Автор: Хачиров С.И.  

Теги: аивадон литературæ  

Год: 1967

Текст
                    ХАИЫРТЫ СЕРГЕЙ
сгз
,<«а
\'/\и,&\/


Хачиров Сергей Иванович АЛАМАТ. Повесть на осетинском языке. Книжный сектор Юго-Осе- тинского издательства Цхинвали—1967 ьолаш озбеоь во ьб&олгозо ЬоЗЬ^о^00 ^ЬдоооЬ 2)о9со9(зз3^со^оЬ ^одБоЬ ЬдЗфсосоо (ЗЬо&зос^о — 1967 Редактор В. М. Г а г л о й т ы Худо:кник Г. В. Догузов Худредактор А. Д. В а н е е в Техредактор В. А. Т е д е е в а Корректор А. И. Т е х о в Сдано в набор 23 V. 1967. Подпи- сано к печати 20 VII 1967. Формат бумаги 84х1087з2 Печат лпстов 14. Уч -изд лпстов 10,5. Тираж 1000 экз ЭТ 00108. Заказ № 610. Цена 64 коп. Цхилвальская тнпографня Главпо- лнграфпрома, г. Цхнппалп, ул. Мос- ковская, 5.
I Ха«
1 1948 аз. Цас ис дунейыл зæрдыл бадаринаг азтæ, бонтæ. Фæлæ Алæмæт йæ зæрдыл уæлдай тынгдæр ба- дардта 48 аз. Уыцы аз æй йæ хорз хæлæрттæй иу базонгæ кодта пединституты ирон æвзаг æмæ литературæйы факульте- ты студенткæ Æхсараты Фæрдыгимæ. Бæрзстд, æлвæс- тытæ, нырма чындздзон чыэгау йæ джиппы чи нæ сбадт, дидинæджы къуыбарау, æххæстæй чи нæма райхæлд, фæлæ йæ чысыл къуыбыр риутæ, йе ’лвæст гуыры конд, магнитау химæлвасæг зынгцæстыты фæлмæн æнгас, мо- дæйы чи нал ис, афтæмæй, Терчы дыууæ къабазау, йæ фæсонтыл чи 'рзæбул,уыцы мыдгъуыз алдымбыд дзыкку- тæ дзурæг уыдысты, тагъд, хæрз тагъд, розæ дидинæ- джы къуыбырау, кæй райхæлдзæн æмæ бирæ усгурты сæр кæй разилын кæндзæн, ууыл. Диссаг у, æвæдза, уарзондзинад. Иуæй-иу хатт адæй- маг йæ фыны дæр æнхъæл кæмæн нæ вæййы, ахæм фев- зæры йæ размæ. Ферох ын кæнын кæны, йæ уымæй раз- мæйы хæлæрттæй бирæты, йæ зæрдæмæ æввахс æрбай- сын.мæ кæй хъавыд, йæ цард сбæттынвæнд кæимæ кодта, ахæм адæймаджы. Бафсæры йæ зæрдæмæ æмæ дзы æр- биноныг вæййы. 5
Афтæ рауад Алæмæты хъуыддаг дæр. Цал æмæ йын цал зонгæйы уыдис. Сæ бындар фæуæд, уæдæ дзы рæ- сугъдтæ дæр куыд нæ уыдис! Адæймаг сæ йæ хъуыры æгънæгæн бахуыдтаид. Уæдæ дзы уыд, сæ -ныййарджытæ стыр бынæтты кæмæн куыстой, ахæмтæ дæр. Иуæй-иу- тæ дзы сæхæдæг Алæмæтыл ичъийау ныхæстысты. Фæ- лæ Алæмæт æнхъæлмæ каст- Уырзтæй æвзарæгау кодта пæхицæн цардæмбал, фæлæ цахæм агуырдта, ахæмыл нæма фæхæст. Ныр мæнæ ацы æвзонг чызг йæ фæндаг- ыл цæхгæр слæууыд, цыдæр æнахуыр тыхæй йæ ’лвасы йæхимæ. Алæмæты зæрдæ иуæй-иу хатт цавæрдæр тæс- саг хъуыдытæй ныссæххæтт кæны. «Ау, уал азы цы стыр амондмæ æнхъæлмæ кастæн, уый у? Иннæ чызджытæй уæлдай йæм цы хорздзинад ис? Цæмæ гæсгæ мæ ласы йæхимæ? Цæмæ гæсгæ мæ фæнды, æдзухдæр йæ цуры куы уаин? Нæ, канд йæ цуры нæ, дарддзæф дæр æмæ йæм куы кæсин. Куы йæм кæсин æхсæвæй-бонæй. Уæд дзы чизоны мæ цæст сфæлмæцид æмæ-йæ афоныл мæ зæрдæйæ стонин. Фервæзин, æнæнхъæлæджы цы уаргъы ахæсты бахаудтæн, уымæй. Ахæм рæстæджы-иу Алæмæт бæласы бын бандоныл бадгæ фæуагъта Фæрдыг æмæ йе ’мбал Сонайы. Йæхæ- дæг-иу дæрддзæф ацыд æмæ-иу сæм уырдыгæй йæ цæст дардта. Чызджытæ уалдзыгон фæлварæнтæм сæхи цæт- тæ кодтой æмæ Алæмæт сæ цурæй кæй ацыд, уый сæм, чизоны, уадиссаг хардзау нæ каст. Гъе та-йу ахъуыды кодтой, зæгъгæ, нæ йæ фæнды, цæмæй нæ рæстæг дзæ- гъæлы ныхæстыл сафæм æмæ экзаментæм куыд æмбæлы, афтæ ма бацæттæ кæнæм, уый. Нæ сæфта йæ рæстæг дзæгъæлы Алæмæт дæр. Уый сæм-иу дæрддзæфгомау æр- бадт æмæ-иу исты чиныг каст, йæхæдæг дæр аспиранту- рæйы ахуыр кодта æмæ йæ сæйраг предмет — фосдарды чиныг биноныгæй оахуыр кæнын хъуыд. Наджы йын ка- федрæйы рагацау бафæдзæхстой, зæгъгæ, фæсаууонмæ институты чи ахуыр кæны, уыдонæн сæрды лекцитæ уый кæсдзæн æмæ сæ экзаментæ дæр уый исдзæн. Гъе, æмæ, уыцы хъуыддаг зæрдыл даргæйæ, йæхи цæттæ кодта. Рафæлдæхта-иу чиныг, комкоммæ-иу каст чиныджы мыхуыр фæрстæм, фæлæ дзы йæ сæрмæ ницы хызт. Сæры æнæсцухæй зилдух кодта, дæрддзæфгомау цы дыууæ о
чызджы бадт, уыдонæй сæ иу. Алæмæт-иу йæхи ныффи- дар кæныныл архайдта, нæ сæм акæсдзынæн, зæгъгæ. Ахæм рæстæджы-иу быцæуыл схæцыдысты зонд æмæ зæрдæ. .Зонд-иу дзырдта «нæ сæм акæсдзынæн», зæрдæ та — «æнæакæсгæ сæм нæй». Зæрдæ-иу зонды тæрс’ын кодта: «Акæс сæм, гормон, уæд та уым нал сты, уæд та ацыдысты, кæнæ сæм пар- чы дзæгъæл тезгъогæнджытæй исчи бацыд æмæ сæ хъыг- дары, нæ сæ уадзы ахуыр кæнын». «Нæ, нæ, нæ сæм кæ- сын», — загъта-иу зонд. Алæмæт-иу рæвдз фестад йæ бынатæй, размæ-иу базгъордта, Терчы был бетонæй амад сисыл-иу банцой кодта æмæ-иу лæмбынæг каст знæт Терчы улæнты цæллахъмæ. Тар фæныкгъуыз пъæрайæ-иу æфсæрста æмвæтæнæ- гæй Терк. Уысмы бæрц-иу Алæмæты зæрдæ æмæ зонды быцæу фæурæдта, фæлæ уый уыд «æрмæстдæр уысмы бæрц. Зæрдæ-иу. судзгæ æнкъарæнты ног тыхтæй ныффæ- дис кодта: «Уым нал сты, ацыдысты!» Æмæ-иу Алæмæ- тæн дæр уæд æнæфæкæсгæ нал уыд. Чызджытæ-иу сæ бынаты куы бадтысты, уæд-иу йæ мидбыл æхсызгон худт бакодта. Гъе, фæлæ-иу сæ бынаты„куы нал разын- дысты, уæд-иу фестъæлфыд, æнцой-,иу нал ардта. Цæ- виттон, райсомæй-иу чызджытæ бадтысты бæласы хур- варсы ’рдыгæй, фæлæ-иу хур куы ’ркаст, æнтæф-иу сæ куы тыхсын кодта, уæд-иу аууондæр бæлæсты бынмæ сæхи байстой æмæ сæ-иу уæд Алæмæт райдыдта цæст- æнгасæй агурын. Ахæм рæстæджы-иу йæ зæрдæ æнцой нал лæвæрдта, йæ зонды-иу уайдзæфты бын фæкодта: «Нæ дын дзырдтон, афоныл сæм акæс. Æвзонг чызг дзуары цъиуæй уæлдай нæу. Хуыцау йæ зонæг, кæцы- рдæм ныппæррæст кæндзæн». «Уадз æмæ ныппæррæст кæнæд», загъта-иу зонд, фæлæ-иу дыууæ дæр цымыди- сæй агуырдтой Фæрдыджы æмæ-иу æй куы ссардтой, уæд-иу исдуг сæ быцæуæй фæсабыр сты. — Уæртæ мæ амонд! — ахъуыды-иу кодта Алæмæт æмæ-иу дардæй кæсынтыл схæцыдис йæ уарзон чызгмæ. Уаертæ, цæргæ-цæрæнбонты цырагъау кæй тыххæй судз- Дзынæн, йæ цæстæнгасæй мын цыкурайы фæрдыгау мæ фæндаг чи рухс кæндзæн, уыцы чызг. Цæстыты коймæ Алæмæты зæрдæ фестъæлфыд. Афтæ йæм каст, цыма йæм 7
Фæрдыг йæ мыдгъуыз цæстытæй дызæрдыджы каст æр- бакодта æмæ йæ фæрсы: «Цæуылнæ мæ. ныууадзыс мæ мæгуырыл? Мæны йедтæмæ дæ хъал кæуыл калай, уы’й нал ссардтай? Æз сидзæр чызг дæн. Зæронд, æфхæрд мадæн иунæг чызг, æмæ мæ ныууадз, ма бацу мæ тæри- гъæды. Ды ахуыргонд дæ, соардзынæ де ’мсæр адæй- маг. Дуне стыр у, акæс æмæ равзар зæрдæзæгъгæ. Цæ- мæн æнамонд кæныс дæхи дæр æмæ мæн дæр». —• Алз> мæты хъусы зæлланг кодта Фæрдыджы ризгæ хъæлæсьг скъуыддзаг ныхас. Фæлæ Алæмæт разы нæ уыд Фæрдыгимæ. Уый фæн- ды, цæмæй Фæрдыг дæр æмæ йæхæдæг дæр уой амонд- джын. Цæмæй се ’взонджы бонты цы сидзæрдзинад бав- зæрстой, уый атайа сæ уарзондзинады цæхæры. Уьшæн та ис æрмæстдæр иунæг амал, цæмæй сæ дызæрдыгдзи- нæдтæ иуварс фехсой æмæ сæ зæрдæтæ баиу кæной. . Алæмæты зæрдæ, схидуæвæг дугъон бæхау, æнцой нал ардта, тагъд кодта йæ удæнцой Фæрдыгмæ, фæ- лæ йын йæ рохтыл хæцыд зонд. Гъай-гъай, хæцыд, нæ йæ уагъта. — Цымæ цæмæн? — бафæрадзынæ ды. Уый тынг вазыгджын фарст у. Арæх усгур лæппу йæ удæй фылдæр бауарзы чызджы, фæлæ йæ нæ раку- ры. Гъай-тъай, нæ йæ ракуры. Хæстæджытæ, хиуæт- тæ, æмбæлттæ, æхсæнад — алчи дæр дзы йæхирды-. гонау уæз кæны адæймаджы уæхсчытыл. Æмæ ахæм рæстæджы куыд усгур лæппуйæн, афтæ чындз- дзон чызгæн дæр æнæхъуыдыгæнгæ нæй йæ хъыс-^ тæт æмæ æхсæнады уæзыл. Адæймаг у сæрибар, фæ- лæ, уыцы сæрибардзинадæн ис йæхи фæлгæттæ, йæхи арæнтæ. Уыцы сæрибардзинадæй æхсæнад домы йæхион. Гъе, уый зæрдыл даргæйæ, Алæмæт иу æмæ дыууæ хат- ты ,нæ ахъуыды кодта, дзæгъæлдзуйау ыл бонæй-бонма*. цы уарзондзинад тыхст, йæ зæрдæйæ стонын чи нал куымдта, ууыл. Уый тæрæзтыл барæгау кодта хæстæ- джыты, хиуæтты, æмгæртты, йæ бирæ хæлар чызгзонгæ- ты. Иннæрдыгæй та уыдис сидзæр чызг Фæрдыг, йæ джиппæйфыст къаба æмæ ныллæгзæвæт аслам тарсырх туфлиты. Йæ сæрæй йæ уæхсчытæм æрлæст йæ дзы- гъуыртæгомау чысыл касинкæ. Нæ, æгæр уæззау уыди 8
Фæрдыг. Алæмæтмæ афтæ каст, цьша Фæрдыджы цæс- тыты цæхæры аууон фесты иннæ зонгæтæ. Зындысты ма йæм æндæргтау, гæзæмæ, афтæ ма фæзынынц, цæхæр арты хуылыдз сугтæй ала кæуыл абады, уыдон. Фæрдыг та йæм æрттывта, сæууон æртахы зæрин хуры тын куы судза, уыйау. Алæмæтцæмæндæр афтæ æнхъæл уыд, цы- ма уый æртæхы хуры тынтæ нæ судзынц, фæлæ Фæрды- джы цæстыты рухс, уьщы алæмæттаг рухс ын йæ тыхыл тых æфтауы. Амонды базыртæ йыл садзы, разæнгард æй кæны стыр хъуыддæгтæм. Афтæ йæм кæсы, цыма æгас дуне сисид йæ хъæбьисмæ. Фæлæ уыцы рухсæй йе уон- джы бады мигъы къæм дæр æмæ тæрсы, миййаг уыцы къæм куы нæ атайа йæ уарзондзинады цæхæры. Фæлæ арвыл къæм куыд фæзыны æмæ арвы риу куыд схъулæт- тæ кæны, гъе, та йæ æнæхъæнæй дæр куыд бамбæхсы, тæрккъæвда куыд расайы, афтæ уыцы чысыл сгъа\тф дæр куы схъыза æмæ йæ фæдыл куы расайа уадтымыгъ. «Нæй, афтæ ницы! — ахъуыды кодта Алæмæт.—Дар- дæй йæм кæдмæ афтæ дзыназдзынæн. Мæ хъуыддаг куы- нæ фæбæлвырддæр кæнон, уæд нал ^ахуырæй дæн, нал куыстæй. Фембæлдзынæн ыл æмæ йын комкоммæ зæгъ- дзынæн. Гъай-гъай, комкоммæ. Æмæ мын кæнæ «о»- зæгъдзæн, кæнæ «нæ». Хъуыддаг иуæрдæм алыг уыдзæн æмæ æз дæр ныссабыр уыдзынæн». «Ныссабыр уыдзы- нæ? Уæдæ!»—сдзырдта йæм йæ зæрдæ. «Цымæ ме ’нæ- зонгæ дæ! Æмæ дын «нæ» куы зæгъа, уæд та? Уæддæр ныссабыр уыдзынæ? Æнхъæл нæ дæн. Ахæм ныхæстæй ’ æрмæст дæхи сайыс, æндæр дæ уырнгæ нæ кæнынц. Нæ дын куы зæгъа, уæд дын ныр цардæй адджындæр у, уæд та дæ бынтондæр сæрра кæндзæн, фесафдзæн дын де нцойдзинад, схъеллауаг дæ кæндзæн æмæ ма æхсæвæй- бонæй хъуыды кæндзынæ æрмæстдæр Фæрдыгыл. Фæл- тау ахуыссын кæн дæ зæрдæйы зынг. Цард дыргъбæ- ласæй уæлдай нæу. Дыргътæн иутæ зайынц бæласы тæк- кæ цъуппыл, иннæтæ йæ ныллæг къалиутыл. Ныллæг къалиутыл цы дыргътæ зайы, уыдонмæ адæймаг сива- зы йæхи, æртоны сæ, астæуккаг къалиутæм асин бавæры æмæ сæ афтæмæй фæтоны. Фæлæ бæласы тæккæ цъуп- пыл цы дыргътæ ис, уыдонмæ асин бавæргæнæ дæр нæ феххæссы адæймаг. Фæрдыг ис, бæласы цъуппыл чи 9
зайы, уыцы дыргъты уавæры. Дзæгъæлы йæм ма бæтт дæ гæрзтæ. Уый нырма уддзæф кæуыл нæма сæмбæлди, рыг кæуыл нæ абадт, ахæм рæзгæ тау у. Дæуæй иуæндæс азы кæстæр. Фæлæ йæ бындар фæуа цард, кæд уымæн йæхи фи- лософи ис. Къухы зындæрæй чи фефты, уый нын вæййы уæлдай зынаргъдæр, уый нын фехалы не ’нцойад. Æмæ цæмæй нæ къухы бафта, уый сæраппонд фæтох кæнæм удуæлдайæ. Ахæм уавæры уыдис Алæмæт дæр. Фæрдыг фæцыд йæ зæрдæмæ. Фæцыд, зæгъгæ, уый æгæр уæлæн- гай дзырд у. Бауарзта йæ æнувыд уарзтæй. Фæлæ йæ ныфс нæ хæссы чызгæн йæ уарзондзинад æргомæй зæ- гъын. Цал хатты сын сарæзта Сона фембæлды фадат. Цал хатты тезгъо кодтой канд ацы диссаджы парчы нæ; ’фæлæ фæсгорæт дæр æртæйæ. Уымæй-иу, хæрам цæстæй сæхи хизгæ, бадтысты иакуы бæлæсты аууон нæууыл. Ахæм бынæттæ та чысыл нæй Дзæуджыхъæуы горæты алыварс. Уæлдай уарзондæр бынат сын уыдис æфсæн- вæндаджы дæллаг фарс зæронд уæлмæрдтæ. Дардæй бакæсæг æй уæлмæрд ницы хуызы фенхъæлдзæн. Йæ бæлæстæ тынг сырæзтысты. Сæрд дзы астæумæ кæрдæг . æрзайы. Зыны тар хъæды хуызæн. Уæвгæ йæм куы ба- цæуай, уæд дзы ис нæуу .бынæттæ. Цыма сæрмагондæц уарзæтты тыххæй быгъдæг сты. Ахæм æвæджиау ран, акаци бæлæсты æхсызгон тæф ныхъуыргæйæ, цал æмæ цал хатты бадт Алæмæт Фæрдыг æмæ Сонаимæ. Цал æмæ сæ цал хатты фæуагъта Сона хицæнæй, цæ- мæй, æппынфæстаг, сæ кæрæдзимæ цы зæрдæ дарынц, уый раргом кæной. Фæлæ дзæгъæлы афтæ кодта. Алæ- мæт-иу Фæрдыгимæ хицæнæй куы аззадис, уæд-иу ыл, мæгуырæг, авд æвзаджы цы цъиу зыдта, уый æмбисонд æркодта. Уый дæр, дам, авд æвзагæй зарыди, фæлæ йæ цъиусур’ куы ’рсырдта, уæд сеппæты дæр ферох кодта\ Гъе, уьицы мæлгъæвзаг цъиуы уавæры бахауд Алæмæг дæр. Цæй бæрц дзырдарæхст уыдис æнæуи, уый бæрц-иу, Фæрдыгимæ иунæгæй аззайгæйæ, æнахъом лæппуйау йæ- химидæг тыхст. Афтæ-иу æм каст, цыма ныртæккæ йæ зæрдæйы цы сусæг фæндтæ ис, уыдон Фæрдыг æнæ Алæ- мæты зæгъгæ дæр зоны æмæ дзы æфсæрмы кодта, ком- Ю
коммæ бакæсын-иу æм нал уæндыд. Ахæм уавæры уы-д Фæрдыг йæхæдæг дæр. Исты кæрдæджы хал-иу ратыд- таид æмæ-иу уымæ ракæс-бакæсыл схæцыдаид. Цал хат- ты-иу батæхуды кодта Алæмæт ахæм кæрдæджы халмæ, загъта-иу йæхинымæры: «Тæхуды, уыды кæрдæджы ха- лæй фест. Уæд, æвдадзы хосау, хатин Фæрдыджы уæз- дан къухты уырзты рæвдыд». Фæлæ уый гæнæн нæ уыд. Кæнæ-иу æнæнхъæлæджы сæ цæстæнгас кæрæдзиуыл куы аныдзæвд, уæд-иу дыууæты зæрдæты дæр судзгæ уарзондзинад, магнитау, ахъардта æмæ-иу сæ цæсгом сырх афæлдæхт. Уайтагъддæр-иу сæ цæстæнгас сæ кæ- рæдзийæ æмбæхсыныл фесты. — Фæрдыг! — зæрдæйы цыдæр æнуд тыхстдзинад æв- дисгæйæ-иу сдзырдта Алæмæт. Райдайынмæ-иу хъавыди Фæрдыгæн æппæт дæр æргом зæгъын. Фæлæ та-иу ын ницыуал зæгъын йæ бон бацис. Фæрдыг, кæй зæгъын æй хъæуы, Алæмæт æм цы зæрдæ дардта, уый æнæзонгæ нæ уыд. Алæмæт ын кæд йæхицæн ницы загъта, уæддæр иу æмæ дыууæ хатты кæ бамбарын кодта Сонайæн, Фæрдыгмæ цы зæрдæ дардта, уый. Сона зæрдæхæлар чызг уыдис, хъазæгой, æмæ ма йын афтæ дæр загъта: * — Дæ хорзæхæй, мæн курыс, æви Фæрдыджы. Мæ- нæн цы кæныс дæ зæрдæйы хъарджытæ. — Алæ, хуыцау дæ ралгъитæд, кæд мæ ныртæккæ хъазынмæ не ’вдæлы. Мæнæ дывыдон арты судзын æмæ мыл ды та дæ хъалбон калыс. — Ома куыд дывыдон арты? Æнхъæл дæн, æцæг мæ хъул сах бады! — мæстæйм^арынтæ систа дарддæр Алæ- мæты. Стæй æдзухдæр куыд кодта, афтæ йæ дзыгъуыр- гомау цæогомыл фæзынд цавæрдæр сагъæс. Алæмæт ын кæд йæ мæстæймарæн ныхæстæ быхста, уæддæр нæ фæ- рæзта, уыцы сагъæсджын цæсгомыл, йæ æлхынцъ æрф- гуытыл æмæ йæ ныхыл цы хæххытæ фæзынд, уыдон. Цы- Дæр тас ыл æфтыдтой. Æмæ æнхъæлмæ каст Сона йын цы зæгъдзæн, дзырдта Фæрдыпшæ, æви нæ. Кæд ып бамбарын кодта мæ фæнд, уæд уый та цы хъуыды кæны. Фæлæ Сона ницы загъта Алæмæтæн. Исдуг джихæй фæ- каст зæхмæ. Куы та къæхты бынæй дæр ныуулæфыд. П
— Уæдæ афтæ у мæ хъуыддаг! —ныккæрзыдта-иу хаттæй-хатт Алæмæт. Кæд Сона зæгъгæ ницы кодта, уæддæр æм афтæ каст, цыма хъуыддаг скъуыддзаг у. Ома чызг æй ской дæр нæ уадзы. Æмæ йæм æндæр хуыз- дæр дзуапмæ æнхъæлмæ дæр нæ касти Алæмæт- Кæм ис~ мæгуыр лæджы ахæм амонд. Уæдæ Иры сæрхъызой Къоста дзæгъæлы загъта: «Цæй мæгуыр дæ, иунæг, Дæ мад амæла!» — Цæй, дæ зæрдæмæ хъусыныл цы фæдæ? Чи зоны,. цавæр фæнд æм æрцæуа. Мæнæн дæр æргомæй ницы дзу- ры! — йæ мидбылты хинæйдзаг’худт бакодта Сона. «Цæуыл дзуры уыцы мидбылхудт?» — хъуыдыты аныгъуылд Алæмæт. — Чызджы фæндон зоны æмæ мын æй нæ хъæр кæны, мæ зæрдæ мын тæрсын кæна, уый йæ нæ фæнды, æви мæ цы ’мбæхсы? Чызг разы у, зæгъгæ, мæ фæндыл? Æмæ мын уæд ме ’нкъарæнтыл цæмæн* хъуамæ хъаза?» Кæд ын миййаг сусæг уарзон ис æмæ йæ мæнæй æмбæхсгæ кæнынц? Æмæ йын ахæмæй исты кæд: ис, уæд æдзух мемæ цæмæн вæййынц? Кæнæ мид-зæрдæ- йæ Фæрдыг кæд мæ фæнды ныхмæ у, уæд цæмæн цæуынц мемæ кинотæм? Æви мæ йæхæдæг дæр тæрæзтыл барьг æмæ нæ зоны, йæ зæрдæйы цы ныхмæлæууæг тох цæуьи уый куыд растдæр алыг кæна, уьий?» Цал æмæ цал ахæм фарсты кæрæдзи ивтои Алæмæты сæры, фæлæ бæлвыр- дæй ,-нæ зыдта уæздæр чызджы фæндон. Кæнæ цæуыл дзурæг сты Сонайы ныхæстæ: «Чи зоны, цавæр фæнд æм æрцæуа. Мæнæн дæр æргамæй ницы дзуры». Алæмæт æххæстæй ие ’ууæндыд, Фæрдыг Сонайæп æргомæй ницы дзуры, зæгъгæ, уыцы ныхæстыл. Æмæ сыл куыд баууæндыдаид, кæд æмæ кæрæдзийыл æрхъæц- мæ нæ лæууыдысты, сæ ацыд, се ’рбацыд æдзухдæр уыд иу. Гъе, æмæ иу хæдон дæр уæрæх кæмæн уыд, ахæм дыууæ æ-мгар чызджы сæ зæрдæйы æнкъарæнтæ кæрæ- дзийæ æмбæхсынц, ууыл не ’ууæндыдис Алæмæт. Фæлæ дзы Фæрдыджы фæнд æмбæхсгæ кæй кæны, уый та йæм хардзау каст. Ныр мæнæ йæ фарсмæ бады, æрдз рæсугъддæрæй цы сфæлдыста, уыцы æвзонг чызг æмæ йæм сдзурын нæ- 12
уæнды. Маргъ къухы фезмæлдæй, къæцæлы февзыстæй куыд ныпæррæст кæны, афтæ уый дæр куы фæтæрса мæ ныхасæй, куы фæлидза мæ цурæй, куы мæ ныууадза мæ рыст зæрдæйы сагъæстимæ иунæгæй, уæд ма цы кæндзынæн. Ныр хайджын дæн йæ диссаджы цæстæнга- сæй, йæ хъæлæсы зæлтæй, йæ уындæй æмæ сæ мæхл рæвдауын. Фæлæ мæ куы фæтæрса æмæ куы алидза, уæд та æнæхай фæуыдзынæн.^Æмæ уæд цы ми кæндзынæн æнæ Фæрдыг? Фаелæ хивæнд у зæрдæ. Иу ран нал лæу- уы, Суиллæг кодта зонды. «Æхса^вæр æрæгмæ куы хæ- рай, уæд фылдæр нæ кæны. Цæуылнæ йын раргом кæныс дæ фæндон. Нæлгоймагæн ныхджындæр æмбæлы. Мæ фыдгулыл чызджы зæрдæ æгуыдзæгæй фæхуда». Алæмæт йæхи фæныфсджындæр кæнынмæ рахъавыд. Фæндыд æй Фæрдыгæн зæгъын, зæгъгæ, мын æнæ дæу дуне талынг у, уæлдæф мын дзы нæ фаг кæны, демæ та дуне—райдзаст, цæрынæй дзы никуы ис бафсæдæн. Фæлæ йæм аив нæ фæкастысты йæ хъуыдытæ. Тарст Фæрдыджы зæрда.- худтæй, миййаг куы зæгъа «цæмæн хъæуы нæлгоймаджы ахæм æнæууылд ныхæстæ кæнын». Æмæ та йæ зæрдæйы цы æнкъарæнты уылæн раивылд, ууыл уазал дон бакалд- та, ахуыссын ые кодта йæ зынг. Алæмæт хорз æмбæрста, сыгъдæг уарзондзинады базырджын ныхæстæ кæй ницæ- мæн фæхъæуынц, уый. Уыдон, мыды боцкъайыл догъыт куы бакалай, уымæй уæлдай не ’сты. Сыгъдæгзæрдæ уар- зæттæ кæрæдзи æмбарынщ æнæ ныхасæй, сæ цæстæнга- сæй. «Ех, т^ехуды æмæ мæ Фæрдьиг дæр æнæныхасæй куы бамбарид! Ау, нæ уыныс, гормон, дæ фарсмæ лæппу цæр- дудæй тайы, уый? Уæд та мын дæхæдæг фæрогдæр кæн мæ уаргъ». Фæлæ Фæрдыг сабыр бадт æмæ кæрдæджы халимæ архайдта. Уæдмæ æрбацыд Сона æмæ сæм фæрсæджы каст бакодта. Цыма сæ цæстæнгасыл бакæсынмæ хъавыди, кæрæдзииæн исты загътой, æви нæ, уый. Æмæ йæ мæ- лæты раст дæр базыдта. Сæ разы йæ зонгуытыл алæу- уыд æмæ нæумæ æдзынæг ныккаст: — Дæ хорзæхæй, ацы нæуу, æз дæ куы ницы уынын, уæд дæм адон сæркъулæй афтæ æдзынæг цæмæ кæсынц? —дæлгоммæ æлхьюкъæй та райдыдта Сона йæ ныхас, стæй сыл хинхудтæй иыюкæл-кæл кодта æмæ цыма се 13
’мбал чызг нæ, фæлæ зæронд ус у, уыйау сæ уайдзæфты бын фæкодта: — Хæрæг æртæрат, бакæс ма адонмæ, сæ фындзтæ æруагътой. Худинаг уæм нæ кæсы. Фыдæлтыккон’ фæ- сивæды схъис! Æгъдауджыи æмæ æфсармджын! Кæ- рæдзимæ уайсадгæ кæнынц! Уæ дыууæйы æхсæн мæ- пыл мæгуыры бон æркодта. Ратон-батон мæ кæнынц дыууæрдæм, хъазæнхъул мæ сарæзтой. Ай уын мæнæ мæ ныхас: кæд кæрæдзийы зæрдæмæ цæут, уæд кæрæ- дзи уарзут, уæд æрисут уæ къухтæ æмæ сæ кæрæдзимæ радтут. — Сона сын сæ къухтæ ацахста, фæлæ Фæрдыг йæ къух атыдта. Джызæлы гауарда, зæгъгæ, фæкодта Сона, йæхи фæмæстыкæнгæйæ. — Æз нæ уарзын рог ми- тæ. Кæд дæ нæ фæнды, уæд ацы тархъæды хуызæн уæлмæрдты цы ми кæнæм кæйдæр лæппуимæ. Нæ ма- дæй нæу, ,иннæ ахæм нæ фыдæй!.. Фæрдыг йæ хуыз аныхъуырдта, йæ сæр ,ноджы ныллæгдæр æруагъта, фырæфсæрмæй цы акодтаид, уый нал зыдта. Алæмæт ын тынг батæригъæд кодта. Ма йæ æфхæр, æз дæ мад, дæ фыды уазæг, зæгъгæ. Фæлæ уæдмæ Алæмæты ’рдæм фæзылд Сона æмæ ам дæ, кæм дæ: цынæ уайдзæф ын бакодта, лæджы но- мыл дзы худ чи нæ хæссы, зæгъгæ, загъта. Уастæн хуыцау дæлæмæ æрхауа, мæн лæппу чи нæ фæкодта, æз сæм дæ хуызæн хæлиудзыхæй нæ кастаин, фæлæ дзы бирæты фындзтæ амарзтаин. «Æфхæр мæ, афтæ мын хъæуы. Нæлгоймагæн не ’мбæлы æгæр æгуыдзæг уæвын. Хъуамæ ныхджындæр уа», — Сонаимæ йæхинымæры сразы ис Алæмæт. Со- па куы пал æнцад, уæд ын Фæрдыг иу цалдæр хатты сусæгæй йæ фарс кæй фелхыпцъ кодта, уый фæхатыд Алæмæт- Чи зоны, Сона йæ æгæр кæй æфхæрдта, уый тыххæй йын тæригъæд кодта. — Чызг, дæ къухтæ дæхимæ дар! — фæтъæлланг ыл кодта Сона. — Уымæн тæригъæд куы хъæуид, уæд æй æз дæр зонин. Æви афтæ æнхъæлысæмæ мæнæн мæ риуы зæрдæ нæй? Æви, æз уарзгæ нæ кæньш? Кæд афтæ хъуыды кæнут уæ дыууæ дæр, уæд тынг рæдиут. Фæлæ мæнмæ нæма фæхудти мæ амонды стъалы. Уæ- вгæ фæхудти, зæгъгæ, уæд æм æз, сымахау, хæлиудзы- 14
хæй нæ кæсин, фæлæ йæм бацæуин æмæ йын комком- мæ зæгъин: «Уарзын дæ, мæ сæфт хуры хай, æмæ мын цы зæгъдзынæ?» Бамбæрстат? Уæдæй нырмæ пъæззыйау цы æрхæндæгдзинад- ныббадт Алæмæтыл, уый сабыргай тайын райдыдта1 Сонайы ныхæстæм, цавæрдæр ныфс февзæрд йæ зæр- дæйы ’æмæ Фæрдыгæн иунæгæй зæгъынмæ йæ ныфс цæ- мæ нæ бахаста уый ныр Сонайы цур æргомæй загъта. — .Сона, ды хорз зоныс, Фæрдыг мын мæ цардæй зынаргъдæр кæй у, уый. Гъемæ мæ фæнды, цы зæрдæ мæм дары, уый базонын. Фæрдыг фестад. Сона ма йæ бæргæ анахсынмæ хъавыд йæ цонгæй, фæлæ уый, сæгуытау, иуварс атахт- æмæ горæтмæ фæцæуæг ис. Цы гæнæн ма уыдис Алæмæт æмæ Сонайæн дæр. Рацыдысты йæ фæстæ. Æрбаййæфтой йæ сосæ фæнда- гмæ рахизæны цур. Фæлæ нæ дæр уырдыгæй трамвай^ ныллæууæнмæ, нæ дæр трамвайы куы сбадтысты, уæд, Фæрдыг Алæмæты ’рдæм нал ракаст. Тынг æм кæй фæ- хæрам, уый бæрæг уыд. Алæмæт йæ ныхæстæ рабар- бабар кодта, зæгъгæ, афтæ тынг æй цæмæй бафхæрд- тон æмæ мæм ма сдзура. Фæлæ йæ зонд ницы ахста. Бæрæг уыд æрмæстдæр иунæг хъуыддаг: чызгмæ хъыг фæкаст цыдæр, фæхæрам æм æмæ сæ уым фæ- уагъта, йæхæдæг рафардæг, нал сæм фæлæууыди. Зæгъгæ, йæм тынг нæ фæхæрам, уæд афтæ ницы хуьт- зы бакодтаид. Алæмæт сæхимæ куы бацыд, уæд рудзынг байгом кодта, бандон рудзынджы цур æрæвæрдта æмæ йыл æрбадт. Æнæсцухæй йæ сæнтты зилдух кодта Фæрдыг. Цас рæстæг зонгæ уыд йемæ. Никуы йыл ницæмæй фæ- худт чызджы зæрдæ. Алæмæты зæрдæ кæд æнцойдзи- над нæ зыдта, уæддæр йæхицæп стыр хорзæхыл ны- мадта, дардæй-иу æм куы фæхудт, уæд уый дæр. «Ныр та? Цæмæй тарстæн, уый мыл æрцыд. Уастæн æй хуы- цау ма ныббарæд Сонайæн. Уый мæ барра кодта, æн- дæра кæд кодтон æз ахæм сопт-монты пыхæстæ. Мæ- лæты лæгау мæхи фæхъæбатыр кодтон. Æмæ æниу Сона цы аххосджын у? Ме ’гуыдзæгдзинадмæ кæсын йæ бон куы нæ уал уыд, уæд мын мæ уаргъ фæрог- 15-
дæр кæнынмæ хъавыд æмæ мын мæ удæнцойы лидзæг фæкодта. Ныр ма йын цы кæндзынæн. Цы амалæй ма йæ раздахдзынæн фæстæмæ? Ау, нал мæм сдзура? Нæ, фæлæ ахæм æвзагыл какон сындзы къутæр куы ’рза- ид, уæд хуыздæр у, — æлгъыста йæхи’ Алæмæт. — Цы æнæууылд ныхæстæ йын ралæхурдтон. Кæнæ сын кæд æнæдзургæ нæ уыд, уæд йæ фарсмæ гобийæ куы бад- тæн, уæд ы,н сæ цæуылнæ дзырдтон? Æнæмæнг ын сæ æвдисæны цур зæгъын хъуыд?» ...Дисс-аджы сабыр изæр уыд. Цæлхыдзаг мæй стыл- ди арвы тыгъдадмæ, йæ алыварс цыма исчи кæфойы дзаг цæхæртæ ныппырх кодта, уыйау æрттывтой стъа- лытæ. Рог уддзæф æм гом рудзынгмæ скъæфта Терчы улæнты знæт сæр-сæр. Цсдуг Алæмæтмæ афтæ каст, цыма Терчы улæнтæ уый æгуыдзæгдзинадыл худынц, цыма уайдзæф кæнынц, ома лæгæн йæ уæхсчытыл сæр куы уа, уæд дзы рæсугъд хъуыдытæ фæрсудзын хъæ- уы. Ды та цы бакодтай? Дыууæ æнæууылд дзырды загътай æмæ уыдонæй дæр дæ уарзон чызджы зæрдæ скъахтай. ’ «Сæр-сæр» — ноджы тынгдæрæй æрбай- хъуыст Терчы улæнты ныхас. Æмбисæхсæвæй ахызт, уæддæр ма Алæмæт бадт рудзынггæрон æмæ сагъæс кодта Фæрдыгыл. Мæй ны- гуылæнырдæм феввахсдæр æмæ йæ рудзынгмæ нал зынд. Æрмæст изæрæй ноджы тынгдæр æрттывтой ар- вы тыгъдады мин-мин стъалытæ. Арвыл хæснагæн иу мигъы къæм нæ зынд. Бæрæг уыд, райсом та æвæджи- ау хурбон кæй скæндзæн. Фæсивæдæй та бирæтæ рай- сомæй раджы тындздзысты паркмæ æд чингуытæ, цæ- мæй хибар æмæ хуыздæр рæтты æрцахсой бынæттæ æмæ, гъай-да-гъа, дæндагæй æхсыной зонады сусæг- дзинæдтæ. «Цымæ Фæрдыгитæ дæр рацæудзысты? — бакатай кодта Алæмæт. — Ау, райсом сæ парчы фен- дзынæн? Куы мæ фена, уæд иннæрдæм нæ азилдзæн, æви мыл æлхынцъæрфыгæй фембæлдзæн? Зæгъдзæн мын: «дæхи дæрдты лас, мах кæрæдзийæн ницы ба- вæййæм». Фæсæмбисæхсæвты хуыссæны йæхи æруагъта Алæ- мæт, фæлæ фынæй кæнын йæ бон нæ уыд. Рафт-бафт кодта. Куы-иу йæ иу фарсыл æрзылд, куы—иннæуыл. Лб
Иу чысыл-иу йæ цæстытæ куы фæцъынд кодта, уæд-иу йæ разы февзæрди Фæрдыджы фæлгондз. йемæ зил- дух кодта йæ уазбæллицты. «Нæй, нæй, нæй, Фæрды- джы йедтæмæ фæрсмæ дæр никæмæ фæкæсдзынæн! —. алыг кодта Алæмæт фидарæй. — Æрмæст уый у мæ амонд, æрмæст уыимæ ссардзынæн удæнцойдзинад». Дыккаг бон райсомæй Алæмæт фæзынд паркмæ. Рæсугъд у Дзæуджыхъæуы парк канд йæ бирæ иыв- æфтыд бæлæстæ, диссаджы гакъон-макъон цад, хъа- зæн фæзтæй нæ, фæлæ йе ’рдзон æвæрдмæ гæсгæ дæр. Паркмæ бацæуæны асинтыл куы ’рлæууай, уæд дæм, армы тъæпæнау, дæлæуæзæй зыны æвæджиау фендда- джы парк йæ бирæ культурон уагдæттимæ. Табуафси, байхъус сæрдыгон эстрадæйы симфонион оркестрмæ, бацу кæсæндонмæ, шахмæтты клубмæ, кафæн фæзмæ, хъеллаугæнæнтæм, гъе, кæд дæ зæрдæ зæгъы ирон бур физонæг цъыс-цъысгæнгæ, нæртон бæгæны сыр-сыр- гæнгæ. Дæ зæрдæ цы зæгъа æмæ дзы цы нæ ссардзы- нæ. Арæх ам, Терчы был фендзынæ, æндæр горæттæй чи ’рцыд æмæ ам сæ фæллад чи уадзы, ахæм адæмы. Уыдон стыр цымыдисæй фæкæсынц æвæджиау парчы рæсугъд бынæттæм, знæт Терчы цырд улæнтæм æмæ афтæмæй фæныхас кæнынц бынæттон цæрджытимæ. Гъе, та фæкæсынц хорз чингуытæ Кавказы тыххæй, фылдæр кæнынц сæ зонындзинæдтæ. <] Алæмæт паркыл йæ цæст ахаста, фæлæ Фæрдыгитæ никуы зындысты. Æмæ сæ æниу афтæ раджы дзæгъæ- лы агуырдта. Афтæ раджы чызджытæ паркмæ æнæ- уи дæр нæ цыдысты, уæлдайдæр Фæрдыг æмæ Сона. Фæрдыг цардис йæ мады ’фсымæрмæ, Сона та — йæ фыды хомæ. Дыууæ дæр-иу райсомæй цалынмæ хæдза- ры зылдтытæ кодтой, уæдмæ-иу нæ цыдысты паркмæ. Алæмæты цæстытæ сæм-иу ныуурс сты æнхъæлмæ кæ- сынæй. Æнхъæлмæ сæм кæсын райдыдта абон дæр. Хур бæндæны бæрц суад. Парк дзагæй-дзагдæр кодта адæмæй. Райсом раджы кæд дзæбæх фæхъуысы мæргъ- ты зарын, уæд ныр та, цыма адæмы хъæрахстæй фæ- тæргай сты, уыйау сæ тъæллангæй зард нал хъуыст. Уый хыгъд адæмы ныхас, чыр-чырæй худт, лирикон зарджытæ хъуыст парчы алы къуымтæй. Бирæтæ та 2. Хацырты С. 17
бабадтысты чысыл бæлæгъты æмæ сæ зæрдæйы дзæбæ- хæн ленк кæнынц парчы фурды. Ссис стыр сихорафон. Фæлæ Фæрдыг æмæ Сона уæддæр нæ фæзындысты. Чи зоны сын институты кон- сультаци исты ис, зæгъгæ, ахъуыды кодта Алæмæт æмæ институтмæ фæцæуæг. Кабинеттыл æрзылд, фæлæ никуы æмæ ницы. Сæры магъз ныццавтой, дысон-бон- мæ йæ æнæхуыссæг цы мæты хъуыдытæ фæкодтой, уыдон. «Фæхæрам, тынг мæм фæхæрам Фæрдыг, æн- дæра йæ исчи бæтгæ куы бакодтаид, уæддæр паркмæ æнæрцæугæ нæ ныллæууыдаид, цыфæнды æнæвдæло- нæй дæр мæм фæзындаид». Исдуг цы акодтаид Алæмæт, уымæн ницыуал зыдта. Фæрдыджы мады ’фсымæр Джамботы хæдзармæ уыд телефон арæзт. Сфæнд кодта телефоны йæм бадзу- рын. Номыртæ æрзылдта, райхъуыст нæлгоймаджы тызмæг хъæлæс. Алæмæт хæтæл фæстæмæ æрæвæрдта. «Кæми Фæрдыг? Цæуылнæ систа уый телефоны хæ- тæл? Æмæ йæ куы систаид, уæд та? Цы йын загътаин? Бахатыр кæн, зæгъгæ? Æмæ йæ цæмæн хъæуынц ахæм ныхæстæ?» Алæмæт æрхæндæг зæрдæйæ рацыд фæстæмæ парк- мæ, кæд истæмæ æркæсин æз дæр, зæгъгæ, уый æфсон. йæ хъуыдытæ æгасæй дæр баст уыдысты Фæрдыгимæ. «Цæуылнæ фæзынд паркмæ? Кæм фесæфт Сона та? Хъуыддæгтæ базмæста æмæ ныр йæхицæн æнцад-æнцойæ бады». Хур аныгуылди. Изæры фæлм йæ паелæз æрæппæрс- та паркыл. Фæлæ куы иуæрдыгæй, куы иннæрдыгæй ссу- дзынц Ильичы сæдæгай цырæгътæ æмæ парк бонау ныр- рухс. Бады Алæмæт æрхæндæг зæрдæйæ Терчы был. Тер- чы знæт улæнтæй фылдæр уыдысты йе знæт хъуыдытæ. Симфонион эстрадæйы ’рдæгзиллакк зал дардмæ зындис былкъахыр мæйы хуызæн. Симфонион оркестр цагъта Кокойты Аслæмбёджы «Симды фæз». Йæ æхсызгон зæл- тæ зæлланг кодтой Алæмæты хъусты. Диссаг у адæй- маг, æвæдза. Ацыцагъд Алæмæтуарзы уæлдай фылдæр. Фæлæ йæ ныр, кæддæрау, нæ разæнгард кæны. Нæ йын хæссы йе ’хцон зæлтæй удæнцой. Уый нæ, фæлæ йын йæ зæрдæ бынтондæр нырхæндæг кодта. 18,
Куыд талынгдæр кодта, афтæ йæ тынгдæр уырныдта„ абон Фæрдыджы кæй нал фендзæн, уый. Фæлæ уæддæр бадтис æмæ æнхъæлмæ кастис. Йæ фæрсты дыууæ чыз- джы ныйивгъуыдтой. Алæмæты хъустыл ауадысты сæ мæстæймарæн ныхæстæ: «Иунæгæй æнкъард кæны, мæ- гуырæг». Алæмæт сæ фæдыл акаст, фæлæ сæм дзургæ ни- цы скодта. Парк изæрырдæм куыд дзагæй-дзагдæр кодта, афтæ ныр та афтидæй-афтиддæр кодта. Дардæй кæсгæ- йæ дæр бæрæгæй фæзыны, изæр адæм чыртæ-чыртæй мидæмæ кæй фæцæуынц, ныр та æттæмæ ивылынц. Пар- чы адæм куыд ивылынц æттæмæ, афтæ электроны цы- рæгътæ дæр сæ кæрæдзи фæстæ хуыссын райдайынц. Фæлæ фæсивæд, уæлдайдæр лæппутæ, къордгæйттæй фæлæууынц æмæ исты худæджы ныхæстæ дзурыныл сбæндæн вæййынц, нæ фæтагъд кæнынц. Нæ тагъд кодта ацы ’хсæв Алæмæт дæр сæхимæ. Æмæ кæмæ тагъд кæна, йæ гоби уаты цыппар къуым- хмæ? Æмæ дзы цынæ федта? Æви дзы кæмæ тагъд кæ- иа, йæ ныййарджытæм, йæ хотæ æмæ æфсымæртæм?- Æмæ йын ахæмæй ничи ис. Саухъæды халонау иунæг у. Ахсæв ам, парчы куы сбон кæна, уæддæр æй ничи ба~ фæрсдзæн. «Зын у иунæгæн, гъай-гъай... Къостайы ны- хæстæ та йæхинымæры сфæлхатт кодта: «Цæй мæгуыр дæ, иунæг, дæ мад амæла!!!» Алæмæт кæд бынтон æнахъомæй баззад сидзæрæй, уæддæр æм афтæ фæкаст, цыма йыл йæ сидзæрдзинад нырæй тынгдæр никуьг æртæфст. Нырæй тынгдæр æй никуы хъæуы мад, фыд, æфсымæртæ, хотæ, хæстæджы^ тæ, хиуæттæ. Паркыл айхъуыст дæргъвæтин æхсидт. Уый æхсæвгæс у. Зилы та парчы æмæ уарзон фыды хъæлæсæй дзуры фæсивæдмæ: «Уæ хæдзæрттæм, уæ хæдзæрттæм, мæ хур- тæ. Фынæй афон уын у». Фæсивæд ын хъæлдзæг ныха- сæй дзуапп дæттынц. Сæ ныхас дардæй-дарддæрæй- хъуысы. Бæрæг у, паркмæ бацæуæны ’рдæм сæ ных кæй сарæзтой. Æвæндонæй рацыд Алæмæт дæр. Уæвгæ йæ удæн Терчы фарсмæ сбон кæнын æнцондæр уыдаид. «Ныр кæдæм, — хъуыды кæны Алæмæт, — нæхимæ? Æмæ мыл, æмæ Фæрдыджы фенгæйæ, ахсæв куыд сбон уыдзæн? Сонайы абæрæг кæнин æмæ, иуæй, Дыццæджы 19)
базарыл æм цас цæуын хъæуы, иннæмæй та цалынмæ уырдæм цæуон, уæдмæ æмбисæхсæв суыдзæн. Æмæ.уы- цафон искæйы чызгмæ бадзурын цас аив хъуыддаг у. Цы йын зæгъдзысты йæ фысымтæ?» Алæмæт сфæнд кодта сæхимæ ацæуын, фæлæ йæ ба- фæндыд уый размæ уал Фæрдыгмæ дардæй уæддæр ба- кæсын. Иæ фæндаг ракодта Фæрдыджы мады ’фсымæр Джамботы хæдзарыл. Уымæн уыдис æттæгуæлæ хæдзар. Фылдæр хатт-иу æмбисæхсæвты дæр сæ гом рудзынгæй калд электроны цырагъы рухс. Бинонтæй-иу куы чи ба- уад рудзынджы цурты, куы чи æмæ-иу Алæмæт Фæрды- джы æнæбазонгæ нæ фæцис. Фæлæ ныр уыдысты æнгом æхгæд æмæ дзы ницы базонæн уыд. Алæмæты зæрдæ фæкъæпп кодта, кæд сæ Фæрдыг барæй сæхгæдта, зæгъ- гæ. «Гъе, та, чи зоны, Фæрдыг йæ уарзон мады ’фсы- мæр Джамботæн йæ фырмæстæй æрхабар кодта зноны хъуыддаг, кæнæ мады ’фсымæр йæхæдæг куы федта, йæ дзæбæх хæрæфырт æгасæйдæр масты æхсиды, уæд æй фæрсынтыл схæцыд, æмæ хабар куы базыдта, уæд мæнмæ сæ хæрамдзинад тынгдæр равдисыны тыххæй сæхгæдтой сæ фæрсæгтæ. Искæй хæдзармæ æнафоны дардæй кæсын аив нæу, уæд та мæ исчи хуыснæг фен- хъæлдта æмæ фæдис ныхъъхæр кодта, уæд Фæрдыджы дæр æмæ мæхи дæр адæмы цæсты цы ’фтауон». — Алæ- мæт бар-æнæбары дæр уæнтæхъил æмæ сæргуыбырæй рараст сæхимæ. Дыккаг æмæ æртыккаг бон дæр Алæмæт нæ федта нæ дæр Фæрдыджы, нæ дæр Сонайы. Уæвгæ сæ кæм нæ агуырдта! Сæ кой, сæ хъæр нал ис. Чызджытимæ йыч иæ хорз ахаст чи зыдта, фæсивæдæй йæ ахæмтæ афарс- той, зæгъгæ, нæ сæ федтай? Фæлæ сын цы хъуамæ загътаид Алæмæт. Уый сæ йæхæдæг куы агуры æртæ боны дæргъы цырагърухсæй, къахихсыд куы фæци, фæ- лæ сæ уæддæр куы нæ ары. : Цыппæрæм бон æм постхæссæг газеттимæ баппæрста писмо. Алæмæт исдуг фæджих, писмотæ арæх нæ иста, æмæ кæмæй уыдзæн, зæгъгæ. Фæлæ йын куыддæр йæ къухфыст ауыдта, афтæ йæ цæсгом туджы разылд. Уай- тагъддæр базыдта Фæрдыджы тымбылтæ зылд рæсугвд дамгъæтæ. Исдуг цы акодтаид, уымæн ницы зыдта. Чы- 20
сыл цъæх конверт дзы уагъта стыр тас. Афтæ йæм каст, цыма йæ куы байгом кæна, уæд ын, Фæрдыг цы тæрхоп скодта, уый æрдзурдзæн. «Уаих фæуай, кæд дæ топпы дзыхмæ не ’вæры», — сдзырдта йæм йæ зæрдæ. — Ныр цыппар боны дæхицæн бынат нал арыс, бакæс-ма дæхимæ, цы хуызæн адæ. Æмæ цы саразай, уый дæр нæ зоныс. Писмо бакæс. Уадз, хæрамы охыл фыст дæр уæд, ’фæлæ дын уæддæр феххуыс уыдзæн, дарддæр дæ цы ми кæнын хъæудзæн, уымæн». Алæмæт хъавгæ байгом кодта пи^мо. Райста дзы иу чысыл гæххæтт дыдагъæй. Фыст ыл уыдис афтæ: «Алæмæт! Иу нæлгоймагыл дæр æууæнк нæй. Бузныг, æгайтма ды дæр ахæм разындтæ. Уæдæ дзæгъæлы нæ фæзæгъынц: бирæгътæ иууылдæр къуыбырхъустæ. Æз дæм кастæн хорз хистæр æмгар, æфсымæры цæстæй, ды та мын мæ зæрдæ скъахтай. Нæ мæ фæнды дæ хæрам- дзинад райсын, фæлæ æргом ныхасы къæм нæй. Æз дæм æрмæст хорз æмгары цæстæй кастæн. Абон уа, æви райсом, уæддæр мемæ æнæ сразы нæ фæуыдзынæ æмæ зæгъдзынæ: уый æцæг уыдаид рæузонд ми, рæдыд къахдзæф. Фæрдыг.» «Чызджы зæрдæ скъахтон, — писмо бакæсгæйæ, нык- кæрзыдта Алæмæт. — Фæхæрам мæм. Ме ’мгæрæтты кикуыуал ауайдзæн. Æмæ кæцæй ауайа. Уый мæм хис- тæр æмгар, æфсымæры цæстæй каст, æууæндыд мыл, æз та уыцы æууæнчы аккаг нæ разындтæн». «Мæхи азымы дарын, фæлæ цы у мæ аххос уæддæр? Ау, цæмæй дæн къуыбырхъус бирæгъ? Цæуылнæ ис мæ- нæн, мæ зæрдæйы мын арт чи ссыгъта, мæ цардæй фыл- дæр кæй бауарзтон, уыцы чызгæн ме ’нкъарæнтæ зæ- гъыны бар? Цы ис уым хæраймагæй? Мæнмæ афтæ куы каст, æмæ Фæрдыджы тыххæй хæхтæ, къæдзæхтæ да^р рафæлдахдзынæн, уæд мыл уый цæмæй нæ дары йæ зæрдæ? Нæ, фæлæ лæгау-лæгæн уый æцæг æфхæрд у. Фæлæ цы гæнæн ис. Куы уарзай, уæд æхсæрфарсы дзæхстæн дæр быхсын хъæуы. Æндæр гæнæн дын нæй, Алæмæт. Быхс, быхс æмæ ноджы ^дæр быхс», — йæхи- цæн зæндтæ амоныныл схæцыд Алæмæт. Æвиппайды йæ 21
цæстытæ аныдзæвдысты мæнæ ацы рæнхъытыл: «...абои уа æви райсом, уæддæр æнæзæгъгæ нæ фæуыдаис: уый рæузонд ми уыдаид». Куыд бамбарæн ис ацы дзырдтæн? Цы хоны рæузонд ми? Цæмæн мæ фæдзæхсы? Ома кæ- рæдзийы аккаг не стæм? Æмæ цæмæй не стæм кæрæ- дзийы аккаг? Гъе та нæ чи кæй аккаг нæу? Æз уый? Нæ! Афтæ куы хъуыдьпкодтаид, уæд мæ нæ фæдзæхсид, абон уа, æви райсом, уæддæр æй схондзынæ рæузонд ми. Цæ- мæн æй схондзынæн рæузонд ми? Æз ахæм амонд цы- рагърухсæй куы агуырдтон. Æви мæн уæлдæр æвæры, йæхи нæ хоны мæ аккаг? Æмæ кæд афтæ у, уæд цæмæн афтæ хъуыды кæны? Цы бындур ын ис? Ау, æз аспирант кæй дæн, уый та студенткæ, уый тыххæй? Æмæ цы у уый? Уый фæндгæ кæнæд, уый йедтæмæ докторантурæ- йы дæр йæ бон у ахуыр кæна. Мæнæн та, æгæрмæгуыр, мæ диссертацимæ мæ къух нæ тасы. Зæрдæ дзы ницæ- мæй рухс кæны. Цал хатты æвæрдтон кафедрæйы фарст, уый ницæйаг темæ у, æндæр темæ мын радтут, зæгъгæ, фæлæ чи хъусы мæнмæ. Дон хиды бынты. Мæ разамо- пæг бæрзонд къуыппыл бады æмæ уымæ æппæт дæр ^уыздæр зыны. Уый профессор у, æз та хуымæтæджы аспирант. Уый фæлтæрд зонадон кусæг у, æз та нырма хыссæ. Сынхъиздзынæн æви нæ^ уый бæрæг дæр нæма у. Зонадон кусæг æндæр ма уæд, фыссæнты бæсты хæс- гард чи хæссы. Зонадрн кусæг ногæй куы ницы зæгъа, фæлæ искæй хъуыдытæ æндæр фæлгæтты куы фæлхатт кæна, уæд уый цæй зонадон кусæг у? Хъыгагæн, ахæм- тæ дæр нæм фæзынд. Кæнæ нæ зонадон кусджытæй би- рæтæ райстой, дæсгай хæттыты фыст кæуыл æрцыд, ахæм темæтæ. Æмæ сæ къухты бафтыд диссертаци бахъахъ- хъæнын. Уæдæ: алы диссертацийæ дæр иу чысыл бын- дзыг—æмæ сæ цъына куынæ рауайа, уæддæр мæкъуылы фаг уыдзысты. Æмæ цы у ахæм зонадон куысты аха- дындзинад? Ницы. Паддзахад фæцæттæ кодта адæйма- джы зонадон куыстмæ. Уый та ардыгæй дæумæ диссерта- ци ацъап-цъуп кодта æмæ йын уæ сæрæй ныллæг кувут: йæ бæрзонддзинад, зонадон кусæг фæцæуы. Цæ- мæн хъæуы мæн ахæм зонадон куыст, — хъуыды кодта Алæмæт. — Мæн хъæуы сыгъзæрин æвзар таутæ, сæ дзаг æфсиртæй адæймаджы зæрдæ куыд рухс кæна. Уый 22
(тыххæй та мæ райсын хъæуы, мæ цардæй мын къæртт чи аппара, куы бахъæуа, уæд мæ ных кæуыл асæттон, ахæм диссертаци. Над фæндагыл æнцон цæуæн у. Зын- дæр цæуæн у æвæд миты. Æмæ царды та чысыл нæй æвæд цæуæнтæ. Табуафси, равзар дзы искæцыйы æмæ йыл афæд кæн. Фæлæ Алæмæтæн уый фадат нæ радта кафедрæ. Уы- мæн йæ диссертацийы темæ офидар кодтой, аспиранту- рæмæ бацæуыны фыццаг аз. Иу æмæ йыл дыууæ хат- ты миййаг нæ ахъуыды кодта Алæмæт, фæлæ дзы йæ зæрдæ ницæмæй рухс кодта- Уыд ивгъуыдцарды хæрам- хæссæг æгъдæутты ныхмæ. Алæмæты та фæндыд канд абоныл нæ, фæлæ сомбоны адæмыл, сгарджытыл фыс- сын. Æмæ уыцы темæйыл æрмæг æмбырд кæнын дæр райдыдта, кæд ын æй кафедрæ нæ фидар кодта, уæддæр. Фæлæ мæнæ фыдбылызæн йæ размæ февзæрд Фæр- дыг æмæ йын йæ рæсугъд хъуыдытæ æмæ бæллицтæ сæмхæццæ кодта. Тар мигъты ’хсæнты кæсы йæ сомбо- ны фæндагмæ æмæ йæ дзæбæх нал уыны. Уæвгæ йæм ныртæккæ, зæгъгæ, йæ амонд, рагуал- дзæджы бонау, фæхудт, уæд ыл цæргæсы базыртæ аса- дзид æмæ, чи зоны, фырцинæй, æррайау, уаты гæппытæ кæныныл схæцид. Ахæм уыд Алæмæты удыхъæд. Цы- фæнды чысыл циндзинад дæр æм гуырын кодта уаз бæллицтæ, царды æрттивгæ бæрзæндтæм хуыдта, нæ тарсти цæхгæр фæзилæнтæй æмæ гуыргъахъ фæндæг- ’тæй. Фæлæ йын, зæгъгæ, æнæхъуаджы маст окодтай, рæстæй йæ бафхæрдтай, уæд æй иста зæрдæнизмæ. Алæмæтмæ цæмæндæр афтæ каст æмæ, хъæды хало- нау, иунæг кæй у, уый хыгъд хъуамæ бацагура йæхи- цæн ахæм цардæмбал, йæ сидзæры фыдæбæттæ йын чи ферохкæнын кæна. Лæгдзинадæй никæмæ бахæлæг код- та. Афтæ йæм каст, цыма йæ фæндгæ бакæнæд, уый йедтæмæ æппæт дæр бауыдзæн йæ бон. Æппæтмæ дæр хаста йæ ныфс. Фæлæ хорз æмгæрттæй уый уæддæр хæ- лæг кодта, хорз амонд сæ кæй фæцис, уыдонмæ. Алæмæтмæ афтæ каст, æмæ хорз цардæмбалимæ адæймагæн йæ бон у хæхтæ, къæдзæхтæ рафæлдахын дæр. Ахæм æм каст Фæрдыг. Фæлæ йæ нæ бамбæрста. Нæ йæ фæнды Алæмæтимæ йæ хъысмæт сбæттын. ^ 23
Алæмæт гæххæтт фæстæмæ бадыдагъ кодта, конвер- ’ ты йæ нывæрдта æмæ паркмæ йæхи айста. Парчы бирæ адæм тезгъо кодта, фæлæ Алæмæтмæ парк каст афтид, æнæзмæлæг. Иæхи та байста Терчы былмæ, йæ уарзон бынатмæ. Цæвиттон, Терчы былтæ бетонгонд сты иууыл- дæр, уæлдайдæр парчы акомкоммæ, фæлæ дзы иу ран цæмæндæр ныууагътой пыхсауæзт. Уыцы ауæзты сæр арæх бадт Алæмæт æмæ-иу æдзынæг каст Терчы доны знæт улæнтæм. «Терк, абон цыппæрæм бон нал федтон мæ удæнцо- йы. Ды дæр æй нæ федтай? Миййаг дæм æнæ мæн не ’рцыд? Нæ Дын каст де ’хсидгæ улæнты хъазтмæ? Ни- цы дзурыс? Дæхицæн схойыс æнæмæтæй размæ. Æви мæсты кæныс? Æмæ цæуыл мæсты кæныс? Æгæр дзæ- бæх цæуæнтæ дын сарæзтам? Чысыл дын къуындæг сты, фæлæ уый Дæхи аххос у, хъуыды ма кæныс, фарон куы раивылдтæ æмæ нын нæ рæсугъд парчы дæлвæзтæ куы ныддæлдон кодтай, уый? Ай, ай, уæд дæм тынг смæсты стæм æмæ дын иу чысыл дæ фæндæгтæ фел- хъывтам. — йеныр, табуафси, æхсид, лæбур дæ был- гæрæттæм, дæ тыхджын улæнтæ хой парчы бетонфарс "къултыл! Уадз тынгдæр хъуысæд дæ уынæргъд, бæр- зонддæр зыввытт кæн де ’хсидгæ улæнты пырх, уæддæр дзы паркæн ницыуал тас у. Фæлæ Фæрдыг ам уыд, æви нæ, уый мын кæй нæ_ дзурыс, уымæй раст нæ кæныс. Æви афтæ æнхъæлыс, иунæг дæ цæуæнтæ фелхъывтой? Нæ, æз дæр ма дын æмбал дæн, мæн та хæрам адæймæгтæ фелхъивынц. Фæлæ æз быхсын. Æрра митæ нæ кæнын. Æз хорз зо- нын хæрам адæймæгты миниуæг. Ахæмтæн сæ алыварс бæстæ куы фæсудзы, уæд рæзгæ фæкæнынц, искæй маст сын цин фæхæссы. Ай, йеныр Фæрдыджы кæй уарзын, уымæй дæр сæ ме ’уоны мигъ бады. Æрмæст сæ хъус- тыл æрцæуæд, уый йедтæмæ дзы сæхи æнæ фæтъысгæ нæ фæуыдзысты. Хорзы Дын ницы хуызы бацæудзысты. Ахæм нæу сæ туджы хъæд. Фæлæ фыдгæндмæ æдзух- Дæр — цæттæ. Мæрдты бæсты куы уай, уæддæр дæм сæ фарсыл хилдзысты, нæ дæ ныууадздзысты æмæ дын дæ рæсуг суадон базмæнтдзысты. Ахæм у сæ миниуæг». — Мæнæ кæм бамбæхсти! Махæн та йæ агурынæй 24
нæ сæр разылд! — йæ уæлхъус æрбалæугæйæ, фæкодта Сона. — Иунæг куы дæ, уæд чи «махæн» зæгъыс? — афарста йæ Алæмæт, фæлæ уæдмæ чысыл æттæдæр бæ- ласы аууон ауыдта Фæрдыджы дзыккутæ. — Цом! — Кæдæм? — афарста Алæмæт. — Чызг махмæ æнхъæлмæ кæсы. — Уæлдайдæр та мæнмæ. Уæ хорзæхæй, кæм фе- сæфтыстут? — Цом, йæхæдæг дын радзурдзæн. «Цыппар боны мын йæхи куы нал фенын кодта, уæд мын ныр цы радзурдзæн?» Алæмæт æмæ Сона бацыдысты Фæрдыджы цурмæ. Фæрдыг уыд æнкъард, сагъæсгъуыз. Алæмæт æдас нæ уыд сæ фæстаг фембæлдæй æмæ цы акодтаид, уый нæ зыдта. Йæ дзырд та баппæрста Сона: — Чызгæн æгас цу цæуылнæ зæгъыс, ныр æй уал боны куынал федтай? — Кæцæй йæ федтаин, æмбæхсгæ мæ куы кодтат, уæд? — Бахатыр кæн^ æндæр гæнæн нæ уыд, — Сона, Фæрдыджы къухы цы чиныг уыд, уьий рафæлдæхта æмæ дзы цыппар дыдагъæй тел райста. Æрбадардта йæ Алæ- мæтмæ. Телы фыст уыд: «Фæрдыг, дæ мад мæлæтдзаг рынчын у». Алæмæт йæ хуыз аныхъуырдта. — Тæрсгæ йын ма кæн, пицы йын уыди, — Алæмæ- ты тыхст бафиппайгæйæ, хъазгæмхасæн загъта Сона.—- Æнæуи нын бахатыр кæн, афоныл дын кæй ницы загъ* там, афтæмæй хъæумæ кæй ацыдыстæм, уый. Огъо! Æз дæр хъæуы уыдтæн, уæдæ куыд. Мæ хуыздæр æмбал ахæм тел райста, æмæ æз та ам бадтæн? Фæлæ нæ рын- чын гæды разынд. Алæмæт хъуыста Сонайы ныхæстæм, фæлæ не ’мбæр- ста бирæ цыдæртæ: цæмæн разынд рынчын гæды, æмæ уæд цæмæн бахъуыд тел радтыны сæр?. — Нæ мæ ’мбарыс? — Алæмæтмæ комкоммæ бакаст Сона. Алæмæт йæ сæр «нæ»-йы тылд бакодта. 25.
— Хъус уæдæ, æз дын сæ лыстæггай радзурон. Фæр- дыг нæм куы фæтæргай ис, уый хъуыды кæндзынæ? — Ма та райдай! — оирвæзт æппынфæстаг Фæрды- джы ныхас. — Иу чысыл дын æнæбабыхсгæ нæй, Фæрдыг. Лæп- пуйы фæнды æппæт дæр бæлвырдæй зонын. Хъус, хъус, Алæмæт. Æрыдоны нæ маргæ кодта Фæрдыджы мад. Фæрдыг йæ мидбыл бахудæгау кодта. Æз бæлвыр- дæй хатыдтæн, уыцы худт зæрдæйæ кæй нæ гуыры, фæ- лæ æнæнхъæлæджы цы цъысымы бахауд, йæ уыцы уа- вæрæй. — Фæстаг хатт дæуæй кук фæхицæн стæм, уæд æз дæр комкоммæ араст дæн мæ фыды хомæ. Сахатæй би- рæ фылдæр нæ рацыдаид, афтæ, ацы тел йæ къухы, аф- тæмæй нæ къæсæрыл æрбалæууыд Фæрдыг, цæссыгкал- гæ. Мах иууылдæр фæтарстыстæм. — Цæй, ницы йын уыдзæн. Иу æмæ дыууæ хатты фæрынчын вæййы адæймаг. Мæнæ æз æДзухдæр рынчын куы вæййын, уæхæдæг мæ нæ уынут, æмæ мыл кæд цы ’рцыдис? — мæ фыды хо Анетæ ныфсытæ æвæрдта Фæрдыгæн. Уæвгæ иннæ уаты та мæнæн сабыргай бам- барын кодта,' зæгъгæ, æвæццæгæн, хъуыддаг æвзæр у, æндæра сидзæргæс мад йæ иунæг чызгмæ тел радтын ницы хуызы бауагътаид. Кæд чысыл раздæр Фæрдыгæн цы ныфсытæ æвæрдта, уыдонæй æз дæр фæныфсджын- дæр Дæн, уæд .мæ ныр та бынтондæр фæтæрсын кодта. — Цæугæ ды дæр Фæрдыгимæ, хуыцау йæ зонæг, рынчыны ма удæгасæй ныййафдзыстут, æви нæ! — мæ хъустыл уадысты Анетæйы ныхæстæ. Мæхи тагъд-тагъд арæвдз кодтон æмæ фæцæуæг дæн Фæрдыгимæ. Авто- бус кæм уыд, фæлæ иу уæзласæн гом машинæйы абад- тыстæм, афтæмæй уадыстæм Æрыдонмæ. Ноджы шо- фырæн куы бамбарын кодтон нæ цыды сæр, уæд нæ Фæрдыджы хæдзары тигъмæ бахæццæ коДта. Дзæбæх лæппу цыдæр уыд, æгæрмæгуыр нæ æхца дæр нæ айста. — Дзæбæх чызджытæ, уæ рынчын уæхи фæндиаг уæд, фæлæ æппæт шофыртæм иу цæстæй ма кæсут. Æх- цайыл æмхуызон æнувыд не сты. Уæхимæ дæр уæ ба- хæццæ кæнин, фæлæ тынг æнæвдæлон дæн æмæ мын ба- хатыр кæнут. 26
Сона шофыры ныхæстæ афтæ æхсызгонæй дзырдта, æмæ алчи дæр рахатыдаид, ногæй ма кæйдæр лæппуйы фенынмæ кæй бæллы. Фæлæ ныртæккæ Алæмæты Сона- йы зæрдæйы сагъæстæ не ’ндæвтой. Сона исдуг шофыры фæстæ кæй адзæгъæл, уый фæфиппайдта йæхæдæг дæр, фæлæ сын нæ басусæг кодта йæ зæрдæйы æнкъарæнтæ: — Зоныс, Алæмæт, иунæг хатт йедтæмæ йæ нæ фед- тон, фæлæ мæ цæстытæй нæ хицæн кæны йæ фæлгондз. О, æмæ уый дзырдтон, — цæхгæр йæ ныхас фæлыг код- та Сона. — Фæрдыгтæм куы бахæццæ стæм, уæд Фæр- дыджы мад Дуду, стыр уисой йæ къухы, афтæмæй кæрт мæрзы. — Ай нæ рынчын нæу, дæ хорзæхæй?! — базгърдта •Фæрдыг æмæ йæ хъуырыл атыхст. ДуДу ахъæбыс кодта мæнæн æмæ сдзырдта: — Хуыцау уæ саразæд, æгайтма фæзындыстут. Æз ма та уæм горæтмæ цæуынмæ хъавыдтæн. Ахизут ми- дæмæ. — Æна, дзæбæх куы дæ, уæд ай цавæр тел у, уымæй дæр ахуыры тæккæ къуырцдзæвæны, — загъта Фæрдыг æмæ йæ мады къуха^й уисой райста æмæ кæрт æфсна- йыныл схæцыд. — Хорз ахуырыл ныххæцыдтæ, мæ чызг. Уæдæ æн- дæр цæмæй бафидай дæ мады лæггæдтæ. Уый куы зыд- таин, мæ иунæг ныфс.мын оомбон мæ сæр афтæ фæху- динаг кæндзæн, уæд æй йæ авдæны ныххурх кодтаин. .Сохъуыр æмæ дæ цæнкуылæй куы нæ схас’гон, уæд дæ сæрмæ цытæ хæссыс, дæ бындур ныззила. Кæнæ горæ- ты адæмыл рын куы нæ аххæсдзæн, уæд дзы ды иу хуы- зæнæн адæймаг дæхицæн æнхъæл нæ дæ, æви кæдæм фæдис кæныс? — Æна, цытæ дзурыс? — фездæхт мадмæ Фæрдыг. — Мæнæ дæ горæтмæ куы нал ауадзон, уæд, цытæ дзурын, уый базондзынæ. Цæрæнбонты ацы хæдзары уыргæфтыд уый тыххæй нæ фæдæн, æмæ ныр федзæрæг уа. Нал мæ хъæуы ахуыргонд чызг. Мæнæ дын хæдзар: цæр, кус æмæ хъæубæстæ цæмæй цæрой, уый дæуæн дæр фаг уæд! — Омæ цы кодтон уæддæр, цæмæй фæзылынджын дæн? — ныккомкоммæ йæм Фæрдыг дæр. 27
— Рацу мидæмæ æмæ дын æй зæгвдзынæн! — барт- хъирæн кодта Дуду. Фæрдыг цалынмæ кæрты бырæттæ иу ранмæ марзта, æмæ сæ бырондонмæ калдта, уæдмæ æз æмæ Дуду тыргъмæ схызтыстæм, цы даргъ бандон^дзы уыдис, ууыл æрбадтыстæм æмæ нæ Фæрдыг куыннæ хъуыстаид, аф- тæ райдыдта Дуду сабыргай ныхас кæнын. Ныхасы сæр , уыдтæ ды. Цæвиттон, Дудумæ чидæр ныффыста писмо. Йæхæдæг кæсын нæ зоны, фæлæ йæ сыхæгты чызгæн бафæрсын кодта æмæ æппæт бæллæх- тæ уырдыгæй рацыдысты. Мæнæ дын писмо йæхæ- дæг! — Сона райста Фæрдыджы къухæй чиныг æмæ дзы сласта, бæстæ фэедис чи скодта, уыцы писмо. Ногуард митыл карчы фæдтæ куыд фæзынынц, афтæ хылы-мы- лытæй зындысты писмойы рæнхъытæ æмæ дамгъæтæ. Писмойы фыст уыд: «Дуду! Ды мæн нæ зоныс. Нæ дæ зонын æз дæр. Никуы мæ федтай, никуы дæ федтон. Фæлæ уæддæр сыгъдæгзæр- дæ адæймагæн йæ бон нæу, æмæ сидзæргæс мады иунæг чызг йæ сæфты къахыл куы ныллæууыд, уæд ма ныхъ- хъæр кæнон: «Фæдис, фæдис, рыстзæрдæ ныййарæг мадг дæ дзыхы комдзагæй кæй схастай, уал азы сидзæргæс цы чызджы тыххæй фæбадтæ, уый сæрсæфæн айнæджы был лæууы, иунæг рæдыд къахдзæф ма акæнæд æрмæст- дæр æмæ æнæбын комы стæлфдзæн. Райсом бон фыр фæсмонæй тондзæн йæ рустæ, уæлхъæдæй хус кæндзæн, фæлæ ма уæд цафон уыдзæн. Дæ иунæг чызг Фæрдыг йæхи сбаста, ирон фæтк æмæ æгъдауыл йæ къух чи систа, нæ институты уыцы кæстæр зонадон кусджытæй иуимæ, йæ ном Алæмæт. У хин æмæ кæлæн. Талынг коммæ цъиуы цæст нæ ивгъуыйы. Кæм дæ, рыстзæрдæ ныййарæг мад, тагъд фæзын дæ хъæ- булмæ æххуысмæ, асæрф ын йæ цæстыты хæрв, ракæ- сын æй кæн афоныл, науæд дын дæ зæронд сæр фæху-- динаг кæндзæн. Алæгаты Адто». Алæмæт фырмæстæй ныккæрзыдта. — Ды ам оффытæ кæныс, фаелæ уым мах æртæ бо- ны дывыдон арты сыгъдыстæм, тох кодтам канд нæхи 28
кад æмæ намысыл нæ, фæлæ дæ кадыл дæр. Гъе, æмæ дæ сæрыл кæй дзырдтам, уый йын ноджыдæр йæ мас- тыл цæхх зæрста. Уьщы дзæгъæлдзых чызг писмо куы бакаст, уæд ма йыл ноджыдæр къæдзил æмæбазыртæ асагъта, афтæмæй йæ, йæхи хуызæттæй кæй уыдта, уыдонæн лæхурдта. Та- бу дæ фарнæн, фæлæ дам-думтæ уый бæрц сырæзтысты, цыма чызджы чидæр фæрæдийын кодта... Мæгуыр зæ- ронд усæн иутæ æцæгæй тæригъæд кодтой, иннæтæ йын, хъуыддаг афтæ у, æви нæ, уый фæбæлвырддæры тых- хæй барæй сæхи тæригъæдгæнæг скодтой, къахтой йын йæ рыст зæрдæ. Гъемæ адæмы ныхæстæн куы нал фæ- рæзта, уæд радтын кодта тел. Цы хуызы йæ не ’ууæндын кодтон, фæлæ дзы æртæ боны дæргъы, зæрдæ цæмæй барухс . уыдаид, ахæмæй иу дзырд дæр нæ фехъуыс- там. — Мæ чызг мæ чызг у æмæ йæ ахуырмæ нал уа- дзын! — тызмæгæй загъта мад. Фæрдыджы уæхсчытæ фесхъиу-фесхъиу кодтой. Алæ- мæт æм комкоммæ бакаст, рустыл згъордтай ставд цæссыгтæ. — Мæнæ йеныр куыд ныхъхъус æмæ фуртт-фуртг кæны, афтæ фемæхстысты йæ цæссыгтæ. Мад хыл код- та, чызг — кæугæ. Æз та дыууæйы æхсæн уыдтæн тох- гæнæг. Æнæуи мæ хуыцауы æлгъыст хонынц, æвзадж- джын, фæлæ дæ бауырнæд, ме ’взаг кæд цъиуы æвзагæй лыстæгдæр ссис, уæддæр читт нæ кодта, лæууыд йæхи фæндыл: «Ма мæм хат, нал ауадздзынæн мæ чызджы ахуырмæ, нал мæ хъæуы ахуыргонд чызг». Иугæр нæ разы кодта, уæд æм суагътон æз дæр мæ цæсгом æмæ ам дæ, кæм дæ: уæдæ, зæгъын, дæ чыз- джы тæригъæд дæр фæхæсс æмæ мæ тæригъæд дæр. Кард, дам, гал фестыгъта æмæ йæ къæдзилыл асаст. Афтæ рауад мах хъуыддаг дæр. Уал азы фæцахуыр код- та æмæ йæ бирæ фыдæбæттæн сæ кæрон балхынцъ кæ- ьын куы хъуыд, уæд ын кæйдæр æнаккаг писмойы тых- хæй нал бантыст. Дуду кæд мæстæй цæхæртæ /калдта, уæддæр нын сихормæ уæлибыхтæ скодта. Фæлæ иугæр мæ тохæп ницы цæуы, уæд бартхъирæн кодтон Фæрдыгмæ, цæмæй, 29
сыдæй куы мæла, уæддæр йæ дзыхмæ комдзаг ма схæсса. Райсомæй нæхицæй дæр æххормагæй ацыдыстæм æмæ нын Дуду нæ разы тæвд уæлибыхтæ куы авæрдта, сæ сæрты царв ленккæнгæ, æхцон тæфгæнгæ, уæд, ба- хатыр кæн, фæлæ мæ комы дæттæ æруадысты. Фæлæ дзырд дзырд у. Бадæм-нæ дыууæ дæр тæргайæ, фыкг- мæ æмгæрон нæ цæуæм; архайæм, тæвд уæлибыхтæм цæмæй ма кæсæм, ууыл, фæлæ сыл-иу цæстытæ æвæн- донæй аныдзæвдысты уæддæр, æмæ-иу нæ комы дæттæ тынгдæр æруадысты. Цы хуызы мæм нæ бахатыд Дуду, фæлæ къæрттæй цъула не ’ппæрстон æз дæр. Уæд уый дæр смæсты æмæ кæртмæ ацыд. Уаты баззадыстæм æз, Фæрдыг æмæ тæвд уæлибых- тæ. Фæлæ дзырд дзырд у. Мæнмæ хардзау æркаст, дыу- уæ фæскомцæдисон чызджы иу зæронд ус абырсынмæ кæй хъавы, уый. Сыстадыстæм æмæ рацыдыстæм мах дæр кæртмæ. Чысыл æфснаинæгтæ нæй ирон къæууоп хæдзары, уæлдайдæр та сидзæргæс усы хæдзары- Рай- дыдтам æфснайынтæ. Æрбахастам дон, ныхсадтам пол- тæ, хуыссæнты цъæрттæ ракалдтам, баудæстам сæ. Цас фылдæр куыстам, уый бæрц тынгдæр фæдисы хъæр код- той нæ ахсæнтæ. Фæлæ дзырд дзырд у. Изæрмæ « афтæ бафæлладыстæм æмæ нæ уæнгтæ сисынхъом нал уыды- стæм. Нæ бакуымДтам æхсæвæр хæрын дæр. Схуыссы- дыстæм æххормагæй. Дыккаг бон Дуду ахъарм кодта уæлибыхтæ. Фынгыл ма февзæрд карчы мард дæр. Фæ- лæ мах уæддæр нæ бавнæлдтам фынгмæ. Рацыдыстæм та кæртмæ æмæ фæллад уæнгтæй бавнæлдтам гæрзтæ ’хсынмæ. Стыр сихорафонтæм фæбыхсыдта зæронд ус, стæй нæ уæлхъус æрбалæууыд: — Мæгуыры бонтæ мыл æркодта, Сона, мæ хæдзар- мæ сыдæй мæлынмæ æрцыдыстут?! — Афтæ дæ фæнды æмæ дæ ныхас уæд. Æрмæст дын уыцы саузæрдæ лæджы писмойæ иу цалдæр дзыр- ды сфæлхат кæндзынæн: «Рыстзæрдæ ныййарæг мад, дæ дзыхы комдзæгтæй кæй схастай, уал азы сидзæргæс цы и^зджы тыххæй фæбадтæ», ууыл чидæр хахуыр куы кæ- 30
ны, уæд дæм куыд нæ сдзырдта мады зæрдæ, куыд бауч уæндыдтæ цавæрдæр æнаккаг адæймаджы писмойыл, фæлæ не ’ууæндыс дæ сыгъдæгзæрдæ хъæбулыл кæнæ- мæныл, дыккаг чызг кæй хоныс, ууыл? Ау, уый у мады сыгъдæг уарзондзинад? Æз та афтæ æнхъæлдтон, æмæ хъæбулы тугдадзинты куыст баст> у мады зæрдæи- мæ æмæ йын ныййарæг мад фæхаты йæ цæф. Фембары хъæбулы алы сулæфт, алы фезмæлд дæр. Фæлæ фæрæ- дыдтæн. Æвæццæгæн, мæ фæстаг ныхæстæй æгæр бацагайд- тон мады зæрдæйы хъæдгом. Цыдæр зæгъын æй фæн- дыд, фæлæ исдуг йæ хурхы уадындзтæ ахгæдтой æмæ ницы сдзурын фæрæзта. Æппынфæстаг къæхты бынæй ныуунæргъæгау кодта: — О, сау сыджыт мын бахæра мæ зæрдæ, кæд дзы дызæрдыгдзинады ахстон бийын цæмæн бауагътон. Фæ- тых мыл сты, Сона, хæрам хъуыдытæ. Æмæ, зæгъгæ, ды нæ уыдтæ, уæд æй ницы хуызы уал ауагътаин уыцы сæфты горæтмæ. Дудуйы фæстаг ныхæстæ фехъусгæйæ, мах дæр æх- сызгонæй сулæфыдыстæм, фæлæ нæ циндзинад бам- бæхстам. Мады зæрдæ, царвау, атад æмæ Фæрдыгмæ рæвдаугæ сдзырдта: «Акæ чызджы, мæ хур, сыдæй мæлынмæ йæ не ’рба- кодтай!» Дуду, цыма йæ дызæрдыгдзинад бынтондæр цæмæй айсæфа, ууыл архайдта, уыйау йæ чызджы роцъойыл хæрдмæ схæцыд æмæ йын’комкоммæ бакаст йæ цæсты- тæм. Фæлæ йын чызджы цæстытæ ницы схъæр кодтой. Алæмæт фестъæлфыд Сонайы ныхæстæм. «Æмæ йын цы схъæркæнинаг уыд»?—ахъуыды кодта йæхинымæр. — Ууыл ахицæн нæ тох, — загъта Сона, — æмæ та мæнæ дыууæйæ дæр стæм’дæ разы. Фæлæ Дыууæ боны æз сымах" тыххæй æххормагæй кæй ныджджиуд- тон, уый тыххæй уæм цы фæнд ис? Æндæр ницы, фæлæ мæ киномæ уæддæр ахонут. — Сæрдыгон кинотеатры бæстыхайы мидæг фильм цæуы... — Алæмæт фæрсæджы каст бакодта Фæрдыг- мæ. Фæлæ Фæрдыг ницы сдзырдта. Иæ сагъæссаг цæст- æнгас цавæрдæр тас уагъта Алæмæты зæрдæйы. 31
— Цæуæм, науæд ныр та æз фæтæргай уыдзынæн,— загъта Сона æмæ Фæрдыгмæ бакаст. —Цæуæм, Алæ- мæт, Фæрдыг разы у. Чысыл фæстæдæр Фæрдыг, Сона æмæ Алæмæт уыд- той индиаг фильм «Байджу Бавра». Алæмтæмæ афтæ каст, цыма киноныв арæзт у сæ дыууæ Фæрдыджы цардыл. Хаттæй-хатт-иу йе ’нкъарæнты улæнтæй æгæр куы стыхст, уæд-иу йæхимидæг базмæлыд. Цæй тынг-иу æй ф-æндыд Фæрдыджы къух райсын, йæ зæрдæмæ йæ рæв- Даугæ балхъивын, чызджы хъусы бадзурын: кæсыс, амондыл цы тох цæуы, зæгъгæ, уæдæ, Фæлæ Алæмæт эхæмæй ницы бакодта; Уый нæ, фæлæ-иу æнæнхъæлæ- джы йæ къух куы аныдзæвд Фæрдыджы къухыл, уæд-иу дзы хатыр ракуырдта. Кинойы фæстæ сын Сона сарæзта хицæнæй адзуры- ны фаДат. — Фæрдыг, райстон дын дæ писмо. Мæ уавæр мын зоныс. Гъемæ дæхæдæг сбар æппæт дæр. Дыууæ адæй- маджы кæрæдзимæ æмхуызонæй куы нæ ’лваса иугæ- нæг тых, уæд иуы уарзтæй уарзт нæй. Æмæ кæд ахæм уавæры дæн, уæддæр мын æй ма басусæг кæн, зæгъ мын æй æргомæй æмæ мæ дæ развæндагыл лæугæ ни- куыуал фендзынæ. Фæлтау дæм дардæй кæсдзынæн æмæ дæм тæхуды кæндзынæн, уæддæр дæ æввахсмæ никуыуал бахъыгдардзынæн. Фæрдыг исдуг ныхъхъус. Зын æм каст ацы фарстыл дзурын. Алæмæтимæ сæ куы базонгæ кодтой, уæдæй рацыд иу аз. Райдианы æнхъæл уыд, зæгъгæ, се ’хсæн ис æрмæстдæр хуымæтæджы хæлардзинад. Алæмæтæн аргъ кодта, уарзта йын йæ ныхасмæ хъусын. Фæлæ фæстагмæ уыцы хуымæтæджы хæлардзинад суагъта сыгъзæрин таутæ. Фæрдыджы зæрдæйы райгуырд ца- вæрдæр æнкъарæнтæ æмæ йыл бонæй-бон тынгдæр, зил- гæ цъилау, тыхстысты. Чызг фæтарст йе ’нкъарæнтæй, йæхи дæрдты ласта Алæмæтæй. Фæлæ уыдон уыдысты æрмæстдæр хи фæсайыны митæ. Алæмæтæн кæд йæхи нæ уыдта, уæддæр йæ фæлгондз æнæсцухæй йæ цæсты- тыл уад, йæ хъуыдыты зилдух кодта. Йæ бæллицтæ йæ ластой иугæндзонæй Алæмæты фенынмæ. Цал æмæ-иу 32
цал хатты скодта йæ дарæс Алæмæты феныны æнхъæл- цау, рацыд-иу паркмæ, фæлæ та-иу æмбисвæндагæй фæстæмæ аздæхт. Ныхмæлæууæг хъуыдытæ-иу æрлæууын кодтой Фæр- дыджы æмбисвæндагыл, нал-иу æй ауагътой ра>ма%, фæстæмæ-иу æй раздæхтой. Фæлæ Фæрдыг хæдзары нæ ардта удæнцойдзинад. Рафт-бафт кодта æрра-йау. Фæс- таг бонты атад, аруад бынтондæр. Фысымтæ, уæлдай- дæр та йæ мады ’фсымæр Джамбот хатыдис, Фæрдыг цæуылдæр ’кæй тыхсы, уый. Фæлæ се ’ппæт дæр æнхъæл уыдысты, зæгъгæ, паддзахадон экзаментæ æрæввахс кæнынц æмæ уымæй тыхсы. «Алæмæт, цымæ цы фыдбылызæн февзæрдтæ мæ размæ? Кæнæ кæд ме сæфт не ’рцыд, уæд цы ми кæнын? Комкоммæ куы уынын, рæдийын, уæд мæ сыджыт ба- хæринаг зæрдæ цы тыхсын кæны? Цæмæн мын фесæфта мæ удæнцойдзинад? Ау, паддзахадон экзаменты бæрн- дзинад дæр нал хатын?» Йæ фысымты хъустыл дæр æрцыд, Фæрдыг, йæхи- цæй бирæ хистæр чи у, ахæм нæлгоймагимæ парчы кæй фæтезгъо кæны. Уыцы хъуыддаг ын йæ мады ’фсымæр йæ цæстмæ бадардта. Фæрдыг афæнд кодта йæ зæрдæ- йы æнкъарæнтыл къæйдур ныффæлдахын, æппæт дæр иу чъеппæй ахауын кæнын. Гъе æмæ йеуæд ныффыста Алæмæтмæ дæр писмо. Фысгæ йæ бæргæ ныккодта, фæлæ афтæ зæгъæн ис, æмæ писмойы алы Дзырд дæр йæ цæссыгæй æхсадта. Афтæ нæм каст, цыма йын Алæмæт енырæй зынаргъ- дæр ’никуы уыд. Фыста æмæ фыста, йæ цæссыгтæ та гæххæттмæ гæр-гæр кодтой. Нæ сæ фæрæзта уромын. Писмо посты лагъзы куы ауагъта, уæд æм афтæ фæ- каст, цыма йыл йæ дуне баталынг. Расыг лæгау йæ сæр зылд, афтæмæй ма тыххæйты сæхимæ бацыд, ныффæл- дæхт диваныл æмæ -йæ цæссыгтæй йæ тыппыртæ уагъ- та: «Алæмæт, мæ .зынаргъ Алæмæт, ныр мып дæумæ бакæсыны хъомыс нал ис. Сидзæр сæныккау зæрдæхæл- дæй фæсвæдты хилдзынæн, уæддæр дæм мæхи нал равдисдзынæн». Куы та-иу йæ сæры фæмидæг хæрам хъуыдытæ, кар- зæй-иу ныххæлбурцъ кодтой æмæ-иу æй бафæндыд фæ- 3. Хацырты С. \ 33
дис ныхъхъæр кæнын: «Адæм, фехъусут уе ’ппæт дæр,. Алæмæты уарзондзинад мæ сæрра кодта!» Æмæ судзгæ уарзондзинады арты хъизæмар куы кодта, раст йеуæд райста тел йæ мадæй. Дыууæ æхсæ- вы йыл сæхимæ Æрыдоны, афæдзау, ныддаргъ стьь Иæ мад Дуду йын куы загъта, зæгъгæ, йæ горæтмæ ахуыр кæнынмæ нал ауадздзæн, уæд цæф сæгуыты схъиуд фæ- кодта. Иæ цæстытыл æппæты фыццаг ауад Алæмæт. «Цы кæндзынæн æнæ Алæмæт? Цы у амонд æнæ Алæ- мæт? Цæргæ-цæрæнбонты хъизæмар, рыстзæрдæйы утæх- сæн. Нæ, æнæ Алæмæт мæнæн цард нæй! Кæнæ Алæмæт, кæнæ та æппындæр ничи»,—аскъуыддзаг кодта Фæрдыг Æрыдоны. Иæхимæ тынг мæсты кодта, уыцы æнæхаи- ры писмо йæм кæй арвыста, уый тыххæй. * Гъе æмæ ныр Фæрдыджы æппæт зындзинæдтæ дæр фæстейæ аззадысты. Ногæй та лæууы мæнæ йæ удæн- цоимæ æмæ дзы Алæмæт домы æргом дзуапп. Цæттæ у Фæрдыджы дзуапп дæр, фæлæ йе ’взаг йæ комы бан- дзыг, нал арæхсы. Æмæ æниу куы арæхсид, уæддæр ын пæ ирон æгъдау сабыр кæны йе ’знæт зæрдæйы улæнтæ. — Алæмæт, æз тынг тарстæн, мæ мад мæ, зæгъын^ ахуырмæ куы нæ уал рауадза æмæ дæ куы .нал фе- нон... — Йæ цæсгом туджы разылд, афтæмæй æрдæг цъæррæмыхстытæй сдзурып бафæрæзта Фæрдыг æмæ йæ къуыпп риутыл йæ сæр æруагъта. Алæмæт не ’ууæндыд йæ хъустыл. йæ ризгæ къухтæй уæлæмæ схæцыд чызджы роцъойыл æмæ йын комкоммæ йæ цæстытæм бакаст. Фæрдыджы цæстытæ зылдысты цæссыгты малы æмæ цæссыгтæ ставд цæппузыртæй уадысты йæ рустыл. Фæлæ уыдон уыдысты амон- ды цæссыгтæ. Уыцы цæссыгтæ æвдадзы хос уыдысты Алæмæтæн дæр. Æмæ сæ кæрæдзийы цæстæнгасы ата- дысты амондджын уарзæттæ. Кæрæдзийыл сæ былтæ аныдзæвдысты. Растдæр зæгъгæйæ та Алæмæты былтæ аныдзæвдысты Фæрдыджы былтыл. Иæ домбай цæыгты æхсæн æй æрбакодта, йæ пуртийау дымст къуыбыр риу- тæ судзгæ уарзондзинады фæттæй рæхуыстой Алæмае- ты зæрдæ. Фæрдыг исдуг йæ зæрдæйы монцы уацары бахауд æмæ Алæмæты хъæбысы йæ буар æгасæй д<тр 34
æхсызгон дыз-дыз кодта, стæй цыма стыр фыдра.кæнд сарæзта, уыйау фестъæлфыд æмæ Алæмæты хъæбысæй йæхи ссæрибар кодта. Алæмæт уыд знæт уарзондзинады æнкъарæнты ахасты æмæ фырцинæй йæхицæн бынат нал ардта. Зæгъгæ, Фæрдыгæн йæхицæй æфсæрмы нæ кодта. уæд, сывæллонау, худид, кæуид, гъе та йæ сæрыл къуылби- цытæ кæнид. Чысыл фæстæдæр сæм æрбацыд Сона æмæ сæм фæр- сæджы каст бакодта. Сæ дыууæйы цæстыты дæр сыгъ- дис амонды цырæгътæ. Сона бамбæрста хабар. Сæ къухтæ сын райста æмæ сæ йæхи къухты æхсæн зæр- диагæй нылхъывта: — Æппынфæстаг уæ хеллауаг зæрдæтæ æрæнца- дысты сæ хъизæмарæй. II Æфсæнвæндаджы перроныл бæлццæттæ лæууыдысты къордгæйттæй Бирæтæ сбадтысты вагæтты æмæ рудз- гуытæй æттæмæ кастысты. Иу вагоны асинмæ æввахс Фæрдыг лæууы иунæгæй. йæ цæстытæ ньщцавта перрон- мæ æрбацæуæны дуармæ. Куы та æвæндонæй аныдзæ- вынц вокзалы сæйраг рахизæны ракомкоммæ телхъæ- дыл бæрзонд ауыгъд стыр сахаты циферблатыл. Саха- ты даргъдæр фатæг ын йæ зæрдæ æхсынæгау кæны. Тындзы, куыд ьгн не ’мб’æлы, афтæ тагъд размæ. Тындзы... тындзы... тындзы... Баззад ма æрмæстдæр фондз минуты. стæй поезд араст уыдзæн. Æрхъæцмæ нал лæууы Фæрдыг. «Кæм ис Алæмæт? Знон мын афтæ куы загъта, бæстæ ин- нæрдæм куьг рафæлдæха, уæддæр æнæрцæугæ нæ фæ- уыдзынæн. Уæд кæм ис ныр? Цæуылнæ фæзынд?» Баззад ма цыппар минуты, æрмæстдæр цыппар мину- ты. Фæрдыг æркаст йæ цонджы сахатмæ. Уый дæр амоны стыр сахаты рæстæг. «Æвæццæгæн нал фæзын- дзæн»... Уæд та ныллæууин? Цы йыл æрцыд, уьгй бæл- вырдæй ма базонон, афтæмæй ацæуон? Æмæ мыл уæд куыдæй бон кæндзысты æхсæвтæ? Кæпæ цы зæрдæйы уагимæ цæудзынæн куыстмæ? 35
Æрхæндæг зæрдæйæ? Æмæ кæй хъæуынц, мардыл хъарæггæнæгау, æлхынцъæрфыг ахуыргæнæджы урок- тæ? Фæлтау ныллæууон. Нырма бонæй бирæ ис’ æмæ уæдмæ кæд зынид, науæд автобусы ацæудзынæн. Ма- шинæтæ дыууæрдæм куы кæнынц. Поезды цæмæй ады- дайе, уый дæр Алæмæтæн йæхи бафæндыд. Сæрды бы- нæттон адæм иууылдæр автобусты фæцæуынц æмæ йæ, æвæццæгæн, нæ фæндыд, цæмæй нæ исчи федтаид иу- мæ, хæрам цæстæй мæ хизы. Æфсæнвæндагыл та фыл- дæр æнæзонгæ^ адæм фæцæуынц. О, фæлæ цæй æрæг- мæ цæуы, иу уысмы бæрц æй уæддæр куы фенин. Æз цы Алæмæты зонын, уый, æпæисты фыдбылыз æрцæу- гæйæ, ма фæзындаид, уый мæ нæ уырны. Æндæрæбон Сонайы куы балц кодтам, уæд æнæхъæн сахат раздæр æрцыдыстæм. Æмæ цæуыл нæ ныхас кодтам, фæлæ нын уæддæр рæстæг нæ фаг кодта. Ныр мæнæн уыцы сахатæй иу цалдæр минуты нæ хай кæны, зæгъгæ, Фæрдыг куыд ахъуыды кодта, афтæ хъуытаз ныццагъ- та. Фæрдыджы цæстытæ аныдзæвдысты стыр сахаты циферблатыл. Уыд æртæ сахаты. — Хорз чызг, схиз, ныртæккæ араст уыдзыстæм! — сдзырдта Фæрдыгмæ проводник. Поезд фенкъуыст. Проводник фæхæцыд Фæрдыджы цонгыл æмæ йын ах- хуыс кодта вагонмæ схизынæн. Куыддæр поезд фезмæлыд, афтæ перронмæ бацæ- уæны дуары цурмæ, йæ цæсгомыл хиды фæрдгуытæ гæр-гæр кодтой, йæ къухы дидинджыты стыр букет, аф-" тæмæй фæзынд Алæмæт. Фæлæ перронмæ бацæуæны дуар уыд æхгæд. Бæргæ ма ауыдта, проводник Фæрды- джы цонгыл куыд фæхæцыд æмæ йæ вагонмæ куыд схизын кодта, уый. Фæхъæр кæнынмæ хъавыд, фæлæ пæм иуæй аив нæ фæкаст, иннæмæй та йæм хъæр нæ фехъуыстаид. — Цæй, тыхсгæ ма кæн, сахаты фæстæ араст уы- дзæн иннæ поезд, — ныфсытæ йын авæрдта, перроны бахизæны æфсæнвæндаджы кусæджы дарæсы цы стæвд- тæ конд сылгоймаг лæууыд, уый. Поезды фæстаг вагон фæтар Алæмæты цæстыты разæй. Алæмæт йæ дидинджыты букет æрæвæрдта пер- ронмæ бахизæны дуары галиу фарс ныллæг цæджын- 36
дзы сæр æмæ æнæдзургæйæ ара.ст. Тигъы онг куы фæ- цæйхæццæ кодта, уæд ма, цыма Фæрдыгæн хæрзбон зæгъынмæ хъавыд, уыйау иу каст фæкодта фæстæмæ. Уайтагъд йæ цæстытыл аныдзæвд: стæвдтæ конд сыл- гоймаг дыууæ къухæй хæцы Алæмæты стыр букетыл æмæ йæм зæрдиагæй смуды. «Уыцы æнæхаиры букеты аххос у-ыд æппæт дæр. Колхозы дидинæгдонмæ уал километры куы нæ тахта- ин мæ мотоциклетыл, уæд афоныл фæзындаин. Фæлæ дын уый мæ хъуыддаг. Абоны хуызæн æгуыдзæг никуы разындтæн: бакмæ ма ныккæс, бенаин дзы ис æви нæ, уый ма базон, афтæмæй куырмæджы тæр мотоциклет уал километры! Ныр цы хъуамæ ахъуыды кæна Фæр- дыг? Бæстæ иннæрдæм куы рафæлдæха, уæддæр мын æнæфæзынгæ нæй йын куы загътон?» Цæвиттон, Алæмæт колхозы дидинджыты цæхæра- доны стыргомау букет скодта амæй-ай рæсугъд- дæр дидинджытæй æмæ йæ мотоциклетыл тахт фæстæ- мæ æфсæнвæндаджы станцæмæ. Фæлæ доотоциклет Иу ран йæ тахтæй фæсабыр, æмæ чысыл фæстæдæр бын- тондæр ныллæууыд. Алæмæт бакмæ ныккаст æмæ дзы бензин иу æртах дæр нал баззад. Тыгъд быдырыл йæ цæст ахаста, кæд дзы искæй машинæ суынид, зæгъгæ, фæлæ дзы ахæмæй ницы зынд. Бакатай кодта, йæ сæр нынкъусгæйæ. Йæ сахатмæ æркаст. Сахатæй фылдæр ма хъуыд поезды арастмæ, кæд уæдмæ машинæ зынæг уаид, зæгъгæ. Мæстæй йæ- хи æлгъыста йе ’нæрхъуыдыйы аххосæй, ахæм æгуы- дзæг уавæры ка?й бахауд, уый тыххæй. Кæсы уæрæх быдырты алырдæм, фæлæ дзы Алæмæты фыдæнæн иу машинæ дæр никуыцæйуал зыны. «Гъе, уый та дын бу- кет, мæнæуи! Рæсугъд дидинджытæ, цъæхтæ, урсытæ, сырхытæ. Ныр цы хъуамæ ахъуыды кæна Фæрдыг». — Алæмæты зæрдыл æрбалæууыдысты Фæрдыджы писмо- йы ныхæстæ: «Иу нæлгоймагыл дæр уæ æууæнк нæй». Цæуылнæ хъуамæ ахъуыды кæна æцæгдæр ныр: «Алæ- мæт, дæ ныхасыл дæр æууæнк нæй, лæгау лæг дзырд куы зæгъа, уæд йæхи амардзæн, уæддæр æй сæххæст кæндзæн. Ахæм нæ разындтæ ды». Алæмæт йæхи хъуы- дытæй фæтыхст. «Нæ, нæ, Фæрдыг мæнæп афтæ нæ 37
зæгъдзæн, Фæрдыгæн йæ зæрдæ æхсайдзæн, тыхсдзæн, кæй нæ фæзындтæн, уый тыххæй. Дæлæрдыгæй фæзынд, сау мигъы бындзыгау, цавæр- дæр æндæрг. Алæмæт йæ сахатмæ æркаст. «Баззад ма поезды арастмæ æрмæст фараст минуты. Гъей, джиди, йеныр иунæг литр бензин, кæдæйнырмæ джиуын ам». Мигъы бындзыг стырæй-стырдæр кæны æмæ æппын- фæстаг æрбацæйхæццæ кодта Алæмæты цурмæ. Алæ- мæт йæ къух сдардта. Уæзласæн машинæ куыддæр йæ комкоммæ æрбахæццæ, афтæ шофыр машинæ фæурæд- та, кабинæйæ йæ сæр радардта: — Дæ мотоцикл фехæлд? — Хæлгæ нæ фæкодта, фæлæ бензины тыххæй ам джиуын. — Оу-уа, æфсымæр, мæхæдæг дæр уый бæрц рæвдз нæ дæн бензинæй, фæлæ дын чысыл авæрдзынæн. — Иунæг литры йедтæмæ мæ нæ хъæуы. Æрмæст мæ æфсæнвæндаджы станцæмæ тагъддæр схæццæ кæ- нæд, стæй исты амал кæндзынæн. Алæмæты тыхст механикон æгъдауæй ахызт шо- фырмæ дæр. Уæлдайдæр та йын йæ къухы дидинджы- ты букет куы федта, уæд бамбæрста — кæмæдæр тагъд кæны. Фæрсынтыл æй нал схæцыд, фæлæ йын бензин тагъддæр радта. Алæмæт бензин ныккодта йæ мотоциклеты, ведра зæхмæ фехсæгау кодта. «Бахатыр кæн, æфсымæр», зæгъгæ, ма фæкодта æмæ йæ мотоциклы тр-тр рай- хъуыст. Гъей, мардзæ, йæ уд ын куыд нæ сцæйласта фыртахтæй. Цас дарддæр цыд, уый бæрц йæ уад тых- джындæрæй-тыхджындæр кодта. Хорз уыд æмæ лæгъз фæндагыл тахт, æндæра иу чысыл дзыхъхъытæ-къуып- пытæ, зæгъгæ, уыд, уæд, хуыцау йæ зонæг, кæцырдæм фесхъиудтаид. Горæтмæ куы бахæццæ, уæд ын йæ цыд фæсабырдæр кодта. Фæлæ уый Алæмæтмæ сабыр каст. Афтæ тынг тæхгæ йæ чи федта, уыдон æнхъæл уыдыс- ты, зæгъгæ, кæнæ цыдæр фæдисон хъуыддаг хæццæ кæ- ны хицæуттæм, кæнæ та иууыл йæхимæ не сты. Гъе, расыг у æмæ йæ сæр-фат нал æмбары... Гъе, æмæ уы- цы фæдисæй æрбамидæг æфсæнвæндаджы станцæмæ. Фæлæ... Поезд араст æмæ йын аласта йæ удæнцойы. за
Ныр мæнæ фæзилæны йæ мотоциклеты цур лæууы æмæ хъуыды кæны, дарддæр цы бакæна, ууыл... Йæ сæры февзæрд æвæстиатæй постмæ ацæуыны хъуыды: «Фæр- дыгмæ тел ратдзынæн, хатыр дзы ракурдзынæн, кæй байрæджы кодтон, уый тыххæй. Нæй. Тел радтæн-æм нæй, — уайтагъд æм сдзырд- та йæ зæрдæ.—Уæд та тел Фæрдыгæй фæраздæр. Мад йæхæдæг кæсын нæ зоны. Искæмæн æй бакæсын кæн- дзæн æмæ хъуыддаг куы бамбара, уæд ын æй, чи зо- ны, æвдисгæ дæр нæ ракæна, гъе йæ къахынтыл^ схæ- ца æмæ йын Фæрдыг куы ницы схъæр кæна, уæд та — загъд-замана. Фæлтау хуымæтæджы писмо». Постмæ бацыд, балхæдта конверт, йæ блокнотæй иу сыф раскъуыдта æмæ райдыдта фыссын: «Зынаргъ Фæрдыг! Йæхи чи амардта, уый æз дæн. Хатыр бакæн, кæй барæджы кодтон, уый тыххæй. Ме ’фсæн бæх мылсай- дæй разылд æмæ тыгъд быдыры джиудтон бензинмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ. Æрæджиау ма бæргæ бафтыд мæ къухы, фæлæ уæдмæ поезд араст». — Ам Алæмæт аджих. Миййаг Фæрдыгмæ афтæ куы фæкæса, зæгъгæ, йæ разы мæхи раст кæнын, гæды ныхæстæ йæм фыс- сын, станцæмæ æппындæр не ’рцыдтæн. Гъе, уымæ гæсгæ ма хъавыд ныффыссынмæ, зæгъгæ, ма бæргæ федтон, проводник дын дæ цонгыл куыд фæхæцыд. æмæ дын поездмæ схизынæн куыд баххуыс кодта. Фæлæ йæм уый нал ныффыста. Уæлдай йæм фæкаст. Фæрдыг æрхæндæг зæрдæйæ схызт вагонмæ. йæ сæры æппынæдзух зилдух кодта иунæг хъуыды: «Цæ- уылнæ фæзынд Алæмæт?» Дзæуджыхъæуæй йæ æры- донмæ уыцы хъуыды уæгъд не суагъта, æвдæрзта йын йæ зæрдæ. Уыцы хъуыдыимæ æмбæлццон кодтой йæ мысинæгтæ: Алæмæтимæ фыццаг куы базонгæ, уæдæй суанг, фæстаг хатт ма Сонайы куы фæндараст кодтой, уæды онг. Цас æнæхуыссæг æхсæвтæ арвыста Алæмæ- ты тыххæй. Тарст ын йæ уарзондзинадæй. Фæндыд æй, искуыдæм дзы дард куы фæлыгъдаид, куы нæ уал æй федтаид æмæ йæ зæрдæйы цы æнкъарæнты арт ссу- 39
дзынмæ хъавыд, уый афоныл куы ахуыссын кодтаид- Фæлæ кæдæм фæлидза. Куыд ныууадза йæ ахуыр? Фæстæдæр уыцы хъуыды дарддæрæй-дарддæр лыгъд. Зилгæ цъилау ыл тыхст йæ уарзондзинад. Уымæй раз- мæ ахуыссын кæнын æнхъæл цы уарзондзинадæн уыд, уый бонæй-бон цырендæр кодта йæ зæрдæйы. Æмæ-иу кæд ныры онг Алæмæт архайдта, цæмæй фембæлдаик- кой, уæд ныр та Фæрдыг йæхæдæг тырныдта Алæмæ- ты фенынмæ. Зæгъгæ-иу иокуы иу хатт рауади афтæ, æмæ Алæмæтæн нæ фæцис Фæрдыджы феныны фадат, уæд-иу Фæрдыг йæхицæн бынат нал ардта. Æмæ-иу æнæнхъæлæджы куы фембæлдысты, уæд-иу амондьг хур ракаст Фæрдыгыл, йæ цæстытæ-иу уарзондзинады цырæгътæ фестадысты æмæ, æлутоны хосау, рæвдыд- той Алæмæты зæрдæ. Гъе, фæлæ-иу æй, зæгъгæ, нæ^ федта, уæд-иу æрхæндæг зæрдæимæ ныххуыссыд, рафтнбафт-иу кодта йæ хуыссæны, ныддаргъ-иу ыл æх~ сæв. Стæм хатт-иу йæ сæры фæзындысты йæ иннæ бирæ> курджытæ. Фæлæ йæм уыдон Алæмæты цур зындысты; æндæргтау. Æрмæстдæр Алæмæтæн раттынвæнд кодта йæ зæрдæ. Иунæг уый цыд йæ зæрдæмæ. «Æнæ Алæ- мæт мæхицæн цард адджын никуы скæндзынæн. Алæ- мæтимæ та ихы сæр дæр бафæраздзынæн», — хъуыды кодта Фæрдыг. Уыцы фæндон, тæккæ зынаргъдæр хæ- знайау, нывæрдта йæ зæрдæйы, йæ зонды йæ сфыхта. Фæстаг хатт парчы куы фембæлдысты, уæд, амонды цинæй тæрсгæйæ, йæ къух ризгæйæ радта Алæмæтмæ, уыимæ та йын радта йæ зæрдæ дæр. Фæрдыгмæ афтæ кæсы, цыма дунейыл ахæм тых нæй, Алæмæтæй йæ чи» фæхицæн кæна. Ныр æй мæнæ поезд скъæфы сæхимæ. Æмæ цас æввахсдæр кæны йæ райгуырæн хъæумæ, уыйас карз- дæрæп йæ цæстыты раз сыстад йæ иунæг мады æнгас. «Мæ мады нæ бафæрсгæйæ, уый ныхасы сæрты ахизгæ- йæ, дзырд радтон Алæмæтæн». Фæрдыг аныгъуылд арф хъуыдыты. Афтæ йæм каст, цыма йын йæ цонгыл фи- дар хæцы Алæмæт, афтæмæй æппынæдзух йæ цæсты- тыл та уайы ныййарæг мады тар æнгас. йæ хъустьг зæлланг кæнынц рыстзæрдæ мады æфхæрæн ныхæстæ: 40
«Цы бакодтай уый, дæ быныл баззайон. Куыд ахызтæ дæ’ мады ныхасы сæрты, лæппу дæр æмæ чызджы но- мыл дæр дæумæ куы æнхъæлмæ кастæн, ды куы уыд- тæ мæ иунæг ныфс, уæд мæ фыдæнхъæл цæмæн фæ- кодтай? Мæ царды рæсугъддæр азтæ дæ авдæны уæл- хъус цæссыгкалгæйæ, æхсæвыгæтты уый тыххæй удхар кодтон, цæмæй хъæубæсты æхсæн æдзæрæг ма фæуа дæ фыды уæзæг, уæд ды та цы бакодтай?» Поезд тæхы размæ, йæ цæлхытæ рельсытыл уыцы иугъуызонæй сæхи цæвынц æмæ Фæрдыгмæ афтæ кæ- сы, цыма уыдон дæр фæлхатт кæнынц йæ мады ныхæс- тæ: «Цы бакодтай, цы бакодтай»? Æрыдоны æфсæнвæндаджы станцы куы рахызт Фæрдыг, уæд исдуг фæиппæрд йе ’рхæндæг хъуыдытæй. Вагоны æнуд уæлдæф раивта быдырты хор æмæ алы- хуызон дыргъбæлæсты æхсызгон тæф. Дардыл ныззыл- дысты мæнæуы хуымтæ, тархъæдау зындысты нарт- хæрттæ. Æфсæнвæндаджы станцы фæрсты Æрыдонæй Алагиры ’хсæн дыууæрдæм кодтой машинæтæ. Фæрдыг араст сæхирдæм. Стыр у сæ хъæу. Дар- дæй йæм куы ба’кæсай, уæд аныгъуылд бæлæсты хъæ- бысы. Йæ фæтæн уæнгтæ дæргъмæ æмæ уæрхмæ ’вæр- дæй дардыл фæцыдысты. Хъæуы цæрджытæ .се ’ппæт кæрæдзи дæр нæ фæзонынц. Хъæу рагон у. Суанг пад- дзахы рæстæджы дæр дзы уыд духовон семинар. Фæ- лæ уæды Æрыдоны абарæн нæй советон Æрыдонимæ. Æцæг культурæйы центр ныр сси. Иæ бирæ скъолатæ,. куыстуæттæ, заводтæ. Хъæубæсты фæсивæдæй рацыд зындгонд ахуыргæндтæ, инженертæ, геологтæ, дунейыл хъуыстгонд хъæбысæйхæцджытæ. Ныр уыцы раззаг- дæр фæсивæды нымæцмæ бафтыд ноджыдæр иу ахуыр- гæнæг- Уый у Фæрдыг, ацы диссаджы рæсугъд хъæуы чи райгуырд æмæ йæ сабийы хуыздæр бонтæ чи ар- выста, уыцы Фæрдыг. Уый фæцис иттæг хорз бæрæг- гæнæнтимæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институтьг ирон æвзаг æмæ литературæйы факультет, æмæ ныр мæнæ цæуы йæ райгуырæн хъæумæ ахуыр- гæнæгæй. Фæндагыл æмбæлы æнæзонгæ адæмыл. Фæр- дыг æнæрахатгæ нæу, бирæтæ дзы сæ цæстытæ кæй фæцæвынц. Хаты фæстейæ йæм кæй ракæсынц канд 4)
иæлгоймæгтæ нæ, фæлæ сылгоймæгтæ дæр. Бæргæ аф- тæ аив нæу, фæлæ йæ бындар фæуæд царды æгъдау: исчи дæ зæрдæмæ куы фæцæуа, уæд ыл хъуамæ аивæй •æрхæссай дæ цæст, исты æфсонæй йæм фæстейæ дæр акæсай. Иу ран та йæ, нырма сæрæн каст чи кодта, ахæм ■ацæргæ ус фæурæдта, къæйныхæй йыл йæ цæст æр- хаста, цыма дуканийы исты товар æвзæрста, уыйау, йæ мидбылты йæм хин худт бакодта æмæ йæ афарста: — Кæй чызг дæ, кæ, дæ нывонд фон, куы нæ дæ хъуыды кæнын? Фæрдыгæн æхсызгон нæ уыд къæйных усы ми, уæл- дайдæр йемæ цы устытæ уыдис, уыдонмæ йæ цæспкуы ’фæныкъуылдта, уæд æй фæхатыд Фæрдыг. Зæгъынмæ йын хъавыд, ардыгон нæ дæн, зæгъгæ, фæлæ куы ахъуыды кодта, чи зоны ацы хъæуккаг сты æмæ мæ райсом куы базоной, æз дæр ацы хъæуккаг дæн, уыи, уæд цы ахъуыды кæндзысты. Гъе, уымæ гæсгæ сын йæ- хи бацамыдта. Къæйнных ус дардыл йæ цæнгтæ айтыгъта æмæ •Фæрдыгыл ныттыхст: — Уæдæ ды Сидахъоны чызг дæ, дæ сæрыл хаст ’фон. Дудуйæн-иу зæрдиаг салæмттæ ратт æмæ йын .зæгъ Икъаты Фаризæт, зæгъ, дæм а-дыууæ боны зын- дзæн. — Æ’мæ та йе ’мбæлттæм ногæй йæ цæст æрны- гкъуылдта. Фæрдыг сæ куы фæхицæн, уæд ма фæстейæ йæ хъустыл ауад сылгоимæгтæй дыууæйы хъæлæс. Сæ иу загъта: «Тæхуды, уый кæй къæсæрæй ракæса». Иннæ загъта: «Æнхъæл дæн, мæ хъул сах абадт: Адто ра- гæй дæр рæсугъдмæ бæллыд». Фæрдыг фестъæлфыд Адтойы коймæ. «Адто, Адто... Чи Адто?» Уайтагъд йæ сæры смидæг Алæгаты Адто. Кæрæдзийы фæдыл, топпы нæмыгау, тахтысты фарстытæ- Чи у Икъаты Фаризæт? Цæмæн загъта мæ хъул сах абадт? Цы бастдзинад ын ис уьщы Адтоимæ? Кæнæ уыцы Адто æмæ мæ мадмæ ахæм хахуыргæнæн пис- мо чи ныффыста, уьщы Адтойæн цы ис иумиагæй? Æмæ сын кæд ницы ис, уæд та? Чи зоны Фаризæт «бынтон æндæр Адтойы кой кæны. Цæй, кæйфæнды кой 42
кæнæд». Фаризæты уаг æмæ æгъдау Фæрдыджы зæр- дæйы цыдæр æрхæндæгдзинад ныууагътой. Сæхимæ кæрты дуар бакæнынмæ куы хъавыд, уæд дуары хъинцъмæ мидæга>й рæйгæ разгъордта къæбы- лайы йас чысыл хъулон куыдз. — Мурик, нал мæ базыдтай! — рæвдаугæ йæм ’сдзырдта Фæрдыг. Мурик уайтагъддæр базыдта Фæрдыджы æмæ йыл цинтæ кæныныл схæцыд. Хæрдмæ-,иу æм йæхи сæхста, зæххыл-иу фырцинæй йе ’рагъыл атылд, цыдæртæ хъуыр-хъуыргæнгæ. Гъе, æмæ йын цæмæй йæ ног къа- ба ма счъизи кæна куыдз, гъе йын æй йæ цыргъ ных- тæй ма аскъуына, уый тыххæй йыл тызмæг фæхъæр кодта: — Мурик, ацу дæ бынатмæ! Мурик исдуг джихæй бакаст Фæрдыгмæ, æцæг ыл фæхъæр кодта, æви хъазгæйæ, уый базонын æнхъæл- дауæй. Фæлæ уæдмæ фæзынд Дуду æмæ йæ чызджы яыхъхъæбыс кодта. Чызгыл йæ цæст æрхаста æмæ дзы йæ зæрдæ тынг барухс. Рæсугъд ыл фидыдта йæ да- рæс. Фыццаг хатт фæфиппайдта мад, йæ чызг уымæ куыд сывæллон каст, афтæ кæй нал у, фæлæ сæнæфси- ры цупал куыд фæрæгъæд кæны, æмæ уый мыдæй куыд федзаг кæны, йæ чызг дæр афтæ >кæй дзаг кæны, æрдз сылгоймагæн цы рæсугъддзинæдтæ дæтты, уыдонæй. Знон дæр ма йæм талайы хуызæн рæхснæг цы хъæбул каст, уымæн ракъуыбыр сты йæ риутæ, æхсыр æмæ туг- аемхæццæ цæсгомæй дыууæ цырагъау, судзынц йæ цæс- тытæ. Мад кæсы йæ иунæгмæ æмæ ие ’рхæндæг зæрдæ- мæ бахъуызыд цыдæр сæрыстырдзинад. «Мæ туг, ме стæг, мæ иунæг хъæбул... Дзæгъæлы нæ фæцис мæ би- рæ азты фыдæбон»... * * * Фæрдыт йе ’рцыды æртыккаг бон уыд скъоланы. Директор, иу 45 аздзыд, саулагъз, чысыл гуыбыргомау Салхъазанты Темыр ыл сæмбæлд æлхынцъæрфыгæй. Рахъаст ын кодта, скъолайы ног ахуыры азмæ бацæт- тæ кæныны куыстытæ кæй цæуынц стыр къуылымпы- йæ, уый. «Сымахæн цы у, уæ бонæй уæ уæд, сæрды 43
хорз фæулæф, фæлæ мæгуыры бон директорыл вæййы. Удæгас кæсаджы тæвд тебæйыл куыд авæрай, афтæ йæ1 уд фæисы скъолайы бæстыхай ног ахуыры азмæ ба- цæттæ кæныныл. Алы сæрд мæ сæрыл куырой нæ ра- зилы, уый йедтæмæ цы нæ фыдæбон æвзарын. Иууыл* мардæрцыд та суг æрцæттæ кæнын у. Тох кæн колхози- мæ, хъæусоветимæ. Колхоз сæрды йæ къухтæм æмха- сæнтæ фæкæны, йæ хортæ æнæфснайдæй сæфгæ фæ- кæнынц æмæ дзы мах та скъолайæн суг цæттæ фæдо- мæм. Зымæг нæ æнæсуг н-икуы ныууагътой. Фæлæ зымæгмæ нæ быхсы Рухсады Министрад... Бирæтæ афтæ æнхъæлынц, æмæ Темырæй æгъа- тырдæр лæг нæй. Уæвгæ, мæ хур, сомы мæ нæ кæнын кæныс, фæлæ дын ард хæрын, кæд мæ зæрдæйы мис- халы бæрц хæрамдзинад ис. Кæцæй дын цы æмбаёлы,. уый афоныл куынæ ратонай, уæд дæ алчи дæр хойдзæн. Æз бирæ хæттыты банхъæлмæ кастæн колхозæн йæхи’ цæсгоммæ дæр. Зæгъын, сæ сæрды тæккæ къуырццдзæ- вæны къуыммæ цы хæссон. Уый нæ, фæлæ ма сьш нæ- хæдæг дæр скъоладзауæй, ахуыргæнæгæй æххуыс код- там. Фæлæ куыд æнхъæл дæ. Куыстæй куы февдæл- дысты, уæддæр та мах мæт нæ, фæлæ сæхи куыстытæм фесты. Гъе, æмæ уæдæй фæстæмæ хатыр никæмæн уал кæны дæ кæддæры директор Темыр дæр. Уæдæй фæс- тæмæ мæ зонынц иууылдæр: фыдных, хылгæнаг Темы- рæй. Кæцæйдæриддæр мæм цалцæгкæныны тыххæй æр- мæг хауы, æрмæстдæр сæм ласынмæ фæзынон, уый йедтæмæ мын сæ уадзынц æнæрадæй. Ме скъола вæй- йы æппæты разæй цалцæггонд. Темыр исдуг ныхъхъус. йæ разы стъолыл цы къопп уыд, уырдыгæй иу бапъироз систа, аууæрста’ йæ æмæ йыл спичкæ бандзарынмæ хъавыд, фæлæ йе спичкæ ахуыссын кодта, нал æй ссыгъта. — Адæймаг астæуккзг скъола каст фæцис, уæд хъуамæ истæмæ арæхса, исты дæсныйад æм уа. Йе- ныр мын хистæр кълæсты ахуыргæнинæгтæ истæмæ рæстмæ куы арæхсиккой, уæд цæй кусджытæ агурин колхозæй. Иу цалдæр къласы пъолы фæйнæджытæ арæхстгай скал æмæ сæ æнгомдæр бахуый. Уый фæстæ сæ ахорæиæй байсæрд. Кълæстæ чъырæй рацæгъдин. 44
Сцалцæг кæниккам партæтæ, фыссæн фæйнæджытæ .æмæ сæ сау лакæй сахуриккам. — Бахатыр кæн, фæлæ уыцы куыстытæ хистæр кълæсты ахуыргæнинæгтæ иууылдæр бакæниккой иу .æрмдæсны кусæджы разамындæй. — Чи зоны, фæлæ... — Теэдыр цыдæр зæгъынмæ хъавыд, фæлæ ницыуал загъта. йæ къух ауыгъта. — Кæсыс, нæма æрбадыдтæ, æгас цу дын нæма загътон, <фæлæ дæ скъолайы уæзы бын фæкодтон. — Нæ, цæмæн афтæ зæгъыс, ахсджиаг хъуыддагыл дзурыс. Темыр ницы сдзырдта. Афтæ йæм фæкаст, цыма Фæрдыг уыцы ныхæстæ загъта æрмæстдæр уæздан- дзинады тыххæй. Фæлæ та уæдмæ Темыры хъустыл ауадысты Фæрдыджы ныхæстæ: — Æз практикæйы цыдтæн институты базæйон скъолайы. Уым æппæт цалцæг кæныны куыстытæ фæ- кæн^гнц скъоладзаутæ сæхæдæг. Афтæ мæм кæсы æмæ нын иунæг æрмдæсны куы уаид, уæд скъоладзаутимæ мах раивиккам пъолтæ, бацалцæг кæниккам партæтæ, чъырæй оцæгъдиккам кълæстæ дæр. Дæуæн та фыл- дæр рæстæг уаид кабинеттæн ахсджиаг прибортæ са- мал кæнынæн. — Бузныг, мæ хур, бузныг, — Темырмæ арф ба- хъардтой Фæрдыджы ныхæстæ! — Дæу дæ ахуыр фæу- ды фæстæ хорз баулæфын хъæуы, цæмæй пог ахуыры азыл сæмбæлай цæттæйæ. — Физикон куыст интеллигенцийæн улæфт у. Фæ- лæ дæ курын, кæд мын ме ’ххуысыл нæ тигъ кæныс, уæд мæ базонгæ кæн хистæр кълæсты скъоладзаутимæ тæккæ изæр. Æм’бырды ацы фарстыл æрныхас кæн- дзыстæм æмæ байхъусдзыстæм скъоладзауты фæндои- мæ дæр. Фæрдыг Темырæй куы фæхицæн, уæд абæрæг кодта йæ уарзон ахуыргæнджытæй кæйдæрты. Радзырдта сын, директоримæ сæм цы ныхас уыд, уый. Уыдонæй чидæртæ дис дæр бакодтой, æдзухдæр сæм æхгæд-зæр- дæ æмæ æгъатыр цы Темыр каст, уый цæй æргомзæр- дæ разынд ацы хатт. О, фæлæ сæм кæд Фæрдыджы фæндон ^уæлдайаг каст, Темыр æнæ уыдон æххуысæй дæр 45
йе скъола афоныл кæй сцалцæг кæндзæн, ууыл дызæр- дыг нæ кодтой, уæддæр сæ нæ фæндыд сæ кæддæры æгъ- дауджын скъоладзау æмæ ныр та се ’мбал ахуыргæ- иæджы хъыг райсын æмæ йын загътой, изæры æмбырд- мæ кæй фæзындзысты, уый. Уыцы бон Фæрдыг уыд фæскомцæдисы райкомы дæр, фæлæ дзы никæй баййæфта. Иу чызгæй фæстæмæ иууылдæр уыдысты быдырты. Ныр мæнæ фæллад æмæ æххормагæй æрбацыд сæ- химæ. Райсом куы цыдис, уæд иу æхсыры агуывзæ анызта, æндæр ницы хъæстæ уыд. Фæстæмæ цæугæйæ, фездæхт постмæ, фæлæ йын йæ зæрдæ нидæмæй барухс кодтой. йæ мад æй уайдзæфты бын фæкодта, райсо- мæй нырмæ кæм фесæфтæ, зæгъгæ. — Директоримæ ныхасыл фæдæн, æмæ... — Темыр. мæ хур, æнæуи дæр дзырдарæхст лæг у, хъусын дæ йæм хъæуы, хъусын! — Ацы аз скъола нæхи хъарутæй хъуамæ сцалцæг кæнæм æмæ мæ, æвæццæгæн, иу дыууæ къуыри не ’вдæлдзæпис. — Мæгуыры бонтæ, æмæ дзы ды та цы ми кæн- дзыиæ? — Иннæтæ цы кæной, æз дæр уый. Мад уæлдай ницыуал загъта, фæлæ йæ чызджы раз хъарм цæхæраджын, пæ царв йæ сæрты кæлгæ. авæрдта. Фæрдыг куыддæр фыццаг кæрдихмæ фев- нæлдта, афтæ æрбайхъуыст постхæссæг чызджы хъæр: — Уæ, Дуду, ам дæ, цы? — Мæнæ дæн, мæнæ, мæ хур. . — Мæнæ дæм писмо. Писмойы коймæ фестъæлфыд Фæрдыг. Фæлæ иугæр постхæссæджы размæ атагъд кодта Ггæ мад, уæд ’чызг • йæхиуыл фæхæцыд. йæ бындар фæуа чызджы зæрдæ, кæд цы диссаг у. Хъарм цæхæраджын куы ауыдта, уæд æм йæ комыдæт- тæ æруадысты. Фæлæ писмойы хабар куы фехъуыста, уæд, йæ къухмæ цы кæрдих систа, уый дæр фæстæмæ тæбæгъы æрæвæрдта. Æнхъæлмæ каст писмомæ. Мад æм, дызæрдыггæнгæ, балæвæрдта писмо. Фæрдыг æм æркаст, тагъд-тагъд æй анхæлдта æмæ йыл йæ цæст 46'
ахаста, йæ цæсгомыл, фырцинæй, мæйтæ æмæ хуртæ- ахъазыдысты. Мад æнæрахатгæ нæ фæцис, писмо йын йæ чызгæн циндзинад кæй æрбахаста, уый. — Кæмæй у? — афарста мад. Мады цæхгæр фарстæй фестъæлфыд Фæрдыг. Ис- дуг цы загътаид, уымæн нидыуал зыдта. йæ бон уы- дис æмæ загътаид, ме ’мбæлттæй искæмæй у, гъе, та Сонайæ, зæгъгæ. Фæлæ йæм аив нæ каст йæ мады афæ- ливын. Стæй, абон уа, æви райсом, уæддæр хъуыдда- гæн æнæрахъæргæнгæ нæй æмæ Фæрдыджы та фæн- дыд йæ мадимæ тагъддæр иумиаг æвзаг ссарын. Мад æм дзуапмæ кæй æнхъæлмæ кæсы, уый хатыд Фæрдыг æмæ, æфсæрмыгæнгæ, мады къæхтæм кæсгæ- йæ, загъта: — Алæмæтæй? — цыма йæ хурбон арв ныццавта, афтæ сæрæй къæхты бынмæ ныррызти мад. Афтæйæм* фæкаст, цыма йæ æрм^ест иунæг уыцы ном кæны бын- дурзылд, йæ ныфсы мæсыг ын халы. Мад тыххæй уромы йæ маст, ризгæ хъæлæсæй сдзырдта йæ чызгмæ: — Цы хъæуы Астемыраты лæппуйы махæй? Цæ- мæн нæм фыссы писмотæ? Дæ зæрдыл бадар: æхсæв^ æмæ бонау кæрæдзийы ныхмæ лæууæм дæ Астемыры фыртимæ, Не ’хсæн лæууынвæнд скодтай ды. Фæлæ, мæ цæст æрттивгæйæ, уый нæ уыдзæн. Равзар: кæнæ уый, ^кæнæ æз. Мæ сæрты ахызтæ æмæ уый равзæрстай, уæд дыл Ирыстоны худинаджы зарæг куыд скæной, ахæм ми дын бакæндзынæн, нæ фыдæлты рæхысыл æрца- уындздзынæн мæхи. Уый фæстæ бар дæхи: дæ мады æнамонддзинадыл-иу сараз дæ цардамонд. Фæрдыгæн йæ цæстысыгтæ фемæхстысты. Гъæй, джиди, цæй тынг æй фæндыд йæ ныййарæг мадæн æр- гом зæгъын: «Иунæг чызг дын куы дæн, уæд дæ цæ- уылнæ фæнды æмæ æз амондджын он? Цæмæн мæ æнамонд кæныс?» Фæлæ Фæрдыг ахæмæй ницы загъта йæ мадæн. Хъуыста,, быхста æмæ йæ зæрдæйы къуымы та уæд- дæр дардта цавæрдæр сусæг ныфс, æртасын æй кæн- дзынæн, зæгъгæ. Куыд ис уый гæнæн æмæ ныййарæг мад йæ иунæг хъæбулы зæрдæ скъаха? Ау, ацы дуне- мæ мæ уый тыххæн рауагъта, йæ дзыхы комдзагæй мæ 4Г
уый тыххæй схаста, цæмæй мын уый фæстæ хъизæ- мæрттæ æвзарын кæна? Цы кæнын ахæм цардæй, æмæ мыл фыдæлты ницæйаг æгъдæуттæ цагъайраджы æф- сондз æвæрой, сæ быны мæ цъист кæной? Нæ, нæ, мæ мад! Тæрсын, мæ бирæ цæссыгтæ иу хатт куы .схъызой æмæ уадтымыгъ семæ куы расайой...» Фæрдыг йæ сахатмæ æркаст. Рæвдз -фестад. Уатмæ ■ бацыд, кæсæны акæсгæйæ, йæхи адзæбæхтæ кодта æмæ йæ мадæн дæр ницыуал загъта, афтæ скъоламæ фæцæ- уæг. Скъолайы цур фæзмæ æрæм*бырд ис бирæ адæм. Иу стæмтæй фæстæмæ, ахуыргæнджытæ уыдысты иу- уылдæр бынæттон цæрджытæ æмæ дзы сæрды кани- култы искуыдæм йæ фæллад суадзынмæ уадиссаг ни- чи фæтагъд кæны. Фæрдыг æнхъæл куыд нæ уыд, аф- тæ æрбамбырд сты канд хистæр кълæсты нæ, фæлæ кæстæр кълæсты ахуыргæнинæгтæ дæр. Тынг бацымы- дис кодтой уыдон дæр нырма нæ æрæджы куы рауагъ- той, уæд цы хабар у, зæгъгæ. Темыр адæмыл йæ цæст ахаста æмæ райдыдта: — Æмбæлттæ, изæр у райдзаст, рæсугъд æмæ æнуд залы бадыны бæсты ацы сыгъдæг уæлдæфмæ кæрæ- дзийæн зæгъæм нæ ныхас. Ис фæндон, цæмæй не скъо- ла сцалцæг кæнæм нæхи хъаруйæ. Фæндон мæ зæр- дæмæ фæцыд бирæ цæмæйдæрты. Иуæй, цалцæгкæныны тыххæй нын цы æхца уагъд æрцыд, уымæй сфæ- сауæрц кæндзыстæм, дыккагæй, скъола цалцæг фæкæ- ны æртæ-цыппар кусæджы æмæ æнæхъæн мæй æмæ ^ердæг ахæссы, æртыггагæй та... — ам йæ ныхас фес- къуы-дта Темыр æмæ йæм адæм цымыдисдæрæй бай- хъуыстой. Темыр бахудт йæ мидбылты, мæйрухсмæ дзæбæх зындысты йæ урс дæндæгтæ, — æртыккагæй та, уæ директор дæр иу хатт базонид, сæрды каникултæ цы ад ’кæныпц, уый. Ад-æмæй бирæтæ æхсызгон худт бакодтой Темыры фæстаг ныхæстыл. — Гъе, уый зæгъинаг уын уыдтæн, гъе, мæ хуртæ. Курын æмæ уæ алчи дæр йæ хъуыды зæгъæд. — Кæд бафæрсæн ис? — адæмы ’хсæнæй рай- хъуыст кæйдæр ныхас. 48
— Табуафси, — загъта Темыр. — Фæсауæрц æхца цы фæуыдзысты? — Æвæццæгæн æххæст раст нæ загътон æхцайы тыххæй. Скъола сцалцæг кæныны тыххæй цы æхца уагъд æрцыд, уымæй уадиссаг ницы сфæсауæрц кæн- дзыстæм. Гъе, фæлæ йæ нæхи хъарутæй куы сцалцæг кæнæм, уæд æхца уыдзæн нæхи, не скъолайы коллек- тивы, æмæ нæм куыд растдæр кæса, афтæ йæ бахардз кæндзыстæм. Зæгъæм, спортивон залæн, физикæ, хими æмæ æрдззонæн кабинеттæн балхæндзыстæм, чи хъæ- уы, ахæм инвентарь æмæ ’прибортæ. Уый фæстæ ма, нæ къух куы амона, уæд искуыдæм экскурсийы ацæудзыстæм. Фæрдыг бадт зонгæ лæппутæ æмæ чызджыты ’хсæн æмæ лæмбынæг хъуыста адæмы ныхасмæ. Иу чысыл йе ’рхæндæг хъуыдытæй фæиппæрд. йæ зæрдæмæ ба- хъуызыд сусæг циндзинад, йæ фæндоны фарс дирек- тор кæй рахæцыд æмæ окъолайы коллективы зæрдæ- мæ дæр кæй фæцыдис, уый тыххæй. Директоры фæндоны ныхмæ цæхгæр йæ ныхас загъ- та скъоладзауты уарзондæр ахуыргæнæг Ардасёнты Бимболат. — Мæ ныхас уæ дис макæмæ фæкæсæд, æмбæлттæ, фæлæ мын директоры фæндон халы ме ’ппæт пълантæ дæр. Уæхæдæг зонут, æз скъолайы географион къор- ды разамонæг дæн. Нæ къорды куыст уæ зæрдæмæ цæ- уы. Æмæ мах та фæндыд уыцы куыст ноджы фæхуыз- дæр кæнын. Ацы аз сæрды каникулты рæстæджы нæ зæрды уыд цалдæр экскурсийы саразын Ирыстоны хæх- тæм. Афт§е нæм кæсы, æмæ куыд Ирыстоны географион картæ, афтæ йæ топографион картæмæ дæр бахæссын хъæуы цыдæр ивындзинæдтæ, стæй сæ хъæуы баххæст кæнын дæр. Науæд, ныртæккæ куыд цæуы: геологон сгарæг партитæ æрвыл аз дæр дæсгай бынæтты арынц хæхбæсты алыгъуызон хъæзныгдзинæдтæ æмæ мах та скъоладзаутæн амонæм дæс — фынддйс азы размæйы картæмæ гæсгæ. Нæ рæстæг канд бонтыл нæ, фæлæ са- хæттыл дæр дихгонд у. — Бахатыр кæн, Бимболат, — йæ ныхас ын фæурæд- та директор. — Мæ ныхасы тæккæ райдианы æз загътон, яцы хъуыддаг барвæндон кæй у, уый. 4. Хацырты С 49
— О, фæлæ скъола афоныл сцалцæг «æнын махæп дæр æцæгæлон хъуыддаг нæу. Ф^æнды нæ, хайад дзы куы рапсиккам, фæлæ уæд нæ сæйраг хъуыддаг нæ къухты нæ бафтдзæн, ныкъкъуылымпы уыдзæн. — Мæимæ афтæ кæсы, Бимболат, æмæ дæ къорды куыстæн нæй бакъуылымпыгæнæн. Стæй дын раст куы зæгъон, уæд æз æнæ дæ къорд дæр уый бæрц адæммæ æнхъæлмæ нæ кастæн. Ныхас ныхасы расайдта æмæ æмÆырд æнафонтæм ныддаргъ. Адæм фæпырхысты фæйнæрдæм. Цалдæр* æмбалимæ Фæрдыг дæр цыд сæхирдæм. Ахуыргæнджы- тæ æмæ хистæр скъоладзаутæй арæзт æрцыд хицæн бригадæтæ: чъырæй цæгъдджытæ, сæрдджытæ, цал- цæггæнджытæ. Фæстаг бригадæйæп йæ сæргъ æвæрд æр- цыд Фæрдыг йæхæдæг. Ныр ацы æнафоны Фæрдыг цæуы сæхимæ æмæ та аныгъуылд йæ сагъæсты. Сæхи цурмæ куы бахæццæ, уæд хæрзæхсæв загъта йе ’мбæлттæн æмæ сæ фæхицæн. Тыргъмæ куы схызт, уæддæр æй йæ къах мидæмæ нæ хаста. Цæджындзыл банцой кодта æмæ арвы тыгъдадыл йæ цæст ахаста. Уæлæ йæм худы цæлхыдзаг мæй, сæ цæст æм ныкъулынц æнæнымæц стъалытæ, дардæй хъуысы доны æнæрынцой сæр-сæр. Æхсæвы уддзæф ыл атыхст æмæ йæ рæвдауы дыргъбæлæсты хæрздæфæй. «Цымæ кæм ис ныр Алæмæт?» — сдзырдта йæхины- мæры æмæ йæ уатмæ сабыргай бахызт. Цырагъ дæр нал ссыгъта. Мæйрухсмæ йæ дарæс раласта æмæ йæ сынтæгыл, фæллад æмæ æххормагæй, бахауд. Райсомæй хур йæ был куыддæр сдардта хæхтьГ сæ- рæй, афтæ скъолайы кæртæй райхъуыст хъæлдзæг хъæ- лæба. Ардæм æрæмбырд сты ахуыргæнджытæ, скъола- дзаут’æ. Бирæты къухты сæ уыд кусæнгæрзтæ, фæрæт- тæ, лæгъзгæнæнтæ, хырхытæ. Скъолайы физкультурæ- йы залы бакодтой рæстæгмæ æрмадз. Ардæм фæзынд номдзыд æрмдæсны Хъалæгаты Сæрмæт дæр. Дысон æм æмбырды фæстæ уыцы æнафоны сæ хæдзармæ бацыд Темыр йæхæдæг. Раихъал æй кодта, баныхас кодта йемæ. Сæрмæт зилы кълæстыл, нысаи кæны, пъол, 50
дуæрттæ, рудзгуытæ цы кълæсты раивын хъæуы, æппæт уыдæттæ. Цалынмæ Сæрмæт уыдæттæ бæрæг кодта, уæдмæ фæсивæд та кълæстæй æттæмæ хастой партæтæ, фыс- сæн фæйнæджытæ. Кабинетты къултæй хъавгæ æфтыд- той алыгъуызон диаграммæтæ, формулæтæ. Чьтсыл фæстæдæр спортивон залы, Сæрмæты раза- мындæй, арæзт æрцыд цалдæр тæрхæджы. Ахуыргæн- джытæ, фæсивæд лæгъз кодтой нæзы фæйнæджытæ кълæсты пъолтæн. Сæрмæт йæхæдæг та бавнæлдта дуæртты иуæй-иу хæйттæ аразынмæ. Куыст æхсыст. Фæ- сивæд арæх æрбауай-æрбауай кодтой æмæ фарстой Сæр- мæты. Арæхдæр æй фарстой лæгъзгæнджытæ: «Сæрмæт, мæ лæгъзгæнæн нæ хафы. Мæнæн та æгæр бирæ исы», æмæ сын-иу Сæрмæт сæ лæгъзгæпæнтæ ранста, аиф- тонг-иу сæ кодта. ’ Спортивон залы фæтæн рудзгуытæй дзæбæх зыпд æттейæ, кæрты Фæрдыджы бригад дæр зæрдиагæй кæй кусынц, уый. Уыдон къухты та уыдис халамæрзæнтæ, уисæйттæ æмæ белтæ. Хъуамæ скъолайы алфæмблай иунæг къæцæл, <иунæг гæххæтты гæбаз дæр мауал ныу- уадзой, æрæмбырд’ сæ кæной æмæ сыл арт бандзарой. Уый фæстæ æттаг уынгæй скъолайы бæстыхаймæ бацæ- уæн фæндаг, дыууæ метры йæ фæтæн, фондз æмæ ссæдз метры йæ дæргъ, хъуамæ бур змисæй састæрой, скъола- йы кæрты сисмæ æввахс дæс метрæй дæс метрмæ тала- тæ ныссадзой, фæйпæджытæп цы гæбæзтæ рахауа, уы- донæй хъуамæ иу къорд асыччы саразой, сыджытæй сæ байдзаг кæной æмæ сæ дидинджытæ ныссадзой, цæмæй кълæсты рудзгуытыл уа рæсугъд дидинджытæ æвæрд. Скъолайы кæрты волейболон фæзуат саразой. Иуварс нæ баззадысты скъоладзауты ныийарджытæ дæр. Уыдон куы базыдтой, скъола зиу ракодта, зæгъ- гæ, уæд сæм цыдысты æххуысмæ. Хастой сæм хуынтæ дæр. Карк, дурын бæгæны æмæ æртæ уæливыхимæ ардæм фæзыпд Дуду дæр. Абон райсомæй Фæрдыг йæ мадæн ницы загъта, зно- ны хылы фæстæ йæ мадмæ тæргай уыд. Нæ йæ бафарста Дуду йæхæдæг дæр. Фæлæ федта: йæ чызг скодта кусæн 51
дарæс, райста халамæрзæн æмæ араст скъоламæ. Чысыл фæстæдæр сæ уынгты сцæйцыдысты дæллаг сыхы скъо- ладзаутæ алыхуызон кусæнгæрзтимæ. Дуду сæ афарста; — Цы сфæнд кодтат, мæ хуртæ? — Зиу, зиу, Дуду, скъола цалцæг кæнæм. Фæрды- джы дæр знон бригадирæй равзæрстой. — Хорз, хорз, мæ хуртæ! — сæ фæдыл ма адзырдта ДудУ æмæ уайтагъддæр мæнгагъуыстмæ йæхи айста. Сцæттæ кодта сихормæ йæ чысыл хуын æмæ сæм уый дæр фæзынд. Фæрдыг йæ мады скъолайы кæрты æд хуын куы федта, уæд йæ зæрдæ фырцинæй æрбауынгæг. «Бирæ мæ уарзы, мæ ацыд, ме ’рбацыдыл нæ хъæцы, фæлæ йын алы хахуыр æвзæгтæ йæ зæрдæ фæхъæстæ кодтой. йехх, тæхуды, уæд та Алæмæты мæ дæсæм хайы бæри уæддæр куы зонид. Мæнæй та уый сидзæрдæр. Мад, фыды рæвдыд нæ банкъардта. Æз цы Алæмæты зонын, уый дын, мæ мад, уарзон фырты лæггад кæнид, де ’взон- джы бонты рыстытæ дын ферохкæнын кæнид, ды та дзы де сæфт федтай». Темыр йæхæдæг ныццагъта дзæнгæрæг. Ахуыргæн- джытæ, фæсивæд уайтагъддæр ныууагътой сæ куыст æмæ æттæмæ ракалдысты. Сихоры фæстæ чызджытæй кæйдæр къухты февзæрд фæндыр. Сытынг къæрццæмдзæгъд æмæ кафт. Фæсивæд иууылдæр аивылдысты хъазтмæ. Фынджы уæлхъус ма аззадысты цалдæр ахуыргæнæджы, Бимболат æмæ хуынæрбахæссæг ныййарджытæ. Бимболаты къухы агуывзæйы -уыд нозт. Иу чысыл йæ рустæ фæсырх сты. Хъæубæстæ йæ зонынц сыгъ- зæрин къухты хицауæй æмæ мадзурайæ. Ныр Темыр- мæ бадзырдта: — Фарн дæм бадзурæд, Темыр, æз дзырдарæхст ни- куы уыдтæн, фæлæ мæ царды фыццаг хатт дзæнгæрæ- джы æхсызгон заёлты фæстæ афтæ хæрзадæп басихор кодтон. Уе ’рхъуыды, уе ’гъдау бирæ уæнт, сылгой- мæгтæ. Бимболат йæ агуывзæ анызта бындзарæй æмæ сыс- тад. Чидæр ма йæм дзы бахатынмæ хъавыд, фæлæ нал бакуымдта. — Мæхæдæг куы кусин, уæд цæуылнæ, фæ- 52
лæ иннæты куыст дæр мæ бæрны ис, зæгъгæ, загъта æмæ Темырмæ худгæ бакаст: — Кусгæ нал кæнæм? Ниййазæлыд та дзæнгæрæг. Дзæнгæрæджы зæлты тадысты фæндыры мыртæ æмæ æппынфæстаг ныхъ- хъусысты. Чысыл фæстæдæр та спортзалы рудзгуытæй хъуыст хырхыты хыррытт-хыррытт æмæ лæгъзгæнæн мигæнæн- ты æмыр æхситт. * * * Изæрæй Фæрдыг сæхимæ стъолыл æрбаййæфта Алæ- мæты писмо. Æвиппайды æрбайсæфт йæ фæллад. Кон- верт арæхстгай аскъуыдта æм,æ дзы систа писмо. «Мæ зынаргъ Фæрдыг, — райдыдта писмо, — æз ныртæккæ дæн дæ хæд фарсмæ — Саггомы хъæуы. Дæхæдæг куыд зоныс, афтæмæй та мæ фæлварæнты куыстытæ сты сæ тæккæ тæмæны- Колхозы сæрдар мыл, фарон зæдтаг фыстыл цы зиæнттæ æрцыд, уый фæстæ фем^бæлд æлхынцъæрфыгæй. Фæлæ сæ цæрæнбон бирæ фиййæуттæн, сæ хистæр Бибойæн, стæй колхозонтæй дæр бирæтæн, мæ фарс рахæцыдысты æмæ уæд сæрда- рæн дæр æнæсразы цы гæнæн уыд. Рахицæн та мын кодта мæ фосы хай. «А, æмæ мæ иæрын ныууадз!» Фæ- лæ ма адоныл дæр фароны хуызæн зиæнттæ куы ’рцæ- уа, уæд-иу нæ фехъуыстон ма зæгъ. Тæрхондоны раз дæ æрлæууын кæндзынæн». Зынаргъ Фæрдыг, а дыууæ боны фосы уæтæр аив- дзыстæм ’бæрзонддæр хæхтæм. Уым кæрдæг у сыгъ- дæгдæр, сойджындæр, хæрзаддæр. Уырны мæ, фос уым сæхиуыл тынгдæр кæй фæхæцдзысты æмæ мæ фæлва- рæнтæн хуыздæр фадæттæ кæй уыдзæн. Дыууæ азмæ— æртæ цоты — ахæм хæс æвæрын мæ разы. Мæн фида- рæй уырны мæ хъуыдыйы рæстдзинад. Фæлæ уый у æр- мæстдæр хъуыды. Адæмы та алы хъуыды нæ уырны. Уыдон фæнды, цæмæн сын æй сæ цæстæн фенын кæнон. Байхъус ма, æрæджы мемæ фиййæутты хистæр куыд дзырдта, уымæ: «Мах дæ ныхасыл æууæндæм, фæлæ йыл æууæндгæ дæр нæ кæнæм. Ахуыргонд адæм бирæ хорздзинæдтæ рымысыдысты. Фæлæ мын бахатыр кæн 33
мæ дæрзæг ныхас, алы хатт пайдаиы хъуыддæгтæ нæ рауайынц. Райсæм, зæххæй афæдз дыууæ тылл&джы чи исы, уыдон сæ хъуыддаджы æцæг дæснытæ сты. Фæ- лæ фосæй дыууæ азмæ æртæ цоты райсын... нæ зонын, цы зæгъон. Уырнгæ дæр мæ кæны æмæ мæ уырпгæ дæр нæ кæны. Гъе, æмæ нæ цæмæй бауырна, уый тыххæй лæу пемæ, кус немæ дыууæ азы дæргъы. Цыдæриддæр иын зæгъай, нæ бон уæд, уый йедтæмæ йæ бакæндзыстæм, нæ дын ницæмæй зæгъдзыстæм. Фæлæ дæ фæлварæнтæ æххæстæй нæ, сæ иу дæсæм хай уæддæр куынæ фæ-> рæстмæ уа, уæд та нæ-иу хъаст ма ра;кæн»... Гъе, афтæ хъуыды ,кæнынц, гъе, мæ зынаргъ Фæр- дыг, иннæ фиийæуттæ дæр. Цыбыр дзырдæй, бахаудтæн ахæм адæмы æхсæнмæ æмæ мæ фæнды æхсæвæй-бонæй кусын æмæ кусын. Ал- цæмæн дæр бабыхсдзынæн, зындзинæдтæй никуы фæ- тарстæн. Фæлæ мæ бсш нæу æнæ дæу. Æнæ дæу мæм мæ цард кæсы фæлурс. Тæрсын, тæрсын, мæ зынаргъ Фæрдыг, куы нæ бафæразон æмæ, хæсты быдырæй тæп- пуд куыд фæлидзы, афтæ куы фæлидзон æз дæр арды- гæй. Дæхи Алæмæт». Фæрдыг писмо йæ риумæ æнгом æрбалхъывта. «Мæ- хи Алæмæт, мæ зынаргъ Алæмæт, мæ царды рухс, мæ удьгæнцой»... Фæрдыгæй ферох, чысыл раздæр фæлладæй кæй æрбацыд æмæ йæ кусæн дарæсы æнæхсадæй кæй лæу- уы, уый. йæ уазбæллицтæ йæ систай амонды базыртыл æм,æ йæ авæрдтой бæрзонд цъæх гауызгъуыз сæрвæт- ты, Алæмæты фарсмæ. Æттейæ’чидæр кæрты дуар æрбахоста. Мурик рæйгæ азгъордта. — Уæ, Дуду, ам нæ дæ, цы? — азæлыд Фæрдыджы хъусты сылгоймаджы хъæлæс. Дуду хæдзары нæ уыд, фæлæ Фæрдыг рудзынгæй акаст æмæ кæрты дуары цур лæугæ ауыдта, Икъаты Фаризæт йæхи чи хуыдта, уыцы сылгоймаджы иу цавæр- дæр къуыдипп арæзт лæппу-лæджимæ. Уайтагъддæр фæстæмæ йæхи бааууон кодта. «Ай дын мæ къух, кæд ацы Фаризæт макълер нæу. Æвæццæгæн уыцы лæппу 54
та усгур у. О, фæлæ чи у уæддæр уыцы усгур. Ау, Алæга- ты Адто уа?» — схæлбурцъ кодтой цымыдисаг хъуыды- тæ Фæрдыджы сæры. «Æнæбазонгæ йын нæй». Кæрты дуар ногæй тынгдæр æрбахостæуыд. Фæрдыг йæ малы дæрдджын сæрбæттæн нæ сæрыл уæгъдæппæрст бакод- та æмæ кусæн дарæсы сæ размæ рауад. Фаризæт Фæрдыгыл йæ цæст æрхаста цыдæр æнæв- вæрсон хуызæй, хъиласыкъа цæу йæ сæр иуварсырдæм куыд æркъул кæна æмæ сынæр куыд цæгъда, афтæ йæ бухар худ йæ сæры тенкайыл иуварс ныппака кодта лæппу дæр æмæ ставд бапъироз пъæртт кодта. — Кæм сты ацы хæдзары бинотæ, хорз ус? — цыма туаг æхсынцъы ахордта, афтæ ралæмарæгау кодта Фа- ризæт. Йæхи куыд дардта, уымæй бæрæг уыд, — Фæр- дыджы нал базыдта. — Чи уæ дзы хъæуы? — чъызгæ хъæлæсы уагæй сæ бафарста Фæрдыг. Фæлæ йæ ныппыррыкк кæнынмæ би- рæ нал хъуыд. — Хæдзары хицау Дуду, гъе та йæ чызг. — Хъыгагæн сæ ам никæй æрбаййæфтат. — Иугæр сæ хæдзары дæ, уæд сын ды дæр исчи нæ уыдзынæ, — йæ гæды æвзаг фæцъыллипп кодта Фаризæт. — Æз дæр сын æцæгæлон нæ дæн. — Уæд мæ мард фен, уæдæ Дудуйы куклæйы хуы- зæн чызгæн ницы зоныс, йæ бакаст куыд у, йæхæдæг дæр афтæ... æви иннæтæй у. — Гъæй мæ мард фенай, хорз ус, кæд кæй номыл æрбацыдтæ ардæм. Мæ фыдгулы хæдзармæ ахæм фæс- тæмæзæвæтджын хæйрæг бацæуæд. Фыдных — фыд- сыл. йæ мад æм иу дзыр/^ скæны, уый та йын цыппарæй дзуапп радты. Райсом раджы никуы фæгæпп кæндзæн æмæ йæ мады къух ницæмæй фæрог кæндзæн, фæлæ сихорафонмæ хуыррытт фынæй фæкæны, æмбисæхсæв- мæ та хæдзармæ нæ цæуы. Лæппу февнæлдта Фаризæты цонгмæ, цом, зæгъгæ. — Тпу, мæ фыдбылзытæ йæ хай фæуæд. Айфыццаг горæты уыдтæн цыдæр уæййæгтимæ æмæ уым базары базонгæ дæн чызджы мады ’фсьимæры усимæ. Æхца йын нæ фаг кодта æмæ йемæ сæхимæ ауадтæн. Мæнæ мæ хæрæфырты мæт кæм нæ кæнын æдзухдæр æмæ та 55,
мæм йæ кой рауад уыцы усимæ дæр. Махмæ, дам, бæр- " гæ хуры тыны хуызæн чызг ис, фæлæ, дам, цæйдæр дзæ- гъæлзадимæ йæхи сбаста æмæ дзы атонын нал комьг. Нæ лæджы дæр, дам, нæ фæнды æмæ йæ хо — Дудуйы сардыдта чызджы ныхмæ. Мæнæн дæр балæхстæ кодта, цæмæй мадмæ писмо ныффыстаиккам. — Гъемæ ныффыстон æмæ хæрз дзæгъæлы. Ахæм æнæгъдау чызджы тыххæй æз мæ къухмæ фыссæн дæр нæ райстаин! — срæцыгътытæ кодта Адто. Æттейæ Дуду æрбацæйцыд, йæ дæларм ног карст кæрдæджы бындзыг. Æвæццæгæн та сæ донбыл æхсыр- фæй æркарста. Хъугæн изæрæй æхсырæрдыгъды агъом- мæ кæрдæг йæ размæ æнæбаппаргæ нæ фæвæййы. — Цом, цæмæ ма лæууыс? — фæтентек та ис лæппу. — Фæлæу, æххæст уæртæ чызджы мад æрбацæуы. — Иугæр чызгæй фыдæнхъæл фестæм, уæд нæ цæ- мæн бахъуыд йæ зæронд мад. — Чызг, ай нæм уазджытæ куы ис, уæд сæ дуармæ цы ныддардтай? — бауайдзæф кодта Дуду Фæрдыгæн! — кæнæ ма дæхимæ бакæс, цы хуызæн дæ! — й,æ сæрæГг йын сæр(бæттæн иуварс адыввытт кодта. Фаризæт æмæ Адто фæкомкоммæ сты Фæрдышæ. Цыма сыл исчи уазал доны къæрта бакалдта, уыйау фесты. — Ахизут мидæмæ, — сдзырдта Дуду. — Махæн мидæмæ хизгæйæ нал у, — загъта лæппу æмæ, цæхгæр фæзилгæйæ, араст уынгты уæлæмæ. — Тпу, налат фæу, фыдбойнаджы чызг, — загъта Фаризæт æмæ Адтойы фæстæ фæраст. — Цы хабар у, чызг? — бафарста тызмæгæй мад. — Ницы. Цы аккаг сты, ахæм тæрхон сæхæдæг ра- хастай сæхицæн. Фæлæ, хъыгагæн, раздæр не ’рбацыд- тæ, æндæра базонгæ уыдаис уæлæ нæ хорзмæ бæллæг Алæгаты Адтоимæ! — æнæхонгæ уазджыты фæстæ къу- хæй ацымыдта Фæрдыг æмæ йæ мады дæлармæй кæр- дæджы баст райста. * * * Рæсугъд у, тынг рæсугъд, хæхбæстæ. Уалдзæг æмге оæрд цъæх-цъæхид фæдарынц рæгътæ, бæрзонд айнæ- 56
гæй коммæ урс фынк калгæ фæхауынц æхсæрдзæнтæ. Мæргътæ сæ цъыбар-цъыбурæй бæстæ сæ сæрыл фæхæс- сынц. Рæгъты фæрстыл, урс дуры цæндтау, фæзынынц колхозон фосы дзугтæ. Бæрзонд, æрвон тыгъдады фæ- зилахар кæнынц цæргæстæ. Айнæджы сæрмæ рындзыл, фиййау куы ’рбады стыр дуры сæр, куы райсы йæ уадындз æмæ дзы, нæртон Ацæмæзау, арæхстджынæй куы ’рохæгъды, уæд ма адæй- маг хуыздæр цæмæ байхъусдзæн! Иу ахæм æвæджиауы ран сæ фос хизынц Саггомы колхозы фиййæуттæ. Райсомæй нырмæ фæлварæн цы зæдтаг фыстыл кæны Алæмæт, уыдоныл зилы æмæ сæ уындæй йæ зæрдæ рухс кæны. — Алæмæт, мæ хур, афтæмæй бирæйы фаг не суы- дзынæ. Бакæс-ма дæ цæстытæм, куыд рæсыд сты. Æх- сæв-бонмæ уæтæры фæтæгены цырагъы рухсмæ кус, ра- фæлдах-бафæлдах кæн бæзджын чингуытæ, райсомæй’ та æхсæвыцъæхæй фæгæпп кæн æмæ бонизæрмæ фо- симæ у! — Алæмæты уæхскыл йæ къух рæвдаугæ æрьг вæргæйæ, хæлары уайдзæф кодта Бибо. — Ныртæккæ æндæр гæнæн нæй, Бибо. Фæлварæнтæ цы фыстыл кæнæм, уыдонмæ æппынæдзух цæст дарын хъæуы. Ирон æмбисæндтæ дæуæн>амонын нæ хъæуы. — Ома? — Ома симды ма бацу... — Фæлæ куьгбацæуай, уæд та дзы симын хъæуы, нæ? — Афтæ! — Омæ уæд та æхсæв фæкъаддæр кæн дæ зилæны- куыстытæ, кæнæ та уæзы иу хай махыл дæр æруадз. — Бузныг, Бибо. Сымахыл æнæуи дæр чысыл уæз нæй. Стæй дæ бауырнæд, æз мæхи йеныры хуызæн æнæниз никуы хатыдтæн. Дæлæрдыгæй сыхъуыст къуыззитт. Куыйтæ рæйгæ алæбурдтой. Фæлæ уайтагъддæр оæ рæйынæй фæлæу- уыдысты. — Постхæссæг нæ ам дæр рох нæ уадзы, — йæ къу- хæй аууон ацарæзта Бибо. — Дунейы фарн æй цины уацхæссæг фæкæнæд! — йæ къухтæ йæ урс халатыл асæрфгæйæ, цымыдисæй æн- хъæлмæ каст Алæмæт постхæссæджы ссыдмæ. 57
Бибойы цур йæ хохаг чысыл бæхыл æрбамидæг яюстхæссæг Хъызыл. Газеттæ æмæ журналтæ тагъд-тагъд халын райдыдта. ’Фиййæуттæ газеттыл сæхи ныццавтой. — Мæнæ ма дæумæ писмо дæр, Алæмæт, — йæ пост- хæссæн хызыны иу къуымæй фелвæста цъæх конверт æмæ йæ Алæмæты къухты фæсагъта. Алæмæты цæсгом фырцинæй ныррухс. Конверт ас- къуыдтæ кодта æмæ кæсы: «Алæмæт! Хæдзархæлд фæу, æндæр дын цы зæгъон. Ам уыд нартийы обкомы инструктор Пæррæстаты Габо æмæ мæ куыдзæй-куыдздæр ныккодта дæ фæлварæнты тыххæй. Фарон, дам, цы зиæнттæ æруагъта æхсæнадон фосыл, уыи, дам, уын æгъгъæд нæ уыд, æви, дам, уæ сæртæ кæм сты? Куыд ма нæ бауагътат фосы æмгæрæтты дæр ацæ- уын. Цæуылнæ, дам, æй фæсырдтат. Бирæ цыдæртæ фæ- фыста, æртхъирæн кодта фарст обкомы бюройы раз .æрывæрынæй. Æнхъæл дæн, дæ фæлварæнты ныхмæ у дæ разамо- нæг, профессор йæхæдæг дæр»... Профессоры коймае" Алæмæт фестъæлфыд. Уайтагъд базыдта, дон чи базмæста, уый. Цæвиттон, институты фосдарды кафедрæйы сæргъ- лæууæг профессор Æрчъеккаты Хъазмæхæмæт ныр иу дæс азæп фылдæр куыста фосы ног мыггаг райсыныл. Уыцы хъуыддагмæ сцымыдис кодта Алæмæты дæр, фæс- таг къурсы куы ахуыр кодта, уæд. Æвæццæгæн, ахæм зонадоп æмбырд нæ уыд, Хъазмæхæмæт Алæмæты æну- выд куыстæй кæм нæ раппæлыдаид. Уый <йæ саккаг код- та, иннæ студенттæй хъауджыдæр, аопирантурæше. Ас- пирантурæйы дæр Алæмæт арæзта алыгъуызон фæлва- рæнтæ фосы ног мыггаг райсыны тыххæй. Цас рæстæг фылдæр цыд, уыйас Алæмæты зæрдæмæ тынгæй-тынгдæр хъуызыд дызæрдыгдзинад. «Дæс азы чысыл нæу алы- гъуызон фæлварæнтæн, — хъуыды кодта Алæмæт про- фессор Хъазмæхæмæты тыххæй, — фæлæ цы фæстиу- джытæ радтой нæ бирæ фæлварæнтæ? Уадиссаг ницы. Иуцасдæр бæрцæй фыстæ феставддæр сты, фæлæ уый хыгъд сæ кæддæры уæргъуын хъуын фæхъисдæр. Ныр 58'
Æрчъеккайы фырты фæлварæнтæ баст уыдысты уьщы аххосаг раиртасыныл. Уый сæраппонд кæнын кодта йæ кафедрæйы кусджытæн алы фæлварæнтæ. Куыд фæзæ- гъынц: хъæр дардыл айхъуысти, ома институты фосдар- ды кафедрæйы зонадон кусджытæ профессор Æрчъек- каты Хъазмæхæмæты разамындæй æнувыдæй кусы фосы ног ■мыггаг райсыныл, фæлæ куыстæн йæ мидæг ницы уьтдис. Алæмæт хъуамæ йæ кандидатон диосертаци дæр ныф- фыстаид уыцьт бирæ фæлварæнты бындурыл. Фæлæ йыл •ныр йæ къух систа. Æмæ йеуæд сфæнд кодта, гъе, дыу- уæ азмæ æртæ цоты райсын дæр. Алæмæты диссертащи- йы темæ аивьтны ныхмæ сæйрагдæр слæууыд Хъазмæ- хæмæт йæхæдæг. Алæмæты ног хъуыды йæм каст сæнт- тæцæгъдæг адæймаджы мийау. Дыууæ азмæ æртæ цоты цæхгæр ивьт фосдарды фæткæвæрд. Уымæн, зæгъгæ, гæ- нæн ис, уæд дунейы ахуыргæндтæ цынæ фосы- ног мыг- гагыл куыстой, фæлæ дзы ахæм никуыма уыд. Стæй йæм иннæрдыгæй та афтæ каст, цыма ахæм фæлварæнтасн аккаг уавæртæ дæр нæй. Фæлæ гёæхи фæндыл ныллæу- уыдис Алæмæт æмæ йеуæд баныхас кодта Саггомы колхозы сæрдар Хæбæлаты Æнзоримæ. Æйзор куы базыдта, Алæмæт хъæууон хæдзарады фосдарды кафедрæйы зонадон кусæг у, уый, уæд цинæй амард, æнæуи дæр колхозы фос сбирæйыл ^.хъаззаг- тох кодта. Ф&лæ нæ фæрæстмæ сты Алæмæты фыццаг фæлва- рæнтæ колхозы разамындæн йæхи аххосæй, фосæн зы- мæгмæ хъарм скъæттæ кæй нæ сарæзтой, уый тыххæй. Ноджы скодта тынг хъызт зымæг, уадтымыгъ футтытæ ласта кауæй быд скъæтты зыхъхъыртæй æмæ зæдтаг фыстæн сæ фылдæр фефтыдтой. Канд сæ уæрыччы- тæ нæ, фæлæ мадæл фыстæн сæх’ицæй дæр бирæ фæхъуыд- Колхозы сæрдар йæ сæры хъуынтæм февнæлдта, тынг старст, йæ куыстæй йæ æгадьт тард куы фæкæной, уы- мæй æмæ фосы зиæнттæ æгасæй дæр хъавыд Алæмæты фæлварæнты аххос фæкæнын. Фæлæ Алæмæты æвварс рахæцыдысты канд æппæт фиййæуттæ нæ, фæлæ кол- ^созонтæй дæр бирæтæ. Гъе, фæлæ колхозы зæдтаг фо- 59
сыл ЦБ1 зиæнттæ æрцыд, уый фехъуыста Хъазмæхæмæт æмæ цæхгæр фарст æрывæрдта партийы обкомы. Кар- зæй домдта, цæмæй ахæм æнæсæрфат фæлварæнтæн кæрон æрцæуа. Йæ хъасты кæрон Æрчъеккайы фырт фыста: «Ныр дæс азæй фылдæр нæ кафедрæйы зонадон кус- джытæн сæ бирæ фæлварæнтæ куы фесгуыхтысты, æмæ фосы ног мыггаг куы райстам, ныры онг нæ хохаг рæс- тæмбис фыстæ цы уыдысты, уымæй иу æмæ æрдæг хатт куы фæфылдæр сæ уæз, уæд уыцы рæстæджы Астемы- раты Алæмæт та аразы бынтон æндæр фæлварæнтæ. Фæлварæнтæ канд зиан не сты, фæлæ тæссаг у, нæ фосьь ставд мыггаг нын куы фесафой, уымæй. Дыууæ азмæ æртæ цоты, зæгъгæ, къухты бафтыд, уæвгæ уымæн гæ- нæн нæй, фæлæ, гæнæн уæвгæ дæр, уæд нæ фыстæ цы сты, уымæй иу ахæм хъуамæ фæлыстæгдæр уой». Обкомы секретарь хъуыддаг бахæс кодта йæ инст- руктор Пæррæстаты Габойæн- Уый Саггоммæ ацыдис,( Хъуыддагæн уадиссаг ницы базыдта, сæрвæтмæ ацæ- уынмæ та зивæг фæкодта, фæлæ колхозы сæрдарæн алывыд акалдта æмæ <æртхъирæнгæнгæ фæстæмæ раз- дæхт, сæ фарст сын обкомы бюромæ кæй рахæсдзæн,, уый тыххæй. Рагацау та йæхæдæг дзырд радта, цæмæй. ахæм сæрхъæн фæлварæнтæ мауал кæной. Ныр мæнæ Алæмæт лæууы бæрзонд рындзы сæр> æмæ сагъæсты аныгъуылд, дарддæр цы бакæна, ууыл-. Ахæм ахсджиаг рæстæг фос æрмæст фиййæутты æв- джид ныууадза, уый йæ нæ фæндыд. Фæлæ иугæр хъуыд- даджы йæхи фæтъыста профессор Æрчъеккаты Хъазмæ- хæмæт, уæддзы æнæ карз тохæй ницы рауайдзæн. Уæв- гæ тохæн та æнæрамбулгæ нæй. Алæмæт бацыд Бибомæ, хабар ын бамбарын кодта\ Бибо йе ’рфгуытæ фелхын/цъ кодта. Уый фидарæй уыр- ныдта АлæмÆты хъуыды æмæ йæм афтæ каст, цыма ныр фондз æмæ ссæдз азы дæргъы цы хæддзу зонадон кусджытимæ базонгае, уыдонæй Алæмæты хуызæн æну- выд йæ хъуыддагыл ничи уыд. — Алæмæт, æнæцæугæ дын нæй! Ардæм дæ зæрдæ ма ’хсайæд. Зæфцы фыдæй зæдтаг фыстæй иу хъуын- хъис дæр нæ фæхъæудзæн. Фæлæ дæ уым карз тох ба- 601
:хъæудзæн. Дæ лæгдзинад æмæ дæхæдæг. Фæндараст!— Уарзон хъæбулау, Алæмæты ахъæбыс кодта. Алæмæт комкоммæ ацыд горæтмæ. Обкомы коменда- турæйы дуарæй куыд бахызт, афтæ кæсы æмæ уæлæ асинтыл æрызгъоры Габо, йæ къухы цавæрдæр гæххæтт .æмæ комендантæн афтæ бакодта: «Æвæстиатæй йæ арвитын хъæуы Астемыраты Алæ- мæтм-æ». ’ Алæмæт, йæ ном фехъусгæйæ, салам радта Габойæн. — Цом рæвдздæр, фыццаг секретарь дæ агуры, — загъта йын Габо. Обкомы секретарь бадт фæтæн, райдзаст кабинеты стыр стъолы фарсмæ æмæ цавæрдæр гæххæттытæм тсасти. Йæ рахисфарс тумбочкæйыл уыд цалдæр телефо- ны аппараты. Цы стъолы фарсмæ бадт, уымæ цæхгæр зевæрд уйд дæргъæй-дæргъмæ стъол, сырх сгæлладæй «æмбæрзт, стъолы дыууæ фарс дæр æмæ уаты къулгæ- рæтты дæр æвæрд уыд бандæттæ. Куыддæр Алæмæт æмæ Габо мидæмæ бахызтысты, афтæ секретарь йæ бынатæй сыстад, стъолы галиу фæрс- ты иу далдæр къахдзæфы ракодта размæ æмæ Алæмæ- ты къух зæрдиагæй нылхъывта. — Ды уал сæрибар дæ, — загъта Габойæн, — йæхæ- дæг, рагон зонгæ хæларау, Алæмæты цонгыл хæцгæйæ, бацыд рудзынгмæ æввахс æмæ фæрсæй-фæрстæм, сэ ’хсæн иу афтид бандон, афтæмæй æрбадтысты. Алæмæт хатыд секретары цæстæнгас æмæ куыддæр фæтыхсæгау кодта. — Æз ма та дæм арвитынмæ хъавыдтæн. Нæ инст- руктор Габо, æвæццæгæн, профессор Æрчъеккаты Хъаз- мæхæмæты хъуыдымæ гæсгæ кодта æви йæхæдæг хъуыд- даг афтæ лæмбынæг сахуыр кодта, уый мæ бон зæгъын нæу, фæлæ мæм цы рапорт æрбалæвæрдта, уым цъиу- вæдис систа. Æцæг, æргом зæгъын хъæуы, цы факттыл дзуры, уыдон дæ пайдайæн не сты, тынг дæ азымджын кæнынц. Гъе, фæлæ дæ размæ цы паддзахадон ахс- джиаг хæс æрывæрдтай, уый ма фен, йæ иувæрсты ахиз, уьгй партион разамонæгæн не ’мбæлы. Ды ныртæккæ цы хъуыддагыл кусыс, уый мæ тынг цымыдис кæны. Фæн- .ды мæ лæмбынæг мын куы радзурис æппæт дæр. Уæ 61
институты разамынд дæ курдиатджын зонадон кусæг хоны, дæ разамонæг Æрчъеккаты Хъазмæхæмæт дæр дæ афтæ хуыдта, фæлæ ныр уæ мыды къусы къæм ных- хаудта. Цы у йæ аххос? Цæуыл дарыс дæ фæлварæнты дæ зæрдæ? Алæмæт сæрæй кæронмæ радзырдта, суанг ма сидзæр- доны куы уыд, уæдæй куыд тынг уарзы фос. Уыцы стыр уарзондзинад, йæхийау, рæзт азæй-азмæ. Уый йæ бакодта хъæууонхæдзарадон институтмæ дæр. Дарддæр дзырдта ахуыры азтыл... Студентты цардыл, фосдарды кафедрæ- йы бирæ фæлварæнтыл. Арæх-иу сæ фæлварæнтæ кæй нæ фæрæстмæ сты, кæй-иу ныкъкъуылымпы сты, ахæм рæстæджы кафедрæйы кусджыты хъынцъымдзинад... Æппынфæстаг Æрчъеккаты Хъазмæхæмæты бирæ фæл- варæнтæ кæй нæ дæттынц, цас фыдбон сыл кæнæм, ^ый аккаг фæстиуджытæ. — Мах арæх нæ мидбынаты щоппай кæнæм. Тæрсгæ- ризгæйæ æвналæм хъуыддагмæ. Мæнæн хатырæй уæд мæ дæрзæг ныхас, фæлæ зонадон кусæгыл горæты рыг æгæр куы сбада, уæд ын йæ цæстытыл мигъ æвæры æмæ уый ахъуыдыйаг хъуыддаг у. Ахæм адæймаг фæстæмæ цæмæй йæ джиппы сбада, уый тыххæй йын тынг фæпай- да уаид сæрды рæстæджы уæддæр хохбæстæм фиййæут- тимæ сæрвæтты сыгъдæг уæлдæф сулæфын. Цы зæгъон, цы хъуыддагыл кусын, уымæй. Кусын ыл, цы мæ бон у, >ый. Æууæндынц мыл фиййæуттæ дæр. Æхсæвæй-бонæй мын æххуыс кæнынц. Афтæ мæм кæсы, æмæ нæ хъуыд- даг фæуæлахиз уыдзæн. — Æмæ куы нæ фæуæлахиз уа, уæд та? — сдзырдта секретарь. — Чи зоны афтæ дæр уа. Æрмæст уый фæлварæпты аххос нæ уыдзæни. — Уæдæ?.. — Колхозы. — Цæмæн? — Фосæн аккаг скъæттæ кæй нæй æмæ зымæджы рæстæджы уазалæй кæй фæмæлынц, уый тыххæй. — Скъæттæ, фермæтæ уыдзæи! — фидарæй загъта сгкрета{хь. — Райсом Саггомы колхозы уыдзынæн æмæ сæрдары фендзынæн. Фæлæ мæм афтæ кæсы, цы- 62
ма дæ фæлварæнтæ раззагдæр колхозтæй иумæ куы ахæссис, уæд хъуыддаг рæвдздæр ацæуид. — Чи зоны, фæлæ мæ нæ фæнды уый бакæнын. — Цæуылнæ? — Ныртæккæ дæр мыл колхозонтæй бирæтæ не ’ууæн- дынц. Мæ рæстдзинад фидарæй уырны æрмæетдæр фий- йæутты. Æмæ уый чысыл хъуыддаг нæу. Уымæй дард- дæр ацы мæйты æнхъæлмæ кæсæм, фароны зиан дæр куы нымайæм, уæд, дыккаг цотмæ. Стæй дæхæдæг зо- ныс, адæм дæр куыд хъуыды кæндзысты: «Фос нырраууат кодта иу колхозы æмæ ныр та мах- мæ фæзынд». — Мæнæн æхсызгон у, тæнæг дæтты ленк кæнын чи уарзы, уыцы зонадон кусджытæй кæй нæ дæ, — раппæ- лыд дзы секретарь. — Фæлæ дæ уæддæр махæй цы ’ххуыс хъæуы? — Уадиссаг ницы. Æрмæст курын, ацы æртæ мæйы мæ куыд ничи бахъыгдара. — Растдæр зæгъгæйæ та, ома мах?—йæ мидбыл ба- худт секретарь. — Æнцон нæу нæ куыст, фæлæ нæ афтæ бакусын хъæуы æмæ нæ фидæны фæлтæр сæрыстырæй куыд зæгъа: «Нæ фыдæлтæ удуæлдай куысты арæзтой нæ бæллицаг абон. Арæзтой, канд цы сæ бон уыд, уый нæ, фæлæ сæ бон цы нæ уыд, уый дæр! — Секретарь комкоммæ бакаст Алæмæты цæстытæм. Уыцы изæр мад æмæ чызджы æхсæн рауад, æнхъæл куыд нæ уыдысты, ахæм карз бьщæу. Фæрдыг æдзух- дæр архайдта мады дæрзæг ныхæстæн мацы дзуапп рад- тыныл, йæ рыст зæрдæ йын мацæмæй скъахтаид. Фæлæ уыцы изæр нал ныббарста чызг, æмæ йæ мады æфсымæр Джамботы афгом фарстæн æргомæй загъта: — Кæд мæ уд мæ бар у, уæд мæн цы фæнды, уый хъуамæ уа- Кæд уый гæнæн нæй, уæд уадз, мæ фыды уæларт урс дадалитæ рауадзоп, уæддæр æндæр амонд нæ бацагурдзынæн. Мад арвы цæфау фæцнс. Уый æнхъæл никуы уыдис æмæ йæм нæ иунæг мадзура чызг искуы афтæ къæйны- 63
хæй сдзура, уæлдайдæр та æнæзонгæ лæг æмæ йæхи æфсымæры цур. Цæвиттон, Дудуйы æфсымæр Джамбот знон Æры- доны йæ хойы хæдзармæ æрбамидæг, иу фондз æмæ дыууиссæдз азы кæуыл цыдаид, ахæм лæгимæ. . Дуду уайтагъд мæнгагъуыстмæ йæхи айста. Байгом кодта арынджы сæр, æриста саоир æмæ урс-урсид ссад луарын райдыдта. Ардæм йæхи æрбайста Джамбот дæр. Уазæджы та фæуагъта Фæрдыджы æвджид, загъта йын йæхи æхсын æй фæнды рыг фæндаджы фæгтæ, зæгъгæ. Джамбот куыд бамбарын кодта йæ хойæн, афтæмæй уазæг —.Гуылæрты Алмахситт цæры Ленинграды, у ахуыргонд, профессор. Мæй исы фондз мин сомы мызд, нс ын хорз фатер.- — Цыбыр дзырдæй, мæ-хойы гæбаз, — загъта Джам- бот, — кæд дæм исты амонд кæса, уæд дæ хъул сах абаддзæн æмæ дæ чызг йæ зæрдæмæ фæцæудзæн. — Ау, Ленинграды иу уый аккаг чызг нал разынд?— куыддæр дызæрдыггæнæджы каст бакодта йе ’фсымæр- мæ Дуду. Ие ’нгасыл бæрæгæй зынд, йе ’фсымæры фæн- дон йæ зæрдæмæ кæй нæ фæцыд, уый. — Чызджытæ дзы æгæр бирæ дæр ис, мæ хойы гæ- баз, стæй йыл хæлæф чи кæны, ахæмтæ. Фæлæ йæ ирок чызг хъæуы, ирон, бамбæрстай? — Æгæр карджын нæу сывæллон чызгæн? Æви ду- нейыл тæригъæд нал ис? — Дуду, — сдзырдта Джамбот. Дуду хатыд, йе ’фсы- мæр æм иугæр йæ номæй сдзырдта, уæд мæсты кæнын райдыдта æмæ йæ нæ фæндыд йæ хъыг райсын. Уæл- дайдæр та Фæрдыгыл Джамботы хæрзтæ чысыл нæй. Хи хъæбулы лæггад ын фæкодта цыппар азы дæргъы, æмæ йыл цæуы уый бар дæр. Стæй йæ хойы иунæг чыз- джы амондыл тынг кæй тыхсы Джамбот, ууыл мисхалы бæрц дæр нæ дызæрдыг кæны Дуду. Джамботмæ, æцæгæйдæр, æнæууылд фæкастысты Дудуый пыхæстæ. Фæлæ йæ цæст дæрзæг сдзурын нæ бауарзта йæ сидзæргæс хойæн. Фæтæригъæд ын кодта æмæ та йын рæвдаугæ загъта: — Алмахситт зноны сывæллон нал у, раст зæгъыс. Дæ чызг та у æвзонг. Гъе, фæлæ ам æрæмных хъæуы «64
дыууæ хъуыддаджы: иуырдыгæй Фæрдыджы æвзонгдзи- над, иннæрдыгæй та профессор Алмахситты кад æмæ намыс. Æмæ йын уым.æй дæр цавæр цард уыдзæн. Мар- гъы æхсыр æй куы хъæуа, уæддæр йæ бон уыдзæн йæ самал кæнын- Фæлæ цы цард фендзæн, уалæ хохы сæр фосы фæстæ чи рахау-бахау кæны, уыцы æрдæг фий- йау, æрдæг ахуыргонд лæгмæ? Мæн фидарæй уырны, чызг ацы хъуыддаджы ныхмæ цæхгæр кæй ныллæу- дзæн, уый. Æмæ ма йын ды дæр æмдзæгъд куы кæнай, уæд дæ чызджы амонд дæхæдæг сурыс. Мæн та фæнды, цæмæй хъуыддагмæ бацæуай, зондджын сылгоймагæн куыд æмбæлы, афтæ. Ахæм амонд адæм сæ цотæн цы- рагъы рухсæй агурынц, ды та йыл былысчъил кæныс. Фæлтау дын мæнæ мæ фæстаг ныхас, дæ чызг хивæнд митæ куы ’кæна, уæд ын йæ ных бакъуыр. — Æмæ мæ хæдзар та? Уал азы сидзæргæсæй уый тыххæй куы фæбадтæн? — ныккатай кодта Дуду. — Уый тыххæй дæр дын афоныл бирæ фæдзырдтон, фæлæ дæхи фæнд атардтай. Нæ мæм байхъуыстай æмæ дзы цы пайда фæкодтай? Цæрæнбонты дæ хъиутæ фæ- хордтай, æндæр цардæй цы федтай? Ницы. Цард дæ иувæрсты аивгъуыдта. Ны’р æй бæргæ æмбарыс, фæлæ ма цафон. Хæдзары тыххæй дæр дын мæ хъуыды зæгъ- дзынæн. Дæу фæнды, искæй мидæгмоймæ куы ’рбакæ- нис. Æмæ ныр рæстæг æндæр у. Мидæгмоймæ бацæуын мах рæстæджы лæгау-лæг йæ сæрмæ нал хæссы. Алкæ- мæн дæр йæ бон у хæдзар сараза, гъе, та йын ладдзахад радта. Дудумæ раст кастысты йе ’фсымæры ныхæстæ, кæд зæрдæйæ разы нæ уыд йемæ, уæддæр. — Мæн аххосæй ницы фехæлдзæн. Фæлæ уыцы иу- нæгмæ куы æнхъæлмæ кастæн, уæд æнæ уый, сау хало- нау, иунæгæй цы ми кæндзынæн? — Уый амонд саразæм, уый йедтæмæ уалæ мæ хæ- дзар æнæхъæн галуан куы у, иууылдæр дæхи нæу? Дуду уæлдай ницыуал сдзырдта. Карк аргæвдын кодта Джамботæн æмæ йæ фынг рæвдз кодта. Йæ кары азтæн куыд не ’мбæлы, афтæ рог митæ код- та Алмахситт. Йæ уæлдай худтытæ æмæ къæйных кæс- тытæй дзы Фæрдыг уайтагъд йæ сæфт федта’. 5. Хацырты С. 65
— Уæдæ Ленинграды никуы уыдтæ, зæгъыс? — ба- фарста Алмахситт ногæй Фæрдыджы. — Никуы! — Æмæ дæ фæндгæ дæр нæ кæны? — Фадат куы уа, уæд цæуылнæ. — Дæхи бафæндæд, уый-йедтæмæ фадат кæддæрид- дæр уыдзæн. Фæрдыджы зæрдæ уайтагъддæр фæкъæпп кодта Ал- махситты къæйных ныхас æмæ змæлдтытыл, уæлдай- дæр та йæ мады ’фсымæр Джамбот цæуынтæм æмхиц пæ уыди æмæ ныр иумæ кæй фæзындысты, мæнгагъуы- сты йæ хоимæ æгæр кæй фæстиат кæны, уымæ гæсгæ... — Уæдæ ды Ленинграды кусыс, зæгъыс? — Гъай, гъай, Ленинграды медицинон институты кафедрæйы сæргълæууæгæй. — Æмæ дæ Ирыстонмæ дæ къах куыд æрхаста? — хъавгæ бафарста Фæрдыг. — Ау, мæ райгуырæн уæзæг нæу? Фæлæ мæ уæддæр ацы хатт райгуырæн уæзæджы уарзондзинад не ’ркод- та, æндæр хъуыддаджы фæдыл фæзындтæн. Табу да-^ фарнæн, фæлæ фарон мæ цардæмбал амард æмæ мын ныр, — Алмахситт иу чысыл ферхæцæгау кодта... — æмæ мын ныр уæ хъæуккаг чызджы нымыгъдæуы. Алмахситты фæстаг ныхæстæй ссыгъдысты Фæрды- джы хъустæ. Йæ цæстыты цы хæрамдзинад рахсыст, уый бамбæхсын нæ бафæрæзта, афтæмæй сæ ’рхаста Алмахситтыл. Уазæджы сæры тенкайыл цымэ исчи ба- рæй ныффыста стыр дамгъæ М, афтæ йын сцæгæр æмæ, сойы æвдылдау, æрттивы сæры царм. Цы тæнæг хъуын- тæ ма йæ æмбæрзтой, уыдоныл та чырс æрбадти. — Чызджы никуы федтон, фæлæ амондджын уаин, æмæ йæм дæу хуызæнæй исты куы уаид! — зæрдæ- хъæрмттæгæнæгау бакодта Алмахситт Фæрдыгæн. — Диссаг... — Цы у диссаг?! — фæцырд та Алмахситт. — Афтæ нæ загътай, институты кафедрæйы сæргъ- лæууæгæй кусын? — Гъай-гъай! — Æвæццæгæн профессор, гъе, доцент дæ? — Уæны кæсыс раст. Профессоры ном мын радтой 66
фондз азы размæ! — сæрыстырæй загъта Алмахситт æмæ рогæй сулæфыд, æппынфæстаг ын фадат кæй фæ- цис Фæрдыгæн уыцы хабар зæгъынæн, уый тыххæй. йеныр дæм бæрæг уыдзæн, хæххон сæгуыт, кæддæра дæ хъал сæр ныллæгдæр не ’руадзай æмæ мын дæхæдæг нæ лæхстæ кæнай, табуафои, мæн ракур, профессор, зæгъгæ. — Къæйных дæм ма фæкæсæд мæ ныхас, профес- СОр! — сабыргай райдыдта Фæрдыг, — фæлæ мæ цымы- дисы æфтауыс — Цæмæй? — Ды ахуыргонд лæг дæ, мæн æмæ мæ хуызæтты иу æмæ дыууæйы не схъомыл кодтай, æвæццæгæн, иу æмæ дыууæ æвзонг адæймаджы миййаг нæ хъуыстаик- кой дæ лекцитæм цымыдисæй, нæ тæхуды кодтаиккой дæхимæ... Фæлæ цæй тынг рæдыдысты, цæй тынг! — Æргомдæр уæм! — фæтызмæг Алмахситт. — Æз кæддæриддæр æргом дзурын, профессор. Ды дæ царды хуыздæр бонтæ арвыстай бæстæйы культу- рондæр горæттæй иуы, фæлæ дæхæдæг та, ныртæккæ хъæуккаг лæппутæ дæр сæ сæрмæ кæй нал хæссынц, кæныс ахæм фæстæзад хъуыддаг. Чызджы нæ зоныс, афтæмæй йæм Ленинградæй Ирыстонмæ курынмæ фæ- зындтæ. Бахатыр кæн, фæлæ фельетоны аккаг æрмæгу... Алмахситт цыма какон сындзыл бадт, афтæ йæхи æнкъардта Фæрдыджы ныхæстæй. Хардзау æм кæсым байдыдта, чызгæн ын чи бæззы, ахæм æвзонг адæймаг æй цъыссыммæ кæй бакодта, уый æмæ йын йæ ныхас фæлыг кодта: — Хорз’ чызг, бузныг дæ зондамындæй. Æз мæхæ- дæг ныр цалдæр азы лекцитæ кæсын, Ленинградæй Ирыстонмæ лекцитæм хъусынмæ не ссыдтæн, фæлæ ус- гур. Стæй ме ’ргом ныхас мæнæн дæр хатыр уæд, фæлæ мæ дæ мады ’фсымæр Джамбот нæ фæсайдта, зæгъгæ, уæд æз ацы хæдзары къæсæрæй мæ къах дæр не ’рба- вæрдтаин. Йæхæдæг мæ бацырын кодта ацы хъуыддаг- мæ, мæ хæрæфыртæй хуыздæр чызг Ирыстоны не ссар- дзынæ, зæгъгæ. Рæсугъд, æгъдауджып, мадзура. Хор^ мадзура у, — мæ алы дзырдмæ мын дыууадæс дзырды æппары. 67
— Бахатыр кæн, уазæг, мæ дзуапп дæм æгæр дæрзæг кæй фæкаст, уый тыххæй. Фæлæ æргом ныхасы къæм нæй. Стæй æргом дзурын домдтай дæхæдæг дæр. Алмахситмæ афтæ фæкаст, цыма Фæрдыг йæ ныхæс- тыл фæсмон æркодта, фæлæ та йæм уæдмæ чызг сдзырдта: — О, фæлæ, профессор, æз иу хъуыддаг уæддæр нæ бамбæрстон, цæмæ дæ бацырын кодта мæ мады ’фсы- мæр? — Æргом чызг дæ, афтæмæй дæхи æнæмбарæг скод- тай. Фæлæ ирон æмбисонд афтæ у, æхсæвæр æрæгмæ куы хæрай, уæд фылдæр нæ кæны. Мæнæн ма зын дæр уыдзæн, мæ бæсты дын Джамбот дардыл дзурыныл куы схæца. Ницæмæн дзы хъæуы æхсæны лæгтæ. Цы дæн, уый æнæхъæнæй дæн мæнæ дæ разы. Мæныл ахæм аз- тæ нал цæуы, æмæ, цавæрфæнды рæсугъд чызг уæд, уæддæр йæ иунæг фендæй зæрдæхъæрмттæ кæнон. Æз аразын мæ бинонты цард. Фæнды мæ, кæд мын æй мæ цæстмæ бадардтай, уæддæр нæхирдыгон чызг ракурын. Гъе, уый тыххæй фæзындтæн уæ хæдзармæ дæр. Фæрдыгыл цыма исчи уазал дрны къæрта бакалдта, афтæ фæцис. Исдуг тынг карзæй бафхæрынмæ хъавыд уазæджы, азгъорынмæ хъавыд мæнгагъуыстмæ, йæ ма- ды ’фсымæрмæ, ахæм усгур æм кæй æрхуыдта, уый тыххæй йын алывыд акалынмæ, ф’æлæ йæхиуыл ныххæ- цыд. йæ уæны мигъ бадт йæ мадæй. Афтæйæм кæсы, цы- ма йæ мад æмæ Джамбот ацы хъуыддаджы сæ кæрæ- дзи хорз æмбарынц. Архайынц сусæг-æргомæй, Алæмæ- тæй йæ цæмæй фæхицæн кæной, ууыл. Гъе, фæлæ уæд- дæр мæнæ йæ разы лæууы, фыдæн ын чи бæззы, ахæм усгур æмæ, æххормаг гæды нæлхæмæ куыд кæса, афтæ дзы йæ зыд цæстытæ ныссагъта, æнхъæлмæ кæсы дзуапмæ. — Æгæр байрæджы кодтай, профессор. Мæхицæн æндæр адæймаг раджы садджын кодтон. — Ома дзырд ын радтай? — Куыд дæ фæнды, афтæ йæ æмбар! — Фæрдыг ахæм хъæлæсы уагæй загъта ацы ныхæстæ æмæ æн- хъæл уыд, уазæг æм уæлдай ницыуал сдзурдзæн, фæлæ та уæдмæ йæ хъустыл ауадысты профессоры ныхæстæ: 68
— Цы у чызгæн дзырд радтын? Кæнæ иу æмæ дыу- уæ æвзонг адæймаджы ахызтысты сæ дзырды сæрты. — Æвзонг адæймæгтæ иугъуызон не сты, профес- сор. Искуы дзы иу йæ дзырд фæсайдта æмæ сын уымæ гæсгæ аргъ кæн, уый раст нæу. Фæлæ дын æз мæхи- цæй зæгъон, мæ дзырд фæсайыны бæсты, фæлтау мæ- лæт. — Романтикæ. Æвзонгдзинады сæнттæ. — Кæмæн романтикæ, кæмæн та йæ царды стырдæр нысан. — Мад разы у ацы хъуыддагыл, кæнæ цы зæгъы Джамбот? Профессоры фарстытæй бæрæг уыд, Джамбот ьш æппæт дæр кæй радзырдта. Фæрдыгмæ хардзау æркаст профессоры фыдныхдзинад æмæ йын цæхгæр дзуапп радта. — Ирон чызгæн хистæрмæ къæйных дзурын аив нæу, фæлæ мæ дæхæдæг рæдийын кæныс. Чындзы мæ мад нæ цæуы, фæлæ æз. Æмæ æз уый бар никæмæн ратдзынæн, фæнды мæ мад уæд, фæнды мæ мады ’фсымæр Джам- бот, гъе, та æндæр исчи, æмæ мын ссæдзæм æнусы цард- æмбал æвзарыныл схæцой. Профессор бамбæрста, Фæрдыг тынг кæй смæсты æмæ ныхас фæфæлмæндæр кæнынмæ хъавыд: — Мæ хур, мах тыхгæнджытæ не стæм. Уæдæ чызг- скъæфджытæ дæо не стæм. Ацы хъуыддаг у барвæн- дæй æмæ дæ кæд нæ фæпды, уæд дæ амонд бирæ. Тых- мийæ ми нæй. — Цы фестут, мæ хæлæрттæ, æнхъæл дæн æмæ уа- зæджы сыдæй амардтам? — йæ иу къухы графины дзаг балæй ахуырст арахъхъ’, иннæйы — стыргомау рæсугъд нывæфтыд сыкъа, афтæмæй фæзынд Джамбот, йæ фæ- дыл та — Дуду. Уайтагъддæр фынгыл февзæрдысты уæливыхтæ, сæ царв сæ сæрты æнхъæвзта, афтæмæй, нырма ныртæккæ кæй фелвæстой æхсидгæ агæй, ахæм карчы мард, йæ æхцон тæф калд, джитъритæ æмæ пъамидоры кæрстытæ. — Цæмæн фæлхас кæныс, мæ мады хай! — сдзырдта йæм Алмахситт. — Цæй фæлхас у, цæ! — Дудуйы бæсты дзуапп рад- 69
та Джамбот. Уæвгæ, уазæг Дудуйæн мæ мады хай куы загъта, уæд Дуду зына-нæзына йæ мидбыл фæхудт. Уыцы хабар æнæ фæхатгæ нæ фæцис Фæрдыг дæр. Ду- ду кæд ацæргæдæр зынд уа’зæгæй, уæддæр азтæй хис- тæр кæй нæ уыд, уый дызæрдыггаг нæ уыд. Джамбот рауагъта нозт. Гаджидау цыд гаджидауы фæстæ. Иу фæйнæ æртæйы куы анызтой, уæд Джамбот дардыл сирын райдыдта, Æрыдонмæ сæ цы æхсызгон хъуыддаг æрхаста, уый тыххæй. — Бахатыр кæн, Джамбот, дæ ныхас дын кæй исын, уый тыххæй. Фæлæ ма нозт рауадз, — æмæ йæм агуыв- зæ бадардта. Джамбот уайтагъддæр айдзаг кодта Ал- махситты агуьгвзæ. Уый сыстад. — Бад, цæмæ стыс! — бахатыдысты йæм Джамбот æмæ Дуду. — Лæугæйæ мын æнцондæр у! — Мæ зынаргъ Джам- бот, дæ ныхас дын кæй райстон, уый тыххæй дæ ногæй курын хатыр. Бахатыр кæнæд мæнæ дæ хо дæр, кæй йæ батыхсын кодтам. Фæлæ ды цы хъуыддаджы тыххæй дзурынмæ хъавыс, уымæ æгæр байрæджы кодтам. Цæй, уый бæсты акувæм мæнæ Фæрдыджы амонды тыххæй. Амондджын у, мæ хур. Мæ цæст дын уарзы — дæ амонд- мæ куыд бæллой æдзух. Лæгæн йæ хъысмæты фыст куы нæ уа, уæд æм дæу хуызæн амонд нæ хауы. — Алмах- оитт уыцы иу калд бакодта йæ дзыхы арахъхъ. Бæрæг уыд, дыууæ уагъды ирон арахъхъ ын йæ сæр кæй ныц- цавта, фæзынд йе ’взагыл дæр. — Фæлæу-ма, Алмахситт, хъуыддаг лыггæнæг дæхи цы фæкодтай! — бауайдзæф ын кодта Джамбот æмæ цæхгæр фæзылд Фæрдыгмæ. — Цы хабар у, чызг? Æви æцæг хивæнд митыл ныллæууыдтæ? Фæрдыг цавддурау лæууыд, ницы сдзырдта. Ныхас та айста Алмахситт. — Джамбот, хъуыддаг раджы алыг æмæ йæ ногæй мауал лыг кæнæм. Дудуйæн Джамбот чысыл раздæр куы рахабар код- та, уазæг усгур кæй у, уый, уæд ын æхсызгон нæ уыд, йæ иунæг хъæбулмæ йын ахæм ацæргæ лæг кæй фæзынд, уый. Фæлæ йе ’фсымæрæн дзырд загъта, хъуыддаг мæ а^схосæйкæй нæ фехæлдзæн, зæгъгæ. Ныр кæсы æмæ 70
мæсты кæны профессормæ. «Цæй лæг у, цыппар сыкъа- йæ кæй абырстой. Куыд хйуамæ радтон ахæм карчы сæ- рæн м.æ иунæджы, профессор нæ, фæлæ кæд бæсты бикъ, комы дæгъæл у, уæддæр». Фæлæ йæм иннæрдыгæй та хардзау æркаст йæ чызджы хивæнд ми. Дзæгъæлдзых чызгау ралæхурдта профессорæн æппæт дæр. Æмæ цæ- мæй профессор афтæ ма ахъуыды кæна, зæгъгæ, ацы æнæлæг хæдзары фæтк нæй, уый тыххæй Дуду ныхас айста йæхимæ: — Мæ хæдзары кæд лæг нæй, уæддæр дзы ирон фæтк æмæ æгъдау никуы ничи фехæлдта æмæ фехалдзæн! — Йехх, мæ мады хай, уыцы ирон æгъдæуттæ ма баззадысты аргъæутты, æндæр сæ кой, сæ хъæр дæр нал ис. Джамбот, дæ хойæн- йæ арахъхъ йæ чызгæй карздæр разынд, — цыдæр тыхст æнцъылдтытæ йæ цæсгом скæн- гæйæ æмæ æнæбары бахудгæйæ, загъта Алмахситт æмæ йæ сæр батылдта, цыма дзы цы карз нозты тæф æрæм- бырд, уый асурынмæ хъавыд, уыйау. Фæлæ фæцудыд- та. Зæгъгæ, афоныл стъолы тигъ нæ ацахста, гъе йæм Джамбот нæ фæцарæхст, уæд, чизоны, фæдыдагъ уы- даид. — Бахатыр кæнут, æз иозты лæп нал дæн! — сдзырд- та уазæг. — Цы нын зæгъдзынæ, мæ дзæбæх хæрæфырт? — кæд æппæт дæр æмбæрстгонд уыд, уæддæр æм бахатыд Джамбот. Гъе, æмæ йеуæд загъта Фæрдыг йæ мады ’фсымæ- ры цæхгæр фарстæн цæхгæр дзуапп: — Кæд мæ уд мæ бар у, уæд мæн цы фæнды, уый хъуамæ уа... Раджы ацыдысты Джамбот æмæ Алмахситт, фæлæ Æгъуызарты хæдзары нæма банымæг уæддæр загъды хъæр. Загъд кæны Дуду йæ чызгимæ. Куы та йæ загъд рахизы хъарæгмæ- Ахæм рæстæджы æрхойы йæ уæр- джытæ, йæ тæригъæд фæхъары йæ лæгæн, йæ амæлæ- ты фæстæ уый афтæ æнамондæй чи пыууагъта. Фæрдыг райдианы цыдæртæ загъта йæ мадæн, фæлæ уый уисæн кæныны бæсты фыддæр куы фæци-с, уæд æм уæлдай ни- цыуал сдзырдта. Ацыд йæ уатмæ æмæ йе ’рхæндæг зæр- дæйы тыппыртæ уагъта. 71
Цал хатты йын скодта йæ мад мæстытæ, цал хатты баурæдта Фæрдыг йæхи. Фæлæ дзы абон цæхгæр дзуапгт домдта Джамбот, æмæ йын æнæ ратгæ нæ уыд. Фæрдыг уымæй размæ кæд йæ мадæй хъуыды кодта, зæгъгæ йæ фæстагмæ æртасын кæндзынæн, уæд ныр ууыл зæр- дæдарæн нал уыд. Гъе æмæ цы акодтаид, уымæн ницы- уал зыдта. Цæссыгтæ сæхи гъæдæй лæстысты рустыл, фæлæ сæрмæ иу рæстмæ хъуыды нæ цыд. «Мæ тæригъæд дæ уа, Алæмæт, кæд мын цы хъизæмæрттæ æвзарын кæ- ныс». Алæмæты коймæ Фæрдыг сыстад, бакодта рудзынг. Уайтагъд ыл атыхст уддзæф. Цалхыдзаг мæй стылдис арвы астæумæ æмæ æнæнымæц стъалыты æхсæн фæлурс æрттывд кодта. Кæм ис ныртæккæ Алæмæт æмæ цы ми кæны. Æвæццæгæн, æхсызгон фынтæ уыны хохы сæр сыгъдæг уæлдæфмæ. Фæрдыджы сæры быцæу кодтой дыууæ хъуыдыйы. Сæ иу ын дзырдта: «ныффысс æм æп- пæт дæр», иннæ йæ фæдзæхста: «ныртæккæ ахсджиаг хъуыддагыл кусы æмæ йын йæ зæрдæ ма фæриссын кæн». — Нæ, нæ, уадз æмæ æппæт дæр зона, стæй йæ дыу- уæ писмонæн дæр дзуапмæ æнхъæлмæ кæсдзæн, — алыг кодта Фæрдыг æмæ стъолы фарсмæ æрбадт. Алæмæты йе знæт хъуыдытæ бахастой Терчы былмæ. Мæнæй дæр ма!4 Саггомы цолхозы сæрдар Хæбæлаты Æнзоры писмо райсты фæстæ йæ уæны мигъ бадт... Йæ- хицæн нæ, — тæригъæд кодта фиййæуттæн. Зæдтаг фыстыл фæлварæнтæ кæнгæйæ, цæйбæрц фыдæбон фæ- кодтой! Куыд тынг ыл баууæндыдысты æмæ сæ ныр хъуамæ фæфыдæнхъæл кæна. Бæрнон кусджытæй йын исчи афтæ куы зæгъа: «Астемыры фырт, ныууадз дзæ- гъæлы сæнттæ цæгъдын æмæ дæ гуыры конд айс кол- хозæй», уæд цæмæй фæлæудзæн йæ ныхмæ? Йæ дыууæ азы æнæхуыссæг æхсæвтæ æмæ удуæлдай куыстæй, æмæ кæй хъæуынц уыдон? Æви фарон зæдтаг фыстыл цы зиæнттæ æрцыд, уымæй?.. Хъуыдытæ, æрхæндæг хъуыдытæ, калмау, æхсыдтой Алæмæты риу. Цыма какон сындзыл бадт, афтæ хатыд йæхи. Йæ сагъæстæ йæ уæхстуадæй ахастой хæхтæм., сæрвæттæм. Мæнæ дыууæ азы дæргъы, цардау, кæи 72
бауарзта, уыцы фиййæуттæ йыл амбырд стьг æмæ дзы сæ цæстытæ фæсагътой. Алæмæт хатыд: уыцы æрхæм цæстæнгасæй йыл судзгæ æхсидæвтæ æмбæлы, фæл-æ сыц макæ нæ зæгъы. Æмæ сын иы-цæсгомæй хъуамæ зæгъа макæ. Уыдон ыл баууæндыдысты æмæ сын се ’ууæнкæн дзуапп радтын хъæуы хъуыддагæй. Алæмæты къухы та уый нæма бафтыд. Æмæ бафтдзæн? Хуыцау йæ зонæг! Фæлварæнтæ тæккæ къуырццдзæвæнмæ куы ’рхæц- цæ сты, алы минут дæр ын, цардау, зынаргъ куы у, уæд уый йæ зæдтаг фысты цур нæй, фæлæ горæты, парти- йы обкомы стыр бæстыхайы раз, æмæ æнхъæлмæ кæсы, кæд бæрнон кусджытæй исчи йемæ баныхас кæнид. Æмæ, æцæгдæр, чысыл фæстæдæр фембæлд партийы обкомы фыццаг секретарь Болататы Ирбегæн йæхиуыл. Бæрнон кусджытимæ та куыд нæ фембæлд нырмæ дæр. Фæлæ дзы фыццаг фембæлдæй афтæ тынг ничи фæцыд йæ зæрдæмæ. Кæрдæггъуыз галифе хæлаф æмæ хæдон йæ уæлæ, йæ астæуыл æфсæддон фæтæн рон, дæрдджын, фæлæ æрттиваг цырыхъхъытæ — йæ къæхтыл. Йæ къæбæлдзыг, бæзджын- сæрыхъуынтыл урс халас фæ- зынд, цæстытыл — пенснэ кæсæнцæстытæ. Бæрæг у, хуыссæгцух кæй у æмæ бирæ кæй кæсы, уый. Йæ кæд- дæры рæсугъд цæсгом фæфæлурс, йæ цæстыты иугай< туджы стъæлфæнтæ фæзынд. Фæлæ дзурын куы райцл- йы, уæд зæгъдзынæ, цæй фæллад æмæ цæй цыдæр. Ссу- дзы, æнæхъæнæй дæр цы фарстыл фæдзуры, уый цæхæ- рæй æмæ йе стъæлфæнтæ, царды хосау, æмбæлынц, чи йæм фехъусы, уын зæрдæйыл. Фæсуры йын йæ рыст, йæ сагъæс. Афтæ рауад Алæмæтимæ сæ фембæлд дæр. Алæмæт кæд æнхъæл уыд партийы обкомы йæ бафхæрдзысты, зæгъгæ, уæд Ирбегимæ фембæлды фæстæ та йæ сæр разилæгау кодта, сызнæт сты йæ хъуыдытæ. Ныссагъ- дæуыд ыл цæргæсы базыртæ. Æмæ уыцы знæт хъуыды- тимæ фæзынд Терчы былмæ. Афтæ йæм зынд, цыма йын йæ ныртæккæйы уавæр æрра Теркæй хуыздæр ничи бамбардзæн. Ам æм, мæнæ уыцы ставд-зæнг тæгæр бæласы бын фарон йæ урс фæл- мæн къух, тæрсгæ-ризгæйæ, ,радта Æхсараты Фæрдыг. I КЛ ’
Алæмæт йæ цæстытæ æрæхгæнæгау кодта, йæ дыууæ къу- хы армы тъæпæны ’хсæн хатыд Фæрдыджы къухы æх- сызгондæттæг хъарм. Цæстыхауты ’хсæнты ма цы рух- сы цъыртт хъуызыд мидæмæ, уый йын йæ алфæмблай фестын кодта урс денджыз. Алæмæт исдуг фæурæдта йæ улæфт дæр, нæ йæ фæн- дыд, цы сæнтты уацары бахауд, уыдонæй фæхицæн кæ- нын. Фæрдыг чысыл йæ сæр дæлæмæ æрк1>ул кодта, аф- тæмæй йæ разы лæууыд æфсæрмгъуызæй. «Фæрдыг, мæ зынаргъ Фæрдыг!» — сабыргай ба- змæлыдысты йæ былтæ æмæ æхсызгонæй сулæфыд. Ра- каст æмæ, рæсугъд фынау, йæ цæстытылцы нывтæ ауа- дысты, уыдон æрбатар сты... Терк, кæддæртау, æрра æмæ фæныкгъуызæй нæ быр- ста, нæ хъуыст йе знæт улæнты удисæн хъæрзт дæр, фæлæ цыд сабыргай. Алæмæтмæ афтæ каст, цыма ном- хæссæны фурд афтæ сабыр æмæ сындæггай кæй цæуы, уый йыл фидаугæ дæр нæ кæны. Бон уыд йæ тæккæ тæмæны. Хуры тынтæ дзæгæрæг кодтой. Алæмæт йæ цæст ахаста паркыл, доны былтыл. Парчы чидæртæ бадт, фæлæ уыдон дæр сæхи байстой ставд æмæ сыфтæрджын бæлæстæ, уарзæттау, сæ кæрæ- дзи кæм ныхъхъæбыс кодтой, уыцы бынатмæ. Ам цы- фæнды æнтæф бон дæр вæййы сатæг. Бæлæсты ’хсæнты, чысыл алейы фæрсты чысыл дон фæуайы сыр-сыргæн- гæ. Цыма бæлæсты бын чи фæбады, уыдонæн афтæ фæ- зæгъы: «Ам сабыр у, ам сатæг у, фæлæ мын мæ сабыр- мæ ма кæсут. Æз мæ ныййарæг мад Терчы къабуз дæн. Сабыр дæн, уымæн æмæ ныртæккæ мæ ныййарæг дæр сабыр у. Фæлæ фæцыд фæдис: «Гъæйтт, хъæбул, кæм дæ!» Уæд дæ балгъитæг афтæ! Фестдзынæн æнæхъæнæй дæр масты къуыбар, æмæ фурд цы, мæхæдæг аныхъ- хъуырдзынæн бæстæ. Мæ чысылмæ мын ма кæсут, æз дæр Терчы байзæдтаг дæн, йæ ныфс, йе ;хсар! Алæмæт йæ сахатмæ æркаст. Хур фæссихоры ’рдæм фæкъул. Ацафон Терчы дон уæлдай æхсызгон вæййы буарæн. Кæд цъититæй гуыры, ихы къæрттау, уазалæй, уæддæр æй йæ даргъ фæндагыл хуры тынтæ схъарм кæнынц æмæ дзы адæймаг найынæй нал фефсæды. Тынг фæндыд Алæмæты йæ^уарзон Терчы аленчытæ 74
кæнын, фæлæ хохмæ, фиййæутты уæтæрмæ фæндаг — дард, æмæ йæ цыбыр кæнын хъуыд. Аннæмæй та нырма ныр фæхатыд, знон изæрæй нырмæ хор-доны хъæстæ кæй нæ у, уый. Æвæстиатæй араст парчы сæрдыгон рес- торанмæ. Ацафон горæттæгты сыфцæй ласгæйæ дæр нæ ба- кæндзынæ ресторанмæ. Куыстæй æвдæлон адæм вæй- йынц, фæсгорæт цы стыр найæн цад сарæзтой, уым æмæ зæрдæзæгъгæ рæстæг фервитынц. Изæрæй та рестора- ны къухбакæнæн нал вæййы адæмæй. Алæмæт бацыд ресторанмæ. Кабинкæйы æртæ къулы агъуыд уыдысты хилгæ кæрдæджытæй, цыппæрæм къул—кабинкæмæ бахизæныл цы кæрдæджытæ æрхал сты, уыдоныл фæйнæрдæм фæхæцыдысты, адæймаг се ’хсæнты æнцонæй куыд бацыдаид, афтæ æмæ сæ дыу- уæрдыгæй абастой къулы цæджындзтæм. Мидæгæй цыппæрдигъон стъолы алыварс—цъолобийæ быд бандæттæ, Стъолæмбæзæн — урс-урсид, йæ уæлæ— дидинджыты вазæ. Алæмæт иу æмæ дыууæ хатты нæ уыд горæты хуыз- дæр хæрæндæттæ æмæ ресторанты миййаг. Фæлæ йæм ныр ахæм æвæджиауы ранмæ бацæуын зын касти. Ра- хъавыд иумæйаг залмæ бацæуын. Фæлæ йæ уырдæм дæр фæкъуылымпы кодтой дыууæ хъуыддаджы: иунæ- гæй цæуын ахуыр нæ уыд хæрæндæттæм, уæлдайдæр та ресторантæм æмæ йæ ныр йæ зонгæтæй исчи иунæгæй бадгæ куы фена, уæд цы хъуамæ ахъуыды кæна. Аннæ- мæй та тарст, хорз зонгæтыл куы сæмбæла, уæд æй се- мæ абадын бахъæудз&н æмæ хохмæ тагъддæр ацæуыны хабар фæкъуылымпы уыдзæн. Исдуг рахъавыд йæ фæн- даг цыбыр кæнынмæ, фæлæ уæдмæ йæ уæлхъус æрба- лæууыд æрыгон, зæрдæмæдзæугæ, бæрзонд официанткæ: — Табуафси, саккаг кæн мидæмæ, кабинкæ сæри- бар у. Алæмæт бахызт мидæмæ, йæ фæдыл — официанткæ. Алæмæты цыма ’лхæнгæ кодта, уыйау ыл йæ цæст æр- хаста, æнæрахатгæ нæ фæцис Алæмæты æрхæндæг æн- гас æмæ, йæ мидбыл фæхудгæйæ, Алæмæты афарста: — Цы бахæрдзынæ? — Салат, борщ, фыдджын... 75
— Нуазгæ ницы кæныс? — Иу минералон дон! Алæмæт фæхатыд официанткæйы уазал зæрдæйы уаг. Æмæ дзы цыма хатыр куырдта, уыйау ма йæ ныхас- мæ фæччыгъæдæн афтыдта: — Сæдæ граммы та коньяк. Æрмæст, табуафси, кæд гæнæн ис, уæд тагъддæр. — Ныртæккæ, — Алæмæты ма йе стыр рæсугъд цæс- тытæ иу хатт фæцавта æмæ фæцæуæг. «Нæ мæ хъуыд ардæм цæуын. Фæлтау фæндагыл искæцы хæрæндоны мæхи истæмæй фæсайдтаин. Ныр цалынмæ ацы чызг дæлæ-уæлæ кæна, уæдмæ рæстæг, ду- гъоны бæхау, азгъордзæн». — Рахъавыд сихор скæны- ныл йæ къух сисынмæ. «Хатыр дзы ракурдзынæн æмæ фæци». Фæлæ сыстынмæ куыд хъавыд, афтæ хæринаг- хæссæн тæбæгъимæ кабинкæйы дуарæй фæмидæмæ офи- цианткæ æмæ уайтагъд стъолыл авæрдта хæрз чысыл графины коньяк, борщы тæбæгъ, йæ царв йæ сæрты ленк кодта, зынд дзы дзидзайы кæрдихтæ, æхсыры цъæрттæ йыл конд. Борщы æхцон тæф Алæмæты фындзыл сæмбæлд æмæ уайтагъддæр рахиз къухæй уидыгмæ февнæлдта. Официанткæ графины коньякæй æркодта чысыл агуывзæйы æмæ йæ Алæмæты раз æрæвæрдта: — Табуафси, хæр уал. Уæдмæ фыдджын дæр уы- дзæн. — Цæмæн лæггад кæныс, мæхæдæг... Чысыл фæстæдæр горæтгæрон сосæ фæндаджы был Алæмæт æнхъæлмæ каст æмæ дæлæмæ цы машинæтæ цыд, уыдонæй иуцалдæрмæ йæ къух сдардта, фæлæ йын шофыртæй ничи баурæдта. Æвæццæгæн-иу уæзласæн автомашинæты шофыртæ йæ дарæсмæ куы бакастысты, уæд загътой, зæгъгæ, ай, машинæйы гуыффæйы кæй сба- дын кæнæм, ахæм лæг нæу, кабинæ та æвдæлгæ нæ кæ- ны. Уый аххосæй лæууы æмæ æнхъæлмæ кæсы. Æвип- пайды йæ цурты ныйивгъуыдта, цæхæртæкалгæ, иу «По- беда». Алæмæт æм йæ къух даргæ дæр не скъодта. Уый иу фынддæс метры ауад æмæ йæ бынаты фæлæууыд, стæй фæстæмæ сабыргай тулын раедыдта æмæ Алæмæ- 76
ты раз æрлæууыд. Машинæйы дуар фегом æмæ дзы æт- тæмæ ракаст Пæррæстаты Габо. — Алармæт, гьщцыл ма бахъæуа, дæ иувæрсты ахсо- йон. Кæй онг? Саггоммæ? ’ — Уæдæ æндæр кæдæм? — Сбад, Æрыдоны онг дæ бадавдзынæн, стæй нæ фæндæгтæ фæхицæн уыдзысты. — Бузныг,—раарфæ кодта Алæмæт æмæ бахызт «Победамæ». Æрбадт рахизырдыгæй бандоныл. Галиу- æрдыгæй бандоныл бадт иу лæппу лæг, йæ сæры фах- сыл—бухар худ, хæрздаст, хиды ’ртæхтæ йæ пудрæ рус- тыл кæмæн æрфæд кодтой, ахæм. Йæ рихитæ фæйнæ- рдæм лыстæг фæцыдысты, йæ урс цыллæ хæдон йæ буа- рыл баныхæст. Йæ астæу нарæг гæрз ронæй уæгъдбаст æрбакодта. Хæдоны риуы æгънæджытæ суагъта, йе тæрт- тæ йын фæйнæрдæм тынгдæр байгом кодта æмæ, зал- мы сыф тилæгау, йæ къухæй тылдта фындзы кæлмæр- зæн æмæ йæ хъуынджын риу уазал кодта. — Базонгæ ут! ’— загъта Габо, уыцы лæгмæ амонгæ- йæ, æмæ ма йæ дзырдмæ а-фтыдта, — мæ дзæбæх хæ- рæфырт Адтоимæ. — Æз æй æнæуи дæр зонын, — цыдæр былысчъилæй сдзырдта уый æмæ йæ риу уазал кæныны куыст кодта дарддæр, — фæлтау зæгъ дæ шофырæн æмæ тагъддæр скъæра. Хуыдуг кæнын æнуды. Алæмæт1 йæ мидсагъæсты фæци: «Чи у ацы Адто? Цæмæй мæ зоны? Цæмæн афтæ æнæбары сдзырдта? Студенттæй исчи уыд? Нæ, мæнмæ сæ чи ахуыр кодта, уыдоны цæсгомæй хъуыды кæнын. Уæд та кæд искуы институтмæ бацæуыны тыххæй фæлварæнтæ лæвæрдта. Уым дæр къамисы уæнг уыдтæн цалдæр хатты». — Тынг æй фæндыд, йæ зæрдыл куы ’рбалæууыдаид, фæлæ ахæ- мæй ницы. Лæппуйы былысчъил ныхас «æз æй æнæуи дæр зонын» судзинæй рæхойæгау кодта Алæмæты. Бæл- вырд ын уыд иу хъуыддаг æмæ кæддæр йæ хæрамы кæй бацыд. йæ зæрдæхудт кæй райста. Фæлæ кæд æмæ цæ- мæй, уый æрхъуыды кæнын йæ бон нæ уыд. «Адто, Адто», — зилдух кодта уыцы ном Алæмæты сæры. Аивæй йæм йæ цæсты зулæй бакаст. йæ къæх- тыл уыд, сынты базырау, сатæгсау æнгом цырыхъытæ. 77
«Нæ, æз ацы адæймаджы никуы федтон мæ хъалы нæг фæлæ мæ фыны дæр. Ныр мæхи цæуыл тухæнæй ма- рын, ■*- ахъуыды кодта Алæмæт йæхинымæры, — ком- коммæ йæ цæуылнæ фæрсын: чи дæ, æфсымæр, æмæ мæ цæмæй зоныс, æз дæ куы нæ хъуыды кæнын?» — Фæлæ йæм раст ацафон сдзырдта Габо: — Куыд уыд дæ абоны фембæлд, исты разыйæ дзы баззадтæ, æви нæ? Алæмæт æмбæрста, Габо йæ фæччыгъæдæн кæй ба- фарста, уый. Уымæ гæсгæ йæ нæ фæндыд æмæ йын йæ зæрдæйы фæндон æргомæй загътаид, обкомы йын цы загътой, уый йын радзырдтаид. — Цы дын зæгъон, нæ зонын. — Уæдæ йæ æз зонын, мæ хæлар Алæмæт. Дæуæн абон раласын хъуыд дæ царм. Ды ныллæууыдтæ рæ- дыд фæндагыл æмæ дæ ныры хуызæн никуы хъæуы пар- тийы разамонæджы æххуыс. Ахуыргæндтæн сæ сæр арæх сæмхæццæ вæййы алыхуызон æмтъеры хъуыдытæй, æмæ ахæм рæстæг партион кусæг хъуамæ феста уадты- мыгъ, фæмидæг уа зонадон кусæджы сæры, фæсура йын йæ хæццæ-мæццæ хъуыдытæ. Æрхæца йын йæ цонгыл, ракæна йæ рæдыд фæндагæй растмæ æмæ йын зæгъа: «Мæнæ дын дæ фæндаг. Цу йыл хъавгæ, арæхстгай. Æмæ дæ зæрдыл дар, дæ ныййарæг адæмæн лæггад кæнын дæ хæ-с кæй у, уьгй». Алæмæт бадт æмæ æнцад хъуыста Габойы дзæнгæ- дамæ. Уымæн йе ’фсæртыл куырой разылд, нал æнцад йæ дзурынæй. — Дæуæн дæ лæгдзинад, дæ хъару не ’гасæй хуыз- дæр зоны, цалдæр азы дæ, хи хъæбулау, чи фæхъомыл кодта, уыцы Æрчъеккаты Хъазмæхæмæт. Уый дыл, царвау, тади, дæ цæра кодта, ды та ныууагътай, æцæг зонадон кусджытæ кæм æхсидынц, уыцы куырдадз æмæ фæлыгътæ хохмæ, фиййæуттæм. Афтæ æнхъæлыс, æмæ ды хæхтæ, къæдзæхтæ рафæлдахдзынæ. Ахæм æдылы къахдзæф æз дæр акодтон мæ лæппуйы бонты. Æмæ, кæ- сыс, æвзæрæй баззадтæн. Цы мын бантыст? Зæгъæн ис, мур дæр ницы. Райстон техникон ахуырдзинад. Уæд æз кæуылты кадрыл нымад уыдтæн. Хорз куысты мæ авæрд- той. Æхцатæ къонатæй истон. Уæлдæр ахуырыл ма~ чи 718
хъуыды кодта. Азтæ цыдысты. Уæлдæр техникон ахуы- рад чи райста, ахæмтæ фылдæрæй-фьцдæр кодтой^. Цард домдта йæхион — дæсны специалистты, мæнмæ та уый- бæрц дæсныйад нæ уыд. Иемæ уæд æз раппар-баппай- раг фæдæн иу куыстæй иннæмæ. Хæст райдыдта. Фæ- хæцыдтæн цыппар азы. Фæсхæст, хистæр лейтенанты цин мын уыди, афтæмæй демобилизацимæ бахаудтæн. Фæстаг хатт цы бынатæй ацыдтæн æфсадмæ, уым ку- сын райдыдтон. Мæнæ нæм ныртæккæ цы ног секретарь кусы, Болататы Ирбегæй зæгъын, уый размæ та дзы куыста мæ мады ’фсымæр. Тлаттаты Амырханы кой дын кæнын. Иухатт мæм йæхимæ фæдзырдта æмæ мын æр- гомæй загьта: «Мæ дзæбæх хæрæфырт Габо, хæсты хорз фæхæцыд- тæ, дæ цин æмæ дæ хæрзиуджытæй бæрæг у, фæлæ дæ, нырмæйау, иу куыстæй иннæмæ раппар-баппар кæной, уый мæ нæ фæнды. Гъе, уымæ гæсгæ æз ахъуыды кодтон дæ сомбоныл. Хорз уаид, ды дæр ыл куы ахъуыды кæ- нис. Æз ыл уæдыонг æцæгæйдæр никуы ахъуыды кодтон. Иугæр институтмæ афоныл нæ ацыдтæн ахуырмæ, би- нонтæ, сывæллæтты хицау бадæн, уæд хъысмæты бар мæхи бакодтон, кæцырдæм мæ хаста, уыцырдæм цыдтæн æви тылдтæн, æппæтæн дæр фæрæзтон. Фæлæ мын ныр мæ мады ’фсьшæр, ахæм бæрнон кусæг, куы бакой код- та мæ сомбоны цардыл ахъуыды кæныны тыххæй, уæд ын æз дæр æргомæй загътон: «Æнæхъæн партийы обко- мæн дæ зонд рæстмæйы хъуыддагæн кæм у, уым æй мæ- нæн дæр ма бавгъау кæн». — Мæн фæнды, цæмæй ды ахуырмæ бацæуай ам, нæ- хи горæты дыууæазон партион скъоламæ. Стипенди дзы дзæбæх фидынц — дæ мыздæй къаддæр нæу. Бинонтæ дæр нæ батыхсдзысты, дæ цæст сæм дарддзынæ. Дыууæ азы кæуылты атæхдзысты, уый зонгæ дæр нæ бакæн- дзынæ. Фæуыдзынæ каст æмæ дæ исты партион куыст- мæ арвитдзыстæм!—балхынцъ кодта йæ ныхас Амырхан. Афтæмæй бацыдтæн партион скъоламæ. Фæдæн æй каст. Æмæ уырдыгæй комкоммæ партийы обкомы ап- паратмæ. Фæлæ цæй куыст у ай мæнæн? Фондз æмæ мыл дыууиссæдз азы цæуы æмæ асины къæпхæнтæй лæууын тæккæ ныллæгдæрыл. Кæй аххосæй? Æрмæст- 79
дæр мæхи аххосæй. Дæуæн та царды рохтæ дæ къухы сты, ис дын, цæргæсау, бæрзонд стæхыны фадат æмæ ды та, халонау, дæлвæзты зилыс. Алæмæт кæд сфæлмæцыд Габойы дзæнгæдамæ хъу- сынæй, уæддæр æм ницы сдзырдта. Фæлæ йын ныр куы загъта, халонау, дæлвæзты зилыс, уæд ын хъазгæмха- сæн афтæ бакодта: — Дæлвæзты та цæмæн. Мæ уæтæр хохы цъуппыл куы ис, уæд? — Нырма дæм нæ хъары, фæлæ йæ райсом бамбар- дзынæ, æрмæст уæд æгæр байрæджы кæндзынæ. Дæ- уæн дæ бынат ис æрмæстдæр горæты. Хъæздыг лабора- торитæ æмæ библиотекæты, профессор Æрчъеккаты Хъазмæхæмæты хуызæн разамонджытæ кæм ис, уым. Ды, тæппуд хæстон, хæсты быдырæй куы фæлидза, аф- тæ фæлыгътæ, æмæ фиййæутты уæтæры дæ сæр бафс- найдтай. Алæмæт йæ. мидбылты бахудт. Габо цас фылдæр дзырдта, уыйбæрц, бæласы къуыбырау, тынгæй-тынгдæр хæлдис. Алæмæт æм бакаст, йæ цæстыты раз сæвзæрд Болататы Ирбег дæр. Хохы цур дыччы куы ’рæвæрай, афтæ йæм фæкаст Габойы уавæр. Цæмæндæр йæ зæр- дыл æрбалæууыд знæт Терк æмæ горæты парчы бæлæс- ты ’хсæн цы чысыл доны къабуз згъордта, уый. — Ныр мах цæуæм Æрыдонмæ. Мæнæ мæ хæрæфырт усгур у. Æз та йын минæвар дæн. Кæд дæ фæнды, уæд нын ды дæр фембал у. Минас уыдзæп къубалмæ. — Бузныг, мæ фадат нæ амоны, — дзуапп радта Алæмæт æмæ та иу æхсгæ каст бакодта усгуры ’рдæм. Уый хæлиудзыхæй фынæй кодта. — Адто, ард дæ хæдзары бацæуа, райхъал у, фы- нæйæ-ма исчи ус куры. Адтойы ном та фелхыскъ кодта Алæмæты зæрдæ: «Чи у ацы усгур Адто? Кæмæ цæуы Æрыдонмæ курын- мæ? Цæмæн загъта, абон мæ куы федта, уæд «æз æй æнæуи дæр зонын», цæуылнæ мын базонгæ кодта йæхи? Æви расыг кæй уыд, уый тыххæй дзы сирвæзт дзæгъæл ныхас. — Цæй, цы фæнд дæм ис, Алæмæт? — йæ хъустыл ауадысты Габойы ныхæстæ. 50
Алæмæт фембæрста, машинæ уый тыххæй кæй лæу- ;уы, уый. Раарфæ сын кодта, цæмæй рæствæндаг фæ- уой æмæ æрхызт машинæйæ. йæ хъустыл ауадысты, уæ- дæй нырмæ йæ фарсмæ цъынддзæст æмæ хæлиудзыхæй чи фынæй кодта, уыцы Адтойы ныхæстæ: «Куы зонид, кæдæм дæуæм, уый, уæд нын рæствæндаг нæ, бæрзæй- саст фæут загътаид». — Цæмæн? — афарста йæ Габо. Фæлæ уæдмæ машинæйы мотор окуыста æмæ Алæ- мæтмæ нал райхъуыстысты Адтойы ныхæстæ. Алæмæт исдуг каст машинæйы фæстæ, йæ сæры ма Габойы бирæ ныхæстæй скъуыддзæгтæй зилдух кодтой æрмæстдæр цалдæр дзырды: «Æрыдон... Адто — усгур... Габо—минæвар...» Ацы бæрц дзырдтæ йæ цыма фæндаджы цур бæтгæ ^бакодтой, уыйау лæууыд иу ран. Нал ын размæ а,къах- дзæф æнтысы, нал — фæстæмæ. «Адто, Адто»... æвип- лайды, цыма йыл калм фæхæцыд, уыйау фестъæлфыд. Иæ зæрдьгл æрбалæууыд Алæгаты Адто. Фæрдыджы мадмæ маргæйдзаг писмо чи ныффыста, уыцы Алæга- ты Адто. Æнæмæнг уый у. О, фæлæ Æрыдоны кæмæ цæуы усгур? Фæрдыгмæ? Ау, æмæ йæм цы цæсгомæй балæудзæн? Кæнæ йæ Фæр- дыджы мад куы фæрса, цæмæ гæсгæ мæм ныффыстай ахæм зæрдæхалæн писмо, уæд ын цы хъуамæ зæгъа. Æниу, Адтотæ сæхи амонды сæраппонд цæттæ сты ис- кæйы амондыл цъыфкъахæй балæгæрдынмæ. Уæдæ æн- дæр цæмæн ныффыста Фæрдыджы мад Дудумæ: «Фæдис, фæдис, рыстзæрдæ ныййарæг мад, сæрсæ- фæн айнæджы «был лæууы дæ сидзæр чызг. Иунæг рæдыд къахдзæф ма акæнæд æмæ стæлфдзæн æнæбын комы». Æмæ уæд мæныл та цæмæ гæсгæ кодта цъыфкалæн. Цæмæн мæ бафтыдта чызджы мады цæсты? Дам-дум иыхас хъуыддаджы ныхасæй базырджындæр у. Уай- тагъд ацæуы дзыхæй-дзыхмæ, алчи йыл йæхи ’рдыго- нау къæдзил афтауы. Ныр, хæрзаг, Фæрдыджы мады раз куы балæууин, уæд мыл стай-тай кæнид. Æппæтуы- нæг æмæ зонæг адæймагау мын зæгъид: «Махырдæм дзæгъæлы бæттыс дæ гæрзтæ. Мах, дæу хуызæн ирон 6. Хацырты С. 81
фæтк æмæ æгъдау чи нал зопы, ахæм адæймагæн чызг нæ, гæдыйы лæппын дæр нæ ратдзыстæм»... Иу уæзласæн машинæ фæурæдта Алæмæты цур. Ка- бинкæйы шофыры фарсмæ бадт рæстæмбискар сылгой- маг’. Рудзынгæй йæ сæр радардта æмæ Алæмæты йæ мыстулæджы хуызæн цæстытæ фæцавта, стæй йæм, тæ- фæрфæсгæнæгау, сдзырдта: — Ма тыхс, ма, мæ хур, Алæмæт. Иры чызджытæ иунæг Фæрдыгыл пæ банцадысты, ссардзынæ ды дæр дæхи амонд... Кæд дæ фæнды, мæхæдæг дын искæй фæ- кæндзынæн дæ амæттаг... Судзгæ уарзты маст тагъддæр, атайдзæн æндæр чызджы уарзондзинады арты. Алæмæтыл, топпы нæмгуытау, пыдзæвдысты æнæзон-" гæ сылгоймаджы дзырдтæ. Тарæрфыгæй бакаст, маши- нæйы кабинкæйы йæ дæндæгтæ чи ныззыхъхъыр кодта æмæ афтæмæи чи чыр-чыр кодта, уыцы къæйных сыл- гоймагмæ. Бамбæрста, хынджылæг дзы кæй кæны, уьгй. Рахсыст æм йæ маст. Рахъавыд, цы аккаг у, ахæм дæр- зæг дзуапп ын раттынмæ, фæлæ йæ масты къуыбар аныхъуырдта æмæ йæм, хиуылхæцгæ, сдзырдта: — Хорз ус, куынæ дæ зонын, уæд мæм ахæм къæй- ных ныхас цæмæн кæныс? Сылгоймаг æм йæ былы алгъæй, алы дзырд дæр уæлдай бæрæгдæрæй æлхъивгæйæ, ссыф-сыф кодта: — Бахатыр кæн, æз дæ æрыдойнаг Æхсараты Дуду- йы чызг Фæрдыджы уарзон Астемыраты Алæмæт фен- хъæлдтон. Машинæйы мотор скуыста æмæ Æрыдоны ’рдæм атылд. Алæмæт ма кæд чысыл раздæр гуырысхо кодта сыл- гоймаджы ныхæстыл, зæгъгæ, мæ кæд миййаг искæимæ хæццæ кæны, ’уæд ныр бæлвырдæй базыдта, æнæзонгæ сылгоймаг æгæр рæстдзæвиндæр кæй у, уый. Фæлæ чи у сылгоймаг æмæ афтæ бæлвырдæй кæцæй зоны Алæ- мæты? Цæмæн араст уый дæр та Æрыдоны ’рдæм? «Ай дын мæ фыды къух, кæд ацы сылгоймагæн раззаг ма* шинæимæ цыдæр бастдзинад нæй», — ахъуыды кодта Алæмæт æмæ та сылгоймаджы мыстулæджы хуызæн цæстыты æнгас банкъардта. йæ хъусты, сыф-сыфгæнгæ, уадысты, чысыл раздæр æм йæ лакъамидзыхæй цы 82'
’лхъивгæ дзырдтæ ралæмæрста, уыдон- «Ай-ай, ,-уый зоны мæн дæр, уый зоны Фæрдыджы дæр. Уый зоны нæ уарзондзинад» дæр, — аскъуыддзаг кодта Алæмæт æмæ йæ хъуыды адарддæр кодта: «Æнæмæнг ацы фыд- ных сылгоймаг у, мæ хъуыддаг мын чи халы, уыдонæй иу. Чи зоны, сæйрагдæр цырв у». Æрхæндæг хъуыдытæй байдзаг Алæмæты зæрдæ. Сидзæр сæны-кк дзугæй куыд фæхицæн вæййы æмæ -зæр- дæрыстæй куыд фæуасы, афтæ дзынæзта, æгæрон фæтæи быдыры сосæ фæндаг, сагойы сиучытау, кæм фæхицæп, уыи был Алæмæты зæрдæ. Фæндаджы дыууæ фарс дардыл ныззылдысты, тар- хъæды хуызæн, нартхоры быдыртæ. Сæ алы зæнгыл дæр æрзæбул æртыгай-цыппæргай даргъ æмæ ставд æфсир- тæ. Хатт-иу уддзæф куы фæзынд, уæд-иу нартхоры сыф- тæ басыбар-сыбур кодтой, цыма Алæмæтæн афтæ дзырд- той: «Фæндаджы был дæ æндадзгæ бачындæуыд- æвя цы ми кæныс? Де ’муд æрцу, дæхи æрæм^бар...» Алæмæт фестъæлфыд. Ие ’ппæт буар дæр баризæ- гау кодта, цыма йыл уæдæйнырмæ пъæззы ныббадт æмæ ныр æрхæндæг хъуыдыты уацарæй фервæзт,, уы- йау къæхты бынæй сулæфыд, акъахдзæф кодта размæ, хохы ’рдæм. Хъуыдытæ, хъуыдытæ, æрхæндæг хъуыдытæ уыдыс- ты Алæмæты æмбæлццон. Алæгаты Адтойы мады хо Фаризæтæн, æвæццæгæн, дам-дум йæ туджы фæци, йемæ райгуырд. Искæуыл ис- ’ты тугтæ мысын уыд йæ уд, йæ дзæцц. Уымæй сæ афтæ хъавгæ быдта, афтæ арæхстджынæй йæ фæд æмбæхсын зыдта, æмæ йын йæ фæлитой митæм, æвæццæгæн, зæ- ронд рунас дæр бахæлæг кодтаид. Хатт-иу йæхæдæг цы радам-дум кодта, йæхи рымысгæ чи уыд, уый-иу æм фæстæмæ æндæртæ куы бахуыи кодтой, уæд-иу Фари- зæт ахæм кæнгæ цымыдисæй хъуыста, æмæ-иу уыцы дзурджытæ сæхицæй ныббуц сты, Фаризæты тыххæй та- иу сæхинымæры дзырдтой: «Нæ фæлæ цы хами у. Сыл- тоймагау никуы ницæмæ бацымыдис кæндзæн». 83
Фаризæт хорз зыдта, йæ дам-дум тæхгæ маргъæй цырддæр кæй зилы хæдзари-хæдзар. Æмæ та-иу ног, карздæр дам-дум мысыныл схæцыд. Иу ахæм дам-думы азар басыгъта йæ мадызæнæг Пæррæстаты Габойы дæр. Габо ницы йæ сæрæн зыдта. Иуæй-иутау нозты къу- при нæ уыд, уæдæ хæлдæгъдау дæр нæ уыд. Адæм куыд дзырдтой, афтæмæй дзы уыд конд, уынд. Гъе, фæлæ йын уæддæр ирон чызджытæй ничи куымдта. Иу хатт та Мæскуыйы цьгбыр рæстæгмæ командировкæйы уыд æмæ фæзонгæ иу уырыссаг чызг, Антонинæ йæ ном, зæгъгæ, уыимæ. Йемæ йæ æркодта. ~Хъæубæстæн хорз чындзæхсæв сарæзта. Адæм куы фæцыдысты сæ фæрныг хæдзæрттæм, уæд Фаризæт баздæхт æмæ Антонинæмæ йæ дам-думтау æвзаг фелвæста. Ралæхурдта йын, Габо Иры хъæуты цал хæдзармæ балæууыд усгур æмæ йын йæ чызджы кæй ничи радта, уыцы хабар, æмæ, йæ хъæлæс ноджы фæныллæгдæрæй, катайгæнæджы хуызы загъта: —Лæг нæу, лæг, мæгуыр дæ сæры къона фæуа, æмæ афтæмæй йемæ куыд цæрдзынæ! Антонинæ йæ мыдадзгъуыз стыр цæстытæй, мидбыл- худгæ, бакаст Фаризæтмæ. Иæ уардигъуыз цæсгом но- джы рæсугъддæрæй разынд æмæ цæхгæр фæлыг кодта йæ ходыгъды ныхас: — Цы дын зæгъон, уый зоныс, мæ хæлар. Мæнæн Мæскуыйы де ’фсымæр æппæт дæр радзырдта. Æмæ дын худинаг уæд, йæ мадызæнæджы цардæй зындон чи сарæзта. Æнæуи та дæ зæрдыл бадар: де ’фсымæр лæг у æви нæ, уый тыххæй ма амæй фæстæмæ исты куы фехъусоп, уæд мын фыццаг знаг уыдзынæ ды. Фаризæт йæ хуыз аныхъуырдта. Ницыуал сдзырдта. Фаризæт уыдис Габойы кæстæр хо. Бинонтæ æнæ- хатгæ нæ уыдысты, се ’ннæ чызджытæй уæлдай Фари- зæт тагъддæр кæй рæзы. Уый сыи æхсызгон нæ уыд, фæлæ хъыг. йæ хистæртæ уыдысты æртæйæ. Габо æмæ йæ дыууæ хойы. Ирмæ цы фæтк сфидар фыдæл- тæй фæстæмæ, уым цотæн бинонтæ æрхæссын дæр æмæ чындзы фæцæуын дæр нымад цæуы куыдхистæрæй. Гъе, æмæ Фаризæты канд изæрыгæтты нæ, фæлæ боныгон дæр киномæ, гъе, театрмæ арæх нал уагътой. 84
Фæлæ чызг уæддæр сбæндæн иу йæхи хуызæнимæ. Фæрæдийын æй кодта. Уый базыдтой бинонтæ дæр. Сау над ын куыд нæ фæкодтой. Æ,мæ нæмджыты тæккæ æгъатырдæр уыдис Габо. Цæвиттон, бинонты хъустыл æрцыд, æгъдауджын чызгæн кæм не ’мбæлы, ахæм рæтты фæсгорæт кæй фен- дæуыд Фаризæты. Бинонтæ сусæг-æргомæй сæ хъус дардтой ацы хъуыддагмæ- Чызг та иуахæмы киномæ йæхи айста боныгон. Фæлæ цæй кино æмæ цæй цыдæр. -Иу ран æм æнхъæлмæ каст уыцы йæхийау цъæхæй рæ- гъæд. Уайтагъддæр кæрæдзийы цæнгтыл фæхæцыдыс- ты æмæ сæ цыма фæдисæттæ сырдтой, уыйау азгъорд- той фæсгорæтмæ. Уыцы рæстæджы Габо кæцæйдæр сæхимæ здæхт. Го- рæтгæрон æм уддзæф æрбаскъæфта сылгоймаджы ны- хас «Дарддæр дæм цы фæнд ис?», æмæ йæ хъустыл нæ баууæндыд. Уый уыдис йæ хо Фаризæты хъæлæс. Габо æрæмбæхст æрыгон кæрз бæласы бын, йæ зæнг ын æрбахъæбысгæнæгау кодта æмæ йæ армытъæпæн ба* умæл. Фæкаст æмæ бæласы зæнг уыд фæрæтдзæф. Хъæдгомæй, цæстысыгау, æрфæд кодта тæнгъæд буар, афтæ зынд, цыма рæхснæг тала куыдта, йе ’взонгдзинад ын кæй бахъыгдардæуыд, уый тыххæй. Габойы хъустыл ауад йæ хцйы зæрдиаг фуртт-фуртт. — Цæй, ныр дæ сæт цы калыс, никуы ницы ’рцыд?— схуыст уайдзæф ын бакодта лæппу. — Цы ма хъуамæ æрцæуа уымæй фыддæр мæ карæн чызгыл. Фæлæ дæ рагацау фæдзæхсын. Æз нæ бинонты раз фæхудинаджы бæсты мæхи доны ныппардзынæн! — хæкъуырццгæнгæйæ та райхъуыст Фаризæты ныхас. — Æмæ дæ Терк афæраздзæн, уæлдайдæр ныртæк- кæ! — цыдæр былысчъилæй та сдзырдта лæппу. Габойы цыма хурбон арв ныццавта, афтæ фæцис. Йæ кæстæр хо, йæ удыйас кæй уарзта, уый сæ хæдзар, сæ мыггагæн худинаг æрхаста, ныффидиссаг кодта йæ- хи дæр æмæуыдон дæр; цæджджинагау рахсидын кодта Габойы зæрдæйы маст, æррайау атахт размæ æмæ чы- сыл раздæр къутæртæ кæм змæлыдысты, уым смидæг. Лæппу æмæ чызг Габойы æвиппайды фæзындæй сæ бынæтты андзыг сты. Лæппу хуыссыд уæлгоммæ, йæ 85
цæнгтæ йæ нывæрзæн бакæнгæйæ. Чысыл æттæдæр кæр- дæгыл баппæрста йæ урс хæдон, æвæццæгæн ын чъизи, æнцъылынæй тарсти. Йæ фæныкгъуыз чырынтæ пиджа- кыл та бадт мæрдон фæлурсæй Фаризæт æмæ йæ цæс- сыгтæ йæ рустыл, цыхцырджытау, згъордтой. Лæппу рагæпп кæнынмæ хъавыд, фæлæ йыл уæдмæ Габо, фæранкау, йæхи ныццавта æмæ йæ йæ быны цъæл- тæ кæныныл схæцыд. Цас æй тынгдæр надта, уый бæрц зынæфсисдæр код- та йæ маст райсынмæ. Иу афон лæппуйы къухтæ уæгъ- дæй æрхаудтой, нал хъахъхъæдта йæхи Габойы цæф- тæй. Габо уыцы хъуыддаг бафиппайдта. Æркаст лæппу- мæ — уый хуыссыд уадзыгæй. Габо йын байхъуыста йæ риумæ, фæлæ уый нал улæфыди. «Лæгау лæджы тыххæй фæтуджджын у, уæд уымæн циу, фæлæ ахæм цъæхæй рæгъæд, æнæуд мард куы уыд йæхæдæг, уæд æм мæ къух цæмæн систон», — ахъуыды кодта Габо, æмæ йе стæвдтæ къухтæм æркаст, цыма ныртæккæ цы сарæзта, уый йæхæдæг нæ, фæлæ аххос- джын уыдон уыдысты, уьийау. «Æнхъæл дæн, æцæг ныммард ацы куыдзы хъæв- дын, — Габо æнæзонгæ лæппуйы риуыл йе стыр сæр иуварсырдæм æркъулгæнæгау кодта, йæ хъус ыл сæ- вæрдта, ныхъъхъуыста йæм, фæлæ дзы царды кой нал зынд, басгæрста йын йæ цонджы тугдадзин æмæ йын æнæбары тыррыкк-тыррыкк кодта. — Лæппу! — йæ дымæгыл æй абадын кæнгæйæ, фæ- хъæр кодта Габо- Æнæзонгæ лæппу йæ цæстытæ æнæбары базыхъ- хъыр кодта. — Удæгас ма дæ? — Нæ зонын! — багуым-гуым кодта уый. — Уæдæ йæ æз зонын, æмæ хъус, куыдзæй чи рай- гуырд, уый. Æз дæу абон нæ фæрсын нæдæр номæй, нæдæр мыггагæй. Нæдæр чи дæ æмæ цæмæн равзæрд- тæ мæ хойы фыдбылызæн ацы зæххыл. Уый тыххæй мын дæ цардæй æндæр хатт ратдзынæ дзуапп. Æз абон дæу фæрсын æндæр хъуыддагæй. Æмæ мын æппæт дæр æргом куыд зæгъай, афтæ. Кæд æрцыд ацы хабар? 86 .
Лæппу зæхмæ ныккаст: — Дыууæ мæйы размæ. — Цы хъуыды кæныс дарддæр? — Мæ-гъа! Габо йæм цæхгæр фæзылд. йæ хъоппæг цæстытæ дзы фæсагъта. Лæппуйы зæрдæ бауазал. Æнхъæл уыд, ныртæккæ та мæ нæмын райдайдзæн, зæгъгæ. — Хъус уæдæ мæнмæ! Чызджы фенамонд кодтай. Фæхудинаг кодтай уый, худинаджы азар æрхастай нæ хæдзарæн, адæмы цæсты нæ бафтыдтай. Дæу хуызæн æнæуд уаллоны тыххæй ныр хъуамæ æз ныхкъуырдæй цæрон ме ’мгæртты ’хсæн. Дæттын дын æрмæстдæр иунæг къуыри æмгъуыд. Уæдмæ дæ хæмхудтæ æрнывыл уы- дзысты. Къуырийы фæстæ æнæфыдбылызæй ракæн дæ -амæттаджы. Мæнмæ æххуысмæ мацæмæ æнхъæлмæ кæ- сут. Цæрут, куыд уæ фæнды, афтæ. Алидзынвæнд скои- таи, зæххы скъуыды бамбæхсынмæ рахъавыдтæ, уæд- дæр дæ ссардзынæн æмæ дæ мæнæ ацы къухтæй ных- хурх кæндзынæн. Бамбæрстай?!—йæ дынджыр тымбыл къухтæй бартхъирæн кодта Габо. — Бамбæрстон, — йæ хъæлæс йæхимæ дæр тыххæй- ты райхъуыст лæппуйæн. Фæлæ уый Габойæн уæлдап нæ уыд. — Уæдæ фесæф ныр мæ цæсты разæй! Лæппу йæ хæдон æмæ пиджак фелвæста æмæ, расыг лæгау, цух-мухтæ гæнгæ, ацыд. Габо æмбисæхсæвты сæ хæдзармæ фæзынд сау ра- сыгæй. Бинонтæ æрвыстой фыдæхсæв. Фесæфт Фаризæт. Райдианы чызгæн йæхимæ æнхъæлмæ кастысты. Уый фæстæ сæхицæн зæрдæ æвæрдтой, зæгъгæ, кæд Габоимæ фемйæлдысты æмæ театрмæ ацыдысты. Фæлæ та теат- ры рæстæг дæр фæцис æмæ сæ иу дæр хæдзармæ куы нæ зынд, уæд катайы бацыдысты. Цы акодтаиккой, уы- мæн ницыуал зыдтой. Ныр ацы æнафоны Габо иунæгæй тсуы ’рбацыдис," уæд бинонтыл цыма мард æрцыд, афтæ фесты. Иууылдæр æнхъæлмæ кастысты, Габо цы зæгъ- дзæн, уымæ. Фæлæ Габо ницы дзырдта. Бацыд, мæсты бадт æркодта бандоныл, йæ дыууæ къухы сбыцæу код- та йæ сæрмæ æмæ, йæ дæндæгтæ хъыррыстгæнгæ, нык- 87
кæрзыдта. Æвиппайыды стъол тымбыл къухæй ныццав- та, йæ хъоппæг расыг цæстытæ фæсагъта бинонты, цы- ма сæ аныхъуырынмæ хъавыдис, уыйау. — Кæм ис мæ дзæбæх хо та, цæуылнæ рауайы йæ иунæг æфсымæры размæ? — Габо ацы ныхæстæ афтæ æлгъгæнгæ дзырдта, æмæ бинонтæ иууылдæр бамбæрс- той, Габо зоны, Фаризæт кæй не ’рбацыд, уый аххос. — Лæппу, арсы богътæ ма кæн, фæлæ зæгъ, кæм ис дæ хо? — Мæнæн хо нæй æмæ ма мæм уыцы номæй чгг æрбадзура, уый уыдзæн мæ цæсты сындз! — цæхгæр алыг кодта йæ фыды дзырд Габо, сыстад йæ бадæнæй, цух-мухтæ гæнгæ бацыд йæ уатмæ, дуар фæстейæ йæхи- уыл сæхгæдта. Чысыл фæстæдæр бинонтæ хъуыстой, сæ хæдзары ныфс кæй хуыдтой, уыцы уæйыгарæзт Габойы фуртт- фуртт. Ацы æнафоны афтæ зынд, цыма сæ кæстæр чызг Фаризæт фæзиан æмæ йыл йæ уарзон æфсымæр та зæр- дæхалæн марой кæны. Дыккаг бон фæзынд Габойы фыдыхо Даухан æмæ- бинонтæн бамбарын кодта, Фаризæт уыдонмæ кæй ие, уыцы хабар. Уый куыд радзырдта, афтæмæй Фаризæт ацы хæдзары къæсæрæй йæ къах никуыуал æрбавæр- дзæн. Æмæ хабæрттæ, Фаризæт ын сæ цæй бæрц ра- дзырдта, уый бæрц æркодта. Бинонтæ бамбæрстой, цы худинаджы хъуыддаг сыл сæмбæлд, уый. Фæлæ ма йын цы сæ бон уыди. Къуырийы бонмæ Габо саухил рауагъта, къуырийы бонмæ, мардæрцыдау, æнхъæлмæ каст æнæзонгæ лæппу- йы фæзындмæ. Фæлæ нæ зынди уый. Нæ фæзынд дыккаг, æртыккаг къуыри дæр. Цыппæрæм къуыри Габо æрбадт кæсæны раз. Иæ рустыл бæзджынгомау цы саухил æрзад, уый хæрздасг ныккодта. Æртæ къуыримæ лæг афтæ атайдзæн, уый æнхъæл нæ уыд. Цыма рæуджыты уæззау низæй цал- дæр азы фæсад, уыйау йæ рустæ бахаудысты, йæ цæсты бынты фæзынд сау тæлмытæ. Йæ уаты рæбинаг къулыл гауызыл ауыгъдæй лæу- уыдысты йæ фыды фыд Хъараманы хотыхтæ. Габо уыр- 88
дыгæй райста хъама æмæ йæ аскъæрдта йæ цырыхъы- хъусы. Цас фæзылди сусæг-æргомæй æнæзонгæ лæппу- йы фæстæ, фæлæ уый, цыма, æцæг, зæххы скъуыды ных- хаудта, уыйау фæдæлзæх. Фаризæт уыцы лæппуйы фæстæ нал бацагуырдта ног амонд. Ныууагъта йæ ахуыр, цард йæ фыды хомæ. Уый фæстæ иу чысыл акуыста Æрыдоны консервгæнæн за- воды. Радтой йын фатер æмæ уым цæргæйæ баззад.. Райдианы тынг æнхъæлмæ каст уыцы фыдбоны гуырд- мæ кæд ма фæзынид, зæгъгæ. Фæлæ йæ уыцы ныфс бо- нæй-бон мынæгдæр кодта æмæ, æппынфæстаг, йæ зæрдæ йын, хæлбурцъгæнгæ, цы маст æхсыдта, уый рахызг къуырма рыстмæ. Цард, уæдæ æндæр цы кодтаид. Йæ дыууæ хойы ра- джы ссардтой сæ амонд. Ис сын цот дæр. Æрмæст Габо- йæн нал æнтыст ус курын æмæ уыцы хъуыддаджы та чысыл нæ уыд Фаризæты цырв дæр. Ныр æрхаста уыцы уырыссаг чызг Антонинæйы æмæ цæрынц æмзæрдæйæ. Фаризæт та кæй фенамонд, уым сæйраг аххосджыныл иымадта йæ иунæг æфсымæр Габойы. Цал азы рацыд уæдæй нырмæ? Цас дон ацыд уæдæй нырмæ Дайраны комы нарæ- джы. Фæлæ нæма ныссабыр- Габо æмæ Фаризæты ’хсæч уыцы хæрамдзинад. Нæ дзурынц сæ кæрæдзимæ, кæд сын хаттæй-хатт иу фынгыл бадгæйæ æрцæуы, уæддæр. Гъе, æмæ ныр уыцы хо æмæ æфсымæр хицæн маши- нæты абадтысты æмæ тагъд кæнынц Æрыдонмæ, Æх- сараты Дудуйы чызг Фæрдыджы сæ фыды хойы лæппу Алæгаты Адтойæн цæмæй ракурой, уый тыххæй. + * * Ис ахæм адæймæгтæ æмæ сæ дуарæй куы расурай, уæд дæм рудзынгыл фæстæмæ багæпп кæндзысты. Куы- дзы къахæй сæ фæнæм, æмæ дæ разы сæ сæрыл хъен слæудзысты. Ахæмтæ разындысты Адто æмæ Фаризæт 7^æр. Адто айфыццаг Фаризæты аххосæй цы уавæры бахауд, уый йæхицæн нæ барста. Куыд сæ асайдта Фæр- дыг. Йæхицæй цæхæрцæстдæр йе ’мкар адæмæй æп- хъæл куы никæмæн уыд, уæд цæуылнæ рахаудысты йæ дыууæ цæсты чындздзон чызджы зæронд усы дарæсы 89
~чи нæ базыдта æмæ уый аххосæй йæхи ахæм æгуыдзæг уавæры чи æвæрдта. Фæлæ йæ нæ барста Фаризæтæн дæр. Иугæр чызджы уымæй размæ федта, йемæ ныхас кодта, уæд æй йæ хъæлæсæй уæддæр цæуылнæ базыд- та, зæгъгæ. Гъе, æмæ ныр ахæм уавæры бахауыны фæстæ, лæг, чи зоны, ахъуыды кæна, зæгъгæ, Адто æмæ Фаризæт Æх- сараты Дудуйы хæдзары тæфтыл нал ауайдзысты. Фæ- лæ нæ. Сæ иу дæр æмæ иннæ дæр, куы иумæ, куы та хи- цæнтæй агуырдтой алыгъуызон фæндæгтæ, цæмæй чыз- джы сæхи ’рдытæй фæкæной. Адто иу æмæ дыууæ хатты нæ загъта Фаризæтæн, зæгъгæ, комгæ куы нæ кæна, уæд æй скъæфгæ уæддæр ракæндзынæн. йе ’фсымæртæ топпæргъæвдæй мæ разы ма ’рлæууæнт, миййаг. Адтойы цырвыл йæ цырвы хай кодта Фаризæт. Æмæ уый йæ зонд æрцахсыны бæсты сæрра бынтондæр. Ахæм сахат-иу йæ цæстытыл ауад Дудуйы рæсугъд чызг Фæр- дыг. йæ мидхъуыдыты-иу йемæ быцæуыл схæцыд: «Æмæ уæдæ куыд хъуыды кодтай, мæ хур. Ды Алæгаты Ад- тойæн цы æнхъæл уыдтæ? Алæгаты Адто хуылыдзæй ивæзт нæу, нæ, фæлæ — мызыхъарæзт. Ды цы, арвыл авд хонæ искæй равзæрста, уæд уый дæр раскъæфтаид æмæ йып ничи ницы хъомыл уыдаид. Бузныг у хъысмæ- тæй, мæ къухмæ дæ кæй æрбаппæрста. Ныр кæд дæ мæгуыр, сидзæр цард ферох кæнис. Æмæ æниу уыцы æнæхæлафы фыртмæ куы фæцыдаис, уæд æм цы хур фенынмæ æнхъæлмæ кастæ? Гъе, уый дын зонадон ку- сæг, æндæр ма уæд. Уалæ хохыл фиййæуттимæ рабыр- ^бабыр кæны». Адто йæ сусæг фæндтæ не ’мбæхста Габойæ дæр. Фæлæ йын уый хæцыд йæ рохтыл. Фаризæтау æй нæ цырын кодта фыдмимæ. «Раст у, чызгæн иунæг мад йедтæмæ ничи ис. Чи зо- ны æгæр æнцонæй дæр бафта йæ раскъæфын дæ къухы. Фæлæ чызг иунæг нæу. Нæ дæр, дæумæ куыд кæсы, аф- тæ сидзæр у. Чызджы бартæ хъахъхъæны закъон. Ахæм æбуалгъ ми куы бакæнай, ахæстоны дæ сбадын кæн- дзысты. Рагацау дæ фæдзæхсын, мæныл дæ зæрдæ ма дар. Ахæм уавæры дын ницы баххуыс уыдзæн мæ бон. :90
Стæй ма чи хæссы нæ рæстæджы йæ сæрмæ чызгыскъæ- фын. Уый хъæддаг ми у, бирæгъты æгъдау. Æви афтæ æнхъæлыс, фæлхасады къæбицы хъуыддæгтæ дын куыд тайынц, чызг раскъæфт дæр дын афтæ батайдзæн. Нæ, уьгй ма зæгъ! Фæрæдидзынæ, мæ хæрæфырт. Фæлтау иы кæныс, уый зондæй. Адто йæхæдæг дæр дьтзæрдыг кодта чызг раскъæ- фыныл. Йе уæны мигъ бадт канд Фæрдыгæй нæ, фæлæ Алæмæтæй дæр. Уый хорз зыдта, чызг æмæ лæппу кæ^ рæдзийы уарзондзинадæй зæрдæхъæрмттæ кæй кæнынц, уый. Æмæ ныр, зæгъгæ, чызг раскъæфын йæ къухты бафтыд, æмæ йæ Фæрдыг куынæ ныппарын кæна ахæс- топы, æниу, æй уый дæр цæуылнæ ныппарын кæндзæп, уæд æп Астемыры фырт уæддæр батæрын кæндзæн. Æмæ стæй уын фæстæ ацу æмæ тæрхондоны кусджыты къухæй дæхи ратон. Хъыцъыдæттæ баназын кæндзысты адæймагæн. Гъе, фæлæ уæддæр, куыд фæзæгъынц, фæч- чыхъæдæн Фаризæты цур сæрыстырæй дзырдта, чызг куы нæ кома, уæд æй скъæфгæ уæддæр ракæндзынæн, зæгъгæ. Фаризæт кæд Габомæ нæ дзырдта, уæддæр ын Адто- йы руаджы йæ хъуыды хорз зыдта æмæ агуырдта æп- пæт фадæттæ дæр, састы бынаты цæмæй ма баззадаид, уый тыххæй. Уымæн сбæндæн Фæрдыджы мад Дудуи- мæ дæр. Арæх-иу æм фæзынд сабат изæрты. Хуыцау- ■боны-иу чысыл цыдæртимæ Дуду дæр балæууыд горæ- ты базары. Куы карк, куы хъаз, куы дыргътæ уæй код- таид дыццæджы базары. Иæхæдæг ахæм хъуыддæг- тæм цанæбары рæхст, базартæм цæуынтæм æй æвдæлд! Хæдзары, иунæг сылгоймаг уæвгæйæ, æппæт куыстытæ пæхимæ æнхъæлмæ кастысты. Фæлæ Фаризæты руа- джы кæддæриддæр йæ базайрæгтæ афоныл уæй кодта æмæ та-иу сæхимæ ратындзыдта. Хæлуарæг йæ тынтæ дардыл куыд анывæнды æмæ йæ амæттаджы æттæмæ куыд нал фæуадзы, ахæм фæнд скодта Фаризæт дæр Дудуйæн. Фæсбазар-иу æй кæддæ- риддæр бадавта Адтойы хæстæджытæй куы иумæ, куы иннæмæ. Дудуйыл алы ран дæр, цыты уазæгау, æмбæл- дысты. Минасы фæстæ-иу æй машинæйы оч1 рахæццæ кодтой. Куы-иу фæхицæн сты, уæд-иу æм Фаризæт хи- 91
нæйдзаг ныкъуылд æркодта йæ цæст æмæ-иу æй афарстаг — Куыд дæм фæкастысты нæ фысымтæ? — Сæ цæрæнбон бирæ, адæймагыл рæсугъддæр ба- цингæнæн нæй. Фæлæ мæ уæддæр, Фаризæт, ахæм рæт- тæм ма кæн. Худинаг у. Зæгъдзысты, базармæ куы ра- цæйцæуынц æд дзаг къалатитæ, уæд сæ рох вæййæм,. стæй нæм сæ афтид гуыбынтæ æрбатæрынц. — Уымæй ма тæрс, Дуду. Мæ хæрæфырт Адтойы лæггæдтæ уыдонæй алкæуыл дæр сты. Уæлæ, йеныр- цы куыст кæны, уыцы куыст кодта хæсты рæстæг дæр. Гъемæ дын цин фенон, куыд æм дзы хауд æфтиаг. Æмæ дзы тыхст сахат йæ хæстæджытæ дæр рох нæ уыдысты. Æз дзы мæхæдæг дæр бирæ лæггæдтæ зонын. Уымæй — сæрæн, хъаруджын. Мæнæ куыд фæзæгъынц, дыууæ цæсты. ’хсæнæй фындз фелвасдзæн. Уæдæ бинонты ’рдыгæп дæр, табу хуыцауæн, мад, фыд, æфсымæртæ,— æппæтæй дæр æххæст. йæ мады æфсымæры лæппу та, кæд æй фехъуыстай, Пæррæстаты Габо, партийы обко- мы инструкторæй кусы. Мæхи æфсымæры кой дын кæнын. Дуду нæ ’зыдта, Фаризæт цавæр инструкторы кой кодта, уый. Фæлæ Фаризæт ахæм сæрыстырæй загъта уыцы æнахуыр дзырд, æмæ Дудуйæн цы бамбарын хъуыд, Габо партийы обкомы цыдæр стыр бынат кæй ахсы, уьгй. «Хорз у, хорз, мæ хур! К/ьабазджын адæймаг уæлдан ныфсджындæр вæййы», — йæ хъуыды фергом кодта Дуду. — Гъай-гъай, æмæ уымæй дæр Адтойы хуызæн къа- базджын уæлдай амондджындæр у, — уæддæр та Ад- тойы радавта. Фæлæ йыл цæмæй Дуду ма фæдызæрдыг уыдаид, уый тыххæй ма йæ ныхасмæ афтыдта: — Уæд цы диссаг у æмæ нын нæ размæ фæйнæ тæбæччы æр- давтой... Дуду æнæхатгæ нæ уыд, Фаризæт ын æдзухдæр Ад- тойы кой дзæгъæлы кæй нæ кæны, уыцы хабар. Фæлæ нырмæ ахæм сæрæн лæппу йæ амонд кæй не ссардта, уый йыл дис æфтыдта. Бафæндыд æй, иокуы йæ дард- мæ уæддæр куы фенин, зæгъгæ. Æвæццæгæн, рынчын^ гъе, сахъатджын исты у, æндæра ахæм адæймаг цæмæге Ъ2
цæуы сæрибарæй. Æниу кæд Дудуйæн йæ мид-зæрдæйы цыдæр сусæг фæндтæ гуырд, загъта-иу йæхинымæры, тæхуды, мæ иунæджы дæр иуахæм амонд куы фæуид, уæд ныр (Фаризæт ын куы бамбарын кодта, зæгъгæ, Адтойæн ис мад æмæ фыд, æфсымæртæ æмæ хотæ), йæ уыцы хъуыдытыл къæй ныффæлдæхта. Дуду сусæг— .æргомæй агуырдта йæ чызгæн ахæм цардæмбал, мидæг- моймæ сæм чи бацыдаид. Адтойы хуызæн къабазджын, сæрæн адæймаг та йæ сæрмæ ахæм хъуыддаг не ’рхæс- дзæн. Дуду Фаризæтимæ куы схæлар, уæдæй фæстæмæ йæ хæдзары хъуыддæгтæ бирæ фæрæвдздæр сты. Быди- раг колхозонты фылдæр хай (уæлдайдæр æнæлæг хæ- дзары, сугтыл фæсауæрц кæнгæйæ, арæх фæсудзынц ♦футæджытæ, хъæллæгътæ, тъуппгæнджытæ. Ныр Фа- ризæты цæрæнбон бирæ, Дуду суджы мæт нал кодта. Æппæты фыццаг дæр ын-иу Фаризæт йæ зымæгон хьуыддæгтæй цы сарæзта, уьгй уыдис суг. Æлхæдтой йæ ’сæрды тæккæ тæмæны. — Æнæсæрæн адæймаг æлхæны зымæджы суг. Уæд ъм дывæр аргъ фидæм. Æмæ кæм ис уæлдай æхцатæ? Стæй зымæг хæдзар хъарм куы уа, уæд цæрын æнцон у. Хъæууон хæдзар горæттаг хæдзар нæу. Уыдои алцы дæр æлхæнгæ кæнынц. Хъæуы та, адæймаг йæ дæндæг- тæ цæмæй асхъауа, уый ис кæддæриддæр. Пецы духов- кæйы бакал картоф, бавæр дзы нас, кæнæ йыл сæвæр хъæдур æмæ цалынмæ уыдон фыцой, уæдмæ æнæмæтæй пир къуымбил, æлвис, тæбын æхснуд, æрмкъухтæ, цъын- датæ кæн. Базары сæ алкæмæн дæр хорз аргъ ис Зы- мæгон æхсæв даргъу, чи фæразы уыйбæрц фынæй кæнын. Дудумæ раст кастысты Фаризæты ныхæстæ. Бирæ хæттыты йын батæригъæд кодта ахæм уындджын, сæрæн адæймаг æмæ мой цæуылнæ кæны, зæгъгæ. Бафæрсын- "мæ дæр æй рахъавыд, фæлæ йæ ныфс нæ бахаста. «Миййаг æй истæмæй куы фæхъыг кæнон. Хуыцау йæ зонæг, алы сылгоймаджы цард дæр сутъитæ къуыбыло- йæ уæлдай нæу æмæ йын миййаг ме ’нæрхъуыды фарс- тытæй йæ зæрдæ куы фæриссын кæнон, йæ зæронд хъæд- гæмттæ йын куы сног кæнон». Æмæ та-иу йæхиуыл ных- хæцыд. 93
Цыдысты бонтæ. Дуду æмæ Фаризæты хæлардзинад тыхджынæй-тыхджындæр кодта. Арæх-иу бауад Дуду- тæм дæр. Иу стæм хатт йедтæмæ Фæрдыджы сæхимæ ни- куы баййæфта. Фаризæт хатыд, Фæрдыг æм цыдæр уа- зал зæрдæ кæй дары, уый. Æвæццæгæн, йæ мадæй æф- сæрмы куы нæ кæнид, уæд ын зæгъид: «Дæ хорзæхæй, цы ныл сагъуыдтæ? Цы нæ суттæ- лæг кодтап, ныууадз нæ нæ мæгуырыл. Æви æнæ мах дæ бон цæрын нал у?!» Фæлæ, Фаризæт, ахæм уайдзæфтæй уисæн чи бакæ- на, уыдонæй нæу. Уымæй дæр йæхи афтæ æвдыста, -цы- ма сæ Дудуимæ бæтты æрмæстдæр базары хъуыддаг. «Æмæ йын кæд пайда нæу, уæд ыл тыхбегера нæй. Ма цæуæд, бадæд хæдзары». Иуахæмы та базарæй куы рацæйздæхтысты, уæд æй Фаризæт фæмидæг кодта иу æдтæгуæлæ хæдзары. Хæ- дзар, зæгъгæ, афтæ схонын тæригъæд у. Уый уыд ар- гъæутты галуаны хуызæн. йæ цард-цæрæнбонты Дуду фыццаг хатт федта ахæм хæдзар. Къулыл, пъолтыл, дивантыл алы ран дæр уыд нывæфтыд гауызтæ. Фари- зæт нымæтын цырыхъхъыты æтте дардта æрттиваг къа- лостæ æмæ сæ тыргъы раласта. Фæлæ ахæм уатмæ ба- цæуынæй тынг фæтыхст Дуду. Ууыл нæ уыд къалостæ, дардта салдаттаг зæронд батинкæтæ. Æмæ ахæм фады- варцимæ ацы диссаджы гауызтыл фæдгæнгæ балæгæрд, уый æнæфенд ми уаид. Фæлæ сæ феппара, æмæ абон базармæ цæуыпмæ нæ хъавыд, уымæ гæсгæ йæ къæх- тыл уыд зæронд къуымбил цъындатæ, сæ иуæн йæ зæ- вæт гом. Æнæзонгæ адæмы ’хсæн гом зæвæттимæ бад,, уый дæр æм аив нæ каст. — Бахатыр кæнут, фæлæ ахæм фадыварцимæ æз дзæнæты хуызæн уатмæ нæ бацæудзынæн. Базар — астæумæ цъыф... — Рахиз ма мидæмæ, — йæ сæрыл урс халас кæмæн фæхæцыд, ахæм сылгоймаг æм мидбылхудгæ радзырд- та. — Цы сты гауызтæ, адæймаг йæхæдæг куы нæ уа, уæд. — Мæ мæрдтыстæн, нæ бахиздзынæн! — цæхгæр ныллæууыд Дуду. — Фаризæт, уæртæ иннæ уаты хæдбынтæ æмæ йьиг 94
уыдон авæр, науæд æххормагæй кæй адæудзынæ, уый дæ рох ма уæд! — ногæп та бахудт уыцы сылгоймаг Дудумæ. Фаризæт йæ фыды хо Дауханы хæдзары исты мий- йаг фыццаг хатт нæ уыд. Зоны æппæт дæр, кæм сæм цы ис, уый. Уарзы сæ, уарзынц ын йæхи дæр. Ницы дзы сусæг кæнынц. Кæддæр амондсыгъд куы фæцис æмæ- йæ цæстысыджы йæхи куы надта, уæддæр йæ сæр Дау- ханыл бакъул кодта. Уыцы уæззау сахат æй уый ныййа- рæг мадау барæвдыдта æмæ йæ йæ удæй фылдæр уарзы. Дуду иннæ уатмæ куы бацыдис, уæд Фаризæтæи бауайдзæфгæнæгау кодта: — Цалынмæ мæ фæхудинаг кæнай, уæдмæ мæ афтæ- мæй нæ ныууадздзынæ. Фæдисæй мæ ракодта базармæ. Мæ къæхтыл раирвæзт гомзæвæг цъындатæ. — Гъæ, куыд дын амардтæн, кæд цытæ хъуыды кæ- ныс. Адонæй æввахсдæр хæстæджытæ мын горæты нæй. Сты нæхи хуызæн зæрдæхæлар адæм. Фæлтау дæ батин- кæтæ фелвас, фæйнæ тæвд цайы ацымæм æмæ нæ фæн- даг цыбыр кæнæм!— йæ размæ йын, хъæ’дабæ уæл- фæдтæ кæмæн уыдис, ахæм æнæзæвæт дзабыртæ бап- пæрста Фаризæт. Дуду æфсæрмы худт бакодта æмæ Фаризæтæн афтæ: — Адон хорз сты, фæлæ ма æххæст зæвæтджын куы* уаиккой. Фаризæт фембæрста, Дуду цæмæн афтæ зæгъы, уый æмæ йын бандоныл цы бирæ цъындатæ ауыгъд уыд, уы- донæй иуы фæлыст йæ къухты фæсагъта: — Уыдон та дын мæ лæвар. Дуду ма цыдæр зæгъынмæ хъавыд, фæлæ йын Фари- зæт йæ ныхас фæлыг кодта: — Скæн тагъддæр, æнхъæлмæ нæм кæсынц. Дуду йе скъуыдтæ къуымбил цъындаты æттейæ ссæрфта, Фаризæт ын кæйдæр хæдзары кæй балæвар кодта, уыдон æмæ хъæдабæуæлфад дзабырты йæ къæх- тæ атъыста. — Мæнæ, табуафси, хихсæн, сапон, хисæрфæн, кæд дæ къухтæ ’хсыс... Дуду рæвдз йæ къухтæ ахсадта. Уыцы рæстæджы 95.
сæ уæлхъус æрбалæууыд уыцы зæрдæхæлар сылгоймаг æмæ сæм рæвдаугæ сдзырдта: — Цы фестут, цай ныууазал. — Рæвдздæр, Дуду, æххормагæй мæ амардтай. — Æз^ рæвдз дæн! — хисæрфæн сауыгъта Дуду. — Уæдæ æххæст базонгæ ут, — æфсинмæ ацамыдта Фаризæт. — Мæ фыды хо Даухан. Уый та нæхи хъæук- каг Æхсараты Дуду. Даухан æмæ Дуду кæрæдзи къухтæ райстой æмæ, æрдæбон Дуду дзæнæт цы уат рахуыдта, уырдæм ба- цыдысты. Стъол бæркад, бæрæчетæй æртас-æртас кодта. Уыд ыл цыдæр урсхъуыр æвгтæ дæр. Адджын гуылтæ тæвд фыдызгъæл. Æгæрыстæмæй, уырыссаг арахъхъ дæр. Дуду исдуг фергъуыйау. Цал æмæ цал зонгæйы хæ- дзары уыдысты нырмæ дæр Фаризæтимæ, фæлæ афтæ хъæздыг уанцон нæу. «Цыма сыл хæстæн йæ дымгæ дæр нæ аныдзæвд, ахæм бонкалды цард кæнынц. Амонд, амонд! Хъысмæт иутæн уæлæуыл дæр снывонд кæны дзæнæты цард, иннæтæ та, мæнæ мæнау, сæ хъиу- тæ фæхæрынц дудгæ фыдæбонæй». — Цыдæр æрхæн- дæг ^хъуыдытæ фæзынд Дудуйы сæры. Фæлæ уæдмæ Фаризæт цы урсхъуыр авгимæ архайдта, уый нытъ- тъупп кодта, йæ сæрджын къæрмæг фæтахт уаты цар- мæ. Дуду йæ мидбынат фесхъиудта. Фаризæт æнахуыр даргъ агуывзæмæ фæкъул кодта авг æмæ уый, йæ хъуы- рæн фæздæгкалгæ, цыхцырæгау, калд агуывзæмæ, урс фæрдгуытæй фыцæгау кæнгæйæ. Агуывзæ-иу цыма ай- дзаг, афтæ каст Дудумæ. Фæлæ та-иу йæ цæстыты раз ногæй атайæгау кодта. Æппынфæстаг ныллæууыдысты чысыл цухæй. — Цæй, алæбон æгас цæут, уазджытæ! — даргъ агуывзæйы лыстæг зæнгыл уæздан æрбахæцгæйæ, загъ- та Даухан æмæ йæ агуывзæ бакъуырцц кодта фыццаг Дудуимæ, стæй та Фаризæт’имæ. Дуду хæцыд агуывзæйы гуырыл æмæ агуывзæтæ сæ кæрæдзи куы бакъуырдтой, уæд сæ чьгсыл зæл уайтагъд фескъуыйæгау кодта. Фæ- лæ уый хыгъд Фари’зæтимæ сæ агуывзæтæ афтæ ный- йазæлыдысты, афтæ, æмæ ма ныр дæр Дудуйы хъустыл уайы уыцы æхцон мыр. '96
Даухан йæ агуывзæйæ чысыл ацахоста æмæ йæ фæс- тæмæ æрæвæрдта: — Дæ хатырæй, Дуду, æндæра мæ зæрдæ риссы æмæ мын иуазæн нæй. Фаризæт ын йæ бынæй рухс суагъта æмæ Дудумæ бауырдыг: — Ды Дауханмæ ма кæс. Аназ æмæ хæрзаддæрæн ахæрай. Дудумæ уадиосаг хатын нæ бахъуыдис, ирон арахъæй дæр иу сыкъа нуæзта æмæ ныр адджын сæн йæ дзыхмæ куы схаста, уæд æй тынг æхсызгонæй банызта. Бав- нæлдтой къæбæр хæрынмæ. Фаризæт ын йæ разы пара- хатгомау æрæвæрдта фыдызгъæлы кæрстытæ. Æркодта шампайнаг сæн ногæй. «Диссаджы æлутон нуæзт, афтæмæй та ирон арахъ- æй тынгдæр цæуы сæры, — ахъуыды кодта Дуду. — йæ бон у, адæймаджы фæсайа, фæлтау дыккаг нуаз- гæйæ нал у». Даухан Фаризæтæн йæ цæстæй цыдæр ацамыдта. Уый сыстад æмæ чысыл фæстæдæр иу тæбæгъы æрба- хаста карчы мард, бæрæг уыд, нырма йæ æхсидгæ агæй ныртæккæ кæй систа, йæ тæф йæ сæрмæ згъордта фæ- лурс мигъау. — Фаризæт, нæ разы йедзаг куы у, уæд ма уый та кæдæм хæссыс, — батьгхст Дуду. — Ницы кæны, ницы, Дуду! Фæмæгуырæй сын ма тæрс. Стæй сæ æз æмæ ды цы ахæрæм, уый нæ фæрис- дзæн мæ фыды хойæ дæр. — Уæй, тыхсгæ ма кæнут, — зæрдæхæларæй загъта Даухан. — Фаризæт, уазæгæн иу агуывзæ, науæд нæ хъаст кæндзæн. — Гъæй, де ’рхъуыды бирæ уа, мæ дзæбæх фыды хо! — фæкодта Фаризæт æмæ агуывзæ Дудуйы къухты фæсагъта. — Мæ ингæны ныккæсæд мæнмæ чи ’рхата. Фьщцаг агуывзæйæ дæр мæ сæр куыройау зилы. — Нæй, æнæбаназгæ дын нæй. Æттейæ æрбайхъуыст машинæйы хъæр. — Уый, æвæццæгæн, Адтойы машинæ у! — бамба- рын кодта Даухан. 7. Хацырты С. 97
— Дуду нырма ныр фæхатыд, кæй хæдзары бады æдоæ минас кæны, уый. Исдуг йæхицæн бынат нал ард- та. Рæсугъд æм нæ фæкаст, Фаризæт ын æдзухдæр кæ- мæй феппæлы, уыдон Адтойы хæдзармæ æнæрхъуыды- йæ кæй æрбараст, уый. «Ныр цы хъуамæ ахъуыды кæна, йæ хæдзары мæ минасгæнгæ куы æрбаййафа, уæд?» — бакатай кодта Дуду. Уæдмæ дуарыл фæзынд, йæ къухы цавæрдæр тых- тон, афтæмæй бæрзонд, фæтæнуæхск, чырынтæ костюм йæ уæлæ, украинаг хæдоны, йе ’фцæгготы сæхтæджы- тæ гом æмæ иуварсырдæм, хуыйы хъусау, æрзæбул,- афтæмæй. Йæ къæхтыл бур цырыхъытæ, хæлафы фад- гуытæ сæ хъусты тъйст. йæ сæрыл сынты базыры хуьг зæн сатæгсау бухар худ. — О, ай нæм уазджытæ куы ис, гыцци! — йæ тыхтон диванмæ баппаргæйæ, æрбахъæбыс кодта Фаризæты. Уый дæр ын пъатыл схæцыд. — Фæлæу, уазæджы къух райсон, худинаг у. — Фа- ризæтæй йæхи фæиуварс кæнгæйæ, Дудуйы къух райс- та Адто. — Цы хур, цы къæвда дæ æрхаста?! Куыд ма нæм фæрæдыдтæ? — фæрстытыл схæцыд Адто Фаризæты. — Вæййы афтæ дæр, Адто, уæдæ куыд æнхъæлыс. Дæуау мæ машинæ миййаг ’цæттæйæ мæ дуармæ нæ лæууы. Бафæндыд дæ, сбад æмæ кæдæм фæнды, уырдæм гъæй кæн. Уый фадат кæм ис мæнæн, — Фаризæт бакаст Дудумæ. — Мах афæдз иу хатт цæуынвæнд куы скæнæм, уæддæр фæндаджы был фæдзыназæм. Кæд нæ йæ уды бæсты тыххæй исчи раласы, уæд хорз, кæннод автобу- сы цæуын махæн пайда нæу, и, Дуду? Дуду йæ сæр разыйы тылд бакодта æмæ аивæй йæ цæст æрхаста Адтойыл. «Уæдæ уый ды дæ Фаризæты Адто, дæ бон ныккалай? Рæсугъд, хæрзконд, сæрæн. Ирыстоны кæй хæдзары къæсæрæй бакæсай, æмæ дын, цингæнгæ, чи нæ ратдзæн йа? чызджы. Фæлæ ды уæд- дæр нæ курыс ус. Æвæццæгæн дæхицæн никæй аккаг кæныс. Уæдæ дæу хуызæн амонд кæм кæсы мæ иуиæг сидзæр хъæбулмæ». Дуду фестъæлфыд йæхи хъуыдытæй. Цыма йын æцæ- гæй йæ иунæджы ахæм зæдты бадинаг хæдзармæ ра~ 98
чындз кодтой æмæ йын уый иуæй æхсызгон уыдис — уæддæр йæ иунæг амондджын у, иннæмæй та — хъыг. Йæ хæдзар æнæбындар фæцис. — Гыцци, æлхæнгæ йæ дæуæн бакодтон, фæлæ нæм ’иугæр Фаризæт фæзынд, уæд уал æй уымæн балæ- *вар кæн. Уæдмæ та бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы! — >тыхтон райхалгæйæ æмæ Фаризæты уæхсчытыл тинты- чъи пух кæлмæрзæн баппаргæйæ, сдзырдта Адто. Фаризæты цæсгом фæсырх фырцинæй. Фæныкгъуыз тинтычъи кæлмæрзæны рафидыдта йæ цæсгом. — Нæ, кæмæн æй балхæдтай, уый йæ æнæнизæй фæ- дарæд, мæ хур, Адто! Ахæм зынаргъ лæвар нæ баком- дзынæн. — Æниу ма йæ дæ уæхсчытæй исгæ дæр ракæн! Мæ мард фенæд, лæппуйы зæрдæхудты чи бацæуа. Мæ- нæн нырма мæхион дзыхъхъын ноджы хуызæн у. — Гъе, ахæм у, гъе, мæ чысыл хæрæфырт Адто! — Дудумæ бакæсгæйæ, .сæрыстырæй загъта Фаризæт. — Цæй, дæ дзаумæттæн сæ тæккæ цауддæр фæуæд! — нуазæн йæ къухмæ сисгæйæ, скуывта Адто æмæ Дудумæ бадзырдта, кæнгæ æфсæрмдзинад æвдисгæйæ: — Иумæ сæ аназæм, мæ мады хай. — Дæ мад дæ хурæй бафсæдæд, мæ хур. Фæлæ ма æз уый куы баназон, уæд уæ хæдзарæй ласинаг фæуы- дзынæн. — Ласиыаг -де ’знаг фæуæд, фæлæ уæ мæхи маши- нæйы Æрыдоны онг ныххæццæ кæндзынæн! — миййаг кæд æгæр æргом дзырд фæдæн, — ахъуыды кодта Адто æмæ ма йæ ныхасмæ афтыдта, — Элхоты мæ хъуыд- даг ис. — ДУДУ, йæ къух дæм дары. Аназут æмæ нæ фæн- даг цыбыр кæнæм! — йæ ныхас баппæрста Фаризæт дæр. Дуду ма бæргæ лæхстæ кодта, фæлæ йын æй Адто æмэе Фаризæт тыхæйдарæгау бакодтой. Адто фынгмæ бавнæлдта, карчы сгуы стыдта æмæ йæ Дудуйы къухы фæсагъта. — Дæ мад дæ цинæй бафсæдæд, мæ хур. — Сгуы фæс- тæмæ æрæвæрынмæ хъавыд, фæлæ та йæ кæм бауагъ- та Адто. Иннæ сгуы та Фаризæты къухы фæсагъта. 99:
— Ацы мур мын дзы уæхæдæг дæр авæрдтаиккат! — худгæбылæй сдзырдта Адто æмæ æнæсгуы карчы мард йæ разы æрæвæрдта! — Бахатыр кæнут, райсомæй ныр- мæ куыстæй мæ хъуырмæ дæн. Къæбæр хæрынмæ дæр мæ нæ равдæлд. — Уæд та дзы карздæрæй иу аназис?! — бахатыд æм йæ мад. — Нæй, гыцци, машинæйы рулыл куы хæцон, уæд нуазгæ нæ фæкæнын. Адто тагъд-тагъд ахæрдтытæ кодта æмæ уайтагъд сыстад фынгæй. — Цæй, бахатыр кæнут. Куыд кæсын, афтæмæй каст мæнмæ у. Æз цæттæ дæн. Чысыл фæстæдæр цæхæртæкалгæ «Победа» тахт Дзæуджыхъæуæй Æрыдонмæ фæндагыл., Машинæйы уыдис æрмæстдæр дыууæ бæлццоны — Фаризæт æмæ Дуду. Дудумæ æппæт ацы хъуыддæгтæ кастысты фын- фенæгау. Адто йæ машинæ баурæдта Фаризæты хæдза- ры раз. Дудуйæ хатыр ракуырдта, тынг æнæвдæлон дæн, æндæра дæ уæхи онг дæр бадавтаин, зæгъгæ. Фæлæ гæ- ды ныхæстæ кодта Адто. Фæрдыгимæ фембæлдæй тарст. Æнæуи та æгæр æвдæлон дæр уыди. Стæй Элхотмæ дæр нæ цыдис, фæлæ фæстæмæ горæтмæ. Дыууæ сылгоймаджы иунæгæй куы аззадысты, уæд Фаризæт æнæ дæлæ-уæлæйæ афарста Дудуйы. — Мæ мард фенæд, раст чи нæ зæгъа, куыд дæм фæ- кастысты нæ абоны фысымтæ? — Æз фыццаг хатт уыдтæн ахæм хæдзары. Зæгъгæ, сæ мæхи цæстæй нæ федтон, уæд мæ нæ бауырныдтаид... Æвæццæгæн ма раджы заманы æлдæрттæ цардысты аф- тæ ифтонг. — Æмæ нæ ардæм чи ’рхæццæ кодта, мæ уыцы чы- сыл хæрæфыртæй та цы зæгвдзынæ? — Комбæсты аргъ лæппу мæм фæкаст, — æнæгæды- йæ загъта йæ хъуыды Дуду..— Цæрæд йæ мады фæн- диаг. — Гъе, уæдæ мæн фæнды, цæмæй уыцы комбæсты аргъ дæуæн дæр æцæгæлон ма уа. Чызджытæ бирæ ис, Дуду, стæй йын, цыма «нæ» дæр бирæтæ нæ зæгъдзæн, афтæ мæм кæсы, Гъе, æмæ дын уый зæгъын: уый 100
хъæздыг чызг миййаг нæ агуры. Уый фæнды, цæмæй ссара ахæм цардæмбал — райсом фæсмойнаг кæмæй нæ фæуа, сæ сабыр, адджын бинонты цард сын чи нæ сæ- над кæна. Гъе, уымæ гæсгæ мæ фæнды, цæмæй ма дæ чызджы амонды руаджы дæхæдæг дæр цардæй исты фенай. — Фаризæт, мæ чызджы амондыл афтæ кæй тыхсыс, уыи тыххæй бузныг. Фæлæ мæнмæ ахæм хæдзары аккаг чызг нæй. Къуылых цыфæнды хъавгæ симæд, уæддæр ын иу хатт æнæ ачепп-чеппгæнгæ нæй. Уыдон дæр аф- тæ. Æз — мæгуыр, уыдон — хъæздыг. Иу хатт ын йæ мæ- гуырдзинад йæ цæстмæ бадардзысты æмæ йын цæрæн- бонты зæрдæниз уыдзæн. — Дзуаппыл батагъд кæн, зæгъгæ, дын нæ зæгъын. Мæн фæнды, цæмæй йыл лæмбынæг ахъуыды кæнай. Сбарай хъуыддаг алы ’рдæм дæр. Æмæ дын кæд къух дæтта, уæд мын дæ хъуыды бамбарын кæнай. Уыдон хъæздыг сты, раст у, мах та, уыдонимæ абаргæйæ, мæ- гуыр, фæлæ хъæздыгдзинад цæстмæ дарын раст нæу. Мах дæр фæнды, æз æмæ дæу, цæмæй нæ цард фæрог- дæр уа, æмæ йæм тырнгæ дæр кæнæм. Уæдæ Æрыдо- нæй дыццæджы базармæ иудадзыг фæндаг цæмæн нæ- мæм? Фæлæ уый нæ къухы нæма ’фты. Адто горæты сæй- раг æфтауцдоны хицау у. Дæ зæрдийæ, ацы «пуховкæ» базары балхæдта. Куыннæ стæй. Ахæм товар, æвæццæ- гæн, райста йæхæдæг. Æмæ дзы дуканитæм иу дæр нæ бацæудзæн. Æфтауддонæй сусæгæй хаст фæуыдзысты. Гъемæ ахæм тинтычъи кæй хъухы ныссадзы, уый йæ, кæлмæрзæны аргъæй уæлæмæ, æнæ арæвдаугæ нæ фæ- уыдзæн. Æмæ ма сæ халгай кæрæдзийыл афтау, кæддæ- ра æнæхъæн тыны фаг нæ уаиккой. Мæ мард фен, кæд бирæ бонты дæсгаи минтæ нæ бакусы. Тыхæй никæмæй ницы исы. Стæй зынаргъдæрыл дæр нæ уæй кæны то- вар. Фæлæ адæм зынаргъ товарыл сæ уд хъарынц. Гъе, æмæ сын сæ къух куы ацаразы, уæд та — зæрдæлхæ- нæн. Йемæ царды дзæбæхæй цæрынц. - Фæлæ уæддæр, дæ чызджы ахæм хæдзары аккаг кæй нæ хоныс, уымæй раст нæ дæ. Кæд дæ йæ зонын фæнды, уæд Фæрдыг Адтойæ бирæ уæлдæр лæууы. Æз хъуамæ афтæ ма дзурин, Адто мæхи у, фæлæ рæстдзинады сæр- 10)
ты ахизын аив нæу. Адто фæцис астæуккаг скъола, Фæр- дыг та — институт. Мæ чысыл хæрæфыртæн дæ чызг ахуыргæнæгæн бæззы. Уымæй уæлдай дæ чызг у рæ- сугьд. Фаризæты ныхæстæ тынг фæцыдысты Дудуйы зæр- дæмæ. Уæлдай бузныг дзы фæцис, йæ дзыхы комдзагæй хъомылгонд хъæбулæй йын афтæ тынг кæй раппæлыд, уый тыххæй. Дуду сыстад йæ бынатæй. Дуары онг ра- цыд æмæ, Фаризæтмæ комкоммæ бакæсгæйæ, сдзырдта: — Ды дæ фæстæмæ къахджын хæйрæджытæй. Иу чысыл мæ мæ цæстæй ракæсын кодтай. Æз бирæ цæ- уылдæрты ахъуыды кæндзынæн. Иунæг чыздж^ мадæн рæдийыны бар нæй. Æмæ Дуду Фаризæтæй сæхимæ куы ацыд, уæд би- рæ фæхъуыды кодта æцæгæй дæр йæ сидзæр чызджы хъысмæтыл. «Афон ын у йæ амонд осарынæн. Науæд фыдбылыз сидзæртæм уæлдай æмхиц у: исчи мын мæ артыл дон ауадздзæн æмæ мæ рустæ тонгæ баззайдзы- нæн». — Дуду йæ чызджы уарзæттæн уадиссаг ницы зыдта, цæйдæр Астемыраты Алæмæты кой фæсаууонмæ цы хъуыста, æндæр, фæлæ йын йæ усгуртæй дыууæимæ базонгæ ис. Сæ иу — ленинградаг профессор Гуылæр- ты Алмахситт, иннæ та, æрæджы сæ Фаризæтимæ Дзæу- джыхъæуæй Æрыдонмæ йæхи машинæйы чи æрмидæг кодта, уыцы Алæгаты Адто. Дуду цæмæндæр ацы дыу- уæ усгуры кæрæдзийыл барæгау кодта. Дудуйы хъуыдыты рæхысы цæгтау, кæрæдзийыл бас- тæй згъордтой, Алæгаты Адтотæм Фаризæтимæ куы ба- мидæг, уæд сыл уыдон куыд рæвдзæй сæмбæлдысты, уы- цы нывтæ. Иннæ бонтæй хъауджыдæр æй уыцы бон ба- зары иунæгæй фæуагъта Фаризæт: йæхиуæттæ дæр ма Дудуйы æвджид бакодта æмæ иудзæвгар рæстæг æрба- дæлдзæх. Фæстæмæ куы æрбацыд, уæд уыд хъæлдзæг. Цал хуызон хъуыдыйы азгъордта уæд Дудуйы сæры Фаризæты тыххæй, кæд ын, миййаг, йæ зæрдæмæ æввахс кæй дары, ахæм исчи ис, гъе, та хъæуы сусæгæй цы то- вартæ фæуæй кæны, ахæмтæ самал кæнынмæ ацыд, зæгъгæ. Уæд йæ хъуыдыйы не ’рцыд, Фаризæт ыл цы хъуыддаджы тыххæй сагъуыд, уый. Фæлæ ныр гуырысхо нал кодта, Фаризæт кæй уыд Адтотæм, кæй сæ бафæ- 102
дзæхста сæ бацыды тыххæй. Фæлæ ацы хъуыддаджы нæ азымджын кодта Фаризæты. Уый фæндыд, цæмæй йæ .хæстæджытæ сæхи равдыстаиккой уæлдай рæсугъддæ- рæй. Уыдон ран алчи дæр афтæ бакодтаид. Ныр дызæрдыг нал кодта, цы зынаргъ товартæ йæм фæзыны, уыдон Адтойы руаджы йæ къухы кæй æфтынц, ууыл дæр. Æвæццæгæн ын йæхæдæг дæр æнæпайда нæу, æндæра-ма ах’æм зынаргъ тинтычъи кæлмæрзæнтæ чи лæвар кæны. йемæ, цы, кæй нæ фæнды йæ цард рæ- сугъддæр саразын. — Базар кæныныл куы фæцалх, уæ- дæй фæстæмæ йæм цард зынын байдыдта бынтон æндæр- гъуызон.' Райдианы-иу бирæтæн фæтæригъæд кодта, кæд æм æцæг æхца фаг нæй, тыхст у æмæ-иу сын уæлдай- джынтæй асламдæрыл уæй кодта йæ* дыргътæ. Фæлæ йыл Фаризæт иу хатт куы стай-тай кодта: «Хъæуы цы кæныс, уый дæ бар, фæлæ горæты æдылы митæ ма кæн», уæд ма йæм Дуду хæрам дæр фæци. Фæлæ йæ уæййæг- тæ куы ’рбауæй сты, æмæ иннæ бонтæй хъауджыдæр йæ цъындайы хъусы фылдæр гæххæттын æхцатæ куы ас- сыдта, уæд ын уыцы хъуыддаг йæ маст уайтагъддæр атайын кодта æмæ хæлар цæстæй бакаст Фаризæтмæ. Йæ зæрдыл æрбалæууыдысты йе ’фсымæр Джамбо- ты ныхæстæ: «ам æрæмных хъæуы дыууæ хъуыдда- джы: иуырдыгæй Фæрдыджы æвзонгдзинад, иннæрды- гæй та профессор Алмахситты кад æмæ намыс... Мæн фæнды, цæмæй ацы хъуыддаг сырæза дæ чызджы амон- ды тыххæй, дæхи амонды тыххæй». «Хорз уыд æмæ не сырæзт. Ардыгæй Ленинградмæ хæстæгдзинад мæрдты бæстæм хæстæгдзинадæй уæл- дай нæ уыдаид. Мæ хъæбулы ца^ссыгæй æнæхай фæуы- даид мæ мард дæр. Фæлæ уый амонды тыххæй дзуры Фаризæт дæр. Ам та тæрæзтыл барын хъæуы мæ ахуыр- гонд чызджы зонындзинæдтæ æмæ Адтойы хъæздыгдзи- , над». — Æмæ сæ абарста. Абарста нæ, фæлæ сæ фæра- бар-бабар кодта. Æмæ æрцыд æппынфæстаг ахæм хъуы- дымæ: «Фаризæт у раст. Мæ чызджы амонд ис æрмæстдæр уыцы хæдзары. Цы бакæнон, хъысмæт мын лæппу нæ радта æмæ тæссаг у, мæ амæлæты фæстæ, Æхсараты мыггагæй иу хæдзар куы федзæрæг уа. Фæлæ цы кæнон. 103
Æз ацы бæхдоны хуызæн хæдзары цыппар къулы тых- хæй уал азы мæ хъиутæ кæй фæхордтон, уый æгъгъæд нæу! Мæ иунæг чызджы та ма цы ’намонд кæнын. Уы- мæй горæт — нæ фындзы бын. Машинæтæ дыууæрдæм кæнынц. Сæрбахъуыды сахат мæ уæлхъус уыдзæн». Дуду йæ фидар фæндон Фаризæтæн куы- бамбарын кодта, уæд уымæн йæ зæрдæ хуры фарсмæ абадт. — Æгæр раджы ма цин кæн. Уый дын æз мæхи фæн- дон загътон- Чызг цы фæндтæ нывæнды, уымæн ницы зонын. Бæрæг у æрмæстдæр иу хъуыддаг—чидæр æм пи- смотæ фыста. Æз кæсын нæ зонын, фæлæ куы базыд- тон, уарзондзинады писмотæ сты, уый, уæд ыл нал æм- бæлдысты. Ныр мæ хъустыл æрцы’д ахæм ныхас, цыма, дам, писмотæ исын райдыдта скъоламæ. Цыбыр дзыр- дæй, Фаризæт, мæ зæрдæ, сау сыджыт æй бахæра, рис- сы мæ иунæджы мæтæй. — Хуыцау дæ бахизæд, — йæ ныхас баппæрста Фа- ризæт. — Риссы, риссы æхсæвæй-бонæй. Мæ чызджы мæт мæ бадомдта. Уый кар адæймаг йæ сомбоныл нæ фæ- хъуыды кæны. Денджыз ын фадхъултæм вæййы... йе- мæ мын куы фæрæдиа, уымæй тæрсын. Дæ сæр мæ йеныры хуызæн никуы хъæуы- Фаризæт Дудуйы фæндон æвæстиатæй фæхабар код- та Адтомæ. Фаризæт ын бауынаффæ кодта, цæмæй сæй- раг минæварæн равзæрстаид Габойы. Гъе, æмæ мæнæ ацы æвæджиау бон дыууæ машинæ- йы кæрæдзийы фæстæ араст сты Дзæуджыхъæуæй Æры- донмæ. Фыццаг машинæйы бадт нæ усгур Алæгаты Ад- то йæ мады ’фсымæры лæппу Пæррæстаты Габоимæ. йе ’мдзæхтйн хæлæрттæй иуы та шофырæй акодта. Абон райсомæй Адто бирæ фæлæхстæ кодта Фари- зæтæн, цæмæй бафидыдтаид Габоимæ æмæ иу машинæ- йы адыдаиккой. Фæлæ Фаризæт йæ гæндзæхтæ бацагъ- та, не сразы. Гъе, уый аххосæй цæуы Фаризæт уæзласæн машинæйы кабинкæйы Адтоиты фæстæ Æрыдонмæ. 104
II
Хурзæрины цалх ныттылд хæхты фæсчъылдыммæ. Быдырты, кæмтты изæры фæлм æрбахъæбыс кодта. Æрмæст ма бæрзонд хæхты цъуппытæ бур тæмæнтæ калдтой. Дæ бындар фæуай, хæхбæстæ, кæд цы диссаг дæ, цы! Исчи зарæг сагайæд, уый йедтæмæ йын мин-мин хъуы- таззæл хъæлæсæй фæхъырныс. Нæры зарæг. Алæмæт æм цадæг байхъуыста. Уай- тагъд базыдта Арсæгаты сидзæргæс Тъехоны фырт Мæ- хæмæты цъæхснаг хъæлæс. «Тæхуды, дæ зæрдæйæ иу къæртт!» — йæхипымæры сдзырдта Алæмæт. Куыд хъæлдзæг, куыд зæрдæрухсæй рацыд абон райсом Болататы Ирбегæй. Фæлæ йыл фæн- дагыл фембæлæд Габо йæ хæрæфырт Адтоимæ æмæ йæ сагъæсты амæттаг фæкодтой. Уый йын цыма фаг нæ уыд, уыйау ма фембæлд цæпдæр æнæзонгæ сылгойма- гыл æмæ, дам, кæд цæфæй нæ мæлыс, уæд дыи уый та— рæхуыст. Цытæ йын фæдзырдта. Ды дæр, дам, иу дæхи аккагыл сæмбæлдзынæ. йæ зæрдæмæ хъусынтыл æй фæ- кодта. Уыцы ’рхæпдæг зæрдæимæ фæзынд бæрзонд сæр- вæттæм, йæ хæлар фиййæуттæм æмæ йыл уыдон та ба- зырджын зарæгимæ æмбæлынц. Алæмæты размæ куыйтæ рæйгæ алæбурдтой. Фий- пæуттæ акастысты комы ’рдæм. Куыйтæ йæ базыдтой дардмæ æмæ йæм сæ къæдзилтæ тилын райдыдтой. 107
— Уый нæхи Алæмæт куы у! — сцин кодта Мæхæмæт æмæ «йæм ныхъхъæр кодта: — О, о, Алæмæт!!! — О-гъо-гъо!! — дзуапп радта Алæмæт æмæ сæм уæ- лæмæ скаст. Рагъы бын цы лæнкау ахаста, уырдыгæй йæм дзæбæх зындысты уæтæртæ. — О-гъо-гъой, мæнæ ма ракæс, мæнæ! — æрыхъуыст та йæм Мæхæмæты хъæр æмæ уый йæ къухты миты хуы- зæн урс-урсид цыдæр бæрзонд систа. Алæмæты бон нæ уыд, Мæхæмæты къухы цы ис, уый рахатын уый бæрц дæрддзæгмæ, фæлæ та йæм уæдмæ изæры уддзæф æрæс- къæфта Мæхæмæты дзырдтæ скъуыддзæгтæй: «...Дæ хæрз... курæг... уæрыкк». «Уæрыкк, ноггуырд уæрыкк!» — Алæмæты сæры фæ- зынд ахæм хъуыды. «Уæрыкк, ноггуырд уæрыкк, хæр- зæггурæггаг!» — фæлхатт кодтой хæхтæ, кæмттæ! Къа- латииы дуар куы фегом кæнай æмæ дзы ахст цъиу арвы тыгъдадмæ сæрибарæй куы стæха, уыйау феуæгъд Алæ- мæт дæр йё ’рхæндæг хъуыдыты ахæстæй æмæ ма йæ хъусты зæлланг кодтой æрмæстдæр Мæхæмæты дзырд- тæ: «...уæрыкк, ноггуырд уæрыкк, хæрзæггурæггаг.,.» Алæмæтæй æрбайрох йæ фæллад æмæ æррайау ный- йарц уæтæры ’рдæм. Уый ауынгæйæ бынмæ, йæ размæ згъорып райдыдта Мæхæмæт. Алæмæт уайтагъд бафæл- лад, кæд-ма йæ зæрдæ тырныдта размæ уæлæмæ, уæтæр- мæ, уæддæр йæ коммæ нал кастысты йæ къæхтæ. Иæ ныхыл; рустыл хиды фæрдгуытæ уайтагъддæр цыхцыр- джытæй ныллæууыдысты. Нал ын фаг кодта улæфт дæр. Иучысыл адаггонды сæрты багæпп кæнынмæ куыд хъавыд, афтæ йæ къахы бын дур фæбырыд æмæ, зæгъгæ, лæбырдгæрон балбæласы къалиу нæ ацахста, уæд ада- джы ^тæлфыдаид. Алæмæты фалæмæ багæпп æмæ чы- сыл къуыппæй МÆхæмæты æркаст баиу сты. Исдуг сæ дыууæ дæр дзыхълæуд фæкодтой, сæ бынæтты сæ цыма асагъдæуыди, афтæ. Уый фæстæ сæ цыдæр тых сæ кæ- рæдзимæ фæцагайын кодта. Алæмæт райста Мæхæмæты къухæй, стыр хæзнайау, ноггуырд уæрыкк, бæрзонд æй систа æмæ йæм тзбугæ- нæгау сдзырдта: — Уæдæ уый ды дæ, дæ рын бахæрон. Уый дæу тых- 108
хæй арвыстам æнæхуыссæг æхсæвтæ... Алы бон æгас цу, алы бон! Фарны къах нæм æрбавæр, хæхбæстæ дын æв- дадзы хосау тайæн уæнт. Рæз æмæ дзы цæр дæ хæлæрт- ты фæндиаг, де знæгты фыдæнæн. Мæй дзæвгар стылдис арвыл, хæрзад æхсæвæры фæстæ фиййæуттæ баныуæрзтой цæхæр. Куыйтæй иу- ты бабастой уæтæры алыварс, аннæты ныууагътой уæгъ- дæй. Миййаг сырд, гъе, æндæр исты куы ’рбахъуыза æх- сæвыгон, уæд баст куыйтæн рæйыны йедтæмæ цы сæ бон у. Фæлæ уæгъд чи вæййы, уыдон, фæдисонтау, алæбу- рынц хуыснæджы размæ æмæ йемæ самайынц мæлæт- дзаг тох. Ныртæккæ сæ тохы сæр нæ хъæуы. Алфæм- блай у сабыр æмæ уыдон дæр хуыссынц алы рæтты, сæ раззаг къæхтыл се стыр хæмхудтæ æрæвæрдтой, сæ цæстытæ æрдæгцъынд æркодтой, афтæмæй æнцад хъу- сынц, рæхысæй баст цы куыйтæ уыд, уыдоны æнæмæт рæйдмæ. Фæлæ сын дзуапп нæ дæттынц. Уымæн æмæ хорз зонынц, уыдон дардмæ кæй фæдзæхсынц хуыснæ- джы, ома фосмæ æввахс ма ’рбацу, науæд фæсмон фæ- кæндзынæ. Артæй чысыл æдтæдæр уæйлаг нымæтыл Алæмæты алыварс æрбадтысты фиййæуттæ æмæ йæм л’æмбынæг хъуыстой. — Кæс-ма, кæс, Мæхæмæт, цы ’мбаргæ каст кæны, æвæццæгæн нын нæ циндзинад æмбары. — Гъай-гъай, æрæгмæ куы цыдтæ, уæд дæм горæт- мæ писмо фыссынмæ хъавыд! Алæмæт, нæ цæстытæ дæм куы ныуурс сты, уæд нырмæ кæм дæ, зæгъгæ, — Мæхæмæт уæрыкк райста Алæмæты къухæй. — Ног- гуырд уæрьгкк у æмæ йын де ’гæр цин нæ батайдзæн... — Хорз, хорз, мæ хæдзар. Фыццаг фæдисон у? — Нæ, ис ма йын фаззæттæ дыууæ хойы. Ай знон, дæ ацыды хæдфæстæ фæзынд дунемæ. Æвæццæгæн, дæуæй фæцæстыйæ тарст. Гæрæм та ныззад дысон, фыццаг кæркуасæнтæм æввахс. Мах æй зонгæ дæр нæ ба(кодтам, цалынмæ нын райсомæй Бибо загъта: «Гæрæмы цæрæнбон бирæ уæд, «зианджынæн» бах- хуыс кодта дыууæ фаззонæй». Алæмæт исдуг ахъуыды кодта Бибойы ныхæстыл. Цæмæн загъта «зианджынæн». — Ау, нæ фæлварæнтыл не ’ууæнды, дзæгъæлы куыот сæ хоны, æмæ мын уæд 109
карзæй цæмæн фæдзæхста: «Алæмæт, æнæцæугæ дын нæй... Ам мах бар уадз. Зæфцы фыдæй фосæй иу сæныч- чы хъус дæр нæ фæхъæудзæн. Фæлæ дæ уым карз тох бахъæудзæн. Йемæ — дæ лæджыхъæд æмæ дæхæдæг- Фæндараст»... — Суанг ма йыл Бибо, уарзон хъæбулау, куыд атыхст, уый дæр банкъардта Алæмæт. Йæ дызæр- дыггаг хъуыдытæй фефсæрмы. «Нæ, Бибо ацы хъуыд- дагыл æууæнды, мæхиау, уый кары адæймагæн куыд не ’мбæлы, ахæм удуæлдай куыст кæны мемæ. Уый афтæ кæй у, уымæн æвдисæн — Мæхæмæты ны- хæстæ дæр. Дысон уыдон фынæй кодтой, Бибо та æнæ- хуыссæг æхсæв арвыста, Гæрæмы уæлхъус лæууыд! — йæ дызæрдыггаг хъуыдытæ цыма бынтондæр йæ сæрæй асурынмæ хъавыд, уыйау мидхъуырдухæн кодта Алæмæт. — Бибо афтæ, лæппутæ, ацы аз, дам, фæлварæнты зæдтаг фыстæй иу уæрыкк дæр куы фæхъæуа, уæд, дам, нæ мæлæт хуыздæр. Зонадон кусæг, дам, горæты йæ хъарм æмæ райдзаст уат ныууагъта æмæ, дам, мах тых- хæй фыдæбон кæны, адæмы фæрныгады сæраппоид, æмæ, дам, ын мах дæр хъуамæ йæ иузæрдион куысты ныфсы къабæзтæ уæм. Райсом, дам, Астемыры фырты кады мæсыг куы сырæза, уæд уын цæуылнæ хъуамæ уа æхсызгон, уыцы фидары стыр дуртæй уæ алчи дæр йæхи куы хата, уæд. Алæмæт ныл иугæр йæ сæр æрба- къул кодта, баууæндыд ныл, уæд уыцы æууæнчы аккаг хъуамæ разынæм мах не ’ппæт дæр. Иннæтæн нæ зонын, Алæмæт, фæлæ æз Бибойы ны- хæстæ бамбæрстон уайдзæфы хуызы. Хъуыддаг тæккæ къуырццдзæвæнмæ куы ’рцыд, уæд мах та æнæмæтæй ло- ло фæкæнæм. Гъе, æмæ нын Бибо, æвæццæгæн, йæ арф зондæй дардыл æмбарын кæны, цæмæй нæ бæрндзинад хуыздæр æнкъарæм. Дæхæдæг зоныс, махæн Бибоимæ нæ хуыссæнтæ кæрæдзийы фæрстæм сты. Æмæ æз би- рæ хæттыты базыдтон Бибойы йæ хуыссæнæй сыстгæ. Фæлæ уæд æз хъуыды кодтон, зæгъын, зæронд лæг, æвæццæгæп, уазалдзыд у æмæ уæдæ цы кæна. Фæлæ ныр бæлвырдæй зонын, уый æхсæвыгон фосыл кæй’ фæ- зилы, кæй сæ фæбæрæг кæны. Ахæм уæз уый кары адæй- магæн æнцон нæу. Гъе, уымæ гæсгæ мæ фæнды, цæмæй йын йæ уаргъ фæрогдæр кæнæм. 110
— Хуыд? — афарста Алæмæт. — Æхсæвы радгæсæй. Алчи дæр зондзæн йæ рад æмæ йын дзуапп дæтдзæн æмбæлтты раз. — Сæр нæ, фæлæ зонды къуыбар! — раппæлыд Алæ- мæт Мæхæмæтæй. Астемыры фырт йæхæдæг дæр иу æмæ дыууæ хат- ты нæ федта Бибойы æнафоны сыстгæ æмæ фосы алы- вæрсты зилгæ. Иу æмæ йын дыууæ хатты йæхицæн дæр уарзон фыды уайдзæф нæ бакодта: — Мæ хур, Алæмæт, хуыссæгцух лæг æрдæг лæг у æмæ махæн та уый бар нæй. Иугæр симды бацыдыс- тæм, уæд кæронмæ симын хъæуы. Дæ зæрдыл бадар райсом састы бынаты баззайæм, уый махæй иуы дæр нæ фæнды. Мæ урс зачъетæй æфсæрмы кæнын. Цæмæн мыл хъуамæ бахуда исчи былысчъилæй, ай та зæрондæй цæуыл сæрра . ис, бонкалд уæнгуытимæ цы абухы, зæгъгæ. Мæхæмæтимæ аныхæсты фæстæ дзæвгар фæхъæл- дзæгдæр Алæмæты ’рхæндæг зæрдæ. Фиййæуттæм куы бацыд, уæд сæ цыма рагæй нал федта, уыйау сæ алкæ- мæн дæр зæрдиагæй йæ къух райста. йæ цæсгом æнæ- хъæнæй дæр сыгъдис циндзинады, йæ цæстытæ цæхæр- тæ калдтой. Алæмæт йæ хъæбысмæ систа Гæрæмы фаз- зæтты. Гæрæмæн, æвæццæгæн, уыцы хабар æхсызгон нæ уыд æмæ йæ къахæй зæхх хоста, йæ фындзæй æнахуыр фуртт-фурттгæнгæ. Фиййæуттæ фысы тызмæг ахастыл бахудтысты. Цалынмæ Алæмæт ноггуырд уæрыччыты рауын-ба- уын кодта, уæдмæ чысыл бур дурыны дзаг арахъхъ æмæ фыры уырынгтæ-уырынгтæ здыхт сыкъаимæ фæзынд- Мæхæмæт. Сыкъа байдзаг кодта арахъхъæй æмæ йæ къух.Бибомæ бадаргъ кодта. Бибо райста нуазæн. Къæдз сыкъайы дзых уæлæр- дæм растдæр цæмæй лæууа, уый тыххæй йæ армытъæ- пæны ’рзилæгау кодта. — Цæй, Алæмæт, дæ сомбоны фосы фыццаг минæ- вæрттæ фæзындысты рухс дунемæ æмæ хæхты фарнæй фæдзæхст уæнт. Кæд искуы искæмæн йæ удуæлдай куыст, йæ æнæхуыссæг æхсæвтæ цин æрхастой, уæд ду- нейы фарн дæу дæр уый æмбал фæкæнæд. Дæ фосы ног 111
мыггаг Ирыстоны сæрвæттæ цы бамбæрза, цы нал ын фаг кæной æмæ бæстæйы æппæт къуымтæм, донивылдау, цы анхъæвза, ахæм амонд дæ уæд. Оммен, оммен, зæгъгæ, фæкодтой фиййæуттæ. Бибо нуазæн йæ дзыхыл сдарынмæ куыд хъавыд, афтæ изæ- ры фæлмы азæлыд Мæхæмæты хъæлæс. Фиййæуттæ йын бахъырныдтой. Зарæджы æхцонмыр зæлтæ изæры сатæг уæлдæфы дыз-дыз кодтой. Хъуыстой йæм лæмбы- нæг уæйгуытæ арæзт хæхтæ, нарæг арф кæмттæ, ныл- лæг къуылдымтæ. Фæсрагъæй, былсаст нартхоры кæр- дзынау, сзынди бурæмæдзгъуыз мæй. Тынгдæр сæрттыв- той арвыл стъалытæ- Фæрухсдæр фиййæутты уæтæр. Афтæ зынд, цыма ам цы циндзинад ис, уый хатынц æмæ йыл цин кæнынц се ’ппæт дæр. — Алæмæт, — йæ рихитæ фæйнæрдæм адаугæйæ, ба- дзырдта Бибо, — мах дыл хорз сæмбæлдыстæм, фæлæ дыл уæлæ куыд сæм<бæлдысты, уый ма нын лыстæггай радзур. Фиййæуттæ дæр æмæ Алæмæт дæр хорз æмбæрстой, Бибо цавæр уæлæйы кой кæны, уый. Гъе, æмæ сын Алæ- мæт дæр райдыдта уырдыгæй. Лæмбынæг сын радзырд- та, партийы обкомы фыццаг секретарь Болататы Ирбе- гимæ фембæлды сæм цы ныхас укд, уый. Фиййæуттæ хъуыстой Астемыры фырты ныхасмæ æмæ-иу æхсызгонæй сулæфыдысты... Астемыры фырт скодта йæ раздæры къухдариуæггæнæг профессор Æр- чъеккаты Хъазмæхæмæт æмæ партийы обкомы инструк- тор Пæррæстаты Габойы кой дæр. Æрмæст Алæмæт нæ загъта, Ирбег ын йæ куыстæн цы стыр аргъ скодта, уый. Фæлæ йæ фиййæуттæ æнæуи дæр æмбæрстой. Зыд- той, Алæмæт йæхи кой кæнын кæй нæ уарзта, уыцы хабар. — Æнхъæл дæн, лæппутæ, нæ хъул сах бады. Иугæр Болатайы фыртйæхæдæг загъта фосæн æмбæлон скъæт- тæ саразыны тыххæй, уæд дзы Хæбæлаты Æнзорæн къахатилæн нал ис. Фиййæуттæ цымыдисæй æнхъæлмæ кастысты ’æмæ ныр Алæмæт æхсызгон хабæрттимæ куы ’рбаздæхтис, уæд сын сæ циндзинадмæ сабыргай æрбахъуызыдис хуыссæг æмæ дзы бирæтæ æхсызгонæй сæ ком ивазын 112
райдыдтой. Куыствæллад фиййæутты уæнгтæ домдтой адджын фынæй æмæ иугай сæ хуыссæнтæм сæхи истой. Абоны даргъ фæндаджы фæстæ Алæмæты дæр фæн- дыд æрулæфын. — Хæдæгай, Алæмæт! — сабыргай йæм сдзырдта Мæхæмæт. — Абон дæм Хъызыл цæйдæр писмо æрба- хаста. Алæм-æты зæрдæ фестъæлфыд, йæхи къултыл ных- хоста. Ныхмæлæууæг хъуыдытæ фæфæдис сты сæрмæ. Цæстытыл ауадысты йæ абоны балцы нывтæ, Пæррæс- таты Габо æмæ уыцы цавæрдæр усгур Адто, уый фæстæ та уыцы къæйных сылгоймаг... Йсдуг цы акодтаид, уы- мæн ницы зыдта. Йæ къухтæ андзыгау сты... Мæхæмæт ■афтæ фенхъæлдта Алæмæт писмо агуры æмæ йæ нæ ары. — Дæ разы йæ дæ нывæрзæн куы сæвæрдтон. — О, мæнæ йæ ссардтон! — дзуапп радта Алæмæт, цыма уæдæй нырмæ æцæг писмо агуырдта, уыйау æмæ йæ къухмæ райста æнæзонгæ писмо. Цыдæр æнахуыр тас ын йæ зæрдæйы уагъта Мæйрухсмæ зын рахатæн уыдис къухфыст.'Уъшæ гæсгæ йæ кусæн къуыммæ ба- дыд, ссыгъта фæтæгены цырагъ. Æркаст писмомæ æмæ йæ зæрдæ ныддыз-дыз кодта æгасæй дæр. Уый уыд, аф- тæ бирæ, афтæ æнувыдæй кæмæ æнхъæлмæ каст, уыды Фæрдыджы писмо. Цы уац ын хаста, уый нæма зыдта, фæлæ йæ дыууæ къухы армытъæпæнтæй балхъывта. «Æппынфæстаг фæзындтæ, мæ зынаргъ...» Алæмæт хъавгæ бакодта конверт æмæ писмойы рæн- хъытыл йæ цæст куы ахаста, уæд базыдта, писмо ризгæ къухæй фыст кæй æрцыд æмæ йын æхсызгон хабæрттæ хæй нæ хæссы, уый. «Мæ риу цы сусæг фæад æвдæрзы, Цы низæй у мæ зазрдæ дзаг, Гъе уый ныр нал комы æмбæхсын, Æддæмæ агуры фæндаг». Хъуыдытæ, хъуыдытæ, æрхæндæг хъуыдытæ, масты дзæкъулау, ныррæсыдысты рыст зæрдæйы, нал цæуынц сæры магъзы. Æххормаг, зыд бирæгъау мæм лæбурынц, се стæгдар къухтæй мæ хурх кæнынц. Хъуырдухæн кæ- $. Хацырты С 113
нын семæ, фæлæ хивæнд сты уыдон. Уисæн нæ кæнынц. Тухæнæй мæ марынц æмæ æрвитын фыдæхсæвтæ. Æмбисæхсæв фæбонырдæм, фæлæ уæддæр æз удæн- цой нæ зонын. Цæстытыл уайынц, кæддæр мын, рæ* сугъд фынтау, зынаргъ чи уыд, ныр та иунæг сæ мысгæ- йæ дæр зындоны арты судзæгау кæмæн кæнын, уыцы ивгъуыд бонтæ. О, тæхуды, æмæ сæ рæстæгмæ уæддæр куы фервæзин... Цас радтин ныртæккæ æз, мæ сусæг хъуыдытæ кæуыл æууæндыдтæн æмæ сæ кæмæн дзырд- тон, уыцы уарзон Терчы был иунæгæй абадыныл. «Зынаргъ Алæмæт, æз зонын, нæ кæнын раст, ды ныртæккæ дæ жъухтæм æмхасæнтæ куы кæныс, уæд дæм кæй фыссын ацы зæрдæриссæн писмо, уымæй. Фæлæ мын ныххатыр кæн. Архайдтон мæ мастыл фæуæлахи- зыл, фæлæ мæ бол нæ баци. Æгæр бирæ сты мæ ных- мæлæуджытæ. Уымæй дæр — сæ иуæй иннæ хиндæр, сæ иуæй иннæ мæнгарддæр. Сагъуыдысты мæ мадыл, са- йынц æй, фæливынц æй. Бонæй дыл бон фыддæр ха- хуыртæ мысынц, сæхи амондгурты та фырæппæлдæй уæ- ларвмæ исынц. Мæ мад нырмæ быхста, фæлæ мын ныр дæу тыххæй хъыцъы дæттæ баназын кодта. Дæ кой æмæ йын уæнгæл иу ад кæнынц. Гъе, уый адыл самадта мемæ тох. Тыпг архайы, цæ- мæй мæ ракæсын кæна мæ цæстæй. Фенон дæ, ды, мæ зынаргъ, цы дæ, уый кæн пæ дæ, фæлæ цавæрдæр тæс- саг адæймаг, маргджын калм. Æрмæстдæр иунæг дзырд дæ сæрыл зæгъон, уый йедтæмæ зæрдæхъæрмттæ райда- йы. Агуры сусæг-æргомæп йæ чызгæн æндæр амонд... Æрмæст ды ма у, уый йедтæмæ цæттæ у мæн цæхæр арты баппарыпмæ дæр...» Фæрдыг йæ писмойы лыстæггай æрхабар кодта йæ курджыты — ленинградаг профессор Гуылæрты Алмах- ситт æмæ уый размæ та Алæгаты Адтойы лидзæг куыд фæкодта... Адтойы коймæ Алæмæты зæрдæ цыдæр фелхыскъгæ- яæгау кодта. Писмо иннæрдæм рафæлдæхта. Æркаст ын йæ копвертмæ дæр. Æртæ къуырийы размæ æрцыди фыст. Алæмæтмæ æрбахауыны размæ уыд горæты... Коп- вертыл Алæмæты сыхæгтæ бафыстой ног адрес Сагго- мы хъæу, зæгъгæ- 114 1
«Пæррæстаты Фаризæт — Адтойы мады хо та æппып уисæн нал кæны. Дыдынбындзау мæ мады хъусты æх- сæвæй^бонмæ гуыз-гуыз кæны’ Адтойæ хуыздæр Иры зæххыл гуырд нæй, зæгъгæ. Айфыццаг сын сæ хæдзармæ бахуыдта мæ мады дæр, æмæ цыма мæ мады дæр тынг фæнды, афтæ мæм кæсы...» Гъæ, мæнгард Адто, уæдæ Фæрдыджы дæхирдæм фæкæнынмæ кæй хъавыс, уымæн мыл ныффыстай ахæм хахуыртæ дæр. Уæдæ уымæн афтæ дзырдтай абон <дæр «куы йæ зонид, кæдæм цæуæм, уый, уæд нын рæствæн- даг пæ, бæрзæйсаст фæут зæгъид». «Дзырд дæр ыл нæй, уыдон абон Пæррæстаты Га- боимæ усгур кæй цыдысты Фæрдыгмæ»,—ахъуыды кодта Алæмæт. — О, фæлæ кæд аны хъуыддаг Фæрдыгæп фæн- дон нæу, уæд æм цæмæ гæсгæ цæуы уыцы Адто дыккаг хатт усгур. Æмæ йын кæд фæндон у, уæд та цы нысан кæны йæ писмо? Фæдфæливæн? Нæ, алцы дæр мæ ба- уырндзæн, фæлæ, зæды цъиуау, сыгъдæгзæрдæ Фæрды- гæй никæд. Ам æндæр цыдæр дæлгоммæ хъуыды ис... Æвæццæгæн, мæгуыр зæронд усы бонкалд Адто бакуырм °кодта йæ хъæздыгдзимадæй. Гъе, æмæ сфæнд кодтой Фæрдыджы мад æмæ уыцы æнаккаг Фаризæт хъуыддаг тыхæмхасæнтæй бакæнын.-. Мах рæстæджы уый сайраг хъуыддаг у, фæлæ, хъыгагæн, нырма .æмбæлæм ахæм цæлхдуртыл. Алæмæт бамбæрста Фæрдыджы уавæр æмæ фырмæс- тæй ныккæрзыдта. Йæ цæстытæ писмойыл андæгъдыс- ты, зыдæй йын кастысты йæ алы дамгъæ дæр. «Фæдис, фæдис, Алæмæт, цард æмæ мæлæты ’хсæн цы æрдуйы хид ис, ууыл дзедзылой кæны, дæ рухс амопд кæй хуыдтай, уый. йæ тыхсты сахат дæм æххуысæн- хъæлцау йæ къухтæ дары. Фæзын æм, ма йæ бауадз сæфын! Дæ рыстзæрдæ Фæрдыг». Писмойы рæнхъыты хицæн дзырдтæ, дыгай-æрты- гай дамгъæтæ, тар цъæх мигъау, зындысты Алæмæтмæ. Уый нырма ныр бамбæрста, уыцы дамгъæтæ кæй хуы- дуг кодтой Фæрдыджы цæссыджы. Алæмæт исдуг фыр- адæргæй цы акодтаид, уымæн ницы зыдта. • Æвиппайды ферттывта арв, ныннæрыд. Алæмæт фес- 115
тъæлфыд. Уый Фæрдыджы писмо ахæм арф сагъæсты ныппæрста æмæ нæ базыдта рæсугъд мæйрухс хæххон æхсæвы арвыл ирд стъалыты ’хсæн куыд фæзынд сау мигъы бындзыг æмæ фæдисæй куыд аныхъхъуырдта арвы сатæг риу. Цыма арвы дуар фегом, уыйау сæх- сæхæй ныккалдта къæвда. Арвы ферттывды-иу ауыдта, фос кæрæдзиуыл куыд ныттыгуыр сты, уый. Иу афон фиййæутты куыйтæ бæстæ сæ сæрыл хас- той сæ фæдис рæйдæй. — Бирæгътæ! — Алæмæты хъустыл ауад Бибойы хъæр æмæ топпы гæрæхтæ. Алæмæт рагæпп кодта æд- тæмæ. Исдуг рухсæй мæйдармæ кæй рахызт, уымæ гæс- гæ йæм бæстæ саудалынг фæкаст. Бибойы фæдисмæ ра- гæппытæ кодтой иннæ фиййæуттæ дæр æмæ хæххон æрдзы хъæбыс байдзаг сæ фæдисы хъæрæй. Мæхæмæт феуæгъд кодта рæхысæйбаст цалдæр куыдзы æмæуыдон, æм’бугæнгæ, сæхи аппæрстой уæтæры чъылдымы ’рдæм. Æрбайхъуыст уайтагъд сæ хъуыргъуындæг. Фиййæуттæ æрлæууыдысты уæтæры алыварс æмæ, се стыр лæдзджытæй кауы михтæ цæвгæ, сырд тæрсыны.. хъæртæ кодтой. Куыйтæ сæ рæйынæй не ’нцадысты. Бон дзир-дзур кодта, афтæ банцад уарын. Арв та, сæгъы цæстау, ирдæй разынд. Куыйтæй бирæтæ, сæ къæ- дзил тилгæ, фиййæуттыл узæлыдысты. Æрмæст, фий^ йæуттæ сæ куьгйты ныфс æмæ æхсар кæй хуыдтой, уьгцы уæпыджыйас Мила нæ зынд. Мæхæмæт æм цалдæр хат- ты ныкъкъуыззитт кодта, сидтис; æм, фæлæ Милазынæг нæ уыд. Дзæбæх æрбарухс. Фосы зианæй сыл ницы ’рцыд, æрмæст иу къуыбырхъус куыдзæн йæ хъуыр тынд уыд æмæ-иу рæстæгæй-рæстæгмæ схъуыр-хъуыр кодта. — Иннæтæй уæлдай та дзы дæумæ æрхаудта ацы хатт дæр, Хъусой! — цыдæр сæрдæн къопп æмæ хæцъи- лы гæппæл йæ къухы, афтæмæй йемæ ныхас кæныныл схæцыд Бибо. Куыдз йæ хъыс-хъысæй не ’нцад, фæлæ- иу уæддæр йæ къæдзил дæр батылдта. Бибо хæцъил æрæсæрста арсы сойæ æмæ дзы куыдзы тынд хъуыр æн- гом бабаста. — Ма хъуыр-хъуыр кæн, ницы дын уыдзæн, фæлæ дæ фарон уыцы арсы лæппын куы æртъæппытæ кодта, уæ- по’
дæй фæстæмæ тæппуд кæнын байдыдтай. Уый афтæ кæд нæу, уæд ам цы ми кæныс? Цæуылнæ дæ, арсы бынæй дæ чи фервæзын кодта, уыцы хъæбатыр Милайы фарс- мæ. Цæмæн æй ныууагътай иунæгæй æмæ, тæппуд тæр- хъусау, цы ’рбамидæг дæ ам? — Лæппутæ, иутæ уæ фос рауадзæнт, иннæтæ æр- кæсут æмæ фенут, сырдты фæд кæцырдæм ахаста, уый. Уыцы куыдз æнæаххосæй æнæзынгæ нæу. Бирæгътæ æмæ куыйты фæд ацыд, фæсуæтæр цы хъæды æрдуз уыд, уыцырдæм. Мæхæмæт æмæ Алæмæт сæ разæй, афтæмæй фий- йæуттæ уадысты размæ, куыйтæ æмæ бирæгътæ хылгæн- гæ цы рæттæ сызмæстой, уыцы фæдыл. Иу ран фесты дыууæ дихы. Иутæ дзы æрдузы ’рдæм уадысты, иннæтæ — бынмæ, коммæ. Бирæгъ, æвæццæ- гæн, куыйтæ мæ æвыдæй нал ныууадздзысты куы базыд- та, уæд йæ хыл фæуагъта æмæ сæрсæфæн айнæджы сæ- рæй фатау атахт йæ фаллаг фарсмæ. Куыйтæ ма ардык- каг фарс сæ мидбынат арауай-бауай кодтой æмæ стæй фæстæмæ æрбаздæхтысты. Дыккаг къорд — æрдузы ’рдæм чи сарæзта йæ ных, уым зынд цыппар фæды. Иу бирæгъ, дыууæ куыдзы æмæ иу фысы фæд. Иу къудзийы фарсмæ, йæ къубал хауд, афтæмæй дзагъырцæстæй адæргъ дыууæ фаззон уæрыччы мад Гæрæм. Фиййæуттæ исдуг цавддуртау фесты, иннæ фо- сæй уæлдай Гæрæм бирæгъты амæттаг кæй фæцис, уый тыххæй. «Æмæ кæм сты йæ дыууæ фаззоны та?» — кæ- рæдзимæ фæрсæджы каст бакодтой фиййæуттæ, фæлæ сæ ничи ницы сдзырдта. Алæмæт æрхæндæг зæрдæимæ æрдзуццæг кодта Гæ- рæмы цур. Фиййæуттæ схызтысты ныллæг обаугонды сæрты æрдузмæ. Æвиппайды ауыдтой Милайы. Фиййæутты уынгæ- йæ, чысыл йæ гуырыл схæцыд. йæ быны дæргъæй-дæргъ- мæ, зыхъхъырдæндагæй æмæ йе ’фсæрыл йе ’взаг фæр- сырдæм фæлдæхтæй уыдис стыр бирæгъы мард. Фиййæуттæ уæтæрмæ куы ’рбацыдысты, уæд иууыл- дæр бамбæрстой, Алæмæты кусæн къуымы дуар гом кæй уыд. Бамбæрста Алæмæт йæ рæдыд. Бибойы фæдисмæ 117
фыр тагъд-тагъдæй куы агæпп кодта, уæд адæргæй дуар гомæй <кæй фæуагъта. Уый нæ, уæд афонмæ, знон изæр сын уый бæрц ниндзинад чи ’рхаста, уьщы Гæрæм уаид йæ дыууæ фаззон хъæбулы цур æмæ сæ рæвдауид ный- йарæджы цинтæй. Уыдон та дыууæрдыгæй балæууы- даиккой сæ мады фæччытыл æмæ йын сæ сæ чысыл мылытæй, стъæпгæнгæйæ, æхсызгонæй дæиккой. — Ныр та, — æнкъардæй сæм бакаст Алæмæт, — мæхи хуызæн сидзæр. Дыууæ фаззоны иу къуымы лæууыдысты, кæрæдзи- йыл баныхæсæгау кодтой æмæ сæ буар æмризæджы рызт, æвæццæгæн, уарыны фæстæ ирдгæйы суазал сты. - Алæмæтмæ афтæ фæкаст, цыма уыдон фаззон сидзæр уæрыччытæ не сты, фæлæ йæхæдæг æмæ Фæрдыг. Ба- цыд сæм æмæ сын сæ чысыл сæртыл йæ къух рæвдау- гæ æрхаста. Уæрыччытæй иу Алæмæты къухы æнгуылдз ацахста æмæ йæ зыдæй дæйын райдыдта. Аннæ, йæ га- лиу къухы цы гæххæтт уыдис, ууыл 'Эерхæцыдис æмæ йыл йæхирдæм ахæцæгау кодта. Алæмæт æм фæкаст æмæ йын гæххæтт йæ дзыхæй раокъæфта. Уый нырма ныр фæхатыд, Бибойы фæдисы рæстæджы дæр писмо йæ къухы кæй уыдис. Писмойы рæнхъытæ йæ цæсты- тыл ауадысты: «...Цард æмæ мæлæты ’хсæн... Фæдис! Фæдис, Алæ- мæт!» Фиййæуттæ исдуг джихæй кастысты Алæмæтмæ. Райдианы афтæ æнхъæлдтой, зæгъгæ, Алæмæт Гæрæмыл мæт кæны, фæлæ сидзæр уæрыччы дзыхæй писмо фæди- сы скъæфт куы акодта, уæд бамбæрстой, цыдæр маст- хæссæг писмо кæй райста, уый. Бибо фиййæуттæн загъта, зæгъгæ, фосы кой бакæ- и\т. йæхæдæг бацыд Алæмæты цурмæ. — Алæмæт, цы ’рцыди, уымæн хос нал ис, сидзæр уæрыччытæ æххормагæй тæригъæд сты. Алæмæт йæ дынджыр цæстытæ базылдта Бибомæ. Уыдон сæ тæккæдзаг уыдысты маст æмæ сагъæсæй. — Цы кæныс, мæ хур? Ацы мастæй дарддæр ма ис- ты?.. — хъавгæ йæ бафарста Бибо. Алæмæт йæ галиу къухы армытъæпæны тынгдæр балхъывта Фæрдыджы писмо æмæ æфсæрмы азарæн 118
ссудзæгау кодта. Нæ йæм каст раст, фыдау кæй бауарз- та, фыды цæстæй йæм чи каст, уыцы фарны хистæрæн йæ зæрдæйы хъæдгомы хабар, йæ мидхъуырдухæнтæ раргом кæнын. Исдуг дыууæ дæр хъусæй алæууыдысты. — Бибо, ныххатыр мын кæн... Дыууæ азы дæргъы дæуæй мæ цард æмæ мæ куысты никуы ницы басусæг кодтон, æппæт дæр зоныс. Иу цыбыр дзырдæй, дæуæй хуыздæр мæ ме ’мкар хæлæрттæ дæр нæ зонынц. Бам- бæхстон дæ æрмæстдæр... — Мæ хур, Алæмæт, уый дæр æмбæхст нæу, — йæ мидбыл гæзæмæ бахудт Бибо. Махæй алчи дæр уыд æв- зоиг. — Йемæ тынг зын уавæры дæн. Фæцыд фæдис, фæ- лæ æххуысмæ фæзынын мæ бон нæу. Фæлварæн кæуыл кæнæм, уыдон—сæ тæккæ зайыныл. Æмæ æз та... — Алæмæт, кæд фæцыдис фæдис æмæ дæм исчи æх- хуыс æнхъæлцау йæ къухтæ дары, уæд ма дæ цы тых уромы ам? Цы ахсджиаг хъуыддаджы фæдыл дæ ам, уымæн дын аккаг аргъ чи кæны, ахæм адæймаг дæ нæ батыхсын кодтаид. Фæцыд фæцис! — Фæзын æххуысмæ. Кæд дæ æх- хуысæмбал хъæуы, фиййæуттæй алчи дæр цæттæ у уæд дæу тыххæй йæхи доны ныппарынмæ. Ам дæ зæрдæ ма- цæмæ æхсайæд. Зæфцы фыдæй зиан не ’руадздзыстæм. Мæхæмæт дыууæ авджы хъуыры сывæдæгтæ конд, афтæмæй сæ æрбахаста Гæрæмы сидзæртæн. Куыддæр сын сывæдджытæ сæ мылытыл авæрдта, афтæ зæрдиа- гæй райдыдтой æхсыр дæйын. — Ахæм лæппуйы цур сидзæр уæрыччытæн дæр ма- цæмæй тæрс! — Мæхæмæты ’рдæм ацамонгæйæ, загъта Бибо æмæ йæ дзыппæй чыссæ сласта. — Мæнæ ам дыу- уæ мин сомы æхца... Мæн ныртæккæ сæ сæр нæ хъæуы... — Цытæ дзурыс, цытæ дзурыс, Бибо, нæ райсдзы- нæн, уанцон нæу! — ныфсæрмы бынтондæр Алæмæт. Мæхæмæт сæм сусæгæй йæ хъус дардта, афтид æвг- тæ уæрыччыты цур зæххыл авæрдта, æмæ уый дæр Алæ- мæтмæ йæ къух бадаргъ кодта. — Алæмæт, мæнæ ма дып цыппарыссæдз туманы. Мæн дæр ныртæккæ сæ сæр нæ хъæуы. Кастюмæн сæ 119
æмбырд кодтон. Фæлæ мæ Хъызлары быдыртæ æнæ- кастюмæй дæр айсдзысты. — Бибо, Мæхæмæт, æхцайы сæр дзы ныртæккæ ни- цæмæн хъæуы. — Айс сæ, уæз дыл нæ кæнынц, — загъта Бибо æмæ Мæхæмæты æхцатæ дæр йæ къухмæ райста. — Кæд дæ сæ сæр нæ бахъæуа, уæд нын сæ фæстæмæ ратдзынæ-— Бибо æхцатæ ныссагъта Алæмæты къухы. Сидзæр уæрыччытæ фæхъæлдзæгдæр сты æмæ фий- йæутты цурмæ æрбадыдысты. Чысыл фæстæдæр фиййæуттæ фæндараст кодтойг Алæмæты Æрыдонмæ. * * * Уарыны фæстæ уæлхæдзарæй зивæггæнгæ цы иугай æртæхтæ фæлæдæрсы, æмæ исты фанерæ, гъе; тасмачъи- йы гæппæлыл чи фæтæдзы, уыдонмæ лæмбынæг куы хъусай, уæд æнæрахатгæ нæ фæуыдзынæ къуырмагонд æнгæс зæлтæ. Цыма мæнæ афтæ фæдзурынц: «дам-дум, дам-дум». Гъе, æмæ ахæм къуырма зæлтæ бахъуызыд Æрыдоны астæуккаг скъоламæ Фæрдыгыл. Фыщцаг бонты сæ чидæртæ сæ кæрæдзийæн хъавгæйæ, æгæр фæ- цæхджынæй тæрсгæйæ, дзырдтой: «Дам, Фæрдыг, дам...» Фæлæ уый фæстæ куы базыдтой, дам кæцæй равзæрд, чи йæ æрбахаста скъоламæ, уый зын сбæрæггæнæн у> уæд æй уæндондæрæй райдыдтой дзурын: «Гъе, бастъæла Дудуйы хъал чызг Фæрдыг, кæд йæ сидзæргæс мады цæуыл фæхудинаг кодта. Кæйдæр хæлд нæлгоймагимæ, дам, лæг .æмæ усы цард кодтой. Уæдæ...» Гъе, æмæ-иу дам-думгæнджытæ райдыдтой дзурын: «Уый афтæ куынæ уаид, уæд ма дæ Гуылæрты номхæс- сæны профессор Алмахситтæй хуыздæр усгур цы хъæ- уы. Фæлæ йæ ской дæр нæ бауагъта». Дам-думгæнджытæ-иу скодтой Алæгаты Адтойы кой ’дæр. Уый кæд, Алмахситтау, профессор нæу, уæддæр сæрæн гуырд у. йё ’хцайы æфтиæгтæй ма йæдардхæс- тæджытæ дæр хайджын сты. Фæлæ уый та йæ минæ- вæрттимæ хъиладзагъдæй фæтардта. Цæвиттон, Габо æмæ Адто Æрыдонмæ куы ныххæц- 120
цæ сты, уæд Адто сфæнд кодта, уæддæр хъæбатырдæр цæмæй уа, уый тыххæй иу чысыл аназын. Стæй нæ уæд- мæ кæд Фаризæт дæр æййафид, зæгъгæ. Фæлæ Габо нæ бакуымдта хæрæндонмæ. Афтæ æрра нæу æмæ, усгуры минæвар уæвгæйæ, хуымæтæджы хæрæндæтты йæ ах- сæн, карчы фыд æмæ уæливыхты бæсты, стуры къуы- дырфых дзидзайæ дзаг кæна. Габойы цæстытыл уади х’орз минас. Адто та иннæрдæм хъуыды кодта, зæгъгæ, дзы кæд цыфæнды м-инас уа, уæддæр мын чызджы ма- ды цæстмæ мæхиуыл цы æнæхæцгæ уыдзæн æмæ миййаг хъуыддаг æнафонтæм куы ныддаргъ уа, уæд æххорма- гæй баззайдзынæн. Ноджы йын Фаризæт бафæдзæхста: «Лæппу, дæ хъæндзинад дын зонын, куы баирвæзыс хæрд, нозтмæ, уæд’бæрц нал фæзоныс æмæ тæссаг у, чызджы цæсты дæхи куы бафтауай». Ракодта йын, Ду- дуйы ленинградаг сиахсаг Гуылæрты Алмахситт, иу чы- сыл анозты фæстæ куыд скарк ис, уыцы хабар дæр. «Дуду ирон æгъдæуттыл фидар хæст у æмæ дзæгъæ- лы æхсидтытæ нæ уарзы», — балхынцъ кодта Фаризæт. Гъе, æмæ, Фаризæты ныхæстæ зæрдыл даргæйæ, ра- гацау зыдта Дудутæм хор-доны хъæстæ йæхи кæй нæ фæкæндзæн. Уьшæн дæр ма, чи зоны, быхсид, фæлæ йæ мардæрцыд уый у, æмæ иу чысыл йæ ахсæн афтид куы аззайы, уæд ын фæдисы хъæр райдаиы. Афтæ, æмæ йæ хъуыр-хъуыр æдтæмæ дæр фæхъуысы. Къамбецы æх- хормаг родау ын фæуасы раст. Адто фæмидæг хæрæндоны. Буфетгæсæн загъта: иу цайцымæн ма мыи сæ тæккæ карздæртæй авæр. — Табуафси, æфсымæр. Цы дæ зæрдæ зæгъы, коньяк, уырыссаг арахъхъ æви перцовкæ? — Столичнæй. Буфетгæс дзаг агуывзæ чысыл тæбæгъы æвæрдæй Адтойы размæ иуварсырдæм æрбассонæгау кодта. — Æххæст ма мын уæртæ уыцы дзидзайы кæрдих дæр авæр! — ацамыдта Адто, буфеты авгæй йæм цы къуы- дырфых дзидзатæ зындис, уыдонæй иу дзæбæхгомау хаймæ. Адто уыцы иу калд бакодта йæ дзыхы цайцымæны дзаг арахъхъ æмæ дзидзайы хаимæ æрæвæрдта зæр- диагæй. Уайтагъд йæ уæлхъус æрбалæууыд Фаризæт 121
^емæ йыл стайтай кодта, дыууæ къахдзæфы фæстæ бы- наты куы уыдзыстæм, уæд цы хæрæндæтты хъеллау кæ- ныс, зæгъгæ. Адто йын йæ хъусы бадзырдта: «Айфьщцаджы фем- '<5æлд мын мæ астæуыстæг асаста æмæ кæд ныфсджын- дæр уаин, зæгъын». — Тыхсгæ ма кæн, мæ дзæбæх хæрæфырт. Астæусаст ныртæккæ йæхæдæг у. Айфыццагау схъæл ныхæстыл пе схæцдзæн... Адто бæлвырдæй ницы зыдта, Фаризæт цæмæн ахæм ныхæстæ кæны Фæрдыгæй, уый тыххæй. Зыдта уый, æмæ Фаризæт иугæр сфæнд кодта, уæд цалынмæ йæ фæнд сæххæст кæна, уæдмæ фæсфæд нал алæудзæн. Гъе, æмæ Адтойы та ныртæккæ сæйрагдæр уый хъæуы. 'Фæрдыг йæ къухы бафтæд, æрмæстдæр Фæрдыг. Куы- дæй, уый Адтойæн хъауджыдæр нæу. Хур ныгуылæнырдæм акъул, афтæ Дудуты хæдзары ’бæркадджын фынджы фарсмæ бадтысты Габо, Дудуйы сыхæгтæй иу æртæ лæджы. Дуду Фаризæты дæр бадын кодта, фæлæ марадз зæгъ, уый ацы хæдзары йæхи ^уа- зæг нæ хуыдта. Куатæ йæ разыл æрбаста æмæ Дудуйæн æххуыс кодта фынг тагъддæр ацæттæ кæнынæн. Нæ бакуымдта бадын Адто дæр. Уый къæсæргæрон рахиз къуымы сдаргъи æмæ, дуарыл æдтæмæ-мидæмæ чи хызт, уыдонæн рæстæгæй-рæстæгмæ æфсæрмгъуызæй, сæры уæздан фæкъулæй салам лæвæрдта. Хаттæй-хатт- иу Фаризæт йæ цурты куы ’рбанæйхаста фынгмæ: æхцон тæфкалгæ фых карк, гъе, уæливыхтæ царвы ленкгæнгæ- йæ, уæд-иу Адтомæ йæ цæст æнæрныкъулгæ нæ фæци. Цыма йын афтæ дзырдта: «Зонын дын дæ ахсæны хабар, фæлæ быхс, æгъдау дæ æрцахста- Æнæуи та тæрсгæ ма кæн. Дудуйы рæсугъд чызгæн къах атилæн нал ис». Миыас уыд йæ тæккæ тæмæны. Басырхуадул Габо, бахъæлдзæг сты сыхæгтæ дæр. Фæлæ уазджытæ сæ цы- ды сæр нæма дзурынц. Чызг хæдзары нæй, райсомæй скъоламæ ацыд æмæ уымæ æнхъæлмæ кæсынц. Ацы æвæджиауы минасмæ бынтон æнæнхъæлæджы æрбахаудта Ардасенты Бимболат. Абон сабат бон у. Райсом скъолайы фæсивæд ацæуынмæ хъавыд хæхты ’рдæм, цæмæй, Ирыстоны топографион картæ саразыны 122
тыххæй сæ размæ цы хæс сæвæрдтой, уьий дарддæр ахæц- цæ кæной. Фæрдыджы хъустыл экскурсийы хабар куы ’рцыд, уæд Бимболаты афарста: — Уæ къорды уæнгтæй дарддæр фæрсаг адæймаг нæ уадзут? — Табуафси, æгайтма дæ, цæргæсау, цъитийы цъуп- мæ стæхын æрфæндыд. — Æцæг дæ фæрсын! — загъта йын Фæрдыг. — Зын дын уыдзæн. Уæззау фæндаг у хæхтыл, къæдзæхтыл... Къорды, иу-дыууæ чызджы куы нæ ныма- пæм, уæд иууылдæр лæппутæ сты. Æмæ уыцы дыууæ чызджы дæр къæдзæхтыл нæ фæхилынц. Ныууадзæм сæ бынæй искуы лæнчы, цæмæй нын не ’рцыдмæ хæринаг сцæттæ кæной. — Йемæ ма сын æз дæр æххуысæмбал фæлæудзы- нæн. Бимболат æркаст Фæрдыджы бæрзонд-зæвæт туфли- тæм. Фæрдыг æй бамбæрста æмæ йын афтæ бакодта: — Уыдоныл ма тыхс. Ис мын уымы аккаг къахыда- рæс дæр. Афтæ баныхас кодтой Бимболат æмæ Фæрдыг рай- • сом æхсæвыцъæхæй экскуроийы ацæуыныл. Бимболат ра<цыд сæ хæдзармæ, цæмæй йæхи срæвдз кæна балцы. Фæрдыг та баззад фæсивæдимæ. Уыдонæн æхсызгон уыдис, Фæрдыг райсом семæ кæй цæуы экскурсийы, уы- цы хабар фехъусын æмæ йемæ ныхас кæныныл схæцы- дысты. Къорды у&нгтæ йын лыстæггай æрдзырдтой, уы- мæй размæйы экскурситы цы диссаджы рæстæг арвыс- той, уыдæтты тыххæй. Ныхас сайдта ныхасы. Фæрдыг сæм цымыдисæй хъуыста æмæ æнафонтæм баззад скъо- лайы. Бимболат та йæм фæзынд сæхимæ, цæмæй йæ бафæ- дзæхстаид, хаттæй-хатт бæрзонд сæрвæттыл — рæгътыл кæй фембæлыиц фиййæуттимæ. гъе, та геологон разсга- рæг кусджытимæ. Уыдон кæй фæцымыдис кæнынц би- рæ цæуылдæрты,. Гъе, æмæ, чи зоны, Фæрдыг литерату- рæйы ахуыргæнæг у, зæгъгæ, уый куы базоной, уæд æй миййаг фæрсынтыл куы схæцой. Гъе, æмæ цæмæй ма фæтыхса, уый тыххæй йæ афæдзæхсынмæ æрбауадис. Æмæ æнæпхъæлæджы минасы смидæг. 123
Уæвгæ Фæрдыг та хъуыды кодта афтæ: «Хæхбæстæм цæуæм. Чи зоны, æмæ Алæмæты фенон». О, цас радтаид ныртæккæ Алæмæты иунæг фендыл. Дам-думтæ йыл бо- нæй-|бонмæ цас базырджындæр кодтой, уый бæрц тын- гæй-тынгдæр хъусын райдыдта йæ зæрдæмæ. Æвæццæ- гæн, ахæм бон нæ уыд, æмæ йæхинымæры йæхи кæд нæ бафарста: «Кæмæн цы ракодтон æвзæрæй? Ау, мæ уд. мæ бар иæу? Кæнæ цал хатты ис усгуртæн зæгъæн разы- йы дзуапп? Иу хатт иу адæймаг мæ зæрдæмæ фæцыд... Фæцыд уæлæнгай ныхас у. Æнæ уый мæ цард мæхицæн адджын никуы скæндзынæн. Æмæ йын разыйы дзуапп радтон. Ныр мæ цы домынц адæм? Цæуылнæ нæ ныу- уадзынц нæ мæгуырыл?» Ахæм мидхъуырдухæнты-иу куы бахаудта Фæрдыг, уæд-иу сæйраг аххосджыныл нымадта йæ мад Дудуйы. «Уый у мæ мардæрцыд. Уый мæ не ’мбары, æндæра дзы ахæм дам-думтæн бынат нæ уаид. Фæлæ нычъчъерппи. Алæмæтæй йе сæфт федта»... Уæвгæ Фæрдыг æнæхатгæ* нæ уыд, йæ мады йын чидæр кæй ардауы. Æмæ уыцы чидæр та Фаризæт кæй у, ууыл гуырысхо нæ кодта. «Уьгн аразы йæ хæрæфырт Адтойы хъуыддаг. Алæмæты та æфтауы мæ мады цæсты. О, фæлæ дам-думтæ дæр^ уымæй куы æнхъæлын, уæд уый та куыд?» — йæхи-иу’ фæрсынтыл схæцыд. — Ахæм æбуалгъ дам-думтæ не рымысдзæн Фаризæт, адæмы цæсты кæй бафтауа, худи- наджы зарджытæ кæуыл скæной, ахæм чызджы йæ хæ- рæфыртæн ракурыныл йæ уды быцъынæг цæмæн хъа- ры? Нæ, ам Фаризæт ницы аххосджын у». Фæрдыг сагъæсты аныгъуылд. «Уæдæ кæцæй цæуынц уæддæр дам-думтæ?» — ног æмæ-иу ногæй фарста йæхи Фæрдыг. — Ау, Гуылæртьг профессорæй? Нæ, уыи дæр бауырнинаг нæу. Кæд цы- фæнды у, уæддæр ахæм худинаджы хъуыддаг йæ сæр- мæ не’рхæсдзæн. Æндæр хъуыддаг у йæ хæстæджытæй исчи. Æвæццæгæн мæ сæ профессоры маст исчи исы»... Бынтон æндæргъуызон хъуыды кодта Фаризæт. Адто, æрмæстдæр Адтойы къухы хъуамæ ныссадза Фæрды- джы æмæ уымæн та тæккæ растдæр,фæндагæн равзæрс- та дам-думтæ. Фыццаг хатт сæ нæ кæны миййаг. Зоны сын сæ тых. Фæрдыгыл алæбон цæудзæн амæй-ай фыд- 124
дæр дам-думтæ. Усгурты цæсты йæ бафтаудзынæн. Æмæ йæм уыдон, дидинæгмæ бындзытæ куыд фæтæхынц мыд- гур, афтæ нал тæхдзысты. Кæй хъæуы æнæгъдау чызг! Чи халы барвæндæй йæ хæдзар! Æмæ ам та уыцы иу цæфæн дыууæ нæ, æртæ тæрхъусы фæлдахын: Фыццаг усгурты фæиппæрд кæндзынæн Фæрдыгæй, дыккаг, чызг йæ сæр афтæ бæрзæндты нал хæсдзæн, фæлæ хъысмæты фæндиаг йæхи бакæндзæн, æртыккаг та, йæ мад æппæт- амæлттæй дæр архайдзæн, цæмæй йæ амондсыгъд чызг бынтон фидиссагæн ма баззайа йæ фыды уæларт, уый тыххæй йæ Адтойы фыццаг окæныныл йæ уд хъардзæн. Афтæ зæгъæн ис, æмæ Фаризæт усгуртæ æмæ Дуду- йы тыххæй цы хъуыды кодта, уый йæ къухы бафтыд. Æрыдоны хъæумæ, нырмæйау, усгурхæ чысыл нæ цыд, фæлæ къаддæрæй-къаддæр агурын байдыдтой Дудуйы хæдзар. Уый зæрдæнизау уыд рйдзæры схъомылгæнæ- гæн. Æмæ кæд уымæй размæ йæ чызджы амонды тых- хæй рæсугъд фæндтæ нывæзта, уæд ныр та хъуыды код- та уый искæй фьщцаг тагъддæр фæкæныныл, уæлдай- дæр та Ацтойы хуызæн сæрæн гуырды разæй. Нæ фæрæстмæ æрмæст Фаризæты хъуыды Фæрды- джы тыххæй. Уымæн кæд уыцы. дам-думтæ зæрдæниз уы- дысты, бонæй-бонмæ тад æмæ руад, уæддæр никуы ахъуыды кодта хъысмæты раз йæ сæр æркъул кæнын. «Нæ, мæ цæст цалынмæ æрттива, уæдмæ уый нæ уы- дзæн! Кæд мын хъысмæт нæ хæлар кæны Алæмæты, уæд мæн æндæр амонд нæ хъæуы». Дудуты хæдзары гаджидау цыд гаджидауы фæстæ. Зæрдæйы дзæбæхæн минас кодтой уазджытæ, сыхæгтæ. Æрмæст, тыхсын, стæй канд тыхсын нæ, мæсты кæнын райдыдта Адто, чызг афтæ æрæгмæ кæй цæуы, уый тых- •хæй. «Кæм ис ацафонмæ Фæрдыг, — хъуыды кодта йæ- хинымæры. — Кæд искуы йæ уарзонимæ хъарм хъæбыс- тæ кæны æмæ йæм æз та хæлиудзыхæй ам æнхъæлмæ кæсын. Адон мын иууылдæр Фаризæты митæ сты. Хуы- цаумæ йæ систа. Ирыстоны ахæм чызг нæй. Рæсугъд, зхуыргонд, æгъдауджын»... Гъе, уый та дын æгъдау- Джын. Æмбисæхсæвмæ хæдзармæ нæ цæуы!—Адто аи- лзæй йæ сахатмæ æркаст. Уыд изæры фараст сахаты. Фæрдыг.æгæр æрæгмæ куы цыд, уæд тыхсын райдыд- 123
та Бимболат дæр. Райсом сæ æхсæвы цъæхæй хъæуы ацæуын æмæ пырмæ кæм фæстиат кæны, зæгъгæ. Фаризæт Дудуйæн бамбарын кодта, зæгъгæ, дæ чызг æгæр æрæгмæ цæуы æмæ ,исты æрымысын хъæуы. — Цы ’рымысон, мæ хæдзар. Сыхæгты чызджы йæм арвыстон, æмæ, дам, скъолайы ничиуал ис. — Æмæ уæд куыд? Æнæ Фæрдыг хъуыддаг куыд алыг чыпдæуа! — йæ рувасы æвзаг та йæм фелвæста Фаризæт. — Зæгъ дæ адæмæн æмæ сæ хъуыддаг кæнæнт. Цæ- мæ кæсынц Фæрдыгмæ. Æрмæст кæй фæнымадтон, уы- донæй иу судзин дæр фæцухгæнæн нæй. — Гъе, куыд дын амардтæн, кæд Адтойæн ахæмтæ ницы сты. Фæлæ Фæрдыг хъуыддаг куы сызмæнта. — Цу, цу. Уымæ ныры онг дæр мæ дæндæгтæ æгæр зыхъхъыр дардтон. Уымæн йæ рафæлдисæг æз дæн. Æз æй рауагътон рухсмæ æмæ, мæн куыд фæпды, афтæ уы- дзæи! Фаризæт Адтойы хъусы бадзырдта: «Уыцы лæгæп бамбарын <кæн, ардæм йæ мæрдты къоти хæрынмæ æр- цыд, æви хъуыддаг аразынмæ. Цæмæ ма’æнхъæлмæ кæ- сы. Мад разы у æмæ хъуыддаг алыг ууыл». Габо йæ хъус дардта Фаризæт æмæ Адтомæ. Ныр иугæр Фаризæт ахызт мæнгагъуыстмæ, уæд фынгæй ха- тыр ракуырдта æмæ æддæмæ цæуыны ’фсон рацыд. йæ фæдыл ракастысты фысымты кæстæр Хъайги æмæ Адто. Адто Фаризæты ныхæстæ бамбарын кодта Габойæн. Уый азхсызгоиæй сулæфыд æмæ баздæхт фæстæмæ. Фы- сымты хистæр ын йæ къухы нуазæн фæсагъта. Габо сып, уе ’гъдау хорз, раарфæ кодта, хатыр сæ ракуырд- та æмæ дзаг сыкъа кæстæрмæ радта. Æрбадт йæ бы- наты. — Нæ дзæбæх фысымтæ, уæ рын бахæрон, æвæццæ- гæн, æнæхатгæ пæ уыдзыстут, иугæр уазджытæй иу,— йæ къухæй ацамыдта Адтойы ’рдæм, — фынгыл бадын иæ бакуымдта, уæд уый нæуылдæр дзурæг у. — Адто æфсæрмы змæлд бакодта йæхимидæг. — Алæгаты (кад- джын мыггаг хæстæгдзинадæн агурынц Æгъувдарты мыггаджы. Уæхæдæг зонут, ардæм æрбацæуынæн пиын 126
бар куы нæ уыда-ид, уæд кæцæй æрбацыдаиккам. Ацы хъуыддаг фæпдон у Æгъуызарты мыггагæн дæр. Чыз- джы мад, зæрдæхæлар Дуду домы, цæмæй чызгæн æлхæд^ æрцæуа йæ чындзæхсæвы бонмæ æртæйы фæлыст къа- хæй-къухмæ дарæс. Ригæйаг хæдзарон дзаумæттæ, хуы- йæн машинæ. Æмæ ноджыдæр бирæ лыстæг хъуыддæг- тæ. Мах разы стæм мады домæнтыл æмæ ма уымæй уæл- дай нæхимæ хæс исæм чызгæн пианино балхæнын. Уы- мæй дарддæр æрласдзыстæм, чындзæхсæвы цыдæриддæр< бахъæуа—хæрдæй, нуæзтæй, уыдон уæлдайджынтæй. Дуду тынг разыйæ баззад Габойы ныхæстæй. — Мæнæ уый та нæ фидауæггаг, — сырхцъар чемо- дапы сæр байгом кодта æмæ зынаргъ къабайаджычсæр æрæвæрдта дыууæ мин сомы æхца, æртæ чысыл къоппы, уыдонæн дæр сæ сæртæ баигом кæнгæйæ. Æртæ чысыл къоппы дæр цырагъы рухсмæ сыгъзæрин фæндæгтæ ацарæзтой. «Сыгъзæрин сахат, сыгъзæрин хъуссæджы- тæ, сыгъзæрин къухдарæн. Цæй, нæ зынаргъ мад Дуду, дæ иунæг хъæбул сыгъзæрин сахатау цы куса æмæ цæ- ра, цы æнгом бинонтæм цæуы, уыдон æхсæн, ахæм амонд æй уæд. Сыгъзæрин хъустæ дарæд, хæрзæбоны йедтæмæ сæ фыдныхас макуы хъусæд, сыгъзæрин къухдарæнау æнцондард уæд, уый къухы æнгуылдзыл куыд æрба- тыхсы, афтæ тыхсæд йæ ног бИнонтыл, æнгом сæ кæнæд. Ацы фарны нуазæн та дæуæн, Дуду». Дуду куыддæр нуазæн йæ къухмæ райста, афтæ къæ- сæрыл æрбалæууыд Фæрдыг. Райдианы фефсæрмы æмæ уазджытæн уе зæр хорз зæгъынмæ дæр нал фæца- рæхсти. — Мидæмæ, мидæмæ, Фæрдыг! — йæ размæ рауад Бимболат. Йæ къух ын зæрдиагæй нылхъывта æмæ йын раарфæ кодта. — Цæй, амондджындæр дунейы фарн кæй фæкодта, уый æмбал дæу дæр фæкæнæд. Алæгаты æмæ Æгъуызарты мыггаджы ’хсæн цы хæстæгдзинад скъобор ацы ’хсæв, уый та фæстагæттæн дæр æмбисон- дæн баззайæд. — Цы цæуы ам, Бимболат? — тызмæгæй бафарста Фæрдыг. — Фарст алыг æмæ дзы уæлдай ныхас куыд нал уа, афтæ! — тызмæгæй загъта Дуду, йæ къухы -сыжъа ри- 127"
зæгау кодта. — Уæ хъуыддаг кæнут дарддæр, — загъта, тыхуæздандзинад арзгæйæ, Дуду æмæ йæ чызгмæ баз- дæхт, — ды та—иннæ уатмæ. — Мæн ныртæккæ иннæ уаты ницы хъуыддаг ис! — йæ хуыз аныхъхъуыргæйæ, загъта Фæрдыг. -- Уазæг, ба- хатыр кæн, нæ дæ зонын, фæлæ иугæр ам Æгъуызарты мыггаджы кой скодтат, уæд сæм ныры онг мæны йедтæ- мæ чызг нæма уыд. Æмæ æз та, мæ бартæ къаппа- къуппа кæнын никæмæн бауадздзынæн. —Фарст алыг æмæ ма йыл цы бирæ дзурæм!—къах- дзæф размæ ракæнгæйæ, тызм’æгæй сдзырдта Адто. — Гъе, æна’ккаг, æнаккаг! — Уæдæй нырмæ йæ фæс- чъылдым, æндæргау, чи лæууыд æмæ йыл цыма марг- джын фæттæ уагъта, афтæ кæй æнкъардта, уыцьг Адто- йы ’рдæм фæзылд Фæрдыг. — Цымæ цы цæсгомæй æр- басхъæл дæ ардæм. Чи дæ кæны мæ цардæн уынаф- фæгæнæг?! — Чызг, дæ дзыхыл хæц! — науæд дын райсом зы- наргъ слæудзæн. Ды ирон æгъдауæй мæ къай дæ ныр... — Гъа-гъа, уæдæ дын дæ къайы лæвар! — Фæрдыг дард фæхаста æмæ Адтойы æхсæрфарс ныззæлланг код- та. Уымæн йæ бухархуд йæ сæрæй иуварс атахт. Бинонтæ сдзолгъо-молгъо сты. Дуду йæ чызджы дзыккутæй ацахста æмæ йæ йæ фæдыл ласæгау акодта æттаг уатмæ. Адто йæ худ фелвæста æмæ Фæрдыджы фæстæ барт- хъирæн кодта: — Мæ мады æхсыры цъыртт мын ма батайæд, кæд дæ æз, гæдыйау, не суасын кæнон! — йæхæдæг сæртæг фæзылд æмæ, дуар ныггуыппкæнгæйæ, федтæ. Сæргуыбырæй йæ фидауæггаг дзаумæттыл чемода- ны сæр æртъæпп кодта Габо æмæ, хатыркурæгау, æр- хæндæгæй бакаст йе ’мцæлгæнджытæм. * * * Хъуысы æнæрынцойæ ирон фæндыры цагъд æмæ тыхджын æмдзæгъд. Уый Саггомы колхоз сæ бæркад- джын фæззæгæй разы сты æмæ сарæзтой хоры бæрæг- бон. Хæбæлаты Æнзор бады фынджы сæр. Кæд дзы аз- 1*8
тæй уымæй хистæртæ уыд, уæддæр хъæубæсты афтæ ба- фæндыд æмæ йын æндæр цы гæнæн уыд. Æнæуи тыхст лæг у, йæхицæн бынат нæ фæары. Фæлæ абон парахат зæрдæимæ бады, æмæ куыд нæ ба- да. Æрбафснайдта йæ хуымты гыллæг, ахицæн кодта паддзахадон хæс хорæй, къуымбилæй, дзидзайæ. Фæл- лойбонты æфтиаг байуарыны размæ рахицæн кодта фи- дæи азы тауинаг æмæ ныр гаджидауæй гаджидауы ’хсæн колхозы цæсгомджындæр кусджытæй куы кæй ном сса- ры, куы кæй ном. Чьгсыл æдтæдæр фæсивæд та цъæх нæууыл- сарæз- той хъазт. Симд уыд йæ тæккæ тæмæны, Симды астæу бæрæгæй зынд, фиййауы урс-урсид къæбæлдзыг худ йæ сæрыл, афтæмæй Дзеранты Мæхæмæт. Уый хъазты рад- гæс у. Фæндырæн уысмы бæрц æнцой нæ дæтты, фæн- дырдзæгъдæгæй-фæндырдзæгъдæгмæ хизы. Саггомы фæ- сивæд цæсгомджын куыст бакодтой æмæ ныр ахæм бæ- рæгбон асимын дæр æмбæлы,.уæдæ куыд. Æмæ симынц. Хаттæй-хатт æмдзæгъд куы фæсабырдæр вæййы, уæд, йæ къухы ’цы чысыл уис и, уымæй æрхойы, æмдзæгъд- гæнæг ногдзаутæ лæдзджытæй цы бандон хойынц, уый æмæ та уæд симджытæм адзуры: «Гъæтт, лæппу, дæ къахфындзтæ ма дæ цæмæн хъæуынц?» Ахæм рæстæг йæ уарзон чызджы цонг арæхстгай суадзы лæппу æмæ чызджы фарсмæ йæ къахфындзтыл рог æркафы, гъе, та фæндырдзæгъдæджы раз æмæ та стæй иннæ симджыты къахайсты ритмыл йæ чызгмæ кафгæ бацæуы, уæздан ын сæрæй акувы, цыма йын афтæ фæдзуры, бахатыр кæн, мæ дунейы рухс, кафты æгъдау мæ æрцахста, æмæ дæ чысыл иунæгæй кæй фæуагътон, уый тыххæй. Ногæй та йын йæ цонгыл æрхæцы æмæ симæг къæйтты ’хсæн аныгъуылынц. — Фарн уæм бадзурæд, мæ уарзон хъæубæстæ, — йæ къухы дыууæ сыкъайы, афтæмæй сыстгæйæ, загъта Æнзор. — Ацы гаджидауæй та арын хъæубæсты уар- зон Джыгкайты Бибойы æмæ йе ’мбæлтты ном. — Би- бойы ном фехъусгæйæ, сыстадысты, фынджы дыууæ фарс чи бадт, уыцы адæм. — Бибо ныр фондз æмæ дыууиссæдз азы намысджы- нæй хæссы фиййауы лæдзæг. йе ’нувыд куысты фæрцы 9. Хацырты С. 129
колхозы фосы нымæц рæзы азæй-азмæ. Зынаргъ Бибо, колхозы разамынд, хъæубæсты адæмы номæй дын арфæ кæнын! — Æнзор фæстæрдæм акаст. Уайтагъд йæ уæл- хъус февзæрдысты фæсивæдæй иу лæппу æмæ чызг. Лæппуйы къухы уыд сау къæбæлдзыг нымæт, чызджы къухы та — басыллыхъ æмæ худ... — Айс сæ æмæ сæ фæрнæй фæдар дæ уарзон адæмы номыл. Лæвæрттæ бахастой Бибомæ. Уымæн йæ зæрдæ куыддæр æрбауынгæг, стыхст йæхимидæг. Исдуг йæ дзыхы дзырд нæ арæхст. Уыцы уавæр фæхатыд Æнзор æмæ йæ сыкъайыл уæлдæр схæцыд, йæ куывд дарддæр кодта. Уæлдай тынгдæр раппæлыд Дзеранты Мæхæмæ- тæй. — Уый, астæуккаг скъола каст фæугæйæ, кæйдæр- тау схъæл ныхæстыл не схæцыд, фæлæ зæрдиагæй æр- лæууыд Бибойы фарсмæ æмæ йын ахуыр кæны йæ фæл- тæрддзин’ад. Æнзор йæ дыккаг сыкъайыл" бæрзонддæр схæцыд. — Ацы гаджидауæй та арын, нæ фиййæуттæ фосы фæлвæра кæй хонынц, уыцы зонадон ’ кусæг Астемыра- ты Алæмæты ном. Уый ныууагъта рухс горæт æмæ ныр цалдæр азы рахау-бахау кæны колхозы фосимæ. Ивгъуыд азты кой куы нæ кæнæм, уæд ацы аз бæркад- джын аз у Астемыры фыртæн дæр. Йæ бæрны цы зæдтаг фос уыди, уыдонæй иу хъуынхъис нæ фæхъуыд, Гæрæ- мы куы нæ нымайæм, уæд. Йæ зæдтаг фыстæй ис, æр- тыгай уæрыччытæ чи ныййардта, ахæмтæ дæр. Уый кæ- ны стыр зонадон куыст — дыууæ азмæ æртæ цоты ра,й- сын æмæ схъомыл кæнын. Æргом ныхасы къæм нæй, Астемыры фырт, фæлæ ныл ивгъуыд аз зиæнттæ куы ’рцыд, уæд мæн нал фæндыд, цæмæй-ма ды уыцы фæл- варæнтæ кодтаис дарддæр ам, нæ колхозы. Фæлæ дæ сæрыл тохгæнджытæ, æз куыд æнхъæлдтон, уымæй фылдæр æмæ тыхджындæр разындысты, райдай фий- йæуттæй суанг партийы обкомы фыццаг секретарь Бо- лататы Ирбеджы онг. Уыдон мын бауырнын кодтой, ды стыр хæрзиуæгон куыст кæй кæныс, уый. Алæмæт Æнзоры фæстаг ныхæстæй фæхъæлдзæгдæр æмæ йæм бузныджы цæстæй бакаст. Уæвгæ йæ хъуы- дыйы февзæрд Ирбег. Æмæ йын йæхинымæры дзырдта: 130
«Бузныг, Ирбег, стыр бузныг. Цæмæн æппæлы Æнзор мæнæй. Æз цæй æппæлыны аккаг дæн. Æппæлын хъæ- уы мæнæ Бибойæ, Мæхæмæтæй, æппæт фиййæуттæй. Æнæ уыдон æз мур дæр ницы сарæзтаин». — Ахуыргонд лæгæн йæ хотых — йæ фыссæнтæ. Фæ- лæ колхозы адæмы номæй дæуæн дæр кæнæм чысыл лæвар! — Æнзор та акаст æттæрдæм. Æрдæбон Бибо- йæн басылыхъ цы чызг æрбахаста, уый бæсты фæ- зынд æндæр, йæ къухы дæргъæй-дæргъмæ цъæх кæр- дæггъуыз агъуды цыдæр дзаума, афтæмæй. Цуанон лæг, дардæй бакæсгæйæ, уайтагъддæр базыдтаид, уый дыу- уæхстон топп кæй у, уый. Чызг бацыд æмæ йæ къухтæ бадаргъ кодта Алæмæтмæ. Уый хæцæнгарз куы айста æмæ чызджы цæсгоммæ куы фæкомкоммæ, уæд йæ хуыз аныхъуырдта: йæ разы лæууыд Æгъуызарты Фæр- дыг. Исдуг йæ цæстытыл нæ баууæндыд. Фæкаст æм фынфенæгау. Ныхъхъæр кæнынмæ йæ бирæ нал хъуыд. Фæрдыг ам кæй февзæрд, уый у сæйрагдæр Бибойы аххос. Айфыццаг Алæмæт Æрыдонмæ фæдисы уад куы ажодта, уæд фыццаг багцыдис Фæрдыгмæ скъоламæ. Уы- мæн-ма уыдис иу урок æмæ стæй рацыдысты иумæ. Хæ- дзармæ кæнын та йæ кæм бауæндыд Фæрдыг. Уæлдай- дæр та, сæ хæдзарæй Адтойы куыдзы тард куы фæкод- та, уый фæстæ. Иæ хивæнд мад фыдæнæн дæр Алæмæ- тæн исты маст куы скæна, зæгъгæ. Æмæ, фыддзæстæй йæхи хизгæйæ, Фæрдыг загъта Алæмæтæн, зæгъгæ, дæм Æрыдоны доны был, консервгæнæн фабрикæйы баком- коммæ æнхъæлмæ кæсдзынæн изæры авд сахатыл. Алæ- мæт йæ сахатмæ æркаст, хъуыди-ма йæ дыууæ сахаты дзæгъæл рæстæг искуы фесафын. Æндæр ран, чи зоны, ацы дыууæ сахаты ныддаргъ уыдаиккой, фæлæ ам, Æрыдоны Алæмæт уыд фыццаг хатт, уымæй дæр æх- хормаг. Æмæ цалынмæ сихор кодта, фæрсаг уынгтыл зылд, уæдмæ рæстæг ’кæуылты агæпп кодта, уый нæ ба- зыдта. Иу чысыл-ма фембæлды бынатмæ æрæджы дæр бакодта. Фæрдыг æрбацыд раздæр æмæ йæм æнхъæл- мæ каст. Дыууæ уарзоны фембæлдысты Æрыдоны доны был. Цыхцырджытау, фемæхстысты Фæрдыджы цæссыгтæ 131;
æмæ, цалынмæ йæ зæрдæйы тыппыртæ суагъта, уæдмæ йæ фуртт-фурттæн нал æнцад. Иехх, цæй тынг фæндыд Алæмæты дæр йæ зæрдæ- йы тыппыртæ суадзын. Фæлæ нæлгоймагæн кæуын ху- динаг у, хъуамæ цыфæнды зынтæн дæр быхса, фæраза. .Æмæ быхсы Алæмæт дæр. Быхсы канд йæхи зындзи- над нæ, фæлæ йын дунейыл тæккæ зынаргъдæр цы адæй- маг ис, уый цæссыгтæ дæр. — Фæрдыг, мæ зынаргъ, — топпы хосыл зынг куы баппарай æмæ уый куыд ныггуыпп кæна, афтæ ныггуып кодта судзгæ уарзты уæлмонц цæхæры Алæмæты зæр- дæ, йæ риумæ нылхъывта чызджы. Былтæ аныдзæвдыс- ты былтыл. Фæрдыг дæр цыма йе знæгтæн фыдæнæн код- та, ома сымах цы зæгъут, уый нæ уыдзæн, æз æнæхъæ- нæй дæр Алæмæты дæн, мæн мæлæтæй дарддæр Алæмæ- тæй ничи фæхицæн кæндзæн, уыйау Алæмæтыл тыхс- тис Фæлæ Алæмæт йæхæдæг Фæрдыгæй йæхи атыдта, дæлгоммæ нæууыл ныффæлдæхт, йæ фындз кæрдæджы нытътъыста æмæ, цæф сырдау, ныуунæргъыдта. Фæр- дыг ын йæ дыууæ къухæй йæ сæрыл уæздан æрхæцыд æмæ йын йæ бецыкк, æнæ исты дзургæйæ, сæрфтытæ кодта. Дыууæ уарзоны æппынфæстаг се ’муд куы ’рцыдыс- ты, уæд байгом ^кодтой сæ зæрдæйы дуæрттæ сæ кæрæ- дзийæн. Фæрдыг радзырдта, йæ мад æй тыхæй Адтойæн кæй лæвæрдта, скъолайы дæр æмæ йыл хъæубæсты дæр цы дам-думтæ цæуы Алæмæты тыххæй, уыдæттæ. «Тагъд мыл адæм худинаджы зарæг скæндзысты. Мæ фыды хæдзар мын уæнгæл фестад. Мæ сæр ма кæдæм фесафон, ницыуал зонын...» — Мæ зынаргъ Фæрдыг, иунæг зымæг ма бабыхс æр- мæстдæр. Ацы аз ма мын Хъызлармæ æнæацæугæ нæй. Уæдмæ ахицæн кæндзынæн мæ фæлварæнты практикон куыстытæ æмæ стæй уæд мæлæты йедтæмæ мах ничи- уал фæхицæн кæндзæн кæрæдзийæ. — Мæ мад фæлтау йæхи амардзæн, уæддæр ацы хъуыддаг кæнын нæ бауадздзæн. Æвæццæгæн ын дуне- йыл дæуæй æнæаддæр адæймаг нал ис. Алæмæт цы акодтаид, уымæн бæлвырдæй ницы зыд- 132
та- Исдуг йе уæнгты фæзынд цавæрдæр ныфс æмæ Фæр- дыгæн афтæ бакодта: — Нæ, фæлæ цом уæхимæ. Æвæццæгæн ын ныры онг мæхи кæй нæ базонгæ кодтон, уым тынг фæрæды- дыстæм. Фæрдыг разы уыд Алæмæтьг хъуыдыйыл, йæ мад æмæ Алæмæт кæрæдзи куы базыдтаиккой, уæд мад, ч.и зоны, ахæм хæрам фæндагыл нæ ныллæууыдаид. Фæлæ ныртæккæ мады раз ахæм фарсты фæдыл балæууын у хуымæтæджы фыдæбон. Фæрдыг зоны йæ мады зæрдæ, уый Алæмæтмæ нæ байхъусдзæн. Уый нæ, фæлæ Фæр- дыг йæ коммæ кæй нæ кæсы, хивæнд митыл кæй ныл- лæууыд, йæ мады зæрдæ кæй скъахта, уыцы æппæт мæс- тытæ, чи зоны, иууылдæр Алæмæтыл ныккала. Æмæ лæппу мæстджынæй ацыдаид, уый йæ нæ фæндыд. Арвыл стъалы атахт æмæ стæй ахуыссыд. — Фæрдыг, æз æмбарын, сымахмæ ацæуон, уый дæ цæуылнæ фæнды, уый. Тæрсыс, дæ мад мæ масты хай куы фæкæна. Фæлæ цæттæ дæн фыддæртæм дæр. Дæ мады зæрдæ, æз куыд хъуыды кæнын, афтæмæй тынг- дæр скъахтой уыцы дам-думтæ. Æмæ йæ æз нæ хæрам кæнын. Дæ зæрдæ — нæ сыгъдæг уарзондзинадæн æв- дисæн. Гъе, æмæ мæн фæнды, цæмæй йæ баууæндын кæнон нæ уыцы сыгъдæг уарзондзинадыл. Дзырд дой- наг дуры зæрдæмæ дæр хъары, уад уый ныййарæг мад куы у. Цæуылнæ æууæнды а мæныл нæ, фæлæ йæ иунæг хъæбулыл уæддæр. Æз хæсджын дæн, Фæрдыг, йæ цæ- сты раз мæ «тæригъæдтæ» ссыгъдæг кæныныл. — Хорз, дæ фæнд фод, фæлæ æз мæ ныхас загътон. Сьгстадысты. Араст сты хъæуы ’рдæм. Ацафон Æры- доны дон чысыл вæййы æмæ дурты сæртыл лæугæ бахызтысты иннæрдæм. Иу тигъыл Фæрдыг фæурæдта Алæмæты æмæ йын афтæ бакодта: «Ам-иу чысыл афæс- тиат у. Æз уал раздæр бацæуои. Абон мæм скъолайы фæскомцæдисон æмбырд хъуамæ уыдаид æмæ æнхъæл V, æз æмбырды дæн. Стæ,й нæ сыхагæн дæр æвзæр æв- заг и æмæ нæ иумæ цæугæ куы фепа, уæд æй райсом æнæхъæн Æрыдон зондзæн. — Хорз, хорз! — сабырæй сдзырдта Алæмæт æмæ суагъта Фæрдыджы къух. 133
— Тигъæй уæлæрдæм цæугæйæ, æвдæм хæдзар. Ма- кæмæ барæди æмæ >мын мæ хæдзар ма ’рбайхал,—<са- быргай йын йæ хъусы хъазгæмхасæн бадзырдта Фæрдыг æмæ фæхицæн Алæмæтæй. Чысыл фæстæдæр фæтæгены цырагъы рухсмæ бадт Фæрдыг æмæ йæ райсомы уроктæ кæныныл схæцыд. Мад æмæ чызг Адтойы асырды фæстæ кæрæдзимæ кæд нæ дзырдтой, кæд-иу, æцæгæлон адæймагмæ бадзурæ- гау, кæрæдзийæн загътой: исчи мæ куы агура, уæд уым уыдзынæн, зæгъгæ, уый йедтæмæ, уымæй размæйау, сæ зæрдиаг ныхæстæ кæрæдзийæн никуыуал загътой. Чызг æмæ мад сæ кæрæдзийæ сæхи дæрдты ластой. Тар- стысты, ноджы сæ кæрæдзийæ куы адарддæр уой, уы- мæй. Фаризæт ацы хабар куы базыдта, уæд Дудуйæн бам- барын кодта, чызг хивæнд митæй фылдæр цы уарзы, зæгъгæ, фæлæ мад иуæй-иу хатт хъуамæ аныхъхъуыра йæ масты къуыбар æмæ æвдиса фæлмæндæр зæрдæ. Æрмæстдæр уæд бафтдзæн дæ сусæг фæнд дæ къухы, зæгъгæ. Цæмæй карк æрдахсай, уый тыххæй йæ æрба- сайын хъæуы цъæмæлтæй. Гъе, æмæ Дуду дæр йæ чызгмæ йæхи фæстаг рæс- тæг æввахсæй-æввахсдæр ласы. Уымæйразмæйау ын йæ тæригъæд нал хъары. Бирæ хатт чызг йе ’рба’цыдмæ æр- баййафы хæдзары сихор — уæливыхтæ, карк æргæвст. Фæрдыг хаты, йæ мад та цыдæр кæй сфæнд кодта, уый. Фæлæ цы, уый бæрæг нæу. Цыфæндыдæр уæд, ницы хорздзинадмæ æнхъæлмæ кæсы. Мæнæ ныр дæр æрбацыд сæхимæ, мæнгагъуыстæй æрбахаста хъарм уæливыхтæ æмæ сæ йæ чызджы раз æрæвæрдта, йæхæдæг къуымы иуварс зулаив æрбадт æмæ цъында кæныныл схæцыд. Фæрдыг рафæлдæхта Хетæгкаты Къостайы чиныг æмæ райсомы урок кæсыныл схæцыд. — Æнæуи дæр ныууазал сты æмæ иу хатт хæринаг адæн бахæр, æви уый дæр мæ фыдæнæн афтæ кæныс. Фæрдыг чиныг иуварс авæрдта æмæ уæливыхты тæ- бæгъ йæ размæ æрбакодта, йæхинымæры сдзырдта: «Кæд Алæмæт æххормаг у миййаг?» Æрбайхъуыст дуары къуырцц-къуырцц. 134
— Кæй та æрбахастой йæ фыдбылызы къæхтæ ацы æнафоны! — фæкодта Дуду, æмæ æдтæмæ ахызт. Чысыл фæстæдæр фæцыд кæрты дуары хъинцъ. — Бахатыр кæн, мæ мады хай, фæлæ Æгъуызарты Фæрдыг ам цæры? — Ам! — къуызгæ дзуапп радта Дуду æнæзонгæ лæ- гæн. — Хæдзары ис ныртæккæ? — Хæдзары. — Кæд гæнæн ис, уæд ма йæм бадзур. Ды, æвæц- цæгæн, йæ мад уыдзынæ? — Йæ мад. Мидæмæ рахиз. Чи дæ, куынæ дæ зонын — Æз Астемыраты Алæмæт дæн. Исдуг æдтейæ ныхас нал хъуыст. Фæрдыджы зæрдæ фыртасæй барызт. Нæ зыдта, дарддæр йæ мад цы ми акæндзæн, уый. Куыд фембæлдзæн, фæсаууонмæ афтæ йе сæфт кæмæй уыдта, уыцы Алæмæтыл. Дуду æцæгæйдæр бахаудта зын уавæры. Ныццавтой <йын йæ сæр ныхмæлæууæг хъуыдытæ. Сæ иу дзырдта: мæнæ, гъе, бындурзылд кæй тыххæй фæдæ, уыцы^аххос- джын адæймаг. Цæмæ-ма кæсыс, куыдзы тард æй акæч дæ хæдзарæй. Ахгæн ыл кæрты дуар. Уадз зонæд, уый ацы хæдзарæн æнæуынон кæй у, уый. Иннæ хъуыды фидар хæцыд Дудуйы масты рохтыл. Фæдзæхста йæ, дæу карæн адæймагæн сонт рæдыд нæ фидауы, уæзбын вæййы. Акæн æй мидæмæ. Дæ чызг æнæуи дæр адæмы цæсты æфтыд у. Ныр-ма йын ды дæр йæ зæрдæйæн ад- джын адæймаджы куы фетте кæнай, уæд райсдзынæ дæ иунæг сйдзæры зæрдæхудт, сызнæт уыдзæн, æмæ, хуыцау йæ зонæг, кæд хæдзары дæр нал ныллæуд’зæн, уæддæр. Гъай-гъай, Дудуйы тынг фæндыд йæ уазæджы фæсу- рьгн, фæлæ йæ чызджы тæссæй йе уоны мигъ бадт æмæ фæуæлахиз йæ дыккаг хъуыды. Бар-æнæбары Алæмæт- мæ сдзырдта: — Рахиз мидæмæ, — йæхæдæг разæй араст. Алæмæт бамбæрста, сылгоймаг йæ масты рохтыл ты- хæй кæй хæцы, уый. Фæлæ уæддæр ’ араст йæ фæдыл. Асины къухтыл хæцгæ ссыд Дуду разæй. Алæмæт дæр февнæлдта асины къухмæ æмæ уæгъдызмæлд кодта. 135
«Афтæ у æнæлæг хæдзары хъуыддаг»,—ахъуыды код- та йæхинымæр æмæ Дудуйы фæстæ схызт тыргъмæ- Дуду дуар бакодта æмæ Алæмæтмæ сдзырдта: — Ахиз мидæмæ. Алæмæт бахызт разæй, йæ фæстæ та — Дуду. Фæрдыг фестад æмæ мигæнæнтæвæрæн скъаппы раз слæууыд, йæ сæр æруадзгæйæ. — ,Дæ хæрзæггурæггаг мæн, мæнæ дæ абырæг дæр фæзынд. Кæм дыл ам<бæлд дæ хонæг? — Абырæг хонæгмæ нæ фенхъæлмæ кæсы! — мады дæрзæг ныхас хатгæйæ, дзуапп радта Алæмæт æмæ йæм комкоммæ бакаст. йæ разы лæууыд ныллæг, мæллæгго- мау, азтæ æмгъуыдæй раздæр кæй æркъæдз кодтой, ахæм сылгоймаг. Йæ сæрыл — хуызивд кæлмæрзæн баст, рус- тыл, бырæуы дзыхтау, къæбæлдзыг чысыл дадалитæ æр- зæбул сты. Диссаг, ахæм фыдцъылысгонд ус æмæ дын ахæм рæ- сугъд чызг уæд. Уæвгæ Дуду дæр аивæй йæ цæстæнгас æрхаста Алæ- мæтыл æмæ йæхинымæры сдзырдта: — Дæ зынг бахуысса де ’мгæртты ’хсæн, кæд дæ мæ чызджы æнамондæн не сфæлдыста æрдз афтæ зæрдæ- мæдзæугæ. Фæрдыг лæууыд къуымы, ирон чындзау, æмæ æн- хъæлмæ каст, йæ мад æмæ йæ уарзоны фембæлд цæуыл ахицæн уыдзæн, уымæ. Фæлæ уыдон, цыма кæрæдзийы лæгдзинад фæлвæрдтой, уыйау ницы дзырдтой. Æп- пынфæстаг, мад базмæлыд æмæ тыхæй ралæмарæгау кодта, уазæг, ^æнæхъуыддаг нæ уыдзынæ, зæгъ- гæ. Алæмæт зыдта, ам ын дардыл дзурыны фадат кæй нæ уыдзæн, уый. «Мад, æвæццæгæн, фæтджыгъæдæн йæхи уæздан дары, уый йедтæмæ мæ ныртæккæ æгады тард акæндзæн, йемæ-ма искуы ацы хæдзары къæ- сæрæй мæ къах æрбавæрдзынæн, ’уый дæр зын зæгъæн у!» — скарста Алæмæты зæрдæ æмæ схъæр кодта, цы аххосæй фæзынд ардæм, уый. — Фарн дæм бадзурæд, мæ мады хай, фæлæ æз æр- бадыдтæн дæумæ мæнæ дæ чызг Фæрдыджы тыххæй. Чи зоны дын хъыг уой мæ ныхæстæ, рахонай мæ æнæ- 136,
гъдау. Фæлæ дæ уæддæр курын. Байхъус мæм кæронмæ УЫ’й фæстæ дæ бар дæн. Дæ чызгимæ зонгæ дæн, суанг институты куы ахуыр кодта, уæдæй нырмæ. Хатыр, фæлæ уыимæ зонгæ азтæ сты мæ царды тæккæ рæсугъддæр, тæккæ зынаргъдæр бонтæ... Дуду фестъæлфæгау кодта. Уый æнæфæхатгæ нæ фæццс Алæмæт æмæ йæ хъуыды фæбæлвырддæр кодта: Уыцы рæстæджы алы уысм дæр мын цардау зынаргъ у. Уымæн æмæ дæ чызгæй сыгъдæгдæр, дæ чызгæй æгъ- дауджындæр æз адæймагыл нæма сæмбæлдтæн. Мæнæ йæхæдæг, йæ зæрдæ йе ’вдисæн, нæ базонгæйæ фæстæмæ æз æппæт амæлттæй дæр архайдтон, цæмæй мæн аххо- сæй дыууæ æвзонг адæймаджы миты ма фæзына сау стъæлф. Æмæ мыл æгайтма дæ чызджы зæрдæ нæ ху- ды. Гъе, фæлæ кæд хæххон суадонæй сыгъдæгдæр у дæ иунæг-хъæбул дæ разы, уæддæр ыл кæйдæр хахуыр æв- заг нæ ауæрды бонæй-бон æбуалгъдæр дам-думтæ мы- сыныл. Æмæ уыцы дам-думты сæйраг аххосаг хауы мæнмæ. Мæ мады хай, чи зоны, дæ чызг . искæй раз къæм- дзæстыг у, аххосджын, фæлæ мæ разы, ард дын хæрыи мæ намысæй, у сыгъдæг, æнæлаз æмæ æз мæхи уæлдай амондджыныл нымайын, куы нæ бамбарис ды дæр, æмæ мын куы зæгъис дæ арфæйы ныхас. — Мæлгъæвзаг дæ, Дстемыры фырт. Дæ рæсугъд ныхæстæй атайдзысты цъититæ, райхæлдзæн дидинæг, йæ хуыккомæй рабырдзæн калм дæр. Фæлæма ’нхъæл- мæ кæс, иунæг сидзæры йæ дзыхы комдзагæй чи схаста, æмæ йын ды кæй фенамонд кодтай, уый дын ныр хъæ- булы бынат радта йæ зæрдæйы. Нæ, фæлтау æркæлæд арв. Мæ иунæг ныфсы мын чи фенамонд кодта, уый у мæ туджджындæр знаг. — Мæ мад! — нал баурæдта йæхи Фæрдыг. — Цытæ дзурыс? Алæмæтæй сыгъдæгдæр дунейыл нæй иунæг уд дæр. — Ныхъхъус у, дæ цæсгом бахæр ды дæр! Æфсæрм дæм нал ис! Цы у дæ удæгас, дæ карæныл куы скæной фидиссаг зарæг, уæд?! — Дуду цыма Фæрдыгимæ йæ ны- хас фæцис, уыйау аздæхти Астемыры фыртмæ æмæ йын 137.
загъта: — Дæуæн Та мæнæ ме ’ргом ныхас. Ферох кæн Æгъуызарты хæдзары. Бæстæ иннæ ’рдæм куы рафæл- дæха, уæддæр дын мæ чызджы нæ ратдзынæн. Мæ цæст æрттивгæйæ, уый нæ уыдзæн- Дæхицæн бацагур де ’мсæр адæймаджы æндæр ран, махмæ дын чызг нæ, куы- дзы къæбыла дæр ничи ратдзæн. Гъе, ууыл ахицæн нæ ныхас. — Дуду сыстад æмæ иннæ уатмæ фæцæйцыд. Фæрдыгæн уæдæй нырмæ дæр, йæ мад æмæ Алæмæты ныхасмæ хъусгæйæ, йæ зæрдæ мæстæй тæгæлтæ кодта, фæлæ сын сæ ныхасы йæхи нæ тъыста. Ныр йæ мад Алæмæтæн афтæ куы загъта, махмæ дын куыдзы къæ- была дæр ничи ратдзæн, зæгъгæ, уæд йæхи нал баурæд- та æмæ æргом загъта йæ мадæн: — Бæргæ мæ дæхимæ куы нæ скъæйных кодтаис, фæлæ иугæр афтæ цæхгæр æвæрыс фарст, уæд дын мæ- нæ ме ’ргом фæндон: кæнæ Алæмæт, кæнæ æппын- дæр ничи! — Иемæ дæ фыды уæларт урс дадалитæ рауадз. Мæнмæ æндæр фæндон нæю — Дуду бахызт дььккаг уатмæ. Алæмæт Фæрдыгмæ хæстæгдæр бацыД æмæ йæм са- быргай бадзырдта: — Ды раст уыдтæ. Фæлæ зонæд дæ мад дæр. Мæлæ- ты йедтæмæ мах ничи фæхицæн кæндзæн. Хæрзæхсæв.— Алæмæты фæдыл Фæрдыг кæрты онг ракаст. Уый уай- тагъддæр аныгъуылд æхсæвы тары. О, æмæ Алæмæт рыстзæрдæйæ куы фæзынд фий- йæутты уæтæрмæ, уæд йæ хабæрттæ лæмбынæгæй фæ- дзырдта фиййæутты хистæр Джыгкайты Бибайæн. — Гъе, уыцы иунæг сусæгдзинад ма мæм уыдис, Би- бо, æмæ дын æй раргом кодтон. Цæй, ныр цы кæнон? Чызгæн афтæ куы зæгъон, цом мемæ зындонмæ, уæддæр «нæ» нæ зæгъдзæн. Фæлæ мæ нæ фæнды мады зæрдæ- худты бацæуын. Цас ныфсытæ дзы æвæрдтон мæхицæн. Æмæ куыд фæдзæгъæлы сты... Бибо йæ мидбыл бахудт æмæ Алæмæтæн афтæ зæ- гъы: — Цæй, дæ зæрдæмæ хъусыныл ма фæу. Мады цæс- ты дæ бафтыдтой æмæ уый цы диссаг у, нæ дыл æууæн- ды. Фæлæ дын мæнæ ирон фиййауы къух æмæ мыл дæ 138'
зæрдæ дар. Æз уыцы бинонты хорз зонын. Дудуйы лæг, мæрдты дзæнæты бадæд Дебола, мæ хуыздæр æрдхорд уыд. Хъызлары иу æмæ дыууæ зымæджы нæ арвыстам. Æз бафæлвардзынæн уыцы хивæндимæ аныхас кæнын. Æмæ, æцæгдæр, бафæлвæрдта, фæлæ дзы ницы ра- уад, Бибо Алæмæты æвварс у, уый куы базыдта Фæр- дыг, уæд æм æнæуи дæр уарзон фыды цæстæй касти, ныр та йын Алæмæтæй фæстæмæ уымæй зынаргъдæр лæг нал уыд. йемæ йæм абон райсом Бибо Мæхæмæты * куы арвыста æмæ йын уый Саггомы хъæумæ фæдисæй фæзын, зæгъгæ, куы загъта Бибойы фæдзæхст, уæд Фæрдыгæн йæ зæнгтæ йæ быны адон сты. Мæхæмæт ын тынг фæтæригъæд кодта. Хъавыд ын зæгъын, тæссагæй ’дыл ницы ’рцыд, зæгъгæ, фæлæ, Бибойы фæдзæхст йæ зæрдыл даргæйæ, уæлдай ницы загъта. Фæрдыг цыдæр æфсæнттæ акодта йæ мадæн, скъола- йы фарсты фæдыл мæ горæтмæ æрвитынц, зæгъгæ. «Уæвгæ фыдбылызæй цы нæ ис, — ахъуыды кодта Фæр- дыг», — миййаг мæ мад директоры фæрсынтыл куы схæца, уæд аив нæу». — Уымæ гæсгæ директорæн загъ- та, кæдæм цæуы, уыцы хабар. — Хорз, хорз, мæ хур, фæндараст фæу. Гъе, æмæ Бибойы сидтмæ гæсгæ фæзынд Фæрдыг Саггомы хъæуы куывдмæ. Бибойы тынг фæндыд, Алæ- мæтæн дæр уыцы куывд, хъæубæстæн куыд æхсызгон уыд, афтæ куы уыдаид, æмæ уымæн та æнæ Фæрдыг уæвæн нæ уыд. Фæрдыджы фендæй Алæмæтыл хур ракаст. Ай раз- мæ Дудуйæ куы фæхицæн, уæдæй нырмæ йæ зæрдæ- йы цы бирæ мæстытæ æрæмбырд, уыдон атадысты Фæр- дыджы цæстæнгасæй. — Хорз адæм, — йæ бынатæй сыстгæйæ, загъта Æн- зор, — хатыр курын, фæлæ фиййæуттæн арастафон у. Гъе, уымæ гæсгæ фынджы хистæры бартæ мæ хæдивæ- гæн фæдзæхсын. Мæнæн иу чысыл семæ æнæ ау^айгæ нæй. — Æнзор рахызт фынгæй. Сыстадысты иннæтæ дæр. Фынджы фарсмæ ма аззад иу-цалдæр зæронд лæ- джы. Уыдон сæ кæрæдзиимæ цыдæр зæрдиаг ныхас код- той. Хъазт уæддæр уыдис йæ тæмæны. 139
Бибо сæм бацыд æмæ сæм дæрддзæфгомау æрлæу- уыд. йæ цæст ахаста симджытыл. Уайтагъд ауыдта Алæмæты. Уый хæцыд Фæрдыджы цонгыл æмæ уæз- данæй сæ къæхтæ истой размæ, сæ цæнгтæй æрдæг зиллакк уæлдæфы куы иуырдæм, куы иннæ ’рдæм араз- гæйæ, Бибо каст Алæмæт æмæ Фæрдыгмæ. Ацы дыууæ цардбæллоны йын йæ зæрдыл æрлæууын кодтой йæ кæд- дæры сыгъд амонд... Æнзор Мæхæмæтмæ фæдзырдта æмæ йын йæ хъусы цыдæр загъта. Уый йæ сæр разыйы тылд бакодта æмæ фæстæмæ хъазты астæумæ бахызт. — Хорз адæм, уе ’ппæты цæрæнбон дæр бирæ, фæ- лæ иу чысыл уæ къахы дарæсыл фæцауæрдут. Фæндырдзæгъдæг æрцагъта бæлццоны зарæг. Фæ- сивæдæй чидæр ныццæлхъ кодта, иннæтæ йын бахъыр- ныдтой, афтæмæй араст сты комы ’рдæм. Чысыл фæстæдæр адæмы хъæлдзæг ныхас, фосы уаст, фæсивæды зард æмæ фæндыры цагъд баиу сты. Фос араст сты Хъызлармæ фæндагыл. Сæ разæй, йæ уæйлаг иымæт йæ уæхсчытыл, афтæмæй цыд Джыг- кайты Бибо. Сæ фæстæ — Мæхæмæт, хъæубæсты фæси- вæдмæ фæстæмæ фæкæс-фæкæсгæнгæ, æмæ йæ къух тилгæ. Дзуджы фæстæ фæрсæй-фæрсмæ цыдысты Алæмæт æмæ Фæрдыг дæр.
Карз зымæг йæ урс хъæбысы æрбакодта уæрæх æмæ дардыл зылд Хъызлары быдыртæ. Ныр цалдæр боны, цыма арвы дуар фегом, уыйау ставд пирæнгæмттæй уа- ры æмæ уары мит. Фос хизынмæ нал рауагътой, уæтæр- ты алыварс сын ныккалынц хос, фæлæ уый дæр уай- тагъд мит æрæмбæрзы. Æххормаг фос æй хæрынц, пыр- рыччытæгæнгæ. Фиййæуттæн, сæ уæйлаг нымæттæ сæ уæхсчытыл, æфсæйнаг сагæйттæ сæ къухты, афтæмæй зилынц фосы ’хсæнты æмæ рæстæгæй-рæстæгмæ бауи- гъынц хосы тъыфылтæ, æрцæгъдынц сын сæ миттæ. Ахæм уысм фос зæрдиагдæрæй бавналынц хос хæрынмæ. Фий- йауы нымæтыл цы хæмпус мит æрбады, уый хаттæй- хатт зæйау фескъуыйы, зæххыл йæ æмыр тъæпп фæцæ- уы. Æрмæст фиййæутты фысдзарм худтыл мит дзæв- гар æрбады æмæ сæ сæртыл чысыл мæкъуылтау фæзы- пьшц. Куыйтæй бирæтæ æддейæ, митыл, бæхы хæмутау, æрбатымбыл сты, афтæмæй хуыссынц. Сæ буар сын мит æрæхгæдта. Рæстæгæй-рæстæгмæ сæ сæртæ, зивæггæн- гæ, батилынц æмæ сæ миттæ ’ркалынц. Æвæццæгæн, тæр- сынц, сырд куы æрбахъуыза æмæ йæ куынæ базоной. Ахæм фыдрæстæг фиййæуттæ сæхæдæг дæр сты уæлдай къæрцхъусдæр. Тæссаг у, бирæгъты се ’ххормаг гуыбып- тæ æгæр куы стыхсын кæной æмæ уæтæрыл сæхи куы ’рбаскъæрой. 143
Иннæ дзугтæй хъауджыдæр, Алæмæт фæлварæнтæ цы фыстыл кæны, уыдон æртыккаг бон æддæмæ нæ ра- уагътой. Фиййæуттæ уæлдай тынгдæр сæ цæст уыдон- мæ дарынц, авгау сын æрхауынæй тæрсынц. О, фæлæ кæм ис Алæмæт йæхæдæг та? Цæмæн æн- къард кæны йæ чысыл стъол, йæ сынтæджы размæ фий- йæутты къæсы рахиз клуымы? Цæуылнæ бады йæ фарс- мæ æмæ та цæуылнæ архайы йæ фæлварæнтимæ? Диссаг у, æвæдза, цайдагъ кæнын. Адæймагыл сæм- бæлдтæ фыццаг хатт. Нæ дæ зоны, нæ йæ зоныс, фæлæ йæ дæ зæрдæмæ афтæ æввахс æрбайстай, уыйбæрц æй бауарзтай æмæ дзы атонын ыал фæкомыс. Уæвгæ йæ атыдтай, дæхи хатдзынæ æвзæр, цыдæр дын нæ фаг кæн- дзæн. Ахæм уавæры сты, æнгом бинонтау, кæрæдзи чи бауарзта, уыцы фиййæуттæ ныртæккæ. Цыдæр сын нæ фаг кæны. Æмæ уыцы цыдæры аххос та у Алæмæт йæ- хæдæг. Уымæ къуырийы размæ фæдисы тел ныццав- той, цæмæ.й æвæстиатæй фæзына горæтмæ. Телы бын сæ институты директоры мыггаг. Алæмæт бæлвырдæй ницы зыдта, цæмæн, цæй тыххæй йæм дзурынц, уый. Уæвгæ йæ фидарæй уырныдта тел рарвитынмæ кæй фæхæццæ профессор Æрчъеккаты Хъазмæхæмæты къух. Уый нæ, уæд цæмæн бахъуыд телы бын директоры къухфыст, фаг нæ уыд, дæлдæр кусджытæй йыл исчи куы бафыс- таид, уæд уый. Фæлæ йыл директорæн бафыссын код- той, цæмæй, ома телы бæрндзиннад тынгдæр æнкъара. «О, фæлæ мæ домгæ цы кæнынц, домгæ? Ахæм ахсджиаг рæстæг мæн горæтмæ цæуынтæм æвдæлы. Фæлæ дзы æн- 1дæр гæнæн нæй. Телыл директор бафыста йæ къух. Ба- ’фæлвар, ма йæм байхъус, кæддæра дæ дæ бынатæй дæр нæ фæцъыллипп кæнид. Цы гæнæн ис, цæуын хъæуы».— Фиййæуттæн бамбарын кодта хъуыддаг. Бибойæн та^хи- барæй загъта: — Ныртæккæ мæ фæлварæнтæйиунæг бон дæр фæцух уон, уый мын тынг зьгн у. Фæлæ дзы æнæцæугæ нæй. Ни- цы хорздзинадмæ æнхъæлмæ кæсын уыцы фембæлды. Арвыстон мæ фæлварæнты тыххæй цыдæр æрмæджытæ нæ институтмæ. Гæнæн ис сæ зæрдæмæ та нæ цæуынц. Гъе та дзы исты не ’мбарынц. Æмæ сæ йæ бамбарын ффнды, хуыцау йæ зонæг. 144
Æз цæуын, фæлæ бæстæ куы рафæлдæха, уæддæр ин- нæбон ам уыдзынæн. Ардыгæй уæдмæ æз дæ мад, дæ фы- ды уазæг, фæдзæхсын дын мæ фыстæ. — Цæугæ, цæугæ, мæ хур. Ды уым фыдлæгты ных бакъуыр, уый йедтæмæ ам фосы мæ бар уадз. Æндæр та цы зонын! — Бибо исдуг сагъæсты аныгъуылд. Алæ- мæтæн фыдлæгты кой куы скодта, уæд æппæты фыццаг йæ хъуыдыйы фæзынд Æрчъеккаты профессор... «йæ амонд у æмæ йæм мæ къух. никæцæй баххæссы, æндæра йын æз зæгъин: «Хорз лæг, дæхæдæг ницы аразыс æмæ дын барст, фæлæ чи аразы æмæ афтæмæй кусын кæй нæ уадзыс, æххуысй бæсты йын йе стыр хъуыддагмæ цæлх- дуртæ кæй æвæрыс, уый дын фиййæуттæ нæ ныббар- дзысты æмæ фæлтау иуварс лæу», — хъуыды кодта Би- бо Хъазмæхæмæты тыххæй. О, æмæ Алæмæт ацыд уыцы бон. Фæлæ къуыри дæр- гъы йæ кой, йæ хъæр нæй. Фиййæуттæ йыл фæцахуыр сты æмæ æнæ уый æнкъард кæнынц. Уæлдай тынгдæр сæхицæн бынат нæ арынц Бибо æмæ Мæхæмæт. Бибо тыхсы, уымæн æмæ йын фидарæй загъта, æртыккаг бон ам уыдзынæн, зæгъгæ. Бибо цы Алæмæты базыдта, уый æцæг къуырццæвæны куынæ уаид, уæд тыхæй бæтгæ- йæ дæр нæ ныллæууыдаид, фæлæ уаид ам нæ цуры æмæ та, йæ фæлварæнтимæ архайгæйæ, æрвитид æнæхуыссæг æхсæвтæ. Бибомæ хардзау æркаст, кæй йæ нæ афæдзæхста, зын дын куы уа, уæд-иу Болататы Ирбегыл фембæл, зæгъгæ. Алæмæт ын куыд радзырдта, афтæмæй Бибо йæ уды бæрц бауарзта Ирбеджы. «Сæры хилæй къахы ныхы онг, — загъта йын Алæмæт, — уый æхсыст æрцыд Лени- ны куырдадзы æмæ ленинон рæстаг хъуыддагæй лæг- гад кæны адæмæн». Æниу Бибо фидарæй йæ зæрдæ да- ры Алæмæты удвидардзинадыл. Тыхсты сахат зæфцы фыдæй ницы ауадздзæн. Фæстаг мисхалы онг æппæт дæр сараздзæн, цы хъуыддагыл тох кæны, уый фæуæла- хизы сæраппонд. Бибойы зæрдæмæ бахъуызыд æндæр дызæрдыгдзи- над дæр. «Кæд миййаг рацыд æмæ бынатыл нæ сæм- бæлд. Фæлæ куыд гæнæн ис афтæ. Ахæм хъаруджын лæппу, кæд цыфæнды карз зымæг у, уæддæр, хуымæтæ- 10. Хацырты С. 145
джы кæрдæджы халау, йæхи сийын куыд бауадздзæн? Нæ, нæ! Уый гæнæн нæй».—Æмæ та-иу ахæм æрхæндæг хъуыдытæ йæхицæй дард фæсырдта. Фидарæй-иу ныф- сытæ авæрдта, зæгъгæ, Алæмæт горæты ис ахсджиаг фапсты фæдыл. — Æнæ Алæмæт ын, æвæццæгæн, алыггæнæн нæй. Афоныл нæ фæзынд ноджыдæр уымæн, æмæ ам махыл йæ зæрдæ дары, фидарæй зоны, зæфцы- фыдæй иу уæрыччы хъус дæр кæй нæ фесафдзыстæм. Æвæццæгæн, афонмæ фæндагыл ис».—Æрвыл изæр дæр Алæмæтимæ фембæлынмæ æнхъæлмæ каст Бибо. Алæмæтмæ æнувыдæй æнхъæлмæ каст Мæхæмæт дæр. Уый ацы къуыри уæлдай тынгдæр банкъардта, йæ цардвæндаг рухсгæнæг цырагъ Алæмæт кæй у, уый. Æнæ Алæмæт æм ацы зымæгон цыбыр бонтæ уæлдай даргъ- дæр кæсын байдыдтой. Боны уæззау куысты фæстæ-иу изæры уый дæр, иннæ фиййæуттау, сынтæгмæ йæхи ба- ласта, йæ къухмæ-иу чиныг райста, каст-иу æм, фæлæ дзы йæ сæрмæ ницы цыд. Иæ хъуыдытæ иууылдæр баст уыдысты Алæмæтимæ. «Кæм ис? Цæмæн афтæ æрæгмæ цæуы? Иæ ног мыггаг фысты мæтæй йæхицæн бынат куынæ фæары, æрхъæцмæ сыл куынæ хъæцы, уæд сæ куыд ныууагъта уал боны дæргъы, кæд йæхиуыл ницы бæллæх сæмбæлд, уæд». Фиййæуттæ сæхæдæг дæр хатыдысты Алæмæты ацы- ды фæстæ Мæхæмæт кæй смадзура ис, йæ цыргъ ныхæс- тæй сæ кæй нал бахудын кæны. Фæлæ йæ азым нæ код- той. Уый нæ, фæлæ ма йын тæригъæд дæр кодтой. Сыгъ- дæгзæрдæ лæппу афтæ æнувыд кæй у æмгары уарзон- дзинадыл, уый тыххæй дзы бузныг уыдысты. Фæндыд сæ Алæмæт тагъддæр куы фæзында^д æмæ та Мæхæмæ- ты йæ дзыхыдзаг хъазгæ æмæ худгæ куы федтаиккой. Зымæгон цыбыр бон кæд цыфæнды тызмæг уыд, уæддæр та аивгъуыдта. Фиййæуттæ бабæстон кодтой сæ фос. Аппæрстой, сæ къæсмæ бацæугæйæ, сæ уæйлаг нымæттæ, раластой сæ кæрцытæ дæр. Нырма æхсæвæр афон нæу. Бон—цыбыр, æхсæв—æнæкæрон даргъ. Адæй- маг сфæлмæцы фынæй кæнынæй æмæ йæ хуыссæны ра- тул-батул фæкæны. Гъе, уымæ гæсгæ фиййæуттæ Бибойы алыварс æр- бамбырд сты æмæ та йæм бахатыдысты: 146
— Бибо, фарн дæм бадзурæд, фæлæ нын нæ рæстæг фæцыбырдæр кæн. Фескъуыдысты Бибойы хъуыдытæ Алæмæты тыххæй, Исдуг аджих. Уый хорз æмбары фиййæутты æвзаг, зо- ны, кæй та сæ фæнды исты таурæгъмæ байхъусын æмæ сын сæ куырдиатыл нæ никуы фæзæгъы. — Куыннæ, куыннæ, уæ рын бахæрон. Мæхæмæт, мæ хур, æри-ма мын уæлæ мæ хъисфæндыр. Мæхæмæт бадт фæтæген цырагъы рухсмæ æввахс æмæ каст цавæрдæр фантастикон роман. Цæвиттон, Мæ- хæмæт сæрибар рæстæг дзæгъæлы* никуы сафы, æдзух кæсы чингуытæ. Уымæй фаронзымæг «æд пайда кодта фиййæутты иумæйаг цырагъæй, уæд ацы аз та балхæдта йæхицæн сæрмагонд цырагъ цалдæр авгимæ. Се ’хсæви- уатгæнæн агъуысты иу къуымы йæ æрцауыгъта йæ лыс- гæны сæрмæ æмæ-иу æй ссыгъта æрмæстдæр чиныг кæ- сын, гъе, исты фыссыны рæстæджы. Æнæуи уæгъдьг сыгъд никуы кодта. Пайда кодта иумæйаг фæтæгенæй æмæ йыл ауæрста. Мæхæмæт йæ цырагъы авг æрвылбон дæр сæрфта, фиййæутты цырагъы кой та кодта æрвыл- боны радгæс æмæ-иу хаттæй-хатт æнæсæрфтæй, алайæ- дзагæй дæр баззад. Гъе, уымæ гæсгæ-иу Мæхæмæт йæ цырагъ куьт ссыгъта, уæд-иу фиййæутты уат дзæвгар фæрухсдæр. Ахæм рæстæг-иу радгæс дæр æмæ фиййæут- тæ дæр æнæ бафиппайгæ нæ фесты, сæхи цырагъы авг га æнæ сæрфтæй кæй баззад, уый. Мæхæмæты тыххæй та^иу сæ зæрдæмæ бахъуызыд рæсугъд æнкъарæнтæ, бузныг дзы уыдысты канд хорз фиййау кæй у, уый тых- хæй нæ, фæлæ, кæстæр уæвгæйæ, се ’ппæтæн дæр, цума- йы лæппуйау, лæггад кодта æнæзивæгæй æмæ ма аф- тæмæй æппæтæн дæр рæстæг кæй ары, уый тыххæй. Ныр æм Бибо куы сдзырдта мæ хъисфæндыр ма мын авæр (Мæхæмæт йæхæдæг дæр цымыдисæй фæхъусы Бибойы диссаджы таурæгьтæм), уæд æй нæ фæндыд чи- ныг иуварс авæрын. Куыд фæзæгъынц, бахæццæ йæ тæк- кæ къуырццдзæвæнмæ—чиныджы хъайтар бахаудта уа~ цары, йæ цард хæцыд æрдуйыл. Йемæ дарддæр цы ба- уыдзæн, уый базонын æй тынг фæндыд. Фæлæ иугæр^ фиййæуттæ æрхатыдысгы Бибомæ, уæд ма цæй чиныг æмæ цæй цыдæр. Сыстад æмæ къулæй райста хъисфæн- 147
дыр. Фæндыры тæнтыл дыууæ ’рдæм згъордта æрдын, скуыстой галиу къухы æнгуылдзтæ дæр. Фиййæутты уат байдзаг æгъуьгстаджы хъисфæндыры зæлтæй. Бибо бæзджын хъæлæсæй базарыд: «Уæй, уæдæ, мæ хуртæ, ацы даргъ зымæгон æхсæв цалынмæ уадтымыгъ Хъызлары быдырты, цæф сырдау, футтытæ ласы, стонг бирæгъау ниуа, уæдмæ æз та æр- кæндзынæн, кæддæр сæрыстырæй кæй цыты зарæг код- той, уыцы Цæразонты Æхсарбеджы æгъуыстаджы ка- дæг. Уымæн, дам, йæ дарæджы зæй куы фæласта, уæд, дам, йæ мæгуыр мадимæ сæ талынг къæсы уазал къæ- йыл^ сидзæрæй аззадысты. Иæ мад Зæринæ—нæртон Ацырухсæй рæсугъддæр — йæ сидзæрæн тæрсгæйæ, нал бацагуырдта дыккаг амонд, фæлæ йæ хъæбулы сæрвæл- тау цырагъау сыгъд. Чысыл цæхæрцæст Æхсар—мады зæрдæйы иунæг ныфсы таг, лæппу лæджы кармæ куы рахызт, уæд ыл адæм сæ цæст æрæвæрдтой. Æгасæй дæр рахаста йæ фыды фарн, уæд топпæй хъазынмæ, уæд бæхыл бадын- мæ, уæд адæмæн балæггад кæнынмæ ирон лæджы фырт йæ ныхмæ не ’рлæууыдаид. Фæлæ æлгъыстаг фыд дуджы мæгуыр лæджы дур хæрдмæ сырдта. Иæ сæр схъил кæ- ныны бон æй нæ уыд. Сæ чысыл муртæ афæдзæй-афæдз- мæйы хистыты фаг дæр не систы. Дины æгъдау та йæ- хион домдта. Гъе, æмæ Цæразонты идæдз, рæсугъд Зæ- ринæ йæ- сидзæр хъæбулы радта æххуырсты хъæздыг Фæлхораты Агъабегмæ. Мæрддзæст Агъабег æхсныфæй нозта сидзæр Æхсарбеджы туг. Фæлæ уый, Агъабеджы фыдæнæн, куынцы дзыхмæ æндон »куыд фестæры, афтæ æхсыст зындзинæдты. «Домбайæн йæ лæппын дæр дом- бай вæййы, — сусæг-æргомæй бирæтæ æппæлыдысты Æхсарбегæй. Æмæ дзы куыд нæ æппæлыдаиккой, кæд æмæ йæ хъаруйæн, маргъы базыртау, æххуысгæнæг уы- дысты йæ уазхъæлæсы зард, йæ хъал сæгуыты кафт. Хъæубæсты чызджытæ йыл сæ цæст æрæвæрдтой. Хъæз- дыг усгурты разæй-иу бæллыдысты уыимæ акафынмæ, уый зардмæ байхъусынмæ. Фæлæ комбæсты чызджы- тæй хъауджыдæр æгъуыстаджы уарзты цæхæр ныг- гуыпп ласта Агъабегæн йæхи чызг рæсугъд Дзерассæйы зæрдæйы. Уый æгасæй дæр сыгъд йæ уарзты монцы æн- 148
къарæнтæй. Фесæфт йæ уды æнцойдзинад. Æхсæвæй- бонæй бæллыд, æрмæстдæр йæ зæрдæйы тæгтæй цы уарзты къуыбылой бахсныста, уый, дидинæджы къуы- бырау, Æхсарбеджы раз райхалынмæ. Фæлæ кæм уæн- ды. Иуæй фыд лæг у йæ фыд, хъыцъыдæттæ -сын ба- дардзæн, аннæмæй та тыхджын у ирон æгъдау æмæ сылгоймагæн уый бар нæ дæтты. Æгад æй кæны лæп- пуйы цæсты. Гъе, уымæ гæсгæ быхсы, фæразы Дзерассæ. Быхсы йæ æгъуыстаджы уарзондзинадæн. Батад, баруад бын- тондæр, мæгуырæг. Ницæуыл йæ зæрдæ дары. Фæлæ æнæнхъæлæджы, стæм хатт Æхсарбегыл куы амбæлы æмæ йæм уый йæ цæхæр цæстытæй мидбылты куы фæ- худы, уæд æвзонг чызгæн йæ талынг зæрдæмæ хуры тын ныккæсы æмæ, уарийау, цардамонды базыртыл стæхы æрвон тыгъдадмæ. О, фæлæ уыцы цæстæнгас къаддæр цæхæр не ссыгъта сидзæр лæппу Æхсарбеджы зæрдæйьк Уый йе стыр уарзондзинадæй (фарста сæхимидæг ды- гъал-дыгъулгæнæг хæххон уазал суадæтты, фынккалгæ æхсæрдзæнты, рæсугъд дидинджыты, гауызæвæрд сæр- вæтты, æгомыг мæсгуыты. Фарста-иу сæ: «Цы бакæнон, æнæ Дзерассæ мын мæ цард ад куынæ кæны, æхсæв— бон, бон та—æхсæв, уæд». Фæлæ йын, æрвон тыгъдады мин-мин стъалытау дзуапп нæ лæвæрдта хæхбæсты æрдз дæр. Æмæ æппын- фæстаг дыууæ изæры астæу суадоны цур фембæлдысты, сæ кæрæдзи уарзондзинадæй цъæх арт чи уагъта, уыцы дыууæ уарзоны—Æхсарбег æмæ Дзераосæ. Æргом загътой сæ кæрæдзийæн сæ хъуыдытæ æмæ ард бахорд- той, мæлæтæй дарддæр уыдон кæй никуы ницы фæхицæн кæндзæн, уый тыххæй. Фæлæ хæрамзæрдæ лæджы цæст æгъатыр кæм нæ уыди Иры. Оуадоны цур сæ фендæуыд æмæ хъуыддагыл къæдзилтæ афтыдтой, афтæмæй йæ æрдзырдтой хæрам- зæрдæ Агъабегæн. Цыма йæ бон сихор афон арв ныц- цавта, афтæ ныррызти сæрæй къæхты бынмæ Агъабег, цæджджинагау рахсыст йæ зæрдæйы хъæстæ маст æмæ сфæнд кодтой Зæринæйы сидзæры туджы сæвдулын. Ахæм æбуалгъ хъуыддагмæ та йын цæттæ уыди, Дзерас- сæ йе сæфт кæмæй уыдта, фæлæ æдзухдæр, аууонау, йæ 149
фæдыл чи зылд, уыцы мæнгард Дзаххотт. Уый йæ хъæз- дыг бынтæй йæ бонкалд æрвадæлты лæппу Тыфтыры- къойæн ныббаста саргъы бæх Æхсарбеджы сæрмæ. - Фиййæуттæ хъуыстой Бибомæ лæмбынæг. Мæхæмæ- тæн кадæджы райдиацы кæд йæ зæрдæ дзырдта, цы чи- ныг каст, уый хъайтары хъысмæтимæ, уæд ныр та йæ зæрдæйы æппæт бынат дæр радта Бибойы таурæгъы хъайтар Цæразонты Æхсарбегæн æмæ дзы уый тæссаг уавæр бауагъта мæг. Æрхъæцмæ нал хъæцыд, фæндыд æй тагъддæр, йæхи хуызæн сидзæрæй чи баззад, уыцы Цæразоны фырты хъуыддаг цæуыл ахицæн уыдзæн, уый базонын. Фæлæ, цыма, дæсны таурæгъгæнæг Бибо фий- йæутты тынгдæр сцымыдис кæнынмæ хъавыд, уыйау тау- рæгъы дзырдтæ уырзтæй æвзарæгау кодта. Тæссагдæр уавæрыл-иу ныхас кæм цыд, уым хъисфæндыры тæгтæ тъизæгау кодтой. Куы та-иу æхсæнмæ-’хсæнты талынгмæ рухс куыд бакæса æмæ йæ куыд барухс кæна, афтæ-иу ныфсдæттæг дзырдтæ фæзынд таурæгъы æмæ-иу уæд фиййæуттæ æнцондæрæй сулæфыдысты. — Уæй, мæ хуртæ, æнæаххосæй нæ хæссы бирæгъ фиййауы фосæй. Цы гæнæн уыдис Агъабегæн дæр, æх- хуырсты мызмæ фæхицæн кодта цыппæрдæс фысы. йæ- зыд цæстыты туджы æртæхтæ мæстæй фæбадти. Фæлæ мæнгард лæг йæ маст æмбæхсы æмæ фæлывдæй Æхсар- бегмæ фæхудти барæй: — Хаир, хаир дæуæн, сæрæнгуырд, цыппар фыры æмæ дæс мадæл фысы. Цы бар дын дарын дæхи фæллоймæ. Фæлæ дæ мадæн сæрмагонд лæвар—мæ сау тохъылтæн сæ тæккæ хуыздæр. Гъай-гъай, Зæринæ хуыздæр аккаг у йæ фырты тыххæй. Дæуæн та мæнæ нæртон хъыримаг æдхъатаратæ. Ныфсæрм Æхсарбег æмæ йæ дзыхы нæ бадт рæстмæ дзырд салам радтынæн. Дзерассæ та уæд йæ уаты бадти æмæ йæ зæрдæ фæр- чытæ хаудта. Фæлæ, мæгуырæг, йæ фыды тасæй нæ ра- уæндыди Æхсарбегæн хæрзбон зæгъынмæ. Уæвгæ Цæразон йæ иунæг фендмæ цæй тынг бæл- лыди. —Ныр та фæндараст!—йæ хъустыл ауад дæрзæг фы- сымы рæвдаугæ ныхас. 150
Изæрмилтæ кодта. Фæстаг дыдзырухс схъазыд хæх- тыл. Тындзы Цæразон. Тындзы, скъæры йæ дзуг сæхи- мæ. Æмбис фæндагмæ нæма рахæццæ. Тæссаг къах- вæндаг айнæджы сæрмæ цæй тынг ныддаргъи. «Æххæст ма лæнкмæ куы баирвæзин, зæгъгæ, куыд загъта, раст афтæ февзæрд æртæ æндæрджы йæ развæндагыл. — Тындзыс, Цæразон, фæлæ хæрз дзæгъæл—дæ раз- вæндаг у нæ кæрдты комыл! — Уый чи стут, цæуылнæ мæ ауадзут мæ мæгуыр къæсмæ! — Дæ мæгуыр къæсмæ дæу тугæрхæмттæй ныллас- дзæн дон дæр!—æрбадзырдта йæм кæйдæр фыдхъæлæс æмæ йæ уæлвæд фæцыд гæрах дæр. Ныннæрыд арф ком. Ныннæрыд ноджы мæстыгæрдæрæй. Гъей, гъей, мæгуы- рæг, Цæразон-сахъгуырд, цæй зын ран фæдæ, æртыхст дыл де знаг нарæг фæндагыл, залиаг калмау. Фæлæ нæ фæтарст Цæразон-сахъгуырд, йæ нæртон л’æвар милмæ куы дары. Æмæ кæд йе знаг фæскъæй нымбæхсти, уæд- дæр дзагъырæй кæсы уый размæ. Куыддæр нырттивы знаджы хотых, уысммæ йын сахъгуырд дзуапп куы рад- ты. Иæ -хъустыл ауад кæйдæр æнуд хъæр, кæйдæр утæх- сæн. Фæлæ йæхæдæг, йæхæдæг дæр ис уынгæджы раны. Цалдæр цæфы фæцис йæхæдæг дæр. Уæдмæ знæгтæ кардæлвæстæй дыууæйæ æрбацæйзгъордтой. Ныхъхъа- выд та нæртон хъæбатыр æмæ та уайтагъд сæ иу æр- фæлдæхт. Дыккаджы ’хсаргард йæ сæрмæ февзæрд. Фæ- лæ фæцарæхст Цæразон-сахъгуырд æмæ æхсаргарды ком хъримаджы лулæйыл цæхæртæ скалдта. Æрмтох сцырын. Цæразон хаты, йæ тых кæй сæтты. Цæйнæфæл- тау уа знаг уæлахиз, фæлтау уæлахиз мæ уды аргъæй». йæ домбай цæнгтæй аркъауы хуызæн Дзаххотты ’рцахс- та æмæ сæрсæфæнмæ йæхи куы фехста Ныссабыр арф ком. Æрмæст ма дудахъ фæцъæхахст ласы бæласы хихæй. Цыма уый марой кæны Цæразон- хъæбатыр гуырдыл. Йæ сау фæнд сæххæст мæнгард Агъабегæн дæр. Уый барæй балæвар кодта йæ хъыримаг йе ’ххуырст Цæра- зонты Æхсарбегæн. Фидарæй йæ уырныдта: тохы рæстæг фæмард уыдзæн Æхсарбег, фæлæ йæ цард асламыл кæй нæ ратдзæн. Уæвгæ йæ тынг фæндыд хъæздыг Дзаххот- 151
ты <мæлæт дæр. Йæхи æмкарæн уыд, афтæмæй йын йæ чызгыл кæдæй дзуры. Фервæзид дзы. Аннæмæй та дæ фарсмæ бæхы уаргъ куы акæла, уæд афтæ ма уæд æмæ дзы адæймагыл ма<цы æрбафта. Йæхи хъæздыгдзинад кæд комбæсты номхæссæн уыд, уæддæр ма бæллыд Дзаххотты бынтæм. Ныр йе знæгты сæфтæй йæ мæнгард зæрдæ уæрык- кау кафыд. Фæлæ, мæгуырæг, рæсугъд Дзерассæ нæ баурæдта фыдохы хабар æмæ фæлыгъд æмæхсæвæджы. Фæлæ кæдæм, хуыцау йæ зонæг. Фæдзурынц иутæ,^зы- мæджы карзы кæмдæр ныссалди, стонг бирæгъты амæт- таг баци, йæ сыгъдæг уд та сæрдæй-зымæгæй фиййæут- ты фæстæ, мæгуырæг, зилы æмæ агуры Цæразонты хъæбатыр Æхсарбеджы. Кæсут-ма, ниуы. Нæу уый, нæ, дымгæ, фæлæ рыст уд Дзерассæ ниуы. Зымæджы кар- зы Хъызлары фæзты йæ сæфт амондыл йæ уд куы хъары. Ныхъхъус ис фæндыр. Ныссабыр уæтæр. Æрмæст тыхдымгæ фæрсæгтæ хойы. Сфыхти æхсæвæр, фæлæ фиййæуттæй æрбаци рохы. Ивгъуыд заман сæ йæ хæрам тыхтæй фæхаста дардмæ. Хистæр фиййæуттæй чидæртæ зыдтой Цæразонты Æх- сарбеджы таурæгъ. Уый уыд Бибо йæхæдæг. Сæрсæфæ- нæй йæхи куы фехста, уæд йæ амондæн йе знаджимæ ныххаудысты хуыдыммæ. Хæрамзæрдæ Дзаххоттæн уæл- дæфы йæ зæрдæ бахъарм æмæ йæ хуыдым уайтагъддæр йæ улæнты аныгæдта. Æхсарбегæн та уазал дон удхо- сау фæци. Йæ хæдон, йæ басылыхъæй йæ цæфтæ сбаста æмæ æртыккаг бон, удмидæг ма уыд, афтæ сæмбæлд йæ мад Зæринæйы фыды фыд Джыгкайты Бибойы хæдза- рыл. Æхсæвæй-бонæй зæронд Бибо—комбæсты хæд- ахуыр хосгæнæг йæ хъæбатыр - хæрæфырты уæлхъус цырагъау сыгъд. Фервæзын æй кодта мæлæтæй йæ дис- саджы хостæй—хæхбæсты алæмæтаг кæрдæджытæй. Цæ- мæй йæ йе знæгтæй бахиза, уый тыххæй йæ рахуыдта йæхи ном, йæхи мыггагæй. Зæронд цард аивгъуыдта хиды бынты. Советон ду- джы Цæразонты Æхсарбег нæ райста йæ ирвæзынгæнæг Джыгкайты Бибойы хæрам. йæ ном ын хæссы абон дæр сæрыстырæй. Йæхи номæй та ма йын баззад Цæразон- 152 «
ты Æхсарбег æмæ йæ зынгхуыст уарзон Дзерассæйыл йæ ирвæзынгæнæг Бибо цы диссаджы таур&гъ скодта, уый. Æвиппайды срæйдтой куыйтæ. Фиййæуттæ, æхсит- тгæнгæ, æттæмæ ратахтысты. Дæрддзæфæй æрбай- хъуыст топпьг гæрæхтæ. Уæтæрæй йын чидæр дзуапп радта. — Ау, исчи фæндаг фæдзæгъæл уыдаид æмæ дзæбæх рухс у?—ахъуыды кодта Мæхæмæт. Уæдмæ та æрбай- хъуыст фæд-фæдыл дыууæ ’хсты.—Æмæ кæд Алæмæт у, уæд та?—фестъæлфыд йæхи фарстæй Мæхæмæт. Ногæй та фæцыд топпы гæрах. — Ам бадгæйæ нын нал у, лæппутæ!—фæкодта Мæ- хæмæт æмæ, цуанон топп раскъæфгæйæ, багæпп кодта æнæсаргъ бæхыл. Уадау атахт, ’Гоппы гæрæхтæ кæцæй хъуыстысты, уыцы ’рдæм. Йæ фæдыл æд хотыхтæ згъордтой цалдæр фиййауы, сæ разæй, мæнæ-мæнæ гæн- гæ, куыйтæ, а^фтæмæй. Фиййæутты уæтæр исдуг бамыр. Цымыдисæй æн- хъæлмæ кастысты хабар базонынмæ. Сарæх сты æттæ- рдыгæй топпы гæрæхтæ. Бæрæг уыд иу адæймаг кæй не ’хсы, фæлæ къордæй. Стæй æвиппайды ныхъхъус бæстæ. Чысыл фæстæдæр уæтæрмæ фæзындысты фиййæут- тæ.^Алæмæт архайдта хъазæн ныхасыл, фæлæ йын нæ рæстмæ кодта: — Кæм стут, бирæгътэЁ мæ куы хордтой, уæд? — Ау, æмæ ма дæ уыцы арсмарæн цæмæн хъæуы?— бафиппайдта фиййæуттæй чидæр. — Афтæ бирæ уыдысты æмæ мæм хæцæнгарз ис, уый дæр мæ ферох, — дзуапп радта Алæмæт. — Стæй, æвæццæгæн, бирæгътæ æгæр-æгæр куы код- той, уæд дыууæхстон йæхæдæг гæрæхтæ систа! — фæ- цырд Мæхæмæт. Алæмæты размæ рацыд Бибо дæр æмæ йын йæ къух зæрдиагæй райста. Бацыдысты мидæмæ. Нырма ныр фæфиплайдтой фиййæуттæ рухсмæ Алæмæты бырæгътæ дарæс. Хорзау нал фесты. Алæмæты хуызы цъыртт нал уыд. — Кæцæй та фæзындысты? — йæхиимæ дзурæгау скодта Бибо. 153
Алæмæт нæ бамбæрста Бибойы фарст æмæ æнхъæл- мæ каст, дарддæр цы зæгъдзæн, зæгъгæ. Бибо исдуг сагъæсты аныгъуылд, йæ цæстытыл ауадысты тæссаг нывтæ. Зæгъгæ, Мæхæмæт нæ фæцарæхст, уæд йæ бæ- хау балбирæгъты амæттаг фæуыдаид йæхæдæг дæр. Уыцы тæссаг нывтæй йæ зæрдæ ныссæххæтт кодта æмæ, Алæмæтмæ рæвдаугæ цæстæй бакæсгæйæ, сдзырд- та. — Хорз уыд æмæ хъуыддаг дзæбæхæй ахицæн. Фæ- лæ гæнæн уыд æмæ дыл дæ хъысмæт сайдæй рацыдаид. Ахæм тæссаг фæндагыл къордгæйттæй тыххæй куы фæ- цæуæм, уæд ды иунæгæй дæ ныфс куыд бахастай? — Бибо та æрхæндæг сагъæсты аныгъуылд. Уый канд стонг бирæгъты тыххæй афтæ нæ дзырдта, фæлæ гæнæн уыд æмæ уадтымыгъ сыстадаид, хъæпæнæй бамбæрзтаид фæндаг, арæдыдаид лæг æмæ уæддæр фыдбылызы хай •кодта. Бибо цыма уæдæй нырмæ цы ньгхæстæ кодта, уыдон фиййæуттæм хаудысты, уыйау йæ ныхас балхынцъ код- та æмæ ныр йе ’ргом æгасæйдæр аздæхта Алæмæтмæ. Ногæй йыл йæ цæст æрхаста æмæ фæхатыд, Алæмæт æм чысыл раздæр куыд цола æмæ фæлурс фæкаст, аф- тæ кæй нæу. Фæлæ, арты фарсмæ бадгæйæ, йæ рустæ кæй басырх сты.. Уый æхсызгон уыд Бибойæн æмæ йæ кæстæртæм адзырдта: — Лæппутæ, уазæг—цæттæ, фысым—æдзæттæ, фæлæ нæ уæддæр истæмæй хорз фенут. Мæхæмæт, хæдзардзин æфсинау, уайтагьд фынг ацæттæ кодта. Фыцгæ агæй сивырмæ иста уæнггай лыг дзидзатæ. Уалдзæг умæл зæххы сæрмæ фæлм куы æрба- ды, афтæ сивыры сæрмæ, урс мигъау, дзидзаты тæф калд. Алæмæты æрбацыдæй фæхъæлдзæгдæр сты фий- йæуттæ. —Нæ бинонтæ иууылдæр бынаты сты, нæ зæрдæ æд- дæмæ никæмæуал æхсайы, — загъта Бибо, Алæмæтмæ бакæсгæйæ. — Цæй, алæбон нæм æгас цу. Кæддæрид- дæр-иу дæ хæдзармæ дзæбæхæй, сæрæгасæй цы здæхай, .ахæм амонд дæ уæд. Бибо здыхт фыры сыкъа бадаргъ кодта Алæмæтмæ. . Уый йæ айста. Бибо фæхатыд, Алæмæт йæ чемыл кæй 154
нæу, уый. Дзидзатæй иу хай фарсылдар карды фындзæй Алæмæты раз æрæвæрдта. — Бæлццон æххормаг вæййы æмæ дæхи хорз фен, Алæмæт. Алæмæт уыд æнкъард, мадзура. Фиййæуттæ кæд цы- мыдис кодтой Алæмæты балцы тыххæй, уæддæр хаты- дысты, цы стыр бæллæхæй фервæзт, уый æмæ йæ иицæ- мæй бафарстой. Нæ йæ бафарста Бибо дæр «уæдæ горæ- ты дзæбæх сты», зæгъгæ, ууыл кунæ дзурæм, уæд. Бибо хорз зоны Алæмæты зæрдæйы уаг-—иугæр мадзура у, уæд æй йæхи бар уадз. Афон куы уа, — йæхæдæг дын æппæт дæр радзурдзæн. Æхсæвæры фæстæ фиййæуттæй, æхсæвы радгæстæй фæстæмæ, алчи дæр бацагуырдта йæ лыетæн. Мæхæмæт сæфснайдта фынг. Æддейæ уадтымыгъ футтытæ ласта. Йæ цæстытыл уадысты, изæры сын Би- бо цы диссаджы таурæгъ ракодта, уыцы Цæразонты си- дзæргæс мад Зæринæйы иунæг фырт Æхсарбег æмæ йæ уарзон Дзёрассæйы зынгхуыст хъысмæт. Иæ хуыссæнмæ йæхи байста Алæмæт дæр. Уый тынг фæндыд йæ фысты абæрæг кæнын, фæлæ йын иуæй Мæ- хæмæт загъта, иууылдæр сæрæгас сты, зæгъгæ, аннæмæй та ^йыл æртæфст йæ дард фæндаджы уæз æмæ йæхимæ уыйбæрц хъару нал хатыд. Зæгъгæ, балбирæгътыл нæ фембæлд æмæ уыдонæй нæ фæтарст, уæд, чи зоны, бæ- хы саргъы гоппыл бафынæй уыдаид. Ныр куыддæр йæ сæр базыл æрæвæрдта, афтæ ма йэё хъуыдыты, кинолен- тæйы нывтау, азгъордтой Болататы Ирбег æмæ Æрчъек- каты Хъазмæхæмæты ’быцæу, стæй йе ’ппæт цард фæс- таг сулæфты онг кæмæн снывонд кодта, уыцы Фæрдыг æмæ ууыл хъуыды кæнгæйæ, бафынæй. Бафынæй сты фиййæуттæ. Фынæй кæны уæтæр. Æд- дейæ та тыгъд быдыры, стонг бирæгъау, ниуы уад, фут- тытæгæнгæ, миты хъæпæнтæ куы иуырдæм фæцæй хæс- сы, куы иннæрдæм. Æмбисæхсæвмæ æввахс йæ хуыссæны рафт-бафт бай- дыдта Алæмæт. Се ’ппæтæй йæ раздæр базыдта Бибо, фæлæ æнхъæл уыд, йæ зæрдæйы исты маст бацыд æмæ ууыл хъынцъым кæны. Иу цалдæр хатты йæ афæрсын- мæ хъавыд цы кæныс, цæуыл тыхсыс, зæгъгæ, фæлæ та- иу йæхи ныуурæдта. Ныр æгæр рафт-бафт куы кодта йæ 155
хуыссæны, уæд сабыргай сыстад Бибо æмæ, Алæмæты сынтæджы тигъыл æрбадгæйæ, рæвдаугæ бафарста: — Цы кæныс, Алæмæт, цавæр маст дæ бацыд? — Маст дæр æнæмаст нæ дæн, фæлæ, æнхъæл дæн, стæвд дæн! — йæ комы къултæ хус кодтой, афтæмæй æрдæг хъæлæсæй сдзырдта Алæмæт. Бибо йæ къух авæрдта Алæмæты ныхыл æмæ хор- зау нал фæци. Цæхæртæ калдта лæг фыртæвдæй... «Гъæй, туг куыд ныууарыд, гъе. Лæг сæфгæ куы кæны, уæд мах та фынæй кæнæм». Бибойы ныхасмæ фехъал Мæхæмæт дæр. Алæмæт фæрынчын, зæгъгæ, куы загъта Бибо, уæд иугай-дыгай йæ цурмæ æрбацыдысты иннæ фиййæуттæ дæр æмæ йæ уæлхъус слæууыдысты æнæдзургæйæ. Мæ- хæмæт фæтæгены цырæгътыл уæлдæр схæцыд. Барухс къæс. Фиййæуттæ æнхъæлмæ кастысты, Бибо цы зæгъ- дзæн, уымæ.* Фæлæ Бибо ницы дзырдта. Æддейæ къуыс-къуыс кодта уадтымыгъ. Уый мидхъуырдухæныл бафтыдта зæронд лæджы. «Æвæстиатæй хъæуы дохтыр. Фæлæ кæм ис? Цæуын . хъæуы районмæ. Æмæ ацафон ацы тæссаг уадтымыгъæй куы аирвæзой, уæддæр сæ балби- рæгътæ бахæрдзысты. Алæмæт изæры йæхæдæг фыдбы- лызæй тыххæй фервæзт. Хорз уыд уæддæр æмæ йыл уæ- тæрмæ хæстæг сæмбæлдысты, æндæра æвыдæй нæ баз- задаид. Æмæ æниу уадтымыгъæй дæр æмæ бирæгътæй дæр куы аирвæзой, уæддæр сын кæцы дохтыр сразы уы- дзæн ахæм тæссаг фæндагыл рацæуынмæ. Мæхæмæт тæвдбарæн райста Алæмæты дæлармæй æмæ йæ хуыз аныхъуырдта, дыууиссæдз градусы уыд* рынчыны тæвд. — Лæппутæ, иуран бадгæйæ нын нал у!_— æппынфæс- таг алыг кодта Бибо. Мæхæмæт скодта йæ кæрц, йæ хъусджын худы хъус- тæ æруагъта, къулæй райста, Алæмæтæн цы дыууæхстон топп балæвар кодта колхоз, уый. йæ кæрцы астæуыл æрбабаста арсмарæн гилдзытæй йедзаг хъатаратæ. Фиййæуттæ уыдтой, Мæхæмæт цы ми кæны, уый. Фæлæ йын «ацу дæр» æмæ «ма ацу» дæр ничи загъта. Аныр фæцæуæг уа, зæгъгæ, афтæ Бибо сыстад, къу- л^ей райста йе ’хсаргард æмæ йæ Мæхæмæтмæ бадаргъ 156
кодта. Алæмæт чысыл раздæр афынæй æмæ куыднæ райхъал уа, афтæ йæм сабыргай,бадзырдта: — Мæхæмæт, мæ хур, цы тæссаг фæндагыл цæуыс, уый де ’нæ зонгæ нæу. Фæлæ дын сæрбахъуыды сахат топпæй æхсаргард къаддæр æххуыс нæ уыдзæн. Иу æмæ дыууæ бирæгъы тыххæй гæрæхтыл ма схæц. Топпы хъæр дардмæ хъуысы. Æххормаг бирæгътæ та хъæрмæ æмбырдгæнаг сты. Бæхтæй та мæхи бæх алас. Тæссаг сахат æм лæджы хъару ис. Дунейы фарн дæ рæствæн- даг фæкæнæд. - — Нæ, иунæгæй йæ нæ ауадздзыстæм, Бибо!—йемæ ма фæцæуæг сты дыууæйæ. Бибо æхсызгонæй сулæфыд. Фиййæутты ныхæстæ хъуыстысты Алæмæтмæ. Фæлæ афтæ æнхъæлдта, фынтæ уыны. Исдуг къæсы хъыпп-сыпп нал хъуыст. Ныр фиййæут- тæ бахаудтой дыккаг мæты дæр. Се ’мбæлттæ æртæйæ ацыдысты тæссаг фæндагыл. Иунæг хуыцау йæ зонæг, цы фыдбылыз сæм æнхъæлмæ кæсы. Алæмæт йæ былтæ базмæлын кодта. Сыбар-сыбургæ- нæгау райхъуыст йæ хъæлæс: — Дон, Мæхæмæт, дон. Бибо йæм балæвæрдта дон. Иу дыууæ хъуыртты дзы куы акодта, уæд дзы цыма хатыр куырдта, уыйау æм ныллæг хъæлæсæй сдзырдта: — Бузныг, де знаг дын балæггад кæнæд. Фæлæ кæм нс Мæхæмæт та? — Районмæ, дохтырмæ ацыдысты! — хъавгæ ралæ- марæгау кодта тыхæй Бибо. — Бибо! Цы бакодтай кæйдæр лæппуйæн!—æррайау нæ сынтæгæй рагæпп кодта Алæмæт. Фыццаг хатт хæ- рам цæстæй бакаст, хи уды бæрц кæй уарзта, уыцы кад- джын зæронд лæгмæ. Йæ сынтæджы бын чемоданыл йæ- хи ныццавта, систа дзы сау лакæй ахуырст цыппæрди- гъон къоппгонд. Фæлæ Бибо йæ сæр ныллæгдæр æркъул кодта æмæ æрхæндæгæй сдзырдта: — Æндæр гæнæн нæй, Алæмæт, мæ хур, фæлæ æрса- быр у, дæхи ма уазал кæн- Æртæйæ сты æмæ сын кæд ницы узид. Алæмæт къоппгонд стъолыл æрæвæрдта. 157
— Адæм сæфгæ кæнынц æмæ æз та æнцад хуыссон!— уайтагъддæр цыдæр цырæгътæ ссыгъд къоппгонды. «Ало, ало, фæдисы хабар! Дзуры фиййæутты уæтæр. Ало, ало, фæдисы хабар! Дзуры фиййæутты уæтæр!—уы- цы иугъуызон дзырдтæ фæлхатт кæны Алæмæт, фæлæ къоппгонд ницы дзуры, ныхъхъус йæхицæн, æрмæст мыс- тъулæджы цæстыты æрттывд кæнынц йæ чыгыл цырæгъ- тæ. Алæмæт мæсты кæны, йæ ныхыл хид фæрдгуытæй фæзынд. Уысмы бæрц фæлæууыд, стæй та ногæй фæл- хатт кæнын байдыдта: «Ало, ало, фæдисы хабар, фий- йæутты уæтæр дзуры». Æмæ мæнæ стыр диссаг, рай- хъуыст къоппы хыр-хыр, стæй сылгоймаджы бæзджын хъæлæс: «Хъусын дæм. Фиййæутты уæтæр, хъусын дæм. Дæ ныхас мæм дзæбæх хъуысы. Цавæр фæдисы ха- бар у». Алæмæтæн фырадæргæй йæ къухтæ зыр-зыр рай- дыдтой, фесæфт йæ хъæлæс, йæ дзырдтæ скъуыддзæг- тæй фиййæуттæм дæр тыххæй райхъуыстысты. Къоппгондæй та сылгрймаджы хъæлæс ноджы хъæр- дæрæй, бæлвырддæрæй хъуыст: «Фиййæутты уæтæр, фиййæутты уæтæр, дæ ныхæстæй дын ницы бамбæрстон. Хъусыс мæм? Дæ ныхæстæй дын ницы бамбæрстон. Но- гæй мын сæ зæгъ». Бибо Алæмæты скъуыддзаг дзырдтæ «Фæд... лæгтæ сæф, милиц...» бамбæрста, ома фæдис, лæгтæ сæфынц æмæ фехъусын кæн милицийæн. Алæмæтæн бахатыр кæн, зæгъгæ, йæхæдæг райдыдта дзурын. — Хъус-ма, хорз ус, мæ хъæлæс та дæм куыд хъуы- сы? Дзуапп ратт. Æмæ та уайтагъд райхъуыст: «Дæ хъæлæс мæм хорз хъуысы, фæлæ ус дæн, уый цæмæй ба- зыдтай?» «Цыдæр хуыцауы ’лгъыст ус, — ахъуыды кодта йæ- хинымæр Бибо æмæ та райдыдта дзурын: «Дзуры фий- йæутты уæтæр. Стыр ахуыргонд лæг уæззау рынчын у, тагъд хъæуы дохтыры æххуыс. Йæ тæвд у дыууиссæдз градусы». — Фиййæуттæ, фиййæуттæ, милицæ! — сыбар-сыбу- рæй та райхъуыст Алæмæты хъæлæс. — Ноджыдæр ма иу хабар! — дзуры та къопмæ Би- бо, — æвæстиатæй фехъусын кæн милицимæ, фиййæут- 158
тæ æртæйæ ацыдысты бæхтыл районмæ, фæлæ тæссаг у бирæгътæй æмæ сæм æххуысмæ фæзынæд. Радзур мын, мæ ныхæстæй цы бамбæрстай. Хъусын дæм. Сылгоймаг сфæлхатт кодта Бибойы ныхæстæ. Стæй та йæхæдæг бафарста. Хъызлар дардыл зылд у, уæтæр- тæ дзы—бирæ, цæмæй уæ ссардзæн дохтыр? Дзуапп радт. — Хос ссудздзыстæм!—дзуапп. радта Бибо. — Фиййæутты уæтæр, фиййæутты уæтæр!—райхъуыст та сылгоймаджы хъæлæс,—æппæт дæр бамбæрстон. Æх- хуысмæ æнхъæлмæ кæсут. — Лæппутæ, уæ иу рынчыны цур фæлæууæд, иннæ- тæ—мæ фæдыл. Цъынатæй иу цалдæр æргъомы дарддæр ахæссæм, науæд ацы уадтымыгъы зынджы стъæлфæн куы бахауа иннæтыл, уæд бабын уыдзыстæм. Æддейæ æхсæв уыд ирд. Кæд уадтымыгъ мйты хъæ- пæнтæ дыууæрдæм хаста, уæддæр-иу рæстæгæй-рæстæг- мæ фæсабыр æмæ-иу арвыл, ирд цæхæртæ калгæйæ, ра- зындысты мæй æмæ стъалытæ. Цæст дзæбæх уыдта дардмæ. Бибо æмæ йе ’мбæлттæ хосдонæй ахастой хос æмæ йæ кæрæдзийыл ныккалдтой. Хохаг цъерийæ фæбæрзонд- дæр. Куыйтæ сæ куы федтой, уæд дзы иутæ уазалæй хъыс-хъыскæнын байдыдтой, аннæтæ сæ алыварс, сæ къæдзилтæ тилгде, срæуæг сты, цыма сын æмбарын код- той, кæсут, зæгъгæ, махмæ уазал нæ хъары æмæ цырд- дзастæй хъахъхъæнæм уæтæр. Фиййæуттæ архайдтой æнæ хъыпп-сыппæй. Сæ зæр- дæты уыд уæззау маст. Ничи сæ ницы зыдта, куы ’рба- бон уа, уæд сæм цы уац æнхъæлмæ кæсы, уый. Æрмæст ацы æнафоны кæсынц куы тыгъд быдырмæ, куы арвы риумæ исты сау стъæлф фæзынын æнхъæлцауæй. Æвиппайды, Алæмæты цур цы фиййау баззад, уый ра- хъæр кодта: — Бибо, тагъддæр-ма рацу! Бибойы уæнгтæ рызгъæлæгау кодтой, фæтарстысты иннæтæ дæр. (Æнхъæлдтой, Алæмæт исты кодта, зæгъ- гæ.) Фæлæ къæсмæ куы бацыдысты, уæд бамбæрстой, цæ- мæ сæм хъæр кодта, уый- Къоппгонд æнæрынцойæ хъæр кодта: «Фиййæутты уæтæр, фиййæутты уæтæр». Уыд сæ 159
зонгæ хъæлæс. Дзырдта уыцы сылгоймаг. Бибо йын дзуапп радта. Уый бамбарын ’кодта, зæгъгæ, æппæт дæр сарæзтон. Æнхъæлмæ кæсут æххуысмæ. Фарста рынчы- нæй, йæ тæвд нæма æрхаудта, зæгъгæ. Æвиппайды куый- тæ смæнæ-мæнæ кодтой. йæ хæд фæдыл дардæй æрбай- хъуыст хæдтæхæджы хъæр. Фиййæуттæ азгъордтой æд- дæмæ. — Рæвдздæр, хосыл арт бандзарут, уый, æвæццæгæн, мах агуры, — загъта Бибо. Уæтæрæй анæрыд топпы гæрах дæр. ’ ч Хосы арт уайтагъддæр сырх æвзæгтæ фестад. Хæд- тæхæджы хъæр тынгдæр æрбайхъуыст. Стæй исдуг бын- тондæр фæхъус. Æвæццæгæн æй уадтымыгъ æндæры ’рдæм аскъæфта. Стæй та ногæй райхъуыст. Фиййæуттæ æфсæйнаг сагæйттæй схъаудтой арт, цæмæй йæ сырх æвзæгтæ дарддæрмæ зындаиккой. Хæдтæхæджы хъæр æввахсæй-æввахсдæр кодта. Бæ- рæг уыд, арты æвзæгтæ кæй федта, уый. Чысыл фæстæ- дæр, гуыбынджын, къæдзилджын хæфсы лæппынау, уæ- тæры сæрмæ йæхи сабыргай дæлæмæ уадзын райдыдта вертолет. Æруагътой дзы дæргъæй-дæргъмæ быд асин. Куыддæр зæххыл аныдзæвд, афтæ байгом дуар æмæ йыл дæлæмæ чидæр хизын байдыдта. Куыйтæ тынг сыз- нæт сты вертолеты хъæрмæ æмæ се знæт рæйдæй не ’нцадысты. Фæстаг æртæ къæпхæныл нал æрхызт, фæлæ уыцы иу гæпп æркодта æмæ цырд афарста, кæм ис рынчын, зæгъгæ. Уайтагъддæр æй мидæмæ бакодтой. Алæмæт сæнттæ цагъта фыртæвдæй. Дохтыр ын асгæрста йæ тугдадзины куыст. Сбарста йын йæ тæвд дæр. Уайтагъддæр ын тæв- ды ныхмæ судзин сарæзта. Иæ улæфт уыд уæззау. йæ риу хыр-хыр кодта. — Кæм суазал афтæ тынг? Хорз у, æмæ афоныл фе- хъусын кодтат, æндæра ма чысыл бафæстиат стут, уæд цъыбыртты сыгъд бауыдаид. Фиййæуттæ нырма ныр фæхатыдысты, дохтыр Алæ- мæты чысыл стъолы фарсмæ куы ’рбадт æмæ йæ цæс- гом цырагъы ’рдæм куы разылдта, уæд дохтыр ацæргæ кæй у, уый. йæ цардæфсæст цæстытæ цæхæртæ калдтой. 160
Йæ роцъойыл цы чысыл боцъо уыд, уый йæ карджындæр кодта. Æнæуи та бæрæг уыд йæ фезмæлд, йе сдзырдæй иу дæс æмæ йыл дыууиссæдз азæй фылдæр кæй нæ цæу- дзæн. Алæмæт иучысыл йæ хыр-хырæй фенцад. Дохтыр рæвдз фестад, пæ тугдадзины куыст та йын асгæрста æмæ æхсызгон-æй сулæфыд. — Хорз у, хорз, гъай-гъай, тæвды ныхмæ хуыздæр хос нæ хъæуы. Æмæ цы у уæ зæрдийæ? Нæхимæ бæр- зонд цъититы бын чи зайы, ахæм кæрдæджытæй конд. Ныр æй иу чысыл бауадзут æмæ афынæй уа! — дохтыр, Алæмæты цур цы цырагъ уыд, уый дæлдæр æрзылдта æмæ къæсы иннæ къуыммæ сабыргай рацыд фиййæут- ’ты цурмæ. — Куыд у, дохтыр? — уæззау сагъæсæй бафарста Бибо. — Цы зæгъон, бæлвырд нæ зонын. Кæд тæвды судзаг рæуджытæм нæ рахиза, уæд а-дыууæ боны йæ къахыл слæудзæн. Фæлæ рахызт, зæгъгæ, уæд æй æвæстиатæй рынчындоны схуыссын кæнын бахъæудзæн. Афтæ у, уа- -зал кæй ныццæвы, уыцы рынчыны хабар. — Омæ афтæ тынг кæм суазал уыдаид! — бакатай та кодта Бибо æмæ дохтырæн радзырдта, Алæмæты бал- бирæгътæ куыд хордтой, уыцы хабар. Дохтыр цымыдисæй фехъуыста, стæй йæ бынатæй сыстад, йæ чысыл хызынæй та систа цавæрдæр хос, рай- хъал кодта Алæмæты æмæ йын æй бадардта. Бон дзир-дзур кодта, афтæ куыйтæ сæхи æддæмæ аппæрстой, мæнæ-мæнæгæнгæ. Цы хабар у, зæгъгæ, ’куыд загътой, афтæ дардæй æрбайхъуыст машинæйы уасын. Куыйтæ сæ лæбурынæй нæ уисæн кодтой. Уатмæ фæл- лад дугъ æрбакодта Мæхæмæт. Фиййæутты иу къуымы бадгæ куы федта, уæд æй феррамæ бирæ нал хъуыд. Фæ- лæ йын уæдмæ къухæй анамыдта Бибо, сабырдæр у, зæгъгæ. — О, стыр хуыцау, мæнæ не ’к^ойæ цы уаргъ ахауд,— Мæхæмæты ныхъхъæбыс кæнгæйæ, фæкодта Бибо æмæ йæ цæссыг йæ рустыл æрлæдæрст. Фиййæутты къæсмæ æрбацыдысты милицийы кус- джытæ -цалдæрæй, семæ уыдысты, Мæхæмæтимæ чи фæ- -П. Хацырты С. 161
цæуæг, уыцы дыууæ фиййауы дæр. Милиционерты иу- къорд та лæууыд æддепæ æмæ хосы арты сыгъдонмæ сæ къухтæ тавтой. Рынчын дзæбæхдæр у, зæгъгæ, ’куы базыдтой, уæд фæстæмæ цæуыныл ныллæууыдысты. — Мæ фыдыстæн, иуы дæр уæ нæ ауадздзынæн, — сæ размæ рацыд Бибо. — Сымах махæн ахæм хорздзи- нады бацыдыстут æмæ уын уыцы лæггад донæй дæр нæ бафиддзыстæм. — Мæ фыды хай, уый нæ хæс у! — се ’ппæты бæсты дзуапп радта иу бæрзондгомау, фæтæнуæхск милицио- нер. — Марадзут, мæхи тохъылтæн сæ тæккæ нарддæры къубал ахауын кæнут. — Цæй, нæ ацы фембæлд аргъæвæм, мæнæ уалдзæг фæстæмæ, хохмæ фос куы скъæрат, уæдмæ. Ныртæккæ æддейæ уыйæппæт адæм куы ’рбацæуой, уæд рынчыны батыхсын кæндзыстæм. Сымах та куыд фæнды? — йе ’мбæлттæм бакæсгæйæ, бафарста уыцы милиционер. — Раст зæгъыс, æмбал капитан , æндæр хатмæ йæ аргъæвæм, — дзуапп ын радтой цалдæрæй. Æвиппайды та райхъуыст, Алæмæты стъолыл цы чы- сыл къоппгонд уыд, уый хыр-хыр: — Ало, ало, фиййæутты уæтæр! Фиййæутты уæтæр! Фехъусын мын кæнут! Дохтыр уæм атахт вертолетыл. Сс^рдта уæ, æви нæ? Цы баисты уе ’ннæ ’мбæлттæ? Ми- лицæ афæдис кодтой сæ размæ. Æнхъæлмæ кæсын дзуапмæ! л Бибо рæвдз бацыд къоппгондмæ. Æнахуыр диссаджы æхцонзæл хъæлæсæп райдыдта уыцы сылгоймагимæ дзурын: — Дзуры фиййæутты уæтæр. Дохтыр афоныл сæм- бæлд рынчыныл. Фервæзын æй кодта мæлæтæй... * * # Астемыраты Алæмæтимæ фембæлдмæ Хъазмæхæмæт канд пæхи нæ, фæлæ йæ дæлбар кусджыты дæр рагæй цæттæ кодта. Хъазмæхæмæт зыдта, институты ’кусджы- тæй бирæтæ Алæмæты кæй уарзынц, кæй йын аргъ кæ- нычц. Гъе? уымæ гæсгæ Алæмæтыл æнæ йæхп дг/рæн 162
иæ уыд. Уæд зæгъдзысты, зæгъгæ, кафедрæйы кусджы- тæм æргом ныхасы хъару.нæ разынд æмæ удæгас лæгæн фæсаууонмæ тæрхон скодтой. Зæгъдзысты ма ноджы- дæр, зæгъгæ, Хъазмæхæмæт æм хæрам у æмæ йын ба- рæй афтæ бакодта. Цæмæй ахæм аххосæгты æфсонæй дзæгъæл ныхас ма цæуа, уый фæстæ йæм къухбакæнæн ма уа," уый тыххæй Хъазмæхæмæт арвитын кодта тел Ллæмæтмæ Хъызлармæ, цæмæй æвæстиатæй фæзыидаид горæтмæ. Æма^ фæзынд. Иæ хæлæрттæй йын чидæртæ йæ хъусты бацагътой, з&гъгæ, дзы абон стыр гæрæхтæ уы- дзæи. Хъыцъыдæттæ дын æрцæттæ кодтой. Хъазмæхæ- мæт—Цезар æрмæст зæгъдзæн, стайты рауадзут гладиа- тормæ. Фæлæ фидар лæу. Алæмæт иицы хорздзинадмæ æнхъæлмæ каст Хъаз- мæхæмæтмæ. Фæлæ ацы кафедрæйы аспираитыл пымад кæй у, стæй кандидатон диссертацион куыст дæр ацы кафедрæмæ кæй хаудта, уымæ гæсгæ, йæ хъару цас амыдта, уыйбæрц æй цæсгомджынæп бацæттæ кодта æмæ сæм æй радта. Фæлæ йын Хъазмæхæмæт цавæр хъыцъыдæттæ æрцæттæ кодта, цавæр къухбакæнæнтæ йæм ссардта, уый бæлвырдæй нæ зыдта. Уый даргъ, уæззау фæндаджы фæстæ тынг фæллад уыд æмæ æрхæн- дæг зæрдæйæ æнхъæлмæ каст, йæ диссертацийы тых- хæй йын цы зæгъдзысты, уымæ. Кæд æй йæ хæлæрттæ бафæдзæхстой стыр гæрæхтæ дзы уыдзæн, зæгъгæ, уæд- дæр уыцы ныхæстæ пицæмæ æрдардта. йæ хъуыдытæ æнæхъæпæй дæр баст уыдысты, йæ бирæ æнæхуыссæг æхсæвты сæдæгай хæттыты цы фæлварæнтæ фæлхатт кодта, уыдонимæ. Бирæтæ дзы, математикæйы формулæ- тау, йæ зæрдыл æпæкæсгæйæ лæууыдысты. Фидарæй йæ уырныдта, раст сæ кæй рафæлгъуыдта, уый. Иустæмтæй фæстæмæ, иу джиппы уагъдау, æдзухдæр уыдысты иу- хуызон. Стæй, " æппынфæстаг, теоретикон æгъдауæй цы бæлвырд кæны, уымæн практикæйы дзуаппдæттæг сты, дыууæ азмæ фосæй цы æртæ цоты райста æмæ дзæбæх, æнæзианæй чи рæзы, уыцы уæрыччытæ сæхæдæг. «Нæ, нæ, ам Хъазмæхæмæты хæрамдзппад кæд не скуса, уæд мæ куыстæн райсдзынæн æмбæлоп аргъ», — хъуыды кодта йæхинымæр æмæ æмбырды адæмыл йæ 163
цæст ахаста. Иутæ дзы сæхи афтæ дардтой, цыма Алæ- мæтмæ комкоммæ бакæсынæй .æфсæрмы кодтой, йæ ра- зы исты зылынджын фесты. Иннæтæ та—раст фыдахин- тæ. Сæ цæсгомыл бæрæгæй зынд, цыдæр знæт уавæры кæй сты. Сындзытыл бадæгау кæнынц, сæ быны бандон нал хъарм кæны, куы иуырдæм фæзилынц, куы иннæр- дæм, кæрæдзийæн цæстныкъуылдæй, сæры тылдæй цы- дæртæ амонынц. Æмбырд райдайын афон у, фæлæ ма йæм цæмæ кæ- сынц, бæрæг нæу. Уæдмæ фæзынд институты партбюро- йы секретарь, бæрзонд, къæсхуыртæарæзт, иу дæс æмæ ссæдз азы кæуыл цыдаид, ахæм лæппу лæг, йæном Ла- демыр, зæгъгæ. Уый салам радта адæмæн æмæ, комкоммæ Хъазмæ- хæмæтмæ бацæугæйæ æмæ йын йæ къух райсгæйæ, йæ хъусы сусæгæй цыдæр бадзырдта. Хъазмæхæмæт ын сæ- ры тылдæй дзуапп радта æмæ æмбырд райдыдта. Алæмæт ног æрбацæуæджы нæ зыдта. «Уый Ладе- мыр у, нæ институты парткомы секретарь, куыстытæй йæ хъуырмæ у æмæ йæ кафедрæты æмбырдтæм уадиссаг не ’вдæлы»,—бамбарын кодта Алæмæтæн йæ фарсмæ- бадæг. Уæдæ æмбырд райдайынмæ сæрмагондæй уымæ кæй æнхъæлмæ кастысты æмæ æмбырд ахадгæдæр цæ- мæй уа, ахæм ахаст ын радтыимæ кæй хъавы Æрчъек- каты профессор, ууыл дызæрдыг нæ кодта Алæмæт. Æмбырд райдыдта. Хъазмæхæмæт иу-дыууæ ныхасы тыххæй ралæмарæгау кодта Алæмæты ивгъуыд ахуыр æмæ куысты тыххæй, стæй загъта, зæгъгæ, иннæ сту- денттæй хъауджыдæр нæм цæмæндæр афтæ каст, цыма зонадон куысты ’рдæм здæхт у. Фæлæ æнæрæдигæ ду- не нæй. Фæрæдыдтæн æз дæр, аспирантурæмæ йæ <кæй райсын кодтоп, уый тыххæй. Не ’ннæ аспиранттæй иу- тæн сæ днссертацитæ бавдыст æрцыдысты, цæмæй сын зонæдты кандидæтты нæмттæ лæвæрд æрцæуа, аннæтæн дæр фæуынхъус сты! — Хъазмæхæмæт номæй-номмæ ранымадта цалдæры, — фæлæ æз нæ зонын, Астемыры фырт та йæ диссертацимæ кæд æрæвналдзæн, йæ фиййа- уы лæдзæг зонадон хотыхæй кæд раивдзæн, уый. Æз мæ хъуыды раджы загътон æмæ ныффыстон, Астемыры фырт дыууæ азмæ æртæ 1*оты райсыны тыххæй цы сæнт- 164
тæцæгъдæн фæлварæнтæ фæарæзта æмæ уыдон бынду- рыл цы диссертаци, кæд ын а.фтæ схонæн ис, уæд, ба- цъапп-цъупп кодта, уый тыххæй. Абон æз ногæй ницы- уал зæгъдзынæн. Фæлтау мæнæ*кафедрæйы уæнгтæ лæм- бынæг бакастысты Астемыры фырты куыст æмæ уадз уыдон зæгъæд сæ хъуыды. Уæдæй нырмæ сындзытыл бадæгау чи кодта, уыдон æзфæраздæронæй ныхасы бар куырдтой. Хъазмæхæмæт йæ зæрдæ фидарæй дардта, йæ дæлба- зыр ахстæттæ чи сбыдта æмæ уырдыгæй чи рагудзицц кодта, Хъазмæхæмæты зонадон куысты корифейыл чи нымайы), уыцы фæсарцбадæг дæлдзиныгтæ кæй зæгъ- дзысты сæ ныхас. Алæмæт бадт æмæ йæ хъустыл ныххæцыд. Дæл- дзиныг дзурджытæ кæрæдзи ивтой æмæ хорздзина- дæй фæстæмæ сæ дзыхæй цынæ схауд, ахæм сын нал баззад. Хъуыста сæм Хъазмæхæмæт дæр æмæ-иу йæ сæр уæз- дангомау батылдта. Цыма сын а<фтæ æмбарын кодта: «Цæвут æй уьгцы хивæнды, афтæ йын хъæуы». «Быхс, быхс, мæнæуи, — хъуыды кодта Алæмæт, — ныртæккæ дзы уьшæй хуыздæр ницы гæнæн ис. Стæй дæумæ дæр ныхасы бар кæд æрхауид. Ацы æрмахуыр мыстытимæ мын æнцон дзурæн у. Амцæф, уымцæф дзæ- гъæл ныхасы йедтæмæ сæ хъуыддагыл ничи ницы дзуры. Ницы загъта уадиссагæй Хъазмæхæмæт йæхæдæг дæр. йæ раздæры писмойы кой кæй скодта, уый та ивгъуыд хабар уыд æмæ йын йæ рæстæгыл ахъаззаг дзуапп райста». Хъазмæхæмæт ныхасы бар радта иу ныллæггомау, бурхил, цъæхдзаст нæлгоймагæн. Уый Хъæцлæуты Айтег у, Хъазмæхæмæты ног аспирант, — Алæмæты хъусы æр- бадзырдта йæ фарсмæбадæг. «Айтег нæ, фæлæ тырты- на»,—цæмæндæр ахъуыды кодта Алæмæт. Лæппуйы зыд- та уымæйразмæ дæр æмæ йæм, аспирантурæйы цæмæй стæлфыдаид, ахæм курдиатæй ницы рахатыд. Айтег йæ пиджачы риуы дзыппæй систа цавæрдæр гæххæтт æмæ адæмыл æфсæрмыгæнгæ йæ цæст ахаста. «Ам хъуыддаг бæрæг бæлвырд у. Зонадон быцæу чи расайа, ахæмæй дзы ницы ис. Æз дæр, мæнæ мæ размæ 165
дзурджытау, бакастæн Астемыры фырты зонадон куыст, нæ уарзон профессор Æрчъеккаты Хъазмæхæмæты загъдау, кæд ын зонадон куыст схонæн ис, уæд,— æмæ Æрчъеккаты Хъазмæхæмæтмæ сæркъулæй, цыма ныртæккæ йæ размæ царвау атайдзæн, ахæм хуыз рав- дыста. —Æргом дзырды къæм нæй, Астемыры фырт, æмæ дын мæнæ ме ’ргом ныхас. Дæ зæрдæ де ’вдисæн, кæрæ- дзи, куыд æмбæлы, афтæ рæстмæ зонгæ дæр нæ кæнæм. Гъе, уымæ гæсгæ, кæд дæ зæрдæ искæмæ хæрамдзи- надæй æхсайы, цыма дын барæй дæ диссаджы «уыст ныллæг кæны, цæсты йæ æфтауы, уæд ацы хъуыддаджы æз ахæмæй хызт дæн! — Уымæй Айтег «диссаджы куыс- ты» ахæм хъæлæсы цавд скодта æмæ йæ иууылдæр бам- бæрстой, Астемыры фыртыл худгæ кæй <кодта. Фæлæ хæ- рамдзинады кой кæй скодта, уымæй комдзог цыд йæхи- уылдæрæмæйæ Алæмæты ныхмæ ч,и сардыдта, ууыл дæр. Уый йедтæмæ горæты торджы службæгæнæджы фырт, йæ цæрæнбонты удæгас фыс никуы федта, кæд кинойы, æндæр, æмæ йæ ныртæккæ цы дзурын кодта, _уый бæрæг нæ уыд. — Æз мæ хъуыдытæ, цы фарстыл цæуы ныхас, уый фæдыл фæндоны хуызы ныффыстон æмæ кæд гæнæн ис, уæд сæ бакæсдзынæн?—фæрсæджы -каст та бакодта Хъазмæхæмæтмæ. Чидæртæ сæ бынæтты базмæлыдысты. Райхъуыст æнæразыйы ныхæстæ дæр, фæлæ Айтег каст Хъазмæхæ- мæты цæстытæм, æмæ йын уый сæры тылдæй разыйы дзуапп куы радта, уæд хъæрæй кæсын райдыдта: — Ныр цалдæр азы хъæууопхæдзарадон институты зонадон кæстæр кусæг Астемыраты Алæмæт рахау-бахау кæны фиййæуттимæ, йæ удыбыцъынæг скъуыны, дуне- йы чи нæма æрцыд, зонады ахæм ног дуар бакæныныл. Астемыры фырт рæдыд фæндагыл лæуд кæй у, уый йын къорд хатты бамбарын кодта фосдарды кафедрæйы сæргълæууæг, зындгонд профессор Æрчъеккаты Хъаз- мæхæмæт, фæлæ уый уæддæр нæ фæуисæн кодта. Фосдар- ды кафедрæны «кусджытæ нымайынц Астемыры фырты æнæбындур фæлварæнтæ сæнттæцæгъдæн митыл. Уыи- мæ ма кафедрæ фидарæй фарст æвæры институты дирек- 166
циш раз, цæмæй нæ кафедрæйы куыстæй аиуварс кæной Аст&мыры фырты, ныр цалдæр азы йæхи кафедрæйы куыотæй расай-басай кæй ’кæны, уый тыххæй. Фосдарды кафедрæйы кусджытæй иуæй-иутæ зыдтой, Астемыры фырты фæлварæнтæн бынæттон мыхуыр цы стыр Дргъ скодта, уый. Газеты уыд йæ къам, урс уæрьгкк пæ хъæбысы, афтæмæй. Къамы бын фыст уыд «Курдиат- джын юнадон кусæг Астемыраты Алæмæт йæ ног мыг- гаг уæпыккимæ». Гъе, æмæ мыхуыры ахæм аккаг аргъы пыхмæ кафедрæ кæй слæууыд, уый комкоммæдæр у Æр- чъеккаты Хъазмæхæмæты аххос. Фæлæ кафедрæйы кус- джытæй йæ ныхмæ ни4и ницы сдзырдта. Зонынц ын йæ фыдахин зондахаст. Куыд фæзæгъынц: «дæ фыдгул уый ракъахæд». Цæргæ-цæрæнбонты дæм табиц хæсдзæн. Уæвгæ Цфсæрмы кодтой сæ хорз æмбал Алæмæтæй. Фæ- лæ сæ зæрдæ дардтой, ахæм курдиатджын лæджы хъыс- мæт йæ’ пайдайы фæлварæнтимæ иунæг Æрчъеккаты профессорæн лыггæнгæкæй нæ уыдзæп. Стæй Алæмæт йæхæдæг дæр се ’нæ зонгæ нæ уыд, иугай бирæгътæн йæхи хæрын нæ бауадздзæн. Гъе, уый аххосæй ахæм хъуыдыйыл лæуд чи уыд, уыцы кусджытæ нюцы дæр йæ фарс загътой, ницы дæр йæ ныхмæ. Уæвгæ сæм Хъазмæхæмæт бахатыд цалдæр- гай хæттыты, кодта фæдфæливæн былдауæн ныхæстæ, •ома лыг кæнæм лæджы хъысмæт æмæ хъуамæ кафедрæ рахæсса раст уыиаффæ. Хъазмæхæмæтæй рох нæ уыд, Астемыры фырты ныхмæ цы писмо ныффыста, уый дæр æмæ уый фæстæ та партийы обкомы секретарь Болататы •Ирбегимæ сæ фембæлд дæр. Нæ фæцыд уæд Болатайы фырты ныхас йæ зæрдæмæ. Æнæбазыртæй чи пæр-пæр кæны, цæмæндæр æм ахæм разамонæг фæкаст. Сæ ныхас кæрæдзийыл не сбадт. Фыццаг хатт Æрчъеккаты профессормæ нæ байхъуыста партион бæрнон кусæг. Тынг хардзау æм фæкаст уыцы ми. Куы цыд, уæд ма йын, уайдзæфгæнæгау, афтæ бакод- та: «Хорз у æрыгон кадрты раразмæ кæнын, æвзонгдзина- дæн рухс фидæн ис, фæлæ хынцын хъæуы, уыцы кадртæ цæттæ ’кæныны сæраппонд йæ цард чи снывонд кодта æмæ уыдон кæй зæронд стджытыл æнцой кæнынц, уыдо- яæн сæхи дæр. Афтæ хъуыды кæны парти, афтæ хъуы- 167
ды кодтой, дæ размæ нæм цы разамонджытæ куыстои^, уыдон сæхæдæг дæр». / Хъазмæхæмæтæн, куыд не ’мбæлд, ахæм сæртæг ш:т фæкодта æмæ федтæдуар. / Ирбег нунæгæй куы аззад йæ кабинеты, уæд сатъæс- ты аныгъуылд. Хъуыды кодта: «Цы загътон ахæмæй æмæ мæм Æрчъеккаты профессор фæхæрам уа. Нæ, фæ- лæ, æвæццæгæн, йæ дзырдыл дыууæ зæгъын чи пæ уа- дзы, ахæм зæронд ^кадр у. Аззад иу чысыл царды/фæстæ. Гъай-гъай, цыма йæ хъуыдыйыл йæхи тынгдæр баууæн- дын кæныныл архайдта, уыйау бакодта Ирбег. /— Ныр, дæ бон ныккалай, Æрчъеккаты сæрыстыр пррфессор, ахæм дуг ралæууыд æмæ адæймаджы хъуыды] знонау, айчы хъузджы æвæрд нал у, фæлæ æргъæвст маргъ раг- уалдзæджы хуры хъармæй куы стæфсы æмæ арвы риу- мæ рогæй куыд спæррæст кæны, уыйау феуæгъд йе* ’ндзыг уавæрæй æмæ цæттæ у арвæй зæххы ’хсæн ху- ры тынтау, нывæндæг кæныныл... Фæстæмæ айчы хъузг- мæ цыфæнды тыхæн дæр нал бакомдзæн. Гъе, æмæ Æрчъеккаты профессор йæхæдæг дæр æнæ- хатгæ нæ уыд, царды ивындзинæдтæ кæй цæуы, уыдæт- тæ. Фæлæ мидхъуырдухæн кодта адæймаджы хъуыды- йы æгæрон фадæттыл. Нæ бæззы адæймаджы хъуыдьг дун-дунейы, дзæгъæлы дымгæйау, сæрибарæй хæта, уый. Адæймаджы хъуыды хъуамæ уа цыдæр бæлвырд фæл- гæтты æмæ хата уыцы фæлгæтты арæнтæ, бæрндзинад. Æрмæстдæр ахæм карз уавæрты руаджы бафтдзæн æх- сæнады къухы зæрдæзæгъгæ фæлтæр схъомыл кæнын. Афтæ куыиæ уа, уæд нын тагъд сывæллæттæ дæлейæ уæлæмæ уынаффæ кæндзысты. Ай, йеныр райсæм Ас- темыры фырты. Феуæгъд, уæлдæр цы фæлгæтты кой «од- тон, уыдонæй æмæ хохы сæр фосы фæстæ лекка кæны. Цæмæн? Уымæн æмæ" йын æхсæнад дæтты, цас ыы не ’мбæлы, уыйас бартæ. Ам канд Астемыры фырт нæ рæ- дийы, фæлæ æхсæнад йæхæдæг дæр! Гъе, уымæ гæсгæ домбай цæнгтæй ныууигъын хъæуы Астемыры фырты, цæмæй йæ бынат^зона, хата. Æмæ уымæн та Хъазмæхæ- мæт равзæрста йæ кафедрæ. Уый сфæнд кодта, йæ дæл- бар цы кусджытæ ис, уыдонимæ иумæйаг уынаффæ ра- хæссын, цæмæй Астемыры фырт атахтаид кафедрæйы 168
куыстæй. Уый фæстæ кæд хатыр ракура, балæхстæ кæ-- на, зæгъа, бахатыр кæнут, мæ рæдыдыл сæттын, уæд та фенгæйæ нæу. Уæдæ йæ бæрнон кусджытæй исчи куы фæрса, уæддæр æм къух бакæнæн нæ уыдзæн. Зæгъдзæн сын: «Æз иунæгæй нæ лыг кодтон уыцы фарст, фæлæ кафедрæйы кусджытимæ иумæ æмæ сæ ныхмæ куыд пыллæууыдаин». Кафедрæйы кусджытæй алкæй ныхасмæ лæмбынæг фæхъуыста Ладемыр дæр, иумæйаг дзæнгæдайæ дард- дæр бæлвырдæй ницы базыдта, ды азым хæссынц Асте- мыры фырты куыстмæ. Кæм æмæ цæмæй рæдийы. Гте, уымæ гæсгæ кæд уымæй размæ радзурынмæ нæ хъавыд, уæд ныр ныхасы бар райста æмæ райдыдта: — Æз курын, цæмæй мын мæ хъуыды уæ суагъæйы ныффыссат. Нæ дæн æз, мæ размæ цы æмбæлттæ ра- дзырдта, уыдон ныхæстимæ разы. Нæ дæн разы мæнæ * нæ ног аспирант Хъæцлæуты Айтеджы фæндонимæ дæр. — Фæлæу, фæлæу,—йæ бынатæй сыстгæйæ, йæ хъæ- лæс фæкарздæр кодта Хъазмæхæмæт. — Нæ дæ ды ра- зы, фæлæ фарст лыг кæнынц кафедрæйы уæнгтæ иумæ, хъæлæс кæнгæйæ. Æз æмæ ды иунæгæй цы хъуамæ акæрдæм. Æви дæ афтæ зæгъын фæнды, ома разамынд- гæнæджы цур адæмы фæнд ницы давы. — Фарн дæм бадзурæд, профессор Хъазмæхæмæты фырт Хъазмæхæмæт, фæлæ æз мæ фæндоны дæлбар ты- хæй никæй кæнын. Мæ размæ цы æмбæлттæ радзырд- та, уыдонæн ды сæ ныхас нæ фескъуыдтай æмæ сæм хъусгæ дæр лæмбынæг «одтай. Æз та нырма зæгъгæ ни- цы кодтон, афтæмæй мæ бахъыгдардтай. Ацы æмбырд- мæ мæ дæхæдæг æрбахуыдтай, цæмæй уæм байхъусон. Фæлæ æнæхонгæйæ дæр мæ дзырды бар ист иæу. Гъе, уымæ гæсгæ курын уеппæтæй дæр, кæрæдзимæ байхъу- сæм. Ам дзырд цæуы лæджы хъысмæтыл, уый ныр цал- дæр азы цы бæрнон хъуыддагыл кусы, уый фæлварæн- ты’ фæстиуджытыл. Цы сты иумæйаг ныхæстæ дыууæ азмæ æртæ цоты райсæп нæй, зæгъгæ. Астемыры фырт райста уыцы цот. Саггомы колхозы фосимæ йын сты Хъызлары. Колхозы фиййæуттæ сæ æнувыд куыстæн ахæм фæстиуджытæ кæй райстой, уый тыххæй, Астемы- ры фырт сæ сæргъы, афтæмæй бавдыст æрцыдысты, пад- 109
дзахадон хæрзиуджытæ сын цæмæй лæвæрд æрцæуа, уымæ. Æппынфæстаг, партийы обкомы бюро рахаста уынаффæ, цæмæй Астемыры фырты æвæджиаг куысты фæлтæрддзинад сахуыр кæной, айсой иннæ колхозтæ дæр. Астемыры фырты куыстæн хуыздæр фадæттæ цæ- мæй уа, уый тыххæй канд Саггомы колхозы нæ, фæлæ сæ сыхаг цыппар колхозы дæр фæндон бахастой парти- йы обком æмæ Министрты Советмæ æмæ курынц, цæ- мæй дыууæ азмæ æртæ цоты райсыны ног мыггагæн са- разой иумæйаг бæстæйы раззагдæр механизацигонд фыофосы фермæ. Уыцы фарст нырма нæма алыг, фæлæ мæн фидарæй уырны, тагъд кæй алыг уыдзæн æмæ уы- мæй дæр хорзырдæм. Уæд сымах та цы ми кæнут, куыд хæссут ахæм уынаффæ, цæмæй Астемыры фырт йæ куыстæй иуварсгонд æрцæуа. Нæ, уый æгæр хæрам у. Æз, куыд нæ институты парторганизапийы секретарь, ,афтæ уæ рагацау фæдзæхсын—рæдыд фæндон у æмæ •йыл уæ къух сисут. — Фæдæ? — мæстæй йæ хъуырмæ схæццæ, афтæ- мæй йæ афарста Хъазмæхæмæт. — Фæдæн! — хиуылхæцгæ дзуапп радта Ладемыр. — Уæдæ, мæ хур, ам ды цыдæриддæр дзырдтай, уы- донæн кафедрæйы куыстмæ мур дæр ницы хауы. Колхо- зы раззагдæр кусджытæн паддзахады хорзæхтæ кæй дæттынц, уыдонимæ та раззагдæр фиййæуттæн дæр, уый махæй алчи дæр зоны. Куырм, къуырма не стæм. Фæлæ ам ныхас цæуы фиййæуттыл нæ, фæлæ зонадон куыстыл. Мах хъæуы фиййау нæ, фæлæ зонадон кусæг. Æмæ Ас- темыры фырт та фæстаг азты фиййау у. Зонадимæ йын иумиагæй ницы ис. Æмæ уый диссаг нæу. Æрхæссæн ис тынг бирæ дæнцæгтæ: адæймаг райдианы иу дæсны- йад равзæрста, стæй йын нæ фæрæстмæ, æндæрыл ных- хæцыд æмæ фесгуыхт. Мæнмæ гæсгæ ахæм адæймæг- тæ раст фæкæнынц. Цæйнæфæлтау æнæбазырæй мæргъ- ты фæстæ тæхай, фæлтау дугъæтты разæй уай. Афтæ у лæджы хъысмæт, Ладемыр, карз, æгъатыр. Зонадон куысты та уæлдай æгъатырдæр. Мæнæн æхсызгон у Ас- темыры фырты иннæ фиййæуттимæ паддзахадон хæрзи- уæг райсынмæ кæй бавдыстой. Æхсызгон мын у, сæ фо- сæн сын скъæт кæй аразынц, куыд æй схуыдтой «меха- 170
низацигонд» фермæ. Фæлæ мын уымæй æхсызгондæр та уый у, æмæ Астемыры фырт йæ рæдыд афоныл кæй бамбæрста, æмæ мæнæ кæд йе ’мбæлтты зонадон куыс- тæй фыдæнхъæл фæкодта, уæддæр фыдæнхъæл нæ фæ- кодта, ныр цалдæр азы кæй æхсæн кусы, уыцы фиййæут- ты, 1КОлхозы, стæй суанг республикæйы разамоиджыты дæр. йемæ йæ цæрæнбон бирæ. Кусæд æмæ йын æн- тыстдзинæдтæ уæд. Фæлæ кафедрæйы кæстæр кусæджы бынат дзæгъæлы ахсы. Æмæ нæ ныхас ууыл у. Уьщы бы- натæй ссæрибар хъæуы Астемыры фырты æмæ йæм рай- сып хъæуы, æхсæвæй-бонæй чингуытæ рæмпæгау чи пи- ра, ахæм æвзонг, хъаруджын адæймаджы. Гъе, ууыл у мæ сагъæс. Мæныл азтæ сæ уæз æруагътой, цæйау фæ- зæгъынц, цæрдтæй мæрдтæм феввахсдæр дæн. Фæлæ ма? æгадæй амæлын нæ фæнды. Фæнды мæ, мæ цард-цæрæн- бонтæ цы зонадон куыстæн снывонд кодтон, уый мæныл куынæ фескъуыид, фæлæ йæ куы уаид, мæнæй йæ дард- дæр чи ахæсса, бæрзонддæр æй чи сиса, тынгдæр æй чи рарттивын кæна, ахæмтæ. Ам хæрам ныхасæй исты ис, Астемыры фырт? — Алæмæтмæ банаст Хъазмæхæмæт æмæ ма йæ былтæ худæнзмæлд дæр бакодта. Фæлæ йын Алæмæт ницы дзуапп радта. Йæ пыхас ууыл фæцис Хъазмæхæмæт дæр. Дыккаг бон, райсомæй Алæмæт къулыл бакаст ди- ректоры бардзырд, кафедрæйы иумæйаг æмбырды уы- паффæйыл æнцой кæнгæйæ, Астемыры фырт йæ куыс- тæй иуварсгонд кæй æрцыд, уый фæдыл. Карзæй дзы фæдзæхстгонд цæуы профессор Æрчъеккаты Хъазмæхæ- мæт дæр, цæмæй йæ дæлбар кæстæр зонадон кусджытæ æгæр ронбæгъдæй ма цæуой, фылдæр сæ дома æмæ Асте- мыры фырты бынатмæ райсынмæ та бацæттæ кæна кур- диатджын фæсивæдæй иекæй. Хъыг куыд нæ уыд Алæмæтæн, ныры оиг æй инсти- туты дирекци курдиатджын, кæстæр зонадон кусæгыл нымадта. Ныр æвиппайды канд курдиатджынты æхсæ- иæй нæ фесхъиудта, фæлæ ма институтæй дæр. Афтæ вæййы, хатт иу лæджы фыдæхы тыххæп лæгыл йæ хъыс- мæт, денджызы знæт улæнтау, куы сабухы, уæд. Фæлæ уæддæр Алæмæт йæ службæйы бынатыл уый- бæрц нæ тыхст, йæ диссертацийыл цас мæт кодта. Ныр 171
цалынмæ искуы уый йæ бартыл тох кæна’, ног разамо- нæг агура, уæдмæ йæ аспирантурæйы рæстæг дæр фæуы- дзæн. Цæуылнæ, ис бæстæйы мидæг бирæ хъæууонхæдза- радон институттæ æмæ гæнæн ис, уыдонæй йæ искæмæ бавдиса. Фæлæ ахæм рæтты дæр арæхдæр фæархайынц. сæхи аспирантты хъуыддаг раздæр аскъуыддзаг кæны- ныл. Уый сын активыл пымад вæййы. Алæмæт йæ диссертацийы фæдыл ныффыста куыр- диат уæлдæр хицауадмæ, цæмæй йын искæцы институт- мæ бахатой æмæ йын уым бахъахъхъæныны бар радтой. Йæ куырдиаты фæнысан кодта, зæгъæ, мæ институты бынатыл пæ тох кæнын. Мæнæн мæ куысты рухс фидæ- нæн тæккæ хуыздæр у горæты нæ, фæлæ хъæуы, æхсæ- надон фосимæ. Фæлæ мын мæ бирæ фæлварæнты сæр- ты кафедрæ кæй ахызт, уый та дзурæг у ууыл æмæ ка- федрæйæн йæхи куыстмæ æркæсын хъæуы, цæмæй дзы. ног хъуыдыйы хурхыл ма хæцой. йæ зымæгон адрес Хъызлар мæй у, йæ уалдзыгоьг æмæ сæрдыгон адрес таХаггомы колхоз, уый дæр фæ- нысан кодта куырдиаты æмæ йыл йæ къух бафыста. Куырдиат конверты нывæрдта, бахаста йæ æмæ йæ ко,- мендатурæйы срегистраци кæнын ’кодта. Ныр цæуы фæстæмæ Хъызлармæ æнтъыснæг æнгас; æрхæндæг зæрдæимæ. Цæуы, горæтгæронæй ахызт. Йæ хæрзхаст бæхы къæхты бын мит къыбар^къыбур кæны. Рæстæгæй-рæстæгмæ фæхуыррытт кæны, йæ сæр бати- лгæйæ. Цыма афтæ фæзæгъы йæ барæгæн: «Быхс, æндæр* гæнæн нæГк Кæсыс, æз дæр быхсын. Мæхи дæр хæссын æмæ дæу дæр. Фæлæ уæддæр быхсын. Лæгдзинад, мæ- хæлар, гъе, уым ис, гъе, æмæ лæг зындзинадæн куы бых- са, уæлахиз сыл куыд кæна. Алæмæты фæндыд Хæбæлаты Æизоры фенын, кæд ын знон кафедрæйы æмбырды йæ царм растыгътой, куыдзы тард æй ракодтой йæ куыстæй, æмæ уый аххо- сæй мæстджын у, уæддæр йæ зæрдæйы иу къуымы та æрбынат кодта цыдæр циндзинады ныфс. Æцæгæй, ныр- ма æххæстæй лыг нæу, фæлæ, Ладемыры загъдау, иу- гæр иннæ колхозты фæнды иумæйаг механизацигонд фермæ^саразын, уæд уый кæуылты хъуыддаг у. Æнзор дæр æй уымæн хъуыд, кæд æм ахæм фермæйы проект- 1*2
тæ ис, зæгъгæ. Фенын сæ æнæмæнг хъæуы. Уæддæр хуыздæрæй-хуыздæр проекттæ бирæ ис. Æмæ фадат куы уа, уæд сын сæ хуыздæры равзарын хъæуы! — йæ цæс- тытыл ауад механизацигонд фермæйы тæккæ фарсмæ фæлварæнтæ аразæн станцæ бæстæйы тæккæ хъæздыг- дæр лабораторитимæ. «Æз дæ фендзынæн уæд, цыт- джын профессор, кæддæра ма дæм дæ кафедрæ исты зынид. Уæд демæ аныхас кæндзынæн канд æз нæ, фæлæ Саггомы колхозы фиййæуттæй алчи дæр. Райдай намыс- джын Бибойæ æмæ фæу Мæхæмæтыл. Фæлæ Æнзоры фенынæн ницы фадат ис. Æнæуи фыд- былызы хай фæуæд Æрчъеккаты хъал профессор, кæд йæ рынчын нырмæ не ’рхаста. Æнæхъæн къуыри мæ го- рæты ныддардта. Афтæмæй та Бибойæн афтæ загътон, бæстæ иннæрдæм куы афæлдæха, уæддæр >иннæбон ам уыдзынæн, зæгъгæ. Æмæ æниу рынчын уыди къуыри дæргъы, хуьгцау йæ зонæг, кæд барæй йæхи срынчын кодта, уæддæр. Ахæм лæгæй дæ алцы дæр уырнæд. Цæуы Астемыраты Алæмæт Хъызлармæ даргъ æмæ æнтъыснæг фæндатыл. Йе ’ккой фиййауы сау нымæты бьш дыууæхстон топп, йæ астæуыл арсмарæн гилдзытæй æнæхъæн хъатаратæ. Цæуы æмæ хъуыды кæны йæ сом- ^боны цардыл. йæ зæрдæйы æнцой Æгъуызарты Фæрды- гыл. Цас ныфсытæ æвæрдта йæхицæн йæ фæлварæнтæй. Æнхъæл уыд, зонады кандидаты диссертаци бахъахъ- хъæндзынæн æмæ æппынфæстаг бинонты цард дæр æр- нывыл кæндзыпæн, зæгъгæ. Кæдмæ хъуамæ хус кæна уæлхъæдæй Фæрдыг? Сæ фæстаг фембæлды баныхас кодтоп уалдзæджы фæстаг мæй сæ цард баиу кæпыныл. Æмæ цу ныр ды ахæм уавæрты, ахæм зæрдæимæ, æр- хъæцмæ кæуыл нæ хъæцыс, ахæмы бæрны бацу. Адæп- маг цыфæнды куы фембæхса йæ зæрдæйы мæстытæ, уæддæр сын иу бон, зæйау, æнæ фенкъуысгæ нæй. Æмæ ахæм рæстæг бар-æнæбары дæр бинонтæ хайджын уы- дзысты дæ мастæй. Алæмæты та уый нæ фæндыд. Цæуы æмæ зымæгон цыбыр бон цас тагъддæр та- йы изæры уазал хъæбысы, уыйбæрц фылдæр кæны йæ маст. Ноджы йæ тыхсын кæнын байдыдта ирдгæ уазал. Цалдæр хатты рахызт бæхы рагъæй, иуæй бæх тæри- гъæд у, æгæр бафæллайдзæн, зæгъгæ. Фæлæ аннæмæй 173
та тарст, бæх куы суазал уа, уæд ноджы бæллæхдæр,. фæндагыл тухæнæй амæлдзæн, зæгъгæ. Гъе, уымæ гæсгæ,, иу чысыл-иу йæ уæнгтæ куы айвæзта, куы йын-иу фæ- хъармдæр сты, уæд та-иу бæхыл сбадт æмæ та-иу æй тагъддæр аскъæрдта. йе ’ппæт бæллæхты сæйраг аххосджын кодта Æр- чъеккаты Хъазмæхæмæты. Уый йын змæнты йæ рæсуг суадон. Æлмæ йын æй æнæбары змæнты, уæд ма а, ныб- барæн ын ис, фæлæ йын æй змæнты барæй, хæрамдзина- ды охыл. Æмæ ахæмæн та ныббаргæйæ нæу. Нæ, фæлæ,, ахæм адæпмаг кæд цыфæнды къæбæлдзыг ныхæстæ кодта, чи йæ раива, ахæм фæлтæры хъомыл кæныныл, уæддæр тæссаг адæймаг у. Уый цы хотыхæй архайы,, ахæм хотыхæй куы райдайа райсом архайын йæ фæдон Хъæцлæуты Айтег, уæд цы уыдзæн? Уыдзæн Хъазмæхæ- мæты снх дыккаджы. Уый дæр скæсын никæй уадздзæн, уый дæр, йæ буц разамонæгау, змæнтдзæн зонгæ-зонын иокæй суадон æмæ йæ сау фæндтæ æмбæхсдзæн лæгъа ныхæстæй. Ома разæй мидбылты худдзæн, фæстийæ та счъилы норттæ лыг кæндзæн. Уæвгæ, æхсæнадон цард та хизы уæлдæр къæпхæнмæ. Æмæ ахæм æхсæнадæн хъæуы йæхи аккаг кадртæ. Хъæцлæуты Айтеджы хуы- зæттæ нæ, фæлæ Дзеранты Мæхæмæты хуызæттæ; Алæ- гаты Адто, Пæррæстаты Габо æмæ Фаризæты хуызæттæ нæ, фæлæ Джыгкайты Бибо, знон æмбырды цы Ладе- мыры федта фыццаг хатт (ног секретарь сæм у, зæронд, дам, пенсипы ацыд), уый æмæ, æппынфæстаг, Болата- ты Ирбеджы хуызæттæ. Цæуы Алæмæт Хъызлармæ фæндагыл. Дардыл зылд уæрæх быдыртæ, æхсыры деыджызау, зынынц. йæ ас- тæуты та йæ бæхыл, сау уæйыгау, ленк кæны Алæмæт. У мæйрухс æхсæв, æрмæст уадтымыгъ, знæт сырдау, футтытæгæнгæ, куы ’рбацæуы, уæд сыл миты фæлдзæгъ- дæнтæ бæхæй, лæгæй мæсты калд бакæны æмæ та дард- дæр атæхы. Ахæм рæстæджы бæхы хуыррытт райхъуы- сы, æвæццæгæн ын уадтымыгъ йæ улæфæнтæ ахгæны. Иу рап бæх йæ хъустæ фæгæмæл кодта æмæ фæй- нæрдæм знæт каст акодта. Иæ алфамблайыл йæ цæст ахаста Алæмæт дæр, æмæ йæ цæстытыл нæ баууæндыд— йæ развæидагæй йæм æрттывтой, чысыл цырæгътау, 174
цалдæр цæсты. Бæх йæ цыд фæсабырдæр кодта. Алæ- мæт фæхатыд, цырæгътæ йæм æввахсæй-æввахсдæр кæй кæнынц. «Гъе, ам рæстæг сафгæйæ куынæуал у». Уаптагъд дыууæхстон топп æриста йе уæхскæй къухмæ, æмæ йæ развæндагмæ адзырдта: «Рацæут, æз цæттæ дæн». Алæмæт гуырысхо нæ кодта, йæразвæндагыл æм бирæгътæ сæ гуыбыны цъæрттыл жæй бырыдысты, ууыл. Хорз у æмæ сæ бæх афоныл базыдта, æндæра ма дзы Хъазмæхæмæты «стайтæй» цы раирвæзт, уый бирæгъ- ты амæттаг фæуыдаид. Бирæгътæ куыддæр Алæмæты хъæлæс фехъуыстой, афтæ сæхи раскъæрдтой. Алæмæт бæх фæурæдта æмæ сæ комкоммæ æхстæй систа. Æх- сæвы тары анæрыдысты топпы гæрæхтæ. Бирæгътæ иу уысм фæлæууыдысты сæ мидбынат. Уайтагъд та дыууæ гилдзы фæцавта топпы лулæйы, Дардæй æрбайхъуыст куыйты рæйд æмæ топпы гæрæхтæ. «Ай куы ’рбахæццæ дæн нæ уæтæрмæ, уæд мыл кæм сæмбæлдысты бирæгътæ- Æви мын сымах дæр Хъазмæхæмæтау сфæнд кодтат мæ развæндаг алыг кæнын». Бирæгътæ дардæй куыйты рæйд æмæ топпы гæрæхтæ кæй фехъуыстой, уымæй куыддæр фергъуыйау сты. Стæй сыл, æвæццæгæн, се стонг гуы- бынты дудгæдзипад фæтых æмæ та Алæмæтыл сæхи раскъæрдтой. Фæлæ та сæ Алæмæт багæрæхтæ кодта. Бирæгътæй иутæ бынаты аззадысты, иннæтæ йæм æв- вахсдæр сæхи æрбайстой. Ныр ын иуран лæугæйæ нал у. Топп ногæй аифтындзгæйæ, йæ къæхтæй бæх фес- хуыста. Сдзырдта йæм рæвдаугæ, тæрсгæ ма кæн, арв куыд нæры, афтæнæ цæвы. Асламыл нæ ратдзынæн мæ цард. Бæх, йæ хъустæ ныхъхъил кæнгæ, сызнæт, йæ рох- тæ тоны размæ. Æввахсдæр æм цы бирæгътæ æрбацыд, уыдонæй тæккæ стырдæрмæ ныхъхъавыд. Фæцыд гæ- рах æмæ кæд йæ цуры цы бирæгътæ уыд, уыдон иу чы- сыл иуварс алыгъдысты, уæддæр уый йæ мидбыпаты аратул-батулгæнæгау кодта, стæп адæргъ, нал змæлыд. Уаптагъддæр цалдæр бирæгъы йæ уæлхъус алæууыдыс- ты æмæ йæ фæйнæрдæм скъуыдтæ кæныныл схæцыдыс- ты, иннæтæ та фефсæрстой погæй Алæмæты ’рдæм. Фæлæ тэ’ сæ Алæмæт ногæй фехста. Æмæ та бирæгътæй иу йæ бынаты атылд. Амбырд та сты ууыл дæр цалдæр бирæ- тъы. Алæмæт, топп аифтындзгæйæ, сæ иувæрсты фес* 17г
хуыста бæх. Уый, йæ фæстаг тыхтыл науæрдгæйæ, уа- дау атахт размæ. Алæмæт фæстæрдæм фæкаст: æрбацæй йæ сырдтой налдæр бирæгъы æмæ та сæ топпæй багæ- рах кодта. Знæт бæх йæ къах цæуылдæр скъуырдта æмæ фæкалд. Алæмæт асхъиудта бæхы сæрты. Бæх дæр æмæ >лæг дæр уайтагъд фæгæппытæ кодтой, фæлæ Алæмæт бæхы рохтæ ацахсын нал бафæрæзта. Бæх ныййарц дзæгъæл быдыры. Фæстейæ йæ асырдтой бирæгътæ. Æртæ та дзы фездæхт Алæмæтæн йæхи ’рдæм. Уый ма дзы иу фехсын бафæрæзта, фæлæ йыл иннæ дыууæ сæ- хи ныццавтой. Æрмтохы бацыд Алæмæт бирæгътимæ. Раст уыцы тыхст сахат йæ уæлхъус февзæрд тæргæ бæ- хыл Мæхæмæт. Бирæгътæ, уый ауынгæйæ, фæуагътой Алæмæты æмæ лидзынмæ фестысе ’ннæ ’мбæлтты ’рдæм. Мæхæмæт сæ фæстийæ гæрæхтыл схæцыд. Иу дзы ми- тыл аззад. Чысыл æддæдæр та балбирæгъты къорд фæйнæрдæм рæдывтой сæ амæттаджы—Алæмæты бæхы. Уæдмæ фæ- зындысты иннæ фиййæуттæ куыйтимæ. Балбирæгътæ, уый ауынгæйæ, лидзынмæ фесты. * * * Бас кæй басудзы, уый доныл дæр фу кæны, ис ахæм ирон æмбисонд. Фæлæ иуæй-му адæймæгты арты куы басудзынц, уæддæр читт нæ кæнынц. Уыдон нымæцмæ хауы Пæррæстаты Фаризæт дæр. Уый раджы фæцис амондсыгъд. Уый бынаты æндæр исчи зæгъид: «Цæргæ- цæрæнбонты æз кæй хæрын мæ хъиутæ амондсыгъд, уырыдæй, уый фаг нæу? Цæмæн ма хъуамæ фенамонд уа зæххы цъарыл иунæг сылгоймаг дæр хæрамдзинады, æнæрхъуыдыйы, зæфцы фыдæй». Мæ хур акæн, уыдо- нæй нæу Фаризæт. Уый искуы уынджы хъæлдзæгæй, худгæйæ рацæйцæугæ куы фены искæцы цардæмбæлтты, уæд судзгæ маст рахсиды йæ зæрдæйы. йæ сусæг бæл- лиц вæййы: «Тæхуды, сымахмæ баххæсс æмæ уын уæ амонд фæхъæстæ кæн иучысыл мæ цырвæй. Æз уæ фе- нин, уæд куыд чыр-чыргæнгæ цæуиккат, уый». Æмæ ,кæд- дæрты "æххæсгæ дæр бакодта, тынг базмæста кæйдæр- ты бинонты цард. Ныллæууыдысты-иу ахицæн кæны- ныл. Хорз уыд æмæ сæ хæрамдзинадыл фæтых сæ зонд, 176
гендæра хъæстæвзаг Фаризæты фæндиаг фæуыдаиккой. Райсæм йеныр, фæстаг азты йæ куыройы гæркъæра- джы хуызæн æвзаг цы лæхуры, уыцы сысылыйы фæ- рæктæ. Бафтыд Æгъуызарты Фæрдыджы мад Дудуйыл. Йæ сæр ын разилын кодта. Архайы хин, кæлæнтæй, цæ- мæй Фæрдыджы ныссадза Алæгаты Адтойы къухы. Уый гыххæй нæ, æмæ Адтойæн кæнæ Фæрдыгæн йæ цæст стыр амонд уарзы. Нæ, Фаризæтмæ ахæмæй ницы ис. Дунейы цæрджытæй йæ цардамонд, дидинæджы къуы- барау, райхæлынмæ чидæриддæр æнхъæлмæ кæсы, уы- донæн, зæгъгæ, сæ амонд цъыбыртты сыгъд баци, уæд ыл хур ракæсид. Йæ уаты къуымты, æррайау, гæппы- тæ кæнид. Ахæм у, йе ’взонджы бонты уаллоны сæрты дæр чи нæ ахызтаид, дуне райдзаст, цинæфсæст кæмæ каст, хурау, дунейæн йæ зæрдæйы хъарм, цырагъау, су- дзынмæ чи хъавыд, æмæ æнафоны йæ хъысмæт сайдæй кæуыл разылд, царды дæрзæг фæндагыл чи радыд, æгъа- тыр дымгæты азар кæй фæхоста, бонæй-бонмæ саузæр- дæдæр, хъыхъхъагдæр чи кодта, уыцы Пæррæстаты Фа- ризæт. Æгæрыстæмæй уый уыцы хъæстæ ’взаг ныссагъ- та, йе ’взонджы бонты йæ фыццагцардамонд кæй хуыд- та йе ’рра ’фсымæр Габо мæлæтдзаг над кæй фæкод- та, йæ уыцы уарзон Мыртазы зæрдæйы дæр. Уый кæд Ирыстонæй алыгъд, йæ сæр бамбæхста Габойæ, уæддæр йæхи бамбæхсын нæ бафæрæзта Фаризæтæп. Амонд- сыгъд адæймагыл цас фылдæр зæрдæрыст, æнтъыснæг азтæ цыд, уЫйбæрц кодта хинæй-хиндæр. Райдианы йæ сыгъдæг зæрдæйæ нæ цух кодтой Мыртазимæ уарзон- дзинады цæхæрæй йедзаг æвзонджы бонтæ, мысыд сæ æхсæвæй, бонæй. Зæрдæхъæрмттæ йыл кодта. «Цы ма у æнæ Мыртаз мæ цард? Нæ, цæйнæ фæлтау æз ацы мæнгард дуне æнæ Мыртаз мæхицæн адджын скæнон, фæлтау мæлæт. Хурхауыгъдæй мæлæт». Æмæ й.æ уы- цы æбуалгъ фæнд баххæст кæнынмæ цалдæр хатты ра- хъавыд. Фæлæ нæ урæдта Мыртазы уарзондзинад. Цæ- мæндæр ыл йæ зæрдæйы кæцыдæр таг уæддæр фидар хæцыд, уырныдта йæ, Мыртаз æй кæй нæ ферох кæн- дзæн, иу бон кæй фæзындзæн, уалдзыгои дымгæйау, кæй йæ сисдзæн йæ рæубазыртыл æмæ йæ кæй фæхæсдзæн Габойы хуызæн хæрам адæмæй дард. 22. Хацырты С. 177
Цыдысты азтæ, фæлæ Мыртаз нæ зынд. Æгуыдзæ- гæй бадын ницы лæгдзинад у, хъæуы йæ бацагурын,. зæгъгæ, сфæнд кодта фидарæй Фаризæт. Ды нæ зоныс Пæррæстаты Фаризæты. Арф денджы- зы бын судзин нытътъь^сс, уый бафæндыд, — ссардзæн æй. Хъыгагæн, ахæм курдиаты хицау адæймаг кæд йæхи цыфæнды амондсыгъд хуыдта, уæддæр царды афоныл йæ бынат ссардта, фæдагурæн органты куыста, зæгъ- гæ, уæд ын, чи зоны, йæ куысты уæлахиздзинæдтæ би- р.æ фæрогдæр кодтаиккой йæ зæрдæйы хъæдгæмтты рис. Чи зоны йын байгас уыдаиккой. Фæлæ Фаризæт, къуыл- дымæй дур куы ратулай, уымæй уæлдай нал уыд. Тылд æмæ тылд бынæй-бындæр, цалынмæ хуыдуггæнæг цъы- марайы не стæлфыд, уæдмæ. Ды нæ зоныс Пæррæстаты Фаризæты. Уый сфæнд. кодта, иу хæстæг, иу хион æй куыннæ базыдтаид, афтæ- мæй Мыртазы ссарын. йæ зæрдæйы судзгæ хъæдгæмт- тæ дзырдта фæдагурæг органтьг кусджытæй кæмæндæр- ты ставд цæссыгкалгæйæ. Дурмæ нæ хъары зывдзинад, уый йедтæмæ удæгасадæймаг æнкъараг у. Бирæтæ сæ фæтæригъæд кодтой Фаризæтæн æмæ райдыдтой бæс- тæйы алы къуымты Мыртазы агурын. Цыдысты азтæ,. фæлæ лæг нæй æмæ нæй. —«Тыхсгæ ма кæн, Фаризæт, кæд зæххыл цæрæг адæ- мимæ иу уæлдæф улæфы, кæрдзын хæры, дон нуазы, уæд æп ссардзыстæм». — Ныфс ын бавæрдтой, Фаризæт- ну сæм куы бацыд, ницы ма ссардтат, зæгъгæ, уый æн- хъæлæй. Иу боп Фаризæты къухы фæдсгарæг органтæ ныс- сагътой Мыртазы адрес. Уый фæлыгъд Магаданмæ. Ку- сы сыгъзæринкъахæн маданты. Ис ын ус æмæ æртæ сы- вæллоны—дыууæ лæппу æмæ иу чызг. Фаризæтыл райдианы хур ракаст, фæлæ йын фæдагу- рæг органтæ куы загътой, зæгъгæ, йын ус æмæ сывæл- лæттæ ис, уæд ыл бæстæ баталынг. Аскъуыди, йæ зæр дæйы ма цы иунæг ныфсы таг уыдис, уый дæр. Фæдагурджытæ йын цыдæр иыфсытæ æвæрдгой, фæ- лæ Фаризæт нал хъуыста уыцы ныхæстæм. Сыстад æмæ уæнтæхъилæп, сæргуыбырæй рацыд уырдыгæй. Цыд, фæлæ кæдæм цыд, уый пæхæдæг дæр иæ зыдта. Иуафои 178
йæхи æрæмбæрста доны был. Уыд рæсугъд, мæйрухс æхсæв. Арвыл стъалытæ æрттывтой, доны улæнтæ, кæ- рæдзи схойгæ, дыгъал-дыгъул кодтой. Уддзæфæй рызт Фаризæты буар æгасæй дæр. йæхицæй чысыл фалдæр цадгоидмæ кæрæдзийы фæдыл æртахтысты дыууæ ба- бызы. Диссаг уыд уыдонмæ бакæсын. Улæнтыл сæ ба- зыртæ, фырцинæй, хостой. Куы та-иу, цъилау, кæрæдзи- йы алфарс æрсимдтой. Ерыс кодтой æз тагъддæр аленк кæнынæй. Куы сæ-иу, куы се ’ннæ йæ сæр фæцавтаид доны, æрбайсæфт-иу æмæ та-иу чысыл æддæдæрæй сгæпп кодта йе ’мбалы размæ. Ахæм рæстæджы-иу рай- хъуыст сæ уастхъæлæс мыртæ «их-хих-их». Фаризæт бадт доны был, æнæфезмæлгæйæ, æмæ йæ цæстытыл уад ахæм ныв, цыма уый бабызтæ нæ ленк кæнынц цады, фæлæ йæхæдæг Мыртазимæ. Æвиппайды райхъуыст бабызы базырты тъыбар-тъыбур, фæдис уаст, фæкаст сæм. Бабызтæй иу рувасы дзыхы, иннæ уæлæуæз стахт æмæ уæлдæфы зилахар кæны, зæрдæхалæн уаст- гæнгæ. Рувас та чысыл æддæдæр къудзийы цурмæ бас- къæфта йæ амæттаджы, стыдта йып йæ къубал æмæ дзы æхсæвыцъæхæй йе ’ххормаг мондæгтæ иста. «Афтæ æгъатыр у цард æнæхъæнæй дæр», — ахъуыды кодта Фаризæт, чысыл раздæр йæ фарсмæ цады хъæл- дзæгæй чи ленк кодта, уыцы бабызты хъысмæтыл са- гъæс кæнгæйæ. Цæмæндæр æй абарста йæхи цардыл æмæ сæм цыдæр иудзинæдтæ ардта. Уый дæр Мыртази- мæ уыд амондджын, фæлæ сæм, уыцы мæнгард рувасау, æрбахъуызыд йæ саузæрдæ æфсымæр Габо æмæ сын сæ рæсугъд амонд цъыфты стылдта. Уый у, уый, ме ’намонд- гæнæг. Мадызæнæг нæ, фæлæ ме нæуынон. Фыццаг хатт йæ зæрдæйы фæндоны ныхмæ сдзырд- та Фаризæт Мыртазы фарс. йæ сæр фесæфта, уымæн æмæ Габойы хуызæн хæстæгмæ чи хъуамæ фæкастаид цæргæ-цæрæнбоиты, зæгъгæ. Фæлæ уыцы хъуыды би- рæ нæ ахаста. Уайтагъд та мидхъуыдытæ ныффæдис кодтой: «Сыгъдæг пæ уыд Мыртазы уарзондзинад Уый дыл уæдмæ тыхст цъилау, цалынмæ йæхион пæхи ’рды- гæй нæ фæци. Уый фæстæ дыл къахæй æддæмæ хæцьгн райдыдта. Уæлдайдæр куы базыдта, дæхи адыл нæ дæ, зæгъгæ, уæд»... 179
«Æнæмæнгдæр афтæ уыд, — ахъуыды" кодта Фари- зæт, — зæгъгæ, гъе, уæд Габо нæ фæзынд, уæддæр йæхи бафæсфæд кодтаид». Фаризæт уыцы хъуыдыйыл йæхи тынгдæр æууæндын кодта. «Æмæ уæд уый куыд цæуы?— Фенамонд мæ кодта æмæ ма ноджы мæхи амарон. Цæ- мæй йын хæрзиуæг саразон, уый тыххæй? Нæ, нæ, Мыр- таз, фæкæс уал мæнмæ дæр. Бæхы уаргъ афтæ ма акæ- лæд, æмæ дзы хæрæджы уаргъ ма рывзæра. Ацы чызг афтæ нæ амард æмæ дæ йæ масг ма райса». • Фæлæ амонд—йæ хъахъхъæнæг ахæм æвзæрæн. Фа- ризæт Магаданмæ цы бон ныццыд, уымæй къуыри раз- дæр Мыртаз куыстæй йæхи ссæрибар кæнын кодта, æмæ та кæм æрбадæлзæх, уымæн ничи ницы зоны. Йæ къу- хы фыдтæ хæргæ фæстæмæ фæзынд Фаризæт, й.æ масты цæджджинаг йæ тæккæ былтæй кæлгæ. Фидар у ныр йæ фæндон. Маст хъуамæ райса мастæй. Йæ амонд ын кæр- дæджы халау цъыфты чи стылдта, уый агурдзæн мæ- лæты бонмæ æмæ йын ахæм ми бакæндзæн, цæргæ-цæ- рæнбонты’йæ къухы фыдтæ куыд хæра. Уыцы мастисæн хъуыдыимæ фæцард Фаризæт ноджы- дæр къорд азы. Фæлæ нал хæст кодта Мыртазы фæдыл. Уæд сфæнд кодта йæ зæрдæйы тыппыртæ æндæр хуызы суадзыныл. Æмæ сæ райдыдта уадзын. Куыд фæзæ- гъынц, бирæгъæн сæгъы мехъ худын. Худæгау кæсын райдыдтой Фаризæтмæ йæ алы мæнгард, хинæйдзаг къахдзæф дæр. Искæйы бинонты царды йæ цырвы хъæстæ фæкодта, уæд уыдонæн маст, загъд, над, Фари- зæтæн та цин, худын. Ахæм цæстæй кæсын райдыдта йæ базаркæныны дæсныйадмæ дæр. Искæй фæсайдта, ас- ламæй исты балхæдта æмæ йæ зынаргъдæрыл сусæгæй искæмæн ныууæй кодта, уæд-иу-æхсызгонæй сулæфыд. О, æмæ, зæгъын, ныр Дуду æмæ Фæрдыгыл Фæрды- джы амонды тыххæй нæ бафтыд. Фæлæ уый йæ туджы хъæд афтæ у. Хъуамæ фехала Фæрдыг æмæ Алæмæты амонд. Ныддаса йæ фыды хойы лæппу Адтойы, хæрзи- уæг дын кæнын, зæгъгæ, уый æфсонæй. Адтойы масты дзæкъул уæлдай тынгдæр ныддымст, Фæрдыг ын йæ минæвæртты раз йе ’хсæрфарс куы ныц- цавта æмæ йæ куы фæхудинаг кодта, уæдæй фæстæмæ... «Мæ мады æхсыры цъыртт мын ма батайæд, кæд дæ æз. 180
гæдыйау не суасын кæнон»,—бартхъирæн æм кодта уæд Адто. Фæлæ цыд рæстæг, æмæ йæ.къухы ницы æфтыди. Уæвгæ’ йæ фæнд—чызджы раскъæфын бакой кодта, æв- вахс æм чи уыд, ахæм хæлæрттæн. Фæлæйын скъæфæг æмбалаен фæлæууой, уый тыххæй ницы ком лæвæрдтой. Адто æмбæрста, йе ’мбæлттæй алчи дæр йæхи царм кæй хъахъхъæны, уый. Фæлæ та-иу, уæлдайдæр нозтджы- нæй, йæ дæндæгты хъыррыст райхъуыст: «Уæ бар уæхи, ахæм сахат, нæ уын зæгъдзынæн, фæнда уæ, нæ—рацæ- ут. Зонын æй, мæхимæ дæр дзы маст æрхаудзæн. Фæлæ Адтойæн йæ мады æхсыры хъуыртт хæрам фæуæд, йæ маст дзы куынæ райса. Ноджы йæ Габо цæйбæрц сабырдæр кодта, уыйбæрц æй Фаризæт та ардаугæ кодта.’Æдылы ма у, раокъæф æй, стæй дæхиуон дæхи ’рдыгæй куы фæуа, уæд мажгæр- дæр ныссабыр уыдзæн. Астемыры фырт дæр цыфæнды гæрæхтæ куы кæна, уæддæр ын уадтымыгъы фæстæ хур- бонау æнæ ’рсабыр нæ уыдзæн. Цæмæн ма йæ хъæу- дзæн, йæ худинаг Ирыстоны кæмæн ныхъхъæр уа, ахæм ус. Иугæр ацы хъуыддаг дæ къухы .куы бафта, уæд Фæрдыг—кæд ирон чызг у, уæд Алæмæтмæ ацæуын йæ оæрмæ нал æрхæсдзæн, фæлæ сразы уыдзæн, æгъа- тыр хъысмæт ын цы амонд радта, ууыл. Уæлдайдæр та йæ мады зæрдæ æнæуи дæр тынг скъахта æмæ ма дарддæр йæ зæрдæхудты цæуа, уый йæ сæрмæ йе ’рхæсдзæн. Кæд абадай, уæддæр иунæг къуыри, стæй дæ еæхæ- дæг рауадзын кæндзысты. Адтомæ раст кастысты Фаризæты ныхæстæ. Фида- рæй йыл æууæндыд æмæ раскъæфыны хъуыды æдзух- дæр йæ сæры зилдух кодта. Фæлæ уыимæ архайдта чыз- джы исты амалæй æртасын кæныныл, цæмæй къухы бафта æнæфыдбылызæй. Æппæт амæлттæй архайдта Астёмыраты Алæмæты чызджы цæсты бафтауыныл. Гъе, æмæ та йын абон уый тыххæй хорз фадат фæ- цис- Тæхы та йе ’рттывтытæ калгæ «Победа»-йы Æры- донмæ Адто Фаризæтмæ æмæ йын стыр хуынæн ласы ирон газет. Мыхуыр дзы уыд хъæууонхæдзарадон инсти- туты партбюройы секретарь Ладемыры уац ахæм сæр- гондимæ: «Мах хъæуы фиййау нæ, фæлæ зонадон ку- 181
сæг...» Æмæ йæ хæдфæдыл ноджы фыст уыд: «æмæ Ас- темыры фырт та фæстаг азты у фиййау. Зонадимæ йын иумиагæй ницы ис». -Ладемыр кæд Хъазмæхæмæты ацы ныхæстæ йæ уацы райста дыкъæдзгуыты, уæд- дæр сæ Адто йæхи ’рдыгонау спайда кæнынмæ æрхъа- выд. Газет ныссадздзынæн Фаризæты къухы. Уый та уаны йæхи фæрсудзæны рауадздзæн æмæ та йæ æнæ- хъæн Æрыдоны цъиу-цъиу кæндзысты. Уацы дзырдæуыд институты директоры бардзырды ныхмæ дæр. Фæлæ Адтайæн сæйрагдæр уый нæ уыд. Ууыл хур ракаст, Астемыраты Алæмæт институтæй кæй фесхъиуæггаг, уымæй- Йеныр Дудуйы хъал чызг хахх кæнæд йæ фиййау лæгимæ. Иеныр ма та мæнæй цæмæй лæгдæр у. Гъе, æмæ Адто Фаризæты къухты газет куы ныссагъ- та, уæд уый æвæстиатæй ацыд Дудутæм. Мад æмæ чызг та, æрвыл изæрау, сæ хæдзарон куыс- тытæ бакодтой. Дуду æрдыгъта хъуг, бацахста цыхт, Фæрдыг цырагъы авг ныссæрфта, дон æрбахаста. Æмæ та æрбадтысты ныхæй-ныхмæ. Фæрдыг раст .кодта скъо- ладзауты хæдзармæ куыстытæ, Дуду та æлвыста цъын- дайаг. Фаризæт, æнæхонгæйæ, схызт асинтыл. Арæх сæм цыд фæстаг аз æмæ йыл Дудуты куыдз рæйгæ дæр нал кодта. — Дуду, уæхимæ не стут? — дуао базыхъхъыр кæн- гæйæ, бадзырдта Фаризæт æмæ фæмидæмæ. — Ам стæм, уæдæ кæм хъуамæ уæм, мæ хæдзар, дæ- хи æруадз. Исты хабæрттæ дзур. — Хабæрттæ сымахæй хъуамæ базонон æз дæр, ахуыр- гæнæг дæ хæдзары ис. Фæрдыг фембæрста, Фаризæт та йæм дзырдæппарæн кæй кæны, уый, фæлæ йæм ницы сдзырдта, ра-ст кодта дарддæр тетрæдтæ. Æнхъæлмæ каст, цæмæ та сæм æр- бацыд, дам-думтæ та йын райдайдзæн дзурын йæ ма- дæн. Уын цæмæй зыдта, æмæ йæм, Фаризæты дæларм цы газет æмбæхст уыд, уырдыгæй рагæппæввонгæй кæ- сы стыр маст. Иугæр мад æмæ чызг куы ницы сдзырдтой (Фаризæт зыдта, афтæ арæх кодтой), уæд йæхæдæг райдыдта: 182
— Хабæрттæ бирæ. Стæй æнæуи дæр адæймаг бонæн мог хабар куынæ хъуса, уæд куыдзы зæронд кæны. — О, куыйтæ дын дæ сæр макуы бахæрой, Фаризæт. /Ембисæндтæй та йæ куы райдыдтай. — Гъе, уастæн, мæ сæр амæла, Дуду, кæд цард иу- уылдæр æмбисæндтæй арæзт у. Уый раздæр куы зыд- таин, уæд цæуыл мæ хъиутæ хордтон. Мæнæ Фæрдыгмæ цы зæронд лæг æрцыд Ленинградæй, иу ахæмæй дæр смой кодтаин æмæ афтæ тухæнæй нæ хъизæмар кæнин. Цы зæрдæхъæрмттæ кодтон, мæ рухсы таг кæй хуыдтон, уыцы фæлитойыл. Искæуыл дæ сæр бакъул кæн æмæ цардæй исты фенай. Цы сты сонтбонты зæрдæхъæрмттæ æмæ ницæйаг хъуыдытæ. Фæрдыг ма æфсоны каст кодта тетрæдтæм, йæ хъус- ты, хæдæхсы нæмгуытау, цъуых-цъуых кодтой Фари- зæты ныхæстæ. Æмæ сæ æнæуи дæр уый æрдæм кæй дзырдта, уый бæрæг уыд. Ленинградаджы кой куы скодта, уæд Фæрдыджы былтæ зына-нæзына бахудæн- был сты, Фаризæты ныхæстæй нæ, фæлæ Гуылæрты Алмахситты коймæ. Зæронд-зæррнд расхъæл Ленин- градæй Ирыстонмæ усгур. Æвæццæгæн, загъта, зæгъгæ, Ирыстоны мæ профессоры кой кæмæн скæнон, уы- дон тыхæй мæ хъуырыл сæхи æрцауындздзысты. — йеныр мæнæ Фæрдыг иу дзæбæх лæппуйæ куы смой кæнид, уæд кæуылты сгуыхтдзинад саразид. Ма- хæн—чындзæхсæв, йæхицæн та—рæсугъд цард. Фæлæ ныйичъи ис цавæрдæр фиййауыл æмæ йæ нал иуырдæм уадзы, нал иннæрдæм. — Фиййау нæ, фæлæ зонадон кусæг,—бустæгæнæгау сдзырдта Фæрдыг. Уый хорз сахуыр Фаризæты хæрам- зонд ахастыл. Уый æдзухдæр архайдта Алæмæты Ду- дуйы цæсты бафтауыныл. Райдианы, цалынмæ Фаризæт цы маргъы мыггаг у, уый нæма базыдта Фæрдыг, уæд- мæ йын хистæры барст кодта. Фæлæ æгæр хæрам æв- заджы хицау у, уый куы базыдта, æмæ йын йæ мады дæр лæгъз ныхæстæй сайы, зæгъгæ, уæд ын ахæмтæй ницыуал барста. Уайтагъд ын-иу йæ ныхас æрдæгыл фæлыг кодта. Афтæ йын ба^кодта ныртæккæ дæр, Фари- зæт Алæмæты фиййау куы рахуыдта, уæд. — Оу, мæнæ диссаг, цæмæн дæм афтæ кæсы, æмæ 183
æз æдзух мæ хæрæфырт Адтойы гуылы бын æндзарын. Æниу, хуыцау куы зæгъид æмæ дæ ахæм амонд куы фæ- уид, фæлæ ныртæикæ ууыл нæ дзурын. — Фаризæт йæ дæларм стыр æхсызгонæй кæй æмбæхста, уыцы газет рæвдз фæцъыллипп кодта æмæ йæ Фæрдыгмæ тилгæйæ,. дзуры: — Бирæ нæ бакастæн скъолайы, фæлæ газет кæ- сыны бæрц зонын. Æмæ, кæд нæ рæдийын, уæд мæнæ ацы сæр йæхæдæг дæр ууыл дзуры. Мæнæ ма кæс, — газет айхалгæ æмæ йæ Фæрдыджы цæстытæм бахæсгæ- йæ, бакаст уацы сæр: «Мах хъæуы фиййау нæ, фæлæ зонадон кусæг. Æмæ Астемыраты Алæмæт та фæстаг аз- ты у фиййау. Зонадимæ йын иумиагæй Ницы ис». Гъе- ныр ма та цы зæгъдзынæ? Нæ дын загътон, ацы нæлгой- мæгтыл иу ^къахдзæфмæ дæр æууæнк нæй, сæ мыггаг сыокъуыйа. Сæ хурхы сæртæ сын дæндагæй бахæрын хъæуы, мах та сыл зæрдæхъæрмттæ райдайæм. — Æмæ дæ зæрдæйæ цы фæцис ныр дæ хъал сиахсаг, йæ бон ныккала! — Ныр та Дудуйы ’рдæм фæзылд Фа- ризæт." — Фентъæрдтой йæ институтæй! — Фаризæты ныхæстæ, тæвд уæхстытау, ныхстысты Фæрдыджы зæр- дæйы. Нал баурæдта йæ маст, рæвдз фестад, йæ къухæй йын газет ратонæгау кодта, æррайау алыгъд иннæ уат- мæ, йæхиуыл дуар сæхгæдта. Ссыгъта рухс æмæ рай- дыдта газет кæсын. Куыд дарддæр каст уац, афтæ йæ цæссыгтæ цыхцыр- джытæ фестадысты æмæ йæ рустыл æрлæсæн кодтой. Ладемыры уацы кафедрæйы æмбырды хабар афтæ дæс- ны сныв кодта, æмæ Фæрдыджы цæстытыл уадысты, Хъазмæхæмæты дæлдзиныгтæ Алæмæтмæ тугдзых би- рæгътау, фæйнæрдыгæй куыд лæбурдтой, уый. Цас бæллицтæ, цас рæсугъд хъуыдытæ йæм уыд, уæ- дæ тагъд Алæмæт йæ диссертаци бахъахъхъæндзæн, зæгъгæ. Сиу кæндзыстæм нæ цард. Æмæ дын уый та йæ хъуыддаг. Фæхауæггаг æй кодтой аспирантурæйæ дæр. Фæрдыг хуыссæнтыл ныффæлдæхт дæлгоммæ æмæ йæ зæрдæйы тыпиыртæ уагъта. Сыхаг уатæй йæм хъуыс- тысты Фаризæты ныхасы скъуыддзæгтæ: «Сыгъд кæдæм цæуыс æмæ, дам, уырыдмæ. Уый æмбисонд æркæндзæн дæ чызгыл дæр. Цы хур æм хъуамæ фена? Тæдзынæ- гæй—цыхцырмæ». 1*84
Къуырийы фæстæ йæ хуыссæнæй рахылд Алæмæт. Фыццаг бонты, æххормаг уæрыккау, дзой-дзой кодта. Бибо йын загъта æгæр’ раджы стыс, зæгъгæ, афтæмæй дæ ногæй уазал бацыд — низ дæ сбынæй кæндзæн. Фæлæ Алæмæт уæддæр сыстад. «Курорты нæ дæн, миййаг,—хъуыды кодта йæхинымæры.—Арв æддейæ æрхауынмæ куы хъавы, фиййæуттæ >сæ къухтæм æмха- сæнтæ куы кæнынц, уæд æз та уæлгоммæ хуыссон. Кæнæ фæлварæнтæ цы фыстыл кæнын, уыдон дыууæ къуырийы куы нал федтон». Нал схуыссыд. Фиййæут- тæм хæринаджы дзæбæх цыдæриддæр уыд, афтæ зæ- гъæн ис, Алæмæты дзыхы йæ тъыстой. Куыстмæ кæд йæхи æппæрста, уæд æй уырдæм дæр уадиссаг нæ уагъ- той. Цы кæнынмæ-иу хъавыд, уый-иу фиййæуттæ.сæхæ- дæг бакодтой. «Алæмæт, дæхи цæуыл тухæнæй марыс, дæ рад дæр та æрцæудзæн», — ньгфсæвæрæгау-иу дзырд- той йемæ. Зымæгыл цыма галы комулæфт сæмбæлд, уыйау фæ- саст. Фæсабырдæр уадтымыгъ. Бон куы рахур кæны, уæд фиййæуттæн фадат вæййы сæ фос æддæмæ рауадзынæн. О, фæлæ бæллæх уый у, æмæ мадæл фыстæй иутæ за- йын райдыдтой, иннæтæ гъаныр-гъауæд кодтой. Æмæ ахæм рæстæджы та фиййæуттæ гæппæввонгæй лæууынц. Уæлдайдæр æхсæвы радгæстæн сæ сæр базмæ æруа- дзыны фадат нал вæййы. Фыстæй æхсæвыгон исчи куы зайа, уæд йæ уæлхъус хъуамæ лæууай. Ноггуырд уæ- рыччыты афоныл сыгъдæг хъæуы, мады фæччытыл сæ бафтауын хъæуы. Стæй æнæуи дæр ноггуырд уæрыч- чытæ лæмæгъ вæййынц, се стджытæ—тæссонд æмæ сыл зæфцы фыдæй мацы хъуамæ æрцæуа. Зæдтаг фысты ’хсæн вæййы ахæмтæ дæр, æмæ сæ уæрыччыты се ’мгæ- рон нæ фæуадзынц. Ахæм рæстæг фиййæуттæ сæхæдæг асыгъдæг кæнынц уæрьгкк. Йæ чысыл къæбæлдзыг буа- рыл ын лыстæг ссад цæхх айзæрынц. Фос цæхмæ æмхиц кæм не сты æмæ зыдæй стæрын райдайынц уæрыччы. Алземæт фæлварæнтæ цы фыстыл кодта, уыдоны за- йыны рад дæр æрхæццæ. Уымæ гæсгæ йын хуысгæйæ нал уыд. Бабæрæг сæ кодта, йæ цæст сыл хаста. Иуæй- 185-
иутæм сæ бавналынмæ куы хъавыд, уæд иннæ фысты ’хсæн, сæ сæртæ фæцæвгæйæ, æмбæхсынмæ фесты. Ан- нæтæ та, цыма æнæ Алæмæт æнкъард кодтой, уыйау-иу ын иæ къух астæрдтой. Цыма йæ азымы дардтой, дæ хорзæхæй, нырмæ кæм уыдтæ, зæгъгæ. «Гъе, мæ хæлæрттæ, раст у уæ уайдзæф, фæлæ мын •бахатыр кæнут, æндæр гæнæн мын нæ уыд. Уæддæр уæ амонд уыд, æмæ бирæгъты амæттаг нæ фæдæн. — Иæ зæрдæйæ нæ цух кодта балбирæгътимæ фембæлд. Куы ’руатон, уый дыккаг бон ын Мæхæмæт дзырдта: «Би- рæгътæй цас амардтай, уый зын зæгъæн у. Фæлæ сæ ’туджы пырхæнтæ, сæ хъуынты бындзгуытæ цыппар раны миты сæр сырх хъулæттæй зындысты»... Фосы бынтæ уыдысты сыгъдæг, сæ разы—ногкалд хос. Алæмæт бузныг уыд фиййæуттæй, йæхийау кæй мæт код- той, фæлварæнтæ цы фосыл кодтой, уыдоныл, æппын- æдзух сæм сæ цæст кæй дардтай. Мæхæмæт февзæрд Алæмæты уæлхъус. Йæ зæрдæ- йы уыд цин дæр æмæ мæт дæр. Цин кодта, афтæ тынг кæмæн’фæтарст, уыцы уарзон адæймаг та кæй слæууыд йæ къæхтыл æмæ та йæ ногæй, æдзухдæр куыд кодта, афтæ кæй уыны, фæлварæн цы фыстыл кæны, уыдон уæлхъус. Мæт кæны ууыл, æмæ, горæтæй вертолетыл цы профессор æртахт, уын иугæр куы базыдта, Алæмæт торæтмæ нæ акомдзæн, зæгъгæ, уæд ын рафыста карз режим дæс бонмæ ма сыст, зæгъгæ. О, æмæ дохтыры уыцы фæдзæхст йæ зæрдыл уæлдай тынгдæр дардта, ууыл мæт кодта. Мæхæмæт Алæмæты цонгмæ сабыргай бавнæлдта, иугæр ын уый йе ’рбацыд куынæ бафиппайдта, уæд. Алæмæт æм ракаст. — Гъе, Мæхæмæт, куыд дын раарфæ кæнон, нæ зо- нын. Æвæццæгæн та ай дæр дæ куыст у! — фосы бынтæ сыгъдæг ,кæн уыдысты, уымæ аЦамыдта Алæмæт. — ^Къуыридæргъы мæ разы, цырагъау, судзыс, мæ фыстæн мын авгау æрхауынæй тæрсыс æмæ, æппынфæстаг, мæн тыххæй дæхи кæрæф бирæгътæн хæрын кодтай... — Алæмæт, — æфсæрмдзæстыгæй райдыдта дзурын Мæхæмæг, — кæд æппæт фиййæуттæн дæр æмæ иу чы- сыл мæнæн дæр аргъ кæныс, уæд ацы уазæлтты дæхи •бавæр. Фыстыл кæсыны фыдæй ницы ’рцæудзæп. Кæд П8б'
дæ исты зонын фæнды, уырдыгæй нын æй зæгъ, алцы дæр сараздзыстæм. — Бузныг, бузныг,'Мæхæмæт. Æнæуи дæр аразут алцы. Афтæ, мæнæ куыддæр æнкъард кодтон æмæ... — йæхи рæстытæ кодта Алæмæт, фæлæ Мæхæмæт æм- бæрста, æнкъарддзинадæй дарддæр Алæмæт йæ фысты уа-вæр кæй бæрæг кодта. Куыд фæзæгъынц, æууæндын уыл, æмбæлттæ, фæлæмын уæддæр бар радтут æмæ мæ фысты мæхи цæстæй фенон. Мæхæмæтиæ риуы дзыппæй сласта дæргъæццон блок- нот. Балæвæрдта йæ Алæмæтмæ. — Мæнæ ам та дыууæ къуырийы бæрæггæнæнтæ. Цас дын бабæздзысты, — нæ зонын. Ат1æмæт исдуг фергъуыйау. Бæлвырд нæ зыдта, Мæ- хæмæт цавæр бæрæггæнæнты кой кæны, уый. Мидæмæ цы чысыл рухс калд, уымæ æввахсдæр балæууыд æмæ блокнот рафæлдæхта. Рæсугъд хъæрнывтæй дзы фыст уыдис, Алæмæт фæлварæнтæ цы фыстыл кодта, уыдон номхыгъд, алкæмæн дæр сæ йæ номыр æмæ æрвылбоны уæз. Мæхæмæт ма сын радта йæхирдыгон нæмттæ дæр: Бури, Уæргъуын, Сауи, Морæ, Гæрæм, Хъисой æмæ аф- тæ дарддæр. Алæмæт горæтæй æгæр æрæгмæ куы цыд, уæд Мæ- хæмæт фысты райдыдта барын дæр. Фы’стыл номыртæ уыд, фæлæ сыл цæст цалынмæ нæ фæцахуыр, уæдмæ зын хицæнгæнæн уыдысты. Гъе, уымæ гæсгæ сыл сæвæрд- та нæмттæ дæр. Барста сæ бон дыууæ хатты: райсомæй æмæ изæрæй. Алæмæты та фысты барын хъуыд æрмæст- дæр профессор Æрчъеккаты Хъазмæхæмæты ныхмæ фидар дæнцæнæн. Уый партийы обкоммæ цы хъаст ба- лæвæрдта, уым фыста Астемыры фырты фæлварæнтæ, зæгъгæ, фæрæстмæ сты, уæддæр сæ пайдайæ сæ зиан уы- дзæн фылдæр. Уымæн æмæ ныртæккæ нæ къухы цы ставд фосы мыггæгтæ ис, зонад дæсгай азты удуæлдай куыст кæй тыххæй фæкодта, уыдон фæстæмæ абаддзыс- ты сæ фыщцаг гаччы. Алæмæты уæддæр нæ уырныдтой Хъазмæхæмæты ныхæстæ. Фæлæ сфæнд кодта йæхи фæлварæнтæй дард- дæр ацы хъуыддаг дæр рабæрæг кæнын. Гъе, уымæ гæс- гæ ахуыр кодта, фæлварæнтæ цы фыстыл кодта, уыдоны 187
уавæр цот кæныны размæ, цот .кæныны рæстæджы æмæ* уый фæстæ. Баргæ дæр сæ уымæн кодта. — Хуыздæр фæу, Мæхæмæт. Ды ’ахæм куыст бакод- тай æмæ дын куыд зæгъон! — бузныджы цæстæй йæм бакаст Алæмæт. Уайтагъд скъæтæй ратагъд кодта. Æр- бадт йæ чысыл стъолы фарсмæ. Блокнот йæ разы ’ры- вæрдта æмæ йын йæ барæнты хыгъдтæ хæссын райдыд- та йæ журналмæ. Хаст сæ куы фæци, уæд фæлладгъуы- зæй йæхи æруагъта сынтæгыл. Мæхæмæт абон кодта æфсиниуæг. Райсомæй хъуыды- ты аныгъуылд, фиййæуттæн цы хæринаг сараза, ууыл-. Фиййауы хæринаг та хъуамæ уа бæркадджындæр. Фыц- цаг æмæ дыккаджы ахадæн куыд уа. Æмæ ахæм хæри- нагæн та равзæрста чанах. Картоф бирæ, фыдызгъæлæй цух не сты. Уæдæ хъæдындзтæ, сырх цывзытæ тебæйыл царвы бурфых акодта æмæ чанахæн канд ад нæ, фæлæ’ хуыз дæр радтой. Хæринаг уыд цæттæ. Алæмæт йæхи сынтæгыл куы ’руагъта, уæд æм Мæхæмæт стъол бав- вахсдæр кодта æмæ йын къусыдзаг чанах йæ разы авæрдта. Хæринаджы æхцон тæф ауад Алæмæты фын- дзы хуынчъытыл. —Рынчыны аккаг хæринаг нæу, фæлæ æххормаджы бæсты! — йæхи рæстытæгæнæгау сдзырдта Мæхæмæт. Уæвгæ та хъуыды кодта: кæд Алæмæты зæрдæмæ фæ- цæуа, уæд йæ фыдæбон нæ фæдзæгъæлы. Уæддæр æнæ- ииз адæймагæй рынчын æвзарагдæр вæййы хæринаг. Алæмæт хæринаг йæхимæ æрбаввахсдæр кодта æмæ1 йæ тынг зæрдиагæй бахордта. — Рынчын лæгæн уый бæрц хæрын не ’мбæлы, фæ- лæ хæрзад уыд æмæ... — загъта фæсхæрд Алæмæт. — Фиййæутты хæл;цмæ хорз хъусдарын æмбæлы. Ардæм рацæуыны агъоммæ-иу нæ æппæт дæр судзины онг хын- цын хъæудзæн. Куыддæр зымæджы рæстæджы адæймаг, Хъызлары цæргæйæ, фæиппæрдгъуыз вæййы. Цæмæн?' Уымæп æмæ канд горæты цардмæ нæ, фæлæ хъæуы цардмæ дæр дард фæлæууæм. Рæстæгæй-рæстæгмæ нæ бæрæг кæнынц куыд областы, афтæ районы разамоп- джытæ дæр. Нæ хъæмпсæр къæсы ’хсæн фæзынд дзæбæх цæрæнуæттæ дæр. Фæлæ нæ райгуырæн бæстæйы ха- бæрттæ, дупепы хабæрттæ æрвыл бон дæр хъуамæ зонæм. 188 •
Æ’мæ нын уый фадат та нæма ис ам. Уæвгæ, ныры тех- никæйы рæстæджы.цы диссаг у, цы бирæ фиййæуттæ ис, уыдонæн уа иу вертолет постхæссæг. Йеныр ног газет- тыл дæ цæст ахæсс! — Гъæйтт, куыд дын амардтæн, гъе! Мæнæ ацы рох- гæнаг сæры аххос у, æнæхайыр фæуа. Уый йедтæмæ нæм газеттæ та куыннæ ис. Дысон сæ сыхаг уæтæры фиййæуттæй иу æрбалæвæрдта. Районы уыд æмæ йын нæ пост йемæ рарвыстой! — Мæхæмæт æнæхъæн тых- тон æрæвæрдта Алæмæты стъолы иу тигъыл. Алæмæт сæ уайтагъддæр змæнтын райдыдта, газет- тæ, журналтæ, брошюрæтæ. Се ’хсæн цалдæр письмо- йы. Æркаст сæм, фæлæ дзы уымæ ничи уыди. Исдуг са- гъæсты аныгъуылд. Цæй тынг æнхъæлмæ каст, айфыц- цаг партийы обкоммæ йæ диссертацийы тыххæй цы куырдиат балæвæрдта, уьшæн дзуапмæ. Нал райста фæззæгæй нырмæ Фæрдыгæй дæр писмо. Ницыуал бæ- рæг дзы зоны. Фæстаг хатт ма йæм писмо куы ’рырвыс- та, уæд æй фæдзæхста, цæмæй йæм посты мауал рарвыс- таид писмо. «Уæлæ дзы иу хæлынбыттыры хуызæн чызг кусы постхæссæгæй, — фьиста Фæрдыг, — афтæ мæм кæ- сы æмæ иууыл цæсгомджынтæй нæу. Удæй-удмæ йæ мæ хъыомæтмæ ницы хъуыддаг ис, фæлæ нын цыма нæ ха- бæрттæ æвзæр нæ зоны... Дæ гшсмоты тыххæй æз никуы никæмæн фæзæгъын. Уæдæ дызæрдыг нæ кæнын дæу •тыххæй дæр. Фарстæуы: цæмæй-ма нын зоны нæ ха- бæрттæ? Æз афтæ хъуыды кæнын æмæ уымæн фæрсырдыгæй бахæсчындæуыд уыцы чъизи ми. Чи зоны, дæ хорздзи- надмæ бæллæг Фаризæт, кæнæ та мæхи мад сты сæйраг аххосджын. Фæлæ, хæлынбыттыр уыдон фæндоп кæй æх- хæст кæны, уый дызæрдыггаг нæу.:. Йæ амонд у, æмæ йæм мæ къух не ’ххæссы, æндæра йæ иу бон дæр ахæм куысты нал ныууадзиккой, атæхид дзы. Гъе, уымæ гæс- гæ дæ курын, ферох уал кæн рæстæгмæ пост. Æндæр гæ- нæн дзы нæй. Быхс уал, мæ дунейы рухс. Мæхицæн дæр цы æнæбыхсгæ ис. Ардыгæй нæ фембæлдмæ та, нæ хъуыддаджы йæ фындз чи тъьиссы, уыдон фыдæнæн :хорзæй, дзæбæхæй мын цæр, Фæрдыг». 189
Æмæ быхсы Алæмæт дæр. Æнхъæлмæ кæсы ахæм фембæлды бонмæ. Уæлдай æхсыз’гондæр æй фæхъæуы,, лæгæи цыдæр мæстытæ, сагъæстæй йæ зæрдæ æгæр тыппыр куы вæййы, уæд. Æмæ Алæмæтæн та а-фæстаг бонты йæ зæрдæ бирæ цыдæртæ æхсыны. Фæлæ быхсы, æндæр гæнæн ын нæй. Мæхæмæт иу цалдæр хатты æрбакаст, газеттæ афтæ’ зæрдиагæй чи агуырдта, уыцы Алæмæтмæ æмæ хъуыддаг фембæрста, — уый газеттæ нæ хъуыд, фæлæ^писмо. Фæр- дыджы писмо. Айфыццаг Мæхæмæт бавдæлд æмæ, Алæ- мæтæй бар æнæ райсгæйæ, Фæрдыгмæ писмо ныффыс- та. Уæззау рыпчын кæй у, уый дзы бамбæхста. Фæлæ Алæмæт æмæ балбирæгъты фембæлд цæй бæрц арæхст, афтæ сныв кодта. Фыста йæм, Астемыры фырт уæззау уавæры кæй нæ фæтарст, фæлæ балбирæгъты цæгъды- ныл кæй схæцыд. Фыста йæм ноджыдæр, Ала&мæт кæй у фиййæутты* уд æмæ дзæцц. Ныр Мæхæмæты чысыл куы февдæлд, уæд йæхæдæг дæр газеттыл йæ цæст ахæссынвæнд окодта. Алæмæты цурмæ бацыд, райста ирон газет, ра- фæлдæхта йæ. Алæмæтæн Мæхæмæты æрбацыдæй фес- къуыдысты йæ сагъæстæ æмæ механикон æгъдауæй бав- нæлдта газетмæ. — Алæмæт! — æвиппайды фæхъæр кодта Мæхæмæт æмæ, цъилау, ныззылд, газет бæрзонд сисгæйæ, — дæ хæрзæггурæггаг мæн. -Мæнæ уæлдæрлæууæг органты уынаффæ. — Га-зет айтыгъта æмæ йæ хъæрæй кæсын райдыдта: — Ныр цалдæр азы зонадон кусæг Астемыры фырт дыууæ *- азмæ æртæ цоты райсыныл цы хъæппæрисон куыст фæкодта, уыдопæн иттæг хорз фæстиуджытæ кæй райста æмæ уыцы зонадон фæлварæнтæн стыр нысани- уæг кæй ис æхсæнадон фосы ньщæц сырæзып кæныны хъуыддаджы, уый хынцгæйæ, Саггомы колхозы æппæт фадæттæ дæр арæзт æрцæуæнт зонадон кусæг Астемыры фыртæн, цæмæн пæ ахсджиаг куыст кæронмæ ахæццæ кæна. Бар лæвæрд æрцæуæд Саггомы сыхаг колхозтæн стыр фæлварæн станц саразынæн. Æхсæпадоп фосы нымæц сырæзыны хъуыддаджы 190
Астемыры фырты ног фосы мыггаг ахсджиагыл кæй ны- майæм, уымæ гæсгæ хæсгонд æрцæуæд республикæйы иннæ колхозты разамонджытæн, цæмæй лæмбынæг са- хуыр кæной Астемыры фырты куысты метод æмæ дзы æппæт амæлттæй спайда кæной сæхи колхозты. Мæхæмæт газет каст куы фæцис, .уæд ныттыхст Алæ- мæтыл. — Алæмæт, æз фиййæуттæн фехъусын кæнон, мæнæ ныл цы стыр цины хабар сæмбæлд! — Мæхæмæт фæстæ- мæ фездæхт, — мæ хæринаг — дæ фæдзæхст. Ницы йын_ хъæуы, æрмæст йæ быны æртдзых ма ныххуыссæд. — Цу, цу, ма тæрс! — рæвдаугæ сдзы’рдта Алæмæт æмæ æхсызгонæй каст, йæ разæй, сывæллонау, цингæн- гæ, чи азгъордта, уыцы хæларзæрдæ Мæхæмæты фæстæ. Цин бахъуызыд Алæмæты æрхæндæг зæрдæмæ дæр. Фæлæ йæ бæрндзинад ныр кæй фæфылдæр, уый уæлдай тынгдæр æнкъардта. Йе ’ппæт хъуыдытæ дæр баст уы- дысты йæ фидæны æнæхуыссæг æхсæвтæ æмæ æнæны- мæц бирæ ног фæлварæнтимæ. «Ныры онг æз барвæн- донæй кодтон ацы куыст, — хъуыды кодта Алæмæт, — уæмæй иу чысыл исты уæддæр баххуыс кодтаин æхсæ- надон фосы рæзтæн. Ныр мыл ацы хæс æвæрынц парти æмæ хицауад. Адæмы æууæнк мыл бафтыдтой. Уæззау æмæ бæрнон хæс у». * * * Рæсыд цæстытæ æмæ æрхæндæг зæрдæимæ фæзынд Фæрдыг йæ куыстмæ. Дысон-бонмæ хуыссæны рафт- бафт цы кодта, æндæр хуыссæджы цъыртт нæ федта. Йæ зæрдæйы æппæт тыппыртæ баст уыдысты Алæмæ- тимæ. Цас рæсугъд бæллицтæй-иу авæрдта йæхицæп ныфсытæ, уæдæ, мæнæ тагъд Алæмæт бахъахъхъæн- дзæн йæ диссертаци, сиу уыдзæп сæ цард æмæ сæ уал азы æнувыд уарзондзинад цардамонды дидинæг раф- таудзæн. Уæдмæ сын фæзындзæп царды уидæгтæ. йæ- хи-иу авæрдта æфсины быпаты. Æппæты мæт кодта, æп- пæтыл æххæст. Кæм хъуг радуцы, кæм кæрчытæн кæфо- йæ хæринаг кæны, уæдæ лæджы дарæсыл иту авæрын, сывæллæтты афоныл ныхсын, сæ дарæс сын скæнын, ба- хæрын сын кæнын хъæуы. Цал æмæ йæм цал ахæм куыс- 191
-гы æнхъæлмæ каст, уалдзæг цæхæрадонмæ базилын, сæрд æй æрæфснайын, фæлæ сæ йæ хъуыдыты мидæг алкæуыл дæр æххæст, алкæй дæр сæ кодта, фæллад нæ зонгæйæ. Уымæн æмæ адæймаг амондджын куы вæййы, уæд фæллад нæ зоны. Æмæ ныр йæ цины рæсугъд сæнттæ разындысты, митын мæсгуытау, атадысты, доны цæппузыртау. Фæцис, хæрамзæрдæ иæм чи дары, уыдон фæндиаг. Цæуылнæ йыл æркъуырой ныр, сæ рæзты куы фæцæйцæуа, уæд былысчъил худт кæнгæйæ, сæ къах: «Гъы-ы, афтæ йын хъæуы, уæддæр æгæр къæйных, æгæр хивæнд уыди. Нæ усгурæй хуыздæр а-комы нæй... æмæ, марадз зæгъай, йæ сæрмæ нæ нæ бахаста». — Гъай-гъай, æгъатыр у мæ хъысмæт. Азтæй мыл цы нæ цæуы, зындзинæдтæ мын уымæй фылдæр бав- зарын кодта! — мидкатайтæй, куыройы фыдау, зылд Фæрдыджы сæр. Фæлæ цы акæна, кæнæ Алæмæтæн кæ- цырдыгæй баххуыс кæна, уымæн ницы зыдта. Хъæуы, æнæмæнг хъæуы ахæм тыхст сахаты Алæмæтæн баххуыс кæнын. — Гъе, æмæ, уьщы хъуыдытæгæнгæ сыстад йæ хуыссæнæй, æрбадт стъолы фарсмæ æмæ райдыдта фыс- сын: Мæ зынаргъ Алæмæт! Дæ ацы тыхст æмæ уæззау сахат мæныл хох куы ра- калдаид æмæ йæ быны куы ныцъцъист уыдаин, уæд мын æнцондæр уыдаид! — Фæрдыджы къухтæ рызтысты, йæ цæстысыгтæ нæ урæдта. Хаттæй-хатт сатæг æнгуз йæ агъудыл куы ’рзæбул вæййы æмæ уый дымгæйæ æд агъуд куы фескъуыйы, зæххыл йæ тъæпп куы фæцæуы, уæд æнгуз иуварс атулы, агъуд та фæйнæрдæм гæбаз- гай фæтæхы. Раст афтæ кодтой Фæрдыджы цæстысыг- тæ дæр. Уыдонæн дæр-иу урс гæххæттыл се ’мыр тъæпп фæцыд æмæ-иу хæрз лыстæг цæцпузыртæй фæпырх сты. Кæд-иу ногфыст дамгъæтæй искæуыл сæмбæлд, уæд-иу чысыл цæппузыртæ гæххæттыл адæргъ сты, æрцындз судзины фатау. Фыссы Фæрдыг йæ удæнцой Алæмæтмæ, йæ зæрдæйы бауро*мын кæй нал бафæрæзта, уыцц мæс- тытæ... Фыссы æмæ йæ цæссыгтæй æхсы писмо. Диссаг у, æвæдза, адæймаджы хъуыддаг. Зæрдæйы 192
судзгæ мæстытæ суадæттæ куы фестынц, уæд фæскъæв- да арвы риу тар æврæгътæй куыд асыгъдæг вæййы æмæ ирдæй рарттивы, афтæ у адæймаг дæр. Суагьта йæ зæр- дæйы тыппыртæ æмæ ныр æрсабыр, ирдæй йæм разынд æппæт дæр. Зонд та райдыдта сабыргай, хиуылхæцгæ уынаффæтæ кæнын. Уый сдзырдта Фæрдыгмæ: «Алæмæтæн ацы тыхст сахат дæ судзгæ цæосыгтæ йæ маст фæдывæр кæндзысты, ницы йын баххуыс уыдзыс- ты. Уæвгæ та Алæмæт, дæумæ куыд кæсы, афтæ æвзæр уавæры нæй. Алæмæты сæрыл мыхуыр фидарæй сдзырд- та. Уый та ууыл дзурæг у æмæ йын йæ зонадон фæлва- рæнтæн стыр аргъ кæнынц. Хурмæ калы, хъуына кæуыл сбадт æмæ гæххæттыты рыгтæ чи змæнты, практикон Куыстæн чи нæ аргъ кæны, уыцы профессор Æрчъекка- ты Хъазмæхæмæты дæлгоммæ хъуыддæгтæ. Мæнмæ аф- тæ кæсы, æмæ Алæмæтæн ницы тас у. Кусдзæн йæ бы- наты. Фæлæ Алæмæты ныртæккæ хъæуы дæ рæвдаугæ ныхас, дæ хæлар зæрдæ». Гъай-гъай, Фæрдыджы зонд фæтых йе ’нкъарæнтыл. Иуварс авæрдта писмо. Райста ног гæххæтт æмæ рæ- сугъд хъæрнывтæй райдыдта ног писмо фыссын. Фæрдыг æрымысыд, Алæмæты фыццаг фембæлдæй фæстаг фембæлды онг цыдæриддæр сæ дыууæйæн дæр цин æмæ амонд хаста, æппæт уыдæттæ. Писмойы кæрон, цæмæй йыл Алæмæт ма фæдызæрдыг уыдаид, ныфсы- тæ мын æвæры, зæгъгæ, уый тыххæй фæнысан кодта: «Фехъуыстон дын дæ хабæрттæ, бакастæн газет дæр. Фæлæ дуне профессор Æрчъеккайы фыртыл не ’нцайы. Æнæуи та, мæ хæлар, æз дæн уæлдай амондджындæр, ахæм «фыдзыкъуыр» хивæнд адæймаджы бæрны кæй ба- кодтон мæ цард, уый тыххæй- Тæрсгæ ма кæн, арв куыд нæры, афтæ нæ цæвы. Æнувыд уарзæттæ сæ цард дуры сæрыл дæр сараздзысты. Дæ иунæг фендмæ, фынфенæгау, чи æнхъæлмæ кæсы, дæ уыцы иузæрдыг Фæрдыг».. Æддейæ æрбаихъуыст уасæджы базырты тъæпп- тъæпп æмæ зæлланг хъæлæсæй хъихъри-хъу-хъу. Фыц- цаг кæркуасæнтæ. Фæрдыг базыдта сæ зæронд уасæ- джы йæ хъæлæсæй. йæ хæд фæдыл райхъуыст, æвæц- цæгæн, уасæджы фæдис уастæй чи фесхъиудта -æмæ 13. Хацырты С. 193
æрæджиау йе ’муд чи ’рцыд, ахæм лæппын уасæджы лæмæгъ цъæхснаг хъæлæс. Фæрдыг кæд зыдта, фыццаг кæркуасæнтæ бонмæ феввахс вæййынц, уый, уæддæр æркаст йæ сахатмæ. Хорз уыдаид иу-дыууæ сахаты афынæй кæнын. Фæлæ уый гæнæн нæ уыд. Скъоладзаутæ сæ тетрæдтæм æн- хъæлмæ кæсдзысты, сыстад, йæ къахфындзтыл бацыд сыхаг уатмæ. Рахаста йæ тетрæдтæ æмæ сæ райдыдта кæсынтæ. Уæззау æхсæвы фæстæ, райсомæй кæсæнмæ йæхимæ куы бакаст, уæд йæхицæн фæтæригъæд кодта, йæ цæсты- гæ уыдысты рæсыд, йæ цæсгом — фæлурс. Гъе æмæ аф- тæмæй фæзынд скъоламæ. Сæры иугæндзон зилдух код~ той Алæмæтыл мæт æмæ сагъæстæ. Службæ та йæ домд- та куыст, æнувыд, иузæрдион куыст. Цы хъуыддаг ис хистæр кълæсты скъоладзауты искæй уарзондзинадмæ, кæд сæхи зæрдæты дæр, бæласы къуыбыртау, сабыргай хæлын райдыдта уарзондзинад, уæддæр. Уыдон æнхъæл- -мæ кæсынц ахуыргæнæджы зæрдæхъæрмттæ æмæ рæ- сыд цæстытæм нæ, фæлæ сæ исты хорздзинадмæ чи ба- цымыдис, сразæнгард кæна, ахæм рухстау амындтæм. Æмæ Фæрдыгмæ та абон ахæм хъару нæй. Бады, ка- тайгæнгæ, ахуыргæнджыты уаты æмæ, мардæрцыдау, æнхъæлмæ кæсы фыццаг дзæнгæрæгмæ. Салхъазанты Темыры кабинетмæ бацæуæн уыдис ахуыргæнджыты уатыл. Уый æрвыл райсом дæр цыд уьь цы бæрæг афон. Скъолайыл-иу йæ цæст ахаста. Федта- иу, пецты афоныл сарт кодтой, кълæсты хъарм у, æви нæ. Стæй ма йын-иу рæстæг баззад иу фынддæс ■— ссæдз минуты æмæ-иу уый та йæхи кабинеты нæ, фæлæ бадт ахуыргæнджытимæ. Развæлгъау-иу æй фæндыд ба- зонын, ахуыргæнджытæ сæ куысты бонмæ цæттæйæ æр- цыдысты, æви нæ. Уымæй стæм хатт йедтæмæ никуы фæ- рæдыд, базыдта-иу, ахуыргæнджытæй искæуыл исты бæллæх сæмбæлд, кæнæ йæ уроктæм фаг нæ банæттæ кодта, уый. Карз, тызмæг, домаг директор уыди. Никæ- мæн барста, æгуыдзæджы фыдæй, зæгъгæ, исчи йæ урок- тæм æдзæттæйæ бацæуа, уый. Фæлæ сæ искæуыл исты бæллæх сæмбæлд, уæд та-иу ахæмы мастыл се ’гасæй фылдæр фæхъынцъым кодта. Уымæй нæ уыд саузæрдæ» 194
хæрамхæссаг. Бафхæрдта дæ, уæд уый фæстæ архайдта адæймаджы рараст кæныныл. Æмæ ахæм хъуыддаг та сыгъдæг зæрдæйæ кæй кодта, ууыл фидарæй æууæнды- дысты æппæт ахуыргæнджытæ дæр. Уый тыххæй йæ уæл- дай фылдæр уарзтой, аргъ ын кодтой, архайдтой, цæ-* мæй дыккаг хатт йæ зæрдæхудты мауал бацæуой. Мæнæ, гъе, ацы райсом дæр бады ахуыргæнджытыуа- ты. Хъуызгæ сыл йæ цæст ахаста æмæ уайтагъддæр фæ- фиппайдта, Фæрдыг йæ чемыл кæй нæу, уый. Салхъаза- ны фырт сыгъдæг уарзтæй уарзы, скъолайы куыстыл, царвау, чи тайы, уыцы æнувыд, æвзонг ахуыргæнæг Фæр- дыджы. Исдуг йæхинымæры ахъуыды кодта, цымæ цы кæны, зæгъгæ. Хох æнæхъус нæу, быдыр æнæ цæст, фе- хъуыста йын иу чысыл йæ уарзондзинады хабæрттæ. Бакаст газеты Астемыры фырты тыххæй дæр. Æмæ ис- дуг йæ зæрдæ скарста, æвæццæгæн, ууыл сагъæс кæны, уæдæ йæ æндæр цы мæстаг ис чындздзон чызджы? О, фæлæ ахæм æрхæндæг зæрдæимæ къласмæ бацу æмæ скъоладзаутæн, мардыл хъарæггæнæгау, рæстæгсафæн- тæ кæн, уый Темырмæ раст нæ кæсы. Ноджы уæдæйныр- мæ Фæрдыгмæ йæ цæст дары æмæ уый сæркъулæй скъоладзауты тетрæдтæ фæлдахы, никæмæ кæсы. Темыр ам дæр хъуыды кæны йæхирдыгонау, зæгъгæ, тетрæдтæ сраст кæнын хæдзары йæ къухы нæ бафтыд, æмæ сæ ныр раст кæны. Иугæр тетрæдтæ не сраст код- та, уæд, æвæццæгæн, йæ уроктæм дæр æдзæттæйæ ба- цæуынмæ хъавы. Анæрыд дзæнгæрæг. Ахуыргæнджытæ журналтæ райстой æмæ атагъд кодтой кълæстæм. Зæгъгæ, Фæрды- гæн Сона нæ загъта, чызг, урок райдыдта, уæд бадгæ- йæ баззадаид. Сонайы ныхасæй фестъæлфыд Фæрдыг. Фескъуыдысты Алæмæтыл йæ хъуыдытæ. йе студентон иузæрдион хæлармæ бакаст сагъæстæй йедзаг цæсты- тæй. Дыууæ хæлары, æнæдзургæйæ, хорз æмбæрстой кæрæдзи. Сонамæ афтæ фæкаст, цыма йæ уарзон æмгар ныртæккæ йæ разы æрдыдæгътæ уыдзæн. Тынг ын фæ- тæригъæд кодта æмæ йын йæ хъусы сусæгæй бадзырд- та «дæхиуыл фæхæц...» Фæрдыг райста журнал æмæ араст къласмæ. Скъо- ладзаутæн салам радта. Байуæрста сын сæ тетрæдтæ. 195:
Иутæй раппæлыд, иттæг хорз кæй ныффыстой, уый тых- хæй, иннæтæй кæмæндæрты бауайдзæф кодта, рацæугæ æрмæг хорз нæ зонут, æмæ уæ иннæ хатт уæлæмхас уро- чы ногæй фæрсдзынæн, зæгъгæ. Уый фæстæ рахызт абоны æрмæгмæ. Скъоладзаутæн амыдта Хетæгкаты Къостайы поэмæ «Фатимæ». Фæрдыг афтæ дæсны, афтæ арæхстджынæй ранывæз- та поэмæйы мидис, архайджыты миддуне æмæ къласы бындз куы атахтаид, уæд ын йæ базырты гуыв-гуыв фе- хъуыста-иккой, афтæ сабырæй йæм хъуыстой скъола- дзаутæ. Æдзынæгæй йæм хъуыста Темыр дæр. Уый ардæм æрбацыд иу æнхъæлцауæй æмæ йæ хъуыдытæ раст кæй нæ разындысты, уый йын уыд уæлдай æхсызгондæр. Фæрдыг уæлдай ирддæрæй снывæзта Фатимæйы æфхæрд уавæр, удуæлдай тох сыгъдæгзæрдæ сылгоймаджы кад æмæ намысыл æмæ иннæ ’рдыгæй та скъоладзауты зæр- дæйы ’взæрын кодта стыр æнæуынондзинад патриарха- лон сæфтдзаг æгъдæутты ныхмæ. Дзæнгæрæг куы азæлыд, уæд фæстаг партайæ сыстад Темыр. Фæрдыг æй нырма ныр фæфиппайдта æмæ куыд- дæр йæхимидæг фæтыхст. йæхинымæр ахъуыды кодта: «Иугæр æнæхъæн урочы нæ бафиппайдтон лæджы, уæд мæ чемыл нæ уыдтæн». Скъоладзаутæ феддæдуар сты, Темыр иннæ хæттыты куыд кæны, афтæ нæ загъта Фæрдыгæн мæ кабинет- мæ-ма цом, зæгъгæ. Фæлæ йæм бацыд æмæ йын^ зæр- диагæй йæ къух нылхъывта бузныг дæ диссаджы арæхстдзинадæй, зæгъгæ. Фæрдыджы фæллад цæстытæ цæссыджы малы ра- зылдысты, фæлæ сæ рустыл æртулын нæ бауагъта. * * * Фæстейæ аззадысты даргъ зымæджы хъызт бонтæ æмæ уадтымыгътæ. Уалдзæг, уалдзæг—зарыдысты сæдæ мин хъæлæстæй мæргътæ. Денджыз рарттывта цъæхцъæ- хидæй. Дардмæ афтæ зынд, цыма æрвгæрæттимæ баиу. Йæ сæрты зæрдæйы дзæбæхæн зилахур кодтой иугай 196
кæсагдзаутæ. Бибо æмæ Мæхæмæт уыцы бон хызтой фос. Сæ кæрцытæ аппæрстой. Райсом хурыскастæй хур- ныгуылдмæ денджызы ’рдыгæй суцца дымгæ ма кæнæд, уый йедтæмæ хъарм дарæс буар нал куырдта. Фос хыз- тысты, ацы хъарм бонты йæ сæрыл чи схæцыд, уыцы цъæх кæрдæгыл. Сихормæ ’ввахс уыдаид, афтæ Бибо æмæ Мæхæмæт, дæлвæзты цы чысыл малтæ уыд, уыдон- æрдæм баздæхтой сæ фос, æмæ къæбæр хæрынвæнд скодтой. Æвиппайды фиййæутты куыйтæ смæнæ-мæнæ кодтой æмæ æддæрдæм сæхи аппæрстой. Мæхæмæт фæкаст æмæ дардмæ ауыдта иу барæджы æрбацæйцæугæ. Куыйтыл фæхъæр кодта æмæ уыдон сæ бынæтты сагъдауæй азза- дысты. Мæхæмæтмæ дæрддзæфæй сæ къæдзилтæ тылд- той. Барæг дардæй æрбахъæр кодта: — Ам Саггомы колхозы уæтæр кæм ис? — Мæнæ мах Саггомы фиййæуттæ, — адзырдта йæм Мæхæмæт. — Астемыраты Алæмæт уæм исчи хуыйны? — йæ бæх сæм æввахсдæр æрбаскъæргæйæ, бафарста, иу фынддæс æмæ ссæдз азы кæуыл цыдаид, ахæм саухил нæлгоймаг, рæсугъд ыл фидыдта йæ дæрдджын костюм. Бæрæг уыд, бæхæй рахизынвæнд <кæй нæ кæны. Мæхæ- мæтмæ куыддæр хардзау æркаст æнæзонгæ лæджы ми. Ахъуыды кодта, ау, Бибомæ уæлбæхæй йæ къух æрдаргъ кæндзæн, зæгъгæ, æви йæ лæгыл нæ нымайы. Фæлæ æнæзонгæ барæг, фиййæутты стыр хъуынджын куыйты ’рдæм фæкæс-фæкæсгæнгæ, Мæхæмæты афарста: — Дæ куыйтæ мыл нæ фæхæцдзысты? — Æрдæбон дæ, чи зоны, уæлбæхæй дæр æристаик- кой, фæлæ иугæр нæ цурмæ æрбацыдтæ, уæд сæ мауал тæрс. Барæг рæвдз æргæпп кодта йæ бæхæй, Бибойы размæ бацыд, æмæ йын йæ къух райста, уый фæстæ раис- та Мæхæмæты къух дæр. Бæхы саргъы гоппыл баппæрс- та идон æмæ йæ уæгъдæй ауагъта. Бæх уайтагъд хизын- мæ фæцис, æхсызгонæй йæ фындзыхуынчъытæй хуыр- рытт кæнгæйæ. — Астемыры фыртмæ — хицауады тел. — Мæхæмæт æй нæ байгом кодта, афтæмæй йын йæ хуылфмæ нык- 197
каст. Телы дзырдæуыд, цæмæй Алæмæт æвæстиатæй фæ- зындаид партийы обкомы секретарь Болататы Ирбегмæ. — Марадз, Мæхæмæт, уæртæ Згъарыл абад æмæ йæм æй фæхæццæ кæн, науæд уазæджы бæх æгæр фæл- лад у. — Дæ хорзæхæй, уæдæ-иу мæнæ ацы гæххæттыл йæ къух æрæвæрæнт! — уазæг чысыл цыппæрдигъон гæх- хæтт бадаргъ кодта Мæхæмæтмæ. Уый йæ райста æмæ йæ телы гæххæттимæ йæ худы счъилы атъыста. Иу цалдæр къахдзæфы æддæдæрæй фæсидт Згъар, Згъар, зæгъгæ, æмæ йæм иу æлвæст цъæх бæх æрбаз- гъордта. Мæхæмæт ыл дзылар акодта æмæ йыл æнæ- саргъæй багæпп кодта. Бæх, маргъау, атахт размæ. — Гъе, уый цæргæс нæу, хуыцауы тыххæй! — рап- пæлыд уазæг. — Цæргæс æмæ цавæр цæргæс. Уастæн, йæ сидзæр- гæс мад йæ цардæй бафсæда! — æхсызгонæй бафип- пайдта Бибо. — Табуафси, мæнæ уал мæ цуры абад, уый дæр уæдмæ зындзæн. Дæхи мын нæ бацамыдтай. — Æз, мæ фыды хай, посты кусын, Къубалты Хуын- дæг мæ хонынц- йемæ мæ фæдисæй рарвыстой ардæм. — Цины хуынтæ фæхæсс, мæ хæдзар. Æз та Джыг- кайтæй дæн. Бибо. Мæнæ уыцы цæхæрцæст кæстæр та Дзеранты Мæхæмæт. Фæлæ та йæм цæмæ дзурдзысты, хуыцау йæ зонæг. Азымæджы-ма йæм иу хатт фæдзырд- той æмæ мæлæты къахыл ныллæууыд. Тыхæй ма фер- вæзти. Замманайы кусæг, хъуыддаджы лæг, йемæ йæ ратон-батон кæнынц. Астемыры фыртæй дыи зæгъын. Фосы ног фæлвæра у уый. Кæсыс, уæртæ уыдон Астемы- ры фырты фароны уæрыччытæ сты. Мæнæ уыдон та — нæхиуæттæ. Æмæ сæ исты хъауджыдæр хатыс мий- йаг?! — фыстæм йæ лæдзæгæй ацамонгæйæ, бафарста Бибо. — Цы уæлдай сæ ис, фазæттау, æмхуызон,сты, æн- дæр, — загъта Хуындæг. — Уæдæ ис хъауджыдæр, мæ хур, Хуындæг. Астемы- ры фырты уæттæ дыууæ азмæ æртæ цоты дæттынц. Хуындæг цымыдисæй бакаст Бибомæ. Гыццыл ма ба- хъæуа, йæ ныхæстæ йын хъазынмæ аздаха. Хуындæджы уавæр фембæрста Бибо æмæ йæ ныхас адарддæр кодта. 198
— Диссаг дæм кæсы? — Кæй зæгъын æй хъæуы, — фыстæй йæ цæстытæ нæ исгæйæ, фæкодта Хуындæг. Æз сæ фьиццаг хатт куы фехъуыстон, уæд мæхимæ дæр сæнттæдзæгъдæгау кастысты. Фæлæ мæ уый фæс- Тс1* канд уырнгæ нæ бакодта, фæлæ мæхи цæстæй фед- тсн уыцы æнæхуыссæг æхсæвты уæлахиздзинад. Уæртæ дæ цæсты раз уьщы ног фысты мыггаджы фароны уæ- рыччытæ. Хорз мыггаг фыстæ! Колхозы æфтиаджы суа- дон. Цæдисы дæр ахæмтæ нæма ис! — цыдæр сæрысты- рæй дзырдта Бибо. — Фæлæу-ма, уый мæнæ азмæджы бирæгътæ цы зо- надон кусæджы хордтой, уыцы Астемыры фырт у? — Тæккæдæр уый. Фæлæ йæ бирæгътæ хордтой, уый та цæмæй зоныс? — бафарста Бибо æмæ Хуындæгыл йæ цæст ногæй æрхаста. — Районы газет стыр цымыдисæй фыста уыцы ха- бар. Уæдæ уæм æцæг фосы фæлвæра куы ис, уæ бон кыккалат. — Гъай-гъай, сомбон канд сыхаг колхозтæ нæ, фæ- лæ бæстæйы алы кæрæттæй æхсызгонæй фæрсдзысты, мæыæ ды куыд бафарстай, афтæ: «Саггомы фиййæутты уæтæр». Цымыдисæй кæсдзысты Астемыры фырты фо- сы ног мыггагмæ. Ахуыр ын кæндзысты йæ зонадон куысты сусæгдзинæдтæ. Æппынфæстаг, æлхæндзысты нæ фосæй, цæмæй уыцы ног мыггаг бафæлварой сæхимæ. Хуындæг æркаст йæ сахатмæ. Бибо бамбæрста, уазæг кæй тагъд кæны, уый. — Тагъд кæныс? Бон нырма дзæвгар у, — йæ лæдзæ- гæй зæххыл хуры аууон абаргæйæ. — Дæ бæх дæр иу чьгсыл йæ фæллад куы суадза, уæд дæ рогдæрæй скъæф- дзæн. — Бæхыл йæ цæст ахаста Бибо. — Дзæбæх, æл- вæст бæх, сæрæн каст кæны, зилынхъуаг у, уый йедтæмæ. Хундæг бамбæрста Бибойы уайдзæф æмæ йæхи раст- гæнæгау афтæ бакодта: — Æуыцы иунæг бæх нæм ис æмæ йæ фæйнæрдæм дугъы уадзæм, цы гæнæн ис. Мæхæмæт дардæй æрбазынд. Сæ цурмæ куы ’рба- хæццæ, уæд тæргæ бæхæй æргæпп кодта. Бæхы ауагъта, йæхæдæг йæ худы счъилæй систа, чысыл раздæр æм 199
Хуындæг цы чысыл гæххæтт радта, уый æмæ йæ бадаргъ кодта уазæгмæ. Мæнæ дын уый та Алæмæты къухфыст. — Бузныг, де знаг дын балæггад кæнæд! — раарфæ кодта Хуындæг. — Цæй, хорзæй баззайут, — йæ къух бадаргъ кодта Бибомæ. — Кæд дæ фадат амоны, уæд нæм ахсæв ныллæуу, нæ дæ фæхъыг кæндзыстæм. — Бузныг, уырны мæ, ,зæрдæхæларæй кæй дзурыс, уый. Фæлæ æнæцæугæ нæй. — Уæдæ фæндараст! — йæ къух ын райста Бибо. Хуындæг сбадт йæ бæхыл æмæ, æрдæбон чысыл раз- дæр кæцырдыгæй æрбацæйцыд, уыцы ’рдæм йæ фæндаг сарæзта. * * * Диссаг у, æвæдза, адæймаджы хъысмæт. Алæмæтæн йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд, æмæ хъуыддæгтæ аф- тæ цæхгæр ныззилдзысты. Æвиппайды Хъызларæй Мæскуымæ йæ тъæпп фæ- цыд. Ныр ын мæнæ Тимирязевы номыл Академийы цыт- джын академик Владимир Васильевич йæ цонгыл хæцы æмæ уæрæх, рæсугъд фойейы дыууæ ’рдæм тезгъо кæ- нынц, Алæмæтмæ йæ пенсне кæсæнцæстыты сæрты рæв- даугæ бакæс-бакæсгæнгæ. — Хуыздæр фæу, мæ хур, хуыздæр. Дæ зонадон куыс- тæй мын уыйбæрц удæнцой æрластай æмæ мæ зæрдæ- йы цин зæгъын нæ фæразын. Афтæ хъуамæ уа, афтæ, Астемыры фырт, зонадон кусæг, уæдæ куыд! — сдзырд- та Владимир Васильевич, æмæ та лæппумæ бакаст, цыма бæрæг кодта, зæгъгæ, мын ацы æрыгон гуырд хорз кæс- тæрæн сбæздзæн, æви, метеорау, йæ ног фысты мыгга- гæй цæхæртæ акалдта æмæ ууыл сыгъд . фæуыдзæн, уæд — хъыгаг хъуыддаг. Æниу, цæйнæфæлтау цæргæ- цæрæнбонты, хуылыдз сугтау, фæздæгкалгæ, æнæбары судзай, фæлтау, топпы хосау, иу< гуыпп ныккæн, арвы нæрдау, а-йхъуысæд дæ хъæр, арвы ’рттывдау, цæхæр- тæ акал æмæ уысмы бæрц барухс кæн бæстæ. Алæмæты хъусы нырмадæр æхцон зæлланг кæнынц Владимир Васильевичы ныхæстæ. Уыцы ныхæсты фæс- тæ зонадон рабадты сæ быцæу алыг. Уый дзырдта: 200
—Мæ зынаргъ коллегæтæ, дисы мæ æфтауы, абон бы- цæуы аккаг чи нæу, афтæмæй быцæу цы фарсты фæдыл <^æнæм, уый. Цы ис ам быцæуагæй? Цæмæн цæуы ам Дзырд, Астемыры фырт нырма æрыгон у, йæ фьщцаг зо- надон куыст у æмæ æндæр ахæмтыл. Мах зонадон кусæ- джы ном нæдæр æвзонгдзинадæн дæттæм, нæдæр фыц- цаг куысты тыххæй’, фæлæ йын цы къæпхæны уæз ис, цы аккаг у, уымæ гæсгæ. Астемыры фырт йæ æнувыд куыстæй зонады ахæм дуар байгом кодта æмæ йын дунейы ахуыргæндтæ йæ сусæгдзинад цымыдисæй ахуыр кæндзысты.—Владимир Васильевичы ныхæстæ- уæрæх залы бадæг адæм тых- джын къухæмдзæгъды бын фæкодтой. Алæмæт йæ сæр ныллæг æруагъта æмæ бынтон ныфсæрмы академичы æппæлæн ныхæстæй. — Дæ сæрыл бæрзонддæр схæц, ирон лæг, — йæ фарс ын фесхуыста Болататы Ирбег. — Йех, тæхуды, ныртæккæ Хъызлары фест, — са- быргай сдзырдта Алæмæт æмæ цыдæр æнахуыр тыхст цæстытæй бакаст Ирбегмæ. Бæрæг уыд, стыр ахуыр- гæндты быцæу æй тынг кæй бацагайдта. Цæттæ уыд фæ- гæпп кæнынмæ, залæй ралидзынмæ. Фæлæ йын йæ хъуы- дытæ фескъуыдтой Владимир Васильевичы ныхæстæ: — Æз фæндон хæссын, цæмæй Астемыраты Алæмæ- ты нæ Академи бахæсса, ацы аз Ленинон предоийы Лау- реаты ном райсынмæ цы номхыгъд бавдисынмæ хъавы, уырдæм! — Ногæй та залы анæрыд тыхджын къухæм- дзæгъд. Президиумы цы зонадон кусджытæ бадт, уыдон кæ- рæдзимæ бакастысты. Иучысыл цыдæртæ адзырдтой,^ сæрты тылдæй кæрæдзийы хъуыды бамбæрстой, стæй сæрдар сыстад, йæ фæдыл иннæ уатмæ ацыдысты зона- дон советы уæнгтæ. , Сусæг хъæлæсы фæстæ, президиум йæ бынат куы ба- цахста, уæд сæрдар фехъусын кодта: — Абон Тимирязевы номыл Академи, йæ равзæрдæй фæстæмæ, дыккаг хатт кандидаты къæпхæны сæрты ахизгæйæ, докторы цытджын ном æмхъæлæсæй дæтты æвзонг зонадон кусæг Астемыраты Алæмæтæн,— залы адæмы тыхджын къухæмдзæгъд къултæ хаста. 201
Æмбырды фæстæ залы бадæг адæм атыгуыр сты Астемыры фыртыл æмæ йын зæрдиагæй йæ къух истойч — Хуыздæр фæу, ирон лæг, хуыздæр, — дзырдтой1' йæм бирæтæ иронау. I «Дæ хорзæхæй, кæм æрæмбырд сты уый æппæт ирæт- тæ?» — ахъуыды кодта йæхинымæры Алæмæт. О, фæлæ ,мæнæ диссаг, Алæмæт не ’ууæндыд йæ цæстытыл! Залы фæстаг рæнхъытæй сыстад Æрчъекка- ты Хъазмæхæмæт, кæд худгæ кодта, уæддæр йæ зæрдæ- йы æрхæндæг бамбæхсын нæ бафæрæзта. — Алæмæт, бацу æмæ зæронд лæджы къух райс. Æз æй ракодтон, цæмæй йæхи цæстэбй фена, йæхи хъусæй фехъуса æппæт дæр, — загъта Ирбег. — Æмæ хъуыддаг иннæ ’рдæм 1куы ныззылдаид, уæд та? — Хъуыддаг кæцырдæм зылд, уый æз зыдтон мæй раздæр. Партийы ЦК-йæ мын фехъусын кодтой. — Æмæ йæ уыдон та цæмæй базыдтой? — бацымыдис Алæмæт. Ирбег уæздан йæ мидбыл бахудт. Алæмæт бамбæрс- та, ацы хъуыддаджы сæйрагдæр хæрзгæнджытæй иу Болататы Ирбег кæй уыд, уый, Хъазмæхæмæт лæууыд цавддурау æмæ каст Алæмæт æмæ Ирбеджы ’рдæм. — Цом, йæ къух ын райс, бæргæ, тæхуды, йæхимæ куы разындаид уый бæрц лæгдзинад æмæ йæхæдæг куы ’рбацыдаид, фæлæ ма тæрс. — Алæмæт бамбæрста Ир- беджы, уый та Хъазмæхæмæты кой кæй кæны. Алæмæты нæ фæндыд Хъазмæхæмæты къух райсын нæ дæр цины охыл, нæ дæр хъыджы. Фæлæ йын иугæр Ирбег дыккаг хатт бакой кодта, уæд уый ныхасæн аргъ ма скæн, уый æнæхсæст ми уаид. Бацæуынмæ хъавыд Хъазмæхæмæтмæ. Фæлæ уæдмæ сæ размæ æрбацыд Владимир Васильевич æмæ Ирбеджы къух нылхъывта: — Зынаргъ Ирбег, дæ къух дын зæрдиагæй исын ахæм зонадон кадры тыххæй, — æмæ Алæмæты цонгыл æрхæцыд, адæмы æхсæнæй йæ фæхицæн кодта. Рахыз- тысты фойемæ. Ам ын загъта, уарзон фыдау: «Иучысыл дæ нервтæ æрсабыр кæн». Стæй йæ æргом бафарста чи дын у Болататы Ирбег, зæгъгæ. 202
— Нæ партипы обкомы фыццаг секретарь! — дзуапп радта Алæмæт. — Уый мæхæдæг дæр зонын, фæлæ дын ницы хæс- тæг у? — ногæй бафарста Владимир Васильевич æмæ комкоммæ бакаст Алæмæты цæстытæм, Алæмæт йæ уæхсчытыл куыддæр схæцæгау кодта, дзургæ ницы скодта, фæлæ йæ сæры тылдæй ницы хæстæг мын у, зæгъгæ, бамбарын кодта. — Тынг æхсызгон мын у, тынг, Алæмæт, æгайтма, хъуыддаг арф чи æмбары, ахæм лæг у. Уый бахæццæ кодта суанг ЦК-мæ дæ хъуыддаг, Уый ныццагъта фæ- дисы дзæнгæрæг нæ Академийы дæр. Фæлæ дæм дард- дæр цы фæнд ис ныр? Ам баззайдзынæ æви уæхимæ горæты институты райдайдзынæ кусын? — Зынаргъ Владимир Васильевич, æргом ныхасы къæм нæй. Мæнæн мæ зæрдæйы ныртæккæ æнæкæрон бирæ цин ис. Нæ мæ фæнды æмæ йæ ам, Мæскуыйы, бай- сысын кæнон. Нæ байсысдзæн нæхимæ институты куыс- ты дæр. Мæн фæнды, цæмæй мæ куысты, æхсæвæй-бо- нæй мæ уæлхъус цырагъау чи сыгъд, бахъуаджы сахат мæ ныфс, ме ’хсар кæй хуыдтон, уал азы цы хъуыддагыл фæкуыстон, уым мын æдзухдæр фидар ныфсы мæсгуы- тæ чи уыд, уыцы фиййæуттæм тагъддæр ацæуын æмæ сæм ме стыр цин ныххæссын. > Фæнды мæ ноджыдæр, цыппар колхозы нын цы фæл- варæн станц аразынц, уым тагъддæр мæ уæнгтæн айва- зыны фадат куы радтин. «Фæнды мæ ноджыдæр, — сдзырдта йæхинымæр Алæмæт, — æмæ ныртæккæ маргъ куы фестин, куы ныппæррæст кæнин æмæ æррайау Æрыдоны куы сми- дæг уаин, куы ныццæгъдин фæдисы дзæнгæрæг Дуду- йы хæдзары раз, куы оæм бахъæр кæнин: «Кæм дæ, Фæрдыг, æддæмæ ма тагъддæр ракæс, мæнæ дып Алæ- мæт цæй амондджын разынд, мæ сæр куыройы фыдау зилы, ракæс тагъддæр, науæд уæ уынджы афæлдæх- дзынæн...» Владимир Васильевич, Алæмæты ныхæстæ фехъус- гæйæ, иудзæвгар ныхъхъус, стæй сдзырдта: — Æз та æнхъæл уыдтæн, ам, Мæскуыйы ныллæу- дзынæ. Æхсызгон мын уыдаид демæ кусын. Фæлæ хуыз- 203
дæр фæу, йе стыр æнтыстæй йæ сæр кæмæн нæ разылд. Романтикæ, уæлахизхæссæг романтикæ. Мæ цæст дын уарзы ноджы стырдæр сгуыхтдзинæдтæ. Кæд мæ фарны. къахыл лæууон, уæд дæ дæ ног фæлварæн станцы бабæ- рæг кæндзынæн сæрды тæвды. Науæд мын ам уыцы афон улæфт нæ фæфаг кæны. Стæй иу чысыл мæхи дæр аирхæфсдзынæн. Цы зæгъдзынæ, нæ дæ фæнды? — рæв- даугæ та бакаст Алæмæтмæ. — Æз уыдзынæн уæлдай амондджындæр, дæу нæхи- мæ ’куы фенон, уæд. — Уæдæ мæм æнхъæлмæ кæс! — Алæмæты къух зæр- диагæй нылхъивгæйæ, загъта Владимир Васильевич æмæ йæ-риуы дзьип-пы даргæ сахатмæ æркаст. — Мæнæн нæхимæ цæуынафон у. %— Владимир Васильевич, афтæ цæугæйæ дын нæу!— йæ размæ мидбылхудгæ æрбацыд Болататы Ирбег! — нæ Ирмæ иу рæсугъд æгъдау уыд фыдæлтæй, æмæ-иу лæппу кæмæн райгуырд, уый-иу ын дугътæ уагъта. — Хорз æгъдау у, фæлæ ма æз цæй дугъы рауадзы- "ны аккаг дæн? — Ирбеджы цонгмæ, хъазæгау, февна- лæгау кодта Владимир Васильевич. — Нæ, фæлæ махмæ дæр дугъы кæстæртæ фæуайынц, куырыхон лæгтæ та фынджы уæлхъус фæбадынц æмæ сын цæрæнбоны гаджидæуттæ фæуадзынц. Гъемæ, та- буафси, Алæмæт нын абон, Ирыстоны кадмæ кад чи бафтыдта, ахæм цæрæццаг гуырд у. Фæнды нæ, цæмæй нын нæ фынгæн хистæрæн фæлæууай, дæ зынаргъ рæ-. стæгæй нын бахай кæнай. — Мæ хъару мæ нал хæссы, фæлæ мæ уæ зæрдæ- худт райсын дæр нæ фæнды. Рагæй нал уыдтæн ахæм цины фынгыл. Фæлæ, æвæццæгæн, абон æнæцæугæ нæй. Æрмæст ма æз æххæст не ’фсины бафæдзæхсон... Владимир Васильевич телефонæй дзурынмæ’куы ацыд, уæд та ирæттæ амбырдысты Алæмæты алыварс. Ацы хатт се ’хсæн уыд Æрчъеккаты Хъазмæхæмæт дæр æмæ йæм йæ къух, ризгæйæ, æрбадаргъ кодта. — Нæ уыдтæн уый æнхъæл, Астемыры фырт, цард тæбæгъы донæй уæлдай нæу, кæцырдæм фæкъул вæййы, уый бæрæг нæй. — О, фæлæ абон уыцы дон Алæмæты ’рдæм къул нæ, 204 ■
фæлæ ^кæй раивылд, уый дæхи цæстæй федтай, — дзуапп радта Ирбег. ...Хъазмæхæмæт, залы фæстаг рæнхъыты чи бадт, уыдон æхсæн æрныгъуылд æмæ "æнхъæлмæ каст, стыр ахуыргæндтæй йæ исчи дæрæн кæнын кæд райдайдзæн, зæгъгæ. Фæлæ зонадон кусджытæй иу нæ растад йæ ных- мæ, уый нæ, фæлæ йæ хуьгцаумæ систой фырæппæлдæй. Хъазмæхæмæт та сындзытыл бадæгау кодта, ’катайгæн- гæ радзурон, æви нæ, зæгъгæ. Йемæ, æппынфæстаг, йæ зонд йæ мастыл фæтых. Бафæдзæхста йæ: «Радзур- дзынæ æмæ дæхи фæхудинаг кæндзынæ, дæ дзырд та ницы акæрддзæн. Фæлтау дæ масты къуыбар аныхъуыр, æндæр гæнæн дзы нæй!..» Нæ бауæндыд радзурын Хъазмæхæмæт. Цыма йыл мард æрцыд, афтæ фæбадт. Æмæ ныр ахæм æрхæндæг зæрдæимæ æрбацыд Алæмæт æмæ Ирбеджы цурмæ. Рæвдз къахдзæфтæгæнгæ, рацыд Владимир Василье- вич. Æддейæ æнхъæлмæ кастысты такситæ. Сбадтысты сыл æмæ араст сты «Сæуæхсиды» ресторанмæ. Знон, бон раздæр ын йæ директоримæ баныхас кодта Ирбег, цæмæй сын ацы изæрмæ банкетгæнæн залы æрцæттæ кæной фынг. Ныр утæппæт адæм, канд зонадон рабадты чи уыд, уыдон нæ, фæлæ Алæмæтыл ны æнæзонгæ ирæттæ цин кодтой, уыдонæй дæр бирæтæ рестораны раз «уы ’рлæу- уыдысты, уæд йæ мид-зæрдæйы бакатай кодта худинаг кæндзынæн, зæгъгæ. Хорз уыдис æмæ йын уæддæр фий- йæуттæ цыдæр æхцатæ йæхицæн авæрдтой, бафæдзæхс- той йын дарæстæ балхæныи дæр. Æндæр йæхимæ цæп æхца уыд, институтæй йæ куы рацух кодтой, уæдæй фæс- тæмæ æхца йæ цæстæй нал федта, цæры колхозы хар- дзæй. Ирбег мидæмæ бацыд æмæ чысыл фæстæдæр фæ- зынд иу бæрзондгомау, сау костюмтæ, урс хæдон, йæ хъуырыл, гæлæбуйы базыртау, галстук дзæбæх кæмæи фидыдта, ахæм рæстæмбис нæлгоймагимæ. — Табуафси, мидæмæ, — фæкодта уыцы лæг æмæ араст сæ разæй. Уæрæх дуæртты раз æрлæууыд, дыууæ дæр байтыгъта. Ирбег æппæты уæлейæ æрбадын кодта Владимир 205
Васильевичы, йæ рахиз фарс — абон зонадон рабадтæк фæтк чи лæвæрдта, уыцы академик Илья Ильичы, йæ галиу фарс та, кæд нæ куымдта бадын, уæддæр, абоны фембырды аххосджын Алæмæты. Тасыд фынг бæркад-бæрæчетæй. Æрмæст Алæмæты зæрдæ цыдæр сагъæстæ æхсыдтой. Фынгæн дзуапп дæт- тын куы бахъæуа æмæ фиййæутты зæрдæхудт куы рай- са, уæддæр кæцæй сфаг уыдзысты уыцы æхцатæ. Иу цьь быр дзырдæй, чидæр æй худинаджы уавæры баппæрста,, фæкодта йæ, Ирбеджы бакомкоммæ чи бадт, уыцы Æр- чъеккаты Хъазмæхæты фæндиаг. Фæлтау æй куынæ ра- хуыдтаид Ирбег. — Ахъуыды кодта Алæмæт. Изæрæй сын Хъазмæхæмæт йæхæдæг дзырдта, мæхи хорз нæ ха- тын, зæгъгæ. Фæлæ йæ Ирбег сдзурын дæр нæ бауагъта, ракодта йæ. Владимир Васильевич сыстад. Йæ къухмæ систа нуазæн æмæ, адæмыл йæ цæст ахæсгæйæ, загъта: — Чысыл Ирыстоны хъæбул аккаг гуырд уæд зонад æмæ нæ Фыдыбæстæйæн. Абон нын нæ зæрдæ куыд ба- рухс кодта, амæй фæстæмæ дæр Райгуырæн бæстæйæн афтæ лæггад кæнын цы фæраза, ахæм амонд æй уæд. Астемыраты Алæмæты цæрæнбоны тыххæй уадзын ацы гаджидау. Хрустал агуывзæты æхцонзæл дæргъвæтин дзинг- дзинг уæлейæ дæлæмæ ацыд, дзаг сæны агуывзæтæ кæ- рæдзийæн пъа кæнæгау кодтой æмæ сæ алы зæлы дæр стыдтой ирон ахуыргонд Астемыраты Алæмæты сгуыхт ном. * * # Дзугтæ фенкъуыстысты Хъызларæй. Цалдæр боны фæстæ сæ фос раскъæрдтой Саггомы колхоз дæр. Фосы уаст, фиййæутты æхсидтытæ æмæ куыйты цины хъыс- хъыс баиу сты. Хъæлдзæг сты фиййæуттæ. Зымæг кæд хъызт æмæ уадтымыгъджын уыд, уæддæр фосыл ницы зиан æрцыд. Куыд фæзæгъынц, иу уæрыччы хъус дæр сæ нæ фæ- хъуыд. Æнæзианæй скъæрынц Алæмæты фысты дæр. Зилдух кæнынц Бибо æмæ Мæхæмæт фосы алыварс. Уæлдай тынгдæр тæрсынц Алæмæты фыстæн. Уыцы ног 206
мыггаджы кой фехъуыстой бирæ фиййæуттæ, сæ иуты уырнгæ дæр нæ бакодта, иннæтæй сæм чидæртæ уынын- мæ дæр æрбацыдысты. Æмæ сæ сæхи цæстæй куы фед- той, уæд тынг батæхуды кодтой Саггомы фиййæуттæм ахæм ахуыргонд лæгимæ чи кусы, зæгъгæ. Уæвгæ, се ’хсæн разынд ахæм дæр æмæ йын, зæгъгæ, Мæхæмæт хистæры хатыр нæ фæкодта, уæд ын йæ царм ралас- таид фырнадæй. Цæвиттон, уый быдираг колхозы фий- йæуттæй уыд, Гигла, зæгъгæ, йæ ном. Кæддæрты ма сæм уæтæры дæр уыд. Бибойы карæн. Куы-иу сæмбæлды- сты, уæд-иу æхсæвæры фынджы фарсмæ фæбыцæу сты. Зарын сын-иу бацайдагъ æмæ-иу сæ алчи дæр архайдта иннæйы йæ зарæджы бын фæкæныныл. Гъе та-иу зарæ- джы ныхæстæн се ’мбис загътаид, иннæ-иу æм цæттæ- йæ лæууыд æмæ-иу зарæг баххæст кодта. Стæй-иу йæ- хæдæг ныццæлхъ кодта æндæр зарæджы мелоди. Бы- цæу-иу ныддаргъ, фæлæ сæ-иу дæр нæ саст æмæ иннæ дæр. Рахызтысты-иу хъисфæндыр æмæ чонгурийæ цæгъдынмæ æмæ-иу фиййæутты къæс байдзаг алæмæт- таджы æхцон зæлтæй. Фиййæуттæ фырхæларæй Бибо æмæ Гиглайы хуыд- той Тедо æмæ Симон. Саггомы фиййæуттыл-иу цыма хур ракаст, афтæ æхсызгон сын-иу уыд Гиглайы фæ- зынд. Гъе æмæ уыцы Гигла йæ хъулонгуыбын бæхыл фæ- зынд сæ фос скъæрыны размæ Мæхæмæтмæ. Æдзухдæр куыд кодта, афтæ ныр дæр уæлбæхæй йæ цъиуахстоны хуызæн чысыл сау нымæтхуд фелвæста æмæ йæ сæрæй ныллæг акуывта. Иæ хинæйдзаг цъæх цæстытæ йыл æр- хаста æмæ йæм, рæвдаугæ, сдзырдта: — Махмут, иу чысыл хъуыддаджы тыххæй дæм фæ- зындтæн, — æрхызт йæ бæхæй, райста йын йæ къух.— Мах райсом скъæрæм нæ фос. Ацы хъуыддаджы тых- хæй, чи зоны, æдзухдæр кæимæ быцæу кæнын, уыцы . Бибоимæ фембæлын хъуыд. Фæлæ Бибо зындзырд лæг у. Иу хатт дзы иу куыдз æлхæнынмæ хъавыдтæн, æмæ марадз зæгъ, кæд мын æй дæс фысыл дæр радта. Гъе æмæ сфæнд кодтон демæ мæ амонд бавзарын- Дзырд цæуы Алæмæты фыстæй æрмæстдæр дыууæйыл: иу сыл æмæ иу нæлыл. Зонын æй, сыгъдæгзæрдæ лæппу дæ, 20?
Бибо æдзух дæ цæра кæны, фæлæ дыууæ фысы бирæгъ дæр аргæвды. Ды та æвæсмон уыдзынæ. Дæу хуызæн лæппуйы, уæлдайдæр мады иунæг фырты, æхца, дарæс хъæуы, хæдзардарæг хъуамæ уа, йемæ дын сыл, рæс- тæмбис фыс цæй аргъ уа, фæйнæ фондз ахæмы фидын. Райдианы Мæхæмæт не ’мбæрста хъуыддаг, фæлæ йын иугæр Гигла фидыны кой куы скодта, уæд æй бон- сихор афон цыма арв æрцавта, афтæ фæцис. Сæр ныц- цавтой, хаттæй-хатт æвзонгдзинадыл чи фæтых вæййы, ахæм соит хъуыдытæ. «Æрбырсон зæронд лæджы æмæ йын фырнадæй йæ царм растигъон», — ахъуыды код- та йæхинымæр. Фæлæ йæ хъуыдыйыл йæ къух систа. Æнæуынон цæстытæй бакаст мыстулæгдзæст Гигламæ æмæ йын тызмæг, фæлæ ныллæг хъæлæсæй загъта: — йех, Гигла, Гигла, æз та дæ хорз лæг æнхъæлд- тон. Æмæ æз мæхæдæг куы рæдиин, уæддæр мæ хъуамæ ды бауадзис? Нæ дæ хорз лæг æмæ дæ курын, ацу мæ цурæй. Гигла каст Мæхæмæтмæ æмæ йæ дардмæуынаг цæс- тытæ уайтагъддæр базыдтой, æвзыгъд лæппуйы цур ма куы афæстиат уа, уæд фыдбылызы кæй бахаудзæн, уый. Рæвдз йæ бæхыл абадт æмæ иудзæвгар куы ауад, уæд, бæх фæстæмæ фæзилгæйæ, æрбадзырдта: — Хъочах, бичъо,<тæхуды кæнын Бибомæ канд Алæ- мæты тыххæй нæ, фæлæ Махмуты тыххæй дæр, дæу хуызæн сæрæн кæстæр кæмæн ис. Дæу тыххæй хæснаг фембылд дæн, фæлæ уæддæр бузныг, ницы кæны. Кæд дæ Гиглайы сæр хъæуа, уæд дæ сæрвæлтау фод. Стæй йæ бæхы гуыбын къæхтæй æрбатъæпп кодта. — Ау, къахгæ мæ кодта, æви йæ фæнд куынæ фæ- рæстмæ, уæд фæдфæливæн кæны. Æмæ кæд афтæ у, уæд цæуыл дзурæг сты йæ ныхæстæ?.. «Дæу тыххæй хæснаг фембылд дæн, фæлæ бузныг, ницы кæны». Ца- вæр хæснаджы кой кæны? Æмæ Мæхæмæт базыдта уыцы хæснаджы хабар дæр, изæры фос уæтæрмæ куы батардта, уæд. Гиглаитæ æцæ^ скъæрдтой сæ фос быдырмæ. Гъе, æмæ сфæнд кодта, йæ зæронд хæлар Бибойæн «хорзæй уал баззайут» зæгъын. Бибойы федта. Сæ быцæу ныхасы сæр та ацы хатт уыд Мæхæмæт. Гигла загъта, æвзонг лæппутæй алчи дæр 208
æмхиц у рæсугъд дарæсмæ æмæ æхцамæ. Бибо та загъ- та, Мæхæмæт уымæй сæрхызт у. Бæстæ куы рафæлдæха, уæддæр æй ничи фæрæдийын кæндзæн. — Хæснаг, — фæкодта Гигла. — Хæснаг? Табуафси! — йæ къух æм бадаргъ кодта Бибо. Хæснаджы сæр: чи фембылд уа, уый иннæйы фий- йæуттæн аргæвддзæн тохъыл. Фембылд Гигла. Æмæ Саггомы ф^ййæуттæ изæрæй æнхъæлмæ кастысты, Гиг- ла йæ дзырд фæсайдзæн, æви нæ?.. Фæлæ нæ фæсайдта Гигла йæ дзырд. йæ фæхсын тьГхæйты чи фæрæзта, ахæм стыр здыхстсыкъа фыр æр- баскъæрдта Саггомы фиййæутты уæтæрмæ. Æхсæвæры фынджы фарсмæ бадгæйæ дæр Гигла сусæг-æргомæй каст Мæхæмæтмæ æмæ йæ цæсгомыл бæрæгæй зынд, тынг разы дзы кæй у, уый. — Ех, мæхи Бибо, иунæг чызджы хицау дæн а-дуне- йыл. Уый у мæ хурæскаст, мæ ныфсы суадон. Хуыцау æй фæхайджын кодта уынд æмæ зондæй. Нырма йæ фы- ды хæдзары ис, фæлæ мæ зæрдæ риссы. Æгæр хивæнд æмæ къæйных сты ныры фæсивæд. Мæлгъæвзаг æмæ мæм дæрзæгзæрдæ кæсынц. Исчи мын æй фæсайдзæн æмæ ма уæд мæ удæгас циу. Йеныр мæ мæнæ Мах- муты хуызæн сиахс куы фæуид, уæд сæ цæргæ-цæрæн- бонты мæхæдæг фæдарин. Лæппу афтæ удвидар хъуа- мæ уа, гъе. Уæд та Махмут, ахъуыды кæнис, мæхн Ламарæ дохтыр у. Æцæг, дæуæй, чизоны, иу аз хистæр уа, фæлæ уый ницы давы. Ды та цы зæгъыс, Бибо? — Амондджын уæд дæхи Ламарæ, фæлæ ныр рæс- тæджытæ раивтой. Хистæрты ма чи фæрсы ахæм сахат. Сæ кæрæдзи куы феной, уæд бæрæг уыдзæн. Æнæуи дын лæппуйы тыххæй æз ницы уæлдай зæгъдзынæн, дæ- хæдæг æй бафæлвæрдтай. Мæхæмæт ныфсæрмы, фæлæ «дæхæдæг æй бафæл- вæрдтай» куы загъта Бибо, уæд бахудæнбыл. «Хорз уыд, æмæ зæронд лæджы нæ ныццавтон, æндæра мæ худинаг ирæй гуырдзымæ дæр анхъæвзтаид», — ахъуы- ды кодта Мæхæмæт. Æнафонтæм фæбадт Гигла Саггомы хъæуы фий- йæуттæм, стæй сæхимæ цæуынвæнд скодта. Фæлæ йæ 14. Хацырты С. 209
Бибо нал ауагъта. Æхсæв уым баззад. Дыккаг бон рай- сомæй йæ иудзæвгар ахизын кодта Бибо, стæй кæрæ- дзийыл атыхстысты æмæ Гигла араст дарддæр, Бибо та лæууыд иу ран æмæ каст йæ хæлары фæстæ. Ныр мæнæ Бибо æмæ Мæхæмæт æфцæгмæ схæццæ сты «сæ фосимæ. Дардыл ныззылдысты, нырма сæ сæр- тæ чысыл йедтæмæ чи не сдардта, уыцы кæрдæгæй æм- бæрзт сæрвæттæ. Арф комы сæрмæ бæрзонд рындзыл лæууы æмæ йæ хъусты та зæлланг кæнынц Гиглайы ны- хæстæ «Иунæг чызджы хицау дæн а-дунейыл. Уый мæ хурæскаст... Мæхæмæт сабыргай-сабыргай Гигла æмæ Ламарæ- йы хъуыдытæй рахызт Алæмæтмæ. «Кæм ис нырмæ, куы нипыуал дзы хъуысы. Цæмæ йæм дзырдтой парти- йы обкоммæ? Комбæсты аргъ лæджы цы сæ ныхтæ ныссагътой. Цы дзы домынц. Ау, æз—хуымæтæджы фий- йау—куы ’мбарын, Астемыры фырт цы стыр æмæ ахс- джиаг хъуыддаг аразы, уый, уæд æй уыдон куыд не ’мбарынц. Ахæм æхсæв нæ уыд, æмæ Алæмæт Мæхæмæты зæр- дыл ма ’рлæууыдаид. Уыцы уæззау рынчыны фæстæ цар- ды æвдулæнты куы бахауа, уæд, цыфæнды удвидар кæд у, уæддæр ын зæрдæнизмæ расайдзæн. «Гъæх, тæхуды, Алæмæт, æмæ дын исты баххуыс куы уаид мæ бон, уадз, царды аргъæй дæр уæд, уæддæр дæу тыххæй «нæ» нæ зæгъин. — Гъей, Мæхæмæт, дæ хæрзæггурæггаг мæн, Алæмæт æрцыд!—фескъуыдта Бибойы хъæр Мæхæмæты хъуыды- тæ. Фæкаст разы ’рдæм æмæ Бибойы ауыдта æнæзонгæ лæгимæ лæугæ иу рог машинæйы фарсмæ. Йæ размæ та æрцæйтахт Алæмæт. Мæхæмæт, уый ауынгæйæ, фез- гъорæг хæрдмæ. Алæмæт ныхъхъæбыс кодта Мæхæмæ- гы, апъа йын кодта йæ æнæдаст рустæн. Исдуг дыууæ уарзон хæлары æнæдзургæйæ кастысты сæ кæрæдзимæ. Мæхæмæты зæрдæ тынг ныррухс Алæмæты уындæй. Кодта сæрæн æмæ амондджын каст. Алæмæтмæ та афтæ каст, цыма Мæхæмæт ноджы фæмызыхъгъуыздæр. — Куыд сты хабæрттæ?—афарста йæ Алæмæт. Уæв- гæ, афтæ цæмæп б.афарста, уый йæхæдæг дæр нæ ба- 210
зыдта. Чысыл раздæр ын Бибо куы радзырдта йæхæ- дæг, фиййæуттæ иууылдæр сæрæгас сты, зæгъгæ. Æнæ- зианæй скъæрæм фосы дæр æмæ фæлварæн цы фыстыл кæнæм, уыдон дæр æфцæгмæ, згæгъгæ. — Мах — иууылдæр дзæбæх, лæгæй, фосæй, фæлæ дæхимæ цы хабæрттæ ис, — йæ цинæфсæст цæстытæ Алæмæтæй нæ исгæйæ, бафарста Мæхæмæт. — Цæмæ дæм дзырдтой обкоммæ? — Æмæ иунæг - обкомыл баззад хъуыддаг. Уæлæ уый партийы обкомы фыццаг секретарь Болататы Ирбег йæхæдæг у. Мæскуыйы иумæ уыдыстæм. Йех, Мæхæмæг, ды ’куы зонис, уый цавæр -адæймаг у, уый! «Ау, æмæ ма дæуæй хуыздæр лæг ис», — йæхинымæ- ры ахъуыды кодта Мæхæмæт, — æмæ дарддæр хъуыс- та, Алæмæт цы зæгъдзæн, уымæ. — Иех, Мæхæмæт, мæнмæ уыйбæрц дзурииæгтæ ис< æмæ дын сæ иу абонæй иннæ абонмæ чи фæуыдзæн конд. Зæгъдзынæн дын уый, æмæ Мæскуымæ ацыдтæв къуырд базырæй æмæ æрыздæхтæн базырджынæй. Ахуыргонды стыр номимæ! — Алæмæт йæ цилиндр худ фелвæста æмæ йæ Мæхæмæты сæрыл æрсагъта, Мæхæ- мæты къæбæлдзыг фысдзарм худ та йæхи сæрыл æркод- ’та. Райста йын йæ лæдзæг дæр. — Куыд дæм кæсы, æгæр дзæбæх мыл фидауынц? Дзæгъыс! — фæхъæр кодта фосыл. Скъæрын хъæуы, Саггомы фæндагыл нæм æнхъæлмæкæсджытæ ис. Фос Бибойы рæзты куы базылдысты, уæд Ирбег райс- та Мæхæмæты къух æмæ Алæмæты афарста: «Уый у, ’уæдæ, Дзеранты Мæхæмæт? Хуыздæр фæу, хуыздæр!» Уæвгæ, Ирбег фæсаууонмæ хорз зыдта Мæхæмæты, стæй канд Мæхæмæты нæ, фæлæ Саггомы фиййæутты иууылдæр. Алæмæт ын тынг лæмбынæгæй фæдзырдта, Мæскуымæ цæугæйæ дæр æмæ фæстæмæ куы здæхтыс- ты, уæддæр фиййæутты цард. Ноджы фæстæмæ дыууæ- йæ иу купейы бадтысты, хъыгдарæг сæ нæ уыд, Хъазмæ- хæмæт баззад Мæскуыйы цьтдæр хъуыддæгтæ ма мæ ис, зæгъгæ, уый æфсонæй. Гъе, æмæ Алæмæт рæсугъд сфæ- лыста фиййæутты цард Ирбегæн, уыдонимæ та кадджын хистæр Бибо æмæ намысджын кæстæр Мæхæмæты цард. 21*
Гъаныр фæсрагъы ’рдæм ныззилой, афтæ куыйтæй иу сæмбу кодта. Мæхæмæт фæкаст æмæ ауыдта, уæдæй нырмæ арвы тыгъдады цьг стыр цæргæс зилахар кодта, уый йæхи бынмæ фосмæ куыд раскъæрдта. Рæвдз фæ- хъавыд топпæй. Анæрыд гæрах æмæ цæргæс йæ базыр- тæ райтынг кæнын дæр нал бафæрæзта, тымбыл дурау, йæ тъæпп зæххыл фæцыд. Алæмæт цæргæсы мард систа, йæ базыртæ йын фæй- нæрдæм айтыгъта æмæ лæджы цæнгты дæргъæнтæ уы- дысты. — Уæртæ ма йæ уæрдоныл баппар, скъолайы биоло- гийы кабинетæн бабæздзæн! — загъта Мæхæмæт æмæ, дæлвæндаг цы фысты къорд ныххызт, уыдон уæлвæн- дагмæ сыздæхта. Фиййæуттæ ахъæр кодтой фосыл. Уыдон сæ фæндаг сарæзтой Саггомы ’рдæм, Сæ разæй сабыргай цыд цæ- хæртæкалгæ автомашинæ. Шофыры йедтæмæ йæ мидæг ничи бадт. Машинæйæ чысыл фæстæдæр фистæгæй цы- дысты Бибо, Ирбег/æмæ Алæмæт. * * * Быдираг хъæуы рахизфарс, гуыбыр æнгузбæласы бын, хъулон гауыз айтындзгæйæ, æмæ йыл бæркадджын фынг æрæвæргæйæ, Саггомы фиййæуттæм æнхъæлмæ каст Гигла. Чысыл æддæдæр та суадоны цур лæууыд иу-æртæ æмæ ссæдзаздзыд чызг. Асæй бæрзонд, нарæгастæу, гуырвидыц, æхсырфау æрзылдысты йæ къæлæт æрфгуытæ, æхсыр æмæ тугæм- хæццæ зындысты йæ уадултæ, йе стыр цæстыты сыгъд æвзонгдзинады цæхæр. Сæрыхъуынтæ дыууæ дихы, сæ фылдæр хай рахизы ’рдыгæй улæнтæ-улæнтæгæнгæ рæ- сугъд бадтысты. Бæлццæттæй йæ цурты чц фæцæйцыд æмæ йæм тæхудыгæнгæ чи нæ бакаст, ахæм нæ уыд. Чызг æрхæндæг цæстæй бакаст йæ фыды ’рдæм æмæ йæм сабыргай сдзырдта. — Æдта, уæддæр мæм аив нæ кæсы ацы хъуыддаг. Цы хъуамæ ахъуыды кæной уьщы ирæттæ? — Цы дзы ис æнаивæй, мæ чызг. Ды рацыдтæ дæ фы- димæ. Уый та рахаста хуын йæ хорз хæлæртты размæ. Дæхи зонынхъом куы фæдæ, уæдæй нырмæ ды нæ дæр 212
дæ фыдæй, нæ дæр дæ мадæй фехъуыстай схуыст ны- хас. Кæм лæууæм, кæм цæуæм, уым кæддæриддæр лæу- уыс нæ зæрдыл. Дæ мад дæр æмæ æз дæр мæт кæнæм æрмæстдæр дæуыл, цæмæй нын ды уай амондджын, <са- разай рæсугъд дæ цард. Æз дæ ракодтон абон мемæ, раст у, фæлæ уым æвзæрæй цы ис. Дæхæдæг зоныс, фæс- хохæй ралыгътæн быдырмæ, Æрцардтæн ирон хъæуы. Уарзынц мæ, уарзын сæ. Уæдæ хъæубæсты цæрджытæй бирæтæ бахъуаджы сахат дæ фыд Гиглайы фæрсынц зондæй. Уæдæ йыл йæ дзæбæх чызджы зæрдæ дæр ни- куыма фæхудт. Уæд ныр цы азимаг фæдæн. Фен лæп- пуйы, фен æй, æмæ кæд дæ зæрдæмæ нæ фæцæуа, уæд дыл тыхбегара нæй. Фæлæ дын æз зæгъын, кæд-ма исты æмбарын, уæд, уый у, адæм цырагъы рухсæй кæй фæагу- рынц, ахæм лæппу, райсом йæ цæра кæмæн кæнай. Дæхæдæг куы фæзæгъыс уыцы къуыдиппытæй: «Сæ конд — конд, сæ уынд — уынд, сæхæдæг та иутæй дæр не сты æмæ иннæтæй дæр, сис сæ æмæ сæ бырæттæм аппар». Махмут уыдонæй нæу. Махмут, лæджы бын- дзæфхад кæмæй фæзæгъынц, ахæм у. Фиййæуттæ йæ цæра кæмæн кæнынц, ахæм у. Лæджы кад æмæ намыс чи нику^1 счъизи кæндзæн, ахæм у. Мæхæдæг æй бафæл- вæрдтон, мæ чызг. йех, æмæ мын ды ахæм амондджын куы уаис æмæ искуы мæ хæдзары къæсæрыл ахæм сиахс куы ’рбалæууид! Скъæрынц размæ, хохы бæрæзæндтæм сæ фос Сагго- мы фиййæуттæ. Разæй, сабыр къахдзæфтæгæнгæ, цæ- уынц Бибо, Ирбег æмæ Алæмæт, фосы фæстæ — Мæ- хæмæт æмæ иннæ фиййæуттæ. Быдираг хъæуы рахиз фарс æнгуз бæласы бын та сæм æнхъæлмæ кæсы Гигла йæ чызг Ламарæимæ. * * * Уыцы изæр Алæгаты Адтойæн йæ къухæй æрхаудта газет. Де знаг гæды зæгъæд, мæнæ-мæнæ газеткæсджы- тæй нæу, фæлæ уæддæр, интеллигентты миниуджытæ фæзмгæйæ," фæскуыст сæ хæдзармæ куы ’рбацæуы, уæд гауызæй æмбæрзт рæсугъд диваныл йæхи æруадзы æмæ æфсонæн йæ цæст ахæссы газеттыл. Кæд спорты хабæрт- тыл афæстиаг вæййы, æнæуи уыдонæй дæр алцы нæ 213
кæсы, æрмæстдæр футбол æмæ сæрибархъæбысхæст. Адто нæ хъуыды кæны æмæ искуы иу дунеон афæлгæст бакаст, зæгъгæ. Уацты сæртæ акæсы æмæ та газет иннæ ’рдæм афæлдахы. О, фæлæ ацы хатт уацы сæр æгæр цы- мыдисаг уыд: «Ирон лæджы егъау уæлахиздзинад». Æмæ йæ Адто ма бжæса, уый гæнæн куыд ис. Иæхи- цæй ирондæр Иры зæххыл жуы никæй æнхъæлдта. Уац кæсын нæма райдыдта, афтæ фæкомкоммæ, уа-- цы астæу цы чысыл къам уыд, уымæ. Уырдыгæй йæм ком1коммæ каст дыууæ зонгæ цæсты. Адто фестъæлфыд. Тæвдæй диваныл абадт. Ау, уый уа? Тагъд-тагъд газет кæсын райдыдта. Советон Цæдисы телеграфон агентад хъусын кодта: «Æрæджы Мæскуыйы Тимирязевы Ака- демийы зонадон советы кастысты, Астемыраты Алæмæт сæм биологийы зонæдты кандидаты ном райсыны тых- хæй цы зонадон куыст бавдыста, уымæ. Зонадон совет- мæ стыр цымыдисаг фæкаст ирон лæджы æвæджиау куыст. Уый байгом кодта, нырмæ зонадæн æхгæд чи уыд, ахæм ног дуар: дыууæ азмæ фысфосæй æртæ цо- ты райсын. Уьщы стыр уæлахиздзинад цæмæй цæстытыл хуыздæр ауайа, уый тыххæй æрхæсдзыстæм ахæм дæн- цæн. Зæгъгæ, бæстæйы æппæт фысфосы куыстгæнджы- тæ рахызтысты Астемыры фырты методмæ, уæд хæрз цыбыр æмгъуыдмæ нæ Цæдисы фосы нымæцыл бафтид, æппынкъаддæрæй, сæдæ м^илуан сæрьь Астемыры фырт Райгуырæн бæстæйæн ахæм хæрзиуæгон куыст кæй бакодта, уый тыххæй йын радтой биологион зонæд- ты докторы ном. Зонадон советы фæндонмæ гæсгæ йæ хæрзиуæгон куысты тыххæй бавдыст æрцæудзæн Лени- нон премийы лауреаттæм кандидатæй...» Адтойы къухæй газет æрхаудта, цыма йæ арв æрцав- та, афтæ фæцис. Иæ цæстытыл цыдæр тæссаг мигъ абадт, сæры магъз ныццавтой æбуалгъ хъуыдытæ. Аф- тæ йæм каст, цыма Фæрдыг уыд зæды цъиуау къалати- йы конд. Ничи йæм ницы бархъомыс дары. Кæд æй ба- фæнда, уæд æй æрисдзæн æд къалати. Фæлæ ныр Асте- мыры фырты ахæм уæлахиздзинад фегом кодта уыцы къалатайы дуар æмæ зæды цъиу ратахт ахæстонæй, йæ сæрмæ бæрзонд пæр-пæр кæны. Мæстæй йæ мары уырдыгæй: «Адто, Адто, ницæйаг Адто. Де ’хсæрфарсы 214,
цæф нал дуды. Лæджы номыл дзы худ та чи нæ дары. Уæд дæуæн зæхмæ канд дæ бухар худ нæ ахауд, фæлæ дæ намыс дæр! Ды кæй æрцахсынмæ хъавыдтæ, сæр- хъæн. Æз базырджын дæн. Арвы базырджын сгары. Ды нæ дæ уыдонæй. Ды хилæг дæ, сæтæлæг. Уырыйау боны рухс нæ уыныс. Æндæра куырм куынæ уаис, уæд дæ гæрзтæ кæдæм бæттыс. Кæимæ быцæу кæныс. Зо- нады ног дуар чи бакодта, уыцы Астемыраты Алæмæ- тимæ. Ха-ха-ха! Æмæ дæ æз йæ иунæг фендыл куы нæ баивдзынæн. Мæ удæнцой Астемыры фырт тагъд æр- тæхдзæн Мæскуыйæ æмæ баиу кæндзыстæм нæ цард. Адто, Адто! Дæуæн та дур дæ гуыбыны!» — Нæ уыдзæн уый мæ удыгасæй! — фæкодта цæф арсы богъ æмæ æррайау атахт кæртмæ. Гаражы дуар фегом кодта, æвиппайды скусын кодта йæ машинæ. Йæ мад Даухан машинæйы хъæр куы фехъуыста, уæд ма йæм гом рудзынгæй бæргæ адзырдта, фæлæ машинæ атылд уынгмæ æмæ асфальт фæндагыл тахт Æрыдоны ’рдæм. Зæгъгæ, машинæйæн базыртæ уыд, уæд æй, хæд- тæхæгау, атæхын кодтаид. Адто цыд йæ иунæг ныфсы таг Фаризæтмæ. Иунæг уый хæцы йæ фарс, иунæг уый йын амоны тæккæ раст- дæр фæндаг — чызджы раскъæфын хъæуы, зæгъгæ. Стæй уæд æгæрдæр ныссабыр уыдзæн. Кæй ма хъæуы скъæфт чызг,—кæйдæр ус. Ацы хъуыддæгтæ кæнгæйæ, йе ’мбæлттыл иу куыдзы бæрц йæ зæрдæ худт: «Æмбæлт- тæ! Æндæр ма уæнт, æмбæлттæ вæййынц, дзаг фынджы фарсмæ сæхи куы нытъой кæнынц, уæд. Фæлæ сæ цалæн бакой кодтон æмæ, марадз зæгъ, иу сæ не сразы чызг- ыскъæфынмæ». Тæхы Алæгаты Адтойы машинæ Æрыдонмæ. Иу фæ- зилæны, зæгъгæ, уæзласæн автомашинæйы шофыр афо- ныл нæ фæцарæхст, уæд Адтойы машинæимæ кæрæдзи- йыл æнæ сæмбæлгæ нæ фæуыдаиккой. Шофыр ма йæ фæдыл ахъæр кодта «сæрхъæн!» Машинæ басыффытт кодта Æрыдоны астæуккаг скъолайы рæзты. «Фæлæу, мæ лымæн лæггаг, амæлæд ацы лæппу, кæд дæ гæдыйау не суасын кæнон!»—скъо- лайы ’рдæм бакæсгæйæ, бартхъирæн кодта Адто Фæр- дыгмæ. 215
Аныр хидæй бахиза, афтæ хæрхæмбæлд фæцис Фæр- дыг æмæ Сонайыл. Æрмæстдæр уысмы бæрц Фæрдыги- мæ аныдзæвдысты сæ цæстытæ кæрæдзийыл- Адто æнæ рахатгæ нæ фæцис чызджы цинæфсæст цæсгомыл хур- тæ æмæ мæйтæ кæй хъазыд. Фæлæ Адтойы куы ауыдта, уæд йæ хуыз аныхъуырдта. Адтойы сæры ныццавта ахæм хъуыды, зæгъгæ, Фæр- дыг фехъуыста Алæмæты хабар æмæ йыл амонд цины базыртæ асагъта. Йæ масты дæджджинаг ноджы тынг- дæр спæлхъ кодта. Фегом кодта машинæйы дуар æмæ йæм радзырдта: — Цин кæн, цин, Дудуйы чызг, фæлæ уæд мæ мæлæт, кæд дæ мæ цæст æрттивгæйæ исчи ахæсса. Адтойы ныхæстæ, джебогъы рæхуыстау, æмбæлдыс- ты Фæрдыджы зæрдæйыл æмæ былысчъил худт бакæн- гæйæ, Адтойæн афтæ бакодта: — Уасаг гæды мыст нæ ахсы! Адтойы машинæ фæдисы тахт акодта размæ, фæстæ- мæ фæздæджы пирæнгæмттæ рахуыфгæйæ. Абон райсомæй, Фæрдыг, Алæмæты сгуыхты хабар радиойы фехъусгæйæ, цы цины малы ленк кодта, уый Адтойы иунæг фендæй æрбатары ис. йæ маст ын рахси- дын кодта. Мæты йæ баппæрста. — Йæ иунæг фенд дæр мын уæнгæлы ад кæны æмæ йæм хъуысгай, цытæ скалдта йæ дзыхæй. — Хъуыды дæр æй ма кæн, дæхи загъдау, уасаг гæ- ды мыст нæ ахсы. — Нæ, нæ, Сона, æвзæрæн цы бантыса, уый — ии- кæмæн. Тæрсгæ йын жæнын... — Алæмæтæн? — Алæмæтæн, уæдæ мæхицæн? — Алæмæтæн, мæ хæдзар, ныр йæ хъару дæр фæдьь вæр. Уымæн ницы тас у, фæлæ цы зæгъы ныр та дæ мад? — Æмæ йын æй чи загъта? — Ау, афтæ къуырма у, арвы нæрдау куы айхъуыст хабар. Уæд æй уый куыд нæ базыдтаид. Фаризæт ын æй уæддæр загътаид. — Фаризæт афтæ æдылы нæу æмæ Алæмæты хорзы кой'ра,кæна. — Уымæй раст зæгъыс, фæлæ цы зæгъдзæн ныр та 216
дæ мад? Йæ хъуыды нæ аивдзæн? Æви ма афтæ хивæнд митæ кæндзæн дарддæр дæр. — Нæ зонын Зонын уый, æмæ бæстæ иннæ ’рдæм куы афæлдæха, уæддæр æз мæ фæнд нæ аивдзынæн. — Уæлдайдæр лшр! — йех, Сона, Сона, дæ цæст уый зæгъын та куыд бауарзта. Кæд дæ йæ зонын фæнды, уæд Алæмæт мæ- иæн’ уыд тæккæ зынаргъдæр, институтæй йæ куы ра- сырдтой, æмæ йын зын куы уыд, уæд. Цæуылнæ, искуы дæр ма дын цардау зынаргъ чи у, ахæм адæймаджы сгуыхтдзинад æхсызгон нæу. Фæлæ мын Алæмæты сгуыхтдзинад мæ уæхсчытыл стыр бæрндзинад æвæры. Мæнæй йæ бирæ адарддæр кодта. Знон дæр ма цы Алæ- мæты ныфсæй щардтæн, уый мын ныр тынг ахъуыдыйаг у. Абон нæ уарзты æнкъарæнты фæдыл куы цæуæм, уæд- дæр нæ сомбоныл æпæ ахъуыдыгæнгæ нæй. Чи зоны йын райсом йæ домæнтæн дзуапп дæттынхъом нал оп, уæд ’цæргæ-цæрæнбонты адæймаг йæхи ссæсты бынаты куы хата, уæд уый цæй цард у. Ахæм амондмæ бæл- лыдтæн? — Сæпттæ ма цæгъд. Алæмæт академик куы суа, уæддæр дæ хуызæн амонд никуы ссардзæн. Стæй мах цы Алæмæты зонæм, уый, афæдзы рæстæджытау, йæ зæрдæйы уаг нæ ивы. Уыцы хъуыдытæ ныууадз, фэелæ дæхи чындзы цæуынмæ цæттæ кæн. Афонмæ дæм фæди- сæй æртæхы. Дыууæ чызджы ныхæстæгæнгæ бахæццæсты Фæр- дыгтæм. Дуду уæларынг цыдæртæ архайдта. Сона йæ тæккæ цурмæ бацыд æмæ йын худгæйæ загъта: — Арфæ дын кæнын сыгъдæгзæрдæйæ, Дуду, уе стыо сгуыхтдзинады тыххæй. Дуду йæ чызгмæ бакаст. Афтæ фенх’ъæлдта, уый исты фесгуыхт æмæ йын Сона уымæн арфæ кæпы. Фæ- лæ уæдмæ Сона худгæйæ ракъæр-къæр кодта: — Уымæ цæмæ кæсыс, уый зæххон адæймаг у æмæ цы хъуамæ фесгуыха. Фæлæ фесгуыхт, знон дæр ма фиййау кæй хуыдтай, уыцы Астемыраты Алæмæт. Мæс- куыйы стырдæр ахуыргæндтæ йын ныллæг сæ сæртæй акуывтой æмæ йын загътой: «Бузныг, Астемыры фырт, дæ хæрзиуæгон куыстæй байгом кодтай зонадæн стыр 217
сусæгдзинад æмæ дын уый тыххæй дæттæм биологион зонæдты докторы ном. Уæртæ дæ ленинградаг сиахс Гуылæрты Алмахситт йæ сины сæртыл цы номæй хæцыд, ахæм. Кæд æй афтæмæй не ’мбарыс, уæд та йæ раивæм æхцамæ. Мæй мызд исдзæн тæккæ къаддæр фондз мин сомы. Бамбæрстай? Иеныр ма та цы зæгъдзынæ? Æви йæ къæбицы уырыйæн нывонд кæныс уæддæр? Дуду исдуг фæджихау. Нæ йын уыд æхсызгон Асте- мыры фырты фесгуыхты хабар. Кæд йæ чызг хивæнд ми- тæ кодта, уæддæр ыл цæмæндæр йæ зæрдæ дардта, фæс- тагмæ æртасдзæн, зæгъгæ. Ныр дзы уыцы Астемыры фырты сгуыхтдзинад бауагъта тас, мæ хъуыддæгтæ мын халдзæн Алæгатимæ, зæгъгæ. «Цы у Алæмæт, кæд цы- фæнды фесгуыхт, уæддæр. Дæлæмæ дæр æмæ уæлæмæ дæр — иунæг таукъоппа. Æмæ иунæг михыл кау чи бийы. Нæхæдæг 1кæй стæм æнæкъабаз, уый æгъгъæд нæу?» — Нæй мæнмæ Астемыры фыртæн чызг! — йæ су-. сæг фæнд фергом кодта Дуду. — Уыры кæй хоныс, уый та дзæгъæлы æфхæрыс. Хуыцау ,куы радтид Адтойы хуы- зæн сиахс. Фæрдыг йе ’рфгуытæ фæтар кодта. Фæлæ дзургæ ни- цы скодта. Ахызт дыккаг уатмæ. Дуду йæ хыссæ надта, афтæмæй ныхас кодта Сона- имæ: — Чызджьгма ’рра кæн. Уды гагайы хуызæн лæп- пу у Адто. Æмæ дæ кæд де ’мгары хорздзинад фæнды, уæд æй йæ цæстæй ракæсын кæн. йæ зонд æрцахсæд, ахæм амонд’ къухæй ауадзгæйæ нæу. — Нæу, нæу, Дуду, ныртæккæ нæ рæзты йæхи сæр- магонд машинæйыл расенк ласта æмæ, æвæццæгæн, дæуыл йæ зæрдæ кæй дары, уымæн. бартхъирæн кодта Фæрдыгмæ дæр: «Цин кæн, цин, Дудуйы чызг, фæлæ уæд — мæ мæлæт, кæд дæ мæ цæст æрттивгæйæ исчи ахæсса!» Дудуйы зæрдæмæ нæ фæцыдысты Адтойы æртхъи- рæнтæ, фæлæ ницыуал сдзырдта. Иæ хыссæ нæмыныл схæцыд. Сона бамбæрста, Дуду йæ чемыл кæй нæу, уый æмæ дыккаг уатмæ Фæрдыгмæ ахызт. 218 •
* # * Æмбисæхсæв. Арвы риу зынд сау хъулæттæй. Стæм хатт-иу нымæг рухс кæнгæ хæрз цыбыр рæстæг фæзын- дысты иугай стъалытæ, фæлæ та-иу уайтагъддæр амбæх- стысты мигъты фæстæ. Ацы æнафоны Алæгаты Адтойы машинæйы бахызт, морæ цухъхъа æнгом йæ уæнгтыл кæмæн бадт, ахæм сырхуадул адæймаг. йæ бухар худы æдде басылыхъæй йæхи æрбатыхта. Бакæс æм, уæд йæ цæстытæ дыууæ зынджы стъæлфæнау зынынц. Афтæ ма фæсудзынц талынг арф. лæгæты хъæддаг гæдыйы цæстытæ. Рæстæгæй-рæстæгмæ, цыма цы фæндагыл цæ- уы, уый бæрндзинад бары, уыйау йæ сау фистонджын хъама йæ кæрддзæмæй æрдæгиуонг сласы, æмæ та йæ ’ фæстæмæ рахиз къухы тъæпæнæй æртъæпп кæны. Адто машинæ фæурæдта Æгъуызарты Дудутæм фæ- зилæны, йæ цырæгътæ йын ахуыссын кодта æмæ ныл- лæг хъæлæсæй катайгæнгæ сдзыр"дта: — Нæ фæнд куы фæсыкк уа, уæд нæ худинаг æгас Ирыстоныл ныхъхъæр уыдзæн. —Скъæргæ размæ, сабыр, æнæхъæрæй. Ардыгæй фæн- дзæм хæдзар. Хæдзары тæккæ раз бауромдзынæ. Сæй- раджыдæр дæ зæрдыл бадар: чызджы уатмæ жуы ба- бырсай, уæд ын абæтдзынæ йæ дзых, цæмæй йæ хъæр ма райхъуыса. Райхъуыст, уæд сыхæгтæ фæфæдис кæн- дзысты æмæ нæ къухы ницы бафтдзæн. Мады мæ бар уадз. Уайтагъддæр æй абæтдзынæн. Æмæ дæм фæзын- дзынæн æххуысмæ. Иунæгæй хæссынвæнд æй ма скæн. Машинæйы дуæрттæ рагацау гомæй ныууадз!- — ногæй та бафæдзæхста Адтойы йе ’мбал. Адто машинæ æнæуынæрæй баскъæрдта Дудуты размæ. Сæ чысыл къæбыла сусæгæй рахъуызыд æмæ кæрты цур æрæмбæхст, уыцы стыр цы ’рбацыд нæ хæ- дзары цурмæ?.. Куыддæр машинæйæ рахызтысты дыу- уæйæ, афтæ срæйдта. «Шарик, шарик»,—сдзырдта йæм ныллæг хъæлæсæй морæцухъхъаджын æмæ йын дзидза- йы къуылдых аппæрста йæ размæ. Куыдз уайтагъддæр дзидза хæрыныл схæцыд. Скъæфджытæ дыууæйæ сабыргай схызтысты асин- тыл. Æрлæууыдысты фæйнæ дуары цур. Сабыргай ба- кодтой дуæрттæ. Ирон хъæуты цæрæн уæтты дуæрттæ 219
фæстейæ кæд чи фехгæны. Сæ къахфындзтыл бацыдыс- ты уæттæм- Морæцухъаджын, цъиуджын каркау, йæ- хи ныццавта зæронд усыл. Уый, мæгуырæг, æнæнхъæлæ- джы хабарæй тынг фæтарст æмæ цалынмæ йе ’муд цыд, уæдмæ йын хуыснæг йæ дзыхы цыдæр гæппæлты тыхтон атъыста æмæ йæ хисæрфæнæй æрбаста. Сбаста йын йæ къæхтæ æмæ йæ къухтæ дæр. Уый фæстæ йын йæ цæс- гом æрæсгæрста, улæфыны фадат ма йын ис, æви нæ, зæгъгæ. Æмæ æппæт дæр ны.выл у, куы бамбæрста, уæд фæмидæг дыккаг уаты. Адтойы хабар уæззаудæр уыд. Куыддæр чызгыл йæхи ныццавта æмæ йын йæ дзых ахгæнынмæ хъавыд, афтæ йын уый йæ къухыл дæндагæй фæхæцыд æмæ чызг нæ, фæлæ Адто йæхæдæг сæрдиаг кодта. Нал бацуæрста чызгыл, йе ’хсæрфарс ын ныззæлланг кодта, стæй йыл йæхи, фæранкау, ныццавта. Сæууæрста йæ йæ быны. Къæрмæг ып йæ дзыхы уайтагъддæр атъыста æмæ йæ схъæр кæнын нал бауагъта, фæлæ чызг уæддæр лæбурд- та йæ цыргъ ныхтæй. Иу хатт та йын баирвæзтысты Ад- тойы цæогоммæ æмæ сыл туджы фæдтæ æруагътой. Уæд- мæ фæзынд дьдакаг окъæфæг дæр æмæ йæ дыууæйæ уайтагъддæр абастой. Рахастой йæ æмæ йæ машинæйы фæстаг бадæныл баппæрстой. Скуыста машинæ æмæ уайтагъддæр фæаууоы сты тигъæй. Дудуйæн кæд йæ дзых æхгæд уыд, уæддæр хъуыста æмæ æмбæрста, йæ чызг дыккаг уаты куыд хъуырдухæн кодта, уый. Фехъуыста лæджы уынæргъын æмæ æхсæр- фарсы зæлланг дæр. Стæй æппæт дæр ныссабыр. Афæл- вæрдта исдуг йæ баст арæдувыныл, фæлæ йын цы хуы- цау радта ахæм хъару. Бабын дæн, мæ чызджы мын чи- дæр аскъæфта, зæгъгæ, йæ сæр фырмæстæй ныххоста къулыл. Рахаудта сыптæгæй. Æмæ мæнæ диссаг. Фе- уæгъд сты йæ къухтæ. Уайтатъддæр нæ ризгæ цæнг- тæй айхæлдта йæ дзыхы баст æмæ ныцъцъæхахст код- та: «Фæдис, хъæубæстæ, мæ хæдзар фехæлд!» Цалынмæ сыхы адæм фæдисмæ згъордтой, уæдмæ Дуду дæр йæ къæхты баст феуæгъд кодта æмæ йæ рустæ тонгæ фæмидæг дыккаг уаты. Фæлæ Фæрдыг уым нал уыд. Хъæубæстæ афæдис кодтой фæйнæрдæм. Чидæртæ 220'
фæхабар кодтой милицимæ дæр. Уыдон уайтагъд фæд- ысгарджытæ рарвыстой, фæлæ никуы æмæ ницы. Баззад Дуду иунæгæй йæ рустæ тонгæ. Адто кæд фæдисонтæн афтæ тагъд сызмæлын æн- хъæл нæ уыд, уæддæр зыдта йе стыр фыдракæнд, æмæ стыр фæндагæй ахызт фæрсаг фæндагмæ. йæ ных бы- дыртыл сарæзта Сындзыхъæуы ’рдæм. Сфæнд кодта Цырауы фаллаг фарс стыр хъæды йæ машинæ бамбæх- сын æмæ уал йæ амæттаджы удæй йæ зæрдæйы тып- пыртæ суадзын. Стæй уæд хъуыддаг йæхæдæг йæхи æв- дисдзæн. Бон цъæхтæ кодта, афтæ Адтойы цæхæртæкалгæ машинæ æрлæууыд, хъæды астæу цы уæрдонвæндаг уыд, уымæй фæсфæдмæ ахизгæйæ, иу æрдузгонды. Адто уайтагъд гауыз айтыгъта нæууыл. Морæ цу- хъаджынимæ райстой чызджы йæ мидæггаг дзаумæтты æмæ йæ æрæвæрдтой гауызыл. Райхæлдтой йæ. Рай- хæлдта йæ сæры бæстытæ морæцухъаджын дæр æмæ мæнæ диссаг, нæлгоймаг нæ, фæлæ Пæррæстаты Фа- ризæт лæууыд Фæрдыджы уæлхъус. Фæрдыгмæ æргуы- быр кодта æмæ йæм худгæйæ бакаст. Уый йып йæ цæс- гомыл бату кодта. «Ды сылгоймаг нæ, фæлæ усбирæгъ дæ, æнаккаг цыдæр!» — Чызг, кæм дæ, уый дæ рох ма уæд! Цæй ныр æз ам уæлдай дæн. Æмæ дын байхъусдзынæн дардæй дæ зарæгмæ! — Адтомæ цыдæр хинæйдзаг худт бакæнгæ- йæ, бакаст Фаризæт. Ауыдта йын йæ цæсгомы тынд- тытæ. — Гъе, уæууай, гъе, уый дын дæ цæсгомæй куы фæхынджылæг кодта. Цæй, ирон хæсмæ тындзæн нæй. Фæрдыг цалдæр хатты фæгæпп кæнынмæ хъавыд, фæлæ та-иу æй Адто фæстæмæ æртъæпгæнæгау кодта. — Дудуйы рæсугъд, дæхицæн дзæгъæлы фыдæбон кæныс. — Мæнмæ гæсгæ, æрра митæ къаддæр куы кæнис, уæд дæ удæн æнцондæр уаид! — фæрсырдæм фæцæуæг Фаризæт. — Фаризæт! — фæхъæр кодта Фæрдыг, — рох дæ ма уæд, иунæгæй мæ куы ныууадзай, уæд уæ ахæстоны бамбийын кæндзынæн. — Ардæм дæ чи хаста, уыдон рагацау сбарстой æп- 221
пæт дæр. Æмæ загътой, цæйнæфæлтау Фæрдыджы ис- чи ахæсса, фæлтау ахæстон нæ, мæлæт дæр! — æрба- дзырдта йæм Фаризæт. — Уæдæ хъус мæнмæ дæр. Цæйнæфæлтау æз ацы æнаккагæй фæхудинаг ои, фæлтау ссардзынæн мæлæт. — Мæлæт, уæд мæлæт, Дудуйьь рæсугъд, — фæкодта Адто, иугæр куы базыдта Фаризæт йæхи баауон кодта, уæд, æмæ, æрра сырдау, йæхи ныццавта Фæрдыгыл. Фæстийæ аззад зæрдæхæлар Гигла йæ рæсугъд чыз* Ламарæимæ. Æрмæстдæр æм иунæг хъуызгæ каст ба- кодта Мæхæмæт æмæ йæ цыма ток ныццавта, афтæ фæ- цис. Уысмы бæрц уыцы цæстæцгас ацахста Ламара йæ- хæдæг дæр æмæ йæ цæсгом барозæгъуыз. Бæрæг уыд: лæппу йæ зæрдæмæ фæцыд. «Нæ, уый чызг нæ, фæлæ зæд у», — ахъуыды кодта йæхинымæры Мæхæмæт. — Цы хуыцау радта мæгуыр лæгæн ахæм амонд. Æвæццæгæн та мæ , йæ хуыцауы ’лгъысты фыд къахгæ кæны». — Гигла, мæ хæлар, зæронд йе уоны фæкæсы, хало- нау. Æз афтæ æнхъæлын, цыма чындзæхсæвмæ дæхи цæттæ кæнын куы райдаис, уæд нæ фæрæдиис! — су- сæгæй загъта Бибо йæ хæларæн, иугæр чызг æмæ лæп- пу кæрæдзийы зæрдæмæ цæуынц, уый сæ цæстæнгасыл куы фæхатыд, уæд. Фос хизгæ цæуынц размæ, Саггомы ’рдæм. Фæлæ Мæхæмæты<цæстæнгасæй нæ цух кæны Ламарæйы зæр- дæскъæф бакаст. Цæуы фосы фæстæ Алæмæт дæр. Фарон сæ Хъызлар- мæ куы скъæрдтой, уæд мæнæ ацы æрдузы цур хæрз чы- сыл афæстиат йæ дунейы рухс Фæрдыгимæ. йæхимæ йæ æрбалвæста æмæ йын зæрдиаг пъа ныккодта, стæй ’уайтагъддæр рахызтысты быгъдæгмæ, цæмæн хъуамæ ахъуыды кæна фиййæуттæй исчи, зæгъгæ, нывыл митæ нæ кæнынц. Ныр уыцы бынатмæ куы ’рхæццæ, уæд йæ былтæ су- дзæгау скодтой. Банкъардта, Фæрдыджы йæ хъæбыс- мæ куыд æрбалхъывта æмæ йын зæрдиагæй куыд апъа кодта, уый. -222'
Æрдузæй йæ размæ рахызт, азмæджы Мæхæмæтиты разМæ чи рафæдис кодта, милицийы уыцы капитан.. Æрбацыд æм æмæ йын зæрдиагæй йæ къух райста. Хуыздæр фæу, хуыздæр, Алæмæт. Кастæн газеты де сгуыхтдзинæдты тыххæй. Æхсызгон мын у, бауыр- нæд дæ. — Бузныг, æмбал капитан, фæлæ дæ цы ’рбахаста, дæ хорзæхæй, ардæм? — Æбуалгъ хъуыддаг, мæ хæлар. Дысон Æрыдоны иу хæдзармæ бабырстой æмæ аскъæфтой чызджы- ’ Алæмæт фестъæлфыд, кæй аскъæфтой, зæгъгæ, афæрсынмæ куыд хъавыд, афтæ капитан йæхæдæг адарддæр кодта йæ ныхас: — Сидзæргæс ус уыд Æгъуызарты Дуду, кæд фе- хъуыстай миййаг? Иунæг чызг ын уыди, мæгуырæг, рæ- сугъд, Фæрдыг, ахуыргæнæгæй куыста. Гъемæ куыд æн- хъæл дæ. Чызг фæхудинаджы бæсты равзæрста сыгъдæг мæлæт. Иу къæдзæхы сæрæй йæхи аппæрста. > Алæмæт ныррызт сæрæй къæхты бынмæ судзгæ мас- тæй. Йæ арвы хай аталынг, нал уыдта йæ развæндаг, сау мигътæ йæ амбæрзтой. Йе стыр цин цæджджинаджы- дзаг маст фестад æмæ йын йæ зæрдæ тæгæлтæ кодта. Цавддурау лæууыд йæ бынаты. Цы акодтаид, уымæн ницы зыдта. Капитан та дзырдта æмæ дзырдта: — Мæгуырæг, йæхи тынг ныппырх кодта. Уды мидæг ма бæргæ ис, фæлæ йын афоныл æххуыс куынæ уа, уæд фервæза, зын зæгъæн у. Æз фæндагмæ рацыдтæн, цæ- мæй йæ искæцы машинæйæн горæтыл тагъддæр сæмбæ- лын кæнон. Фыдгæнджытæ къухты нæма бафтыдысты. Алæмæты феррамæ бирæ нал бахъуыд. Капитаны ныхæстæй кæд йæ хъустæ гуыр-гуыр кодтой, уæддæр бамбæрста, Фæрдыг ма ’гас кæй у. Иæ ныфс, йæ рухс дунейы царды таг ма æрдуйыл уæддæр кæй хæцы. — Гъа-гъа, — æппынфæстаг уыдон дæр къухы баф- тыдысты, — æхсызгонæй сулæфыд капитан æмæ Алæ- мæтæн къухæй ацамыдта комæй рахизæны ’рдæм. . Алæмæт ауыдта цалдæр милиционеры разæй чъыл- дымы ’рдæм къухбæстытæй æрбацæицæугæ дыууæйы. Сæ иуы уайтагъд базыдта. Уый уыд Алæгаты Адто. 223-
Фæлæ иннæ пыррыккрихийы фыццаг хатт .федта. Уы- дон фæстæ сабыргай тылд цæхæртæкалгæ «Победа», йæ мидæг чидæртæ бадт. Алæмæт æррайау атахт сæ размæ. Машинæйы фæс- таг бандоныл бадт милиционер æмæ хæцыд Фæрдыгыл. Алæмæт дуар фегом кодта сонтæй, Фæрдыджы раскъæ- фæгау кодта уырдыгæй. Йæ дыууæ кЪухæй йыл афтæ фидар хæцыд, цыма йын байсынæй тарст. Каст ын йæ мæрдвэелурс нæсгоммæ. Чызджы цæстытæ уыдысты цъынд, йæ ныхыл цы туджы фæд æруад, уый дæллаг- хъуыр ахъæбæр. — Фæрдыг, мæ дунейы рухс. Мæскуыйæ дæумæ куы тахтæн, дæ ныфсæй куы цардтæн, уæд цæуылнæ ракæ- сыс, дæу йæ царды таг чи.хоны, дæ уыцы Алæмæтæй?! Æви мын хъысмæт мæ амонды суадон хæрамæй ных- хуыскъ кæнынмæ хъавы? Нæ, уый гæнæн нæй! Фæлтау æркæлæд арв, нырризæнт хæхтæ, сфыцæд денджыз судз- гæ масты. Ракæс-ма, æмæ дæ цæстæнгасæй барухс уа дуне, — Алæмæтæн дыууæ ставд цæссыджы æртылдыс- ты йæ рустыл, Фæрдыджы цæсгоммæ куыд æрцæйхауд- той, афтæ сæ ссыгъдысты хуры тынтæ. Зынаргъ адæймаджы дыууæ цæссыджы, цыма цар- ды хос фестадысты, уыйау йæхимидæг базмæлыд Фæр- дыг йæ цæстытæ гæзæмæ базыхъхъыр кодта. Исдуг æм дуне каст тармигътæй æмбæрзтау. Стæй сабыргай тайын райдыдта уыцы мигъы фæлм. Иæ цæстыты фæзынд цы- дæр нымæг рухс. Базыдта йæ царды ныфс Алæмæты æмæ ма йæ буары цы лæмæгъ тыхы мур уыд, уый æр- бамбырдгæнгæйæ, йæ былтæ басыбар-сыбур кодтой: — Алæмæт, мæ зынаргъ! — Йæ рæсугъд, фæлæ ныр уæззау цæфтæй цъæхтæ æмæ туджы фæдтæ кæуыл уыд, уыцы цæсгомыл фæзынд мидбылхудт. Фос хизгæ цыдысты Саггомы ’рдæм. Алæмæт та фи- дар хæцыд йæ царды ныфс Фæрдыгыл, афтæмæй йæ, капитан цы уæзласæн машинæ фæурæдта, уый фæдисæй скъæфта горæты ’рдæм.