы цъарыл, фæлæ дзы Дзаппайæн æмбал нæ уыдис. Фараст мæйы фæцардыстæм йаё хæдзары æмæ ныл хъæцынхъом дæр нæ уыдис. Уæвгæ, уымæн йæ лæг- гæдтæ чи бафиддзæнис! Кæд сидзæргæс уыдис, æнахъом ’сывæллæтты хицау, уæддæр-иу нæ гуыбыны хæлцæй цух нæ уагъта. Рæвдыдта нæ, мидбылхудгæ нæм дзырдта æмæ уымæ гæсгæ нæ фыдæбæттæ ницæмæ дардтам. Дыккаг бон Зæрæмæгæй Захъамæ къахæй ацыдыс-- тæм. Æхсæвы уым баззадыстæм. Хъæубæсты адæм нæ дзæбæх бавæрдтой, Æртыккаг бон уазал райсом скодта. Æфцæджы ’рдыгæй дымдта. Буары иннæрдæм хызтис йæ судзгæ уа- зал. Лигъдæттæ раджы сыстадысты, алкæй дæр фæнды- дис æфцæгыл рухсæй ахизын. Мæ фыд хуыссæнты æддаг цъæрттæ ^фтыдта, иннæ хæссцнæгтæ фысымтæм ныууагъта, бинонты уал Дзома- гъы хъæумæ ныххæццæ кæнон, стæй фæстæмæ раздæх- дзынæн сæ хæссынмæ, зæгъгæ. ■ Адæм къордтæ-къордтæй кæрæдзи* фæдыл ныххал сты дзода фæндагыл, сæ цæсгæмттæ Магъы æфцæгмæ саразгæйæ. Куыд уæлæмæ цыдысты, афтæ уазалæй-уа- залдæр байдыдта. Бæрзонд бынæтты хъуынтъыз æмæ тызмæг мигътæ æрбадтысты, ранæй-рæтты фæндæгтæ æрæхгæдтой. Знон дæр ма Зæрæмæджы хъарм уыдис. Захъайы дæр райсомæй арв раирдис. Уæд ыл ныр цы ’рцыд? Æви ныи фараст мæйы фыдтухитæ æгъгъæд нæ уыдысты? — Гъе, уæууай; гъе! Бынысæфт куы кæнæм, æмæ нæ куы ничи зоны, — фæйнæрдыгæй ахæм ныхæстæ кодтой фæллад æмæ фæлмæцыд, стонг æмæ бæгънæг лигъдон адæм. Мæ фыдæн йе’ ’ккой уыдис нæ бур дзæкъул, уым уы- дысты нæ фæндаггæгтæ. Уæнгтæрог лæг уыдис, хæрдмæ цæуынмæ сычъийæ ^ъауджыдæр нæ уыдис, иысыл-иу суади, стæй та-иу нæм 322
йæ уæхсчы сæрты фæстæмæ фæкастис, ныфсытæ нын æвæрдта: «Фидар фæлæуут, бирæ нæ нал хъæуы фцæг- мæ, стæй цæуынæн фенцондæр уыдзæнис, ауырдыг кæн- дзыстæм æмæ Дзомагъы хъарм аргы фарсмæ баддзыс- тæм». Чысыл фæстæдæр тыхджын схъызыдис. Тыхдымгæ уæлийæ дæлæмæ дымдта, рустæ цъыччытæ кодта, цæсты- тæ къахта, сау мигътæ рабырстой æмæ бæстæ саудалынг^ баци. Иурæстæджы фæстийæ аззадтæн, мæ бон цæуын нал уыдис, мæ къухтæ баргъæвстысты. Уалынмæ дын мæ тыхдымгæ йæ сындз къухтæй фелвæста, фæфæлдæхтæн æмæ дзодайыл мæ тъæпп фæцыдис. Ме ’рхуы цайдан мæ къухæй феуæгъд ис æм йæ дымгæ пурти къуырæгау дзо- дайыл дæлæмæ йæ разæй ахаста гыбар-гыбургæнгæ. Æз скуыдтон. Мæ фыд мæ разм’æ æруадис, хорзау нал уыд, фел- вæста мæ йæ иу къухæй, иннæмæй йæ лæдзæгыл хæцыд, мæ къухтæ æмæ мын мæ рустæй рыг мит асæрфта, стæй загъта: — Хъæддых фæлæу, мæ лæппу, цайданы мæт дæ ма уæд, нæ фыдбылызтæ ’йемæ ахæссæд, уый хуызæн та ссардзыстæм, ды мын дзæбæх у, уый йеттæмæ. Уыцы тæккæ сахат мæнæн мæ зæрдыл æрбалæууыд ахæм хабар: Мæ фыд Германы хæстæй куы рыздæхтис (цыппар азы дзы фæцис), уæд м’æ хъæугæронмæ йæ раз- мæ аскъæфта нæ сыхæгты чызг, хæрзæггурæггаг æм фæ- ци, мæнæ уый дæ лæппу у, зæгъгæ. Цæвиттон. мæ фыды мын æфсадмæ куы сфарстой,уæд мæныл афæдзы йеттæ- мæ нæ цыдис, мæ мады æрвадæлтæ мæ хастой йе ’рцыд- мæ. Мæ фыд мæ йæхимæ æввахс нæ бауагъта, къухæй мæ, схойæгау акодта, тифæй рынчын дæн, хæцгæ низ у, æмæ йыл бахæцдзæн, зæгъгæ, загъта чызгæн, уый дæр мæ фæстæмæ скъæфæгау ракодта хæдзармæ. Ныр мæ мæ фыд дзодайы уæлæ кæугæ æмæ хаудæй куы ауыдта, уæд ныггуыбыр кодта, дæ чысыл рынтæ ахæрон мын загъта, стæй мæ йæ хъæбысмæ систа æмæ та цыдис размæ. Нæ разæй цы лигъдæтты къорд рацыдис, уыдон иуæй фæллайгæ бакодтой, иннæмæй суазал сты æмæ дзо- дайы уæлæ уæттæ бакодтой. Сæ сывæллæтты сæ астæу скодтой æмæ афтæмæй схуыссыдысты. 123
Уьшы хабар мæ фыды зæрдæмæ нæ фæцыдис/хъыг ын уыдис. Адæмæн се уонг амæлдзæн уыдонмæ кæсгæйæ, загъта мæ фыд, стæй æрлæууыд, æриста мæ йæ хъæбьь сæй, æввахс сæм бацыд, бустæгæнæгау сæм сдзырдта: — Цы сарæзтат уый, исчи дæр ма сымах йедтæмæ уæлмит, уæлих æфцæгыл хуысгæ кæны! Уанцон нæу, гор- мæттæ! Æниу кæдмæ хуыссынмæ хъавут? Сывæллæтты цæуыл сафут айхуызæн фыдхъызты. Уый бæсты сыстуг æмæ дарддæр цæуæм. Фалдæр, иу æндæр зæронд лæг хъæццулы бынæй йæ сæр сдардта æмæ ризгæ хъæлæсæй сдзырдта: — Цæйпæфæлтау искуы къæдзæхæй ахауæм,- фæл- тау ам æрцæуæнт нæ мæлæт, ам ма нын нæ мæрдтæ исчи уæддæр ссардзæн. Мæ фыд ма ноджы æндæртæм дæр йæхи байста, йæ ныхас фæфæлмæндæр кодта æмæ загъта: — Сыстут, уæ рынтæ бахæрон, æмæ нæ фæндаг цы-' быр кæнæм, науæд нын изæрырдæм фæзындæр уыдзæ- нис цæуын. Æхсæвæттæ та æфцæгыл лæууæн нæй, неппæт ’дæр бабын уыдзыстæм. Адæмæй куы ничи ср^зы ис мæ фыды ныхасыл, уæд йæ цъупп худ арфдæр æркодта, фæтæн гæрз ронæй дæрд- джын цинелы астæу æнгомдæр балвæста, йæ салдаттаг цырыхъытæ кæрæдзийыл батъæпп-тъæпп кодта æмæ ацыдис дарддæр. Даргъ лæдзæджы бырынкъ дардыл - хæссы, рахахх дзы кæны æмæ, йæ развæндаг куы басга- ры, уæд та цалдæр къахцæфы акæны размæ. Афтæ цы- дысты иудзæвгар. Фæлæ нæ фæстагмæ хæрды цæуын нал хъуыдис, фæз ахаста, æрмæст ма къæдзæхæй, гъе, былæй ахауынæй хъахъхъæдтам нæхи. — Иу цыбырдзырдæй, ацы лæдзæг нæ æрцардта, цыфæнды æмбалæй дæр хуыздæр разындис, — фæстæ- мæ махмæ фæкæсгæйæ, хъæлдзæг хъæлæсыуагæй загъта мæ фыд æмæ та ногæй р’ахахх кодта. Хъызы. Дымгæ йæ дымынæй не ’нцайы, хизы буары иннæрдæм. Знæт мигътæ кæрæдзийыл сæхи ныццæвынц, хæлбурцъ кæнынц. Зæрдæ уынгæг кæны уыдонмæ кæсы- нæй. Мæ фыд та йæ развæндаг сгары. Йæхинымæры акъахдзæф кæнон куыд загъта, афтæ цавæрдæр уæрмы аирвæзтис. Лæдзæг йæ къухæй ахаудта, уæлбыл ын аз- задис. > «Ал-лах», зæгъгæ, ма фæкодта. Мæ мад ныккуыдта: 124
«Судзгæ бон нæ куы баййæфта! Мæнæ бынтондæр куы бабын стæм!».. Уайтагъд мæ фыд уæрмæй тарстхъæлæсæй сдзырд- та: «Фæстæмæ алæуут æмæ уæ бынатæй мачердæм фез- мæлут!» Йæхæдæг дзæкъул æмæ брезент уæлæмæ сæппæрста, стæй, чысыл сывæллонау, йæ цыппæртыл сбы- , рыди уæрмæй. Йæ миты рыгтæ сæрфта, афтæмæй дзырд- та: «Æз афтæ фенхъæлдтон, зæгъын, къæдзæхæй,ахауд- тæн. Мæхи мæт мæ нæ уыдис, фæлæ сымахыл ахъуыды кодтон, зæгъын, иунæгæй цы бакодтаиккат?» Нæ ц&сты- тæм нын джихæй касти æмæ цыма бирæ адæмимæ ныхас кодта, уыйау слæууыдис æмæ дзырдта дарддæр: — Цыппар азы Германы хæсты ф&дæн, æмæ мæ сæ- рыл куырой-нæ разылдис, уый йеттæмæ цынæ фыдæ- бæт/гæ бавзæрстон, ахæм нæ уыдис. Фæлæ айхуызæн фыдвæндæгтыл никуыма ацыдтæн. Фыны дæр сæ никуы федтон, фыны! Салдат уыдтæн æмæ цæмæй тарстæн? Нæмыг дыл сæмбæлдзæн, амардтæ æмæ цы? Уым дисса- гæй цы ис? Хæст хæст у. Хæст кæм вæййы, уым мæлæт дæр вæййы. Фæлæ мæ сымах мæт’ис. Дзодайы уæлæ чи бауат кодта, уыцы адæмы мæт мæ ис... Мæ фыд йæ ныхас фæлыг кодта, стæй дзæкъул æмæ брезент йе ’ккой баппæрста, лæдзæг йæ къухмæ систа æмæ сдзырдта: — Цæугæ мæ фæдыл, бирæ нæ нал хъæуы, — æмæ та къахдзæфтæгæнгæ, хъавгæ цыдис дарддæр. Тагъд- тагъд нæм йе уæхсчы сæрты фæкæс-фæкæс кодта, фæс- тийæ ма< баззайæнт, зæгъгæ. Мæт кодта, фæстийæ цы адæмы ныууагъта, уыдоныл дæр. Цыма мах фарста, уы- йау арæх дзырдта: — Уыцы мæгуыр адæм цы фесты, куы ницыуал сæ хъуысы? Цæуæм дарддæр. Фæстагмæ арв раирд. Хур ракас- тис. Суыдтам нæ развæндаг. Разындысты кæмттæ æмæ хъæдтæ. Сыгъд хъæутæ, уæзгуытæ. Йæ мидбылты худы Хуссар Ирыстон — нæ уарзон райгуырæн бæстæ. Стыр фыдæбоны фæстæ мах цы хуызæп циндзинад бавзæрстам, ахæм циндзинад-иу бавзарæд кæддæриддæр нæ хорзмæбæлджытæ дæр! Адæмæй раздæр чи сирвæзтис æфцæгмæ, уыдон фæстæмæ сæхиуæттæм хъæр кодтой, цæмæй сæ раййа- фой, цæмæй фæстийæ мачи баззайа. Мæ фыдæн æхсызгон уыдис, адæм дзæбæх кæйбаз- 125
задысты, уыцы хъуыддаг. Цыма æппындæр нæ бафæл^ лад, йæхи афтæ æвдыста. Адæмæн ныфсытæ æвæрдта:! «Ныр нын тас нал у, тагъд Дзомагъы уыдзыстæм». Æмæ’ æцæг тагъд æрхæццæ стæм Дзомагъмæ. Ревсоветы бацамындмæ гæсгæ Дзомагъы хъæуы цæрджытæ хæдзæртты æртытæ скодтой æмæ лигъдæттæ сæхи тавтой, сæ дарæс сур кодтой, сæхицæн хæринæгтæ арæзтой. Сæ фæллад-иу суагътой, кæрдзын-иу бахорд* той, ,стæй сæ фæндаг дарддæр кодтой — алчи дæр сæ тындзыдта йæ райгуырæн уæзæгмæ. * * * , Магъы æфцæгыл, ног фæндагыл лæугæйæ, мæ мæ хъуыдытæй фæиртæста, Захъайы ’рдыгæй цы уæзлрсæн машинæ рацæйцыд, уый. Нæ цуры фæурæдта, кабинæйæ райхъуысти зонгæ хъæлæс: — Мæнæуый, дæ хорзæхæй, ардæм дæ цы хуыцау схаста? — А-а, уый Леуан куы дæ, нæхи Леуан, уæддæр мæ дæ фенын фæндыдис æмæ дыл æгайтма ам фембæлдтæп лæгæй-лæгмæ. Æз ме ’рттæ ныццагътон: мæнæ диссаг! Очерк хъуамæ ныффыссон æмæ йæ сæйраг хъайтар у Ле- уап. Æмæ Леуаныл фембæлдтæн. Айхуызæн фæндаг чи сарæзта Рукъæй Захъамæ, уый мæнмæ гæсгæ очеркы ак- каг у! Леуан фефсæрмы ис, æнæуый дæр сабыр, хæдæф- сæрм лæппу-лæг у, къæмдзæстыг, афтæ бакрдта:' — Ацы фæндаг канд мæн иæу, фæлæ у адæмы фæн- даг. Аразгæ дæр æй адæм скодтой. — Адæм’ æй «Леуаны фæндаг» хонынц, æмæ йæ ды ма бауадз, фæндаг аразын ды рымысыдтæ, йæ проект дæр ын ды сарæзтай. Иæ саразыныл бирæ тых, бирæ хъару бахардз кодтай. Æмæ стæй йæ пайда цас у, уый нæ нымайыс? Ирон æмбисонд афтæ зæгъы: лæг, дам, лæджы базо- ны фынгыл æмæ фæндагыл. Леуанимæ иу фынгыл бад- тæи. Ныр та фæндагыл цæуæм иумæ Магъы æфцæгæй Рукъмæ. Æмæ Рукъæй. Захъамæ æртындæс километры дæрддзæгæн фæндаг чи сарæзта, уыимæ хъуамæ базонгæ уон куысты уæлхъус дæр. Уый у Кортиаты Леуан æмæ йын йæ цард æмæ куысты тыххæй хъуамæ ныффыссон аивадон очерк.
КÆМ СТУТ? ЦЫ ФЕСТУТ? Рагон хæлæртты рох- кæнын нæ хъæуы. Кæд арæх нæ, уæддæр сæ, æппынкъаддæр, афæдз иу хатт хъуамæ фенай. у Æцæг, хъуыддæгтæй арæх нæ февдæлы лæджы, фæлæ ма дæхæдæг ахъуыды кæн, цалдæр азы цæхх æмæ кæрдзын кæимæ хордтай, дæ цин æмæ дæ хъыг кæимæ дих кодтай, уый ма фенай, иу хатт æй ма бабæ- рæг кæнай, уæд дæм уый цас раст кæсы, — ахæм хъуы- дытимæ цыдтæн ме ’мбалимæ Болаты хъæумæ, сæрды- гон хизæнуæттæй нæхимæ,куы здæхтыстæм, уæд. Æз ме ’мбалæн бамбарын кодтон мæ хъуыды. — Ау, æмæ Болаты хъæуы цæрæг куынæуал ис, уæд ма дзы кæмæ цæуыс? — дисгъуызæй мæм æрбадзырдта Гæбила æмæ йæ бæхы рохтыл фæхæцыд фæстæмæ. — Æцæгæй зæгъыс, æви? — афарстон æй æз. — Ау, æмæ йæ нырмæ нæ зыдтай? — Ницы зыдтон, фæлæ уый хъауджыдæр цæу мæ- нæн, цъиузмæлæг куынæ уа Болаты хъæуы, уæддæр æм цæуын. Хъуамæ йæ фенон, — фидарæй загътон æз, мæ ныхасыл дыууæ нæ загъта ме ’мбал. Æз разæй цыдтæн, Гæбила — мæ фæстæ. Фæндагæн йæ фæйнæфарс хъæд, алыгъуызон бæлæстæ, фæнда- джырдæм сæ къабæзтæ радаргъ кодтой, цыма ныи æгас- цæуай кодтой, уыйау. Æз æхсызгонæй кастæн мæ ал- фæмблаймæ. Æрдзы рæсугъддзинад мæ йæхимæ афтæ тынг æлвæста æмæ, мемæ æмбал ис, уый дæр мæ фе- рохи. Иунæг ныхас дæр мæ дзыхæй не схаудта. Ницы дзырдта Гæбила дæр. Æрмæст, Чызджыты суадонмæ куы бахæццæ стæм, уæд бæхтæй æрхызтыстæм, дон банызтам æмæ Гæбила афтæ бакодта: — Уый никуы хъуыды кæнын, æмæ ауылты цæугæ- йæ, ацы суадонæй ма баназон. Иудзырдæй, æвдадзы хос у, банызтай дзы, зæгъгæ, уæд уæнгтæ цыдæргъуы- 127
зон срог вæййынц, стæй йæм иу хорз миниуæг ис: ни- цы хъыг кæны, тайæн у. Алæмæттаг æрдзы уындмæ кæсгæйæ, Болаты хъæу- мæ куыд схæццæ стæм, уымæн зонгæ дæр ницы бакод- там. Фæндагæн рахизæрдыгæй хиуа суасыди æмæ Гæ- била мидбылхудгæ афтæ бакодта: — Цыдаёр æхсызгондзинад ныл цæудзæнис — хиуа рахизæрдыгæй суасыди. ’ Гæбилайы ныхасмæ æз ницы сдзырдтон, бæхæй ра- хызтæн, мæ цæст ахастон хъæуыл, фæлæ ма цæй хъæу æмæ цæй цыдæр! Æртиссæдз хæдзары кæм цардис, æр- тиссæдз ранæй фæздæг кæцæй цыдис, уыдонæн сæ кой дæр нал ис. — Мæнæ царциаты диссæгтæ, — мæ къухты тъæ- пæнтæ кæрæдзийыл ныццагътон, джихæй кæсгæйæ баз- ,задтæн, кæцырдæм ма ацыдаин, уымæн ницыуал зыд- тон. Æгас хъæуæй ма баззадис рагон аргъуан, мæсыг æмæ пырх сискъултæ. Гæбила йæхæдæг дæр Болаты хъæуккаг уыди. Сæ алыгъды хабар мæм диссаг кæсьч, уый куы базыдта, уæд йæхи цъæх нæууыл æруагъта, ме ’рдæм æрбакаСтис æмæ афтæ зæгъы: — Болаты хъæу цæмæн федзæрæг, уый базонын дæ фæпды, уæд ма мæнæ мæ фарсмæ сбад æмæ дын хабар сæрæй кæронмæ ракæнон. Мæхи æруагътон цъæх нæууыл æз дæр. — Адæмæй хæрзтæ куыд вæййы, æвзæртæ дæр дзы афтæ ис, — райдыдта дзурын Гæбила. — Уый дын цæй тыххæй зæгъын. Цæвиттон, мæ хæрз дыккаг хæдзар Сымси, хъуыды ма йæ кæндзынæ. Хинæйдзаг уыд, йæхи тылиф кодта колхозы куыстæй, магусайæ цæлуарзаг, расыггæнаг, цæстфæлдахæг, сайæгой, гæдыныхасгæнаг æмæ йæ уый тыххæй ничи уарзта. Горæтмæ дæр æппæ- ты фыццаг уый алыгъд. Иу афæдзы мидæг цалдæр бынаты аивта Сымси го- рæты: кæмдæр скълады акуыста, уый фæстæ та дыргъ- тæисæн пункты. Дыууæ азмæ ахæм хæдзар ныззылдта, ахæм, æмæ цыфæнды æлдарæн дæр уый хуызæн галуан никуы уыдаид. Йæ цард къахæй ассон-ассон кодта Сымси, æмæ йæм тæхуды кæнын байдыдтой нæ хъæуы цæрджытæй иутæ. «Тæхудиаг нæу, ахæм хæдзæртты чи цæры? Алцæмæй æххæст». Иннæтæ та йæм мæсты кодтой: «Уымæй магу- 128
садæр ничи уыд нæ комбæсты, æмæ махæй хуыздæр цæ- мæн хъуамæ цæра? Афтæмæй хъаёубæсты цæрджытæ, уæлдайдæр та фæсивæд, иугай-дыгай ивылын байдыдтой горæтмæ, кæд ницы хъуаг æййæфтой, уæддæр. Сæ цæ- рæн хæдзæрттæ æмæ сæ фос фæуæйтæ кодтой. Фæлæ Сымсийы хæдзары хуызæн саразын йæ къухы никæмæн æфтыд. Сыгъдæг мыздæй, мæ хур, стыр хге- дзар аразæн нæй: хæрын хъæуы, дарæс кæнын хъæуы, æмæ æндæры фаг дæр не скомы. Уæддæр хицауадæй бузныг: куыстыл чи фæцалх горæты, уыдон фатертæ райстой. Фæлæ алкæмæ уый фаг нæ фæкаст æмæ-бæс- тæйы алы кæрæттæм цыдысты æхца кусæг. Зæгъæм, нæхи Гари ^кæмдæр шахты фæкуыста. ’Чизоны æхца дæр ба- куыста, фæлæ йæхæдæг кæмдæр бабын. Æмæ ахæмтæ иу æмæ дыууæ нæ уыдысты. Чи ма дзы низимæ æрæз- дæхт, чи,та дард кæмдæр баззад цæргæйæ. — Уæдæ! Уый сын Сымси бакуыста, гъе! — загъта ма Гæбила æмæ йæ цæст ахаста Болаты хъæууатыл кæрæй- кæронмæ, стæй æнкъардгъуызæй афтæ бакодта: — Мæхæдæг дæр фæсмон кæнын, мæ фыды уæзæг кæй ныууагътон, ууыл: Мæ фыд-иу арæх дзураг уыд, мæ фæстæ дæ хæдзары артдзæст макуы банымæг кæн, тулгæ дурыл хъуына нæ хæцы, зæгъгæ, æмæ уыцы ны- хæстыл лæмбынæг никуы , ахъуыды кодтон. Мæ фыды ’фсымæр Бесойы зоныс, нæ хъæуы чъири- кувæджы. Кадджын, æгъдауджын лæгæй йæ зыдт^й хъæубæстæ,. æмææнæхъæн комбæстæ дæр. Иæ таурæА- тæ æмæ йын йæ кадджытæй лæг не ’фсæсти. Ныр зæ- ронд-зæронд уынгты срог вæййы æхсæвьщъæхæй; адæ- мы бьгрæттц ведратæ машинæйьг гуыффæмæ æвгæны. — А-иннæты тыххæй ницы зæгъын, фæлæ Бесо та йæхиуыл цæмæннæ ахъуыды кодта, цæрдтæй мæрдтæм фæхæЬтæгдæри, æмæ кæй къæхты хъæрмæ кафыди, — загътой æз æмæ фæрсæджы каст бакодтон Гæбиламæ. Уый хъуыды дæр нæ акодта, афтæмæй мын, уай- дзæфгæнæгау, бакодта: — Дæ хорзæхæй, иунæгæй хæйрæг куынæ фæразы, уæд Бесо куыд хъуамæ кодтаид? Уæд та æрбарынчын, уæд æм чи хъуамæ фæкастаид, зæнæг уымæн нæй, ус иннæ ахæм. Иæ сæрæн ма уый зыдта æмæ горæтмæ ныф- фардæг æмæ йæхицæн къæбæры фаг кусы. Гæбила дæр æмæ æз дæр ныхъхъус стæм, алыгъуы- 9. Плиты И. 129
зон хъуыдыты денджызы ленк кодтам. Цасдæр рæстæг кæрæдзимæ иу дзырд дæр нал скодтам. — Хæст куы райдыдта, уæд Болаты хъæу(æз дзы ахуыргæнæгæй куыстон) фронтмæ арвыста æртиссæдз лæппуйы. Уыдонæй ма гас хæдзар ссардтой æрмæстдæр фарастæй. Уыдон дæр онгцухтæй. Иуæндæс æмæ дыу- уиссæдзæй сæ сæр нывондæн æрхастой Райгуырæн бæс* тæйы сæраппонд. * * * «Æппæт дæр фронтæн! Æппæт дæр фæуæлахизы тыххæй!» — Ахæм лозунг, æз, куыд ахуыргæнæг, афтæ ныффыстон стыр дамгъæтæй Фыдыбæстæйон хæсты рæ- стæджы æмæ йæ хъæуы колхозы канторæйы къулыл бакодтон. Хъæуы хæстхъом фæсивæд тохы быдырмæ аивыл- дысты, фæлæ сылгоймæгтæ æмæ зæрæдтæ, æгæрыстæ- мæй, сывæллæттæ дæр, хъæуы кад дæлæмæ никуы æруа- гътой: фронтæн лæвæрдтой æппæт дæр. Æниу цас æхца æмбырд кодтой хъæубæстæ хæстон фæрæзтæн! Чи сæ фæнымайдзæн! ’ Сылгоймæгтæ сæ къухмæ райстой цæвджытæ. Хос карстой, хуым кодтой, тыдтой æмæ сæ æфснайдтой. Зæ- ронд лæгтæ бригадæ сарæзтой, æмæ хæсты чи уыд, уы- дон бинонтæн суг ластой, æххуыс сын кодтой цæмæй- дæриддæр. Нæ, дæ рын бахæрон, Болаты хъæуæн йæ фарн би- рæуыд, йæкаддардыл хъуыстгонд уыди. Æниу, районы мидæг дæр æпп&ты фыццаг колхоз уыдон сарæзтой. Уæлдæр, цы Бесойы кой ракодтам, колхозмæ æппæты фыццаг уый бацыди æмæ сæрдарæй дæр уый сæвзæр- стой. Паддзахады раз зæрдæхудтæй никуы баззадысты Болаты хъæубæстæ: сæ хæслæвæрдтæ уæлдайджынтæй æххæст кодтой. Куыстуарзаг уыдысты, сæхи кæнгæ хор сæ фаг кодта. Æнгом бинонты цард кодтой, кæрæдзи æмбæрстой, сæ дзырд кæрæдзийыл бадти æмæ сæм сæ алфæмблай хъæутæй бирæтæ тæхуды кодтой. * * * Афтæ ныхас кодтон мæхинымæры, стæй Гæбилайы куы бафарстон, зæгъын, дæ хорзæхæй, дæ дзыхæй сы- 130
быртт куынæуал хауы, уæд цы ныхьхъус дæ. Æмæ цæ^ уыл хъуыды кодта, уый мын куы радзырдта, уæд дисы бахаудтон, æз куыддæриддæр хъуыды’кодтон, уæй дæр раст афтæ хъуыды кодта йæхинымæры. . Сыстадыстæм æмæ уæлмæрдтырдæм азылдыстæм. — Цас афтид ицгæнтæ дзы ис! — загътон æз. Нæ худтæ систам. Сæ хицæуттæ сæ ’зынгхуыст хъæбултæк сæ сыджыты хай рахицæн кодтой, сæ уæлæ хъилдуртæ сагъд. — Мæнæ уый нæхи Сандыры ингæн у, — къухæй^ мын ацамыдта Гæбила. — Колхозы сæрдарæй куыста, æфсадмæ йæ уырдыгæй акодтой. Хъæубæстæ хасты хуы- зæн фесты, афтæ бирæ йæ уарзтой. Хæсты рæстæджы ма нæм иу хатт æрцыдис. Цæвиттон, йæ цонг фæцæфис,, госпиталы хуыссыд, æмæ йын иу мæй улæфтрадтой. Иæ риуæй тæмæнтæ калдтой ордбнтæ æмæ медалтæ. Ротæ- йы командир уыдис, лейтенант, рæсугъд фидыдтой йæ уæнгтыл æфсæддон дарæс. Бирæ цыдæртæ-иу нын дзырд- та йæ хæстон хабæртты тыххæй. Ех, мæ бонылæй, цы зыд- тон, æндæра йын йæ ныхæстæ фысс, æмæ сæ хицæн чи- ныгæй рауадз. -Хъæбатыр лæппу уыдис. Цардбæллон. Дзырдта нын, куыддæр дам, хæст фæуа, æмæ, дам, рыз- дæхон нæхимæ, афтæ, дам, æппæты фыццаг сосæвæн- ’даг хъуамæ саразæм хъæусоветæй нæ хъæумæ. Уый фæс- тæ, дам, клуб æмæ ног скъола дæр хъуамæ саразæм. Хæсты цæхæрмæ цыдис, фæлæ уæддæр йæ хъæубæсты мæт кодта. Дыргъдæттæн æмæ сæндæттæн зæхх рахи-' цæн кодта æмæ йын уыдон саразын дæр нал бантысти. Хæсты фæцтæ ма бæргæ^рыздæхтис, рынчынæй, фæлæ бирæ нал а?хаста, йæ рæуджыты бомбæйы схъис базза- дис æмæ йæ уый... Стыр кад ын скодтой. Цытджын æгъ-, дауæй йæ бавæрдтой. . Иудзырдæй, цæрыны гуырд уыди Сандыр, амал- джын. Уый кæм уыдаид, уым лæг цардæй никуы бафæл- мæцыдаид, ницы хъуаг баййæфтаид. Рухсаг у, Сандыр,. адæмæн уарзон уыдтæ, æмæ дæ ном... — Гæбилайæн йæ хъуфртæ ахгæдтой, йæ ныхас кæронмæ нал сфæрæзта дзурын. Иæ цæстытæй цы цæссыгтæ рахъуызыди, уыдон. къухмæрзæнæй сабыргай асæрфта. — Ды куыд æнхъæл дæ, мæ хæлар? Хæсты цы, фæ- сивæд фесæфтис, уыдон ам куы уыдаиккой, уæд ацы хъæу; афтæ федзæрæг уыдаид? Нæ, мæ хур! Уый ма зæгъ! 131
Хъуыды ма кæнын, иухатт, 9-æм майы Уæлахизы бон цы хуызæн куывд скодтой Болаты хъæу. Бæгæны бахсыстой Бесоты стыр цæджджинаджы, æмæ, нæ фы- дæлтау, иу абонæй иннæ абонмæ минасы фынгтыл бад- тысты. Уæд ма Сандыр дæр гас уыдис. Уый уæд ахæм куывд ракодта, зæгъгæ, хæстæй чи нæ уал æрыздæхтис, уыдонæн цырт саразæм хъæуы су’адоны цур. Уый тых- хæй лæгтæ дæр рав’зæрстам, фæлæ кæсыс, ферохис уы- цы хъуыддаг. Æй-да-а, гъе! Уый махæн худинаг æмæ мæлæт у, фæлтау æй кой дæр куынæ скодтаиккам... Æз Гæбилайæн тынг фæтæригъæд кодтон. Æрæджиау афтæ зæгъы: — Æз ахсæв ардыгæй цæуæг нæ дæн, ам хъуамæ сбон кæнон’гом арвы бын, — æмæ ме^рдæм æрбакас- тис. — Ды та цы зæгъдзынæ? — Цæмæннæ, баззайæм, улæфгæ дæр ма бакæндзы- стæм. 'Цыппар азы дзы ахуыргæнæгæй фæкуыстон, искуы дæр ма мæ нæ фæнды мæ уарзон хъæуы æрæхсæвиуат кæнын! — сразы дæн Гæбклайы ныхасыл. Æвæдза, рæсугъд у Болаты хъæу. .Кæддæр раджы хохрæбын æрцардысты. Хъæуæй суанг хохы æмбисмæ хъæд ахаста, уырдыгæй уæлæмæ та цъæх-цъæхид нæу- уытæ, хизæнуæттæ, уыгæрдæнтæ. Хъæды фидыц — цъæх-цъæхид назбæлæстæ, амыты- уымытьг, къордтæ-къордтæц æмраст фæцыдысты, æмæ, æфсæддон хъахъхъæнджытау, иннæ бæлæсты сæрты сæ- рыстырæй фæйнæрдæм фæлгæсынц. Рæсугъддæр ма цы хъуамæ фена адæймаг! Хъæуæн йæ дыууæ фарсырдыгæй сæ хуымзæххытæ, сæ цар^ы бындур кæй хуыдтой, æмæ-иу бæгæнытæ куы скодтой хоры куывдæн, уæд, уæле исгæ, бынæй ахадгæ кæмæй дзырдтой, уыцы бæркад дæттæг зæххытæ. Иу дзырдæй, цæрынæн хорз у Болаты хъæу! Иунæг сæ суадон- дæр цасы аргъ у. Цонджы стæвдæнæй уайы цыхцырæй. Сæрд уазал вæййы, зымæгта — хъарм.Æмæ ’дзът Дадийы суарæн та æмбал дæр нæй. Æйдадзы^хос у. Æмæ йæм кæцæйты нæ цыдысты адæм сæхицæн хос кæнынмæ. Ныр ма йæм бакæс уымæ дæр — рохуаты баззадис, къахвæд дэер æм нал ис, йæ фæндаг скæр- дæджджын ис. 132
* * * Га^била куы райхъал, уæд ауад æмæ суадоны цых-*- цырæгмæ йæхи цæхсадта, стæй фездæхтис, мæ цуры абадтис хъæлдзæгæй æмæ афтæ зæгъы: — Дысон иу хорз фын федтон æмæ дын æй хъуамæ радзурон. — Радзур, мæ хæлар, æз та дын æй халгæ ракæн- дзынаен, фынтæ халынмæ дæсны дæн, — хъазгæйæ загъ- тон. Гæ^ила, цыма æфсæрмы кодта, уыйау мæм ноджы- дæр æрбакаст æмæ райдыдта: — Фынтæ дзураг нæ, дæн, фæлæ æнахуыр дисса- джы фын федтон. Цыма Сандыр æфсадæй æрыздæхт æмæ ногæй колхозы сæрдарæй кусын райдыдта. Адæмы раз ралæууыд æмæ афтæ зæгъы: мæ уарзон хъæубæ- стæ, иу æхсызгон хабар уын хъуамæ зæгъон: хæхтæм фæ’ндаг аразын райдайдзысты æмæ уыцы ахсджиаг хъуыддаджы мах дæр хъуамæ хайад райсæм. — Гъе æмæ цыма хъæубæстæ куывд скодтой, фынджы уæлийæ бадтис, афтæ дын кæмæй загътон, горæты бырæттæ æв- гæнæгæй кусы, зæгъгæ, уыцы зæронд ,лæг Бесо, æмæ диссаджы рæсугъд гаджидæуттæ уагъта. . ^— Иуæй-иу хатт фыи раст рауайы. Дæ дз^ыхы сæ- кæр, дæ фын æц&г куы рауаид, уæд уымæй хуыздæр та цьг уаид, — æндæр цы хъуамæ загътаин, æмæ афæлгæ- сыдтæн Болаты хъæуыл, стæй ма мæ ныхасмæ бафтыд- тон: — уæд бæргæ, Болаты хъæумæ фæстæмæ здæхик- кой адæм цæрынмæ. Акæс-ма, куыд рæсугъд у! Иæ са- тæг уæлдæф, йæ суадæттæ æмæ йæ суæрттæ, хъæд! Æнæ- мæнг дзы курорт сырæзид æмæ йæм адæм улæфынмæ цæуиккой. ’ Хъæусоветмæ куы ныххæццæ стæм, уæд нæ размæ иу зæронд лæг рацыдис, æмæ йæ кæд нæ зыдтам, уæд- дæр, æвæццæгæн, йæ циндзинад нæ баурæдта æмæ нын аппæлыдис: — Ног хабар нæма фехъуыстат? — На, куы ницы фехъуыстам, зæгъ-ма йæ, дæ хор- зæхæй, — афарстам зæронд лæджы. — Знон, дам, Мæскуымæ инженертæ фæндаг барын- мæ æрцыдысты. Ручъы æфцæджы бынты, дам, хъуамæ фæндаг айгæрдыны нывæзт скæной. 133
Æз æмæ Гæбила кæрæдзимæ мидбылхудгæ бакас- тыстæм. — Лæппу, æнхъæл дæн, æмæ дæ фын раст рацыдис* Зæронд лæгæн раарфæ кодтам, æхсызгон хабар нын кæй радзырдта, уый тыххæй. Мах .нæ бæхтæ фæцагайдтам, тагъд кодтам нæхи- мæ, фæндаджы хабар бæстондæр базонынмæ. Фæлæ мæ уæддæр мæ хъуыдытæ ахастой Болаты хьæумæ. Кæддæр йæ ном дардыл хъуыстгонд кæмæн уыдис, <фæлæ чи федзæрæг, уыцы хъæуæй æгомыг каст кодтой зестæй агъуыст аргъуан, былкъахыр мæсыг æмæ уæл- мæрдты марды дуртæ. Цымæ кæд уыдзæн, — мæ уарзон хъæумæ фæндаг сырæза?!. 134
КОММУНАРТÆ Абон райсом, Чъреба бынтондæр ныссабыр. Цыма дзы æппындæр хæст нæ уыдис æмæ дзы цæргæ дæр ни- чи кæны, ахæм хуыз æвдисы. Афтæмæй та дысон туджы лæсæнтæ уыд Чъребайы уынгты. Уынгты цъиузмæлæг дæр нæй. О, æмæ базаргæнджытæ та цы фесты, базар- гæнджытæ? Æппын сæ дуканиты дуæрттæ дæр нал кæ- нынц? Æви уыдон дæр меньшевиктæй тæрсынц? Æмæ сын уыдонимæ иу .хæдон дæр уæгъд куы у. Меньше- викты ныртæккæ хъæуы хæрд æмæ нозт æмæ уыдон та базаргæнджыты къухты сты. Уæдæ цы хабар у, цæмæн ныхъхъуси Чъреба, æхст дæр куы никуыцæйуал хъуы- сы, уæд? Цымæ Леуахи та цы кодта, æнæуый бонты бæстæ йæ хъæрæй куы хæссы, уæд ныр цæмæн уайы æнæуынæр, æнæхъæлæба. Бирæ фыдæбæттæ федта йæ цæстæй Леуахи, фыдæлтæй фæстæмæ, фæлæ ныры хуы- зæн никуыма фæрыстис йæ зæрдæ. Уый æнусты дæргъы бирæ хæттыты ивылди уалдзæджы къæсæрыл, бирæ адæймæгтæн бахуыссын кодта сæ зынг, бирæты артыл дон ауагъта, фæлæ-иу уæддæр гыбар-гыбургæнгæ, цæф арсау, абухгæйæ размæ згъордта. Ныр æндæр у йæ цыд, æндæр у йæ зæрдæ дæр. Уы- мæн йæ уылæнтæ кæрæдзийы фæдыл згъорынц хъуыз- гæ æнæсыбырттæй, цыма уайсадгæ кæнынц, кæнæ та сæ алыварс æрдзæй æфсæрмы кæнынц, уыйау. Мæнæ, гъе, æлгъаг меньшевиктæ Чъребайы уынгты ракæнынц сæрибарыл тохгæнджыты — номдзыд комму- нарты. Æртындæс партизаны! Æртындæс коммунары! Æвæццæгæн уый тыххæй ныхъхъусис бæстæ. Æвæццæ- гæн уый тыххæй ныссабыри «Деуахи дæр. ^Ёртындæс коммунары ахизын кодтой Леуахийы сæрты. Сеппæтæн дæр сæ къухтæ сты фæстæмæ баст. Сæ цæсгæмттыл сæ туг ныхъхъæбæри, сæ хæдæттæ дæр сты тугæйдзæгтæ, скъуыдтæ. Фыдгул знæгтæ сæ тыхджын бафхæрдтой ды- 135
сон-бонмæ талынг ныккæнды иунæджытæй. Уæдæ сæм иумæ йæ ныфс чи бахастаид? Ныр сæм буртæ топпытæ ныддардтой, * сæ алыварс рæхысау æртыхстысты æмæ сæ афтæмæй иумæ кæрæдзийы фæд’ыл фæкæнынц Згъу- дермæ... Цæрынхъуаг лæппутæ сæ баст цæнгтæ айвæз- тытæ кæнынц, фæлæ нæй, фидар баст сты... Сæ цæсты- тæ мæстыйы хъулæттæ бакæнынц лæгмарджытæм, фæ- лæ... ’ — Æммыст ныр лæгæй-лæгмæ фембæл сымахыл! — партизантаёй райхъуысти кæйдæр мæсты хъæр. Сæ мадæлтæй æмæ сын сæ хотæй- фæхынджылæг кæнынмæ хъавыдысты, сæ мæгуыр хæдзæрттæ сын сау фæнык фестын кодтой, хор, фос сын нал ныууагътой, сæ райгуырæн бæстæй сæ фæсырдтой, ныр та сын сæхи фæкæнынц марынмæ, сæ райгуырæн бæстæ кæй хъахъ- хъæдтой, сæ мæдтæ æмæ сæ хоты худинагæй кæй ба- хызтой æмæ сæрибары сæрыл кæй тох кодтой, уый тых- хæй! ’ ч Мæнæ ныр схæццæ сты Згъудеры рагъмæ. Ардыгæй хорз зынынц Чъреба, Кьусреты хъæу, Дзауы кæмттæ, Бурхох, цъититæ. Уæлæ уыцы хæхтæй цæуы Леуахи. Кæмтты цæугæйæ, фæйнæрдæм лæбуры, нæмы къæдзæх- тæ, гыбар-гуыбургæнгæ дурты кæрæдзийыл хойы. Фæ- лæ мæнæ ацы ран, фæзы, сабыргай рацæуы. Иæ алы- варс быдыртæ æмæ бæлæстæ цъæх адардтой. Рæсугъд у, æвæдза, Ирыстон! Æппæт уыцы диссаджы нывтæм кæсынтыл фесты æртындæс коммунары æмæ сæ байрохи, Згъудеры цъуп- пыл мæлæты раз кæй лæууынц, уый. Уалынмæ лæгмарджыты къорды хисдæры бардзырд уæлдæфы анæрыди: — Ингæн къахгæут уæхицæн! Æртындæс æмбалмæ радтой белтæ, джиркъатæ... Райдыдтой къахын. Чи нæ коммæ кæсы, уый ехсæй нæ- мынц, топпы хъæдæй дæр нæ ауæрдынц. Фесты къахт... Ныр æлгъаг знæгтæ ногкъахт ингæны былыл слæу- уын кодтой æртындæс коммунары..Буртæ дарддæр алæу- уыдысты иу рæнхъыл, сæтоппытæ сæ къухты, афтæмæй. Уалынмæ се ’хсæнæй йæ сау пæлæзы мидæг рахыз* тис сауджын. Йæ рахиз къухы цæйдæр къоппы хуызæй фæздæг калгæ рахаста. 136
— Ацы сау халоны та нæм цæмæ æрбакодтой?! — фæхъæр кодта чидæр. — Уæдæ йæ цæгъдынвæнд скодтой нæ, абырджы- тæ? — загъта иннæ. Сауджын æввахс ’балæууыдис коммунартæм æмæ цыдæртæ адзырдта йæхирдыгонау. Æрыгон, фæлæ æхсарджын коммунар Тедеты Иван йæ мидбылты сонт худт бакодта æмæ стæй сауджыны къопп йæ ^ъахæй скъуырдта. Къопп атылди уырдыгмæ фæздæгкалгæ. К^оммунартæ иууылдæр базмæлыдысты, се ’мбалы мийыл разы сты, нæ сæ хъæуы-сауджын. Уæд- дæр .сауджын, хуыцауы æрвыст лæг, йæ къоппы фæдыл ныллыгъди, фелвæста йæ, æмæ, гвардионты раз йæхи æвдисгæйæ, цыдæртæ хъуыр-хъуыр кодта. «Нырма удæгас куы стæм, уæд ныл сау халон та цы аргъауы», афтæ дъуыды кодта коммунартæй алчи- дæр. Уæртæ Джиоты Андыри, лæппу-лæг, цæрынхъуаг* Моргойы хъæуккаг, ахуыргæнæг. Йæ цæстытæ разылд- та сауджынмæ, лæгмарджытæм... Уæртæ уый та чи у? Кæмдæр ма йæ федтон. А-а-а, Лохты Артъем, меньше- викты хъузон, сæ къæбыла, йæ адæмы уæйгæнæг, цъам- мар, лæгмарæг, йæ хъоппæг цæстытæ сырх сæн нуазы- нæй ныссырх сты, туджы зилы йæ цæсгом, йæ мидбыл- ты худы, афтæмæй уæлбæхæй кæсы коммунартæм. Андри ма фæстаг хатт акасти хæхтæм. Куыд рæ- сугъд у Ирыстон! Бур хох фæлгæсы дардыл æгомыг хæхтæм, цъитиджын кæмттæм, рæсугъд суадæттæм, Ле- уахийы цыдмæ, хъæутæм, Чъребамæ, быдыртæм... Бирæ рæсугъд хъуыдытæ асайдтой сæ фæдыл Анды- рийы. Бирæ ма фæкастаид Ирыстоны алæмæты хæх- тæм, кæмттæм, быдыртæм, фæлæ та лæгмарджыты къор- ды хисдæры хъæддаг хъæр айхъуыст: — Раст лæуут, æрцæттæ .кæнут хæцæнгæрзтæ! Гвардионтæ раст слæууыдысты, æркъæппыввонг скодтой сæ хæцæнгæрзтæ æмæ сæ æртындæс коммунар- ты риутæм æмхуызон сарæзтой. Коммунартæ базмæлыдысты, сæ цæстытæ мæстыйы зылд ракодтой сæ марджытæм. Котолиты Никъала йæ- хи нал баурæдта, размæ ралæууыд, йæ сæрыл бæрзонд. схæцыд æмæ фæхъæр кодта: — Цъаммæрттæ, мах марут, фæлæ тагъд сымахыл дæр уæ хур аныгуылдзæн. 13?
Иæ уæлвæд Джиоты Андырийы бæзджын хъæлæс анæрыд: ’ — Нæ гуг нын райсдзысты адæм, адæм фæуæлахиз уыдзысты! Уæлахиз уæд Советон хицауад! Æвиппайды топпы гæрæхтæ уæлдæфы анæрыды- сты... Згъудеры сæрмæ топпы хосы фæздæ^ ныббадти... Оххытæ фæцыдис, мæлæтдзаг хъæртæ, фæстаг хъæртæ... Æрæгмæ ахаудта хъæбатыр партизан Ходы Пушка. Уый, тулдз бæласау,' цыма зæххы арф уидæгтæ ауагъта, уы- йау иудзæвгар лæугæйæ баззад ингæны былыл... Æртындæс коммуиары, æртындæс æфсымæры иу ингæны ныккалдысты кæрæдзи уæлæ, цыма хъарм ту- джы æвдылгæйæ, кæрæдзийæн хъæбыстæ кодтой, уыйау. Мæнæ, гъе, сæ нæмттæ: Уалыты Данел, Уалыты Ни- къала, Цхуырбаты Кышыл, Котолиты Никъала, Джио- ты Андри, Ходты Пашка, Гобозты Соскъо, Тедеты Иван, Цхуырбаты Тотыр, Дзеранты Буту, Джиголаты Резо, Джиголаты Саша, Куымæридтаты Гиго. Рухсаг уæнт! 338
МАД ÆМÆ ФЫРТ Батейæн амардис йæ мад. Иæ ныййарæг мад. Иæ хьомылгæнæг. Цалдæр боны размæ ма кæрты рауай-ба- уай кодта, бæлæсты бынтæ исойæ марзта, бырæттæ иу- ранмæ^æмбырд кодта æмæ сæ бырондонмæ калдта. Йæ фырт Бате æмæ йæ чындз Попо иу рæстæджы улæфт райстой, æмæ Пятигорскмæ ацыдысты. Улæфтæй куыд- дæр æрыздæхтысты, афтæ-зæронд ус тæккæ уыцы бон æрбарынчынис, дзурыны бон дæр æй нæ фæцис, афтæ- мæй йæ къæхтæ адаргъ кодта æмæ æрбамардис. Бате æмæ Попо сæ иунæг чызг Булбулимæ дыккаг уæладзыджы цардысты, зæронд ус Бабал та бынæй та- лынг ныккæнды, хурныгуылæнырдыгæй фарс. Уырдæм ын маамæлайы къæбæр лæвæрдтой. Сæхæдæг сихорыл хæдзармæ нæ цыдысты, хæрæндоны-иу басихор кодтой. Ус æмæ лæг Бабалы уæллаг хæдзармæ никуы суагъ- той: «Дæ къæхтыл рыг хæссыс, ту кæныс», æмæ-иу æй асиныл уæлæмæ хизгæ куы ауыдтой, уæд-иу æм алчи дæр хыл кодта: — Кæдæм хизыс, уæд та асинæй фæстæмæ *рахауд- тæ æмæ дæ сæр дурмæ æрхастай, уæд нæ фыдбылызы цæмæц æппарыс? Æмæ-иу сæ кæд йæ рахауыны мæт нæ уыдис, уæддæр-иу сæм Бабал ницыуал сдзырдта. Хъуыр- хъуыргæнгæ-иу æрхызти фæстæмæ. Арæх-иу хъаст кодта Бабал сыхы зæронд устытæн: — Мæ лæппу ’кæм цæры, кæрдзын кæм хæры, æмæ фынæй кæм кæны, уыцы уæттæ куыннæ хъуамæ фенон, куыннæ сæ хъуамæ азилон мæ удæгасæй! Фæлæ йын ахæм чындз уыдис! — фæлмæн ныхас æм никуы скодта, никуы йæ барæвдыдта, йæ ныхас ын уæ- лæмæ никуы суагъта, никуы йæм байхъуыста. Афтæ- мæй та ас адæймагмæ чысыл уайдзæф дæр хъыг фæ- кæсы. Попойæн-иу йæ бикайы бон куы уыдис, уæд-иу йæ цæнгтæ сцагъта: 139
— А-бæсты де ’мбай дур дæр нал ис, æмæ ма уаед; ды кæдмæ цæрынмæ хъавыс? Фæлмæцæм дæ, æмæ куы’ амæлис, уæд дæ фервæзиккам. 1 — Хуыцаумæ ме тæрттæ уадзын, æмæ бæргæ куы’ амæлин, фæлæ нæ фæразын, æмæ цы кæцон! Уастæны^ мæ тæригъæд фæхæссæд ме скæнæг хуыцау, адæмы’' хуыздæрты куы мары, уæд мæнæн мæ удыл куыд фи^; дар ныххæцыди! —- афтæ-иу дзырдта цæссыгкалгæ Бач бал. « ч_ • I Иæ тыхыл ма куы уыдис Бабал, хæдзары митæ куц кодта, бинонтæ-иу хæринаг цæттæйæ куы ’рыййæфтой^ сæ сывæллонмæ сын куы кастис, уæд-иу æй йæ фырт- Гыцци хуыдта, фырбуцæн та — мæхи фæлмæнтæзæрдæ^ Гыцци. Фæлæ мадæн йе ’нæниздзинад куы фæцудыдта^ йæ боц куы нал уыдис хæдзары зылдтытæ кæнын, æфс-! найын, хæринаг аразын, уæдæй фæстæмæ Бате йæ ныйт’ йарæг мадмæ йæ номæй* никуы уал бадзырдта. Уæддæр мады зæрдæ нæ хъæбæр кодта йæлæппу* мæ, йæ цæст никуы бауарзта йæ ралгъитын, фæлтау-иу; йæ маст нынныхъуырдта. Бабалæн йæ лæг куы амардис, уæд афæдзы фæстæ йæ лæппуга уарын æрымысыдысты. Бабал хисдаёр лæппутæй никæимæ ацыдис. Уæрцы йæ цы муртæ фæцис, уыдон кæсдæр лæппу — Батейæн схай кодта æмæ йемæ цардис. Лæджы æмсæр ус уыди1 Бабал, æмæ кусынтæ байдыдта, фæллой кæнын .байдыд- та. Иæ лæппуимæ иумæ хæдзар сарæзтой, ус ын æр-> х-аста æмæ... Æмæ зæры бонты цы уагмæ æрхаудта, уьь дон ды бакастæ, мæ зынаргъ чиныгкæсæг, фæлæ ма сæм иу дыууæ рæнхъы бафтаудзынæ’н. А-уалдзæджы, 9-æм Майы Уæлахизы боны цытæн Батейы æмкусджыта^1 куывд кæнын æрымысыдысты.* Куывд Батетæм скæнæм, зæгъгæ, загътой. Батейы бæргæнæ фæндыд, фæлæ йæм бахатыдысты, æмæ йын гæнæн куынæ уал уыдис, уæд сразы’ис. Цалынмæ хæринæгтæ цæттæ кодтой, уæдмæ Бате йæ мадæн куывды хардзæй цыдæртæ бахæрын кодта, арахъ дæр ын бадардта æмæ йын бафæдзæхста: «Калакæй мæм уазджытæ ис, æмæ цалынмæ фынгæй сыстой, уæдмæ-иу æттæмæ ма ракæс, фынæй кæн дæхи- цæн. Зæронд ус дæр афтæ бакодта. Фæсхæрд схуыссыД æмæ бафынæй: Бате йыл æттийæ дуар стыр æфсæйнаг гуыдырæй сæхгæдта. 140
Бате уыцы фæнд йæ усæн загъта æмæ уымæ дæр хорз фæкасти. Хинæйдзаг худт. æм бакодта: — Уый иттæг хорз æрхъуыды у. Науæд де ’мбæлт- тæ сæ дзыхьг.ницы уромынц, истытæ та дзурдзысты. Зондамонæг та слæудзысты: дæ ныйцарæ? мады талынг ныккæнды цæмæн дарыс æмæ афтæ дарддæр. Фæлæ Батейы æмбæлттæй, чи куыд раздæр цыдис, афтæ-иу æппæты фыццаг зæронд усы афарстой: Уæдæ уæ мад та куыдтæ цæры, уæ хъомылгæнæг, уæ зонда- амонæгЬ Кæм и, кæ, æттæмæ куынæ кæсы, йæ къух ын райсæм. Хæдзар хиедæрæй фидауы. Бате æмæ Попо уый размæ баныхас кодтой æмæ æмхуызон дзуапп лæвæрдтой сеппæтæн дæр: Абон æй йæ чызг йæхи аирхæфсынмæ сæхимæ акодта. / Сыхаг сыхаг у. Уæртæ уыныс: æдых, æнæбон зæ- ронд ус æнæхъæн бон хор-доны хъæстæ нæ фæци, сы- дæй мæлы æмæ йын йæ къухмæ кæрдзыны къæбæр куыннæ хъуамæ авæрой! Иу бон сыхæгты ус Бабалæн хъарм кæрдзын^ æмæ къусы мидæг карчы бас бахаста. Уыцы рæстæджы Попо кæцæйдæр фæзындис, ауыдта сæ æмæ сыхæгпк усæн алывыдтæ акалдта. Фидис дæр ма йын бакодта: — Уæхæдæг сыдæймæрдтæ куы стут, уæд уæ искæ- мæн цы кæрдзын дæттыны дуг ис. Мæнæн мæ хæдзар рестораны хуызæн у. Афтæмæй дын Попо зæронд усы къухæй кæрдзын раскъæфта, æмæ, цы ус æй бахаста, уый кæртмæ йæ баппæрста’, къусы бас та бырæтты уæ- лæ басæххæтт чкодта. Бабал йæ уд куы систа, уыцы изæр Вате æмæ Попо цыдæртæ асусу-бусу кодтрй, æмæ чысыл фæстæдæр лæг кæдæмдæр ауадисл Æхсæвы æрæгмæ æрцыдис хæдзар- мæ. Попо дæр æнцаднæ бадтис: къуымты рауай-бауай кодта,- уæттæ æфснайдта, дзауматæ иу ранæй иннæ ран- мæ хаста.. Райсом æхсæвыцъæхæй Бате уæзласæн машинæ- йыл æрбамидæг кодта марды чырын. Попо йæхинымæ- ры дзырдта, зæгъгæ, цалынмæ хæстæджытæ æмæ сы- хæгтæ нæ фæзындысты, уæдмæ марды табæты нывæ- рын хъæуы, науæд æй ныккæнды куы ’рбаийафой, уæд та истытæ дзурдзысты, нæ сæ зоныс... Гъег уымæ гæсгæ цырд змæлыдысты æмæ райсом- мæ æппæтдæр ацæттæ кодтой: табæт сау зæлдаг хъуы- мацæй сфæлыстой ^емæ йæ дзуарбадæны хуызæн хъарм 141
æмæ райдзаст залы астæу фæлмæн диваныл æрæвæрд^ той. Бабал цыма фынæй кодта, уыйау йæ цæсгом тæ- мæнтæ калдта. Иæ фарсмæ сыхаг зæронд устытæ ра- бадтысты æмæ ныллæг хъæлæсæй хъарджытæ кодтой. Устытæй иу иннæйы хъусы бадзырдта: — Бабалæн йæ цæсгомы æнцъылдты къухы æнгуыл- дзтæ бамбæхстаиккой. Ныр ,ма йæм бакæс, куыд ын сæмхуызон сты. Хуыцау, мацы мын кæн, ахæм диссаг никуыма федтон, — Æвæццæгæн æй йæ «хорз» чындз спудрæ кодта; Йе ’нцъылдтæ йын бамбæрзта, цæмæй адæм æнхъæлой; йе ’фсинæн хорз цард æмæ хорз зылды фæрцы ахæм дзæбæх хуыз кæй ис, уый, — загъта æндæр ус. ; Попо йæхæдæг сауты сфæлыста йæхи* æмæ залы иу къуымы, пианинойы фарсмæ æрттæдæлармæй бадти. Цы- ма йыл стыр фыд æрцыдис æмæ æрхæндæг зæрдæ у, ахæм хуызæнæй æвдыста йæхи адæмы цæстмæ. Дзургæ ницы кодта, фæлæ, залмæ мидæмæ чи цыдис, уыдоныл радгай йæ цæст хаста. • Бате асиныл схызтис, балкъонмæ бахизæны йæ дза- быртæ раласта æмæ айдагъ цъындаты мидæг залмæ хъавгæ бацыдис. Уым чи уыд, уыдон афтæ фенхъæлд- той, йæ мадмæ баиронвæндаг кæндзæн. Сыхæгтæй чидæр фæцæттæис: — Батейæн йæ ахуыр афтæ ■ у, йæ пъолтæн счъизи кæнынæй тæрсы, æмæ йæ дзабыртæ æтте уымæн ныу- уагъта. Уыцы хъуыддаг бирæтæм диссаг фæкасти. Чидæр та æмбисонд хæссынмæ фæци: «Иу сауджын, дам, йæ хуымæн йæ кæрæтты цыдис, адæм та йæ астæуты». Бате залмæ мидæмæ куыд бахызтис, фæстæмæ дæр афтæ хъавгæ рахызт, йæ дзабыртæ скодта æмæ асины къæпхæнтыл ныххызти бынмæ — кæртмæ. Уым ыл йæ хойы лæппу Гæвди хæр’хæмбæлд фæцис. Кæрæдзи къух- тæ райстой, стæй сæ иу дæр æмæ сеннæ дæр къухы æн- гуылдзтæй сæ цæстЫтæ асæрфтой, фæлæ сæ иуæй дæр æмæ се ’ннæмæй дæр иунæг цæстысыг дæр нæ рацы- дис. Гæвди къухмæрзæнæй йæ цæстытæ асæрфта æмæ, æфсæддонау, раст алæугæйæ, афтæ зæгъы: — Кæм цæрут, уый нал хъуыды кодтон æмæ фæрс- гæ-фæрсгæ æрцыдтæн, æмæ, йæхи фесхъæл кæнгæйæ, хъæлæсыдзаг ныххудтис. 142
— Арæби, æмæ а-хæдзары куы райгуырдтæ, Бабал дæ куы схъомыл кодта, уæд сæм фæндаг куыд нæ уал базыдтай? — фехъуыста зонгæ лæджы хъæлæс Гæвди æмæ йæм йæ уæхсчы сæрты фæстæмæ фæкасти. Ныхасгæнæг Гæвдийы хъæуккаг разындис. Уый ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — лæппу, йæ мады мад кæмæн амæлы, уый худгæ фæкæны?.. Гæвди лæгмæ ниЦы сдзырдта, фефсæ’рмыис, æмæ адæмы ’хсæны хъуызæгау ацыд. Стæй йæхи сæрмагонд машинæ «Волга»-йы цур балæууыд. Чысыл фæстæдæр машинæйы бабадтис, скусын æй кодта æмæ йæ хæдзар- мæ дæрддзæф баурæдта. Иæхæдæг слæууыд æмæ адæм- мæ рак&с-бакæс кодта. Æппынфæстаг йæ цæстæнгас Батейы хæдзарыл банцад. Иæ, сабибонтæ ам арвыста. Ам-иу хъазыд сыхы сывæллæттимæ. Бабал* æй йæхи сывæллæттæй никуы ахицæн кодта, уæлдай хуыздæр æм йæ хъус дардта, сидзæр кæй баззад, уый тыххæй. Гæв* ди астæуккаг скъола дæр каст ам фæци, горæты. Уый фæстæ йæ% сæхимæ — Мæсгуыты хъæумæ йæ фыд акод- та. Райдианы колхозы рæнхъон кусæгæй куыста, стæй йæ совхозы складгæсæй баурæдтой. Бинонтæ æрхаста, зæнæг сын рацыдис, йæ цард сарæзта, æмæ стæй уæд’ «Волга» дæр балхæдта. Бабал ныр цалдæр азы хъæрзгæ у, фылдæр хуысгæ кодта. Гæвдийы уындмæ-иу бæллыдис, бирæ хæттыты йæм арвыста, æрцæуæд ма мæм, ныхасæн мæ хъæуы, зæгъгæ, æмæ кæд горæтæй сæ хъæумæ æртæ километры йеттæмæ нæу, уæддæр-иу æфсæнттæ кодта: «Кæм мæ æвдæлы, мæ куыстытæ мæ хъуыры онг сты». Уæд æй Бабал дæр ныууагъта. Афтæ-иу фæкодта: «мæ чызгæн æуыцы иунæг лæппу баззад, æмæ дзæбæх цы уа, уый йын мæ сæр дæр фестæд. Гæвди адæмы цæстмæ йæхи змæлæг скодта: мæрд^ дзыгой адæмы размæ бандæттæ хаста æмæ сæм хатыд: «Сбадут, абондæргъы лæугæ кæнут æмæ бафæллады- стут». Рауай-бауай систа, базыртæ йыл «базадис», æм- бисонд фæци «лæггад кæнынмæ». Уæдæ! Ахæм «гуырд»' схъомыл кодта Бабал æмæ йын ныр йæ бирæ лæггæдтæ «фиды» йæ амæлæты фæстæ! Мæнæ уалынмæ Бабалы кæсдæр æфсымæр Хындо дæр фæзындис, йæ ус дæр йемæ, афтæмæй. Дыууæмæ дæр сæ къухты фæйнæ дыууæ хызыны. Æттæмæ сæ зын- дысты сæны æмæ лимонады æвгтæ, хæринæгтæ, тыхæй 143
сæ фæрæзтой. Хæдзары размæ куы бахæццæ сты, уæд адæм фæйнæрдæм^ алæууыдысты, фæндаг сын радтой. Æмæ уыдон дæр кæрæдзи фæды’л кæртмæ бахызтысты’. Сæ хæссинæгтæ нырма сæ къухты дардтой, фæлæ Бате æмæ Попо сæ размæ куы рацыдысты, уæд сæасиныцур æрæвæрдтой. Уый фæстæ Хындо худ йæ сæрæй систа, æмæ иу къухæ’й йæ лæгуын сæрыд балæууыдис афтæ дзургæ: «Мæ бон дын куьгд бакалдис, мæ мадьг зæнæг, ды кæмæн уы’дтæ, æмæ ды кæмæн нал дæ, æнæ дæу нæ хур куынæ уал батавдзæнис». * Ъатетæй Хындоты ’хсæн иу уынг йеттæмæ нæй, фæ- лæ сæм Хындо.ссæдз азы бæрц-йæ къах дæр никуы ба- вæрдта. Фæстаг рæстæджы Бабал куы ’руатонис, йæ бон æттæмæ цæуын куы нал уыдис, уæд алцæмæй дæр цух æййæфта. Зонгæтæн-иу балæхстæ кодта: «Хындо- йæн ма мын зæгъг лимОнад мысын æмæ мьгн сьгвæл- лæттæй искæмæн иу лимонады авг рарвитæд». Фæлæ Хындомæ иу авджы фаг æхца никуы разындис. «Магхæ- дæг дзы куы бафсæдин», — ахæм-иу уыдис йæ дзуапп» Ньгр дыууиссæдз авджьг айдагъ лимонадтæ æрба- хаста Хындо рухс зæгъынæн. Уæдæ! Уый Хындо у, гъе!, Адæймагæн йæ удæгасæй куы ницы фæуай, уæд ын уый фæстæ цас фæнды æмæ цыфæнды бахæсс, — мар- дæн ма цы ’ххуыс сты! .---Бабал, дæ лæггæдтæ дын дон йæ бынмæ фæла- ста. Доны къусы сæфт фæкодтой. Дæ сидзæры бæсты æрвыл аз* дæр иу хъыбьгл ’куьг хастаис, уæд æххорма- гæй æмæ æнæфæкæсæгæй дæ мæлæт не рцыдаид, — аф- тæ дзырдта хъæрæй мæрддзыгой устытæй сæ иу, цæмæй йын йæ ныхæстæ Гæвди дæр æмæ Хындо дæр фехъуыс- таиккой. Дыккаг бон Бате, йæ зæрдæ кæуыл дардта, ахæм лæппутæм хицæн уатмæ фæдзырдта, фьгнджы алыварс сæ рабадын кодта. Алкæй разы дæр фæйнæ тетрады æмæ фæйнæ къарандасы æрæвæрдта, æмæ цыма стыр хъуьгддæгтæ скъуыддзаг кæньгнц, уьгйау хъуыдыгæнгæ дзырдта: —- Сымах уеппæтдæр, уæ рынтæ бахæрон, мæ ньгф- сытæ стут, ггууьгл æууæнкджындæр адæймæгтæ. Мæнæ уьгн тетрæдтæ, мæнæ уьгн къарандастæ, æмæ фыссут, æрцæуинаг нæм чи у, æмæ æрбадтмæ чи хъуамæ æр- ца&удзæн, уыдон нæмттæ æмæ мыггæгтæ. Æмæ ноджы- дæр^ бафæдзæхста: «Мачи уæ ферох уæд, уæ рынтæ ба- 144
хæрон», алы хæдзармæ дæр бацæут, науæд нæ хъаСт кæндзысты, хонæг нæм йæ уы’ди, зæгъгæ, зæгъдзысты. Фараст лæпп’у-лæджы, амæй-а’й «æмбаргæ» дæр, &мæ& «зондджын» дæр даргъ фынгыл раба’дтыстьг, ныг- гуыбыр кодтой’, афтæмæй фыстои, кæй зыдтой, уыдон цæмттæ æмæ мыггæгтæ. Фыст.куы фесты, уæд уый фæстæ Бате фынгыл авæрдта хæрд æмæ нозт. Ахордтой, анызтой æмæ сæ алчи дæр йæ хъуыддаджы фæдыл хонæг ацыдис. Æртыккаг бон, мард æвæрæн бойы, æрхонгæ адæм иугай-дыгай æмæ къордтæ-къордтæй Батетæм цæуын байдыдтой. Уыдис дзы, хонæг кæмæ нæ арвыстой, ахæм- тæ дæр. Уынджы ныхасгæнгæ цыдысты æртæ усы. Фыццаг ус: фарн дæм бадзурæд, Кокка, фæлæ дæ-. уæн та Батетæ цы бавæййаг сты? — фæрсы иу ус ин- нæйы. Дыккаг ус: — Ницы бавæййаг мын сты, фæлæ адæм уыдон хæдзæрттыл дис кæнынц, алы уаты дæр, дам, сын æндæр æмæ æндæргъуызон мебель æвæрд ис, æмæ сæ, зæгъын, фенон. - Æртыккаг ус: — Хæдзæрттæ ма цы фæнды фод, фæ- лæ, дам, сæ залмæ бацыдтæ, уæд дæ цæстытыл ных- хæцдзыиæ, цынæ дзы фендзынæ: сыгъзæрии доны тылд люстрæ, ам ахæм никæмæ ис, фæсарæнæй йæ æрластой. Уый йеттæмæ, алы уаты дæр немыцаг пианино æмæ ноджы бирæ диссæгтæ! Фыццаг ус: — Цæхæрадоны, дам, бæлæсты ’хсæн хæдзар сарæзтой, хæдзар, æмæ, дам, дæ дæ къах уыр- дыгæй нал хæсдзæнис. Уазджыты уырдæм фæхонынц. Сæ фынгæвæрд, дам, дыууæсæдæ-æртæсæдæ сомы аргъ слæууы. Дыккаг ус:—Æмæ уагæры кæм кусынц, цы гæс сты, мызд цас исынц, уыйбæрц æхца сæм кæцæй бафтыдис? Æртыккаг ус: — Кусгæ мах дæр кæнæм, уæдæ мызд дæр дзæбæх исæм, фæлæ ахæм хæдзæрттæ æмæ ахæм фæллæйттæ фыны дæр никуы фендзыстæм. Устытæ ныхасгæнгæ бахæццæ сты зианджынты дуар- мæ. Бинонтæй никæй зыдтой æмæ кæрæдзи фæдыл кæрт- мæ бахызтысты. Цыма æппындæр хæдзар никуы фед- той, уыйау сæ цæстытæ райвæз-байвæз кодтой. Зынаргъ дурæй арæзт асиныл схызтысты. Залмæ бацæуæны пар- кст пъолыл кæрæй-кæронмæ гауызтæ тыд. Къултæ дæр 10. Плиты II. 145
гауызтæй — æмæхгæд. «Гъеныр ма æххæст залмæ дæр куы баирвæзиккам», — уыди сæ бæллиц æртæ усæн. Адæм дыууæрдæм кæныцц, музеймæ цæуæгау, чи мидæмæ цæуы, чи та — æттæмæ. Марды мæт ма кæй ис1 Уалынмæ залæй цалдæр адæймаджы рахызти, бан- дæттæ раафтид сты. Æртæ усæн дæр фадат фæци ми- дæмæ бахизынæн. Ныр сæхи цæстæй ф’едтой залы ца- рæн йæ тæккæ а’стæу ауыгъдæй сыгъзæрин доны тылд люстрæ, къуымгæрон æрттиваг пианино æмæ æндæр зынаргъ дзаумæттæ. Фараст уатæй æртæйæн сæ дыуæрт- тæ — гом. Алыгъуызон дзаумæттæ кæрæдзийыл калд. Дзуарбадæнтæ! Дзæнæты ран! Залы чи бадт, уыдон иу- уылдæр ракæс-бакæс кодтой æмæ дис кодтой; утæппæт æнахуыр дзаумæттæ ласгæ та кæцæй æркодтой æмæ сæ æлхæнгæ та цæмæй фæкодтой! Айхуызæн галуаны йас бæстыхай цæмæй сарæзтой? Кæнæ уæртæ, бæлæсты ’хсæн цы дыууæуæладзыг хæдзар ис, уый ма та сæ цæмæн бахъуыдис? Æртæ йеттæмæ куынæ сты, уæд!. Уæлæмæ дæр æмæ дæлæмæ дæр — ус æмæ лæг. Иунæг чызг сын — даринаг. Зыд æмæ кæрæф, хæлæг æмæ æнæфсис! «Дыууæ — фондзыссæдз азы фаг сты мæ хæдзæрттæ», — афтæ фæ- дзуры Бате, куы ныррасыг вæййы æмæ йæ сæр, йæ фад куынæ уал фембары, уæд. Æмæ уæд дæхæдæг та цас хъуамæ, фæцæрай, куы бафæрсынц Батейы, уæд худгæ- мидбылты дзуапп радты: «Æз дæр æуыйас» — ома дыу- уæфондзыссæдз азы. Иу сахат ма хъуыдис мард .ахæссынмæ, афтæ кæр- ты ’дуарæй мидæмæ бахызти кæугæ, дæс æмæ дыууис- сæдз азы кæуыл цыдаид, ахæм лæг. Асиныл уæлæмæ куы схызтис, уæд йæ худ систа, æмæ хидæйдзаг къухæй йæ лопъо сæр цавта æмæ-иу йæ цъыкк фæцыдис. Зал- мæ бахизгæйæ, баиронвæндаг кодта. Сылгоймæгтæ фæй- нæрдæм алæууыдысты. Фæндаг ын радтой æмæ уый дæр !мардмæ æввахс балæууыдис. «Куыд ма цæрдзыстæм, мæ бон бакæла, мæнæ нæ ныфсы мæсыг куы ракал- дис», — хъарджытæ кодта марды уæлхъус æмæ та-иу йæ лопъо сæр къухæй æрцъыкк ласта. Иæ фæстæ цы сылгоймæгтæ лæууыдис, уыдонæй чидæр йæ худæг пал баурæдта æмæ ныппыррыкк кодта. Лæг йæ уæхсчы сæрты фæстæмæ фæкастис, æмæ кæд нырма ныртæккæ йæхи кæуынæй мардта, æмæ къу- хæй йæ сæр надта, уæд ныр галиу къух йæ бæрзæйыл 146
авæрдта, рахис къух та астæуыл æмæ марды цур нык- кафыдис афтæ дзургæ: «Кæд сымахмæ худын цæуы, уæд мæнмæ та кафын æрцыд». Дыууæ лæппу-лæджы, уыцы ныв ауынгæйæ, залмæ сæхи бауагътой, лæбурæгау, лæгæн йæ цæнгтыл фæхæ- цыдысты æмæ йæ æттæмæ ракодтой, хыл æм кодтой, афтæмæй: — Дæ зонд фæцыди, Хихи, мæрдджын адæмæн сæ туг сæ цæсты бынæй мизы æмæ ды та æрра митæ кæ- ныс! Хихи кæй хуыдтой, уый йæ худ йæ сæрыл ныккод- та, æмæ цыма никуы æмæ ницы, уыйау мидбылхудгæ кæртæй æттæмæ ахызтис æмæ дард слæууыдис. — Чи баиронвæндаг кодта, уый зианджынтæн цы бавæййаг у? — фарстой адæм кæрæдзийы. — Чи амардис, уымæн йæ чызджы лæг у, йе сиахс. Нозтыл бафтыднс æмæ йæ бинонты цард дæр хæццæ у. Ныр дæр æй йæ расыджы зæрдæ æрбахаста ардæм, æн- дæра ма сæм кæд цыдис! Алкæй митыл дæр разы у Бате. Алкæмæн дæр бары йæ рæдыд. Æмæ Бате ног мæрдджын кæй у, уымæн афтæ ухъуыддаг? Æппындæр нæ! Дардыл хъуыды кæны Ба- те. Гæвдийы æстдæс азы бынтон лæвар фæхастой. Куы слæгис æмæ цардыл куы фæхæстис, уæд сæ тæфтыл нал ацыдис. Йæ «Волга»-йыл бабады, æмæ кæд алæбон дæр горæты вæййы, уæддæр йæ хъомылгæнæгмæ никуы ба- уадис. . Бате йæм тызмæг ныхас куы скæна, уæд гæнæн ис, æмæ фæтæргай уа. Иæ машинæйыл .абаддзæн æмæ афар- дæг уыдзæн. Сабæттаг йæ къухæй аирвæздзæн. Æхца- йыл мæлгæ у Бате. Йæ мады ’фсымæр Хындойы иухатт йæхæдæг фæсырдта хæдзарæй. Фæлтау бары, æвзæр ни- кæмæ дзуры Бате. Æндæра ма уый кæд æрцыдис Иры зæххыл, æмæ де сиахс дæ мады марды алыварс йæ зæр- дæйы дзæбæхæн æркафа, æмæ йæм афтæмæй мацы сдзурай! Бате дæр йæхиуыл ныххæцыд, уый тыххæй æмæ йе сиахс Хихи расыгæй нæртон у, йæ уд дæр нæ ауæрды. Стыр сабæттæгтæ фæдæтты. Уæлдайдæр та йæ йæ каис- тæм «хъуыддаг» ис. Каис мæнæ нæй! Ахæм рæстæджы хи сабыр дарын хъæуы. Уыдæттæ та Бате куыннæ зоны, исты ма сывæллон у, цы! Кæннæуæд сырх тумантæ къу- хæй ирвæзынц. 14?
Батейæн абон йе ’ввахс хæстæджытæ уайдзæфы хуызы дзырдтой: — Бате, нæхи дæ, бавæййаг нын дæ, æцæгæлон нæ дæ, мыййаг, æмæ дæм нæ цæсгом хъуамæ бахъæца: дæ мад кадджын æмæ æгъдауджынæй фæцардис адæмы ’хсæн. Мад-хъайтар. дæр уыдис, колхозы активон кусæг æмæ цас диссаг уыдис йæ амæлæты тыххæй газетмæ чысыл хъусинаг куы радтаис, уæд! Бате йæ амонæн æнгуылдзæй йæ къæбут аныхта æмæ афтæ зæгъы: — Кæм ис æхца, уæ рынтæ мæ уд ахæра. Ахæм хъуыддаг газеты уадзæггаг-та цыппар сырх туманы фидын хъæуы, уый зонут æви нæ? Ныхасгæнджытæй сæ иу йæ ныхмæ ныллæууыдис: — Куыд мæ ’ бауырныдта дæ ныхас! — Дæумæ нал ис æхца, фæлæ — мæнмæ. Уæдæ ацы галуантæ цæмæй ныззылдтай, ахæм цард цæмæй скъобор кодтай? ’ — Афтæ фехъуыстон, дæ мады, дам, хъæумæ ласыс, •’æмæ цымæ Згъудеры бынат нал уыдис, — мидбылты худгæ йæ афарста иу лæппу-лæг. Бате йе ’мбалмæ кæсынтыл фæци/ стæй йæхи цы- дæргъуызон мæгуыргьуызæй равдыста æмæ къулбæр- зæйæ, афтæ зæгъы: — Ма байрайæнт сæ хæдзæрттæй... фæлæ чи, уый нæ загъта. Адæмы стигъынц: ингæн къахæггаг аст ту- маны исынц, æмæ мæ хуызæн ’мæгуыр лæгæн уыйбæрц æхца кæм ис? — Æхца дæм нæйу зæгъыс... Æмæ Къуыдаргомы дыууæ стыр галыл дыууæ мины куы авæрдтай, уæд ма дæм уьщы аст туманы куыд бирæ фæкастысты? Батемæ цы лæппу-лæг ныббыцæу ис, уымæн йæ фарс- мæлæууæг йæ цонг батъæпп кодта; мауал æм дзур, ныхъуыдты йæ кæн. Æмбисæндтæ иууылдæр раст сты: æвзæр, дам, быныл зайы... Бате ма йæхи сраст кæныны тыххæй цыдæр хъуамæ загътаид, фæлæ хæдзарæй кæуын райхъуысти — мард рахастой æмæ сæ ныхас æрдæгыл фескъуыдис. Попо йæхи «мары». йæ рустæ «тонынмæ» бавнæлд- та, афтæмæй кæугæйæ дзуры: — Дудгæ дын фæбадон, судзгæ дын фæбадон, кæ- мæн мæ уадзыс, кæимæ ма цæрдзынæн, мæ сабыр фæл- мæнтæзæрдæ æфсин? Бабалы чызг: Судзгæ ’мæ дудгæ фæбад, æмæ дътл 148
дæ цæсгом бампылæд, кæд нæ цардтæ иры уагæн де ’фсинимæ, æмæ йæм рæстмæ дзургæ дæр никуы скод- тай, уæд! Сыхаг ус: Адæмыл цæстытæ ис, æмæ дæ уыдтой, хъустæ сыл ис, æмæ дæ хъуыстой, де ’фсинмæ дæ налат цæсгом куыд суагътай, уый. Дæ ахæсты чи бахаудта, уый нырмæ дæр сау сыджытмæ куыннæ ныххызти, мæ- гуыр уа йæ бон! Уæрæх æмæ авджы хуызæн лæгъз уынджы адæм кæрæдзи фæдыл ныххал.сты. Мæнæ æртæ чызг-усы ’дæларм-уæларм хæцгæйæ ны- хасгæнгæ цæуынц. Кæйдæр æвзæры кой кæнынц. Хатт æмхуызон ныххудынц æмæ сæм у&д сæ фарсмæ цæу-, джытæ зулмæ мæстыйы каст бакæнынц. - —Дæ къаба дыл цæй дзæбæх фидауы, Рези! Кæм æй балхæдтай, кæ? Ахæм модæйыл хуыд къаба нæ го- рæты нырма никæуыл федтон. — Мæ лæг мын æй Мæскуыйы балхæдта, къухы. Импортон товар у, — загъта къабайы хицау æмæ, йæхи- цæй ныббуцуæвгæйæ, йæхимæ æркæстытæ кодта. § ,Иннæ чызг-усмæ хæлæг æркастис, Резийы къабайæ кæй раппæлыдысты, уый, æмæ йæ фарсмæ цæуæджы дæлармæй йæ къух феуæгъд кодта. Стæй уæрджыты онг йæ къабайыл схæцыд æмæ дзы йæ ног хæдоны кæ- рæттæ уыдисныйы бæрц разындысты. — Пуй, мæ фыдбылызтæ дæ хай, цы къаба дæ, кæд кæдæм хæрдмæ бырыс, — цыма йæ нæ фæндыдис, йæ хæ- дон ын федтаиккой, уый, уыйау барæй загъта хæдоны хицау. — Тæхуды, уый.хуызæн хæдон дæ уæлæ скæн, æмæ стагй дыккаг бон амæл, — загъта ног модæйыл хуыд къабайы хицау. Æртыккаг чызг-ус къахæй-къухмæ иннæтæй арæзт- дæр уыдис, уæлдай тынгдæр ын кастысты йæ фæсарæй- наг, импортон кæй хонынц, уыцы æрттиваг туфлитæм. Иннæ дыууæ чызг-усы йæм батæхуды кодтой, сæ цæстытæ дзабыртæй нал истой. Марды хицæуттæй кæйдæр кæуын райхъуыст, æмæ уæд æртæ чызг-усы сæ ныхасæй фæлæууыдысты. Кæуын куынæ уал цыд, уæд чызг-устытæй иу иннæ- йы фæрсы: — Дæуæн та цы бавæййаг сты зианджын бинонтæ? Хуыдтой дæ? Мардæн йæхи зыдтай? 149
. Рези кæй хуыдтой, уый сеппæты тыххæй дæр дзуапп радта: — Раст уын куы зæгъон, уæд зианджын бинонтæй никæй зонын, нæ дæр, чи амард, уый зыдтон. Стæй мæ хонгæ дæр ничи , кодта. Фæлæ айхуызæн дзæбæх боны хæдзары бадын тугтæригъæд у. Афтæ мæхи раирхæф- стон. Иæ дзабыртæм æркаст æмæ ма йæ ныхасмæ баф- тыдта: — фарасты фæлыст мын дзыхъын ног туфлитæ ис, къахтъыст дæр сæ нæма уыдис, æмæ сæ куынæ да- рон, уæд схъуына уыдзысты. Æртæ’чызг-усы ногæй кæрæдЗи дæлæртты сæ къух- тæ ауагътой, афтæмæй, æфсæддонтау, размæ æмист кæ- нынц сæ къæхтæ. Сæ фæстæ цы дыууæ лæппу-лæджы цыдис, уыдон сæхи фæсте æрурæдтой^æмæ сæ иу афтæ бакодта: — Мæнæн амæй дарддæр мæ бон цæуын нал . у. Давлени мын ис, мæ сæр та риссын байдыдта... Ие ’мбал дæр йæ фарсыл йæ къух авæрдта æмæ фæцæттæис: ’ ’ й — Мæ куыдз нывонд фæуæд, ацы зæрдæйы низ чи рауагъта, уымæн. Къахæй фæцыдтæн æмæ та мæ са- гайдта... " Адæм куы адард сты, уæд йе ’мбалæн ныллæг хъæ- лæсæй афтæ зæгъы: — Айбæрц адæм марды фæстæ цæугæ никуы ма федтон. Фæлæ дын цы зæгъон, уый зоныс: марды æнæ мах дæр йе ’нусон бынатмæ .фæхæццæ кæндзысты, фæ- лæ цом æмæ нæхицæн дзæбæх бынæттæ бацахсæм. Иу- ран хъуамæ сбадæм æз æмæ ды, хисдæрты цур бадын уарзын. Дыууæ лæппу-лæджы фæстæмæ раздæхтысты зиан- джынты фынгмæ, æрбадтмæ. .— Дыууæ стыр галы аргæвстой, æмæ ма фыстæ дæр. Мæхи цæстæй сæ федтон. Фиуы къæртты хуызæн — сæ дзидза. Урс сæн систой быркуытæй. Сæхи арæзт сæн у. Хæрд æмæ нозты коймæ сæ дыууæ дæр смондаг сты, сæ комы къулты дæттæ æрмызтысты æмæ сæ цыд фæ- тагъддæр кодтой. Бирæ адæм æрцыдис зианджынты фынгмæ. Марды фæстæ чи ацыд, уыдон дæр æрыздæхтысты. Мард’ы хъæумæ аластой машинæйыл цалдæр адæймаджы. Чи куыд раздæр цæуы, афтæ бадынц фынгтыл. Устытæ хи- цæнæй, лæгтæ дæр хицæнæй.- Уынгæн уæле дæр æмæ дæ- 150
ле дæр брезенттæ ауыгъд телы хъæдтыл. Машинæтæн сæ фæндаг æрæхгæдтой. Адæм цыма минасы фынгмæ æрцыдысты, уыйау кæ- рæдзи дзыхæй ныхас исынц: — Иу минæй фылдæр адæм æрцыдис Батейы фынг- мæ. Бате- йæхæдæг дæр лæггадгæнæг у — иунæг хист дæр ын нæ ирвæзы. Хист фехъуса, уый йеттæмæ суанг дард хъæутæм дæр бамидæг вæййы. — Бæрнон кусæг у Бате, зонгæтæ йын бирæ ис, хæс- тæджджын у, æмæ йæм цæмæннæ хъуамæ æрцæуа би- рæ адæм. Стæй йæ ус дæр хæрæн бынаты кусы, база- рады хаххыл. Зпйæлы сæм... — Иу къуыри размæ Бериты Быдтырæн йæ мад фæ- зианис. Кæцæйдæр фынгтæ æмæ бандæттæ æрласта, хæрд æмæ нозт æрцæттæ кодта, йæ мардæн рухс хъуамæ загъ- таид, уæдæ цьь Æрмæстдæр æввахс хæстæджытæм æмæ сыхæгтæм арвыста хонæг. Фыдыбæстæйон хæсты инва- лидæн йæ бон хист кæнын кæм у! Фæлæ дын сæм мили- цæйы кусджытæ фæзындысты. Бандонæй, фынгæй, æн- дæрæй сæ сисын кодтой. Бæрцæй сæм дæс æмæ дыууис- сæдз адæймаджы æрцыдис æрбадтмæ... Хист кæныны бар, дам, нæй. Ныхасгæнæг йæ уачъи хæрдмæ сивæзта æмæ фынг- тыл кæрæй-кæронмæ йæ цæст ахаста: — Абон ам милицæйы кусджытæй ничи зыны, сæхи ницы хъусæг скодтой, ницы уынæг. — Æмæ Быдтыр цы фесæфта? Хист не скодта æмæ йын мæрдтæ йæ мады сæхимæ нæ бауагътой? — Быдтыр куыд ницы фесæфта, æрхонгæ адæмæн цы хъуыдис, уый сцæттæ кодта хæрдæй, нозтæй, æндæ- рæй æмæ сæ уый фæстæ акалдта, уымæн æмæ сæрды- гон, тæвды дыккаг бон хæринаг нал сбæззы. Уæдæмæ зианджыны рагацау бафæдзæхсын хъæуы, цæмæй мацы сцæттæ кæна. Кæннæуæд иутæн уадзынц хист кæнын, æмæ иннæтæн — нæ. Æмæ уый цас раст у! Цалдæр рæгъы рацыдис æмæ адæм бахъæлдзæг сты. Райуæрстой дзидза дæр. Давлени кæмæн уыди, стæй йæ зæрдæйæ чи хъæр- зыдта, уыцы дыууæ лæппу-лæджы ныридæгæн æртыгай агуывзæтæ арахъ æмæ æртыгай агуывзæтæ сæн адæлæ- мæ кодтой. Æмæ кæд фынджы кувæг мæрдтæн рухс кæ- ныны рæгъытæ уагъта, уæд уыдон та кæрæдзи цæрæн- 151
боны тыххæй куывтой. Нуазæнтæ сарæх сты æмæ ку- вæгмæ ничи уал хъуыста. Дцууæ «рьшч^ш» лæппу-дæгæн ’сæ къусты фарсмæ цы афтид къус уыдис æвæрд, уырдæм у^грдыглæууæгæн дзидзайы хæйттæ æрæвæрын кодтой, ам не ’мбал бады æцæ æрбацæудзæн, зæгъгæ, загътой. Ныр сæхц хæйттæ хæрд куы фесты, уæд уыдонмæ дæр бавнæлдтой æмæ сæ адастой. «Рынчынты» дæле дыууæ æндæр лæджы, сæ сæртæ фынгмæ ныггуыбыр кæнгæйæ, сæ агуывзæтæ быннозт акæнынц æмæ зыдæй æвналынц, цыма хор-доны хъæстæ никуы фесты, уыйау. Уырдыглæуджытæй сæ иу — хытъынджын лæппу цалдæр хатты разйлы, уал хатты ацы дыууæ лæгæн къу- сы дзаг дзидзатæ рахæссы æмæ сæ æнæдзургæ сæ ра- зы авæры. Уыдон дæр райгондæй баззайынц æмæ сæ цæстытæй бахудынц. Мæнæй-ма, сæ разы сцагъд кодтой къуыдырфых дзидзайы æнæхъæн хæйттæ! Кæрдтæ слас- той, лыг кæнынц æмæ сæхицæн минас кæнынц. Сæ фæйнæ фарс цк бады, уыдон мæсты кæнынц æмæ сæм зулмæ бакæсынц. Фынг иумæйаг у, хъулон митæ нæ у.арзы. Гуыбьш- тæ æфсымæртæ сты. Дæ фарсмæ бадæгæн йæ къус — афтид, дæуæн та дæ разы — тæбæгъы дзаг къуыдырфых дзидзатæ! Æмæ ды та дæ фарсмæ бадæгæн æфсонæн дæ хай уæддæр авæр. Æви хуы дæ æмæ дын æппын бафсис ницæмæй ис! Дæ бинонты хæрыс?! — Хуыдзинад у уый, уæдæ цы у! — Куысты зыд æмæ кæрæф, æмæ ам — фынгыл дæр афтæ! — Бирæгъау æнæфсис, хуыйау — фыдгуыбын! Афтæ дзырдæппарæнтæ кодтой, ацы дыууæ лæгмæ æввахс чи бадтис, уыдон. Сæ бадт æмæ се ’гъдау никæй зæрдæмæ цыдис. Фæлæ уыцы дыууæ бæрнон кусæджы сæхи ’нæхъусæг скодтой, сæхи ныххуы кодтой. Ахæмæн та йæ царм фидар у, æфсæрмы цы у, уый нæ зоны! Фынгыл бадджытæй сæ иу къухæй ацамыдта, дыу- уæ лæгæй уæле чи бадтис, уымæ: — Æрæджы йыц горкомы сæрмагондæй \\æ фарст æвзæрстой. Куы йæ фарстой, хистытæм цæмæн цæуыс, зæгъгæ, уæд сын дзуапп радта: — Уæ бындар фæуат, хисты ма фæвæййын дзидза- йы хъæстæ. Æмæ уæдæ цы кæнон? Æмæ уæдæ куыдцæ- 152
рон? Уæдæ# фæстæмæ йæ адæм хистхор Хуыбыла хо- нынц. Ныр дæр та, йæ зонгæ уырдыглæууæг та куы ра- зылдис, уæд æм уæзданæй бадзырдта: — Хуыбыла Сымсьшович, уæ зæрдæ цы куры, цæ- мæй ма уын балæггад кæнон? Хуыбыла Сымсымович, йæ .сæр уырдыгмæ ауадзгæ- йæ, йæ къух батылдта, ницыуал нæ хъæуы, зæгъгæ. Афтæ чц загъта, давлени мын ис, уый цъæх-цъæхид расыг ныцци, йæ цæсгом та сырх цæхæрайы хуызæн, æмæ йæ зæрдæ зарын æрцагуырдта. Иæ дзых фæхæлиу кодта æмæ а-ныр уастырджыйы зарæг ныццæлхъ ласа, афтæ йын йæ фарсмæ бадæг — йæ зæрдæйæ чи хъæр- зыдта, уый йæ къух йæ дзыхыл авæрдта. — Гæмси, æрра фæдæ, цы ми кæныс, исчи ма зианы фынгыл заргæ фæкæны? Тæмсц æццад абадти, стæй акаст æмæ сæ уæле са- бæттаг æмбырдгæнджыты куы ауыдта, уæд фестад йæ бынатæй, афтæ дзургæ: — Мæнæн бахатыр кæнут, мæхи хъуыдыйы ауайон. Ныртæккæ фæстæмæ фездæхдзынæн. Ацыд æмæ нал æрбаздæхт. Йæ фæстæ йе ’мбал — Бурти дæр сыстад, Гæмсийы фæдыл акæсгæйæ, афсæнттæ кодта. — УыцЬг лæппу йæ къæхтыл нал лæууы, искуы ных- хаудзæн æмæ быны сæфт кæны. Æз æй фæсте асурон. Ныртæккæ фæстæмæ фездæхдзынæн. Фæлæ нал æрбаз- дæхтис уый дæр. Цух-мухтæгæнгæ Гæмсийы аййæфта, кæрæдзи уæхсчытыл сæ къухтæ ауагътой æмæ заргæ афардæг сты. Адæм цалынмæ сабæттаг нæма радтой, уæдмæ Бате æмæ Попо алкæмæ дæр уæздан ахаст дардтой, лæгъз æвзагæй сæм дзырдтой, сæхи æвдыстой æрхонгæ адæмы раз. Фæлæ иугæр сабæттаг æхца æмбырдгонд куы фес- ты, лæггадгæнæг адæм куы сыстадысты, уæд ма хисдæр лæгтæй чидæртæ цыдæр куывдтытæ кодтой. Бате æмæ Попо дард слæууыдысты æмæ сæм ны- комкоммæ сты, сæ цæстытæ сæм ныццавтой, цыма сын сæ удтæ фæцæйхордтой, ахæм хуыз равдыстой: — Цæмæ ма бадынц уыцы бынхортæ? Абондæргъы пæма бафсæстысты? Бахордтай, банызтай, уæд сыст æмæ ахъуыдты у, дæ хæдзар бацагур. Мах дæр иу чы- сыл аулæфæм. Хъуыддæгтæ нæ ис. 153
Ахæм уайдзæфты фæстæ Бате дæр æмæ Попо дæр атындзыдтой хæдзармæ — сабæттаг æхца нымайынмæ. Фынгыл ма чи бадтис, уыдонæй чидæр афтæ бакод- та: — Уæ хорзæхæй, абон Попойыл саутæ куы уыдис, земæ йæ уæлæ куынæ уал сты, уæд сæ куыд тагъд систа? — Мард куы ахастой, уæд Попойæн хицæттæй’ чи- дæр йæ аккаг ныхас загъта: зæронд усмæ дзургæ куы никуы скодтай, дæхи къухæй йæ мæрдтæм куы барвыс- тай, уæд ын ныр дæхи цы схицау кодтай, зæгъгæ. Уый адыл дын Попо йæ сау кæлмæдзæн йæ сæрæй фелвæста, зæхмæ йæ аппæрста æмæ сæ мардæй, æндæ- рæй уым фæуагъта æмæ хæдзары йæ тъæпп фæцыдис. Ахæм æиæгъдау, æнæ зæрдæмæдзæугæ митæ æмæ хъуыддæгтæ уынгæйæ, бирæтæ мæсты кодтой æмæ дзырдтой: — Хист чи кæны, уый йæхицæй хынджылæг кæны! Æмæ Батейы хуызæтты фынгмæчи цæуы, уый та йæ ном æмæ йæ намысæн аргъ нæ кæны! — Хистгæнæг канд йæхицæй нæ хынджылæг кæны, фæлæ ма хынджылæг кæны йæ мардæй дæр!
ÆЦÆГ ЛÆДЖЫ ÆНКЪАРÆНТÆ Поезд куыд дарддæр цыдис, афтæ ,æз дæр, нæ ва- гоны цы бæлццæттæ уыд, уыдонæй фылдæр зонгæтæ ард- тон мæхицæн мæ дард балцы. Мæ фарсмæ бадт фæци Гуры районаг, Гиви, зæгъгæ, йæ ном, колхозы бригадир, дыргъкуыстгæнæг. Уый дæр махимæ цыдис Мæскуымæ Хъæууон хæдзарадон равдыстмæ. /Ез уый размæ Гивиимæ зонгæ нæ уыдтæн, кæд хæрзсыхæгтæ уыдыстæм, уæддæр. Цæвиттон, Гивийы хъæуы колхоз æмæ нæ хъæуы колхозы зæххытæ æм- арæн кæнынц. Гуры станцы тагъд поезды сбадтыстæм, нæ билеттæ иу купемæ уыдысты, æмæ суангдæр цалын- мæ Сочийæ нæ ахызтыстæм, уæдмæ Гивимæ ницы дзырд- тон, кæд æндæртимæ ныхас кодтон, уæддæр. Фæлæ ны- хас кæнгæ кæнын Гивийæ мæ цæстæнгас нæ истон. Иæ сабыр саулагъз цæстытæм-иу’ бакастæн аивæй. Цыма мын исты бавæййаг уыдис, ахæм зæрдæ йæм дарын бай- дыдтон. Лæг лæджы æрæгмæ базоны. Уый тыххæй, дам, иу пут~цæхх бахæрын хъæуы, Кæнæ цæйау акæнынц: лæг, дам, лæджы базонй фынгыл æмæ фæндагыл. Æмæ Гу- рæй Мæскуымæ поезды цæугæйæ, чысыл фæндаг, мый- йаг, нæу! Ныр, боныфæстагмæ, нæ хæрд дæр, нæ бон дæр æмæ не ’хсæвæр дæр иу уыди æмæ уымæ гæсгæ, Гиви чи уыди, уый кæд æххæстæй нæ, уæддæр хуыздæр зо- нын байдыдтон. -Фæндагыл æмбалæй ’хуыздæр ницы ис. Мæ къух цы амыдта, уымæй лæггад кодтон Гивийæн. Уый дæр мæ цух нæ уагъта æмæ куыд дарддæр цыдыстæм, афтæ кæ- рæдзи тынгæй-тынгдæр æмбарын байдыдтам, иу дзыр- дæй, цыма иу хæдзары бинонтæй уыдыстæм, уыйау кæ- рæдзийыл хъæцынхъом дæр нæ уыдыстæм. — Ме ’фсымæры хай, нæ фыдæлтæ бирæ æнусты дæргъы хæларæй цардысты, æмæ мах дæр хæлæрттæ 155
хъуамæ уæм. Гуырдзыстонмæ-иу рагæй фæстæмæ быр- стой туркæгтæ, персæгтæ æмæ-иу нæ гæныстон кодтой, дур-иу. дурыл нал ныууагътой. Æмæ-иу уæд нæ фыдæл-, тæ сæ тыхсты рæстæджы æппæты фыццаг æххуысагур фæцыдысты иры адæммæ. Ирон хъæбатыртæй бирæтæ ныккалдтой сæ туг гуырдзыйы зæххыл, Картлийы зæх- хыл, сæ сæр-иу нывондæн æрхастой нæ бæстæйы сæрап- понд. Оси-Бæгъатыртæ гуырдзиаг адæмы историйы зын- гæ бынат ахсынц. Науæд сисæм Тамар паддзахы. Да- вид Сосланæй цæмæн смой кодта? Давид Сослан хъæ- батыр гуырд кæй уыд æмæ Гуырдзыстоны знæгтæй кæй бахъахъхъæдтаид, уый тыххæй, кæд афтæ зæгъæн ис æмæ дыууæ уды ’хсæн уарзондзинад уыдаид, уæддæр. Раст хъуыды кæны ме ’мбæлццон, мæ хæлар Гиви. Æцæгæй афтæ сты историон документтæ, факттæ. Ир æмæ гуырдзы рагæй фæстæмæ хæлар сыхæгтæ сты. Хъæ- батыр ирон адæм иу æмæ дыууæ хатты, мыййаг, нæ систой сæ кæрдтæ не знæгты ныхмæ æмæ-иу сæ дæрæн дæр ныккодтой. Гуырдзиаг адæмы бирæ хæттыты мæ- лæты дзæмбытæй фервæзын кодтой. — О, фæлæ 1920 азы Хуссар Ирыстоныл менылевик- тæ арт куы бафтыдтой æмæ ирон адæмы сæ зæххæй куы сыстын кодтой, уый стыр маст сæвзæрын кодта нæ адæммæ, — загътон æз æмæ ныккастæн Гивийы æмбар- гæ цæстытæм. Стæй ма мæ ныхасмæ бафтыдтон: — бур- жуазон националисттæ патриот цы Джугъелийы хуыд- той, уый йæ бонæджы цытæ фыста, уыдон кастæ? Гиви йæ сæрыл хæрдмæ схæцыд, æмæ цыма æфсæр- мы кодта, уыйау райдыдта дзурын. — 1920 азы Хуссар Ирыстоны цы цаутæ æрцыди, стæй Джугъели цытæ фыста, уыдон дæр æнæзонгæ нæ дæн. — Алы цæсгомджын гуырдзиаг лæгæн дæр хъыг у ирон адæмы бафхæрд. Æмæ меньшевиктæ канд ирон адæмы нæ бафхæрдтой. Гуырдзиаг адæмæн дæр стыр зиæнттæ бакодтой. Фæлæ никуы фехъуыстай, мæлдзы- гыл, дам, базыртæ куы базайы, йе сæфт дæр уæд æр- цæуы. Меньшевиктæн дæр се намонды бонтæ æрцæй- хæццæ кодтой æмæ ма сæхи раппар-баппар систой æмæ стæй уæд фесæфтысты. — Ды рæстытæ дзурыс, мæ хæлар Гиви. Æвæццæ* гæн алы гуырдзиаг дæр афтæ хъуамæ хъуыды кæна, — загътон æз æмæ Гивийы къухы цы чиныг уыдис, уымæ 156
фæкомкоммæ дæн æмæ йæ афарстон, зæгъын дын уый та цы чиныг у. Уый мын мæ къухмæ авæрдта Йлья Чъавчъава- дзейы уацмысты æмбырдгонд. — Енырмæ Чъавчъавадзейы фыстытæ никуыма ба- кастæ, афтæ зæрдиагæй сæ куы кæсыс, уæд? — афарстон æй æз. . ч — Кæсгæ та сæ куыд никуы бакодтон, йæ уацмыс- тæ йын æнæкæсгæйæ дæр ма зонын, фæлæ ай ахæм фыссæг у æмæ йын йæ фыстытæ кæсынæй не ’фсæдын, — дзуапп радта Гиви сæрыстырæй. — Кæм-фæнды - уон, уæддæр мемæ вæййынц Илья æмæ Акъакъийы чингуы- тæ. Фронты дæр-иу сæ ме тары дардтон. — Гъе, уый дын мæ зæрдæмæ цæуы, — раппæлыд- тæн Гивийæ æмæ йын йе уæхск æрхостон:—Маладец. Иæ Раигуырæн бæстæ, йæ адæмы, се ’взаг æмæ сын сæ фысджыты фыстытæ чи уарзы, уыцы лæгæн æз’ стыр аргъ кæнын. — Ныр Гивимæ æввахсдæр бабадтæн. — Æнæ Гуырдзыстон мæн цард дæр нæ хъæуы. Чы- сыл у мæ бæстæ, чысыл сты мæ адæм, æмæ сæ уымæ гæсгæ фылдæр уарзын. Нæ адæмы истори хъæздыг у. Хъæздыг у не ’взаг дæр. Гиви йæ дзурынæй фæлæууыди, иу цасдæр рæстæ- джы ныхъхъуси, стæй ныллæг хъæлæсæй базарыди «Су- ликъойы зарæг»: «Уарзоны уæлмæрд агуырдтон, Нæй, нæ йæ ссардтон, сæфт уыди. Æз зæрдæбынæй акуыдтон, О, кæм дæ, мæхи Суликъо!» — Уæллæй, гъе, Гиви, диссаджы адæймаг дæ, арф æнкъарæытæ дæм ис. Уыдон сты æцæг лæджы æнкъа- рæнтæ. Бæззыс лæгæн, дæ адæмы аккаг фырт дæ. Дæ цæрæнбон бирæ! — Цыма мын стыр хæрзиуæг ракодта, уыйау ын арфæтæ кæнынмæ фæдæн. Дыууæ боны æмæ дыууæ æхсæвы цыдыстæм фæн- дагыл. Бирæ æнæкæрои тыгъд быдыртæ ауадыстæм, би- рæ горæттæ æмæ хъæутæ федтам вагоны рудзгуытæй кæсгæйæ, æмæ, боныфæстагмæ, ныххæццæ стæм ’нæ бæс- тæйы столицæ — Мæскуымæ. Вокзалæй æттæмæ куы рахызтыстæм, уæд, нæ че- модантæ нæ къухты, афтæмæй араст стæм горæты уæ- 157
рæх уынджы. Адæм дыууæрдæм кодтой. Алы æвзагæй дзурджытæ ныл æмбæлдысты. Уалынмæ кæсын æмæ Ги^ ви лæмбынæг айхъуыста кæмæдæр, стæй атагъд кодта æмæ иу лæппу-лæджы рæзты фæци, æрурæдта йæ, йæ’ къух ын райста æмæ йемæ цингæнгæ ныхас кæнын рай-| дыдта. Чысыл фæстæдæр лæппу-лæгæн ногæй йæ къух< нылхъывта, фæндараст у, зæгъгæ йын загъта æмæ та мемæ æрбаиу ис. — Чи дын уыдис уыцы лæппу, афтæ зæрдиагæй кæи- мæ ныхас кодтай? — афарстон Гивийы. — Зонгæ йæ нæ кæнын, фæлæ гуырдзиагау сдзырд- та æмæ мын æхсызгон уыдис. Махырдыгон у, ам ахуыр кæны. — Æмæ йæ, уæдæ, æрмæстдæр, йе, уый тыххæй æру- рæдтай? — Æмæ уый ницы у? — мидбылты бахудгæйæ загъ- та Гиви æмæ йæ алфæмблаймæ афæлгæсыди. — Еныр иу бур физонæг бахæр æмæ ма йемæ иу авджы дзаг сырх сæн баназ, уæд уымæй хуыздæр цы уаид! — Уый дæр куыннæ, фæлæ, æвæдза, рæсугъд у Мæскуы, фендтаг горæт у, цы зæгъыс, и, Гиви, искуы ма дзы уыдтæ? — Фыццаг хатт дæн æз Мæскуыйы, мæ зæрдæмæ тынг цæуы, культурон горæт у, йæ адæм уæздан, хуьь мæтæг, — мемæ сразы ис Гиви æмæ стæй афтæ бакод- та: — Искуы уал исты ахæрæм, æмæ стæй баулæфæм. Уый фæстæ Ленины мавзолей фенæм, рагæй бæллын йæ фенынмæ. Сом та Равдыстмæ бацæудзыстæм. Афтæ ныхасгæнгæ цыдыстæм æмæ уалынмæ уын- джы фаллаг фарс иу рæсугъд бæстыхайы къулмæ фæ- комкоммæ стæм, фыст дзы уыди аив дамгъæтæй гуыр- дзиагау: «Физонæг», «Сæн» æмæ ма æндæр кавказаг хæринæгты æмæ нуазинæгты нæмттæ. Гивийы цинæн ма кæрон уьтдис, цы, йæ чемодан йæ къухы, афтæмæй мæ разæй хæрæндонмæ фæцæуæги. — Ацы уырысæй хуыздæр зæххы цъарыл адæм нæй. Зонынц алы адæмæн дæр йæхи закъæттæ, йæхи æгъ- дæуттæ, æгæрыстæмæй, цы хæринæгтæ æмæ нуазинæгтæ уарзынц, уыдон дæр. Ай дын физонæг, ай дын сырх сæн, æндæр ма дæ цы хъæуы! . Хæрæндоны рæбинаг къуымæй райхъуысти нырма «Суликъойы зарæг», стæй та «Симд»-ы мелоди. — Уæлахиз уæд Мæскуы! Æфгымæрон уырыссаг 158
адæмы цæрæнбоны тыххæй! — фæхъæр кодта Гиви æмæ дзæбндыры сыкъа сырх сæнæй йедзагæй йæ дзыхмæ сцæйхаста, фæлæ цæуылдæр ахъуыды кодта, цыма дзы исты айрох, уыйау салдатау раст алæууыд æмæ ма йæ куывдмæ бафтыдта: — Фыдæлтæй фæстæмæ дыууæ уарзон сыхаг — Гуыр- дзыстон æмæ Ирыстоны цæрæнбон бирæ-уæт! Цы фæн- ды дард балцы дæр-иу сын сæ ном цынæ рох кæнæм, уыцы амоид нæ уæд! Уый фæстæ Гиви дзæбидыры сыкъа йæ дзыхыл сдардта, цъыр-цъыргæнгæ адджынæн нуæзта къахеттаг сæн æмæ йе ’рфгуыты бынты ме ’рдæм касти. Хорз куывд ракодта Гиви. Æз дæр акуывтон æмæ дзæбидыры сыкъа аафтид кодтон. » Уазæгдонмæ цæугæйæ, мæхинымæры хъуыдытæ код- тон æмæ мид-зæрдæйы дзырдтон: «Кæд æмæ Гивийæ къаддæр æнæуарзгæ нæ дæн мæ Райгуырæн бæстæ, мæ адæмы, ме ’взаг, нæ фысджыты, уæддæр хæлæг кæнын уымæн йæ ахастмæ, йæ Райгуырæн бæстæ, йæ адæмЬг, йæ мадæлон æвзаг афтæ бир& кæй уарзы, уый тыххæй. Тæхуды нæ ирон фæсивæдмæ сеппæтмæ дæр куы уаид ахæм ахаст: уарзондзинад Райгуырæн бæстæмæ> адæммæ, мадæлон æвзагмæ. Æвæдза, уый тæхудиаг хъуыддаг у!».
ЗÆРОНД УСЫ ТАУРÆГЪ Пацъагомы мидæмæ иу чысыл куы бауадтæн, уæд кæсын æмæ мæнæ доны сæрты стыр бетон хид дæргъæй- дæргъмæ хуыссы. Фæрнæй фæдарой сæ куыстуарзаг къухтæ, хæхты хъæбысы ахæм рæсугъд æмæ фидар хид саразын кæмæн бантыст! Хидыл сындæггай фæцæуын. Мæ бынмæ дон абух- гæ згъоры, фынккалгæ йæхи хойы йæ айнæг былтыл, уылæнтæ, айдæнау, хурмæ ферттив-ферттив кæнынц/До- ны фаллаг фарс ставд тымбыл тæрс хъæдыл мæхи æруагътон. Цас и мæ алфæмблай амыты-уымыты ахæм ’ фæлдæхт хъæдтæ. «Адонæй иу хъæд хæдзарвæндагæн раст зымæгваг уаид, — ахъуыды кодтон мæхинымæры. — Афтæмæй та уый ам хæрздзæгъæлы лæзæры æмæ къæв- датæм æмбийы». Сыстадтæн, цæуын дарддæр. Уæрджыты фæкъæдз- гæнæнтæ мæ хъыдзы райдыдтой. Цæстытæ раивæз-бай- вæз кæнынц. Фæлгæсын фæйнæрдæм. Ме скомкоммæ тар хъæды сæрмæ фæзæи бæрæгæй зыны хæлд мæсыг, йæ иу фарс бынтондæр æркалд, йæ мидæг цавæрдæр бæлас бæрзонд фæцыди,- мæсыджы сæрты фæлгæсы, йæ фаллаг фарс — хæдзары бынæттæ, сæ дурын систæ ныр- ма дæр бæрæгæй зынынц. Цымæ чи цардаид уыцы уæзæгыл, чи сарæзта уы- ^цы мæсыг?!—мæхинымæры бацымыдис кодтон æмæ^ цыма искæй фæрсынмæ хъавыдтæн, уыйау мæ алфæм- блай аракæс-бакæс кодтон. Цъиузмæлæг никуы ис. Уæр- тæ мидæгдæр, хъæугæрон, цъалайы фæзы, доны былыл хохаг къаннæг куырой, комырдыгæй йæм къæдзтæ- мæдзтæ къахвæндаг æрцæуы. Æз уырдæм фæцæуæг дæн. ’Æмæ’ дзæгъæлы цыд нæ фæдæн. Куыройы дæллаг фарс фæзы, фæрв бæласы бын, аууоны, къуыдырыл ба- ды иу урсдадалиджын зæронд ус æмæ цъында бийы. Цалынмæ йæм æввахс бацыдтæн, уæдмæ мæ нæ базыд- та, нæ мæм ракасти. 160
— Дæ бон хорз уа, .мæ мады хай, — салам ын рад- тон æз. Зæронд ус йæ бынатæй цæрдæг фестад æмæ мын «æгас цу» загъта. — Сбад, сбад, цæмæ сыстадтæ? — сæфсæрмы дæн æз. — Ницы мын у, нæ, дæ нывонд фæуон, мæргътæм маргъ куы батæхы, уæд ма уыдон дæр сæ базыртæ ба- тилынц. Иу чысыл аныхæсты фæстæ куыройдзау усæн æркой кодтон, уæдæй нырмæ цы мæсыджы базонынмæ цыбæл кодтон, уый. — Се ’мбисонд сæхи, Уанкъатæ дзы цардысты, фы- ды номæй сæ афтæ хуыдтой. Быныскъуыд систы. Æз уæд къаннæг чызг уыдтæн, — райдыдта уый. — Мæ фыд сæ кой арæх кодта... — Уæлæ ды цы мæсыгæй зæгъыс, уым Уанкъа цар- дис, чизоны йын йæ ном хъусгæ дæр фæкодтай, мæрд- ты къæй фестæд, фыд лæг уыди, фæлæ хæдзарæй бон- джын, йæ фосæн нымæд нæ уыд, йæ сæрвæттæн — кæ- ррн. Фараст æххуырсты .дардта. Уанкъайæн уыдис иунæг æфсымæр, Гæуыс хуын- дис, фæлæ дзы уæрстуыди, хицæнæй цардис, йæхи цæнг* ты тыхæй фæллой кодта. Цы зæххы гæппæлтæ йæм уыд, уыдонæй дардта йæ бинонты. Уанкъа та хæйрæг лæг, бæхыл-иу сбадт, балцы цыдис, базар кодта, хохы фос æлхæдта асламæй, быдыры сæ уæй кодта зынаргъыл. Стыр æфтиæгтæ-иу æрбахаста йæ хæдзармæ. Иудзыр- дæй, йæ цард къахæй ассон-ассон кодта. Ие ’фсымæр та сау куысты йеттæмæ ницы зыдта, сæрдæй-зымæгæй йын æрæнцор нæ уыд, фæлæ йыл уæддæр хъуынхъис нæ хæ- цыди. Иу хатт куы уыди, уæд, дам, Гæуыс хъæдмæ ацыди суг кæнынмæ. Изæры ма хæдзармæ тыхæй æрфæрæзта! Æгасæй дæр йæ буар цъæхарт уагъта. Æвæццæгæн тæвдæй уазал дон банызта. Дæ балгъитæг уыйау фæ- уæд, райсоммæ дæр нал ахаста, мæгуыр, амард. Ус æмæ йын æртæ æнахъом сывæллоны баззади. Иу мæйы фæс- тæ сывæллæттæй дæр дыууæ цыдæр хæцгæ низæй æр- барынчын сты æмæ мæлынмæ фесты. Баззад ма æфсы- мæрты кæсдæр Уари. Къостайы загъдау, ус афæдзы бонмæ хистытæ фæкодта, стæй схæцыд æмæ кæдæмдæр чындзы фæцыд. Налат ус куыннæ уыдис, йæ иунæг хъæ- 11. Плиты И. 161
булы ма исчи бирæгъты амæттаг кæны: «Цыфæнды’ дæр ын кæнут, уæ туг, уе стæг сымахæн у æмæ йæ схъо- мыл кæнут, æз уый номыл кæм баддзынæн дзæгъæл уæзæгыл», — йе, ахæм уыдис йæ дзуапп. Уанкъа йæ чындзы ныхасыл дыууæ нæ загъта, си- дзæр сывæллоныл йæхимæ æрхæцыдис, йæ мидбылты хинæйдзаг худт бакодта æмæ йæхинымæры загъта: — Ме ’фсымæры зæххытæ, уыгæрдæнтæ, стæй хæ- дзарæй, æндæрæй мæхи бакæндзынæн, ды, мæ чындз, какосындзыл фæцу,- цыфæнды кæн. А-сидзæр лæппу та куы фæхъомылдæр уа; уæд фыййау цæудзæн, стæй йæ уый фæстæ а^æм ранмæ фервитдзынæн, æмæ дзы бын- тондæр куыд фервæзон. Цыдысты бонтæ, къуыритæ, Уанкъайы ’фсымæры лæппу Уари стыр кæнын байдыдта. Фыййау цæуынхъом дæр фæци. Уанкъа йын йæ къухы ныссагъта фыййауы лæдзæг æмæ йæ дзуджы фæстæ бафтыдта. Йæхи лæп- путæ та хæдзары куыстытæ ’кодтой. Фæлæ, уæу, уыцы .куыст! Адæмы цæстмæ сæхи æвдыстой, ома кусгæ кæ- нæм, æмæ мæгуыр йæ бон, — кæй хæдзары раз-иу ба- лæууыдысты, бастыгътой-иу æй, йæ фос-иу ын ратæ- лæг кодтой. Хисдæрæй æфсæрмы нæ кодтой, кæсдæ- рæн — баргæ. Адæм сæ уыдысты сæ хъуырмæ, фæлæ сæм дзурын ничи уæндыди. Хохæй, быдырæй сын хица- уады лæгтæ æлхæд уыдысты, сæ нæргæ хæдзарæй сæ сæ къух нæ амыдта, æви цы? Уари рахъомыл, усгур лæппу сси, йæ рустыл хъуын- тæ фæзынди, къуыбыр рихитæ йыл рахæцыди. Уонг-1 джын, хъаруйæ æххæст, комбæсты лæппуты фидыц ба- ци. Фæзынд ын ^бирæ æмгæрттæ сыхаг хъæутæй дæр* Йæ фыййау æмбæлттæ йæ æфсымæрау уарзтой йæ. куыстуарзаг æмæ хорз зæрдæйы, тыххæй. А-Уанкъа æмæ йыл йæ лæппутæ та æттæмæ хæцын байдыдтой. Уаримæ æгад касти æххуырсты цæуын искæй фосы фæдыл, схуыст ныхасмæ хъусын æмæ иу бон уарын- вæнд скодта. Иæ мады æрвадæлтæй иу лæджы баминæ- вар кодта Уанкъамæ. — Мæ фыдæн, дам, зæххытæ, хæдзар, уыгæрдæнтæ баззад. Радтут мын сæ. Сымахæй, дам, мæ ницы хъæуы. Уæ фос, дам, уын кæй фæхызтон, уый та, дам, уын — хæлар. — Ничи кæсы нæ дзæгъæлзадмæ, нырма йæ хъуы- 162
мыз йæ дзыхæй кæлы, æмæ цытæ уæнды, уагæры • йæ лæджы кармæ куы ахæццæ уа, уæд ма нæ ам цæрын дæр ныууа’дздзæнис! Кæй йæ фæхъомыл кодтам æмæ уд’æгас кæй баззад, уыдæттæ йæ фæсонæрхæджы дæр не сты! — Ие ’рттæ цæгъдгæ, рауай-бауай кодта Уан- къа, скарз æмæ иу каст Уарийы минæвармæ кодта, ин- нæ каст та йæ лæппутæм. ’ Лæппутæ ницы дзырдтой, сæ фыды цур-иу æнцад лæууыдысты, фæлæ мидæгæй та мæстæй тъæппытæ хауд- той. Æппын’фæстаг хисдæр фырт Быдти йæхи нал бау- рæдта æмæ ныртхъирæн кодта: — Адæммæ ма хъусæд, ардаугæ ’ йæ кæнынц нæ ныхмæ, æндæра йын йæ дæргъ æмæ йæ уæрх сиу кæн- дзыстæм. Кæд æй махимæ цæрын нал фæнды, уæд ахъуыдты уæд ардыгæй! Бонджынты дуг уыди уæд, дæ нывонд фæуон, сæ ныхас тынг карста, адæймаджы буары сындзау ныхсти. Уанкъа æмæ йæ лæппутæ сæ сидзæры дзурын дæр нал суагътой æмæ уый дæр банцади. Фæлæ хъаруджын лæп- пу рацыди Уари, сусæг маст йæ зæрдæйы фыхти, æргом æй нæ кодта, ахæм хæстæг кæнæ.хион уымæн нæуыди, йæ зæрдæйы фæнд кæмæн загътаид. Афтæмæй дын, иу бон куы уыди, уæд йæ фос ныууагъта сæрвæты æмæ Зикъарайы æфцæгыл ахызти Цæгат Ирыстонмæ. Елхо- ты хъæуы иу æнæзæнæг ус æмæ лæгмæ æххуырсты ныл- лæууыди. Хуыцауы сконд разындысты сæ дыууæ дæр. Лæппуйы æррæвдыдтой, хъæбулы цæстæй йæм кæсын байдыдтой, фæстагмæ дзы сæхицæн фырт загътой, зæх- хæй, хæдзарæй сæ бынтæ ууыл ныффыстой æмæ семæ цæрынтæ байдыдта. Уари иу афæдзы бæрц акуыста Ел- хоты хъæуы, цыд фосы фæдыл, ницы зиан сыл æруа- гъта, иунæг сæныччы хъус дæр дзы нæ фæхъуыдта. Афтæмæй дын дзы йæ фысымы зæрдæ куыннæ ныррухс уыдаид: ’къахæй-къухмæ йæ хорз ’сфæлыста, ног уæйлаг нымæт, карабин æмæ йын хорз,саргъы бæх дæр балæ- вар кодта. — Æхсарджын лæппу дæ, мæ зæрдæ дæ рухс кæны æмæ ацы лæвæрттæ мæ номыл фæдар. Уари йæ ног дарæсы афтæ хорз рафидыдта, æмæ цæм цæст кæсынæй не ’фсæст. Зæрдæхæлар фысым ын ус курыны фæнд скодта. Цæмæй зыдтой, лæппуйы зæр- дæйы цы фæндтæ гуырдис, уый. Иу бон куы уыдис, уæд Уари сæрвæты йе ’мбал фыййæутты бафæдзæхста, зæгъ- 163
гæ горæтмæ цæуын мæхицæн дзабыртæ æлхæнынмæ æмæ мын мæ фосмæ уæ цæст дарут. — Дæ зæрдæ сæм ма ’хсайæд, — афæндараст æй ’кодтой фыййæуттæ. Зикъарайы æфцæгыл æрхызт æхсæвыгон æмæ хъæ- ды æрæмбæхсти, комбæсты адæмæй йæхи цикæмæн æв- дыста. Лæгмæ-иу цы фыдбылыз кæсы, уый куы зонид! Цæ- мæй зыдтой Уанкъайы æртæ фырты, æмбисбон сæм ца- хæм фыдбылыз кæсы, уый. Æртæ дæр Суары цъаламæ æрцыдысты райсомæй æмæ хибар рæтты æрлæууыды- дысты сæ куыстыл. Уайтагъддæр сæ фæрæтты къупп- къупп райхъуыст. Уарий’ы ма æндæр хуыздæр цы хъуыдис: æртæ æф- сымæры хибар ран æрæййæфта. Хъæд-хъæды сæм хъуы- зынтæ байдыдта, хъуызынтæ байдыдта. Уанкъайы хисдæр лæппу Быдти, фидæрттæ конд, бæрзонд, бæзæрхыг, фæлæ фыд-зонд, бирæгъдзаст, иу аз нæма сæххæст йæ ус æрхастыл. Айдагъ куырæты мидæг ставд тулдз бæлас амадта æмæ-иу рæстæгæй-рæстæгмæ фæкæс-фæкæс кодта куы хъæды ’рдæм, куы та фæнда- джы ’рдæм. Бирæ фыдмитæ фæкодта адæмæн Быдти. Сохты хъæуы иу идæдз ус царди, Бязырон, цыппар æнахъом сывæллоны мад. Фосæй сын иу галы йеттæмæ ницы уы- дис. Фондз удгоймагæн сæ дарæг, сæ уррмæг уыцы гал уыди. Иу бон хъæубæсты хъомтимæ куыд хызт, афтæ цыдæр æгъдауæй фæхицæн æмæ Уанкъаты уыгæрдæны кæронмæ хизгæ бацыди. Ацы Быдти дын æй кæцæйдæр суыдта, топпы дзых æм фæдардта, гæрах æмæ галы уы- цы ран афæлдæхта. Бязырон бирæ фæкуыдта, мæгуыр, фæлæ цы йæ бон уыди абырæг æфсымæрты ныхмæ. Æмæ Уарийæн йæхи цал хатты фæнадта Быдти, цал хатты йæ фæкæуын кодта. Ардыгæй фесæф, ам дын махмæ æппындæр ницы ис, дæ сæрæн сæрфат скæн, ца- лынмæ дæ нæ ныммардтон, уæдмæ, зæгъгæ. Æппæт уыцы мæстытæ рагæй йæ хуылфы æвæрд уы- дысты Уарийæн, æмæ ныр топпы дзых куы ныддардта йе знагмæ, уæд ын æппындæр нæ фæтæригъæд кодта: — гæрах æмæ Быдти, цæвæджы хъæдау раст алæууыди, фæлæ йæ фæрæт къухæй æрхаудта. Фидар лæппу-уы- дис Уанкъайы хисдæр фырт: нæмыг йæ риуыл сæмбæлд, фæлæ уæддæр йæхи зæхмæ хауын нæ бауагъта. Иæ хæ- 164
цæнгæрзтæ кусынмæ дæр йемæ хаста’, балыгъди ма суа- доны цурмæ, топп фелвæста, фæлæ йыл дыккаг нæмыг сæмбæлди æмæ суадоны цур æрфæлдæхтис. Астæуккаг æфсымæрæм хæстæг куыста, уый уай- тагъд æххуысмæ йæ „уæлхъус февзæрдис, фæрæт йæ къухы, афтæмæй, фæлæ йе ’фсымæры мардæй куы бай- йæфта, уæд аджихи, топп фелвæста, æмæ, æхст кæ- цæй фæцыд, уыцырдæм фæд-фæдыл цалдæр гæрахы фæ- кодта. Уари йе знæгты хорз уыдта хъæдæй, уыдон æй нæ уыдтой. Ставд тæрс бæласы аууон балæууыди æмæ та ныхъхъавыд, фехста: астæуккаг лæппу Бецидæртафæ- цæфи, нæмыг йæ чъылдымæй ахызти. — Бон сихорафон нæ чи фæцагъта, кæмæн цы код- там? — Иæ рæмбынкъæдзæй зæххыл йæхи уромгæйæ, загъта æмæ ма йæ кæсдæр æфсымæрмæ иу хъæр фæ- кодта: — Тагъд згъоргæ, фæдис ныхъхъæр кæн адæммæ. — Бецийыдзых тугæй айдзаг ис æмæ йе ’фсымæры фарс- мæ ныффæлдæхти. " Сæ кæсдæр æфсымæр Батыр хуындй, Уарийæн йæ- хи карæн, — æнгæстæ уыдысты цæсгомæй дæр, уæнг- тæй дæр. Лæппу йе ’намонд базыдта, мæлæтæй йын аирвæзæн кæй нал и æмæ æд дзабыртæ Пацъайы доны алæгæрста, лидзынмæ хъавыди, фæдис хъуамæ ныхъ- хъæр кодтаид. Цæрынхъуаг лæппуйæн дæр нæ фæтæри- гъæд кодта Уари. «Бирæгътæ иууылдæр къуыбырхъустæ, кæд сеппæ- ты кæсдæр у, цæрынхъуаг у, уæддæр знаг у, сомбон мæ фæстæ зилдзæн, йе ’фсымæрты маст мæ исдзæнис», — загъта йæхинымæры Уари æмæ куыддæр Батыр доны фа^лаг фарсмæ ахызт, афтæ йæ баййæфта Уарийы нæ- мыг. Дойнаг дуртыл, йæ тъæпп фæцыд, нал сызмæлыд* Хуымгæрдæны рæстæг уыди, удисæн рæстæг, мах- мæ йæ хæхбæсты афтæ хонынц, адæм стырæй-чысылæй иууылдæр хуымты уыдысты. Топпы гæрæхтæ куы сарæх сты, уæд алчи дæр йæ куыст фæуагъта æмæ кæмæн йæ къухы æхсырф уыди, кæмæн та цæвæг, афтæмæй рафæдис сты Суары цъа- ламæ, фæлæ сæ Уарийæн йæ дымгæ дæр ничиуал ауыд- та: хъæд-хъæд уым уæлæмæ Мулдарты къуылдымыл сфардæг æмæ Хъоламæ бацыд, стæй Зикъарайы æфцæ- гыл фалæмæ ацъыкк ласта. 165
Комбæсты адæм Уанкъайы æртæ фырты сынтытыл сæвæрдтой æмæ сæ еудодойгæнгæ, сæ фыды хæдзарыл сæмбæлын кодтой. . Галы богъ ныккодта Уанкъа, йæ сæрыл балæугæ- йæ, йæ ус Козиан та йæ рустæ тыдта, йæ уæрджытæ хоста, судзаггаг хъарджытæй йæхимæ адæмы æрыхъу- сын кодта. Уанкъа дæр æмæ лæппутæ дæр адæмæн бирæ хъы- цъыдæттæ бадардтой, сæ фыдмитæ сæ рох нæ уыдысты, фæлæ ирон адæм бахъуаджы сахаты знагæн дæр ба- лæггад кæнынмæ фæстæ нæ лæууынц. Адæм алы хъæу- тæй æрцыдысты, мæрдты баныгæдтой, хистæн цы хъуы- ди, уый сцæттæ кодтой, рухсаг загътой æмæ фæйнæ- рдæм фæцыдысты. Уанкъатæн сæ уæзæгыл сæхи йеттæ-' мæ ничи царди. Æввахс сæм исчи цардаид, уый та сæ фæндгæ нæ кодта, зæххæн фæуынæй тарстысты, сæхи- цæн .та мæлæт æгъгъæл никуы уыдысты, ичъынайы ка.л- мау, уæлæуыл баззайынмæ хъавыдысты. Уанкъа æмæ йæ ус сæ хъæбултæй афтид аззады- сты, уæдæ цы! Сæ ног чындз къуыри дæр нал фæци сæхиадæ, уайтагъд йæ цæгаты бамидæг, йæ зæрдæ сæ цъæх уыди уымæн дæр, æндæра афтæ ничи бакодтаид, сусæг маст бирæ фæхордта, бирæгътимæ цæрын кæй бон у, дæ хорзæхæй! Алыхуызон фыдбылызтæ æртыхс- тысты Уанкъайы сæрыл, йе стыр зиæнттæн нæ бафæ- раезта, иу къуыри дæр нал. ахаста, мастæй йæ зæрдæ аскъуыди. Йæ ус Козиан æнæуый дæр рынчын хаста, стæй ма ахæм стыр бæллæх йæ сæр куы баййæфта, уæд йæ лæджы фæстæ уый дæр амарди. Дзæгъæлы баззадысты хæдзарæй, фæллойæ, се стыр бынтæ иууылдæр. Адæмæн цы зонын хъуьтди, Уанкъайы лæппуты чи амардта, уый. Хицауад уайтагъд арвыстой Елхоты хъæу- мæ цалдæр хъазахъхъаджы æмæ Уарийы йæ фысыми- . мæ æркодтой Гурмæ. Цалдæр боны фæстæ сæ тæрхон-* доны раз æрлæууын кодтой. — Дæ фыййау уыцы æмæ уыцы бонты кæм уы- ди? — тæрхоны лæг фарста Уарийы фысым Годейы. — Мæ фосæн ацы иунæг фыййауы йедтæмæ сæ фæ- дыл ничи цæуы æмæ æппынæдзух семæ вæййы. Афтæ куынæ уа, уæд махмæ абырджытæ арæх сты æмæ мæ фос иунæг бон дæр æнæхицау фесты, зæгъгæ, уæд сæ дæхицæй мауал хон. 166
Бирæ рафæрс-бафæрс фæкодтой Годейы, фæлæ уый фидарæй хæцыди Уарийы фарс, къæм абадын ыл нæ уагъта^ — Исчи уæ федта Уарййы кæнæ хъæумæ ’рцæугæ, кæнæ хъæды, кæнæ та фæйдагыл? — фарста тæрхонгæ- нæг мах комбæстæй дæр бирæ кæйдæрты, фæлæ «фед-к тон», зæгъгæ, ахæм ныхас никæй дзыхæй сирвæзти, уæ-^ дæ мæнг æвдисæн дæр ничи балæууыди. Уари иу къуырийы бæрц ахст фæци Гуры, стæй йæ ссæрибар кодтой æмæ фæстæмæ Елхотмæ ныффардæги. Ам ын нæхимæ дæр чидæртæ хæрзгæнæг фæци, хорз адæймаджы алчидæр уарзы, сæхи ’рдæм ыл хæцын бай- дыдтой æмæ, иу аз дæр нæ рацыди, афтæ фæстæмæ йæ фыды уæзæгмæ æрæздæхт. Йæ фыды хæдзары æрцар- дис, иу йæхи хуызæн мæгуыр лæджы чызджы ракуырд- та æмæ цæрынтæ байдыдтой, мæ бон, цæрынтæ. Афтæ сты, гъе, лæджы цæрдтытæ, йæ хабæрттæ. Никуы фе- хъуыстай: фыд лæг æмæ фыдбонæн бирæ цæрæнбон нæй, æмæ рæстдзинад та уæлахиз кæны. Уанкъайæн ма иу чызг баззади, йæ ном Сабеда хуынди, чындзы цыд уыди Ерцъойы хъæумæ. Цалдæр азы фæстæ иу дзуары бон Уари бафтЫди Ерцъомæ, йæ расыджы зæрдæ йæ бахаста уырдæм. Расыг лæг сæ- рыстыр вæййы, донæн йæ арфыты фæлæгæрды. ’ — Дыууæ æфсымæры зæнæгæй ма æз æмæ ды баз- задыстæм удæгас, «мæн» у зæгъæг нын ничи ис æмæ бафидауæм, абонæй фæстæмæ кæрæдзийы хæдзæрттæм цæуæм. Хинæйдзаг æмæ фыдсЫл сылгоймаг уыди, æмбæхст зæрдæйæ царди хъæубæсты ’хсæн дæр. Рагæй зылди Уарийы фæдыЛ æмæ ныр йæ къухмæ æрхаудта. Сабе- да, мидбылхудгæ, уайтагъд уæларынг балæууыди уæ-* ливыхтæ кæнынмæ. Йæ лæг хæдзары нæ уыди, сæ хъæ- уы дзуары бон уыд æмæ кæдæмдæр хуынды уыди. СЪхимæ дæр уазджы’гæ уыд æмæ уал Уари уыдонимæ ныхæстæ кодта, уæдмæ Сабеда æртыкъахыг фынг уаз- джыты раз авæрдта, æрдавта хъарм уæливыхтæ, арахъ, бæгæны, фыдызгъæл. ° — Дæуæй ма куы авæрын мæхицæн ныфсытæ æмæ мæ ды дæр дæхицæй куынæ хоныс, мæ тæфтыл дæр куынал цæуыс, — змæлгæ-змæлын дзырдта Сабеда æмæ- иу æнахуыр каст бакодта Уаримæ. Ныхас хæйрæджы нæ уырны, уый йеттæмæ адæй- 167
магæн цы дзурай, уый йæ куыннæ хъуамæ бауырна. Уа- рийæн дæр йæ зæрдæ фæтæнæги, йæхиуыл æрхудти Саг бедайы фæлмæн ныхæстæм, æрфæсмон кодта, йе ’фсы- мæрты йын кæй амардта, уый тыххæй æмæ зæхмæ кæс- гæйæ,- тыхстæй афтæ бакодта: — Цы Гæнæн ма ис, мæ '«хо», фæлæ цы хъуыддаг* æрцыди, уымæн ницыуал хос ис... Хуыцауы къахæргæвдæг ус йæ хинæйдзаг ныхæстæй ноджыдæр æрæууæндын кодта нозтджын Уарийы. Фæд-т фæдыл ын цалдæр сыкъайы адарын кодта æмæ уый дæр уæд сæрыстыр ныхæстæ кæнын байдыдта. — А-ма, мæ нуазæн мын аназ, кæдæй-уæдæй ма дæ мæ хæдзары еныр федтон. Гормон фæуай, нырæй фæстæ- мæ нæм арæхдæр цу, арæхдæр, — загъта Сабеда æмæ дзаг сыкъа балæвæрдта Уаримæ. Уари æхсызгонæй райста сыкъа, акуывта æмæ йæ быннуæзт акодта. Судзгæ-уыраугæ ацыди хуылфмæ марг- джын арахъ. , Цæхæрцæст лæппу уыди Уари/ уайтагъд йе’намонд базыдта, фæгæпп ласта фынджы цурæй æмæ федтæдуар. Æмбис сæрд уыди, махмæ хъæдты уыцыафон æхсыр донау, арæх у. Уари фæмидæг Сабедайы сыхæгтæй кæ- мæдæр, æхсыр сæ æркуырдта, хъæдын къусыдзаг дзы банызта, стæй лыгъд радта цъалайы ’рдæм, сæхимæ. .Фæлæ хæдзармæ æххæст нæма бахæццæ, афтæ цыдæр йæ амондæн йæ зæрдæ схæццæ, омынмæ фæци, йæ ар- тæнбынтæ фæкалдта, æхсад хæцъилау ныффæлурс. Фæ- лæ фервæзт, мæгуыр, фыдбылызæй. Иу мæйы бæрц йæ уат нæ систа, хиталæгау слыстæгис, фæлæ уый фæстæ- радзæбæхи, бынтондæр сынæниз. Уый фæстæ Сабеда- йыл дæр хуыздæр бон не ’ркодта. Иу азы мидæг йæ лæг зæ’йы бын фæци, йæхицæн та йæ рахиз цонг хуыскъ баци. Æнæзæнæг уыд æмæ.иунæг таукъоппайæ, кæугæ- ниугæйæ- баззади. Тæригъæд нæ тайы, нæ, дæ нывонд фæуон. А-Уарийæн та тæхудиаджы зæнæг рацыди, йе знæг- ты фыддæрадæн — авд лæппу æмæ æхсæз чызджы, уæ- дæ! Сывæллæттæй сæ хъустæ байдзаг сты. Æртындæс сывæллоны сын рацыди, амæй-ай хуыздæртæ, чи дзы дохтыр у ныр, чи ахуыргæнæг, чи цы, чи та цы! Сæ ма- дæн та хицауад мад хъайтары ном радта. Æмæ лæ- вæрттæ, стæй æххуысы æхца цас фæистой! Цы сын у, 168
дæ нывонд фæуон, ныр сæ цæрыны йеттæмæ ницыуал хъæуы. — Æмæ цæргæ та кæм кæнынц, цæргæ? — афарстон зæронд усы. — Уæлæ, раздæр Уанкъайы уæзæг кæй чхуыдтойг уым дæргъæй-дæргъмæ колхозы фермæйы агъуыст куы зыны, уый фалийæ цы стыр хæдзар ис, уый уыдон у. Зæронд усы ма цæмæйдæрты афарстон, стæй йын зæрдæбынæй раарфæ кодтон, ахæм диссаджы таурæгъ мын кæй радзырдта, уый тыххæй æмæ уый йæ куырой- мæ ацыди, æз та мæ фæндаг Уаритæм скодтон.
3 Æ Р Æ Д А Хур ма чысыл зынди, афтæ Фæзы хъæуы колхозы лравленийы агъуысты раз æрлæууыд «Виллис» æмæ дзы рахызти, дыууын цыппар азы бæрц ^æуыл цыдис, ахæм рæсугъд æмæ хæрзконд чызг., Уымæн йæ къухы уыдис стыр, цъæх хъуымацæй тыхт чемодан. Чызг, йæ чемо- дан фæндаггæрон, нæууыл æрывæргæйæ, фæстæмæ раз- дæхтис «Виллисмæ», шофырæн йæ къух райста, хæрз- бон у, зæгъгæ, йын загъта æмæ фæстæмæ йæ чемода- %ны цурмæ бацыдис, фæйнæрдæм аракæс-бакæс кодта. Шофыр йæ бынатæй нæ рахизгæйæ, æвæццæгæн, ба- талынгæй тарсти æмæ йае машинæ уайтагъд скусын код- та, разылдта йæ фæстæмæ æмæ цасдæр рæстæджы фæстæ хъæуы æрбахизæнæй фæаууон. Машинæиыгуыр- гуырмæ колхозы канторæйæ, стæй хъæубæстæй дæр чи- дæртæ рацыдысты уынгмæ æмæ кæрæдзи фарстой: — Чи уыдзæн ацы æнахуыр уазæг? Уалынмæ’ йæм колхозонтæй цалдæрæй хæстæг ба- цыдысты æмæ йæ фæрсынц: — Кæйонг, нæ хойы хай? - — Колхозы канторæйы мæ хъуыддаг ис, — цыбы- рæй дзуапп радта чызг æмæ колхозонтимæ иумæ арас- тис канторæмæ. Чызджы чемодан колхозонтæй сæ иу йæ къухмæ райста, ахаста йæ æмæ йæ колхозы канто- рæйы тыргъы æрæвæрдта. Колхозы сæрдар, ацæргæ, фæлæ фидар сылгоймаг, йæ бынатæй сыстад, йæ мидбылты бахудт, уазæг чыз- джы къух райста æмæ йæ афарста: — Махмæ дæ кусынмæ æрбарвыстой, мæ чызг? — О, — загъта чызг æмæ фынджы фарсмæ æрбад- тис. — Иттæг æхсызгон мын у, — загъта колхозы сæр- дар æмæ йæ ног хабæрттæй фæрсын райдыдта. Колхо- зы сæрдар хабар зыдта, ’уый размæ дæр ныхас кодта хъæууон хæдзарады хайады гæсимæ, цæмæй йæм фосы 170
дохтыр æрбарвыстаиккой, фæлæ уæддæр чызджы афар- ста: — Цæмæй нæм кусдзынæ? Чызг къæмдзæстыгæй дзуапп радта: — Фосы дохтырæй. Чызг, фосы дохтырæй кусдзынæн, зæгъгæ, куы загъ- та, уæд æм колхозонтæ æввахсдæр æрбалæууыдысты æмæ йæ сæ иу афарста: — Дæ ном цы хуыйны? — Мæ ном — Зæрæда, — дзуапп радта уый. Бирæ ныхæсты фæстæ колхозы сæрдар афтæ зæ- гъы: — Зæрæда дард фæндагыл рацыдис æмæ сыстонг уыдаид^ акæнут, кæрдзын уал ын бахæрын кæнут æмæ стæй уæд,хъуыддаджы тыххæй уый фæстæ аныхас кæн- дзыстæм. Зæрæдайы раздæр дæр цыма зыдтой æмæ йыл ахуыр уыдысты, уыйау æм уæндонæй дзырдтой æмæ йæ фарстой: кæцон дæ, кæм ахуыр кодтай, чи сты дæ ный- йарджытæ?.. ,Уый дæр сын сæ фарстытæн. дзуапп лæвæрдта. — Уазæджы акæнут .æмæ йын кæрдзын бахæрын кæнут, — загъта дыккаг хатт ’колхозы’ сæрдар, стæй уæд дарддæр уынаффæ кодта, фынджы фарсмæ йæ цуры чи бадтис, уыдонимæ цыдæр ахсджиаг фарсты фæ- дыл. Зæрæда æмæ иу колхозон чызг ’бахæццæ сты, хъæу- астæу цы стыр рæсугъд агъуыст уыд, уырдæм. — Ацы хæдзар у уазæгдон, — загъта чызг æмæ æд чемодан разæй бахыз’тис хæдзармæ, рудзгуытæ бакодта æмæ уат æфснайын райдыдта. Ацы чызг уыдис колхозы уазæгдоны гæс. Уый уат æЛснайд куы фæцис, уæд, тагъд фездæхдзынæн фæстæ- мæ, зæгъгæ, загъта Зæрæдайæн æмæ йæхæдæг хъæуы ’рдæм атындзыдта. Сахаты фæстæ Зæрæдайæн хæринæгтæ æрбахастой, хъæуы чызджытæ дыууæйæ йемæ базонгæ сты, фæцин- тæ йыл кодтой, æхсызгон нын у, загътой, махмæ кæй кусдзынæ,, уый, æмæ йæ стæй уæд ныууагътой йæхи бар, цæмæй баулæфыдаид. Зæрæда йæ фынг бафснайдта, стæй къуымты ара- кæе-бакæс кодта, æмæ дзы йæхи йеттæмæ куы ничиуал уыдис, уæд куыддæр йæ зæрдæ æрæнкъардис, рудзынг- 171
гæронмæ бацыдис. (Уазæгдонæн рудзгуытæ уыдысты комы ’рдæм. Хур аныгуылди, бæстæ æрсабыри. Талынгæй-та- лынгдæр райдыдта. Дыууæ хохы, хъахъхъæнджытау, лæууыдысты Фæзы хъæуы алыварс, уыдон дæр кæрæ- дзимæ æнæдзургæ нымдзаст сты. Фæлæ уалынмæ комы мидæмæ æмвæтæнæй цъæх мигътæ æрбафсæрстой æмæ куыд уæлæмæ-уæлæмæ сау къæдзæхты фæстæ хæхты цъуппыты радгай кæрæдзи фæдыл æрбамбæрзтой. Æмæ кæд нырма раджы уыдис, уæддæр бæстæ нытталынги. Зæрæдайы ма фæндыдиС хæххон æрдзы нывтæм кæсын, фæлæ мигътæй ницыуал ауыдта æмæ рудзгуытæ цæх- гæр ахгæдта, рухс скодта, фынджы фарсмæ бандоныл æрбадти æмæ иудзæвгар æнкъардæй баззад, фæлæ элек- тры рухсмæ ,куы скаст, уæд йæхинымæры загъта:: — Æвæдза колхозæн стыр æнтыстытæ ис: уый дын уазæгдон, электры станц, абана дæр, дам, нæм рæзы... Фæлæ та Зæрæда ногæй, йæ роцъомæ йæ къух бы- цæу авæргæйæ, фенкъарди, хъуыдыты ацыд æмæ загъ- та йæхинымæры: — «Мæ бон куы нæ бауа хохы кусын, æнкъард дзы куы кæнон». Зæрæдайæн йæ зæрдыл æрлæууыд хъæлдзæг æмæ рæсугъд Тбилиси. Афонмæ фæтæн уынгты адæм дыууæ- рдæм гуылф кæнынц... Зæрæда уым райгуырди æмæ хъо- мыл дæр уым сси, уым фæцис каст скъола дæр. Ныр йæ цæстытыл ауадис хъæлдзæг Тбилиси: кинотæм, теа- тртæм, концерттæм йе ’мцахъхъæн чызджытæ æмæ лæп- путимæ куыд цыдис, ахуыры бонтæ æмæ афтæ дард- дæр. Ацы аз Зæрæда каст ’фæцис ветеринарон институт æмæ йæ кусынмæ рарвыстой хохмæ. Чизоны æмæ ныр, Зæрæдаимæ институт каст чи фæцис, уыдон хуыздæр бынæттæм æрвыст æрцыдысты кусынмæ, чи та дзы Тби- лисы дæр баззадис æмæ уыдон хъæлдзæгдзинад æрвит- дзысты... Уый та ам иунæгæй бады... Цæмæй ма ’нкъард кодтаид, уый тыххæй чемода- нæй чиныг сисон, исты бакæсон куыд загъта, афтæ чи- дæр дуар бахоста æмæ бадзырдта: — Уазæг нæ уад?ыс мидæмæ? — Куыннæ, куыннæ, рацыт нæм? — загъта Зæрæда æмæ йæ чинЬ1г фынгыл æрæвæрдта. Уалынмæ мидæмæ æрбахызтис Зæрæдайæн йæхи 172
’мцахъхъæн чызг, дæргъытæ къаба йæ уæлæ, рæсугъд æмæ фæтæнуæхскджын. Зæрæдайы зæрдæмæ тынг фæцыдис ацы чызг æмæ йæм, иудзæвгар ницы дзургæйæ, къахæй-къухмæ лыс- тæггай бакæстытæ кодта. Цæстæй йæ сбарста сæрæй къæхты бынмæ æмæ кæд Зæрæда йæхæдæг дæр рæсугъд уыдис, уæддæр батæхуды кодта чызгæн йæ уæнгты конд- мæ, йæ фезмæлдмæ, йæ дзыхы дзырдмæ. Ноджы ма æрбацыдысты бирæ чызджытæ æмæ лæппутæ, семæ уыд ацæргæ устытæ дæр. Чызджытæй сæ иумæ та уыдис фæндыр дæр... Фæсивæдæй алчи дæр Зæрæдайы къух райста, йе- мæ зонгæ кодтой. Йæ къух ын чи куыд раздæр иста, афтæ йæ фæйнæ фæрсты бадтысты æмæ йыл цин код- той сæхи мадызæнæгау. Зæра^дайыл уæлдай тынгдæр баузæлыди зæронд ус Гыгы. Уый йæхи хъæбулау Зæрæдайы æфцæджы цал- дæр тыхст акодта, барæвдыдта йæ æмæ йæм фæлмæн сдзырдта: — Ныр ды нæхи хъæбул дæ, мæ чызг, махимæ цæр- дзынæ. — Раст зæгъыс, Гыгы, махæн неппæтæн дæр хойы бынаты уыдзæнис Зæрæда, — загътой æмхуызонæй фæ- сивæд æмæ сæ алчидæр йæ бынаты цины змæлд бакод- та. Уыцы ныхæстæм хъусгæйæ, Зæрæдайæн йæ зæрдæ схъæлдзæги. Дзæвгар фæбадтысты, фæныхас кодтой, фæндырæй дæр иу цалдæр цагъды акодтой фæсивæд сæ уарзон уа- зæджы цинæй, фæлæ зыдтой, дард фæндагыл кæй ра- цыдис, фæллад кæй у. Æмæ сын цалынмæ Гыгы нæ загъта/уазæджы баулæфын хъæуы, уæдмæ сæ сæ къах нæ хаста Зæрæдайы цурæй ацæуын. Лæппутæ æмæ чызджытæ, хæрзæхсæв у, загътой Зæрæдайæн æмæ ныхæстæгæнгæ, чыртæ-чыртæй фæфар- дæг сты сæ хæдзæрттæм. Гыгы ма Зæрæдайы цур иу цъус алæууыд, цыдæртæ йын адзырдта, стæй уæд уый дæр ацыдис сæхимæ. Зæрæда æмæ уазæгдоны гæс иумæ баззадысты. Уы- дон дæр схуыссыдысты æмæ райсоммæ сæ къах дæр нал атылдтой. 173
* * * Райсом сæумæцъæхæй, уынгты иунæг змæлæг нæ- ма уыдис, афтæЗæрæдайы дуар чидæр æрбахоста. — Афтæ раджы кæй цы хъæудзæнис? — ахъуыды кодта Зæрæда, цæрдæг фестади æмæ цалынмæ йæ пы- султæ кодта, уæдмæ уазæгдоны гæс цннæ дуар фегом кодта (уый хицæн хатæны хуыссыди), æттæмæ ’ракаст æмæ сдзырдта: — Æгас цу! Уый Габе куы дæ, уæд дæ афтæ раджы уагæр цы хъуыддаг ис? — Нырма уал дæ райсом хорз! Ис мæ хъуыддаг,- æндæра не ’рбацыдаин хохæй ардæм, — асинæй хæрдмæ скæсгæйæ, дзуапп радта, дуар чи бахоста, уыцы æвзонг лæппу — Габе. — Дзур, кæд дæ мæнмæ ’исты хъуыддаг ис, уæд, — йæ сæрыхъуынтæ йæ къухæй фæстæмæ даугæйæ, загъ- та’уазæгдоны гæс. — Дæумæ дæр мæ цæмæннæ ис хъуыддаг, фæлæ мæ уазæг чызджы фенын фæнды. Цæвиттон, æфцæгыл нæ фосæй цалдæр сæры знон æвиппайды æрбарынчын сты. Фосы. дохтыр ам кæй ис, уый мын колхозы сæрдар загъта, — цыбырæй йæ балцы хабар бамбарын кодта фыййау уазæгдоны гæсæн. — Ау, æмæ уæд та дохтыр дысон не ’рбацыд, уæд> —.Уæд дарддæр ацыдаин, — дзуапп радта фыййау. Цалынмæ ацы дыууæ адæймаджы ныхас кодтой, уæдмæ Зæрæда йæ хуыссæнтæ бафснайдта, йæхи адзæ- бæхтæ кодта, стæй æттæмæ* рахызти. «Уæ райсом хорз» сын загъта æмæ сæ цурмæ æрцыди, фыййауы къух райс- та Зæрæдайæн æвзонг ’ хæххон фыййау йæ зæрдæмæ афтæ тынг фæцыд æмæ дзы иудзæвгар йæ цæстытæ нал систа. Фыййау фыццаг фефсæрмы, зæхмæ йæ цæо- тытæ ныццæвгæйæ, ницыуал йæ бон уыд зæгъын, фæ- лæ æвиппайды йæ урс хъуынджын ’уæлдзарм худыл хæрдмæ æвзыгъд схæцыдис, йæ цæстытæ ферттывтой æмæ сдзырдта: — Колхозы сæрдар мæ дæумæ рарвыста, фосыл цы- дæр.низ фæзындис æмæ абон æфцæгмæ хъуамæ рацæ- уай. «— Цы бачындæуа?.. «Нæ цæуын» куыд хъуамæ зæгъон?» — йæхинымæры ахъуыды ^кодта Зæрæда. Фæ- 174
лæ нæ бафæрæзта, цæуыл цæуын хъæуы, дард у æфцæг, æви нæ, афтæмæй загъта: — Цæуын хъæуы, æрмæст медикаменттæ æмæ хостæ цæуыл ахæсдзыстæм? — Бæхыл, фæлæ тагъд цæуын хъæуы, — цыбыр дзуапп радта Габе æмæ фæцæуæг саргъы бæх ифтын- дзынмæ. ’ Габе куы рацыдис, уæд Зæрæдамæ колхозы сæр- дар йæхæдæг дæр бацыдис, бафæдзæхста йын, цæмæй хорз базона фосы нйз æмæ, цалынмæ уыцы низæй фер- вæзой, уæдмæ уым куыд уай, зæгъг.æ, кæд дын нырма æнахуырæй зын уыдзæнис, уæддæр. Сæрдар йæхæдæг дæр фæнд кодта фосмæ цæуын, йæ зæрдæ сæм æхсайдта, фæлæ фермæйы гæс йæхæдæг уым кæй уыд, уымæ гæсгæ нал ацыдис. «Фосыл зæфцы фыдæй ницы зиан æруадздзæн», — загъта йæхинымæры сæрдар, стæй, Габе æмæ Зæрæдайы афæндараст кæнгæ- *йæ, йæхæдæг арастис колхозы канторæмæ, кæд нырма раджы уыдис, уæддæр. * * * Хуры зæрин тынтæ Фæзы хъæумæ комкоммæ ба- к^стысты, афтæ Зæрæда æмæ Габе дæр бæхтыл рагъ- мæ схæццæ сты æмæ ныр уæлхох быдыры, цъæх-цъæ- хид ’кæрдæгыл цыдысты фæрсæй-фæрстæм сæ бæхтыл, ныхаскæнгæйæ. Габейыл рæсугъд фидыдтой йæ урс .хъуынджын худ, йæ сæрак дзабыртæ æмæ йæ тинтычъыйæ конд даргъ хæдон. Уый бæхы рохтыл фидар хæцыдис, йæ къахы зæвæттæй йын йæ фæрстæ рæстæгæй-рæстæгмæ агайд- та æмæ бæх дæр йæхи хъардта тагъддæр уайынмæ. Зæрæдайы бæх арæх зади фæстейæ æмæ-иу уæд Зæ- рæда Габейæ йæ цæст нал иста, лæппуйы |>æсугъд, фæ- тæн, фидауцджын уаёнгтæм кæсынæй не ’фсæсти. — Габе, скъола^йы никуы ахуыр кодтай? — афарста йæ Зæрæда. — Дхуыр кодтон, дыууæ азы размæ каст фæдæн астæуккаг скъола, — уæлбæхæй, фæстæмæ кæсгæйæ, • дзуапп радта Габе. — Астæуккаг ахуыр. фæдæ æмæ дарддæр ахуырмæ цæмæннæ ацыдтæ? — афарста та йæ. 175
— Хъызлары фосимæ уыдтæн, фæлæ мæ дарддæр ахуыр кæнын дæр рох нæу. Мæ документтæ арвыстон Тбилисы ветеринарон институтмæ, æвæццæгæн, фæззæ- джы ацæудзынæн ахуырмæ, — загъта Габе æмæ йæ бæ- хы дарддæр аскъæрдта. Зæрæда бæхыл бадын ахуыр нæ уыд æмæ уымæ гæсгæ тагъд афæллад, гæнæн ын куы уыдаид, уæд ра- хызтаи,}, къахæй ацыдаид, афтæ йæм æнцондæр касти, -фæлæ, иуæй, Габеиæ æфсæрмы кодта, иннæмæй та фос- мæ тагъд кодтой æмæ йæ риссындзинад урæдта. Рай- сом куы цыдысты хъæуæй, уæддæр Габе куынæ уыда- ид, уæд Зæрæдайæн йæ бон нæ бауыдаид саргъыл сба- дын. Габе бæх хъæугæрон былмæ баскъæрдта æмæ, саргъы гоппыл йæ иу къухæй хæцгæйæ, Зæрæдайы сба-' дын кодта. Зæрæдамæ у’ый хорз нæ фæкасти, фæлæ. цы кæна, кæд бæхыл бадын никуы ахуыр кодта, уæд? «— Нырма æрдæджы дæр нæ дæн, зындзинæдтæ разæй сты», — хъуыды кодта йæхинымæр чызг. Уый-иу * ацафонмæ фынæй кодта æмæ-иу æй йæ мады цæст рай- хъал кæнын нæ уарзта. Æммыст æй ныр йæ ныййарджытæ бæхыл бадгæ куы фениккой, уæлдайдæр та уæлхох быдыры, уæд ныддис кæниккой, афтæ раджы кæдæм цæуы нæ чызг, зæгъгæ. , , Фæлæ Зæрæдайы зæрдыл æрлæууыдысты сæ инс- титуты директоры ныхæстæ. Уый, институт чи фæуд кодта, уыдонæн æмбырды загъта, зæгъгæ, сымах фыц- цаг рæстæджы куысты мидæг зындзинæдтыл сымбæл- дзыстут, — фæлæ тыхсын нæ хъæуы, тох кæнын хъæуы, цæмæй куыстыл уæлахиз кæнат кæддæриддæр. Зæрæдайæн йемæ институт каст чи фæцис, уыдо- нæй бирæты арвыстой Казахстанмæ, стæй ноджы дард* дæр бынæттæм дæр. Уæдæ уыдон куыд кæнынц? «Нæ, хи’ ауадзын нæ хъæуы, мæ фындз куы ’руа- дзон, уæд ма мыл Габейы зæрдæ дæр бахуддзæнис, — ’ афтæ ахъуыды кодта, стæй йæ бæхы рохтыл фидар æр- бахæцыдис, йæ риуыл бæрзонд схæцыд, йæ къахы зæ- вæттæй, Габейау, бæхы фæрстæ бацагайдта æмæ уый дæр йæ цыд фæтагъддæр кодта, Габейы бæхы баййæф- та æмæ та фæрсæй-фæрстæм цыдысты. — Бирæ ма нæ хъæуы цæуын? — афарста Зæрæда Габейы. 176
— Нæ, тагъд бахæццæ уыдзыстæм, — мидбылхудгæ- йæ дзуапп радта. Габе бамбæрста. Зæрæдайæн зын кæй у бæхыл бадын, кæй бафæлла^д, фæлæ барæй ницы сдзы- рдта, йæ фосмæ йæ зæрдæ æхсайгæйæ. Габейы фæндыдис, Зæрæда йын истытæ куы дзурид, фæлæ чызг, уæлхох быдыры фæйнæрдæм уæлбæхæй фæлгæсгæйæ, дис кодта хæххон æрдзы рæсугъддзина- дыл, æмæ-иу æй айрохис, кæимæ цыдис, уый дæр, ай- рох-иу æй йæ фæллад дæр. Уæлхох быдыры цъæх-цъæхид ,фæзтæй зæрдæ рухс кодта. Ам рахизырдыгæй дæр æмæ галиуырдыгæй дæр дыууæ стыр хохы бæрзонд фæцыдысты, афтæ зынди, цыма ацы.быдыры хъахъхъæнгæ кодтой, хæхты фæрс- тыл цыма æвзист дон рацыдис, уыйау хурмæ æрттыв- той. Урс фосы дзугтæ амыты-уымыты стыр хæхты фæх- стыл къордгай хызтысты æмæ дардмæ афтæ зындис, цыма урс дуры цæндтæ уыдысты. Хæхты сæрмæ цæргæстæ бæрзондæй уырдыгмæ кас- тысты, зилахар кодтой, сæ базыртæ æнæзмæлгæйæ, хæхты рæбынтæ дыууæ ’рдыгæй дæр æмæхгæд уыды- сты Ьсъæдæй. Хъæдрæбынты та цыдис къæдзтæ-мæдзтæ- гæнгæ урс æндахы хуызæнæй хæххон уазал дон. Æппæт, ацы нывтæм уарзонæй кæсгæйæ, Зæрæда фыййæутты уæтæрмæ кæуылты схæццæ, уымæн зонгæ- дæр ницы бакодта. Аходæнафон ссис, афтæ бæлццæттæ уыдысты фый- йæутты уæтæры. Уæтæры цы фыййæуттæ уыдис, уыдон сыл сæмбæл- дысты цинимæ, райстой сын сæ бæхтæ, систой сын сæ| сæргътæ æмæ сæ ауагътой хизынмæ цъæх нæууыл, сæ- хæдæг уæтæрмæ æввахс бацыдысты æмæ Габейы хицæ- нæй цæмæйдæрты афарстой. Зæрæда фыййæутты къух- тæ райста, афарста сæ сæ царды хабæрттæй, стæй уæ- тæры размæ даргъ бандоныл æрбадти. Ие ’рбацыдфый- йæуттæн æхсызгон уыд. Æгайтма афоныл æрбацыд, — дзырдта сæ иу. — Кæд ныр рынчын фосыл ницыуал зиан æрцæуид. Фараст мадæл фысы стыр тулдзбæласы бын аууо- ны хуыссыдысты æмæ, сынæр нæ цæгъдгæйæ, сæ бы- рынчъытæ зæххыл æрæвæрдтой, кæд тæвд бон нæ уы- дис, уæддæр тыхулæфт кодтой, хъæрзыдтой. Зæрæда фысты сеппæты дæр басгæрста къухæй, алкæй дæр сæ сыстын кодта, гом сын кодта сæ дзыхтæ, 12. Плиты И. 177
уыдта сын сæ тæнтæ. Фыстæй-иу кæд исчи æрхуыссыд, уæд та-иу æй ногæй сыстын кодта æмæ та-иу æй бас- гæрста. — Хъæстæ кæрдæг бахордтой æмæ тыппыр кæнынц^ — загъта Зæрæда æмæ райдыдта кусын.* Дыууæ фыййа- уы æдзынæг кастысты Зæрæдайы архайдмæ. Уый ма- дæл фысы уæлгоммæ сфæлдахын кодта, йæ гуыбын æмæ йын йæ тæнтæ ноджы тыхджындæр балхъывтытæ код* та йæ къухæй, стæй йын судзин сарæзта æмæйæсуагъ^ той. Мадæл фыс йæ дымæг тилгæ, йæ сæр зæхмæ сараз^ гæйæ алыгъдис æмæ йе ’мбæлтты ’хсæн фæмидæги. Зæ* рæда фыстæн сеппæтæн дæр судзинтæ сарæзта, стæй сæ фæстæмæ сæ бынаты бакодтой хицæнæй. — Цалынмæ сæ тыппыр хæла, уæдмæ сæ хизынмæ уадзын нæ хъæуы, — афтæ бафæдзæхста фьшйæуттæн Зæрæда, йæхæдæг йæ медикаменттæ æхсын æмæ ’фсна- йыныл схæцыд. Зæрæдамæ ацы хъуыддаг æнцон фæкасти. Уайтагъд фыстæн сæ низы хатт бдзыдта, цыма йæхицæй ныббу- ци, уыйау фæхъæлдзæгдæри æмæ зæрдæрайгæйæ змæ~ лыд. Фарон, ’ацафон, Суаны хæхты практикæйы куьг уыдис, уæд уьщ дæр æрцыдис ахæм хабар: сæрвæты фыстæ тыппыр кодтой, нал хызтысты, дохтыртæ рабæ- рæг кодтой, фыстæ.хъæозгæ кæрдæг кæй бахордтой. Фæ- лæ суайнаг фысгæстæ фысты низ æгæр рæгмæ кæй ба- зыдтой, уый тыххæй’ дзы зæфцы фыдæй цалдæр амар- дис. Ирвæзын дæр дзы бирæ фæкодтой. Æмæ ныр Зæ- рæдамæ ацы низы ныхмæ тох кæнын æнцон уымæн фæ- кастис. — Изæрмæ адзæбæх уыдзысты уæ фыстæ, — загъта % Зæрæда фыййæуттæн, стæй Габеимæ араст сты, сæ колхозы фыййæуттæ фосы дзуг цы сæрвæты хызтой, уырдæм. — Æххæ.ст колхозы фос фенæм, стæй иумæ ацæу- дзыстæм хъæумæ, — загъта Зæрæда. Габейæн йæхицæн дæр æхсайдта йæ зæрдæ фосмæ æмæ... ч * * * Зæрæдайтæ сæ фосмæ цæугæйæ фездæхтысты колхо- зы цыхтахсæн^заводмæ. Габе йæ базонгæ кодта завбдьг 178
кусджытимæ, базонгæ йæ кодта заводы куыстимæ дæр.г Фосмæ тагъд кодтой, фæлæ сын цалынмæ дзыкка скод- той æмæ сын кæрдзын бахæрын кодтой, уæдмæ сæ нæ ауагътой. — Изæры -фæстæмæ ардæм æрыздæхдзыстæм, — загъта Зæрæда æмæ сæ фæндаг адарддæр кодтой. Зæрæдайы ныйй^рджытæ дзыкка никуы скодтой æмæ йын кæд ныры онг йæ ном цы хъуыста, цы хуы- зæн хæринаг у, уый нæ зыдта æмæ йæм ныр тынг хорз’ фæкастис. — Схæццæ стæм, Зæрæда, уый та дын нæ фосы дзуг- тæ, — куы сæм разындысты, -уæд загъта Габе æмæ ’æдЗы- нæг кастысты фысдзугтæм. — Ай у фыййæутты суадон, афтæ йæ хонæм мах, — загъта Габе, иу къæдзæх рæбынæй цы дон цыд, уыр- дæм куы бахæццæ сты, уæд. Банызтой дзы адджынæн. Лызгмæ тынг хæрзад фæкаст хæххоц-дон æмæ дзы æп- пæлыд. Габе. Зæрæдайы суадоны цур фæуагъта иунæгæй, уæлдæр суади, фосы ’хсæн фыййæуттимæ аныхас кодта. Радзырдта сын Зæрæдайы тыххæй дæр. Фосы фермæйы гæс Уасикъо дæр уыдис уым. Габе^ Зæрæдайы æгæр куы сдыдта, уæд йæ цæст хинæйдзаг ныкъуылд æркодта æмæ афтæ зæгъы: — Лæппу, æгæр æппæлыс уыцы чызгæй, æмæ нæ зонын, нæ зонын. Фыййæуттæ æрцыдысты Зæрæдайы цурмæ. Габе йæ зонгæ кодта уыдонæн дæр, йæхицæн дæр ын сæ амыд- та. — Уый у нæ фермæйы гæс, уый та нæ фосы дох- тыр, — афтæ сын дзырдта. — Иттæг æхсызгон мын у, — загъта Уасикъо. — Бузныг, — загъта Зæрæда дæр. иИудзæвгар аныхæсты фæстæ ацыдысты дзугмæ. Уа- сикъо йæ дыстæ басчъил кодта, абон райсом дур йæ къахыл цы уæрыккæн сæмбæлдйс, уый нæууыл афæл- дæхта æмæ йын йæ цæф къах фенын кодта дохтырæн. Уый йын æй хосæй байсæрста, ст^ей йын æй бабаста биноныг. Уасикъо уыд куыстуарзаг адæймаг, бирæ уарзта фос. Уый фынддæс азы бæрц колхозы фыййау фæцыдис, фосыл никуы ницы зиан æруагъта æмæ йæ ’ныр ацы аз фосы фермæйы гæсæй равзæрстОй йæ дæсныдзинады’ 179
тыххæй. Ныр ноджы йæ куыст фæхуыздæр кодта. Иæ- хæдæг куыд æнувыд у фосыл, уыдон дæр ыл афтæ сты. - Уарзынц æй. Уымæн æвдисæн у, Зæрæда йæ къах кæ^ мæн бабаста, уыцы уæрыкк дæр. Уый къуылых-къуылых .æмæ уасгæ-уасгæ бацыдис Уасикъомæ,, скæстытæ йæм кодта, стæй йын йæ къух астæрдта. Зæрæдамæ тынг диссаг фæкастис ацы хабар, ныр ноджы бæстонæй бам- бæрста, Уасикъо дæсны кусæг кæй у æмæ йыл фосдæр -æрмахуыры хуызæн систы. — Уæдæ иумæ кусдзыстæм, мæ хойы хай,.— загъта Уасикъо, уæрыччы куы барæвдыдта, уæд. — Кусдзыстæм, — фосы дзугмæ фæкæсгæйæ, дзуапп радта Зæрæда. ^4 Уасикъо, Зæрæда, Габё æмæ иннæ фыййæуттæ æм- бырдæй дзырдтой куысты тыххæй, цы сæ хъыг дары, цæмæй цух сты, дзырдтой, цы фараст фысы фæрынчын, уыдон тыххæй дæр. Фыййæуттæм кæд æмæ сæ куысты -фæлтæрддзинад уыдис, уæддæр сын Зæрæда бацамыд- та, фосмæ куыд зилын хъæуы, уый тыххæй цыдæртæ. Зæрæдайы амындтытæ фыййæутты зæрдæмæ тынг ♦фæцыдысты, фæлæ дзы домдтой, цæмæй сæм æфцæгмæ, ’фосмæ арæхдæр цæуа нырæй фæстæмæ. Уый сын ныфс -бавæрдта æмæ... \ Зæрæда йæхи цæстæй федта фьшйæутты зæрдиаг куыст, фосуарзаг кæй сты æмæ йæ æрфæндыдис уыдо- нимæ кусын, йæ бон цы у, уымæй уыдонæн æххуыс кæ-> нын. . — Уасикъо, уæ Уасикъо! — цыма рагæй зонгæ уы- дис фермæйы гаес Уасикъоимæ, уыйау æм, æввахс ба- лæугæйæ, дзуры Зæрæда, — ацы уæрыкк акæндзынæн .æмæ йын æз схос кæндзынæн, тæригъæд мæм кæсы. Уасикъо Зæрæдамæ ницы дзургæйæ бакасти, стæй ^енæбары сдзырдта: — Акæн æй, фæлæ мыййаг... — Ма тæрс, дзырд дын дæттын, куыд æй сдзæбæх •кæндзынæн. — Уæдæ уал ды æмæ Габе уæтæрмæ ацæут, уæрыкк дæр акæнут, мæн ма ам хъуыддаг ис. Æвæццæгæн, ■афæстиат уыдзынæн, — загъта Уасикъо æмæ фыййæут- тимæ фосы ’рдæм сфардæгысты’. * ^ Габе йæ хъæбысмæ систа уæрыччы æмæ Зæрæда- имæ арастысты фæстæмæ. Уæрыкк^йæ урс къæбæлдзыг 180
сæр банцой кодта Габейы уæхскыл, бауасыди, фосмæ^ фæстæмæ сабыр ^нгасæй кæсгæйæ. Зæрæда иукъахфæндагыл Габейы фæстæ тагъдцы- ди, æййæфта йæ, æрмæст хъуыды кодта, уæрыччы куыд, тагъддæр фервæзын кæна, ууыл, цæмæй Уасикъойы раз йæ дзырд сæххæст кæна. Хуры бирæ нал хъуыдис рагъæй ныххизынмæ, афтæ Габе æмæ Зæрæда ныххæццæ сты коммæ, сæ фæндаг дардтой комкоммæ уæтæрмæ. Иуран Габе уæрыччы æрæвæрдта нæууыл æмæ аф- тæ зæгъы Зæрæдайæн: — Ды уал ам уæрыччы цур фæлæу, æз мæ бæхтæ æрбаскъæрон æрдузæй, æндæра ахсæв хохмæ сфардæг уыдзысты æмæ райсом къахæй цæуинаг фæуыдзыстæм, хъæумæ. — Æмæ тагъд æрбацæудзынæ? — афарста йæ Зæ- рæда. — Ныртæккæ, — загъта Габе æмæ цырд ацыди. Зæрæда уæрыккимæ лæугæйæ баззадис фæндаджы хъæбæрыл. Дзæвгар фенхъæлмæ каст, фæлæ Габе зы- нæг никуы ма уыдис. Уæдмæ талынг дæр кодта. Арвыл стæм стъалытæ фæзынд. Рог дымгæ дымдта æмæ Зæрæ- дайы дзыккутæ иуы ’рдæм афæйлыдта. Зæрæда аракæс- бакæс кодта йæ алфæмблай æмæ куыддæр фергъиау. — Ау, куыд æрæгмæ цæуы Габе? Уæд та чизоны уæтæрмæ бæхты атардта, уæд æз ам кæдмæ лæууон? Уæрыкк йæ хъæбысмæ систа, дыууæ къухæй йæ йæхи- —мæ æрбалхъывта æмæ цæуын райдыдта. «Габе æвæццæгæн бæхтæ нæ ары, йе та мæ фæл- варгæ кæны, зæгъгæ, кæддæра фæндаг базонид». Афтæ хъуыдыкæнгæйæ кæуылты цыдис, уый нал 1 æрхатыдта, фæндаг фæрæдыд,' æмæ иудзæвгар куы ра- цыдис, уæд иу ран дзыхълæуд фæкодта æмæ загъта: — Ауылты цæуын мæ н’æ хъуыдис, æмæ фæстæмæ раздæхтис. Цы фæндагыл рацыдис, ууыл. Æцæгдæр Зæ- рæда фæндаг фæрæдыдис. Цы фæндагыл рацыди, уый йæ кодта комкодомæ хъæды дзыхмæ. Уый та цæуын хъуыдис хурыскæсæны ’рдæм. Фæлæ уалынмæ Зæрæда ныццин кодта. Иæ разы чысыл цæугæдон, йæ уæлæ амад хъæд хиды бæсты. Абон Габеимæ аууылты рахызтысты. «— Ардæм æввахс у ныр уæтæр дæр», — йæхинымæ- ры дзырдта Зæрæда. Фаелæ кæддæриддæр афтæ вæййы: æнахуыр фæндаг æвиппайды адæймагмæ дард фæкæсы. 181
Æмæ кæд цъус йеттæмæ нæма рацыдис фæндагыл Зæ- рæда, уæддæр йæ хид йæ къæхты бынæй цъыкк-цъыкк кодта, йæ фæсонтæ дæр схид сты, йæ цæнгтæ та уæ- рыкк хæссынæй бафæлладысты. Хъæдын хиды астæумæ куы бацыдис, уæд йæ къах фæбырыдис æмæ йæ иу къахдоны фæтъыста. «Донласт хуылыдзæй нал тæрсы», зæгъгæ, йæхинымæры загъта Зæрæда æмæ доны алæгæрста, фæлæ уæддæр уæрыкк йæ къухæй не суæгъд кодта, хаста йæ йæ хъæбысы. Зæ- рæдайы дзабырты дон бакалди æмæ хъæвс-хъæвс код- той, фæлæ уæддæр йæ цыд нæ. уагъта, тагъд кодта уæ- тæрмæ, баталынгæй æмæ стæй фæндаг фæрæдийынæй дæр тарсти. Тых æмæ фыдæй бахæццæ Зæрæда, абон ын чызджытæ дзыкка кæм бахæрын кодтой, уыцы цыхт- ахсæн заводмæ. Нырма йыл ничи амбæлди заводы кус- джытæй, афтæмæй уæрыкк зæххыл æрæвæрон куыд загъта, афтæ йæ æрбаййæфта уæлбæхæй Габе дæр. «Æз ма дæ уым куы агуырдтон, Зæрæда, уæд цæ>, мæн рацыдтæ æнæмæн? — æнæсаргь бæхæй цæрдæг æр- гæппкæнгæйæ, загъта Габе. Зæрæдамæ лыстæг ныккас- ти æмæ йын йæ хъæбысы уæрыкк куы федта, уæд ын фæтæригъæд кодта: «Кæд мыййаг тыхджын бафæллад, зæгъгæ», фæлæ Габе дæр ’къаддæр нæ бафæллад: бæх- тæ уæлиау сфардæг сты æмæ сæ бирæ фæцагуырдта, стæй йын ахсын нæ куымдтой æмæ сæ иунæгæй бирæ фæрасур-басуры фæстæ йæ къухы бафтыдысты. — Цæй; ницы кæны, нæ дыууæ дæр æмхуызон фæл- лад бакодтам, — загъта Габе æмæ йæ мидбылты ба- худти Зæрæдамæ. Зæрæда уæрыкк/нæууыл æрæвæрдта, йе ’рттæ сæрфæнæй асæрфта йæ ных æмæ йæ дæллаг- хъуырæй и)æ хид: дымгæ’ радымдта, йæ риуыдзаг сулæ- фыдис, стæй Габемæ дзуры: ’ ( ■ х — Цом,1 ныр нæ абоны фысымтæм æхсæвиуат кæ- нынмæ, афтæ дзырд уыдыстæм, стæй рынчын фысты дæр фенæм. — Фыстæ æнæниз сты, Зæрæда, æмæ дын фыййæут- тæ арфæ кæнынц. Уæртæ мыл фæндагыл хисдæр фый- йау амбæлдис æмæ мын уый дзырдта. 4 .— Уæдæ иттæг хорз, мæнæн ма сæм мæ зæрдæ æх- сайдта. Уæдæ ма мын ацы уæрыкк дзæбæхкæнинаг баз- зад. . / ^ —/}3æрæда, ды уыдзынæ ам, мæн фосмæ цæуын хъæ-; уьг ахсæв, æмæ дæм райсом раджы хæццæ кæндзы- 182
нæн, — загъта Габе æмæ хъавыди, цæмæй Зæрæда бæ- хыл фæхæцыдаид æмæ йархæдæг та уæрыкк ахастаид заводы онг. Фæлæ уæдмæ сæ ныхасмæ заводы кусджы- тæйдыууæ сылгоймаджы сæ уæлхъус февзæрдысты, нæ уазæг æрцыди, зæгъгæ, æмæ, Зæрæдайы се ’хсæн скæн- гæйæ, араст сты, ^заводы фарсмæ рухс цы хæдзарæй калдис, уырдæм. Семæ ахастой уæрыкк дæр. Габе æнæ- саргъ бæхыл рæвдз абадти, цырд æй аскъæрдта æмæ йæ æхсæвы тары цæст нал ауыдта, йæ бæхы къæхты хъæр ма хъуыстис дардæй. Зæрæда цалынмæ йæ уæрыччы къах бабаста, æмæ йæ сыгъдæг ран бакодта хицæнæй, уæдмæ йæхи мæт не ’ркодта, стæй уæд уый дæр йæ фæл^ад уæнгтæ æруагъ- та æмæ, йæ боны куыстæй йæ зæрдæ рухскæнгæйæ, йæ мидбылты худти æмæ йæхицæн дзырдта: — Фæнды мæ кусын... фæнды мæ кусын айхуызæн куыстуарзаг адæмимæ ацы рæсугъд æмæ бæркадджын хæхбæсты! Æмæ ахæм цины хъуыдыты фæстæ Зæрæда адджын фынæй бакодта.
БÆТÆЙЫ БАЛЦ Бæтæ куыддæр цыппæрæм къласмæ ахызт, афтæ комкоммæ хæдзармæ ратындзыдта æмæ йæ мадæн ап- пæлыди: — Гыцци, цыппæрæм къласмæ ахызтæн, каникулты нæ рауагътой æмæ мæ ныр хохмæ Стыр Гыццимæ ауадз (афтæ хуыдта йæ м’ады хойы, асæй йæ мадæй бæрзонд- дæр æмæ стæй хисдæр# кæй уыдис, уый тыххæй). Мадæн æхсызгон уыдис, йæ лæппу уæлдæр кълас- мæ кæй ахызтис, уыцы хабар, фæлæ йæ хъæбулы фæн- доныл бакатай кодта: * \ — Бæргæ куы ацæуис, дæ сæрыл хаст фæуон, хохы сыгъдæг уæлдæф и, улæфынæн дæр хуыздæр у, фæлæ дыл иунæгæй не 'уУæнДьш>"уæд та искуы фæдзæгъæл дæ уыцы тар хъæды, стæй сьфдæй дæр тас у, æмæ... — Гыцци, æм& дзы фарон бабаимæ куы уыдтæн, фæндæгтæ хорз бахъуыды кодтон, сырд та дзы æппын- дæр никуы федтам. Мад ницыуал сдзырдта, зæхмæ ныккаст, хъуыдыты ацыд. — Ауадз мæ, о! Стыр Гыцци мæм йæхæдæг куы рырвыста, куыддæр, дам, дæ скъолайæ рауадзой, афтæ дам-иу нæм рацу, æнхъæлмæ, дам, дæм кæсдзынæн, — лæхстæ кодта Бæтæ йæ мадæн. — Хорз, мæ хъæбул, хорз, изæры дæ фыд куы %рцæ- уа, уæд ын зæпьдзынæн, æмæ дæ кæд ауадза, уæд ацу. Æцæгдæр, изæры Бæтæйы фыд куы ’рцыдис куы- стæй, уæд ын мад бамбарын кодта сæ фырты фæнд. — Ацæуæд, ам уæддæр тæвд бонтæ кæны, стæй мæл- лæг дæр у, чизоны, хохы сыгъдæг уæлдæфмæ раива. Фæлæ тæрсын... — загъта фыд æмæ йæ фыртмæ дызæр- дыггæнгæ бакасти: — Уæдта фæстæдæрмæ куы лæууьь даис, æз дæ мæхæдæг акодтаин. \ — Баба, æмæ дын фарон æз мæхæдæг куы амыд- тон фæндаг, иууылдæр дæ разæй куы цыдтæн. 184 " \ /
Фыд йæ къæбут аныхта, йæ лæппуйы ныхасыл йæ мидбылты бахудт æмæ йæ’къæхты бынмæ ныккасти: — Хорз, ацу, фæлæ-иу фæндагмæ дзæбæх кæс, ма- куы фæдзæгъæл у. Бæтæ фырцинæй йæ мидбынаты сгæппытæ кодта, стæй дуармæ ауади æмæ уайтагъд сыхы сывæллæттæн аппæлыди, райсом хохмæ, йæ мады ’хомæ кæй цæуы,1 уый. Æцæгдæр, дыккаг бон раджы сыстади Бæтæ. Иæ мадын фæндаггагæн, йемæ хæссынæн цыдæр хæринæг- тæ æрцæттæ кодта, хызыны йын сæ бафснайдта. «Хæс- сынæн — рог, хæрынæн — адджын»,—дзырдта йын йæ мад хъазгæйæ. Фæлæ сæ Бæтæ нæ айста, сæ хæссынмæ зивæг кодта. ^ — Гыцци, аходæн бахордтон æмæ мæ ныр ардыгæй сихормæ хъæугæ дæр ницыуал кæндзæнис. Стыр Гыц- цитæм тагъд бахæццæ уыдзынæн. — Дæ бар дæхи, фæлæ хæринаг демæ куы ахаста- ис, уæд мæм хуыздæр кæсы. Фыд йæ фырты иудзæвгар рахизын кодта æмæ йын фæндарастгæнгæйæ, дзырдта: — Хъуыды-ма кæныс, фарон Рагъы хъæумæ кæуыл- ты ацыдыстæм, уый? — йæ къух рагъырдæм даргæйæ амыдта фæндагмæ. — Афтæ рагъ-рагъ ацæудзынæ ком- коммæ иукъахвæндагыл æмæ, хъæды дзыхæй куыддæр ахизай, афтæ дæм Дзæццойты хъæу разындзæни. Уыр- дыгæй Рагъы хъæумæ æрдæг сахаты цыд йеттæмæ нал у. ’ , Бæтæ фæстæмæ кæсгæ дæр нал фæкодта, афтæмæй фæрастй, Рагъы зæнгмæ цы иукъахвæндаг цыдис, ууыл. Хур куыд уæлæмæ цыд, афтæ тæвд кæнын байдыдта. Бæтæ йæ хъуыры æгънæг суагъта, йæ сæрæй йæ худ дæр систа, йæ къухы йæ хаста райдианы, цалынмæйæ фæзы цæуын хъуыдис, уæдмæ рæвдз уади, фæлæ куыд- уæлæмæ~хæрд ахаста, æмæ уæд йæ цыд фæсабырдæр кодта, фæллайьщ райдыдта, хур ын йæ фæсонтæ сыгъ- та. Мæнæ уалынмæ иу лæнкаумæ схызтис, цыма.бирæ фæндаг. рацыд, афтæ йæм фæзынди, фæстæмæ акаст æмæ[хорзау нал фæци: дæлæ, гъе, йæ фыд æй кæйонг рахизын кодта,. уыцы бынат. «Нæ, нырма мæ Рагъы зæнгмæ бйрæ суайын хъæуы», — загъта йæхинымæр Бæ- тæ æмæ йæ кæд уазал суадоны цур абадын фæндыдис, 185.
уæддæр не ^рлæууыд, ногæй та ныллæууыд йæ (рæн- дагыл. Стыр аходæц афон сси, афтæ схæццæ ис, «Фæлгæ- сæн фæз» кæй хуыдтой, уырдæм. Ардыгæй армы тъæ- пæнау зындысты хъæутæ иууылдæр. Бæтæйы ныр хæр- ды цæуын нал хъуыдис, æрмæст фæндагыл бафтыд æмæ сындæггай райдыдта цæуын. Ставд тæрс бæлæстæ бæр- зонд фæцыдысты, аууон дардтой æмæ афтæмæй цæуы- нæн дæр æнцондæр уыди. Лæппумæ иу хабар диссаг фæкасти: иунæг калд бæ- чдас дæр дзы нæй. Æвæццæгæн, æвæрд хъæд у, науæд та айонг ничи æфты адæмæй. Бæтæ куыд дарддæр цыди хъæды, афтæ фæндаг сæфти. Цинау æм касти фæлмæн. цъæх кæрдæджы цæ- уын, дидинджыты тæфмæ смудын, сатæг уæлдæф улæ- фын. Иæ зæрдæ адзырдта йæ мады хоимæ, йæ цæсты- тыл ауадысты, фарон сæм куы ссыд, уæд уыцы нывтæ. Стыр Гыццийæн уæд загътой, дæ хойы лæппу æр- бацыд, "зæгъгæ, æмæ хъæуы бынмæ сæ размæ æрдугъ кодта. Бæтæйы йæ хъæбысы акодта. Цинтæ, 41ъатæ... Хæдзармæ куы ссыдысты, уæд лæппуйы фынджы фарс- мæ сбадын кодта. Цалынмæ хæбизджынтæ кодта, уæд- мæ уал ын хъæдын къусы уæлахсджытæ æрдавта иæ размæ. Æмæ ма уый цыфæнды дæр фæуæд, ф вæллæттимæ хъæдмæ æрыскъæфтæ тонынм дис, уæд-иу æм уымæй хук^дæр ницы кастис. Сæ куы- дзы дæр-иу семæ акодтой. Суанг-иу изæрмæ не ’рцы- дысте^ хæдзармæ. Стæй-иу стыр залмы сыфты’ семæ æр- хастой æрыскъæфтæ æнæхъæн бинонты фагæй фылдæр. Афтæ хъуыдыгæнгæ цыди Бæтæ æмæ дзы ферохи, кæуылты хъуамæ ацыдаид, уый. Фæрсырдæм фæкаст æмæ мæнæ иукъахвæндаг дæлæмæ комы ’рдæм ацыди, бæхы цæфхæдты фæдтæ дæр дзы зынди. Уæдæ бæлц- цæттæ Рагъы "хъæу^æ кæуылты цæуынц? Иугæр дзы фæд нæй, уæд уый нысан кæны, ауылты фæндаг нæй. Цы "бачындæуа? «Ацы фæндаг мæ кæдæм кæна, уыр- дæм ,цæудзынæн æз дæр», — афтæ загъта йæхицæн Бæ- тæ æмæ згъорæгау • акодта уырдыджы. Фæндаг фæрæ- дийынæй тарсти æмæ ныр бæллыди, зæгъгæ, искæуыл куы фембæлин, уæд мын фæндаг, бацамонид. Æвæццæ-' ,тæн, куысты рæстæг у æмæ колхозонты балцы цæуын- мæ не ’вдæлы. æ^æ-иу сы- æ куы цы- 186
Сахаты бæрц дæр нæ рацыдаид Бæтæ, афтæ ных^ хæццæ ис коммæ, цъаламæ. Ракæс-бакæс кæны æмæ йæ алфæмблай иууылдæр æмыхгæд у хъæдæй. Бæлæсты сыфтæртæй йæм арв чысылты йеттæмæ зынгæ дæр нæ кæны. Комы дон сæр-сæргæнгæ цæуы, йæ хъæрæй бæс- тæ хæссы: стыр дурты сæрты, æхсæрдзæнау, уырдыгмæ æппары йæхи æмæ фынккалгæ згъоры дæлæмæ уынгæг комы, йæ иу былæй иннæ былмæ дыууæ адæймаджы кæрæдзи ныхас нæ фехъусдзысты. «Уæу, мæнæ диссаг, фæндаг куы фæрæдыдтæн! Фа- рон бабаимæ айхуызæн фæндагыл куынæ рацыдтæн, уæд ныр кæм февзæрдтæн?». Бæтæ йæхимидæг фæтых- сти. «Нæ зопын, уæдта фæстæмæ аздæхин», загъта йæ- хицæн, æмæ кæуылты’ æрцыд, уыцырдæм йе ’ргом аз- дæхта. Уырдыджы цæугæйæ, йæ уаерджытæ бафæлла- дысты, стæй йæм худинаг кæсы фæстæмæ аздæхын, йе ’мбæлттæ йæ мæстæй мардзысты: фæндаг фæрæдыди, тæппуд у, зæгъгæ, ’дзурдзысты... Уæдæ ныр цы бакæ- на — тынг æй фæнды йæ мады хойы фенын, сывæллæт- тимæ фыййау ’цæуын. Цæугæдоны фæдыл акасти: ам дæлæмæ дон-дон ацæуа, æмæ кæйонг фæхæццæ уыдзæ- нис, стæй дзы фæндаг нæ, фæлæ фæд дæр куы никуы зыны. «Нæ, — аивта йæ фæнд, — фæлтау уæлæмæ цæу- дзынæн, дон-дон». Арвмæ скасти. Хур арвы астæу лæу- уы. Сихорафон с*си. «Омæ, кæрдзын та цæмæннæ ра- хастон мемæ? Мæ мады коммæ куыннæ бакастæн — хызыны мын фæндаггæгтæ нывæрдта æмæ йын сæ фæстæ- мæ аздæхтон. Ныр уæд та ахсæв æттæ баззадтæн... «Бæ- тæйæн зына-на^зына йæ бинаг был фæзылын, кæуын- дзæг йæ’хъуырмæ ссыд, йæ цæстытæ донæй айдзаг сты, скæуынмæ йæ бирæ нал бахъуыди. Йæ алфæмблаймæ куы акасти, æмæ тар хъæды астæу æххуыс æнхъæл куы никæмæй уыдис, уæд йæхи фæфидар кодта. Бæтæ донбылыл коцы дæлæмæ фæрасти, куы бæ- ласы къалиуыл иуырдæм ахæцы æмæ размæ акъахдзæф "кæны, куы та дурæй-дурмæ гæпп кæны. ’Мæнæ уалын- мæ стыр айнæг къæдзæх йæ разы хъен слæууыдис. Бæ- тæйæн йæ фæндаг сæхгæдта, ацæуæн ын нал ис. Хъæды йæ уæлиау ссæуын хъуыди, дардыл хъуамæ æрзила, цæмæйкдоны былмæ фæстæмæ æрцæуа, уый тыххæй. Фæзивæг кодта. «Цæй, цы уа, уый уæд», — загъта йæхи- цæн æмæ’ айнæг фарс къæдзæхыл, гæдыйау, йæ цып- пæртыл абырыди. Къæдзæхы ныкомкоммæ стыр дойнаг Г~ ’ 187
чдуры сæрты дон, æхсæрдзæнау, уырдыгмæ йæхи æппа- •ры æмæ йе ’ртæхтæ къæдзæхы фарсыл схъиугæ тæхынц^ Уымæ гæсгæ къæдзæхы фарс гасæй схуылыдз æмæ сбы-| рынцъаги. Бæтæ дойнаг дуры бынмæ, чысыл хуыдымгондмæ фæкомко’ммæ: дуры бын цонджы стæвдæн сырх тæппы- тæ кæсаг йæ сæр бакодта, йæ къуди куы иуæрдæм, куы та иннæрдæм фæцъыллынг кæны. Джихæй йæм кæсы, Бæтæ. «Гъеныр ме ’мбæлттæ мемæ куы уаиккой, уæд æй не ’рцахсиккам! Æмæ куыд æнЦон ахсæн у: дæли-' йæ тæскъ æрывæр, кæсагæн уæлæмæ ленкгæнæн нæй æмæ йæ дуры бынæй куы расурой, уæд комкоммæ тæс- чъы смидæг уаид». Иу каст ма фæкодта кæсагмæ, стæй хъуамæ æрбырыдаид къæдзæхæн йе ннæ кæронмæ, фæ~ лæ хуылыдзыл йæ къах фæбырыди æмæ дæлæ цæугæ- доны смидæги. Астæуæй дæлæмæ бынтондæр ныххуы- лыдзи, уæраг та дурмæ æрхаста, цыццавта йæ. Доны былмæ ма тых æмæ фыдæй бахызти, йæ зæрдæ ба- хъарми, йæ цæстытæ атарытæ сты. Йæ цæф къах хъуа- мæ федтаид æмæ куыд фæгуыбыр! кодта, афтæ йæ сæ-; рæй йæ худ ахаудта æмæ доны скуысси ис. Уый дæр дæлæ уылæнтæ сæ сæрыл фескъæфынц. Бæтæ йæ къахы раст ницæмæуал æрдардта, фæлæ йæ худы фæстæ донбылтыл гæппытæгæнгæ алыгъди. Хорз уыди æмæ уылæнтæ худы кæронмæ раппæрстой, æндæра йæ къухы нал бафтыдаид. Ноджы тынгдæр фæтыхсти Бæтæ. ^ырадæргæй ма цы акодтаид, уымæн ницыуал зыдта. Йæ^къахы рыст -, фæтынгдæр, нал ыл лæууыд æмæ дурыл æрбадти. Иæ дзабыртæ раласта, цыма 1<æ исчи бæгънæгæй куы фена, уымæй тарсти, уыйау йæ алфæмблаймæ аракæс-блкæс кодта, хтæй йæ хæлаф дæр раласта." Тыхджын æй ныл- лæмæрста дыууæ къухæй; хъуамæ йæ дойнаг дурыл ай- тыгътаид, хурмæ асур уа, зæгъгæ, фæлæ.йæ бадынмæ иал æвдæлд æмæ йæ .фæстæмæ хуылыдзæй скодта. Арвмæ та скасти. Сихорафонæй раджы ахызти. .Кæдæм ма цæ- уон ныр: размæ æви фæстæмæ? Нæ, фæстæмæ цæуын худинаг у, размæ хъуамæ цæуон, — афтæ аскъуыддзаг кодта æмæ йæ фæд, йæ фæд фæрасти. Къæдзæхы фар- сыл нал æрбырыди, фæлæ йæ хæлафы къæхтæ уæра- джы онг сысчъил кодта, æмæ афтæмæй бæгъæмвадæй донæн йæ тæнджыты алæгæрста. Чысыл раздæр кæсаг 188
цы дуры бын федта, уырдæм ныккасти, фæлæ кæсаг уым нал уыди. Бæтæ тындзы размæ, фæлæ йын цæуын нал æнты- сы, ныффæллади, йæ къах æй тынгдæр хъыг дарын байдыдта, стæй стонг дæр ссис. .«Ахсæв Дзæццойты хъæуы баззайдзынæн, уырдыгæй дарддæр мæ бон цæ- уын нал бауыдзæн. Мæ мады хотæм райсом бафардæг уыдзынæн, уæдмæ кæд мæ къахы рыст дæр фæлæууид». Тых æмæ фыдæй схæццæ Бæтæ мæсыджы цурмæ, акаст æмæ,' бирæ хæдзæрттæ куы федта, уæд йæ зæрдæ йæ тыхсынæй банцади, йæхæдæг цъæх нæууыл уæлгом- мæ афæлдæхти, къæхты бынæй ныуулæфыд, цыма стыр дудгæбæттæй фервæзтис, йе ’ккой уæззау уаргъ хаста æмæ йæ нырма йеныр аппæрста, уыйау. — Ардыгæй дарддайр мæ бон цæуын нал у, — но- гæй та загъта Бæтæ, йæ цæстытæ бацъынд кæнгæйæ. — Хъæубæстæй искæмæн зæгъдзынæн, цæмæй мæ ахсæв бавæра. Бабайы лæппу кæй дæн, уый дæр сын зæгъдзы- нæн. — Бæтæ йæ’фæллад уагъта, цъæх нæууыл уæлгом- мæ хуысгæйæ, сыгъдæг уæлдæфмæ. Ох,- ох, ох! Цас зындзинæдтæ бавзæрста, цæ! Цы зындзæуæн фæндæг- тыл рацыди! Æвæдза, иу къуыримæ дæр дзырднæфæ- уыдзысты йæ хабæрттæ. Æмæ йæм куыд зæрдиагæй хъусдзысты йе ’мгæрттæ! Чысыл фæстæдæр Бæтæйы цурмæ бацыд иу рæс- тæмбис кар лæг, фарсылдарæн кардæй цым лæдзæг лæгъзытæ кодта, афтæмæй. — Байриай, лæппу, — загъта уый Бæтæйæн. Бæтæ цъæх нæууыл рабадт æмæ сдзырдта: — Бузныг! Лæг æм лыстæг ныккасти æмæ йæ бафарста: — Уазæг, чи дæ, куынæ дæ хъуыды кæнын? Дæхи ма мын бацамон. — Хæлиты Дзоццæйы лæппу дæн, горæты цæрæм. — А-а-а, Дзоццæйы та куыннæ зонын. Нæ ныфсы « мæсыг. Рæдау фысым. Цæхх æмæ кæрдзын дæттаг, уа- зæг уарзон. Æмæ ды, мæ чысыл æфсымæр, кæйонг цæ- уыс? — Мæ мады хо Рагъы хъæуы цæры æмæ уырдæм цæуын. — Чи у дæ мадьт хо та? — Сидо дæр æй хонынц æмæ Хуыбылон дæр. — Хуыбылоны та чи нæ зоны? Хорз ус у, бирæ / . * 189
хæттыты уыдтæн сæ хæдзары, минасы фынгыл дæр мач иу сæм абадтæн. Æмæ хуылыдз та цæмæн дæ? I Бæтæ цыбыртæй радзырдта лæгæн, хъæды цæугæ^ йæ, фæндаг куыд фæрæдыди æмæ коммæ куыд ныфтьЦ ди, стæй цæугæдоны куыд ныххаудта, æмæ дурыл йа&; къах куыд ныццавта, уыдæттæ. \ — Æмæ дæлæты сосæ фæндагыл цæмæннæ рацыд^ тæ, ног фæндаг нæм куы сырæзти, уæд дæхи фыдæбо-1 нæй цæмæн амардтай? Суанг Рагъы хъæуы уонг маши-,' нæ дæр цæуын байдыдта, — загъта лæг æмæ йæ къух, адаргъ кодта, комæн фаллаг фарсмæ — сосæвæндаджы ’рдæм. Бæтæйы цыма лæджы ныхæстæ нæ бауырныдтой,. ахæм хуыз равдыста, фæлæ фæндаджы ’рдæм куы акаст, уæд ныддис кодта: — Æцæг, уæртæ цы дзæбæх фæндаг сырæзти, уæр- тæ. Цæджындзтæ сагъд дæр дзы ис. Бæтæ йæ бынатæй сыстад, цалдæр хæдзарыл йæ цæст ахаста, сæ дуæрттæ æхгæд уыдысты. Уынгты кæм- дæрты чысыл • сывæллæттæ хъазыдысты сæхицæн. Ас адæмæй уынгты ничи уыди. Бæтæйæн йæ фыд арæх кодта а-хъæуккаг лæджы кой: магусайæ цæлуарзаг у, дзырдта. Æвæццæгæн, ба- ба! ацы лæгæй дзырдта, хъæубæсты уый йеттæмæ ничи ис змæлæг, йæхи ирхæфсы цъæх нæуу, фæзты æмæ ау- уæтты. Цыма исты стыр бон у, уыйау йæ цырыхъхъы- тæ мазæй сæрттивын кодта, æвзист аргъæвæгджын гæрз ронæй нарæг астæу балвæста æмæ цым лæдзæг кардæй амайгæйæ, уынгты хъеллау кæны. ’ Бæтæйæн йæ цæсгом нæ бахъæцыди, райсомæй ныр- мæ æххормаг кæй у æмæ дарддæр йæ бхш цæуын кæй нæу, уый зæгъын. Уый афтæ æнхъæлдта,\цы лæг ын фæтæригъæд кæндзæн, хæдзармæ йæ бакæндзæн, æмæ йын кæрдзын бахæрын кæндзæн. Лæг хурмæ скасти, йæ ком айвæзта æмæ афтæзæ- г>ы: — Нырма раджы у, ардыгæй изæрмæ лæг арвы комæй дæр ахиздзæн." Мауал фæстиат кæн, мæ чысыл æфсымæр, дæ фæндаг цыбыр кæн. Бæтæ иу чысыл куы рауад хъæуæй, уæд ыл колхо- зонтæ иугай, дыгай æмбæлын байдыдтой, кæмæ сæ бел Уыдис, кæмæ та къæпи, бæрæг уыди, картоф тауынæй кæй здæхтысты фæскуыст сæ хæдзæрттæм. 190
— Дæ къах цы кæны, мæ хъæбул? — фæрсы йæ иу — Риссы мын, дурыл æи ныццавтон, — сылгоима- джы фæлмæн цæстæнгасмæ бакæсгæйæ, дзуапп радта Бæтæ. — Цæугæ та кæдæм кæныс? — Рагъы хъæумæ. — Цом, дæ нывонд фæуон, ахсæв махмæ баззай,' райсом дæ нæ лæппутæ бæхыл бадавдзысты Рагъы хъæу- мæ, — загъта фыццаг сылгоймаг æмæ Бæтæйы цонгмæ бавнæлдта. Фæлæ Бæтæ не сразы сылгоймаджы ныхасыл, рай- сом раджы мæ нæхимæ фæстæмæ цæуын хъæуы, зæгъ- гæ, гæды ныхас ын загъта. Сылгоймаг аракæс-бакæс кодта фæйнæрдæм, хъæд- гæрон родтæ чи ’рцæйскъæрдта, уыцы лæппумæ фæ-* дзырдта, ардæм ма тагъддæр рацу, зæгъгæ. Бæтæйы цахъхъæн лæппу, йæ родтæ хъæдгæрон фæ- зы фæуагъта, йæхæдæг радугъ’ кодта æмæ ’уайтагъд сылгоймæгты уæлхъус æрбалæууыди. — Цу-ма, цард дын фестон, мæнæ ацы лæппуйы’ Рагъы хъæумæ бæхыл бадав. Бакæс-ма йæм, йæ къах ныццавта а?мæ йæ цæуынæн хъыгдары. Ма фæзивæг кæн, мæ лæппу! — Ныртæккæ, — æнæзивæгæй загъта лæппу æмæ, дымгæйау, атахт цъалайы ’рдæм, бæхтæ кæм хызтысты, уырдæм. Цалдæр минутмæ фæстæмæ æрбахæццæ лæп- пу æнæсаргъ бæхыл Бæтæйы цурмæ. Бæхы стыр дуры цурмæ баскъæрдта ’æмæ Бæтæмæ бадзырдта: — Еныр æввахс рацу, дурмæ схиз æмæ афтæмæй мæ фæсарц сбаддзынæ, æз та дæ ацы тæккæ сахат Ра- гъы хъæумæ бадавон. Лæппу Бæтæйæн куыд загъта, афтæ бакодта: ныр*- ма уал дурмæ схызт æмæ афтæмæй бæхы рагъмæ йæ- хи æхсæгау бакодта, лæппуйы фæсарц абадтис. — Дыууæ къухæй мын мæ астæуыл хæц, — загъта лæппу æмæ раст фæндагыл бæхы сиргæ ауагъта. ÆриЗæрмилтæ. Сосæвæндагмæ бахызтысты. Уалын- мæ цæджындзтыл электроны цырæгътæ ссыгъдысты. Бæтæмæ уый диссаг фæкасти. Фарон сæрды, кани’- култы рæстæджы ам куы улæфыд, уæд сæм ахæмтæй ницы уыд. Ныр сæм ,фæндаг сарæзтой, рухсытæ сæм бауагътой. 191
— Фæндаг уæм хорз тагъд сырæзти. — Æрæджиау загъта Бæтæ. — Æрмæст фæндагы йеттæмæ нæм ницы сырæзт æнхъæл дæ, — æмбаргæ лæгау, фæлæ æппæлыны хуызы загъта лæппу æмæ ма стæй йæ ныхасмæ бафтыдта: —■ Хъæубæстæй ахæм ничиуал ис, йæ хæдзармæ рухс дæр æмæ радио дæр чи нæ бауагъта. Колхозы канторæйы та телефон дæр кусы, кæдæм дæ фæнда, уырдæм дзы фæдзурдзынæ. Бæтæитæ тагъд бахæццæ сты Рагъы хъæумæ, —- чысыл горæты хуызæн зынди цæугæдоны былыл фæ^ зы — Ильичы цырæгътæ йæ фидауын кодтой. — Мæнæ дын уый та Рагъы хъæу, — бæх бауром- гæйæ, загъта лæппу æмæ Бæтæйы рыргъæвта зæхмæ. — Цом, мæ мады хомæ дæ хонын, — лæппумæ лæхс- тæгæнæгау сдзырдта Бæтæ. — Колхозы родтæ мæнмæ сты хизынмæ, мыййаг куы адзæгъæл уой, — загъта лæппу æмæ бæх фæстæмæ фездæхта. Бæтæйы йæ мады хо куы ауыдта,- уæд йæ размæ рауади, йæ хъæбысы йæ акодта æмæ йæ стæй хæдзар- мæ, цингæнгæ, скъæфæгау бакодта. Бæтæйы æрбацыд æхсызгон уыди сывæллæттæн дæр, уайтагъд йæ алы- варс атыгуыр сты.
ФЕМБÆЛД Уалдзыгон хъарм райсом. Арвыл иунæг мигъы къæм дæр никуыцæй зыны, сæгъы цæстау ирд у. Хаттæй-хатт мидæгæй, хохæй радымы ирдгæ, цъитийы ирдгæ, сатæг дымгæ. Бадила фæзуаты фæхсбандоныл фæстæуæз анцой кодта, йæ иу къах иннæ къахыл сæвæргæйæ, улæфы æн- цад-æнцойæ, хъæдæй арæзт лулæйæ тамако сдымы æмæ йын йæ фæздæг хæрдмæ суадзы къæдзтæ-мæдзтæ бæн- дæны хуызæнæй. Зæронд Бадилайæн цъитийы ирдгæ йæ тæнæг урсхæццæ зачъетæ сабыргай базмæлын кæны. • Бадилайæн ис хъæлдзæгхуыз. Уый сабыргай зына- нæзына мидбылхудгæ йæ цæстæнпас хæссы митсæр хæх- тыл. Фæлæ та æппынфæстаг йæ цæст схæцы фæзуаты, астæу .Ленины цыртыл. Уæртæ уарзон Ильич йæ къух размæ дары æмæ цыма ныхас кæны, афтæ зыны. Бады æмæ йæхинымæры хъуыдытæ кæны Бадила. Уый ныр афæдзæй фылдæры бæрц ис пенсийы æмæ йыл кæд æртиссæдз азæй фылдæр цæуы, уæддæр ын зæронд хуыз нæма цг„ Бадила йæ цæст нæ исы Ленинæй, цыдæрхуызон . æм афтæ кæсы, цыма йæм удæгас Леиин ныртæккæ сны- хас кæкдзæн, Баднла йын раарфæ кæнынмæ цыма хъа- вы^уыйау хатт йæ дзых’фæхæлиу кæны, йæ хъуыдытæ æрбамбырд кæны æмæ йæ зæгъын фæфæнды: «Æмбал Ленин, дæ фæрцы мæгуыр хæххон лæджы дæр хур ба- тавта»... ’ 1920 азы Бадила сырх комапдирты курсыты куы ахуыр кодта Мæскуыйы, уæд Фыццæгæм майы бæрæг- боны Сырм фæзы æфсæддоп парады Леиины фыццаг хатт федта. Ленин уæддæр йæ къух афтæ размæ дард- та. Бадилайæн уæдæй фæстæмæ йæ зæрдæйы арф ных- хызти уарзон фæтæджы фæлгонц. Бадила ацы фæзуа- ты бадын дæр афтæ бирæ уымæн уарзы — фæтæджы цыртмæ кягсынæй не ’фсæды йæ зæрдæ. 1" п_, тг 193
Бадила та ногæй тамако адджынæн спъæртт кодта, стæй, лулæ йæ дыууæ æнгуылдзы ’хсæн бакæнгæйæ, дарддæр йæ хъуыдытæ нывæзта. Бадила иуырдæм фæкаст, фæзуатмæ къордæй æрба- цыдысты скъоладзаутæ, сæ хъуыртыл сырх галстуктæ, сæ къухты та алыгъуызон дидинджыты губаччытæ. Пио- нерты раздзог, фынддæс-æхсæрдæс аздзыд чызг, хъуым- былдзыкку, разæй æрбацыд æмæ Ленины цырты раз æрлæууыд. Пионертæ дæр цы’рты раз æрлæууыдысты æмæ æфсæддонты лæуд æркодтой, сæ цæстæнгас раз- дзогмæ скæнгæйæ. Уый фæстæ раздзог цырты педьесталмæ схызти. Пионертæ сæ худтæ систой. Сæ раздзог цыбыртæй ра- дзырдта, зæгъгæ, абон у нæ уарзон фæтæг Владимир Ильич Ленины райгуырæн бон æмæ, зæгъгæ, уый ны- тæн æрцыдыстæм ардæм цины митипг аразынмæ. Уый фæстæ раздзог скомандæ кодта æмæ пионер- тæ цыппар рæнхъæй слæууыдысты, салют радтой. «Ком- мунистон партийы хъуыддагæн кæддæриддæр цæттæ ут!» — азæлыд раздзоджы хъæлæс. «Кæддæриддæр — цæттæ!» — æмхуызон фæхъæр кодто1\ пионертæ æмæ сæ къухтæ æруагътой. Дыууæ къаннæг чызджы удæгас дидинджытæй конд венок бахастой, Ленины цырты раз .æй авджы хуызæн лæгъз педьесталыл æрæвæрдтой æмæ фæстæмæ сæ бы- пæтты слæууыдысты. Æппæт ацы нывтæм кæсгæйæ, Бадилайы зæрдæ афтæ схъæлдзæг æмæ мидбылхудгæ куы Ленинмæ кас- ти, куы та-иу пионертыл ахаста йæ цæст. Уый афтæ сразæнгард кодтой сæ ахаст æмæ сæ архайдæй æмæ фырцинæй фæхсбандонæй куыд сыстад æмæ пионерты цурмæ куыд бацыд, уый зонгæ дæр нæ бакодта. Фæн- дыд æй, раззаг рæнхъы цы лæппутæ æмæ чызджытæ лæууыд, уыдоныл атыхсын, фæлæ йæхи фæурæдта, цьт- дæргъуызон йæхимидæг фæтыхсти. Пионерты раздзог цыма Бадилайы хъуыдытæ æмæ зæрдæйы æнкъарæнтæ æмбæрста, уыйау æй афаоста: — Дада, æрыгон ленинонты хъуыддæгтæ куыд дæ зæрдæмæ цæуынц? 1 —Хорз, хорз, уæ чысыл рынтæ ахæра дада. Уæл- дай бузныг та уæ фæдæн, Ленинæн кад - кæй кæнут, уый тыххæп,— загъта Бадила æмæ, фырцинæй йæ рус- 194
тыл цы ставд цахлы сыгтæ æртылдис, уыдон кьухмглр- зæнæй асæрфта. Пионертæ сеппæт дæр сæ цæстæнгас скодтой Бадп- ламæ. Ныр пионерты раздзог размæ балæууыд æмæ хъæ- рæй райдыдта дзурын: — Æмбæлттæ пионертæ! Абон ардæм æрцыдыстæм уый тыххæй, цæмæй нæ уарзон фæтæг Ленины райгуыр- ды бон банысан кæнæм цытджын æгъдауæй, уый ра- дзырдта Ленины цард æмæ куысты тыххæй цыбыртæй. Ныхас куы фæци, уæд горнтæ ’ныууасыдысты. Бараба- ны хъæр айхъуысти. Пионертæ схъæлдзæг сты. Ленины фæзуат бæрæгбонхуыз адардта. Горнты уасын банцади. Барабаны хъæр дæр нал хъуысти. Раздзог пионерты ’хсæн слæууыди æмæ афтæ зæ- гъы: — Æмбæлттæ пионертæ! Абон мах иæ цины ми- тингмæ æрбахуыдтам Октябры революцийы хайадисæг зæронд революционер Бадилайы. Нæ пионерорганиза- цийы номæй йын дæттæм пионеры кадджын ном. Пио- нертæ нымдзæгъд кодтой. Бадила нырма цины хъуыдыты ныгъуылдис æры- гон лæппутæ æмæ чызджыты хъæлдзæг цæсгæмттæм кæсгæйæ, фæлæ ныр куыддæр фефсæрмы ис, пионерты раздзог йæ кой куы ракодта æмæ йæ ку.ы сыстыдта, уæд. Уый фæстæ пионертæй иу бæрзондгомау нарæг- астæу чызг, зынгæрттывд чи кодта, ахæм галстук йæ къухы, афтæмæй бацыди Бадилайы размæ, йæ хъуырыл ын сырх галстук бакодта æмæ фæстæмæ йæ бынатмæ адугъ кодта. Æрмæст ма йæ хъустыл ауадысты Бадила- йы арфæйы ныхæстæ: «Бузныг, мæ чысыл хур», зæгъгæ. Рог дымгæ ракодта, зæрдæйæн æхсызгон чи вæййы, ахæм æхцон дымгæ. Пионерты раздзог йæ сæрыхъуынтæ фæстæмæ алæгъз кодта æмæ Бадиламæ кæсгæйæ курæгау загъта: .-—^Дада, пионерты номæй дæ курæг дæн, цæмæй нын радзурай, рсволюцийы агъоммæ фæллойгæнæг адæм куыд цардысты æмæ æлдæртты пыхмæ куыд тох код- лч)й, дæхи цæстæй цы федтай, уыдæттæ: Тынг нæ фæнды дæумæ байхъусын. «Æз цы федтон зæронд дуджы, уыдон ардыгæй рай- соммæ дæр дзырд нæ фæуыдзынæн. Мæ сæрыл куырой 195
нæ разылд, уый йеттæмæ цынæ фыдæоæтгæ бавзæрстон, ахæм ницыуал баззад. Фæлæ мæ уæддæр цыбыртæй исты радзурын бахъæудзæн», — хинымæры дзырдта Ба- дпла æмæ размæ рахызти. Пионертæ ныхъхъус сты, иууылдæр сæ цæстытæ скодтой Бадилайы ’рдæм. — Сымах, мæ чысыл хæлæрттæ, хорз дуджы цæрут. Хъæлдзæг у уæ цард. Уæ амондыл кувынц бирæ адæм- тæ. Фæлæ мах, зæронд фæлтæр бирæ фыдæбæттæ бав- зæрстам.' Æрмæст нæ тох æмæ нæ тугкалд дзæгъæлы нæ фесты. Советон хицауад кæроимæ фæуæлахиз и. Ныры фæлтæр цæрдзысты коммунизмы. Бадилайы фæстаг пыхæстæ фехъусгæйæ, цырма раз- дзог, стæй уæд пионертæ дæр тыхджын нымдзæгъд кбд’- той. ч Бадила йæ рихитæ, стæй йæ зачъетæ дæр къухæй адаугæйæ, дарддæр дзУрдта: — Æз уын радзурдзынæн мæди цардæй иу цæвит- тон: Иу хатт, уæ карæн ма куы уыдтæп, уæд æххуырсты мыздыл хызтон хъæубæсты хуытæ. Хъæугæрон хъугомы нæ хъæуы хнцауы хуымтæ уыдысты. .Мæ хуытæй ^ ну хуыммæ баирвæзти. Мæнæу тыд дзы уыдис, æвзартæ ма уыдысты æмæ дзы хуы цы хъуамæ ’бахордтаид. Фæлæ дын хъæуы хицау уыцы рæстæджы кæцæйдæр фæзын- д», дамбаца фелвæста æмæ йæ хуыйыл ныццавта. Хуы йæ гæндзæхтæ бацагъта. Хъæуы хицаумæ уый æгъгъæд нæ фæкасти, ме ’рдæм фездæхти, рацахста дын мæ æмæ мæ ехсæй ахъаззаг над фæкодта: мæ хуым, дам, мын цæмæп бахæрын кодтай дæ хуытæн. Ме ’рдиагмæ хъæу- бæстæй чидæртæ нæ уæлхъус февзæрдысты, баиргъæв- той нæ. Фæлæ хуы мæнæн фæфидтæн ис, ме ’ххуыреты мыздæй йын йæ аргъ бафыстон йæ хицауæн. Ахæм дуг уыдис уæд, мæ чысыл хуртæ. Къостайы загъдау, «Бæгъпæг, бæтъæввад, стопг, уысмæн над» — афтæмæй æрвыстон мæ царды боитæ. Æмæ иыр, ног фæл- тæры куы фенын, уæд мæ мæ дудгæбæттæ бынтондæр ферох вæййынц. Бадила пионертæн ноджыдæр радзырдта, 1917 азы февралы революцион тохты хайад куыд иста, куыд хæ- цы/ш Потербурджы Зымæгон Галуан сисыныл. — 1920 азы та меньшевикты ныхмæ тох кодтон,— дарддæр дзырдта Бадила. Уый фæстæ азты, уæ чысьф рынтæ ахæра дада, ньгрма Мзуры, стæй та Къуаисайы 190
æрзæткъахæнты куыстон шахтерæй. Мæ уд йæ фæхъхъау нæ хицауадæн, зæрæдтæн чи кад кæны: ныр пенси исын мæ фаг æмæ мæ бинонтимæ мæхицæн æнцой цард кæ- нын, — йæ мидбылты бахудти Бадила æмæ пионертыл кæрæй-кæронмæ йæ цæст ахаста. — Бирæ нын фæцæр, дада, бирæ, æнæнизæй æмæ уæнгтæ рогæй, дæхи æмæ махты фæндиаг, — фæйнæ- рдыгæй райхъуысти арфæйы ныхæстæ æмæ, Бадилайы сæ астæу скæнгæйæ, хъæлдзæг ныхасгæнгæ райхæлды- сты митингæй.
БАБИЙЫ ÆХХУЫС Иу мæйы размæ Бабийы сыхаг лæппу Хазбийы æф- садмæ сфарстой æмæ йæ службæ æххæст кæнынмæ ацы- ди. Хæдзары ныууагъта йæ мад æмæ йæ кæсдæр хойьк Фæззæг æрбалæууыд, уазæлттæ кæнын райдыдта, фæлæ Хазбийы дуармæ иунæг суджы къæцæл дæр нæ уыдис. Хазбийы мад Сона каухалæнтæ, æхсныфтæ æмæ къæцæлтæ уыгъта æмæ уыдонæй арт кодта. Баби куы базыдта, сæ сыхæгтæн суг нæй, уый, уæд иу райсом раджы, никæмæн ницы загъта, афтæмæй дыу- уæцалхон къаннæг уæрдон йæ фæдыл аласта æмæ хъæд- мæ ацыдис. Иемæ цыбыр хъæдджын фæрæт дæр ахаста. Суанг сихорафæттæм æрдузмæ хус сугтæ фембырдкод- та, стæй уæрдон йæ тæккæдзаг бакодта, уæрдæхтæй сæ фидар ныббаста æмæ сæ æрцæйласта. ’ Хъæуы сæрмæ йæ уырдыджы цæуын хъуыдис, суг- тæ æнцон ласæн уыдысты, уæрдон йæхæдæг тылдис, Ба- бийы ма йæ разæй дæр скъæфта. Фæлæ цъыфджын адагмæ куы ’рхæццæ ис, уæд йæ уæрдоны цæлхытæ æм- бисы онг цъыфы аныгъуылдысты. Баби цалдæр хатты уæрдоныл сæнцæдтытæ кодта, радгай схæцыдис цæлхытыл дæр, фæлæ марадз зæгъ, кæд æй æнкъуысын дæр фæкодта. Хиды æртæхтæ фæ- зындис йæ сырх уадултыл. ! — Уæд^æ ма цы чындæуа? — ахъуыды кодта Баби æмæ сфæнд кодта: сугтæ уал акалон æмæ афтид уæр- дон сласдзынæн цъыфæй, зæгъгæ. Уалынмæ фæкаст æмæ сæхи хъæуккаг, йе ’мкъла- сон лæппу Муртуз хъæды дзыхæй рахызтис æмæ хъæ- рæй дзургæ æрцæйцыдис: — Баби, уæ хæдзары размæ æнæхъæн суджы рæ- дзагъд куы ис, уæд цæмæн фыдæбон кæныс, цы уынгæг джы фæдæ, лæгдыхæй суг цæмæн ласыс? — Махæн суг ис, фæлæ Хазбийы мадæн нæй æмæ 198
сæ уыдонæн ласын. Æниу сын æндæр не ’рласдзынæн, Ивары хъæды хус суг бирæ ’рцæттæ кодтон. — Æмæ дын исчи бахæс кодта? — бацымыдис код- т’а Муртуз æмæ нымдзасти Бабийы цæстытæм, йæ хи- дæйдзаг цæсгоммæ. — Чи мын хъуамæ бахæс кæна, фæлæ Хазби æфса- ды ис, мæ хорз сыхаг у, æмæ цас диссаг у, йæ мадæн ын иу уæрдоны дзаг суг куы ’рласон, уæд уый? Æркæс- ма, мæ уæрдоны цæлхытæ цъыфы нынныхстысты æмæ сæ иунæгæй сæппарон, уый фаг тых мæм нæй. Рауай-ма, аххуысмын кæн, æмæ йæ фæндагмæ сæппарæм йумæ. Муртуз йæ мидбылты хинæйдзаг худт бакодта, стæй къухæй йæ къæбут аныхта æмæ ас лæгау афтæ ба- кодта: — Мæ мард фен, Баби, кæд мæ æвдæлы, нæхимæ тагъд кæнын, фæлтау цæк æндæр хатт истæмæ фæкæс- дзынæн, — æмæ фæцæуæгис йæ фæндагыл. Баби йæ фæдыл кæсгæйæ баззадис. «Æвзæр цыдæр> загъта йæхимидæг,— айфыццаг ма Сонайæн дæр афтæ бакодта. Суадонæ.й йын цайданы дон хæссын родта, æмæ йын нæ фæкоммæ касти. Уымæн дæр ахæм дзуапп радуа, нæ мæ ’вдæлы, фæлтау дæм æндæр хатт истæмæ фæкæсдзынæн, зæгъгæ». Баби ’баздæхтис йæ уæрдонмæ. Уæрдæхты баст сы- ^æлдта æмæ сугтæ равдæлон кодта. Уый фæстæ уæр- доны цæлхытæ сласта цъыфæй, сугтæ фæстæмæ самад- та, бабаста та сæ, стæй фæндаджы хъæбæрыл ныллæу- уыдис æмæ сабыргай æрфардæги сæхимæ. Баби Хазбийы мадæн хъæдæй суг кæй æрласта, уы- цы хабар æнæхъæн хъæуыл айхъуыстис. Хорз хъуыд- дагæн ба.зыртæ ис, æгæрыстæмæй, сыхаг хъæутæ дæр базыдтой, Баби цы лæгдзинад равдыста, уый. — Дæ ныййарджытæ дæ хурæй æфсæст уæнт æмæ дæ чи уарзы, уыдон фæндиаг бахъомыл у, мæ къона, — арфæтæ йын кодта Сона адæмы цур. Колхозы сæрдар Гæбилайы хъустыл дæр æрцыд ацы хабар, уæдæ цы, æмæ кæд æргом ницы загъта, уæд- дæр æм хардзау æркаст, дыууадæс аздзыд лæппу Баби ахæм хъуыддаг кæй бакодта, уый. Нырма йæ хъуымыз йæ дзыхæй кæлы æмæ куыд æрхъуыдыджын разындис, зæгъгæ, загъта. — Ау, Хазби нæ колхозы уæнг у, бригадирæй куы- ста æмæ кæд йæ мадæн исты æххуыс æмбæлы, уæд æп- 199'
пæты фыццаг уыцы хъуыддаг бакæнын махыл æмбæлы. Хазбийы мадæн зымæгмæ суг æрласдзыстæм æмæ ма йын йæ хæдзары уæлхæдзар дæр сцалцæг кæндзы- стæм. Колхозонтæм хорз фæкасти сæрдары хъуыды, разы уыдысты Сонайæн ахæм æххуыс бакæныныл. Фæлæ уæл- дай тынгдæр фæбузныг сты Бабийæ, Хазбийы мадæн суг кæй æрласта, уый тыххæй. Колхозонтæ сæ цæст æрæвæрдтой Бабийыл.
ФАДИНÆ Дзæбæх ахуыр кодта Фадинæ, скъолайы хорз ахуыр- гæнинагыл уыд нымад. Фарон фыццаг къласæй дыккаг къласмæ иттæг хорз нысæнттимæ ахызтис. Æгъдауджын уыдис скъолайы дæр æмæ хæдзары дæр, сывæллæттæн цæвиттойнаг — йæ уагахастæй. Æмæ куыд хорз уагæй цыдис: йæ уæлæдарæс кæддæриддæр уыдысты.сыгъдæг, итугонд, йæ дзабыртæ сæрфт, стæй куыд фидыдта уар- дигъуыз лентæ йæ мыдгъуыз сæрыхъуынтыл! Сона — йæ ахуыргæнæг, Фадинæйы сбадын кодта æппæты раззаг партæйыл, йе стъолы ныхмæ. Сывæллон фыццаг фендæй фæстæмæ тынг йæ зæрдæмæ фæцыд æмæ йæ разы куы бадтаид, уый йæ фæндыд.' Ныр Фадинæ ахуыр кæны дыккаг къласы. Фаронау та йæ ахуыргæнæг Сона раззаг партæйыл сбадынкод- та. Фæлæ раздæры хуызæн нал у Фадинæ. Иу хатт æй сфæрсы йæ урокæй æмæ йæ нæ фæзоны, иннæ хатт æй сфæрсы, уæддæр — афтæ. Сона йæм йæ хъус дарын байдыдта, йæ зæрдæ йæм фехсайдта, сывæллон цыдæр кæны, зæгъгæ. Æмæ, æцæгдæр, Фадинæ æнкъардæй фæ- бады, йе ’мбæлттимæ скъолайы кæрты нал хъазы, хатт скъоламæ дæр нал æрцæуы, байрæджы кæны уроктæм. Йæ лентæ дæр. рæстмæ баст нæ вæййы, йæ пысултæ — æнцъылдтытæ, йæ дзабырты зæвæттæ фæстийæ аскъуыд- тæ сты æмæ хатт куы адугъ кæны, уæд сæ йæ фæстæ тъæпп-тъæппгæнгæ ахæссы, йæ къахы зæвæттæ фæзы- нынц. Иу. бон та урокыл бады Фадинæ. Ахуыргæнæг уро- кæй фарста ахуыргæнинæгты. Уалынмæ фæкомкоммæ Фадинæмæ. . — Фадинæ, радзур-ма дæ урок, — загъта Сона æмæ стъолмæ хæстæг бацыдис, чиныг йæ къухы, афтæмæй. Фадинæ сыстад, фæлæ ницы дзуры, дзуапп нæ рад- та ахуыргæнæгæн. ’Иæ сæр уырдыгмæ æруагъта, йæ цæстытæ доны разылдта. 201
— Цы кæныс, Фадинæ, исты дæ риссы? — æввахс- дæр æм бацыд ахуыргæнÆг, йæ къух ын йæ сæрыл æр- уагъта. ’ Сывæллæттæ ныхъхъус сты, сыбыртт сæ никæмæй хъуысы, бындз, зæгъгæ, атахт се ’хсæнты, уæд æй йæ уьшæрæй базониккой. Иууылдæр сæ цæсгæмттæ Фади- пæйырдæм скодтой. — Дæ мад дæ фæнадта? — фæрсы йæ Сона. Фадинæ ницы сдзырдта. Æппæты фæстаг партæйыл чи бадт, уыцы ахуыр- гæнинаг, Æхсар, фестад æмæ афтæ зæгъы: — Ахуыргæнæг, йæ мады та йын йæ фыд фæнадта æмæ Фадинæ ууыл æнкъард у. — Дæу дзы ничи фæрсы, дæ бынаты сбад, — фæс- тæмæ азылд Фадинæ æмæ йæ’ цæстытæ схъулæттæ код- та Æхсармæ. Æхсар тæвдæй абадтис йæ бынаты. Ахуыргæнæг йæ цæст ахаста Æхсарыл дæр æмæ Фадинæйыл дæр, йæхи фæтызмæг кодта: — Сбадут ныр æмæ байхъусут. Урок дарддæр цыдис. «Ацы чызг цыдæр кæны, йæ адыл нæу», — дзырдта йæхинымæры Сона æмæ та-иу аивæй бакасти Фадинæйы æнкъард æмæ фæлурс цæсгоммæ. , > Сона фæсурокты Фадинæйы къласы æрурæдта æмæ йæ хицæнæй бафарста, йæ мад æмæ йæ фыд цæмæн хылтæ кæнынц, уыи тыххæй. «Нæ зонын»-æй дарддæр ницы загъта Фадинæ. Иæ цæстытæ-иу донæй айдзаг сты æмæ-иу йæ хъуыртæ ах- гæдтой. — Дæ фыд кæм кусы? — бафарста Сона Фадинæ- йы. — Бæгæныйы заводы, — кæуынхъæлæсæй дзуапп рад- та Фадинæ. — Баба дæ мады арæх фæнæмы? — дарддæр æй фæрсы Сона рæвдаугæ хъæлæсæй. — Куыстæй расыгæй куы ’рбацæуы, уæд æй фæнæ- мы, — загъта Фадинæ, Сонайы цæстытæм скæсгæйæ, æмæ скуыдта. — Кæугæ ма кæн, мæ чызг, ма тæрс, дæ мад æмæ дæ фыд нал хылтæ кæндзысты, — загъта Сона, стæй сыстад, Фадинæйы сæрыхъуынтæ йæ армы тъæпæнæй алæгъзытæ кодта æмæ йæ стæй сæхимæ рарвыста. 202
Дыккаг бон Сона, уроктæ куыддæр фесты, афтæ комкоммæ бæгæныйы’ заводмæ ныццыд, Фадинæйы фыд кæм куыста, уырдæм. Фыццаг уал, куыд ничи йæ ба- фиппайа, афтæ федта Фадинæйы фыды, уый фæстæ йын йе ’мкусджытæй кæйдæрты хибарæй фæфарста йæ куыстæй, йæ уагахастæй, йæхи куыд дары æмæ æндæр ахæмтæй. Кусджытæ радзырдтой, зæгъгæ, кусгæ хорз кæны, фæлæ йæхи дарын нæ зоны... Сонайæн бæгæны- фыцæн заводы разынд зонгæтæ дæр æмæ йын радзырд- той, Фадинæйы фыд расыггæнаг кæй у„ уый. «Еныр мын зындгонд у, Фадинæйы ныййарджытæ цæмæн хылтæ кæнынц, уый», — загъта йæхинымæры Со- на æмæ бацыд заводы директоры кабинетмæ. Хибарæй йын радзырдта, сæ заводы кусæг Гуыбынаты Хылой, йæ ахуыргæнинаг Фадинæйы фыд, хæдзары йæ усы кæй нæмы, æрвылбон дæр хылтæ кæй кæнынц, æмæ сæ чызг кæй нал ахуыр кæны. Уый нæ, фæлæ ма рынчыны хуы- зæн дæр кæй ссис сывæллон. Ныфс ын бавæрдта ди- ректор, куыд иумиаг тыхтæй рараст кæндзысты Фади- нæйы фыды уагахаст. «Хъуыддаг бынаты бабæрæг кæнынæй хуыздæр дзы ницы ис», — дзырдта йæхинымæры Сона æмæ, йæ ахуыр- гæнинагæн хæдзары йæ уавæртæ куыд сты, уый базо- ныны æфсон иу изæрыгон Фадинæтыл, йæ фæндаг ра- кодта. Чызг сæ хæдзары размæ уынджы æнкъардæй ^дæууыдис æмæ дардæй кастис йе ’мцахъхъæн сывæл- лæтты хъазтмæ. Фæлæ ахуыргæнæджы куы ауыдта, уæд йæ хуыз фæивта. — Дæ мад æмæ дæ фыд хæдзары сты? — афарста йæ Сона. — О, хæдзары сты, — дзуапп радта уый., < —Хыл та.кæнынц, мыййаг? — мидбылхудгæ загъ- та Сона, фæлæ Фадинæ ницы сдзырдта, йæ сæр уыр- дыгмæ ауагъта. Сона уыцы иу растæй бацыди хæдзары къæсæры уонг æнæдзургæйæ. Дуарæй мидæмæ йæ сæр бадардта .æмæ диссаг: лæг йæ сæр, йæ фад не ’мбары, афтæмæй æвзæр дзыхæй дзуры, фидистæ кæны усæн. — Мæ хæдзарæй куыд фесæфай дæ сывæллонимæ, афтæ бакæн, мæ цæст дæ куыднæуал уына! — Æз ардыгæй никуыдæм цæуæг дæн. — Хъуысынц Сонамæ сæ ныхæстæ. — Уæдæ нæ цæуыс? — Лæг усы габазыл фæхæцыд. 203
Тыхæй йæ хæдзарæй æттæмæ ссоны. Ус ныццæхгæри, нæ комы. Хæкъуырцц куыдæй кæуы... — Фесæф ардыгæй дын зæгъын, — сæнт хъæр фæ« кодта лæг æмæ, усы къахæй ныццæвон куыд загъта, афтæ Фадинæ ныцъæхахст кодта. Лæг фæкаст æмæ... дуарæй мидæмæ кæсы... æнахуыр сылгоймаг... ахуыргæ- нæг... — Уæ бон хорз, — ауадысты Сонайы фæлмæн ны- хæстæ йæ хъустыл. Хорзау нал фæци лæг. Иæ цæст ахаста алфæмблай йæхимæ æркæстытæ кодта. Къуымтæ змæст, мигæнæн- тæ пырхытæ. Знæт сырды каст бакодта Фадинæйы мад- мæ. Уымæн йæ цæссыгтæ, доны ’ртæхтау, йæ уадултыл тылдысты. Сона хъуыддаг бæстон куы базыдта, уæд ма иу хатт йæ цæст ахаста лæг æмæ усыл, стæй фæзылд æмæ ныр карзæй, æртхъирæнгæнæгау, загъта: — Æз дæ раны бафæрсын кæндзынæн... Лæг фырадæргæй цьг акодтаид, уымæн ницыуал ба- зыдта, дуармæ ма рауад хъæргæнгæ: — Фæлæу-ма, мæ хойы хай, мæ аххос... мæ аххос нæ уыди, нæ... — йæ ныхæстæ ауадысты Сонайы хъус- тыл. Рацыдис иу къуыри... рацыдис иу мæй дæр... Бады Фадинæ раззаг партæйыл, ахуыргæнæджы стъолы ныхмæ. Йæ тымбыл, сырхфарс фæткъуыйы хуы- зæн нарст рустæм ^кæсынæй адæймаг не ’фсæды, йе ’рттиваг сæрыхъуынтыл дыууæ сырх лентæйы баст, йæ уæлæдарæс — сыгъдæг, ног дзабыртæ — йæ къæхтыл. Раздæрау та хорз ахуыр кæны Фадинæ, «фондзтæ» исы, скъоламæ дæр нал цухтæ кæны, зæрдæхъæлдзæ- гæй хъазы скъолайы кæрты йе ’мбал ахуыргæнинæг- тимæ. Хъæлдзæг у Фадинæ, йæ, зæрдæ райы ахуырмæ.
СОНАЙЫ ЗАРÆГ, Рæсугъд чызг уыдй Сона, асæй бæрзонд, мæнæ астæунарæг, гуырвидыц кæмæй фæзæгъынц, ахæм. Иæ мыдгъуыз дзыккутæ дыууæ быдæй йæ фæсонтыл æп- пæрстæй рæсугъд фидыдтой, алчи дæр-иу сæм батæху- ды кодта. Æнæниз, æнæаипп, хъæдмæцъисы хуызæн сылгоймаг хæдза’ры митæм диссаг уыди, æмбисондæн æй хастой хъæубæстæ, стæй комбæстæ дæр. Хорзы кой дардыл айхъуысы. Канд Бузалайы хъæ- уы Цæ, фæлæ æнæхъæн Дза’уы комы дæр дзырдтой Со- н&йы рæсугъддзинадыл, йæ уды хъæдыл. Курджытæ йæ ныридæгæн бирæ уыдис — хохæй, быдырæй, фæлæ йæ мад Хъуылымбегон никæмæн разы кодта: — Мæ чызг нырма æрыгон у, æхсæрдæс азы йеттæ- мæ йыл нæ цæуы, искæй хæдзары ницы бакæндзæн, мæ хисдæр зæнæг уый у, уымæй ма куы авæрын ныфс, ме ’нцой уый æрбалæууы, мæ къух мын рог кæны хæдзарьг куыстыты. Цыппар лæппу’æмæ иу чызг æнцон хæссæн не сты сидзæргæсæн, мæ хуртæ, æмæ мыл уæ хъал куы- нæ каликкат. Бнрæ хатджытæ-иу бинонты уавæрмæ æркастысты æмæ-иу дыууæ нал загътой Хъуылымбегоны ныхасылг сæ хæдзæрттæм-иу фæцыдысты, хатыр-иу ракуырдтой, афтæмæй. Фæлæ дзы æппын арт æмæ фæнык нал уыдис Хъор- сеуы хъæуккаг Дзидзойæн. Уый бирæ чызджытыл дзырд- та, фæлæ йын ничи разы кодта: чи йæ фыдуынды тых- хæй фаудта, чи та йын йæ ницæйаг зыдта, æмæ-иу ын йæ минæвæртты æмгæрон дæр не ’руагътой. — Чи ’сæрра ис, чи ратдзæн йæ чызджы та уымæн, стæй цы хур хъуамæ фена йæ къухы, — алчи дæр-иу ахæм дзуапп радта минæвæрттæн. Æппынфæстаг Дзидзойы минæвæрттæ ныллæууы- дысты иу хъуыдыйыл, зæгъгæ, Хъуылымбегон йæ чыз- джы уый тыххæй нæ радта æмæ йæ курджытæ мæгуыр 205
кæй сты, ома сидзæргæсæн истæмæй баххуыс кæной, <' уый сæ къух нае амоны. ^ Афтæмæй дын иу бон куы уыдис, уæд ныммидæг * сты Бузалайы хъæумæ, Хъуылымбегонмæ: — Дæ сидзæр чызджьг хъуамæ радтай боцджын Дзвдзойæн, æмæ дæ чызг дæр, стæй дæ сидз’æр сывæл- лæттæ дæр цардæй исты феной. — Æз нырма, къæбæргур никæй дуары раз балæу- уыдтæн, уæд мæ сидзæрты мæт цæмæн кæнут. Стæй мæ чызг фос нæу, æмæ йæ искæй фæдыл фæраст кæнон. Чызгæн йæхи бафæрсын хъæуы, лæппу йæ зæрдæмæ цæ- уы æви нæ, уымæй. — Кæд æмæ сæ хæдзарвæндаджы цард адæмы зæр- дæмæ цæуы, уæд ма лæппу йæхæдæг цы кодта, зæй йыл æрцыдис? — Зæй йыл не ’рцыдис, уæ нывонд фæуон, фæлæ дыууæ удьг кæрæдзи зæрдæмæ куынæ цæуой, уæд сæ царвы куы ныппарай, уæддæр уый цард нæ хуыйны, — фæлмæн æвзагæй дзырдта йæ уазджытæм Хъуылымбе- гон. - — Бар дæхи, фæлæ, мыййаг, исты фыдбылыз куы '’рцæуа дыууæ мыггаджы ’хсæн, уæд-иу мах аххос ма уæд, — æртхъирæн ныхас сирвæзт уазджытæй иуы дзы- хæй. — Уæ бæхджынтæ уæле, уæ фистæджытæ — дæле, — амæсты ис Хъуылымбегон. Сыстад æмæ къухæй дуары- рдæм ацамыдта: — бæргæ ирон сылгоймагæн худинагу йæ уазджыты асурын, фæлæ уын зæгъын:—Абонæй фæстæмæ уæ ам куыннæуал фенон, сымах кæй фæтæр- сын кæнат, ам уын уый нæй. "Æмаё сæ рарвыста. Уый фæстæ дæр ма баминæвар кодтой хъорсеуæг- тæ, фæлæ сæ Хъуылымбёгон дзурын дæр нал бауагъ- та, —’мæ чызджы моймæ нæ дæттын,^ нæ ма фехъуыс- тат? Гукк! Æхсарджын сылгоймаг уыдис Хъуылымбегон, ку- саг, йæ лæджы амæлæты фæстæ йæ фондз сывæллоны кæрдзынцух никуы ныууагъта, лæджы куыстытæ дæр йæхæдæг кодта: суг ласта хъæдæй галтыл, бæх-иу баив- тыгъта уæрдоны æмæ-иу хор æлхæнынмæ ацыд быдыр- мæ дæр. I Иæ лæг Никъо ма гас куы уыди, уæд-иу сæ афтаё дзырдтой: лæг æмæ, дам, ус фæрæты хъæдæй барст сты, 506
ома Никъо æмæ Хъуылымбегон кæрæдзи аккаг сты хъаруйæ дæр æмæ лæджыгъæдæй дæр. Гасситы Никъо тыхæй тыхджын уыди, уæйгуцты мыггагæй йæ хуыдтой йæ хъæбатырдзинады тыххæй. Лæгæй-лæгмæ йæ чи зыдта, уыдон æй абон дæр дисæн фæхæссынц. Цæвиттон, уый хайад иста Уырыс-Турчы хæсты. Иу бон куы уыди, уæд, дам, дын, туркаг бæхджын æфсæдты къорд æнæнхъæлæджы кардæлвæстæй фæзын- дысты, махуæттæ кæм улæфыдысты, иу ахæм> туркаг хъæуы. Сæ фæнд уыдис, мах салдæтты бынтон скуынæг кæнын. Æппæты фыццаг сæ Никъо ауыдта. Уый айтæ- уйтæ нал фæкодта, бæхыл абадтис, æхсаргард фæцъортт ласта æмæ туркаг æфсæдты раздзогмæ йæхи байста. Ирон æхсарджын барæджы цыргъыссад æхсаргарды тыхджын цæфæй барæг дæр æмæ бæх дæр зæххыл сæм- бæлдысты. Туркæгтæ, уыцы æбуалгъ ныв ауынгæйæ, сæхими- дæг фæтыхстысты, бæхтæ фæстæмæ фæзылдтой æмæ лидзынмæ фесты. Фæлæ туркæгтæн уыцы ныббырст уæд- дæр аслам не ’слæууыдис: Никъо ма дзы фæсте дыууæ- йы басырдта æмæ сæ сæ астæутыл ахауын кодта йе ’мбисондæн хæссинаг æхсаргардæй. (Никъо хæстæй куы рыздæхтис, уæд уыцы æхсаргардæй кæрдтæ саразын кодта æмæ сæ йе ’фсымæртæ æрæджыйы онг дæр ма дардтой). Никъо, Турчы хæстæй æрхаста цалдæр сыгъзæрин дзуары (иу ма дзы ныр дæр, хæзнайау, æвæрдæй да- рынц йæ зæнæджы зæнæг). Иннæ.хатт та, цыппар бæхы кæй ластой, ахæм сар- мадзан, цъыфдзаст бынаты ныххаудта æмæ йын йæ сæппарынæн бæхтæ æмæ салдæттæ ницы фæрæзтой. Уæд, дам, дын Никъо бацыд, сармадзаны лулæйыл йæ уæхс- кæй сæнцæдтытæ кодта æмæ йæ иунæгæй сæппæрста цъыфдзастæй. Уыцы хабар уырыссаг инæлар йæхи цæс- тæй федта, æмæ бардзырд радта, цæмæй Никъойæн æрвылбон дæр лæвæрдтаиккой, цыппар салдатмæ хæлц цы/мбæлы, уый бæрц. Бузалайы зæронд лæгтæ йæ сæхи цæстæй федтой бирæ хæттыты, куывды, гъе, чындзæхсæвы рæстæджы, дам-иу хæснагыл галы оны стæг йæ амонæн æнгуылдзæй куыд ныццавта æмæ-иу æй куыд фæхуынкъ кодта^уый. Кæмдæр, дам* йæ хæстæджытæм уазæгуаты уыдис 207
Никъо. Карк ын аргæвстой, æмæ æрæгмæ цæттæ кодта хæринаг. Уæд, дам, Никъо фестад, карчы цъиу рацах-. ста æмæ йæ удæгасæй аныхъхъуырДта, йæ гуыбынæй ма йæ цъиу-цъиу ссыдис. Фæлæ бирæ нæ фæцардис Никъо, дыууиссæдз аз- дзыдæй амардис. Иæ царды æмкъайæн йæ мæлæты раз- мæ ныффæдзæхста: мæ сывæллæттæ де ’вджид уадзын, æмæ сæ схъомыл кæн, зæгъгæ. Зарæджы цæйау акæ-; нынц: «Хуыцау мын ралæвар кодта цыппар лæппу æмæ иу чызг», æмæ Хъуылымбегон фондз сывæллоны дæр схъомыл кодта. Зæнæджы хисдæр ын Сона уыди. Бонджын цы нæ кæны æмæ мæгуыр цы нæ ’взары. Дзидзо æмæ йæ минæвæрттæ бæстон куы базыдтой, мад дæр æмæ чызг дæр кæй нæ разы кæнынц, уый, уæд ныф- фæнд кодтой, чызджы раскъæфæм, зæгъгæ. Æмæ цæ- мæй æнцонæй, æнæ фыдбылыз æрцæугæ сæ къухы баф- тыдаид, уый тыххæй чызджы æввахс хæстæджытæй кæй- дæрты балхæдтой. Уыдонæй сæ иу уыдис Дзико, зæгъгæ, йæ ном. Никъотимæ иу артæй байуаргæ уыдысты, Къо- къотæ сæ хуыдтой фыды номæй. Дзикойæн бонджын Дзидзотæ дуцгæ хъуг радтой лæвары хуызы, цалдæр хатты йæ сæхимæ дæр фæхуыд- той, кусарт дæр ын акодтой, нозтæй йæ хорз федтой æмæ йын уый фæстæ сæ ныхас раргом кодтой: — Дзико, чызджы хæдзармæ дæуæй æввахсдæр ничи ис, уæддæр ма Хъуылымбегонмæ, стæй йæ чызгмæ дæр бахат, хъуыддаг сын сабыргай бамбарын кæн, дæумæ хуыздæр байхъусдзысты. Сылгоймагæн йæ дзыкку даргъ у, йæ зонд цыбыр, æндæра дæ сылыстæг хуыцауы цæ- хæрадонмæ цæуа, æмæ йæ къуылымпы кæнай, уый ма кæд æрдыди, зæгъгæ. Уыцы бон дæр та Дзико Хъорсеуæй цыдис расыгæй, цух-мухтæгæнгæ, æмæ фездæхтис Хъуылымбегонтæм. Кæд мадзура лæг уыдис, уæд ыл ныр æвзаг базадис æмæ райдыдта лæхурын: — Мæхи стут, гормæттæ, тугæй уæм мæнæй æввахс- дæр ничи ис; æмæ уæ иу бон .дæр куынæ фенон, уæд мын цард ад нæ кæны. Уæ хорзмæбæллæг кæд исчи у, уæд уый æз дæн. Гъемæ уын мæ ныхас æргом зæгъон: уыцы лæппу къухæй ирвæзы, æмæ мауал радæлæ-бауæ- лæ кæнут,<фæлæ фидауыныл фæтагъддæр кæнутуæдыу- уæтæ дæр. Бонджын адæм сты, мæ хуртæ, хор — бирæ^, фос — бирæ, æмæ сæм чи фæкæса, уый нæй, сæрæн 208
чызг агурынц, æмæ нæ хæст кæнынц ахæмыл. Ды дæр ма, мæ чындз, кæд цардæй исты фенис. Науæд афтæмæй цæргæйæ, дæ сидзæрты цæмæй дарынмæ хъавыс? Хъуылымбегон æм фехъуыста, фехъуыста, стæй хъуа- мæ загътаид: кæмдæр та нытъо дæ, мæ гуыбындзæл тиу, æмæ стыр ныхæстæ уымæн кæныс, фæлæ ныхас иннæ- рдæм фæзылдта: — Мæ сидзæр сывæллæтты мæт уæ никуы ничи ’ркодта, цалынмæ фæкæсинаг уыдысты, уæдмæ, æмæ ныр кусынхъом куы фесты, уæд мын зондамонæг сис- тут, нæ? Хъуылымбегоны расыг лæджимæ ныхас кæнын нæ фæндыди, æмæ цæмæй ныхас фæцыбырдæр уа, уый тых- хæй мæстыхуызæй загъта: — Мæ чызджы кæмæн дæдтон, уый мæхи хъуыддаг у, фæлæ йæхи хæдзары хъуыддæгтæн чи ницы зоны, уый та мын зæндтæ ма амонæд. Уыцы ныхас æнахуыр хъыг фæкасти Дзикомæ, йæ чындз ын ахæм дзуапп ратдзæнис, уый æнхъæл дзы нæ уыдис, æмæ фæстæмæ дæр нал фæкаст, афтæмæй, йæхимидæг хъуыр-хъуыргæнгæ, цæуынмæ фæцис. Мæсыг, дам, хи дурæй хæлы, — зæгъы ирон æмби- сонд. Æмæ уый раст у. Дзико уыцы бон суанг изæрмæ фæфынæй кодта сæхимаг, уæдмæ йæ расыг дæр æрцы- дис, æмæ куы ризæрмилтæ ис, уæд, куыд ничи йæ ба- фиппайдтаид, афтæ фæцагайдта, æмæ Хъорсеуы хъæуы балæууыд. Дзидзо æмæ йе ’мдзæхтон æмбæлттæн бам- барын кодта. Хъуылымбегон йæ чызджы кæй нæ дæт- ты æмæ сын загъта: — Скъæфгæ йæ кæд ракæнат, уый йеттæмæ хъуыд- дагæй ницы рауайдзæн. Уæ хъару æмæ уæхæдæг. Ар- хайут! — Æмæ йæ цы ’гъдауæй раскъæфтæуа? Хъæубæ- стæ фæдисы куы рацæуой, мыййаг, æмæ дыууæ мыгга- джы ’хсæн фыдбылыз куы ’рцæуа, ууыл нæ ахъуыды кæнын хъæуы, — загъта Дзидзойы дыккаг хæдзар Би- цол æмæ йæ цæст ахаста йе ’мбæлттыл, кæддæра уыдон та цы зæгъдзысты, зæгъгæ. Фæлæ Дзико ныхас кæнынмæ фæраздæри: — Чызг скъæфынæн иууыл хуыздæр у мæйдар æхсæв. Хъæуы мæнæй æввахсдæр Хъуылымбегонмæ ничи цæры. Æз афтæ бакæндзынæн мæхи ’рдыгæй: нæ куыдзы скъæ- ты бакæндзынæн, мæхи та ницыхъусæг скæндзынæн. 14. Плиты И. 209
Ноджы ма иу хъуыддаг: Сонайы кæсдæр æфсымæр Ла- дийы уыцы ’хсæв истæй æфсон нæхимæ акæндзынæн^ махмæ схуысдзæнис. Хъуылымбегон иунæгæй цы ба- кæндзæн, æмæ афтæмæй чызг æнцонæй бафтдзæнис уæ ’ къухы. , Бицол Дзикойæн йæ уæхск æрхоста, стæй йын йæ\ къух нылхъывта æмæ афтæ зæгъы: — Цы ’мбæлы, ахæм ныхас загътай æмæ дæ цæ- рæнбон бирæ уæд! Гъеныр махыл та æмбæлы нæхи хорз бацæттæ кæнын. Ды та, Дзидзо, ныртæккæ цæугæ кæн æмæ сæрвæтæй уæ бæхты хуыздæрты ардæм æркæн. Дзидзо йæ шццыл цæстытæ фæирд кодта æмæ æнæбары худт бакодта: — Æмæ мæн дæр уемæ кæнут? — Ард дæ хæдзары бацæуа, ус дæуæн хæссæм, æмæ уæдæ дæ зæрды фæнычы фарсмæ бадын ис?! Дзико кæд æмæ Дзидзойы ныхас фехъуыста, уæд- дæр Бицол йе ’рвады ныхас бараст кодта Дзикойы цæст- мæ: — Дзидзо, мæ бон, хъал лæппу у, æмæ худæг ны- хæстæ кæны. Дзико Дзидзойыл сæрæй къæхты бынмæ йæцæст ахаста: йæ сæрыл рæсугъд хуыд уæлдзарм худ, йæ уæ- лæ дзыхъхъын ног цъæх цухъа, фæл4æ йыл фидаугæ нæ кодтой. Дзико йæхинымæр загъта: сиахсаг цыма ницы гар у, афтæ мæм кæсы, фæлæ уыцы цухдзинад кæд мулк бамбæрзид. ’Хъорсеуæгтæ Дзикойæн бамбарын кодтой, кæд хъуа- мæ фæзыной Бузаламæ чызгскъæфæг, уый. / Дзикойы ма урæдтой, аминас кæнæм, зæгъгæ, фæлæ уый нæ ныллæууыдис, исчи мæ бафиппайдзæн сымахæй цæугæ, æмæ уымæ гæсгæ ратындзыдта сæхимæ. Æмæ, æцæгдæр, Дзико куыддæриддæр загъта, аф- тæрауадис хъуыддаг. Цæвиттон, чызгскъæфджытæ куы ’рцыдысты Бузаламæ, уæд уыцы ’хсæв Дзикойы куыдз мидæг уыдис. Сонайы кæсдæр æфсымæр Лади дæр æх- сæвыуыдонмæ баззад. Дзико йæхæдæгта сæхи зыгуым- доны бамбæхсти, бинонтæн та афтæ загъта, мæ мады |фсымæр, дам, рынчын у æмæ, дам, ахсæв, чизоны, уым баззайон. , I Хъуылымбегон Сона æмæ йе ’ннæ æрт& ’ æнахъом сывæллонимæ фынæй кодтой, афтæ æмбисæхсæв фондз 210
барæджы, сæ сæртæ басылыхъытæй тыхт, афтæмæй æр- гæппытæ кодтой кæрты. Бæхты идæттыл хæцыди сæ иу, иннæтæ хæдзары рудзынг батыдтой æмæ чысыл фæстæ- дæр кæйдæр цъæхахст райхъуысти. Барджытæ чызгæн йæ дзыхы хæцъил анадтой æмæ уæд йæ хъæр банымæ- ги. Барæджы фæсарц æй авæрдтой æмæ сæ бæхтæ фæ- тъæбæртт кодтой. Хъуылымбегонæн йæ къухтæ фæстæ- мæ бабастой æмæ йæ дæлгоммæ хуысгæйæ фæуагътой. Æмбисæхсæвмæ 'ввахс< уыди хабар, хъæубæсты адæм фынæй кодтой, бæхты къæхты хъæрмæ сæ ничи райхъал, мад æмæ чызджы хъуырдухæн ничи базыдта. Дзико зыгуымдонæй йæ хъус дардта ^ барджыты архайдмæ, æмæ куы базыдта, хъæуæй ахызтысты, уый, уæд уал нырма скъæтмæ бауади, куыдз феуæгъд кодта, стæй йæхæдæг, лæдзæг йæ къухы, афтæмæй йæ дзыхы дзаг фæхъæр кодта: — Фæдис!.. Фæдис!.. Хъæрмæ хъæуы лæппутæй чидæртæ, чи хъама ’лвæс- тæй, чи та топп æргъæвдæй уынгты срæуæг сты æмæ Дзикойы^сонт фарст кодтой: — Цы хабар у, цы ’рцыдис?.. Уый сын, Хъуылымбегонтæм къухæй амонгæйæ, дзырдта, зæгъгæ, мыл ардыгæй бæхты къæхты хъæр ссыди, фæлæ сы’н сæхи талынджы нал ауыдтон. Чысыл фæстæдæр Хъуылымбегон йæ къухтæ фæс- тæмæ бастæй нырдиаг кодта: — Цы фестут, мæ хъæубæстæ, быны сæфт куы фæ- дæн, Сонайы мын куы фескъæфьпш уыцы налат адæм! Асурут сæ фæстийæ, > мауал лæуут, гормæттæ, афонмæ хидæн фале фесты. Лæппутæ хабар фембæрстой æмæ сæхи аппæрстой донбылты уæлæмæ, хидырдæм. Дзико æфсонæн йæ сæрыл балæууыд къухæй æмæ Хъуылымбегоны цур февзæрд, йæ къухты баст. ын сы- хæлдта æмæ хъæрæй дзырдта: — Кæм уыдтæн, мæ сæр амæла, кæм, уæ тыхсты рæстæджы, куыд мæрдвынæй бадæн, куыннæ сæ ба- зыдтон уыцы худинаггæнджыты. Хъуылымбегон айтæ-уйтæ нал фæкодта, фæлæ йæ лæджы даргъ фæтæн хъама раскъæфта æмæ удаистæй атындзыдта фæдисæтты фæстæ, Дзикойы уым фæуагъ- та, афтæмæй. «Уыцы хæмхудджыны фæндиаг фæ- дæн», — афтæ дзырдта йæхииымæры Дзикойæ. 211
Фæдисонтæ бирæ фæцагуырдтой чызгскъæфджыты, фæлæ ницы ссардтой, схæццæ сты. Хъорсеумæ дæр, фæ- лæ уым дæр’нæ разындысты. — Кæмдæр хъæуы бамбæхстысты, кæнæ та, æвæц- цæгæн, лæппуйы хæстæджытæй искæмæ бааууон кодтой сæхи, — дзырдтой фæдисонтæ. Зæрдæхсайгæ бынæттыл ма азылдысты, фæлæ ни- цы фæд ссардтой æмæ фæстæмæ раздæхтысты. Фæстæ- мæ раздæхтой Хъуылымбегоны дæр. Уайдзæфтæ ’ йын кодтой: — Ды та кæдæм цыдтæ, æви дæ ферохис, дæ чысыл сабиты айхуызæн мæйдар æхсæв дзæгъæл кæй ныууагъ- тай, уый? — Мæ бинонты хуыздæры мын бирæгътæ ахастой, æмæ ма уыдæттыл ахъуыды кодтон, цы, уæ сæрыл хаст -фæуон. Уæд та йыл исты ’рцыдис, уæд ма куыд цæр- дзынæн, мæ сæр фесæфа, — кæугæ æмæ дзыназгæ дзырдта Хъуылымбегон. — Ма йын тæрс, удæй тас ын ницы уыдзæн, фæлæ нын нæ мыггаджы фæхудинаг кодтой, æмæ абон уа, сом уа, уæддæрнæ маст хъуамæ райсæм, махæн ахæм фыдми чи бакодта, уыдонæй, — æртхъирæнтæ кодтой .хъæубæсты адæм. Дыккаг бон, сихорафон уыдаид, афтæ Хъорсеуæй щ лæг æрцыд æмæ Хъуылымбегоны сыхæгтæй кæмæн- дæр аивæй рахабар кодта, зæгъгæ, Сона дзæбæх у, йæ мады зæрдæ йæм ма ’хсайæд. Афтæ дæр ма загъта, зæгъгæ, рæхджы фидауæг æрцæудзысты æмæ хъуыддæг- тæ нывыл ацæудзысты, æнæ хъæлæба, æнæ æндæрæй. Хъуылымбегон бацин кодта, йæ чызгæн удæй тас кæй нæу, ууыл, фæлæ та чысыл фæстæдæр ногæй нык-1 куыдта, ныдздзынæзта. Бæстæ йæ тæригъæдæй скъуыд- тæ кодта. , — Адæм куы сты, адæм, æмæ худтæ куы дарынц, уæд сидзæргæсыл сæ тых куыд æвзарынц. Æви æнæхи- цау кæй дæн, уый зонынц, æмæ уымæн афтæ бакодтой? Фæлæ сæ сæ фын фæсайдзæн! Мæ чызг уды мидæг уæд, уый йеттæмæ æгады хъуыддаг йæ сæрмæ не ’рхæсдзæн, кæй нæ уарза, уыимæ иу æхсæв дæр не сбон кæндзæн! — афтæ дзырдта Хъуылымбегон. Æмæ нæ фæрæдыд. Хъорсеуаг чызгскъæфджытæ4 боны не ’руæндыдыс- ты’хъæумæ, хъæды æмбæхст уыдысты. Фæлæ дзæбæх куы ризæри, цæст куынæ уал уыдта, афтæ цалдæр æн- 212
дæрджы хъæугæрон Дзидзоты скъæты фæмидæг сты æмæ сæхиуыл дуар рахгæдтой. Чысыл фæстæдæр скъæ- ты дуар байгом æмæ дзы дыууæ адæймаджы æттæмæ рахызтысты. Йннæ дыууæ — Дзидзо æмæ Сона уым’ баззадысты. Æттæмæ чи рахызт, уыцы дыууæ лæппуйы сæхи хъæдын къулмæ баныхæстой æмæ афтæмæй мидæмæ хъуыстой. Хъæубæсты адæм сæ боны куыстæй фæлмæ- цыд уыдысты æмæ уымæ гæсгæ раджы схуыссыдысты. Уалынмæ скъæтæй цыдæр гуыппытæ райхъуысти. Лæпцутæ къулмæ сæ хъустæ æнгомдæр сæвæрдтой æмæ æнхъæлмæ кастысты, зæгъгæ, Дзидзо чызджимæ йæ хъуыддаг бакæндзæн æмæ йын уый фæстæ сæхимæ али- дзæн нал уыдзæн. Фæлæ куыд хъуыды кодтой, хъуыддаг афтæ нæ рауад. Дзидзо чызгмæ куы ’внæлдта, уæд æм уый дзырдта, æввахс мæм ма цу, зæгъгæ. Дзидзо нæ чъил кодта. Уæд æй Сона асхуыста æмæ къулыл йæ тъæпп фæцыди.* Дзидзойæн йæ.маст,рафыхти, чызджы цонгмæ февнæлдта æмæ йын йæ къабайы дыс æрфаста. «Нал мæ ныууадзай, æвзæр цыдæр», — загъта Сона æмæ Дзидзойы дыууæ къухæй фелвæста æмæ йæ фосы кæвдæсы ныппæрста. Дзидзойы æрдиаг ссыди: Амардта мæ, зæгъгæ, æмæ æттийæ цы дыуу& лæппуйы хъуыстой, уыдон тагъд дуар батыдтой, багæппытæ кодтой æмæ Сонайы æфхæ-* рыныл схæцыдысты, марынмæ йæм бартхъирæн кодтой. Цалынмæ уыдон талынг скъæты Дзидзойы кæвдæсæй ластой уæлæмæ, уæдмæ Сона айтæ-уйтæ нал фæкодта, дуарæй асæррæтт ласта æмæ лыгъд радта хъæдырдæм. Мæйдар æхсæв уыди, адæймаг йæ развæндаг нæ уыдта, æмæ йæ дыууæйæ кæд фæстийæ расырдтой, уæддæр æй нал байæфтой, хъæдмæ баирвæзти æмæ кæд йæ фæдыл бирæ фæразил-базил кодтой, уæддæр æй нал ссардтой. Сона, йæ къаба бырæгътæ æмæ йæ буар тындтытæ, афтæмæй æхсæвы ныццыди сæхимæ. Иæ мад æй куы ауыдта, уæд йæразмæ йæхи раппæрста æмæ йæ ахъæ- быс кодта:. — Æгайтма мын дæ удыл ницы зиан æрцыди»,— загъта уый æмæ стæй кæуынмæ фæкъæртти: «Кæмæн цы гæнæг стæм, нæ мæгуырыл нæ цæмæннæ ныууадзынц, мæ сидзæр сывæллæтты тæригъæд фæхæссой». Фæлæ куы базыдта, йæ чызг цы хъæбатырдзинад равдыста, уый; уæд йæ зæрдæ фæфидари, йæ маст ни- 213
цæмæ уал æрдардта. Адæмыл айхъуыстис хабар æмæ Дзидзойыл йе ’нæсæрæны тыххæй худтысты, мæстæй йæ! мардтой, дæ усаг дæ къухæй аирвæзт, хæлиудзых, æмæ дын чызг дæр, гъе, уымæн ничи дæтты, зæгьгæ. Цасдæр рæстæджы фæстæ та, иу изæрыгон Дзидзо æмæ йе ’мбæлттæ ногæй æрцыдысты Сонайы скъæфын- мæ. Дзидзойæн йæхи барвыстой бæрæггæнæг, базон^ кæддæра сæм чи ис, зæгъгæ. Дзидзо фæрвджын цъа- лайыл ныхъхъуызыд, стæй кауы фæстæ бамбæхст æмæ уырдыгæй касти хæдзармæ. Бинонтæн уæларты фыхти хъуырауы мидæг хъæдурдзæхтон. Дзидзо йæ маст рай- сыны охыл нал баурæдта йæхи, ныхъхъавыд æмæ иуæх- стонæй ныггæрах кодта хъуырау æмæ цæхдон алеуахи ис зæххыл. Дзидзо фестад, йæ тых, йæ бонæй лыгъд рад- та, æмæ тарстгъуызæй балæууыд йе ’мбæлтты цур. ■ — Мах дæ бæрæггæнæг барвыстам, æмæ ды та... кæд ницы фыдбылыз сарæзтай, — сонт фарст æй кодтой йе ’мбæлттæ,. — Æнæ ’хсæвæр сæ фæкодтон, сæ цæхдоны хъуырау сын сфæлдæхтон,— йæхицæй ныббуц уæвгæйæ, загъта ДзиДзо. — Æцæг æвзæр куы дæ æмæ дæ бæстон куынæма зыдтон. Мах та дæуæй æдылыдæр стæм, дæуæн ус хæс- сынмæ чи цæуы, — загъта чызгскъæфджытæй сæ иу, æмæ йæ хъримаг йе ’ккой баппæрста, афтæмæй уæлæ- мæ хъæдырдæм тæргайгæнæгау арасти. Фæлæ бирæгъ йæ кæнон кæм уадзы. Маст исыныл ныллæууыдысты Дзидзо æмæ йе ’мбæлттæ, æгад сæм æркасти, сæ хъуыддагæй кæй ницы рауадис, уый. Иу бон куы уыдис, уæд, Хъорсеуаг лæппутæ Дзауы къанцлары сæрмæ къуыппыл рабадтысты æмæ æнахуыр зарæг кодтой, сæ фале, Мадзурайы адаг кæй хуыдтой, уым Дзауы хъæуккаг Хъараман хос карста æмæ йæ хъустыл æрцыдысты ахæм ныхæстæ: Гасситы Сона бадзуры: Серæй, дам, ракæс, Котанто, Æмæ дæ цыхтæй бафсадон. • Рауай-ма, рауай, о, Дато... 1 Хъараман æмбаргæ лæг уыдис, æгъдауджын, лæп- путы æнæфсæрм ныхæстæ фехъусгæйæ, рамæсты, йæ 214
хос кæрдын ныууагъта æмæ лæппутæ кæм бадтысты, уырдæм ссыд, сæ цуры æрбадт æмæ сæ бафарста: < — Уыцы ’зарæг уын’ чи бацамыдта, æз æй куы ни-' куы фехъуыстон. — Нæхæдæг æй æрымысыдыстæм, — фæцæттæ сты лæппутæ дзуапп дæттынмæ. — Уæдæ æз та афтæ зæгъын, æмæ худинаджы за- рæг скæнын хъæуы, искæй амонд йæ къахы бын чи ссæнды, уыцы чызгскъæфджытыл. Гасситы Сонайæ рæ- сугъддæр нæ комбæсты чызг нæй. Уымæй уæлдай ма уый у хæдæфсæрм, æгъдауджын æмæ куыстуарзаг дæр„ Гъе, ахæм адæймаг у раппæлыны аккаг. Сымах та... Лæппутæ сæ зарын иыууагътой, сыстадысты æмæ сæхи айстой хъæды ’рдæм. Фæлæ зарæгæн базыртæ ис — атахт, дзыхæй-дзыхмæ йæ истой адæм æмæ хорз. у, æвзæр у, уæддæр æй зарыдысты. Иухатт Билуртайы дзуары бон уыдис. Уыгæрдæнты хъæуы адæм минасы фынгтыл бадтысты. Куы арасыг сты, ^уæд сын зарджытæ кæнын бацайдагъ. Лæппутæй чидæртæ Гасситы Сонайы зарæг ныццæлхъ ластой. Фын- гыл бадтысты Джиоты мыггагæй чидæртæ (Гасситимæ æрвадæлтæ сты), æмæ зарæджы ныхæстæ куы фехъуыс- трй, уæд лæбурынтæ систой: — Сымах нын нæ хойы цæмæн æфхæрут, уый тых- æй нæ æрхуыдтат æмæ нæ хынджылæг кæнат. Хъаматæ фелвæстой, æмæ чи зарыд, уыдонмæ сæхи байвæзтой, фæлæ • хъæубæстæ се ’хсæн бацыдысты æмæ сæ баир- гъæвтой. Хъуылымбегоны сидзæр чызг Сонайæн йе скъæфты фæстæ йæ кад ныллæгдæр нæ фæци, фæлæ ноджы фæ- бæрзонддæри. Курджытæ йæ уыдис хохæй, быдырæй. Фæлæ йæ амонд сиу кодта, йæхи хуызæн мæгуыр бинон- ты ’хсæн чи схъомыл,. ахæмимæ — Цоциты Арсенимæ. Уый уыдис Ортъеуы хъæуккаг. Бакойы куыста æфсæн- вæндаджы сау кусæгæй. Сонайы уырдæм акодта æмæ уым цардысты. Æртæ сывæллоны хицау баисты. Сæ лæппу Коля хайад иста Стыр Фыдыбæстæйон хæсты. Мард фæцис хъæбатыр æгъдауæй. Хистæр чызг Дуня кусы прокуратурæйы хаххыл, кæсдæр — Тамарæ та адæ- мон- тæрхондоны. Цымыдисаг у иу хъуыддаг: 1947 азы æз куыстон Дзауы районон газеты. Иу бон куы уыд, уæд мын ме- ’мбал фæндагмæ ацамыдта: 215
— Гасситы Сонайы фенынмæ рагæй бæллыдтæ, акæр æмæ йæ фенай. Иæ цæгаты уыдис æмæ ныр фæс- тæмæ Бакомæ цæуы. Кæддæры рæсугъд, бæрзонд æмæ гуырвидыц" чызг ныр базæронди, размæ агуыбыри, лæдзæг йæ къухы, .афтæмæй хидырдæм фæцæйцыдис. Æмæ цыма æмдзырд <бакодтой, уыйау тæккæ уыцы сахат хиды хъусæй рахыз- ти, чызгæй йæ чи аскъæфта, уыцы Дзидзо. Уый дæр ма лæдзæджы ’нцæйтты тыхæй хылди. Хиды хъусмæ æв- ввахс хæрхæмбæлд фесты æмæ кæрæдзимæ бакæстытæ кодтой. Сона фаллаг фарсмæ ахызти — автостанцмæ, Дзидзо та Бузаламæ рацæйцыд — тæрхондоньг’рдæм. Уый уыд сæ фæстаг фембæлд.
ХУЫРЫМТЫ ЧЪЕБО Нард лæг та куыд никуы федтон, фæлæ дзы уæд- дæр Хуырымты Чъебойæн æмбал нæй. Ныллæг æмæ хытъынджын адæймаг у. Фæсномыгæй йæ иуæй-иутæ тъæпæнæг дæр ма фæ- хонынц. Чъебо хорз зоны, афтæ йæ кæй хонынц, уый, фæлæ ууыл мæсты никуы ссис. Æмæ цæмæй стырдæр зына, уый тыххæй дарын райдыдта ба?рзонд-зæвæтджын цы- рыхъхъытæ. Иæ цæргæ-цæрæнбонты йæ дзыхы дзаг никуы ба- худтис Чъебо, уый тыххæй мыййаг нæ, æмæ йæ зæрдæйы исты маст ис, фæлæ уды хъæдæй афтæ рахаста чысы- лæй фæстæмæ. Чъебойæн йæ алыварс бадджытæ худæн ныхæстæ кæндзысты, сæ фæрстыл хæцдзыеты фырхудæгæй, уæд- дæр Чъебо йæ цæсгомы хуыз нæ фендæр кæндзæн,- нæ бахуддзæн йæ мидбылты дæр. Æмбæлттимæ æдзух фæ- бады æлхынцъæрфыгæй. — «Æнахуыр лæг у Чъебо», — фæдзурынц адæмæй иутæ, «Чъебойæн йæ хъулæттæ мидæмæ сты», — фæдзу- рынц иннæтæ. Арæх фехъусдзынæ афтæ дæр, зæгъгæ, Чъебойæ уæлæмæ цы зыны, авд ахæмы та дзы дæлзæхты цæуы. Хуырымты Чъебо цæргæ хорз кæны, фæрæзджын æмæ амалджын адæймаг у, йæхи загъдау, йæ хай дурьг гуыбынæй дæр ратона кæндзæн. Чъебо фарон самадта дыууæ’ уæладзыгон ’дурын хæдзар æмæ’ йæ хуылфмæ- куы бацæуай, уæд дзы цæстытæ райвæз-байвæз кæн- дзысты. Кæм ссардта уыйбæрц æхца Чъебо? Арæх фæфæр- сынц сæ кæрæдзийы йе ’мбæлттæ. Иутæ фæзæгъынц, æвæццæгæн, йæ фыдæлтæ хъæздыг уыдысты, иннæтæ та фæдзурынц хъазæнæмхасæнæй — сыгъзæринты хæзна йæ къухы бафтыдис, зæгъгæ. * , 217
'Фæлæ Чъебо нæ дæр сыгъзæрин хæзна ссардта, нæ дæр йæ фыдæлтæ хъæздыг уыдысты. Чъебо раздæр уыд районы тæрхондоны æмтæрхон- гæнæг æмæ-иу арæх æфтыдис хъæутæм. Бацагуырдта- иу, тæрхондонмæ лæвæрд чи ’рцыд, ахæмты. Иæ дзыппæй-иу систаид гæххæтты тыхтон æмæ-иу рахабар кодтаид, хъуыддаг цæй бæрц вазыгджын æмæ тæссаг у, уый. Фыццаг-иу стæрсын кодта, тæрхондонмæ лæвæрд чи ’рцыд, уыдоны, стæй-иу сын ныфсытæ æвæрд- та, баххуыс уын кæндзынæн, зæгъгæ. Аххосджынтæ-иу Чъебойы хбрз федтой хæрд æмæ нозтæй, гæртам дæр- :иу ын радтой. Фæлæ-иу цы баххуыс кодтаид Чъебо ах- .хосджынæн? Тæрхондоны-иу хъазуатæй дзырдта аххос-' джынты сæрыл, фæлæ-иу ницы рауад йæ фæлтæрæнтæй. ’Фæстагмæ Чъебойы базыдтой адæм æмæ-иу тæрхондон- мæ чи бахаудта, уыдоныл ма-иу бæргæ æрзылдис, фæ- лæ йæ хъуыды дæр ничиуал кодта. Чъебо кусын райдыдта цæттæгæнæн комитеты инс- пекторæй. Йæ хæс уыд куырæйтты куыст бæрæг кæнын. Иæ цæст дардта, куыройгæстæ сæхи куыд дарынц æмæ йæм дзы чи цы зæрдæ дары, исты дзы æрызгъæлдзæн æви нæ, уыдæттæм. Æгоммæгæс куыройдзаутыл-иу схъæртæ кодта, адæмы ссинæгтæ æвзæр ссут æмæ сар уæ къона кæны, зæгъгæ. Æмæ æвзæр нæ кастысты иуæй- иу куыройгæстæ Чъебомæ, йæ зæрдæ йын æлхæдтой мæ- нæуы, нартхоры ссадæй. Иу бон куы уыд, уæд Чъебо æрбафтыд Фæзы хъæ- уы куыроймæ. Куыройгæс Сандыр Чъебойы хорз суа- зæг кодта. Фæлæ уый разыйæ нæ баззад Сандырæй. «Кæрдзын мын чидæриддæр бахæрын кодтаид», — йæхинымæры загъта Чъебо æмæ йæ къæхтæ сцагъта Сандырыл: — Хъаст дæ кæнынц адæм, не ссад, дам, нындавы, зæгъ-ма, цæмæн афтæ кæныс, æви дæ цæрын нал фæн- .ды?! Сандыр йæхи мидæг фæтыхсти, рамæсты, иуцъус- .дуг йæ бон дзурын нал баци. Дыууæрдæм арауай-бауай кодта, стæй æрæджиау загъта: — Фынддæс азы кусын ацы куыройы, æмæ ахæм ныхас нырма никæмæй фехъуыстон. Зæронды ’рдæм мæ сæрмæ худинаг не ’рхæсдзынæн æмæ искæй ссад куыд ядавдзынæн? — Дæ хъуыддаг тынг мæгуырау у. Хисдæрты куы 218
яицæмæй арæвдауай, уæд тæрхондонмæ лæвæрд æрцæу- дзынæ. Сандыр ноджы тынгдæр. рамæсты Чъебомæ: — Æз ницæмæй тæрсын, адæмæй ничи зæгъдзæн, Сандыр къ’æрных у, зæгъгæ. Чъебо куы базыдта, Сандырæн йæ зæрдæ йæхимæ ницæмæй æхсайы, уæд хорзау нал фæцис. — Мæ фыды хай, тыхсгæ ма кæн, хъуыддаг мæ къу- хы ис, æрмæст цы ратдзынæ, цæмæй дæ хъаст нынны- мæг кæнæм? . —Æппындæр ницы, æз гæртам никæмæн дæттын,— дæхгæр дзуапп радта Сандыр æмæ хъæуы/рдæм фæ- расти. , — Гæртамы кой фехъусгæйæ, Чъебо йæхæдæг дæр фæтарсти, хъæубæсты йæ дзурдзæнис, зæгъгæ, æмæ уæд лæхстæ кæнынмæ фæци: • . —Хъус-ма! Æз дæ къахгæ кодтон, кæддæра дæ зæрдæ дæхиуыл истæмæй худы, ды та мæ æцæгмæ бам- бæрстай. Уæдæ куыд вæййы, куыд? Стыр бузныг Сандро, цæс- гомджын кæй дæ, уый тыххæй. — Сандыры къух тынг нылхъывта Чъебо æмæ цæуынмæ фæци. Сандыр бамбæр- %ста Чъебойы мæнгарддзинад æмæ йæ фæдыл кæсгæйæ хъуыдыты ацыд: «Цымæ цы рафæлдыста ацы адæймаджы дунемæ? %Чидæр, дам, бирæгъы фысгæс скодта. Фæлæ нæ зонын, нæ зонын, афтæмæй бирæ ахæсса». Дыккаг бон Сандыр ацыдис районмæ цæттæгæнæн Министрады бæрнджынмæ æмæ йын радзырдта, Чъебо мæнгард адæймаг кæй у æмæ куыройгæстæй гæртæмттæ кæй исы, уый. Цæттæгæнæн Министрады бæрнджын лæм- бынæг байхъуыста Сандырмæ, раарфæ йын кодта æмæ йын зæрдæ бавæрдта, нæ хъус’æм æрдардзыстæм, зæгъ- гæ. Æмæ фæстæдæр Чъебойыл рабæрæг сты, куырой- гæстæй гæртæмттæ кæй иста, уыцы хъуыддæгтæ. Чъебомæ прокуратурæйæ сидæн гæххæт куы схастой, уæд хорзау нал фæци, афæлурс. Гæххæтт æм цы лæппу радта, уымæн ма цыдæр зæгъынмæ хъавыдис, фæлæ нал сарæхст. 219
— Ау, æмæ мæм цæй тыххæй хъуамæ сидой, — загъта йæхинымæры Чъебо æмæ бандоныл æрбадти. Фæлæ Хуырымты Чъебо йæхи æрхъуыдыджын адæй* маг хоны, бирæ сагъæсты фæстæ йæ усмæ баздæхт æмæ йын афтæ зæгъы: — Усай, мæ хъуыддаг хорз нал у, прокурор мæм си- ды æмæ мын æхца фен... Йæ ус Чето йæ бынатæй фæгæпп кодта, йæ рустæм фæлæбурдта æмæ скуыдта: — Мæ бындур куыд ныззылд, цæй фыдбылыз мыл сæмбæлд?! Чъебо ма йæ усы сабыр кодта, фæлæ Четб йæ кæ- уынæй нал æнцадис. Чъебойæн æнæцæугæ нæ уыд прокуратурæмæ. Бирæ рахъуыды-бахъуыдыйы фæстæ йæхиуыл дзуæрттæ баф- тыдта, хуыцау, баххуыс мын кæн, зæгъгæ æмæ ацыд. Бирæ чидæртæ ма уыдис прокуратурæйы размæ.' Фæлæ Чъебо хъуызгæ ацыдис адæмьГ’хсæнты æдоæ, про- курор цы хатæны бадти, уыцы дуары раз æрлæууыд. Прокуроры дуары раз чи лæууыд, уыдонæй йæ чи- дæр базыдта æмæ йæ афарста: , --- Чъебо, ды та ам цы ми кæныс? Чъебо йæм комкоммæ бакаст æмæ зонгæ куы ра- зындис, уæд ын йæ къух райста: — Æз дæр мæнæ кæйдæр хъуыддаджы тыххæй æр- бацыдтæн. Иу æрдхорд мын ис æмæ йын хъуамæ бах- хуыс кæнон. Чъебойы фæндыдис йæ зонгæйы афæрстытæ кæнын æмæ, йæ цуры æрбадынмæ куыд хъавыдис, афтæ йæм чидæр йæ ном æмæ йæ мыггагæй радзырдта, фæлæ йæм кæцæй фæдзырдæуыд, уырдæм бацæуыны бæсты Чъебо прокуроры кабинеты смидæги. Хъуызæгау йæ къахы фындзтвгл бацыдис æмæ прокуроры раз æрлæууыдис. Чъебо иу æмæ дыууæ хатты нæ уыд мыййаг ам, йе ’рдхорд Гæбыц ма прокурорæй куы куыста, уæд. Гæ- быц ма куы кусид, уæд бæргæ ницæмæй тæрсид, фæлæ ныр, чи йæ зоны, цы фыдбылыз æм æнхъæлмæ кæсы. Иæ мидбылты уæздан худт бакæнгæйæ йæ худ йæ сæрæй систа æмæ саЛам радта^прокурорæн. Прокурор, къæс- хуыргомау лæппу-лæг, дисгæнæджы каст бакодта Чъе- бомæ æмæ йæ афарста: » — Цы зæгъдзынæ? Чъебо стъолыл æрынцой кодта, фæндыдис æй про- 220
курорæн йæ сусæг ныхас зæгъын, куыд ничи йæ фе- хъуыстаид, афтæ, фæлæ йын уый бауайдзæф кодта: — Бадгæ скæн, æмæ афтæмæй дзур! Чъебо бандоныл æрбадтис æмæ лæхстæгæнæгау ба- кодта: < — Кæд дын рæстæг ис, уæд цом ресторанмæ, сихор бакæн, кæимæ дæ фæнды, уыдонимæ.. Демæ базонгæ уæвын мæ рагæй фæндыдис, фæлæ мæ мæ .фадат, нæ амыдта. Прокурор йæ фыссын фæукгъта, йæ мидбылты ба- худтис, Чъебойы йæ сæрæй йæ къæхтæм цæстæнгасæй абарста æмæ йæхинымæр ахъуыды кодта: «Ацы’ лæг ру- вас цыдæр у, цыдæр домæн кæны, ’æндæра йæ мæ сихоры мæт цы бацыдис». ’ . — Бузныг, хорз лæг, фæлæ хуыздæр уаид, фарстагæ- нæгмæ куы бацæуис, уæд — тызмæггомау загъта проку- рор. Сæргуыбырæй æмæ уæнтæхъилæй рацыдис Чъебо- прокуроры кабинетæй. — Хуырымты Чъебо!— райхъуыстис та кæйдæр хъæр. Фарстагæнæджы дуаргæрон ма иу чысыл алæууы- ди Чъебо, стæй «О, хуыцау, мацы мын кæн», — йæ мид- зæрдæйы скуывта æмæ мидæмæ бацыд. Чъебо хатæны къуымтыл йæ цæст ахаста, къахæй- къухмæ абарста фарстагæнæджы æмæ йын уый дæр зон- гæ куынæ разынди, уæд йæ сæр аныхта æмæ фарстагæ- нæджы афарста: — Цы хабар у, цы мæ кæнут? Фарстагæнæг комкоммæ бакастис Чъебойы дасгом- мæ. — Дæ хуызæтты мах цырагъы рухсæй агурæм... Чъебойы уæнгтæ барызтызты. Иу чысыл æнæдзур- гæйæ алæууыд, стæй йæхи фæныфсджындæр кодта: . — Нæ зонын, фæлæ нæ комбæсты мæнæй рæстуддæр адæймаг куы нæй, уæд мæ уагæры цæмæй аххосджын кæнут? — Дьь аххосджын дæ, дæ куысты уавæртæй пайда кæнгæйæ, куыройгæстæй гæртам кæй истай, уый тыххæй. Чъебо хъуыдыты аныгъуылд, йæ цæстытæ атарытæ сты. Аракæс-бакæс кодта йæ алыварс æмæ куы никæй федта, уæд йæ дзыпмæ нывнæлдта, систа дзы æхцайы тыхтон æмæ сæ фарстагæнæджы раз стъодыл æрывæрд- та. — Уыдон та цы сты? 221:
— Уый бæрц ницы сты, шени чъириме, фæлæ-иу адо- нæй (æхцатæ йæм хæстæг балæвæрдта) сихор бахæр де ’мбæлттимæ,— загъта Чъебо æмæ рацæйцыд, фæлæ йæ фарстагæнæг æрурæдта. — Куыд уынын, афтæмæй раджы сахуыр дæ гæртам исыныл æмæ гæртæмттæ дæттыныл. Фарстагæна^г йæ бынатæй цырд фестадис, хъуамæ про^урормæ фæдзырдтаид Чъебойы æхцаты тыххæй, фæлæ уалынмæ прокурор йæхæдæг сæ уæлхъус -æрба- лæууыд: — Куыд у, хорз лæг, ам дæр дын сæ нæ исынц? Фарстагæнæг æнæдзургæйæ каст куы прокурормæ, куы та Чъебомæ. — Æппæт дæр бæлвырд у,— загъта прокурор. Хуырымты Чъебойыл сарæзтой аххосджыны гæх- хæтт. Уый фæстæ прокурор телефоны адзырдта кæдæм- дæр. Цалдæр.минуты фæстæ къæсæрæй æрбахызтис ми- лиционер. Прокурор Чъебойæн, милиционеры ’рдæм аца- монгæйæ, загъта: — Цæугæ уал, стæй фембæлдзыстæм, æрмæст ам нæ, фæлæ тæрхондоны. Чъебойæн йæ цæстытæ атарытæ сты...
ЗÆРДÆЙÆ-ЗÆРДÆМÆ НЫХАС Æрвылхаттау, ацы райсом дæр. хæдзарæй куыстмæ рацæйцыдтæн. Адæмæн салам дæттын уæздандзинадæн баззад, æмæ æз дæр, зонгæтыл æмбæлгæйæ, салам лæ- вæрдтон, уæдæ цы уыдаид. — «Дæ райсом хорз», — загътон фыццаг фембæлæ- гæи. Уый мын «привет», зæгъгæ, загъта.. Чысыл фалдæр æндæр зонгæйыл амбæлттæн, «дæ райсом хорз» та за’гътон уымæн дæр. Уый мын «драсти», зæгъгæ, загъта .æмæ нæ алчи дæр йæ фæндагыл фæрас- ти. — «Дæ райсом хорз» зæгъын иуæн, уый мын «драс- ти-гамарджоба» загъта. «Дæ райсом хорз» зæгъындык- кагæн, уый мын «алейкум-саламæй» дзуапп радта. Афтæмæй хæдзарæй куыстмæ «Дæ райсом хорз- гæнгæ» фæцыдтæн, фæлæ мын зонгæтæй, ме ’мирон адæ- мæй иронау салам ничи радта... Цымæ æз «дæ райсом хорз» кæмæн загътон, уы- дон аккаг дзырдтæ не ссардтаиккой мæ саламæн? — Цасдæриддæр дæ фæнды, — ирон æвзаг хъæздыг у ахæм уæздан дзырдæй. Цæвиттон: кæй райсом у, уый хорзæх дæ уæд, кæй бон у, уый хорзæх дæ уæд, кæй изæр у, уый хорзæх дæ уæд!.. Куыд рæсугъд дзырдтæ сты, хуыздæр ма цы загъдæуа?! Æмæ дæ,- зæгъгæ, зонгæ1: адæймагæн салам дæттын фæнды, уæд арфæйы дзырд- тæ цас сты: Дæ фæндаг раст — дæ хъуыддаг раст, арфæ- гонд у, æнæниз у, зæрдæрухс у, фарн уæ ныхасы, фарн уæ бадты, бирæ цæр, адæмы хорзæх уæ уаед æмæ бирæ æндæр ахæмтæ. Æмæ уый æз радзырдтон, хæдзарæй куыстмæ цы федтон, æрмæстдæр уыцы чысыл ныв. Мæнæ рагон революционерты, партизанты, пенсио- нерты бадгæ баййафдзынæ бæлæсты бын фæхсбандæт- тыл, хъæлдзæг æмæ райгонд сты сæ цардæй, ныхас кæ- нынц, мысынц се ’взонджы бонтæ, дзурынц, мидхæсты 223
рæстæджы сæ чи кæм иста хайад æмæ уый фæстæ Со- ветон хицауады сæрыл куыд тох кодтой, уыдæттыл. Дзу- рынц Советон хицауады æнтыстытыл, дунейы хабæрт- тыл, кæсынц газеттæ дæр. Æмæ ацы зæронд фæлтæр, нæ кадджын фыдæлтæ, революционертæ, партизантæ, куысты хъайтартæ афтæ хорз кæй улæфынц, уый зæрдæйæн куыд тынг æхсызгон у! Уыдонæй алкæуыл дæр ныффыссæн ис æнæхъæн чи- ныг, афтæ хъæздыг æмæ вазыгджын у сæ.царды ра- цæугæ фæндаг. Æмæ цæмæннæ ис гæнæн сæхæдæг ныф- фыссой сæ мысинæгтæ, сæхи цæстæй цы федтой, уый. Фæлæ дзы искæй куы фæрсай, ирон газет, кæсыс, зæгъгæ, уæд фехъусдзынæ:. на, æз ирон газет нæ кæ- сын — Цæмæннæ? — Нæ сахуыр дæн. Ау, æртиссæдз азы куы рацыди, Советон хицауад куы рывæрдтам Ирыстоны, уæдæй фæстæмæ, уæд дæ мадæлон æвзагыл кæсын-фыссын куыннæ сахуыр дæ? Æмæ сæ кæй фæнды дæр куы бафæрсай, мæ фыды хай, цæуыл-иу тох кодтат, уæды хицауады раз-иу цы домындзинæдтæ æрæвæрдтат, зæгъгæ, уæд сæ алчи дæр дзуапп фæдæтты: — Мах тох кодтам ууыл, цæмæй зæххытæ, стæй заводтæ æмæ фабриктæ уыдаиккой фæллойгæнæг адæ- мы æмæ сыл хицауиуæг дæр кодтаиккой кусджытæ демæ зæхкусджытæ сæхæдæг. — Ноджы ма-иу цахæм домындзинæдтæ æвæрдтат хицæутты раз? 1 — Мах, уæлдайдæр та ирон адæм, æппынæдзух домдтам, цæмæй нæ сывæллæттæ иронау ахуыр, кодта- иккой. — Дæ цæрæнбон бирæ, мæ фыды хай, хорз загъ- тай, фæлæ цымæ искуы бабæрæг -кодтай æмæ загътай, алæма, æз цæуыл тох кодтон, уыдон кæддæра царды куыд æххæст цæуынц, Уæртæ горæты скъоламæ бацыдтæ, зæгъгæ, уæд йæ директор залы сывæллæтты фæдзæхсын байдайы: иро- нау *ма дзурут, сывæллæттæ... Де ’гæр калай, дæ цæст куыд бауарзы уыцы ныхас зæгъын. Æрмæстдæр дурзæрдæ адæймагæн сирвæздзæн йæ дзыхæй ахæм ныхас... Мæ фыдæлты зæххыл, Иры бæстæйы мæхи æвзагыл куыннæ хъуамæ дзурон. Чизо-» 224 ,
ны ды уыцы ныхас æндæр цæйдæр тыххæй загътай... Æвæццæгæн дæу сывæллæтты ахуыры фæразгшдзина- ды мæт ис..: Ау, æмæ нæ бæстæйы ахуыргæнæндæтты цы ирон лæппутæ æмæ чызджытæ ахуыр кæны’, уыдон ахуыры фæразондзинадыл адæм дис куы кæнынц, ахуы- ры мидæг раззагонтæ куы сты. Уæд уыцы ныхас дæу цæмæн бахъæуы æрвыл хатт ирон сывæллæтты раз! Æви дæ уый фæнды æмæ ахуыргæнинæгтæн мамм фес- та сæ мадæлон æвзаг? Афтæ дæ фæнды, нæ? Уæдæ уыцы хъуыддаг кæд афтæ нæу, уæд скъола- йы ахуыргæнинæгтæ ирон æвзаджы урокæй цæмæн али- дзынц? Ирон æвзагæй, Къостайы æвзагæй хынджылæг кæнынмæ хъавут?.. Æндæр ын ничердыгонау исбамба- рæн! Æй-дæ-а, йе, ды директор цы скъолайы дæ, уым’. Зхæм хабæрттæн бынат хъуамæ уаид? Æуый хъомылад хуыйны? Советон ирон интеллигент, фæллойгæнæг адæм хохæй-быдырæй • буц - кæмæй сты, уый а^æм цæстæй хъуамæ кæса ахсджиаг хъуыддагмæ — ирон æвзаг ахуыр кæнынмæ, ирон культурæйы рæзтмæ? Афæлгæс-ма де скъолайы къултæм; иунæг лозунг, иунæг плакат дзы иронау фыст ис? Нæй. Къулы газет- ты та иронау фыст уацтæ цæмæннæ вæййы? Кæнæ скъо- лайы библиотекæйы та ирон чингуытæ цæмæннæ ис?, Æндæр Ирыстон ма искуы ис? Искуы ма зоныс æндæр ахæм бæстæ, ирон æвзаг кæм ахуыр кæнынц?.. Мæнæ ма дæ ахуыргæнинæгты фæстæ фæцæйцу скъолайы кæр- ты кæнæ уынджы æмæ сæм байхъус, кæддæра цы ’вза- гæй фæдзурынц: «Мама мын три часайыл обещать скод- та киномæ», «Райсом фæапаздать кодтон утренный за~ рядкæмæ», «шалун дæ», «фæпрастуд дæн»... Цымæ ма уыцы иугай дзырдтæ иронау цæмæн сдзурынц? Фыддæ- радæн? Мæстæй марыны тыххæй? Тыхæй дыл чи у, мæ хæлар, уыцы иугай дзырдтæ дæр ма де ’взаджы цъуп- пыл цы радав-бадав кæныс, аппар сæ æмæ сæ бынтон- дæр фервæзай!.. Арæби, иу æвзагыл сыгъдæг’дзур æмæ кæцыфæнды дæр уæд! Сывæллæтты ныхасы культурæйыл ахуыр кæнын хъæуы, сæ мадæлон æвзаг сын хъуамæ бауарзын кæнат, Сывæллон йæхи хъуамæ сæрибарæй æнкъара ныхас кæнгæ-кæнын, йæ зæрдæйы хъуыдытæ радæттынмæ рæвдз хъуамæ уа кæддæриддæр, йæ ныхас фидар хъуамæ уа, зæрдæйæ рацæугæ. Бирæ хæттыты æмбырдты иу кæнæ иннæ колхозы 15. Плиты И. 225
раззагонц адæймаг трибунæмæ схизы æмæ йын чидæр йæхимæ гæсгæ цы раныхас ныффыссы, уый райдайы кæ-^ сын схæц-схæцгæнгæ. Уалынмæ дзы цыдæр дзырд нал4 февзары æмæ ныллæууы, сæфсæрмы ’ис адæмæй, туджы разылд, мæгуыр, йæ цæсгом... Иæ тæригъæд фæхæссæд,. уымæн ахæм доклад чи ныффыссын кæнын кодта. Уадз æмæ ныхасгæнæг йæхи мадæлон æвзагыл радзура адæ- мæн йæ куысты фæлтæрддзинад, хъуццытæм куыд зилы» цас æхсыр сæ æрдыгьта, родтæ куыд схъомыл кодта æмæ афтæ дарддæр. Мæнæ бынæттон радиоралæвæрдмæ хъусыс. Диктор фехъусын кодта: — Нæ микрафонмае æрбахуыдтам об- ласты финансон хайады гæсы. Бæрнон кусæг у... Уый кæсы æмæ фæрæдийы, ногæй та ракæсы æмæ ферхæ- цыд... Цыма стыр уаргъ хæссы йе ’ккой, уыйау схæц- схæц кæны. Радиомæ хъусæг йæхæдæг сæфсæрмы вæй- йы, цæстытыл ауайы, микрафоны раз чи бады, уый куыд тыхсы æмæ йын куыд зын у... Мæ уацы кæрон мæ уый зæгъын фæнды æмæ нæм нæ фыдæлтæй цы ’взаг баззадис, Нарты алæмæтон кад- джытæ, таурæгътæ, аргъæуттæ, уыцы-уыцитæ, зарджы- тæ æмæ æмбисæндтæ, Хетæгкаты Къостайы гениалон уацмыстæ æмæ бирæ æндæр ахæмтæ цу ’взагыл фыст сты, уымæн нæ аргъ кæнæм, уæлæнгай цæстæй йæм кæ- сæм, нæ йыл кусæм, нæ йæ ахуыр4 кæнæм, иронау сыгъ- дæг дзурыныл нæ архайæм. Афтæмæй та нæ алфæмблай, нæ бæстæйы æппæт адæмтæ дæр сæ удтæ хъарынц се ’взаг сахуыр кæны- пыл, уый схъæздыг кæныныл. Уыдонæй алчи дæр буц у йæ националон культурæйæ. Æмæ цымæ националон культурæйæн æнæ æвзаг уæвæн ис?.. Æмæ ^уæдæ, цæй, мах дæр адæмы хуыздæрты ба- фæзмæм, — хуыздæр ахуыр кæнæм нæ мадæлон — ирон æвзаг!
СÆИРÆГТÆ Разныхас , 3 Уæлахизы тырыса 7 Фыййауы лæдзæг . 15 Фыццаг операци 24 Ног фæндагыл 36 Уазæгуаты фыййæуттæм 43 Хæлар 48 Цæугæ сырх тырыса 53 Цардвæндаг 59 Зæрдæхудт • .... 64 Фыдыбæстæ 68 Салдаты зæрдæ . 75 Бæласы хъаст 81 Хъæу йæ хуыз аивта .86 Цæрайы цæвæг . 99 Ды мад нæ дæ! 113 Ленин цæрдзæн- 117 Магъы æфцæгыл 121 Кæм стут? цы фестут? /127 Коммунартæ 135 Мад æмæ фырт 139 Æцæг лæджы æнкъарæнтæ 155 Зæронд усы таурæгъ 160 Зæрæда 170 Бæтæйы балц 184 Фембæлд . 193 Бабийы æххуыс 198 Фадинæ 201 Сонайы зарæг 205 Хуырымты Чъебо 217 Зæрдæйæ-зæрдæмæ ныхас 223
Илья Константинович Плиев РОДНОЙ ОЧАГ (Рассказы на осетинском языке) о$тоа ^гоБЬфабфоБдЬ 6$ Зцподзо ’ Редактор 3. 3. Кабисов. Художник Ф. Ф. Багаев. Художественный редактор А. Д. Ванеев. Технический редактор В. А. Тедеева. Коррек- тор Л. П. Дзагоева* Сдано в набор 31. VIII 1979 г. Подписано к печати 17. XII 1979 г. Формат 84х1087з2. Уч.-йзд. л. 10,6. Усл. печ. л. 12. Тираж 2000 экз. Заказ № 1836. ЭТ 00237. Цена 80 коп. Издательство «Ирыстон», г. Цхинвали, ул. Ленина, 3. Юго-Осетинское областное полиграфи- ческое производственное объединение Госкомиздата ГССР, г. Цхин- вали, ул. Московская, 5.