Фæсмон
Хæрзгæнæг

Автор: Шанаева Е.М.  

Теги: аивадон литературæ  

ISBN: 978-5-7534-1475-5

Год: 2016

Текст
                    САНАТЫ
ХКРЗПЕШ
ДЗÆУДЖЫХЪÆУ 2016
§ь


ББК 84(2Рос=Осе) С-18 Литературпо-художествешюе издание ШАНАЕВА ЕЛЕНА МАГОМЕТОВНА Благодетелъ Повести на осетинском языке Редактор С.З. Хугаев Художник А.Ю. Габуев Технический редактор А.В. Ядыкина Корректор Э.Дз. Баликоева Компыотерная верстка Д.О. Амбаловой Сдано в набор 03.02.16. Подписано к печати 11.11.16. Формат бумагн 60x841 1«. Бум. офс. № 1. Гарн. шрнфта «Кудряшов». Печать офсетная. Усл.-п.л. 11,16. Учетно-изд. л. 11,49. Тираж 300 экз. Заказ №431 от 02.12.2016. С 8. Мшшстерство культуры Республикп Северная Осетия—Алання. ГУП «Издательство «Ир», 362040, г. Владикавказ, проспект Мнра, 25. Отпечатано в типографии ООО «Медиа-Полис», 344038, г. Ростов- на-Дону, пр. М. Нагибина, 14а. Санаты Е. С—18 Хæрзгæнæг [Текст]: уацтæ/Еленæ Санаты — Дзæуджыхъæу: Ир, 2016- 192 ф, Шанаева Е.М. Благодетель: повести 15ВМ 978-5-7534-1475-5 Повестп бли.жие по времени н по темс. В них рассказывается о нрав- ственной и гражданской ответственности человека перед народом. © ГУП «Издательство «Ир», оригинал-макет, 2016 © Шанаева Е.М., 2016 13ВМ 978-5-7534-1475-5 © Габуев А.Ю., оформление, 2016
ФÆСМОН Уыдис революцийы змæст рæстæг. Армавиры станцæйы алыр- дæм цæуæг поездтæ сæ уагæвæрдæй рæстæгмæ фæиппæрд сты æмæ, цалынмæ уыцы уавæр нывылгонд цыдис, уæдмæ æнхъæл- мæгæсæг бæлццæттæй, алкæмæн йæ амал кæм уыдис, уым бадтис. Хъазахъхъаг сылгоймаг Катя куы бахызтис вагзалы дуарæй, уæд йæ цæст ахаста — кæд искуы афтид бынат разынид. Кæсы, æмæ иу бандонæй сыстади дыууæ гыццыл лæппуйы. Сæ цуры цы зæ- ронд ус бадтис, уый Катямæ ацамыдта, æрбад, зæгъгæ. Катя ба- фæллад æмæ йæхи цингæнгæ æруагъта сывæллæтты бынаты. — Ацы дыууæ сабийы дæ чызджы сты æви дæ лæппуйы? — бафарста зæронд усы. Уый йæм хæстæгдæр бабадти: — Уæртæ стырдæр мæ чызджы у. Иннæмæн хицау нæй. — Уый та куыд? — бадис кодта Катя. — Знон æй иу нæлгоймаг æрбакодта ардæм. Ам æй йæ хъæ- бысы ныккодта æмæ йын загъта, цæмæй йæм банхъæлмæ кæса. Кæд тæвд бон уыдис, уæддæр йæ уæлæ уыдис плащ, мидæгæй та æфсæддон дарæс. Фæстæмæ фездæхгæйæ ма лæппуйы дзыппæй цыдæр гæххæтты гæбаз систа, стæй, йæ цæстысыгтæ тыххæй уромгæйæ, ацыд. Сывæллон æм дысон бирæ фенхъæлмæ кастис, стæй мæнæ ацы ран бафынæй. Катя йæ хызынæй систа дыууæ гуылы æмæ сæ лæппутæм бадардта. Уый фæстæ стырдæр лæппуйы бафæрста: — Дæ ном цы хуыйны? — Мæ ном Сережа. —Дæуæн та цы хуыйны дæ ном? — бафарста иннæйы дæр. — Сосик, — дзуапп радта уый дæр цъæррæмыхстытæй. — Мæнæн та мæ ном у Катя. Цæуын Мыртазатæм. Ды та, Сосик, кæдæм цæуыс? — Я осатин Состанек, — загъта та лæппу. Йæ гуыл хæрд фæцис æмæ Сережæйы къухмæ бакаст, цыма йын афтæ зæгьынмæ хъавыд: кæд дæ нал хъæуы, уæд æй мæнæн куы раттис... Катя систа дыккаг гуыл æмæ та йын æй радта. Лæппу та уый 3
дæр бахордта, стæй зæххыл сбадти æмæ йæ дзыппытæ фæлда- хын райдыдта. — Знонæй нырмæ йæ дзыппытæ цалдæр фæлдæхты скодта. Зæххæй цыдæр гæххæтты гæбаз дæр систа. Æз æркастæн, æмæ дзы куы ницы фыст уыдис, уæд æй аппарын кодтон, — загъта сылгоймаг. — Кæд исты фыстæг уыдис йæ дзыппы? — Чи зоны, фæлæ дзурынмæ уыйас рæвдз нæу, æмæ йын цы базонæн ис. Иуцасдæр рæстæджы фæстæ зæронд ус Катямæ дзуры: — Цæй, мах цæуæм æмæ йæ дæуыл фæдзæхсæм, махыл æй куыд бафæдзæхстой, афтæ. Сосикæн йе ’мбал куы ацыдис, уæд фенкъарддæр, йæхи бан- доныл æруагъта æмæ бафынæй. Куыддæр-иу Катя фезмæлыд, афтæ-иу фехъал, æвæццæгæн ын ацæуынæй тарст. Катя ракæс- бакæс кæны, кæд сывæллоны агурæг фæуид, фæлæ никуы æмæ ницы. Йæ цæуыны рæстæг æрцæйхæццæ кодта æмæ бацыдис ми- лицæйы кусæгмæ. Лæппу уый куы бамбæрста, уым æй уадзынмæ хъавын, уæд кæуын байдыдта. Милицæйы кусæг æй мидæмæ хоны, уый Катяйы фæдджийыл ныддæвдæг æмæ йæ нæ уадзы. Уæд Катя милицæйы кусæгæн радта йæ адрис, æмæ йын лæппуйы йемæ рауагътой, ома йын Дзæуджыхъæуы милицæ исты кæндзысты. Катяйы кæд Мыртазаты рахизын хъуыдис, уæддæр схæццæ кодта лæппуйы Дзæуджыхъæумæ. Дзæуджыхъæуы Катя милицæмæ бацыдис, йæ адрис сын рад- та, хъуыддаг сын бамбарын кодта, афтæмæй фæстæмæ поезды сбадтис æмæ лæппуимæ Мыртазатæм араст ис. Катя, зæрдæхæлар адæймаг, цардис иунæгæй. Йæ иунæг лæп- пу æфсæддон училище каст куы фæцис, уæдæй фæстæмæ йын Мыртазатæм суайын нал бантыст, æмæ йæм Катя йæхæдæг ацы- дис Новороссийскмæ. Сосиккыл фæстæмæ цæугæйæ бамбæлди. Ныр йæхи ирхæфста гыццыл Сосиккыл. Бонтæ цыдысты. Катяйы зæронд хæдзар æгуыдзæгмæ æрцыдис. Солтанбегыл аст азы куы сæххæст, уæд ахъуыды кодта, йæ фæстæ æнахъом саби иунæгæй куы баззайа, уæд цы фæуыдзæн, зæгъгæ, æмæ иу бон лæппуимæ Дзæуджыхъæумæ ссыдис, бацы- дис сидзæрты хæдзармæ æмæ сывæллоны хабæрттæ ракодта. Хицауæн балæгъстæ кодта, цæмæй йæ лæппуимæ иуцасдæр рæс- тæг фæуадза, цалынмæ сывæллæттыл фæцахуыр уа, уæдмæ, кæннод йæхимæ хъусыныл фæуыдзæн æмæ тæригъæд у. Директор зæрдæхæлар сылгоймаг разындис æмæ сразы Ка- тяйы фæндыл. 4
Солтанбеджы æрцæрын кодтой æртæ лæппуимæ иу уаты# — Коля æмæ Тузарыл цыдис æртындæсгай азтæ, Сергей та уыди Солтанбеджы æмгар. Лæппу уайтагъд фæцахуыр йе ’мзæринтыл. Иу бон хицау фæдзырдта лæппумæ æмæ йын бамбарын кодта, Катяйы сæхимæ цæуын кæй хъæуы, уым æм æнхъæлмæ кæсынц йæ кусинæгтæ, зæгъгæ. Сосик йæхи бахъуынтъызтæ кодта, фæлæ йæ фæстæ не скуыдта. Катяйы хæдзарæн ныккæлынæй тас кæй уыдис, уый тыххæй йæ йе ’фсымæр Георгиевскмæ акодта. Катя, йæ иунæгыл сагъæс кæнгæйæ, йæ цардæй куы ахицæн, уый Солтанбег нæ базыдта. Йе ’мбæлттыл иузæрдыг уыд æмæ йæ уый разæнгард кодта алцæмæ дæр. Солтанбег авд къласы каст куы^фæцис, уæд æй æрфæндыд исты дæсныйадыл сахуыр кæнын. Йæ мыггаг йæхæдæг дæр нæ зыдта æмæ йæ ныффыстой Солтантæй: Солтанты Солтанбег. Фыды номæн та равзæрстой Хъазыбег Хъазыбеджы хохмæ гæсгæ. Æвддæсаздзыдæй каст фæцис Солтанбег училище æмæ рай- ста шофыры дæсныйад. Йæ азтæм гæсгæ йæ куыстмæ райстой шофыры æххуысгæнæгæй. Зæрдæргъæвд Солтанбегæй шофыр Василийы зæрдæ рухс кодта æмæ-иу æхсæвыгæтты уый йæ фæл- лад уагъта, Солтанбег та цингæнгæйæ хæдтулгæ тардта. Солтанбег цы æмдзæрæны цардис, уым хицауæй куыста Чер- мен. Æрыгон уæздан лæппу йæ зæрдæмæ цыдис æмæ йæм йæ цæст дардта. Иубон сæм ныхас рацыд, æмæ Солтанбег схъæр кодта йæ зæрдæйы фæндон, æдзухдæр æй хицæн хæдзары цæрын кæй фæндыдис. Уæд ын Чермен афтæ: — Дæ хъару æмæ дæхæдæг, кæд дæ фæнды, уæд æз аныхас кæндзынæн мæ хорз зонгæимæ, кæддæра цы зæгъид. Æртæ боны фæстæ та Солтанбег куы схæццæ балцæй, уæд æм Чермен дзуры: — Лæппу, ныхасмæ мæ хъæуыс. — Дæ хорзæхæй, Чермен, кæддæриддæр цæттæ дæн. — Иуныхасæй, мæ зонгæйæн дæ царды хабæрттæ куы ракод- тон, уæд мын загъта: æркæсæд хъæутæм, æмæ йæ, кæм фæнда, уым райсдзæнис зæххы хай. Æрмæст йæ зæхх æгуыстæй ма ны- ууадзæд бирæ рæстæг, науæд ын æй фæстæмæ райсдзыстæм. Æхсæв-бонмæ Солтанбеджы хуыссæг нал æрцахста. Йæ цæ- стытыл уадис, хъæугæрон уæлбылмæ хæстæг цавæр хæдзар са- раздзæнис, уый. Фæлæ, фæндтæ Хуыцаумæ сты, зæгъгæ, мæн- гæн нæ фæзæгъынц. Райсомæй йæм æрбахастой гæххæтт, æфса- ды рæнхъытæм æм кæй сидынц, уый тыххæй. 5
Æртæ азы дæргъы йæ службæ æххæстгæнгæйæ дæр йæ рæс- тæг арвыста, хæдтулгæйыл кусгæйæ. Йæ службæ фæцис, æмæ та фæстæмæ, кæд æм æнхъæлмæ- гæсæг нæ уыдис, уæддæр Ирыстонмæ ссыдис. Райдыдта кусын хъæууонхæдзарады министрады шофырæй. Фæлæ, мæгуырыл дур хæрдмæ тулы, зæгъгæ, дзæгъæлы нæ баззади. * * * Майрæмададжы цæрæг Асæхмæтæн цардмæ рацыдис æртæ фырты. Хистæр Аслæнбег, уый фæстæ фаззæттæ Сослæнбег æмæ Махарбег. Сывæллæттæ куыд рæзыдысты, афтæ бонæй-бонмæ фыл- дæр кодта Асæхмæтæи дæр йæ сагъæс. Хъуыды кодта: Мæнæн фыдæй ницы баззадис, тыхамæлттæй хæдзар фæцарæзтон, фæлæ ме ’ртæ фырты куы байрæзой, уæд сæ хъуыддæгтæ кæнын хъæуы æмæ — цæмæй?! — Иуизæр йæ бинойнаджы фарсмæ æрбадти. — Цыдæр зæгъынмæ хъавыс, — йæ сæрыхицаумæ бакаст Асиат. — Хорз мæ бамбæрстай. Зонын, хъыг дæм фæкæсдзæн мæ фæндон. Зæгъын, искуыдæм мæхи айсон кусынмæ, цæмæй ис- кæд бон нæ лæппутæн æнцондæр цæрæн уа. Науæд сын зæрон- дæй сæ зындзинадмæ куы кæсæм, уæд фæсмон кæндзыстæм. Дзæвгар æмæ бæстон ахъуыдыйы фæстæ Асиат сразы Асæх- мæты фæндыл. Лæппутæн дæр бамбарын кодтой сæ хъуыды, æмæ къуырийы фæстæ Асæхмæт араст Хъызлармæ. Раздæр куы- сты ныллæууыдис фыййауæн æххуысгæнæгæй, фæлæ иубон хи- цауæн загъта: — Кæд разы стут, уæд мын рахицæн кæнут сæдæ далысы, æмæ сæм мæхæдæг зилдзынæн. Райста Асæхмæт йæхицæн æмбал, æмæ афæдзмæ фосыл баф- тыдис æмбисæй фылдæр. Æлвынгæ дæр сæ йæхæдæг кодта æмæ къуымбил уæй кодта, алы уафæн куыстытæ кæм кодтой, уыр- дæм. Цы пайда хаста, уымæн се ’мбис лæвæрдта фосы хицауæн, фосыл чи æфтыдис, уымæн сæ цыппæрæм хай — йæхи, афтæмæй æртæ азмæ скодта рæгъау сæдæ фысæй фылдæр. Арæх-иу Асæх- мæтæн йæ зæрды æрæфтыдис, рæстæгмæ Аслæнбеджы ракæна кусынмæ, фæлæ йын, иуæй, тæригъæд кодта, æрыгонæй йæ ку- ыстыл куыд бафтауон, зæгъгæ, стæй, йæ ахуырæй куы фæцух уа, уымæй дæр тарстис. Асæхмæтæн йæ куыстæй йæ зæрдæ рухс кодта, хицæуттæ дæр дзы разы уыдысты, афтæмæй фæкуыста фондз азы дæр- гъы. Стæй ныууагъта йæ куыст æмæ йæ бинонтимæ йæ цард хъæлдзæгæй, æнæмæтæй æрвыста. 6
Иубон æртæ лæппуйæн бакой кодта, зæгъгæ, æз сымахæй алкæмæндæр сæвæрдтон æмхуызон хардз. Сымах ныр сывæл- лæттæ нал стут æмæ уæ ахуыры кой кæнут. Фæллой кæнын уæ исчи нæ уарзы, уый куы базонон, уæд зонут, йæ хай йын иннæ дыууæйыл адих кæндзынæн. Хуыцау ныддæлæ-уæлæ кодта, æмæ ма æртындæс азы фæстæ Асæхмæт æмæ Асиатæн цардмæ фæзындис чызг — Ирмæ. Цин куыд нæ кодтой æртæ æфсымæры, хо сын кæй фæцис, ууыл! Афæдзы фæстæ та сын райгуырдис æфсымæр — Хасанбег. Асахмæт æмæ Асиат сæ бинонты цинæй не ’фсæстысты. Авд бинойнаджы хæдзары уæвгæйæ æгуыст, æнкъард цы у, уый нæ зыдтой. Ирмæ æмæ Хасанбег дæр байрæзтысты, афтæ Асæхмæтæн йæ зæрдæ йе ’нæниздзинадмæ æхсайын байдыдта. Иубон фæ- дзырдта дыууæ фаззон лæппумæ. — Аслæнбегæн зæгъут, бинонты кой бакæнын афон у. Тагъд йæ фондз æмæ ссæдз азæй ахиздзæнис. Сымахæн дæр ахъуыды кæнын афон у уæ цардыл. — Аслæнбегæн йæ къайаг æвзæрст у — дзуарыхъæуккаг Со- зырохъойы чызджы чызг Зæирæ. Сидзæрæй баззадис, æмæ йæ фыды фыдмæ æндæр фæкæсæг кæй нæй, ууыл сагъæс кæны. — Æз зонын, зæххы хайæ Созырыхъо хъуаг нæу, æмæ кæд сразы уа, уæд Аслæнбег уым хæдзар скæнæд. Сымах æм фæкæ- сут, æмæ хæдзар æмбæрст куыддæр æрцæуа, афтæ — чындзæх- сæв. Сымах та нæхи зæххыл скæнут цæрæнбынæттæ. Афтæ Аслæнбег æрцарди Дзуарыхъæуы. Дыууæ фаззонæн дæр бинонтæ фæцис æмæ цардысты сæ райгуырæн хъæуы. Асæхмæтæн йæ зæрдæ бæргæ нал æхсайы йæ хистæр æртæ фыртмæ, фæлæ, йæ иунæг чызг Ирмæ исты амонд куы ссарид царды, уымæ бæллыдис. Хасанбеджы йе ’æртæ ’фсымæры æгуы- дзæгæй нæ ныууадздзысты, фæлæ чызг чызг у... Афæдзмæ Аслæнбегæн чызг райгуырд, æмæ Асæхмæт тынг бацин кодта, мæ уæзæг дарддæр дзæгьæл нæ уыдзæн, чызг кæм ис, уым лæппу дæр кæд уаид, зæгьгæ. Æмæ та-иу уæд йæ чызгмæ фæдзырдта: — Ирмæ, дæ фæндырæй та ма Дзигойы цагъд акæн. Уыцы цагъдмæ хъусынæй, хуыздæр ницы кастис Асæхмæтмæ. Ирмæ цæгъды, фыд æмæ фырт цагъдмæ хъырнынц. Иуизæр, уыцы цагъдмæ хъуыста, афтæмæй Ирмæйы уæхс- кыл йæ къух æруадзын бафæрæзта, æмæ куыствæллад, низæн- фæразон Асæхмæт йæ цардæй ахицæн. Асæхмæт йæ сывæллæттæн цыдæриддæр фæдзæхста царды, уыдоныл сæ къух нæ ауыгътой, фæлæ тынг лымæнæй, хæдзары кад дæлæмæ не ’руагътой, афтæмæй цардысты. 7
Ирмæ тынг зæрдæргъæвд чызг уыдис, — цæмæ нæ арæхстис уый нæ уыдис. Алы хъæлдзæгдзинадмæ йæ кадимæ агуырдтой. Уый дæр йæ гыццыл къухтыл нæ ауæрста. Хуыйынмæ тынг дæс- ны кæй уыдис, уый раджы бамбæрстой æрмæст мад нæ, фæлæ сыхæгтæ дæр æмæ арæх дзырдтой, ахуыр кæнынмæ йæ арвитын хъæуы, зæгъгæ. Афтæ Ирмæ ахуыр кæнын райдыдта Дзæуджыхъæуы хуый- джыты скъолайы. Куыддæр-иу ын хæдзармæ æруайынæн æмбал фæцис, афтæ- иу алы фæлладуадзæн бон дæр сæхимæ тагъд кодта, истæмæйты Асиатæн йæ куыстытæй йæ къух фæрогдæр кæнон, зæгъгæ. Мæнæ та абон Ирмæ тагъд-тагъд иту æвæры, знон цы дзаумæттæ ных- садта, уыдоныл. — Мæнæ ма ацы хæдоныл дæр æххæст авæр дæ иту, — Ха- санбег Ирмæмæ хæдон куыд бадардта, афтæ уынгæй Асиат æрба- дзырдта: — Хасанбег, зæгъ-ма Ирмæйæн, дæлæ нæ сыхæгтæм цы уазæг уыдис, уый йæ бидаркæйы цæуы фæстæмæ Къардоныл æмæ йæ уырдæм ныххæццæ кæндзæн. Ирмæйы хызыны мад æвæрæнтæ кæны. — Цæй, уыйæппæт!.. Цавæр у! — Уый та дын цы ныхас у?! Сусæгхор ма у. Искæмæнты дзы авæрдзынæ. Хасанбег Ирмæйы хæссинæгтæ райста æмæ йæ ныххæццæ кодта сыхæгтæм. Йæ хойы уындæй не ’фсæды. Цæй, дыууæ мæйы ма йæ хъæуы ахуыр кæнын æмæ бафæраздзæн. О, фæлæ, мыййаг, æндæр хъæумæ куы смой кæна, уæд та? Ахæм хъуыды- тимæ Хасанбег сыздæхтис сæхимæ. Ирмæ дæр йе ’мбæлццонимæ цæуы. Исдуг сæ ничи ницы дзырдта. Стæй бафарста бидаркæйы хицау: — Уый де ’фсымæр у? — О. Бонæй-бонмæ бæрзонддæр кæны. — Дæуæй хистæр у? — Иу аз кæстæр. Ирмæ йе ’мбæлццонимæ ныхæццæ Къардоны фæзилæнмæ, æмæ йæ кæд бидаркæйы хицау дарддæр ласинаг уыдис, уæддæр не сразы. Стыр бузныг, кæй мæ æрхæццæ кодтай ардæм, зæгъгæ, æмæ бæлццæттæ фæхицæн сты. Ирмæйы бахизын хъуыдис фæндагæн йæ иннæ фарсмæ, хæд- тулгæтæ Дзæуджыхъæумæ кæуылты цæуынц, уырдæм. Дардæй ауыдта горæтырдæм цæуæг хæдтулгæ æмæ уымæ батагъд кодта. 1*аст уыцы рæстæджы фæзилæнæй æрбазынд Солтанбеджы машинæ, Ирмæ уыцырдæм нал фæкаст. Солтанбег ма бæргæ ацар- хайдта хæдтулгæ фæуромыныл, фæлæ уый йæ къухы нал бафтыд. 8
— Бабын кодтон чызджы! — ныхъæр кодта хæдтулгæйæ Сол- танбег, рагæпп кодта, фелвæста Ирмæйы йæ хъæбысы æмæ, чызг цы машинæмæ тагъд кодта, уый шофырмæ дзуры: — Тагъд скъæргæ Дзæуджыхъæумæ. Ирмæ, тыхулæфт кæнгæйæ, æнæсцухæй дзырдта: «Мæхи ахос уыдис». Солтанбег кæсы шофырмæ æмæ — мæнæ Васили, кæддæр æххуысгæнæгæй кæмæн куыста, уый. Васили дæр æй базыдта æмæ хорзау нал фæци. Æрурæдта рынчындоны раз æмæ фæтагъд кодта дохтыртæм. — Цы амал æмæ гæнæн ис, уымæй тагъддæр баххуыс кæнут! — кæуынхъæлæсæй лæгъстæ кæны Солтанбег, — ма йæ бауадзут мæлын. Уыцы æхсæв Сонайы рад уыдис рынчынтæм зилын. Ирмæйы хъæуккаг усы рад. Ирмæ ма, тыхулæфт кæнгæйæ, сдзырдта: «Мæхи æххос уыдис» æмæ ахицæн йæ цардæй. Райсомæй Васили схæццæ Дзæуджыхъæумæ, хабар куы ба- зыдта, уæд рацыдис Солтанбеджы агурæг. Кæсы, æмæ рынчын- донæй гыццыл æддæдæр, йæ бон кæуын дæр нал уыдис, афтæ- мæй дзуццæджы бады. — Ам цы бадыс? Хæстæг-хион дын чи ис? Кæм цæрынц? Æз сын фехъусын кæндзынæн. Ныр та уал дæм кæд æхца ис, уæд æри, æмæ йæ банывыл кæной. Солтанбег систа йæ мидæггаг дзыппæй, рагæй кæй æмбырд код- та, уыцы æхцатæ æмæ сæ Василимæ бадардта. Василий анымадта, цас бахъæудзæн æхцатæй, уый, иннæтæ фæстæмæ радта. Фæс- тæмæ баздæхтис, бамбарын кодта Сонайæн, мæнæ æхца Ирмæйы банывыл кæнынæн кæй сты, стæй раздæхти Солтанбегмæ: — Кæдæм дæ аласон? — Мæ куыстмæ. Куыстмæ йæ куы баласта, уæд Солтанбег фæсвæд зæххыл æрбадтис æмæ сагъæс кæны. Милицæмæ бацæуид, æмæ уал зиа- нæн кæд исты балæггад кæнын хъæуы. Йæхи амарид, æмæ уымæй дæр кæмæн цы хорздзинад скæндзæн? Уæдæ йæхицæн цард дæр куыд саггаг кæна, кæд уый хуызæн æрыгон чызг мæрдтæм бацæ- удзæн... Æмæ та ногæй йæ кæуын йæ хъуырмæ схæццæ. Йæ зæрдыл æрбалæууыд Коля, сидзæрдоны иу уаты кæимæ цардис, уыцы лæппу. Уый ныр скъолайы куыста ахуыргæнæгæй. Æппынæрæджиау Солтанбег сфæнд кодта, Коляимæ иумæ скъолайы директоримæ аныхас кæнын, æмæ йын уый куыд ба- уынаффæ кæна, афтæ бакæндзæн. Коля иннæ бонтæй раздæр æрбацыдис йæ куыстмæ, фæлæ йæ къух ницæмæ тасы, афтæмæй рацу-бацу кæны ахуыргæнджыты уаты. 9
Уалынмæ уынгæй æрбайхъуыст хæдтулгæйы уынæр. Коля Солтанбеджы куы ауыдта, уæд бакатай кодта: — Цы Хуыцау дæ æрбахаста афтæ раджы? Йæ кæуын тыххæй уромгæйæ, Солтанбег радзырдта, цы бæл- лæх ыл æрцыдис, уый. Коля, арф ныууылæфгæйæ, загъта: — Царды тæрсын хъæуы, фыдбылыз куы æрцæуа, уымæй, фæлæ иугæр æрцыд, уæд хъæддых фæлæуу. Фыдбылызæн сраст кæнæн нал ис, фæлæ, фыдæлтæй цы фæтк баззадис, уый мах нал аивдзыстæм, æмæ фембæлын хъæуы, зиан цы хъæуы ис, уыцырдыгон ацæргæ лæгтæй искæимæ. Ацы хъуыддаг æргъæвинаг нæу. Райсом йæ ныгæнæн бон у, æмæ ныр- тæккæ ахуыргæнджытæ куы æрбацæуой, уæд искæмæн бабар кæн^зынæн, цæмæй мæ бæсты уроктæ скæной æмæ — цæугæ. Иæ хъуыддæгтæ куы банывыл кодта Коля, уæд араст сты фæрссаг хъæумæ. Бацыдысты скъолайы директормæ, æндæр ацы хъæуæй Коля никæй зыдта. Кæрæдзийæн салам куы радтой, уæд уый фæрсы: — Цы хур-цы къæвда дæ æрбахаста, Коля, ардæм саумæрайсом? — Фехъуыстаис уæ хъæуы æвирхъау зианы хабар... Æмæ мæ хъæуы дзырддзæугæ лæджы сæр. — Алы хъуыддагмæ суанг Куырттаты комæй дæр бацагурынц Муссæйы. Коля Муссæйы баййæфта сæ дуармæ, бæлццон дарæсы бад- гæйæ. Æвæццæгæн, искæмæ æнхъæлмæ кæсы, зæгъгæ, ахъуыды кодта Коля йæхинымæр. — Дæ бон хорз, Муссæ! — салам радта зæронд лæгæн. — Хорз бонтæ дыл цæуæд. Ирмæйы зианмæ цæуыс? — Нæ, Муссæ. Æз дæм зианы тыххæй уынаффæмæ æрба- цыдтæн. Дæ сæр мæ бахъуыди... — Хъусын дæм, Коля. — Йæ зæгъын зын у, фæлæ уыцы зиан кæй тыххæй æрцыд, уымæн мын уынаффæ бакæн, Муссæ, дæ хорзæхæй... — Ирмæ загъта, зæгъгæ, йæхи æххос уыдис, фæлæ йын бæл- вырд ничи ницы зоны. Ныр дыккаг бон туджджынтæй дæр ничи зыны, — Муссæ Коляйы мидæмæ бахуыдта, ахæм ныхас уын- джы кæнын аив нæу, зæгъгæ. — Лæппуйæн æппындæр ничи ис. Æз йемæ сидзæрты хæдза- ры куынæ хъомыл кодтаин, уæд мæн дæр нæ зонид, — райдыдта Коля( æмæ зæрондæн Солтанбеджы царды хабæрттæ фæкодта. Муссæ йæм æнцад фæхъуыста, стæй, арф ныуулæфгæйæ, загъта: — Уæллæй, Коля, бирæ адæмты бæрны бацыдтæн, бирæ ха- бæрттæ фехъуыстоп, фæлæ ацы æвирхъау хабар куыд райхалон, 10
кæцæй райдайон, уый хъуыдыйаг у. Афтæ бакæн, æмæ йæ хъо- мылгæнджытæй хабæрттæн æвдисæн чи уыдис, ахæм адæймаг ссар, цæмæй уый раздæр бамбарын кæна хъуыддаг, мæнæ йæ ныртæккæ ды мæнæн куыд бамбарын кодтай, афтæ. Иннæ хъуыд- дæгтæ мæхимæ исын. Сæ кæрон куыд рауайдзæнис, уый та Хуы- цау йеддæмæ чи зоны! Цы зонд æрцæудзæнис Ирмæйы цыппар гуыппырсар æфсымæрмæ, уый фендзыстæм. Коля сагъæсхуызæй раздæхтис фæстæмæ. — Цæуæм Дзæуджыхъæумæ, Солтанбег. — Кæмæ? — Фаризæты ма хъуыды кæныс, уый дын дæ гыццылæй нырмæ дæ хабæрттæ хорз зоны. Æрæджы йыл амбæлдтæн æмæ мæ фыццагдæр дæуæй бафарста: куыд цæрыс, кæм кусыс. Дæ хъуыддæгтæ рæстмæ цæуынц, зæгъгæ, йын куы загътон, уæд тынг бацин кодта. * * * Ныр дыккаг бон Ирмæйы марды уалхъус адæм марой кæ- нынц. Сæ хъарæджы Солтанбеджы æлгъитынц. Хъарæггæнæг устытæ зæрдæмæхъаргæ ныхæстæ кæрæдзийы дзыхæй исынц. Адæмы фæкæуын кодтой цыппар æфсымæры иунæг хойыл. Зæр- дæхæлд куыд нæ кодта Ирмæйы ныййарæг мад! — Уæ, иу дæр сæ мауал уа, бынсæфт фæуой æнæхъæн мыг- гагæй, куыд ничи сæ фæзыны! — баппæрста иуварсæй хъарæггæ- нæг устытæй чидæр. Уалынмæ кулдуарæй æрбазынди цыппар æрыгон лæппуйы, сæ разæй ацæргæ сылгоймаг, сæ фæстæ ноджы сылгоймæгтæ. Нæлгоймæгтæн тæфæрфæс ракæныны фæстæ æрбахæстæг сты марды размæ. Солтанбег йæхи нал баурæдта, цы йын амыдтой, уыдон дзы æрбайрох сты. Ирмæйы мæрдвæлурс цæсгом куы ауыдта, уæд йæ хъæлæсыдзаг ныккуыдта. Солтанбегимæ æрбацæуджытæ дæр сæхи нæ урæдтой, хъæ- рæй куыдтой уыдон дæр. Фаризæт йæхи фæныфсджын кодта æмæ дзуры: — Зианджынтæ, æвæццæгæн, дис кæнут, дыууæ боны дæр- гъы, ирон æгъдаумæ гæсгæ, куыд ничи фæзындис, Ирмæ кæй тыххæй бабын ис, уыдонæй. Фæлæ чи фæзындаид? Мæнæ ацы æнамонд лæппуйæн бæлвырдгонд уыдис æрмæстдæр йæ ном Сол- танбег кæй хуыйны, стæй ирон кæй у, уый. Змæстыты рæстæджы йыл æнæнхъæлæджы хъазахъхъаг сылгоймаг Армавиры вагзалы сæмбæлдис æмæ йæ йемæ Ирыстонмæ скодта. Иæ адрис алы ран лæвæрдта уыцы зæрдæхæлар хъазæхъхъаг сылгоймаг, йæ ном Катя 11
хуындис. Астаздзыдæй йæ радта сидзæрты хæдзармæ. Æз уæд уым куыстон — сидзæрты хæдзары æмæ æз хорз зоныи хъуыд- дæгтæ. Мæнæ ацы хуыцауысконд дыууæ лæппуйы, Коля æмæ Тузары руаджы фæцахуыр ис сывæллæтты хæдзары. Мах ам тæрхонгæнæг не стæм. Æнæбары хъуыддаг æрцыдис Солтанбегыл. Ирмæ, куыд зæгъынц, афтæмæй йæхæдæг загъта, мæхи æххос уыдис, зæгъгæ, фæлæ уымæй зианджынтæн сæ рыст нæ фæрогдæр кæпдзыстæм. Абоны онг Солтанбегмæ зылыны цæстæй ракæсæг нæ фæцис. Ныр Солтанбег мæнæ уæ разы ис. Тæрхоигæнæг дæр ыи стут æрмæст сымах, — загъта Фаризæт. Цалынмæ Фæризæт йæ ныхас кæронмæ ахæццæ кодта, уæдмæ адæм æдзæмæй лæууыдысты. Мæнæ лæгты астæуæй чырыны цурмæ æрбацыд хъæуы дзырддзæугæ лæг Муссæ, Ирмæйы æртæ æфсымæры йæ фæйнæ фарс, афтæмæй. Кæстæр, Хасанбег не сразы Муссæйы фæндыл æмæ нæ бацыди семæ. Муссæйы къухы бирæ туджджынтæ бафидауын кæнын баф- тыдис, бирæ хабæрттæ федта æмæ фехъуыста, фæлæ йын Сол- танбеджы хъысмæт æмæ Ирмæйы æвирхъау мæлæт йæ зæрдæ сæнкъусын кодтой. — Мæнæ æрцæуæг адæм, сæр бахъуыдис Ирмæйы цыппар æфсымæры. Тынг зын хъуыддаг у æрыгон чызджы сау зæхмæ арвитын, уæлдайдæр, йæ мæлæт искæй къухæй куы ’рцæуа, уæд. Фæлæ нæ фыдæлтæй баззадис ныхас, туг тугæй не ’хсынц, зæгъгæ. Мæ бон уын зæгъын ницы у — уе ’гъдау æмæ уæхæдæг. Уынаффæ хъуаг не стут Асланбег, Сосланбег, Махарбег æмæ Хасанбег. Цып- пар, æхсæст хоры хуызæн, гуыппырсар нæлгоймаджы. Дзæвгар рæстæг иу сыбыртт никуыцæй хъуысы. Æрмæст дæрддзæф цалдæр лæппуйы лæгъстæ кæнынц кæстæр æфсымæр Хасанбегæн, де ’фсымæрты цурмæ ацу, зæгъгæ, фæлæ уый ком нæ дæтты. Солтанбег, йæ зонгуытыл лæугæйæ, куыд ныддæлгом Ир- мæйы чырыныл, афтæмæй сыстын нæ комы. Ирмæйы æртæ хистæр æфсымæры æрбахæстæг сты Солтан- бегмæ æмæ йын, сæ къухтæ йæ уæхсчытыл æрæвæргæйæ, бам- барын кодтой, уæлæмæ сыст, зæгъгæ, фæлæ сæ коммæ куы нæ бакаст, уæд Муссæ сæ размæ бацыд æмæ Солтанбегмæ дзуры: — Сыст, мæ хур, æгъдау дын кæнынц, æмæ йæ сæрты ма хиз. Солтанбег сыстад æмæ йæ Аслæнбег, Сосланбег æмæ Махар- бег семæ иуварс акодтой. Муссæ йæ ныхас кæны дарддæр. — Æмæ абон Ирмæйы æфсымæртæ цы зæрдæйыуаг равдыс- той, ахæм уавæры уæвгæйæ, уый фæзминаг уыдзæнис Ирысто- ны мыггагæй-мыггагмæ. 12
Адæм къордгæйттæ фесты, чи хом дзырдта, чи — фых. Алчи- дæр йæхи зæрдæйыуагмæ гæсгæ хъуыды кодта хъуыддагыл/ — Ныр ма цæуыл тæрхæттæ кæнут? — Сона бустæхуызæй, дзуры сылгоймæгты къордмæ. Барæй, кæнæ йæ нозтджынæй куы скъуырдтаид, уæд, æндæр знаггад мауал скæна, зæгъгæ, йын тæр- хон скæн. Фæлæ уый мæгуыр у, æмæ йæ ахæстонмæ куы баппа- рой, уæд кæмæн цы пайда уыдзæнис, лæппу фесæфдзæн, æндæр? Чи зоны, йæхицæн ахæм уавæры исты знаггад дæр ракæндзæн. — Æцæгтæ дзурыс, Сона. Чызг йæхи аххосджын кæм кодта, уым ныхæстæ уæлдай сты. Мардæн фæндараст зæгъынæн дзырды бар радтой сыхаг лæг Дзæрæхмæтæн. — Мæнæ хъыггæнæг адæм, Хуыцауы хорзæхæй хайджын ут. Абон ам æрæмбырд стæм, цæмæй бинонтæн сæ зæрдæйы рыст фæрогдæр кæнæм. Адæймаджы цардæн йæ барæн у йæ адæймагдзинад, цы ракод- та хорзæй йæ фарсмæ цæрæг æмæ цæуæгæн, цы цæстæнгас сæм дардта, уый. Ирмæ хæлардзинад æмæ адæмыл æнувыддзинадæй хъуаг нæ уыдис. Йæ худæндзаст цæстæнгас бирæты зæрдыл лæу- дзæни. Æрдзæй рахаста æнæзивæг, къухæй дæсны, æмæ адæмæн зæрдæлхæнæн кодта. Ацы хъæуы бирæ нæ разындзæнис, Ирмæйы къухæй хуыд дзаумайы чи нæ рацыд, æниу йæ фæндырдзæгъдаг гыццыл æнгуылдзтæ кæй циндзинады не ’рцагътой фæндыр?! Фæлæ йæ фæндыд адæмæн ноджы фылдæр пайда хæссын æмæ бацыдис хуыйыны дæсныйадыл ахуыр кæнынмæ. Æрмæст ма йæ дыууæ мæйы хъуыдис йæ ахуыр фæуынмæ. Цы зæгъæм — хъысмæт Ирмæйæн æндæр цард нæ саггаг кодта. Зын зæгъын у хæрзбон Ирмæйæн канд йæ бинонтæ æмæ хæстæджытæн нæ, фæлæ йæ чидæриддæр зыдта, уыдонæн се ’ппæтæн дæр. Фæлæ нæ бон зæгъын у: адæймагæн, йæ цард Ирмæйы царды хуызæн арфæйаг куы вæййы, уæд зæгъæн ис, дзæгъæлы нæ фæцард. — Дзæрæхмæт чырынмæ бацыд, йæ дыууæ къухы Ирмæйы къухтыл æрæвæрдта, йæ кæуын нæ баурæдта, афтæмæй йын фæндараст загъта æмæ йæ цæстысыгтæ сæрфгæ иуварс ацыд. Мыггаджы хистæр арфæ ракодта æрцæуæг адæмæн æмæ бар радта хионтæ æмæ хæстæджытæн мардæн фæндараст зæгъынæн. Баввахс сты марды размæ Ирмæйы æфсымæртæ, семæ Солтан- бег дæр. Хасанбег, уый фенгæйæ, Солтанбеджы иуварс ассыдта. Уымæн йæ бон цы уыдис? Адæм куыд нæ бамбарой хъуыддаг, афтæ марды къæхтырдæм айста йæхи æмæ сæргуыбырæй лæууыд. Зиан бафснайдтой, фæлæ Солтанбегæн йæ сагъæссаг цард ныр райдыдта, уымæн æмæ Ирмæйы сурæт æхсæвæй-бонæй йæ 13
цæстытыл уадис. Йæ ныфс хæдтулгæйыл сбадынмæ дæр нал ха- ста. Æндæр исты дæсныйад райсынæн та фадат æмæ рæстæг хъæуы, стæй азтæ дæр цæуынц, æмæ æмдзæрæны куыд цæра цæрæнбон. Уымæ гæсгæ ногæй райдыдта æндæр хæдтулгæйыл æмба- лимæ кусын. Дард фæндагæй схæццæ уæвгæйæ иу-ын фадат куы фæцис, уæд цыдис Ирмæйы ингæнмæ. Иубон уæлмæрдæй куы рацыдис, уæд æй иу ацæргæ лæг баурæдта, Къардонмæ демæ абадон, зæгъгæ. Куы сбадтис Сол- танбеджы фарсмæ, уæд ын йæхи бацамыдта. — Мæ ном Хъуыдæберд хуыйны. — Мæ ном та — Солтанбег. — Ехх, мæ хур Солтанбег, уæлмæрдмæ цæуынæй ма исты пайда куы уаид, уæд бæргæ. Уый бæсты баздæх æмæ, йæ фæстæ чи баззадис, уыцы бинонтæм истæмæй фæкæс. Хистæр æфсы- мæртæн ницы у, фæлæ Асиат сидзæргæс ус, Хасанбег нырма ницы куыстыл хæст. — Бæргæ, бæргæ, Хъуыдæберд, уымæн гæнæн куы уаид, фæлæ мæ цæстытыл уайы, Хасанбег мæ куыд расурдзæнис, уый. — Ма тæрс, мæ хур, сывæллон лæппу у, æрæмбардзæнис. — Нæуæд афтæ бакæн, Асланбегмæ-иу исты бадав. Уый йæ иннæтыл дих кæндзæни. Уый дæ ’мбары. Афтæмæй Солтанбег Ирмæйы æртæ хистæр æфсымæрмæ ласта суг, фадат уæвгæйæ — картоф, къабуска, ссад. Суанг ма-иу сын Джеоргуыбайы кусæрттæгтæ дæр самал кодта. Уæддæр Хасанбегæн йæ зæрдæйы маст фылдæр йеддæмæ къаддæр нæ кодта. Солтанбегæн йæ цард аскъуыйа, уый дæр æй нæ фæнды, фæлæ йæм йæ маст не ’нцайы йе ’хсидынæй. Йæ зæрды цы уыдис, уый æфсымæртæй никæмæн дзырдта. Солтанбегæн радтой Кæрдзыны станцæмæ хæстæг зæххы хай, æмæ йæм райдыдта уирагдуртæ ласын. Хæдзары бындур æвæрд куыддæр æрцыдис, цæхæрадон куыстгонд, афтæ райдыдта Фы- дыбæстæйы Стыр хæст. Хæстмæ йæм куы фæсиддысты, уæд ма батагъд кодта Дзуарыхъаеумæ Аслæнбеджы фенынмæ, фæлæ йæ сæхимæ нал баййæфта. Иæ бинойнаг Зæирæ æнкъардæй рацы- дис йæ размæ æмæ йын фехъусын кодта, æртæ боны размæ йæм кæй фæсидтысты. — Æз дæр райсом цæуын, Зæирæ, æмæ уын гæнæн куыд уа, афтæ, мæ цæхæрадоны цы ис, уыдон дзæгъæлы сæфт ма фæкæ- нæд. Æз, чи зоны, цы бауон, — загъта Солтанбег æмæ йæ фæн- дагыл атагъд кодта. Цыппар азы дæргъы фæци хæсты быдыры Солтанбег. Йæхи ницæмæй бахызта, уæддæр мæм æнхъæлмæгæсæг нæй, зæгъгæ. 14
Хæрзиуджытæй дæр хъуаг нæ уыдис, фæлæ уæддæр йæ зæрдæ ницæмæй рухс кодта. Æвæдза, уыцы фыдбылыз куы нæ ’рцыдаид, уæд уымæй амондджындæр нæ уаид. Ирыстоны зæххæй йын адджындæр нæй. Катя мæрдты рухсаг уæд, ардæм кæй руаджы сæфтыди. Афтæ хъуыдытæгæнгæйæ схæццæ Даргъ-Къохы станцæмæ. Уæддæр мæ райсом фæстæмæ ардæм æрыздæхын бахъæудзæ- нис, загъта йæхицæн æмæ рахызтис поездæй. Кæсы, æмæ, йемæ поездæй цы къорд хæстоны æрхызтис, уыдон цыма тайгæ акодтой, афтæ дзы иу дæр вагзалы ’рдæм нæ^бацыдис. Вагзалы Солтанбег æрбадтис уæгъд бандоныл. Йæ размæ бацыдис вагзалы кусæг. — Ам æхсæв æфсæддонтæй ничи баззайы. Сæхионтæ сæ размæ рацæуынц æмæ сæ акæнынц. Ды, æвæццæгæн, фæтæригъæд код- тай дæ бинонтæн, кæнæ та сæм æнæнхъæлæджы куы сæмбæлис, афтæ дæ фæнды? — Мæнмæ æнхъæлмæ чи кæса, ахæм мын ничи ис. Æз хæсты размæ ам хæдзар аразын райдыдтон, æндæр мæм æнхъæлмæ кæ- сæг нæй... — Уæдæ цом мæ бынатмæ. Æрмæст мын дæ ном куы зæгъис. Мæнæн мæ ном Тотрадз хуыйны. — Мæнæн та — Солтанбег. Дуарæй куыддæр бахызтысты, афтæ Тотрадз хуыссæнуат æркодта æмæ дзуры Солтанбегмæ: — Æнæ иунæг ныхасæй мæнæ ацы ран дæ фæллад суадз. — Йæхæдæг æддæмæ рацыдис. Солтанбег куыддæр йæ сæр базыл æруагъта, афтæ, раст цыма йæ хæдзары уыдис, уыйау тарф фынæй ацис. Тотрадз æрбаз- дæхтис æмæ йыл хъарм кæрц æрæмбæрзта. Райсомæй Тотрадзы йе ’мкусæг куы раивта, уæд Солтанбе- джы хæдзармæ акодта. Суазæг æй кодтой, цы сæм уыд, уымæй æмæ сихорафон иумæ ацыдысты станцæйы хицаумæ. Къанторы дуарæй бахизгæйæ, Тотрадз дзуры: — Мæнæ ацы дзæбæх лæппу, йæ ном Солтанбег, дысон хæс- тæй сыздæхтис, æмæ куыстæн кæд исты амал ис, уæд, дæ хор- зæхæй, ахъуыды кæн. Бæтæхъо лæппумæ уарзæгой цæстæнгасæй бакасти. — Цæуыл хæст дæ, хæсты размæ цы куыст кодтай? — Хæдтулгæйыл куыстон. — Уæ хуыздæр фæуай, Тотрадз! Æз та ма мæт кодтон. Нæ хæдтулгæйыл чи бады, уымæ æфсадмæ фæсидтысты, æмæ йæ чи раива, уый нæй. Дæ фæллад суадз, Солтанбег, æмæ æртæ боны фæстæ кусынмæ рацу. 15
Уынгмæ куы рацыдысты, уæд Солтанбег атагъд кодта йæ хæдзары бындур бабæрæг кæнынмæ. Цыдæр зесты гæбаз ссард- та æмæ асгæрста, цы сис-бындурыл фæтухæн кодта, уый. Цал- дæр азмæ кæрдæг йæ сæрты ахъазыд. Солтанбег бон-изæрмæ фæсыгъдæг кодта кæрдæг, æмæ сис куы сзынди, уæд йæ зæрдæ барухс. Изæрæй ацыдис Коляйы бабæрæг кæнынмæ. Кæрæдзи- уыл тынг фæцинтæ кодтой, æгасæй кæй баззадысты, уый тыххæй фæйнæ банызтой, æмæ æхсæвы уым баззадис. Райсомæй загъта: — Мæн цæуын хъæуы, Коля. — Кæдæм тагъд кæныс, нырма дын дыууæ боны æмгъуыд куы ис куыстмæ рацæуынмæ? — Мæ хæдзармæ, Коля, мæ хæдзармæ! Ныр мын тас нал у, — худгæйæ загъта Солтанбег. — Куы бакæсис мæ зæххы хаймæ, кæрдæгæй куы асыгъдæг кодтон хæдзары бындур, уæд дзы зæрдæ рухс кæны. — Æмæ дзы сынтæг æрæвæрæн дæр ис? — Кæд Хуыцауы фæнда, уæд — афæдзмæ... Афтæ ныхæстæ кæнгæйæ, фæхицæн ис Солтанбег Коляимæ. Ахсæв дæр-иу махмæ рацу, зæгьгæ, ма йæм фæсте дзырдта Коля. — Фендзыстæм. Ды мын куынæ уаис, уæд цы фæуин, уæ мæ рагон хæлар! Станцæйы хæрхæмбæлд фæцис Бæтæхъойыл. — Солтанбег, æз дæу куы агуырдтон. Уæртæ уыныс зæронд вагон, кæройнаг нæ, фæлæ уый ацырдыгæй чи ис, уым цардис, дæ размæ нæм цы лæппу куыста, уый. Æз бамбарын кодтон сы- хагæн, цæмæй дæм абон дæгъæл раттой. — Стыр бузныг, Бæтæхъо. Дæ хорздзинæдтæ дын цæмæй фиддзынæн?! — Иннæбон дæм æнхъæлмæ кæсдзынæн. — Мæнæн мæ бон абон рацæуын дæр у. — Гъемæ уæдæ, Солтанбег, райсом рацу. Цин куыд нæ кодта Солтанбег! Æхсæвиуат кæм кæна, уый ис, куыст ис, æппæты хуыздæр та, зæрдæхалар адæмыл кæй сæмбæлд, уый. Солтанбег, Бæтæхъо йын цы вагонмæ бацамыдта, уый дæгъæл куы райста, уæд æй уырнгæ дæр нæ кодта, ахæм ран иунæгæй цæрдзæнис, уый. Уæддæр хи къуым, хи! Уымæн æмбал дзы нæй, æмæ змæлгæ куы нæ кæнон, уæд мæ хæдзар арæзт никуы фæуы- дзæнис, загъта йæхицæн æмæ араст йæ зæххы хаймæ. Æнæ кусæн дзаум^ цы хъуамæ бакодтаид, æмæ сыхаг сылгоймагмæ дзуры: — Кæд уæм бел ис, уæд мын æй, дæ хорзæхæй, авæр. — Уæ, дæ цæрæнбонтæ дын Хуыцау бирæ скæна! Æгайтма сæрæгасæй дæ зæххыл сæмбæлдтæ. Бел нæ, фæлæ дæ цыдæрид- 16
дæр бахъæуа — мæнæ ам сарайы уыдзысты. Мах дыл мæт код- там. Дæ цæхæрадонмæ куы ничи зындис, уæд мæ сæрыхица- уимæ æрæгвæззæджы картоф скъахтам, бирæ рæстæджы сæм нæ бавнæлдтам. Стæй уæдмæ немыц ардæм схæццæ сты, æмæ ма уыдæттыл чи мæт кодта. Тынг хорз дзы æрзади хъæдур æмæ джитъритæ дæр. Æнæхæрд зæхх у. Амондджын бынат дын уæд. — Мæ ном Солтанбег хуыйны, дæуæн та? — Елмысхан. Солтанбег рахаста бел æмæ цæвæг. Ныккарста кæрдæг æмæ скъахтæ дæс дзыхъы бæрц бæлæстæ садзынæн. Изæрдалынпы бел æмæ цæвæг куы бахаста сыхæгтæм, уæд йæ размæ рацыдис хæдзары хицау Хъуыбады. — Ды нæм дæ хъус нæ дардтай æнафонты кусгæйæ, фыр- æнæвдæлонæй, фæлæ дæ мах не ’фсинимæ бахъуыды кодтам. Не ’ххуыс дæ цæмæн хъæуа — нæхи никуы аздахдзыстæм. — Тынг æхсызгон мын у, Хъуыбады, сымах хуызæн сыхæгтæ мын кæй фæцис, уый. Ноджы ам ирон адæм чысыл цæры. Ми- дæмæ нæм рацу, зæгъгæ, йæ бæргæ нал уадзы Хъуыбады, фæлæ Солтанбег нæ бакуымдта. Хæрзизæр, загъта æмæ рацыдис йæ цæрæнбынатмæ. Фæндагыл цыдæр хæринæгтæ алхæдта. Æхсæвæры фæстæ афтæ æхсызгон фынæй бацис, чысыл ма бахъæуа куыстмæ ма байрæджы кæна. Тындзгæ уадæй смидæг Бæтæхъойы кусæнуаты. — Дæ райсом хорз, Бæтæхъо. — Иуныхасæй, Солтанбег, дæ куыст уыдзæнис райсомы авд сахатæй изæры цыппар сахатмæ. Уыцы рæстæджы æфтауцæй, цы кæдæм ласын хъæуы, уый дæм дæтдзысты гæххæттимæ æмæ сæ бынатмæ хæццæ кæндзынæ. Цæуын дæ хъæудзæнис Эльхот, Æрыдон, Къардон æмæ рæстæгæй-рæстæгмæ æндæр рæттæм. Æз дæр хæсты быдырæй ссыдтæн, æрмæст — раздæр, мæ къах кæй фæцæф, уый тыххæй. Нæмыг уым æрбынат кодта, цæуын мæ нæ уадзы æмæ, кæд зивæг нæ кæнай, уæд мæн хъæумæ дæр æмæ фæстæмæ дæр ласдзынæ. Нæ хъæу хæстæг у. — О, зонын æй. Мæ хæлар уым цæры. — Уый та уæлдай хуыздæр. Арæхдæр æмбæлдзыстут. Ныр цæугæ, æфтауцы хицауæн алцыдæр æмбæрстгонд у. Дæ гæххæт- тытæ дæр уымæ ныууадздзынæ, — загъта Бæтæхъо. — Æфтауцы хицау — иу-цыппор азы кæуыл цыдаид, ахæм сыл- гоймаг Солтанбегыл бацин кодта. Салам раттыны фæстæ загьта: — Мæ ном Сæхбикæ хуыйны. Мæнæ дын æртæ голладжы, кæй сæ кæдæм ласын хъæуы, уый йыл бæрæг у. Солтанбег æркастис фыстытæм, æмæ йæ фæндаг райдыдта Кæрдзынæй, уый фæстæ ацыд Эльхотмæ æмæ Æрыдонмæ. 2 Санаты Елснæ 17
Фæстæмæ куы ’рбаздæхт, уæд æм Сæхбикæ дисгæнгæйæ дзуры: — Сихор хæрын дæ уæддæр нæ хъуыдис, куыд тагъд æрба- хæццæ дæ? Бæтæхъойы ласынмæ ма раджы уыдис æмæ цингæнгæ йæ цæрæн вагонмæ ацыдис. Цыдæртæ акуыста. Тагъд ахордта, стæй аздæхт æмæ Бæтæхъомæ æнхъæлмæ касти. — Дæ куыст дæ зæрдæмæ фæцыдис? — бафарста йæ Бæ- тæхъо, хæдтулгæйы Солтанбеджы фарсмæ куы сбадтис, уæд. — Æхца дын кæд уыйас бирæ нæ фиддзысты, уæддæр дын рæстæг — фаг, хæдтулгæ дæ къухы. Дæ куыстытæ кæныны фадат дын уыдзæнис, уæдæ Ирмæйы бинонтæн дæр истæмæйты æххуыс кæндзынæ. Дыккаг бон Къардонмæ куы бахæццæ кодта голлаг, уæд ба- зармæ фездæхт. Кæсы, æмæ уæй кæнынц картоф, ардыгон кар- тофæй феппæлынц адæм. Райста дзы иу голлаг æмæ уал Ир- мæйы уæлмæрдмæ ацыд. Фæстæмæ куы раздæхтис, уæд Асиаты хæдзары дуармæ хæдтулгæ фæурæдта æмæ картофы голлаг дуа- ры мидæг фæкодта. — Гъе лæппу, хæстæгдæр æй куы æрбайсис, науæд æй æз не ’рбафæраздзынæн, — райхъуыстис сылгоймаджы ныхас. Хæдза- ры нæлгоймаг нæй, Хасанбеджы æфсадмæ акодтой. Солтанбег фефсæрмы æмæ картофы голлаг суанг сарайы рæбынмæ бахаста. Уыцы рæстæджы йæ размæ рацыдис иу æнæзонгæ чызг: — Æз Асиатæн йæ хо Райкæйы чызг дæн, иунæгæй ма уа йæ хо, зæгъгæ, мæ мæ мад ардæм æрæрвыста. Лæппутæй никæмæ комы Асиат. Цæхгæр ныллæууыд, мæ уæзæг нæ уадзын, — загъ- та чызг, кæд æй лæппу ницæмæй фарста, уæддæр. — Мæ ном Замирæт хуыйны. Цом нæм мидæмæ, Асиат уæртæ сыхæгтæм ауад. — Замирæт, макæмæн зæгъ, æз исты æрбаластон, уый. Ир- мæйы æфсымæртæ куыд цæрынц? Хæстæй куы ссыдтæн, уæдæй нырмæ сæ нæма абæрæг кодтон. — Сæрæгас сты. Аслæнбег æнæ цонгæй ссыдис, иннæтæй дæр чи цъæррæмыхст у, чи — цы. Солтанбегæн цыма исчы йæ сæры фахс ныдздзæхст кодта, уыйау фæцис Аслæнбеджы койæ. — Цæй, мæн мæ куыстмæ тагъд цæуын хъæуы. Гæнæн мын куы фæуа, уæд та уæ абæрæг кæндзынæн, — зæгъгæ, батагъд кодта Солтанбег йæ машинæмæ. Араст йæ фæндагыл, фæлæ цыма йæ зæрдæ Асиаты хæдзары баззад... «Ныр ма мын рæстæг куы уыдис, уæд цæуылнæ аныхас код- тон Замирæтимæ? — хъуыды кæны лæппу. — Диссаджы дзæбæх чызг... Уæвгæ хорз бакодтон — иуæй, хæдзары Замирæт иунæ- 18
гæй, иннæмæй йæ фыццаг хатт федтон, æмæ аив нæ уыдаид йемæ бадын». — Солтанбег, райсом фæлладуадзæн бон у, фæлæ ма фæзи- вæг кæн. Адæм æнхъæлмæ кæсынц фыстæджытæм, уæлдайдæр ныртæккæ. Мæнæй уал къуырисæрмæ сæрибар дæ, — æрхызтис Бæтæхъо йæ хæдзары раз. Райсомæй Сæхбикæ, Солтанбеджы æфтауцы куы ауыдта, уæд бацин кодта, æгайтма фæлладуадзæн бон дæр нæ фæзивæг кодта, зæгъгæ. — Абон нæм Эльхотмæ ницы ис, мæнæ дыууæ голладжы, уый фæстæ сæрибар уыдзынæ. Солтанбег, Æрыдонæй Къардонмæ куыд бахæццæ, уый æмбаргæ дæр нæ бакодта. Алхæдта картофы голлаг, къабускатæ æмæ цыдæр адджинæгтæ сывæллæттæн. Аслæнбеджы баййæфта кæрты цыдæртæ архайгæйæ. — Не ’фсин, æддæмæ-ма ракæс, мæнæ нæм цы æхсызгон бæлццон фæзындис! Солтанбег йæ хъæбысы ныккодта Аслæнбеджы æмæ йæ цæ- стытæ доны разылдта. — Æнæ цонгæй? — Цæй, уый кой та цы кæныс? Æз цы рæтты уыдтæн, уыр- дыгæй ма мæ сæр мæ сывæллæттæм кæй схастон, уымæй дæр Хуыцауæй бузныг. Дæхи кой-ма ракæн. Дысон дæр ма мæнæ Заирæимæ дæ кой кодтам. Цæф фæдæ? — Гыццыл цъæррæмыхстыты тыххæй дыууæ хатты госпи- тальмæ бахаудтæн. — Солтанбег, дæ цæхæрадоны фæллæйттæм мын нæ бантыс- тис ацæуын. Дæхæдæг зоныс, куыд æвадат у уырдæм фæндаг, — загъта Зæирæ. Солтанбег раздæхтис хæдтулгæмæ дыууæ сывæллоны къух- тыл хæцгæйæ æмæ сæм радта адджинæгтæ. Картофы голлаг æмæ къабускатæ та бахаста суанг сарайы рæбынмæ. — Уый цытæ кæныс, Солтанбег, дæхæдæг нырма дæ къæх- тыл куы нæма слæууыдтæ! — Аслæнбегæн æхсызгон уыди Сол- танбеджы уæздандзинад. — Сæрæгас уæм, Аслæнбег, æндæр тыхсгæ ма кæн. Мидæмæ кодтой бинонтæ Солтанбеджы, фæлæ йæ зæрдæ йæ хæдзармæ æхсайдта. Йæ фæндаг ракодта хъæдыл æмæ дзы кæронæй, бруйæн уæддæр бахъæудзысты, зæгъгæ, хъилтæ фæ- кодта ’мæ сæ гуыффæ байдзаг кодта. Изæррухсæй æрхæццæ и йæ зæххы хаймæ. Сабыргай быру конд куы ’рцæуа, уæд хæдзархуыз фæуыдзынæн, зæгъгæ, хъуы- ды кодта. 19
Уыцы хуыцаубон хъæуы хæсты фæстæ фыццаг чындзæхсæв уыдис, æмæ фынджы уæлхъус Бæтæхъойæн Коля йæ фарсмæ бадт фæцис. — Коля, Солтанбег зонгæ дын, мыййаг, ис? — Мæ хуыздæр хæлар. Сидзæрты хæдзары иумæ хъомыл кодтам. Ды та йæ цæмæй зоныс, Бæтæхъо? — Махмæ кусы. — Бæтæхъо, Хуыцау дæ саразæд. Ахæм æнамонд лæппуйæн баххуыс кæн — уый удыбæстæ у. — Йæ мыггаг мæм диссаг фæкастис, фæлæ йæ ницæмæй ба- фарстон. — Тынг хорз бакодтай, — загъта Коля, — æмæ йын Солтанбе- джы царды хабæрттæ фæкодта. — Мæныл сæмбæлдтæ, уый йын ма зæгъ, фæлæ, дæ бон цас уа, уыйас æм дæ цæст фæдар, Бæ- тæхъо. Къуырисæры Солтанбегимæ куы æрбацæйцыдысты, уæд Бæтæхъо базыдта, Солтанбегæн Кæрдзыны йæ зæрды хæдзар саразын кæй ис. — Дæ хорзæхæй, Бæтæхъо, Коляйæн мацы зæгъ мæ хæдза- ры тыххæй, науæд ууыл бахъæудзæн. Куы йæ саразон, уæд куыд бацин кæна. — Иуныхасæй, Солтанбег, дæ куыст къуылымпы мацæмæй уæд, æндæр дæ цæмæндæриддæр хъæуы машинæ, уый дзы кæн. — Бузныг, Бæтæхъо. Ды мæнæн абоны онг цы хорздзинæдтæ ракодтай, уыдон бирæйы аргъ сты. Бæтæхъо архайдта Солтанбегæн баххуыс кæныныл. Аразæн æрмæг-иу куы сластой, уæд сæ фæдзæхста, цæмæй сын дзы, цас æнтысы, уыйас Солтанбегæн ныууадзой. Афтæмæй лæппумæ фæзынд хъæдæрмæг, цемент, иудзæвгар агуыридур æмæ шифер дæр. Солтанбег æмбæрста, уый йын Бæтæхъойы фæдзæхстæй кæй æххуыс кæнынц. Аразæн æрмæг куыд æмбырд кодта, афтæ йæ ныфс хæссын байдыдта аразын райдайынмæ. Самандуртæ амайынмæ йæм фæ- кастис йæ сыхаг Хъуыбады дæр: — Солтанбег, мæ хæдзар, кæд дæ зæрдæмæ фæцæуа ме ’внæлд, уæд дын дæ къултæ мæхæдæг самайдзынæн... Æз ара- зæджы куыстыл сахуыр кодтон, мæнæ ды шофыры куыстыл куыд сахуыр кодтай, афтæ. Раст Хетæджы бæрæгбонмæ æртæуатон хæдзарæй иу уат æмæ тыргътæ уыдысты бацæрыны æввонг. — Сæр дæ бахъуыдис, Солтанбег, кусарт, кусарт Хетæджы бонмæ! — Хъуыбадыйæн йе ’рыгон сыхагæй йæ зæрдæ райы. 20
— Уый мæ бар уадз, Хъуыбады. — Уæдæ кæрдзынтæ та не ’фсины бар уадз. — Хъуыбады, уырнгæ дæр мæ нæма кæны, ацы бæсты- хæйттæ мæн сты, уый. Ды мын куы нæ уыдаис, уæд афæдзмæ дæр нæ фæцадаин. Ахæм рæстæджытæ куы фæкæна, уæд къултæ тагъд бахус уыдзысты — Солтанбегæн йæ зæрдæ фыр- цинæй кафыди. Æртæ боны ма хъуыдис бæрæгбонмæ, афтæ Бæтæхъойæн бамба- рын кодта, хуыцаубоны йæ бæрæгбонмæ кæй хоны йæхи хæдзармæ. — Ау, уый та куыд? Фæцис дæ хæдзар арæзт? — Мæнæ дæу æмæ мæ сыхаг Хъуыбадыйы руаджы дзы æрцæ- рын æмæ бæрæгбон скæнæн ис. Колямæ дæр мæ ныууайын хъæуы. Солтанбег Коляйæн куы бамбарын кодта, бæрæгбоны куывд- мæ йæ хоны, уый, уæд æй нæ бауырныдта, фæлæ загъта, æнæ- мæнг кæй фæзындзæн. Солтанбег фехъусын кодта, цыдæриддæр ын зонгæтæ уыдис, уыдонæн. Æнхъæл кæмæн нæ уыдис, ахæм адæмтæ дæр æрбалæу- уыди йæ кæрты Коляйы фæрцы. Ирмæйы æртæ æфсымæры та æрцыдысты сæ бинонтимæ. Бирæ хорз куывдтытæ фæкодтой æрцæуæг адæм ног бына- тæн, алкæй дæр фæндыди, Солтанбег хорз амонд куы ссарид æмæ иннæ ацафон кæхцгæнæнтæ куы скæнид йæ ног хæдзары. Æрцæуæг адæмæй алкæмæ дæр афтæ кастис: мæнæй лымæн- дæр нæй Солтанбегæн, мæнæй хæстæгдæр ын ничи у, фæлæ ма бадты фæстæ баззадысты æрмæст Аслæнбег, Сослæнбег æмæ Махарбег сæ бинонтимæ. — Хæдзар саразынмæ дын чи баххуыс кодта, уыдоны цæ- рæнбон бирæ уæд, фæлæ махæн куыд нæ фехъусын кодтай, мах дæр дын исты феххуыс кодтаиккам. — Цытæ дзурут, мæ зынаргъ æфсымæртæ! Сымах мæнæн алы рæстæг дæр ныфс стут. Æмæ уæ цæрæнбон бирæ. — Сосланбæг æмæ Махарбег, сымах мын бахатыр кæнут, хæстæй куы ссыдтæн, уæдæй нырмæ уæ кæй нæ абæрæг кодтон, уый тыххæй. — Мах мæт ма кæн, æгайтма дæхæдæг дзæбæх дæ. Æгайтма фæстæмæ Ирыстонмæ ссыдтæ. — Уымæй раст зæгъыс, Махарбег, æрмæст ирон адæмы руа- джы бадæм мæнæ ацы æрдæгарæзт хæдзары, æндæр кæм рахау- бахау кодтаин, Хуыцау зоны... — Ныр дын æмбалы хъуыддагыл дæр ахъуыдыйы афон у. — Цытæ дзурут, мæныл цы бæллæхтæ æрцыдис, уый фæстæ... — Алцæмæн дæр райдайæн куыд ис, афтæ йын кæрон дæр ис. Ныр æхсæз азы рацыдис уыцы фыдбылызæй. 21
— Куыд у Асиаты ’нæниздзинад? — Ницы йын у, — йæ ныхас баппæрста Аслæнбеджы биной- наг Зæирæ. — Нырма йæхи дæлæмæ нæ уадзы, мæхæдæг акæно- ныл архайы. Кæрæдзийы дзыхæй исгæйæ, файнустытæ æппæлынц Асиа- тæй. Махæн цы æфсин ис, ахæм, зæгъынц, никæмæн ис. Асиаты æртæ чындзы: Зæирæ, Тамарæ æмæ Дуся уазджыты фæстæ æфснайд куы фесты, уæд, афон у хæдзармæ цæуынæн, зæгъгæ, загътой. — Ахсæв ам баззайут, — лæгъстæ сын кодта Солтанбег. — Нæ, Солтанбег, мæнæ де ’ртæ уаты куы сцæттæ уой, уæд- иу æрæхсæвиуат кæндзыстæм. — Ам сылгоймæгтæ суадздзысты сæ фæллад, мах та вагонмæ ацæудзыстæм. — Нæ-нæ, нырма хур куы нæ аныгуылдис... Солтанбег куы бамбæрста уазджыты фæндон, уæд бацамыд- та йæ машинæмæ. — Æз уæ ныртæккæ уа хæдзæрттыл сæмбæлын кæндзынæн. Æрмæст уæ дымгæ куы бахъыгдара... — Ма тæрс, Солтанбег, ардæм дæр Къардонæй уæзласыныл цыдыстæм. Искуы, чи зоны, фæндаггонтæн хуыздæр фæрæзтæ скæной, æмæ уæд арæхдæр цæудзысты кæрæдзимæ. Къардонмæ куы схæццæ сты, уæд Аслæнбег бамбарын кодта Солтанбегæн, цæмæй сæ Асиатмæ аласа. Асиаты хуыссæны баййæфтой. Сылгоймаг бамбæрста, Сол- танбег сæ кæй сласта, уый. — Уæ, йæ цæрæнбон бирæ фæуа, сымах мæнæн æмбырдæй чи фенын кодта! Куыд рауадис уæ балц? — Тынг хорз. Ахæм ма дзы сæрæнгуырд уыдзæнис! — æмдзы- хæй дзырдтой æртæ файнусты. Æртæ æфсымæры ма уынджы афæстиат сты, Солтанбеджы мидæмæ хуыдтой, фæлæ уымæ аив нæ фæкастис. — Аслæнбег, кæд ам нæ бахсæвиуат кæндзыстут, уæд уæ Дзуарыхъæумæ бахæццæ кæндзынæн. — Дæ салам бирæ, Солтанбег, мах ам нæхимæ стæм, фæлæ дæу афоныл цæуын хъæуы. * * * Цыдысты бонтæ. Солтанбег, куыстæй рагæцау æрбаздæхгæйæ, архайдта хæдзары алыварс аивдæр кæныныл. Иу изæр ахъуыды кодта: ахæм куыстытæ алы рæстæг дæр бакæнæн уыдзæнис, фæлæ зымæгмæ суг сцæттæ кæнын хъæуы. Стæй, цы быру сарæзта, уый дæр æгуыдзæгмæ æрцыдис æмæ уый дæр аивын хъæуы. 22
Къардонæй, раджыгомау кæй фæцис йæ куыст, уымæ гæсгæ хъæды ’рдæм фæраст йæ хæдтулгæйыл.^Хъæдгæс дæр æм фæка- стис, æмæ хæдтулгæйы самадтой суг. Йæ фæндаг ракодта Ас- лæнбегыл, Асиат куыд у, уый базоныны тыххæй, стæй кæд суг- хъуаг, мыййаг, сты, уæд сæ уым акалдзынæн, зæгъгæ. — Аслæнбег, ам стут? — Мæнæ бæргæ дæн. — Æмæ дæ адæм кæм сты? — Асиатмæ ацыдысты бæрæггæнæг. Стæй дæ уыдон цæмæн хъæуынц? Сæйрагдæр уый у, æмæ æз ам кæй дæн, — зæгъгæ, йæ иу къухæй Аслæнбег Солтанбеджы æрбахъæбыс кодта — Тагъд дыл, мæ хæлар, æххæсгæ дæр нал кæндзынæн, бынтондæр сбæ- зæрхыгтæ дæ. Солтанбег йæ цæст ахаста кæртыл, сарайыл æмæ загъта: — Мæнæ дуар бакæнæм æмæ сугтæ сарамæ хæстæгдæр акалон. — Цымæ дын, Солтанбег, кæд бафиддзынæн дæ бирæ дзæбæхтæ? — Аслæнбег, мах астæу уыцы ныхæстæ уæлдай сты. Хъуамæ ма мын дæхæдæг зæгъай, мæ кæстæр дæ æмæ мын уыцы хъуыд- даг бакæн, зæгъгæ. Солтанбег сугтæ ракалдта, æмæ сæ сарайы æфснайыныл куыд фæцис, афтæ Зæирæ дуарæй дзургæ æрбахызтис: — Зонгæ та йæ цæмæй бакодтай, Солтанбег, суг нæм нæй уый, кæд де уæны нæ кæсыс, уæд? — Куыд у Асиатæн йе ’нæниздзинад? — Цæхæрадоны йæ хъæдуртæ тонгæ баййæфтам. Фæкæсынмæ йæм хъавыдтæн, æмæ мæ нæ бауагъта. Мæхæдæг, дам, мæхи цæуыл ирхæфсон, ууыл куы мæт кæнын. Зæирæ мидæмæ бацыдис æмæ æхсæвæр кæнынмæ февнæлдта. — Солтанбег, цы хорз у, кæй æрбацыдтæ, уый! Хъуыды ма кæныс, нæ мадмæ нæ æмбырдæй куы сластай, уый? — Аслæнбег Солтанбегмæ хæстæгдæр балæууыд. — Куыд нæ йæ хъуыды кæнын, Аслæнбег. — Асиатæн нæ цыды хабæрттæ куы кодтам, уæд загъта: «Уымæн мæнæ нæхи Замирæты хуызæн бинойнаг куы фæуид, уæд тагъд æрхæдзар уаид. Мах уæд кæрæдзимæ бакастыстæм, фæлæ нæ зæгъгæ ничи ницы кодта. Уæдæй нырмæ мæ сæрæй нæ цух кæны уыцы хъуыды. Замирæт сæрæн чызг у. Ахуыр кæны горæты педагогон техникумы фæстаг курсы, тагъд æй искуыдæм кусынмæ снысан кæндзысты. Кæд æм дæ зæрдæ фехсайа, уæд дын мах æртæйæ уыцы хъуыддаджы баххуыс кæндзыстæм. Солтанбегæн йæ уæнгтæ æрызгъæлдысты, йæ хид йæ сæ- рæй цыма къæхтыбынмæ ахызти, Замирæты кой куы фехъуыс- та, уæд. 23
— Аслæнбег, Замирæтæн йæ амонд бирæ уæд, фæлæ ууыл никуыма ахъуыды кодтон. — Мидæмæ рацæут. Ныхæстыл та йæ куы ныддардтай! Хъæд- дзау æххормаг вæййы, æмæ тæвд хæринаг куы нæ бахæра, уæд хорз нæу, — радзырдта дуарæй Зæирæ. — Нæ, Зæирæ, ныр æнафон кæны, иннæ хатт абаддзыстæм. — Ницы хуызы дæ ауадздзынæн афтæмæй. Исчи дын, мый- йаг, дæ ныццыдмæ куынæ сцæттæ кæндзæн хæринаг. Фыццаг хатт бацыдис мидæмæ Солтанбег Аслæнбеджы хæ- дзармæ. Бирæ нæ бафæстиат, райсом мæ раджы куыстмæ цæуын хъæуы, зæгъгæ. Хæрзизæр загъта æмæ афоныл йæ хæдзарыл сæмбæлдис. Уæддæр та, уызыны загъдау, хи къона. Кæд дæ фæнды, уæд æрбацу. Макæмæй æфсæрмы кæн, цы цæстæй мæм ракæсдзæ- нис, зæгъгæ. Солтанбег хуыссæны йæхи фæллад^уагъд бæргæ æркодта, фæлæ йæм хуыссæг хæстæг нæ цæуы. Йæ цæстытæй нæ хицæн кæны Замирæты сурæт. Кæд ын уарзон, мыййаг, ис, æмæ йе ’мхæрæфырттæ нæ зонынц, уæд та? Цыфæндыйæ дæр йемæ аныхас кæнын хъæуы. Уыцы хъуыдытимæ бафынæй. Ныр æртæ боны рацыдис, уæддæр, цы амалæй фембæла Зами- рæтимæ, уый нæ зоны. Иæ мыггаг кæмæй у, уый йын уæддæр куы загътаид Аслæнбег. Йæхæдæг та æфсæрмы кодтон бафæрсынмæ. Æрыдоны уынгты фæцæйцæугæйæ ауыдта афтек æмæ фæу- рæдта йæ хæдтулгæ. — Чызг, — дзуры Солтанбег уæйгæнæгмæ, — ацæргæ адæй- магæн йæ сæры рызтæн цы хуыздæр хос ис, æхæм ма мын авæр. — Дохтырæй дæм гæххæт нæй? — Нæй, фæлæ сæ дохтырмæ куы равдисон, уæд кæцы хуыз- дæр уа, уый йæхæдæг æвзардзæн. Къардоны йæ ласинæгтæ куыддæр сæмбæлын кодта, афтæ йæ фæндаг адардта Дзæуджыхъæумæ. Байдзаг кодта дзæкъул адджинæгтæй æмæ техникумы рацæуæнæй дæрддзæф баурæдта йæ хæдтулгæ. Кæсы Солтанбег æдзынæг, фæлæ Замирæт зынæг нæй. Æппы- нæрæджиау рацыд иу нæлгоймагимæ. Солтанбег, уый фенгæйæ, фæраст йæ хæдтулгæмæ, Замирæт æй баййæфта æмæ йæм дзуры: — Дæ бонтæ хорз, Солтанбег! Ардæм дæ цы Хуыцау æрбахаста? — Аслæнбегтæм уыдтæн æрæджы. Асиат рынчын у. Мæнæ йын хостæ балхæдтон æмæ сæ, зæгъын, дæумæ радтон. Ды сæ куы сæмбæлын кæнис, уæд хорз уаид. — Ма бар уадз, фæлæ сабатæй раздæр ацæуын мæнæн нæ бантысдзæнис. 24
— Хорз. Уæд дæм сабаты изæрæй æрбацæудзынæн æмæ иумæ ацæудзыстæм. Солтанбеджы фæндыдис, Замирæтимæ ма куы афæстиат уыдаид, фæлæ куыд? Цы æфсон скæна? Æмæ хæрзбон куы загъ- той кæрæдзийæн, уæд ма Замирæтмæ сдзырдта: — Кæд дæ фæнды, уæд дæ бахæццæ кæнон? — Цытæ дзурыс, Солтанбег, дыууæ къахдзæфы йеддæмæ мæ нæ хъæуы. Сыгъдæг уæлдæф мын хæлæг кæныс? Сабат мæлæты æрæгмæ хæццæ кодта. Солтанбег йæхи алы лыстæг куыстытыл ирхæфста. «Ехх, ныр Бæтæхъойы сæхимæ раздæр бахæццæгæнæн куы уаид», — хъуыды кодта Солтанбег, сабаты райсомæй куыстмæ цæугæйæ. Бæтæхъо йын цыма йæ хъуыдытæ базыдта, уыйау æм дзуры: — Абон дын сихорыл ницы амал уыдзæнис мæн нæхимæ ба- хæццæ кæнынæн? — Куыд нæма! — сирвæзти хъæрæй Солтæнбегæй. Бæтæхъойы раст сихорафон йæ хæдзарыл сæмбæлын кодта æмæ араст и горæтмæ. Æнхъæлмæ кæсын æй бирæ нæ бахъуы- дис. Замирæт дуарæй рахызти æмæ дзуры Солтанбегмæ: — Кæд гæнæн ис, уæд Асиатмæ цы чызгимæ фæцæуын, уый дæр немæ авæрæм. — Цæуылнæ! Кæд тынг бæзæрхыг нæу, уæд кабинæйы æртæйæ бацæудзыстæм, — хъазгæйæ загъта Солтанбег. Уалынмæ фæзындис гыццылгомау тæнтъихæг чызг. — Базонгæ у, Солтанбег, ацы дзæбæх чызгæн йæ ном Риммæ у. — Сбадут, загъта Солтанбег. «Цымæ ахæм æрыгон сабийы куыд рарвыстой ахуырмæ, ноджы ма æмдзæрæны цæрынмæ?» — ахъуыды кодта лæппу. Асиатты дуармæ куыд бахæццæ сты, уый æмбаргæ дæр нæ бакодта Солтанбег. — Цом мидæмæ, науæд та мæм Асиат загъд кæндзæнис, — загъта Замирæт. — Нæй мын рæстæг. Мæ хицау мæм æнхъæлмæ кæсдзæнис. Хуыцаубоны уæм изæрæй куы æрбацæуон, уæд уæм куыд кæсы? — Æмæ ма нæ уымæй хуыздæр цы хъæуы. Мах цæттæ уыдзы- стæм, — бацин кодтой уыдон. Солтанбег чызджытæй куы фæхицæн, уæд йæ фæндаг ра- кодта Аслæнбегыл. Дуармæ бадгæ йæ баййæфта æмæ кæрæдзи- уыл бацин кодтой. — Мидæмæ цæуынмæ мæ не ’вдæлы, Аслæнбег. Абон мæ Дзæуджыхъæумæ рарвыста мæ хицау, æмæ уый размæ цы хостæ балхæдтон Асиатæн, уыдон Замирæтмæ радтон æмæ йæ йе ’мба- лимæ Майрæмадагмæ бахæццæ кодтон. Уый фæстæ мæ фæндаг дæуыл ракодтон, стæй, зæгъын, æххæст хъæды рдæм дæр суа- 25
йон. Мæ быруйæн, хæсты размæ цы хай сарæзтон, уый базæ- ронд æмæ йæ мæ зæрды раивын ис. Аслæнбег исдугмæ йæхинымæр бæргæ бацин кодта Замирæ- ты коймæ, фæлæ йæ зæрдæ ныккæрзыдта, йæ хъуыддагæй куы ницы рауайа, уæд куыд зын уыдзæнис Солтанбегæн, зæгъгæ. Лæппуйы ацыды фæстæ Аслæнбег сагъæсы бацыдис. Нæ мады дæр куы нæ бафæнда. Зæирæимæ аныхас кæнин, æмæ сылгой- маг йæ дзыхыл куы нæ фæхæца. — Зæирæ, дысон Асиаты мæ фыны цыдæр тыхстытæй федтон æмæ йæ райсом куы абæрæг кæнин, — бакой кодта йæ бинойнагæн. — Æмбæлгæ дæр кæны. Лæппутæй дæр ничи зыны, уым куы уыдыстæм, уæдæй нырмæ. Райсомæй раджы Аслæнбег фистæгæй араст Майрæмадагмæ. — Мæ хæдзарыл, Аслæнбег! Уæхицæй дæ сургæ ракодтой? Цæй раджы æрбахæццæ дæ? — тыргъæй æрхизгæйæ, загъта За- мирæт. — Ам куы вæййын, уæд Сослæнбег æмæ Махарбеджы фенын, фæлæ мæ хæдзары куыстытæй дæумæ нал равдæлы. Тынг фæцинтæ кодтой кæрæдзиуыл, стæй мидæмæ бацыды- сты, æмæ йын чызг хабæрттæ кæны. — Знон Солтанбег Асиатæн хостæ балхæдта æмæ мæм техни- куммæ бацыдис, дæ руаджы, дам, сæ куынæ сæмбæлын кæнон, уæд мæхæдæг ницы бакæндзынæн. — Афтид хостæ æмæ адджинæгтæ нæ, фæлæ æхца дæр уыди дзæкъулы. Мæнæн мæ сæр тынг рызтис, Замирæтæн йæ цæрæн- бон бирæ. Абон бирæ хуыздæр дæн. — Асиатæн йæ фырты уын- дæй йæ цæсгом ныррухс. — Ныртæккæ ма кæс, æз дын карк æрбаргæвдын кæндзынæн æмæ æртæ чъириимæ стъолыл уыдзы- сты. Раст, ме ’рыгон бонты куыд уыдис, афтæ. — Ныууадз, дæхи хурхæй ма мар. — Уый та дын цы ныхас у? Абон хуыцаубон кæй у, уый дæ байрох? Цалынмæ Асиат сыхаг лæгæн карк æргæвдын кодта, уæдмæ Замирæтимæ æргом ныхасыл фæцис Аслæнбег. — Куыд лæппу дæм кæсы Солтанбег? — Сымахмæ куыд лæппу кæсы, афтæ, фæлæ мæ афтæ цæ- мæн фæрсыс? — чызджы цæсгом фæсырх. — Йæ зæрдæ дæм æхсайы, уый бамбæрстай, æвæццæгæн, æмæ йæм цы зæрдæ дарыс? — Æргом зæгъгæйæ, мæ зæрдæмæ цæуы, фæлæ ахæм хъуыд- дагæн уый уавæры... — Мах зæрдæмæ дæр, Замирæт, тынг цæуы Солтанбег. Ал- цæмæй æххæст лæппу. Цыбыр рæстæгмæ хæдзар сарæзта. Æх- хуысгæнджытæ йын уыдис, æмæ уый дæр æвдисæн у йæ хор- 26
зæн. Адæмæй: уарзон куынæ уаид, уæд æм хæстæг ничи æрцæ- уид. Хорз ахъуыды кæн. Солтанбег мын знон куы загъта, дæу æрласта, уый, уæд никæмæн ницы загътон, афтæмæй сæумæрай- сом ардæм рацыдтæн. Ды дæр макæмæн ма мацы зæгъ... Цалынмæ Аслæнбег Замирæтимæ ныхæстæ кодтой, уæдмæ Асиатæн йæ æртæ чъирийы стъолыл лæууыдысты, карчы лыв- зæйы тæф та зæрдæйæн æхсызгон куыд нæ уыдис! — Марадз, Замирæт, Сосланбег æмæ Махарбегæн зæгъ, Ас- лæнбегимæ уæм, зæгъ, æнхъæлмæ кæсæм. Уадз иумæ абадой. Æфсымæртæн бирæ лæгъстæ кæнын нæ бахъуыдис æмæ За- мирæтимæ рацыдысты. Фондзæй дзæбæх фæбадтысты фынгыл, стæй сæ цардæй алы хабæрттæ мысын байдыдтой. Асиатæн æхсызгон куыд нæ уыдис, йе ’ртæ хъæбулы афтæ лымæн æмæ хорзæй сæ сабийы бонтæ кæй мысынц, уый. Фæстагмæ Аслæнбег Замирæтмæ цæстæй ацамыдта. Уый дæр, æнæ исты зæгъгæйæ, дуарæй ахызти. — Æз сæумæрайсом ардæм хъуыддаджы тыххæй фæзынд- тæн, — загъта Аслæнбег, — æмæ æфсымæртыл йæ цæст ахаста. — Хуыцау æй хорз хъуыддаг фæкæнæд! — Афтæ мæм кæсы, цыма Солтæнбеджы зæрдæ Замирæтмæ æхсайы. Æз хæдзары дæр ницы ской кодтон, фæлæ ардæм рацыд- тæн, цæмæй иумæ бауынаффæ кæнæм. Замирæт ацы аз каст фæ- уыдзæн, æмæ йæ кусынмæ кæдæм снысан кæндзысты — Хуыцау зоны, стæй, цавæр адæймагыл сæмбæлдзæн, уый дæр хъуыдыйаг у. Солтанбег та уындджын, кондджын, зондджын, хъаруджын, куыстуарзаг лæппу, æмæ йæм, мæнмæ гæсгæ, цард фендзæнис. — Замирæт Солтанбеджы фыццаг хатт куы федта, уæдæй фæстæмæ йын уымæй æппæлыны йеддæмæ мацы ратт. — Асиат фæлмæн йæ мидбылты бахудт. — Ахæм уæздан адæймæгтæ, дам, ныртæккæ стæм сты. Уæд бамбæрстон, Солтанбег йæ зæрдæмæ кæй цæуы. Ныр, мæ хуртæ, сымах æртæйæ цы бауынаффæ кæ- пат, ууыл æз разы дæн. — Ды та цы зæгъыс, Сосланбег? — Æз дæр нанайы зæрдæ дарын Солтанбегмæ. Хорз миниу- джытæй хъуаг нæу. — Махарбег, ды дæр дæ зæрдæйыуаг зæгъ. — Æз сымахимæ разы дæн, стæй мæм афтæ кæсы, æмæ, Сол- танбег Замирæтимæ йæ цард куы баиу кæна, уæд Хасанбег дæр йæ зæрдæйы ахаст кæд аивид. Ау, йе ’мхæрæфырты цард æвзæр уа, уый йæ зæрдæ куыд бакомдзæнис? — Уымæй дæр раст зæгъыс, Махарбег, — сразы сты йемæ æфсымæртæ. 27
— Цæй, ныр Замирæты дæр бафæрсæм. Уый та куыд хъуы- ды кæны? — загъта Аслæнбег, — Адзур-ма йæм, Махарбег, æмæ æххæст уый зæрдæйыуаг дæр базонæм. Замирæтæн цы бамбарын хъуыдис, йæ мады хо йе ’ртæ фыр- тимæ уый хъысмæтыл кæй ныхас кæнынц. Мидæмæ куы бацы- дис, уæд иууылдæр фæхъус сты, стæй Аслæнбег загъта: — Мах хъуыды кæнæм дæ фидæныл, æмæ нын ды дæр дæ зæрдæ раргом кæн. Замирæт исдуг æнæдзургæйæ алæууыд, стæй ныллæг хъæ- лæсæй загъта: — Мæнæн фыд нал ис, æфсымæр мын нæй. Сымахæй хæс- тæгдæр мын ничи ис æмæ, сымах цы бауынаффæ кæнат, ууыл æз разы уыдзынæн. — Кæд цæуыс Дзæуджыхъæумæ? — бафарста йæ Асиат. — Абон изæрæй. — Мæ хæдзарыл, æна, æмæ дæ арæвдз кæнын нæ хъæуы?! — Ма тыхс, Асиат, искуы æмдзæрæны куынæ цæрын. Нæ техникумы цы чызг ахуыр кæны — Риммæ, уый дæр мемæ æрцы- дис. Солтанбег нын зæрдæ бавæрдта, изæры нæм кæй æрбацæу- дзæн æмæ нæ Дзæуджыхъæумæ кæй схæццæ кæндзæн. — Махæн дæр иу хатт уæддæр æмбæлы нæ иунæг мады хойы абæрæг кæнын æмæ нын ныр мæлæты хорз фадат фæцис, — загъта Махарбег. — Махарбег раст зæгъы. Ныртæккæ Райкæмæ бæрæггæнæг куы ацæуиккам, уæд хорз уаид. Мæлæты хорз фадат нын фæ- цис. Солтанбег нæ йæ хæдтулгæйыл фæстæмæ нæ хæдзарыл сæм- бæлын кæндзæнис. Хур аныгуылынмæ хъавыд, афтæ Солтанбег Асиаты хæдза- рæй чысыл дæрддзæф баурæдта йæ машинæ æмæ æнхъæлмæ кастис. Замирæт дуармæ цалдæр хатты рауадис, æмæ Солтанбе- джы куы федта, уæд Асиатмæ дзуры: — Асиат, мæнæн цæуын афон у. — Махарбег, ма фæзивæг кæн. Ауай, ардæм фæдзур Солтан- бегмæ, — загъта Аслæнбег. Бæргæ бирæ фæлæгъстæ кодта Махарбег лæппуйæн, фæлæ уый мидæмæ бацæуыныл не сразы. Æрæгмæ куы зындис Махар- бег, уæд Аслæнбег æмæ Сосланбег йæ размæ рацыдысты. Солтан- бег сæ иумæ куы федта, уæд бакатай кодта, цы хабар у, зæгъгæ. Раст цыма уый размæ нæ фæнд кодтой сæ мады хойы абæ- рæг кæнын, уыйау Аслæнбег дзуры: — |Ме ’фсымæртæ, ахæм фадат нын арæх нæ вæййы, æмæ цæй æмæ нæ мады хойы абæрæг кæнæм. Разы стут? — Тынг хорз фæндон, чи хъæуы, ахæм. Æрмæст Асиаты дæр немæ акæнæм, æмæ йæхи аирхæфса, — загъта Махарбег. 28
— Мæ кой ма кæнут, фæлæ ма дыууæ карчы рацахс æмæ сæ уемæ аласут. — Уыдон дæхи бæсты æрвитыс? — Уæдæ уал гуыппырсар нæлгоймаджы хæдзары куы сми- дæг уой, уæд цæттæ куы нæ уа мæ хо. Уæхæдæг нæ зонут, цавæр рæстæг у? Цалынмæ бинонтæ уынаффæ кодтой, уæдмæ Солтанбег, иуварс кæсгæйæ, хъуыды кодта: цæй амондджын стут, уал би- нойнаджы иумæ кæрæдзийы фарсмæ. Замирæт йе ’ртæ æмхæрæфыртимæ куы бахызтис сæ дуа- рæй, уæд мад куыд нæ бацин кодтаид! Лæппутæн хъæбыстæ. Солтанбегæн дæр арфæ ракодта æмæ хабæрттæй фæрсыныл фе- сты кæрæдзийы. Уæдмæ Замирæт Солтанбегмæ дзуры: — Кæрчыты аргæвд. — Уый та куыд? Æз никуы аргæвстон. Замирæт Махарбегмæ ацамыдта, цæмæй кæртмæ рауайа. Замирæт Солтанбегмæ куы бадзырдта, уæд Аслæнбег Рай- кæмæ дзуры: — Ацы лæппумæ цы зæрдæ дарыс? — Мæ хæдзарыл, Аслæнбег, фыццаг хатт æй куы уынын, уæд æм цы зæрдæ хъуамæ дарон? — Уый Солтанбег у. Ирмæйы зианы рæстæг æй уæддæр нæ федтай? — Уæд уыдис æнахъом сывæллоны хуызæн, ныр та лæг у... — Дзæбæхдæр æм дæ хъус æрдар. Иæ зæрдæ Замирæтмæ æхсайы, уый зоныс? — Æз æрмæстдæр уый зонын, æмæ мæ чызгæн уæ цæст æвзæр нæ бауарздзæнис. Фæлæ адæм цы зæгъдзысты? — Æз та адæмæн ницы зонын, фæлæ Асиат разы у. — Уæдæ уæ цы фæнды, уый кæнут. Æрмæст чызгæн йæхи бафæрсут, цæмæй уæм искуы уайдзæф ма æрхауа. — Мах дæр уымæн æрбацыдыстæм, цæмæй йæ дæхæдæг ба- фæрсай. Цалынмæ æфсымæртæ мады хоимæ ныхæстæ кодтой, уæдмæ Замирæт кæрчытæй лывзæ ацæттæ кодта. Солтанбег фыццаг хатт банкъардта искæй къухæй конд хæринаджы ад. — Замирæт, ныртæккæ дæр ма улæфгæ куы кодтой кæр- чытæ, уæд цæй тагъд уыдтæ? — æппæлæгау дзуры Аслæнбег. — Уæливыхтæ дæр уын бæргæ æрæвæрин, ахсæв ам куы баз- заиккат, уæд. — Нæй ам баззайæн, мах бинонтæн Асиат фехъусын кæндзæ- нис, фæлæ Зæирæ ахсæв Аслæнбеджы мæтæй нæ бафынæй уыдзæн. Стæй нæ райсом æнæ Солтанбег нæ хæдзæрттыл чи сæмбæлын кæндзæн. 29
Алы хабæрттæ хъазгæ-худгæйæ фæмысыдысты, хорз фæбад- тысты. Уæдмæ Райкæ Замирæтимæ аныхæстæ кодта. Чызгæн йæ дзуапп уыдис цыбыр: — Æз нырма ахæм уæздан нæлгоймагыл нæ сæмбæлдтæн. Фæлæ, ме ’мхæрæфырттæ цы зæгъой, уый сæрты нæ ахиздзынæн. Райкæ Аслæнбегæн уыцы ныхæстæ куы фехъусын кодта, уæд Аслæнбег бацин кодта. Абадтысты ма æмæ цæуыны къахыл ныл- лæууыдысты. Дыууæ фаззон æфсымæры гуыффæмæ сгæпп кодтой, Ас- лæнбег та Солтанбеджы фарсмæ бабадтис. — Солтанбег, цард уарзондзинадæй фидауы, æмæ афтæ æфсæрмытæ куы кæнай, уæд дæм йæхи къахæй ничи æрцæудзæ- нис. Иуæй-иу хатт дзы хид асæрфын дæр бахъæуы. Зæгъ-ма, Замирæтæн дæ зæрдæйыуаг бамбарын кодтай? Нæ. Уæдæ мах та нæ удтæй арт цæгъдæм, цæмæй уæ кæрæдзийы бамбарат ... Иуныхасæй, Солтанбег, дæ хъуыддаг конд у, æрмæст дæ, минæ- вар кæй барвитдзынæ, уыдоны ссарын хъæуы. Солтанбег фæурæдта хæдтулгæ æмæ Аслæнбеджы йæ хъа- бысы ныккодта. Æцæгтæ дзурыс, æви мæ хъазгæ кæныс? — Ахæм хъуыддаджы хъазгæ нал фæкæнынц, мæ хур. Сол- танбегæн фырцинæй йæ цæстытæ донæй дзаг кодтой, æмæ сæ асæрф-асæрф кодта, афтæмæй дарддæр сæ фæндаг дардтой. Дыууæ фаззоны сæ хæдзары раз куы æрхызтысты, уæд сæ фæн- даг Асиатыл ракодтой. Аслæнбег Асиатæн бамбарын кодта, хъуыддæгтæ дæ фæндмæ гæсгæ цæуынц, зæгъгæ, стæй йæ Солтанбег Дзуарыхъæумæ ба- хæццæ кодта. Заирæ лæгъстæ кодта Солтанбегæн, цæмæй ахсæв уыдонмæ баззадаид, фæлæ уый, не сразы — иуæй, райсомæй раджы Бæтæхъойы йæ куыстмæ æрбаласын хъæуы, иннæмæй та, йæ хъуыдытæ иууылдæр Замирæтимæ уыдысты, æмæ йæ нæ фæндыдис, цæмæй йæ исчи хъыгдара. Замирæт дæр æхсæв-бонмæ нæ бафынæй. Хъуыды кодта, Солтанбегимæ се ’хсæн никуы ницы ныхас уыдис, æмæ кæд йе ’мхæрæфырттæ, мыййаг, сæхи æгъдауæй архайынц. Дыккаг бон та Солтанбег йæ куыстытæ фæуагъта, Замирæтмæ ссыд æмæ йæм æнхъæлмæ каст. Куыддæр техникумы дуарæй рахызти чызг, афтæ ауыдта Солтанбеджы æмæ йын æхсызгон куыд нæ уыдаид! —1 Куыд дæ равдæлдис ацафон ардæм суайынмæ? — Мæ зæрдæ ардæм тындзыдта, тагъддæр цæмæй схæццæ уон, уымæн мын мæнæ мæ бæх, — ацамыдта машинæмæ, — бах- хуыс кодта. Кæд фæуыдзысты дæ фæлварæнтæ? 30
— Иннæ мæйы æмбис бæрæг уыдзæнис, кæй кæдæм снысан кæндзысты кусынмæ, уый. Уæдмæ фæлварæптæ дæр фæуыдзы- сты. Солтанбег йæхинымæр бакатай кодта, искуыдæм æй куы ар- витой кусынмæ, уæд хъуыддаг куыд рауайдзæнис, чи зоны? Стæй бирæ нал бафæстиат. Дыккаг бон Аслæнбегтæм фæраст — уынаффæ йæ хъуыд, æмæ иунæгæй йæ бон нæ уыд. — Æгас нæм цу, Солтанбег, æмæ дæ хорз хабæрттæ хæссæг Хуыцау фæкæнæд! — Замирæт тагъд фæуыдзæнис ахуыр, æмæ йæ цæмæй макуы- дæм арвитой, уый тыххæй хъуыддаг фæрæвдздæр кæнын хъæуы, — загъта лæппу. — Сабаты æз рагацау уыдзынæн Дзæуджыхъæуы æмæ Рай- кæйæн фехъусын кæндзынæн, изæры сæм уазджытæ кæй уыдзæ- нис. Дæ фидауджытæ уырдæм цыппар сахатмæ æрбахæццæ кæн, цæмæй афоныл сæмбæлæм нæ хæдзæрттыл, — бауынаффæ код- та Аслæнбег. Солтанбегæн нысангонд бæргæ сты йæхимидæг йæ фидау- джытæ, фæлæ Бæтæхъомæ нæ уæнды — куыд дзырдта айразмæ, афтæмæй, сфæлмæцыд алкæй хъуыддæгтæ нывыл кæнынæй. Уымæ гæсгæ, изæры Бæтæхъойæ куы фæхицæн, уæд атагъд кодта Колямæ. Баййæфта йæ скъолайы кæрты. Бацин ыл кодта Коля: — Куыд ма фæрæдыдтæ? Уæвгæ дæуæн цытæ бантыст иу азмæ, уымæй ма дæ æгæр дæр æвдæлы! — Адæмы фæрцы, Коля, адæмы. Адæмы хорзæхæй лæг хай- джын куы уа, уæд, йæ къухы цы нæ бафтдзæн, ахæмæй ницы ис. — Искуы ма ахæм æвдæлон цыд æрбакæн, иумæ цæмæй фæ- бадæм... Ныр дæр та цыдæр тыхст цыд æрбакодтай! — Ды дæ мæ хъуыддæгты райдайæн, сæ сæр. Дзæуджыхъæу- мæ дæ сабаты фидауæг ацæуын хъæуы. — Уæ, дæ хæрзæггурæггаг мæнæй! Уыцы курдиат æххæст кæнынмæ æз рагæй бæллыдтæн. Бæтæхъойæн загътай? — Нæ йæм бахастон мæ ныфс, фæлæ мæ зæрдæ дарын, дæ ныхасыл кæй сразы уыдзæнис. Уый куынæ уа, уæд дæхæдæг хуыздæр зоныс, кæимæ ацæудзынæ, уый. Райсомæй Бæтæхъо куы сбадтис хæдтулгæйы, уæд Солтан- бегæн йæ хъус райвæзта æмæ йæм дзуры: — Ды мæнмæ цæй тыххæй нæ бауæндыдтæ? Мæнæн мæхи хъæбулы хуызæн куы дæ. Коля мын куы рахабар кодта, уæд мæ уырнгæ дæр нæ кодта, йæ сæрыл схæцынмæ дæр æй куы нæ æвдæлы, зæгъын, уæд куыд ацæттæ кодта хъуыддаг?! Кæимæ хæстæг кæныс? 31
— Ды сæ зоныс, куывды семæ куы балымæн дæ. Æртæ æфсы- мæры, нал сæ хъуыды кæныс? — Мах Коляимæ сабаты горæты балæудзыстæм. Уый хорз, фæлæ æхцайæ куынæ рæвдз кæнай, уæд дын куыстæй æфстау ратдзыстæм, стæй сæ сабыргай фиддзынæ. Иннæ хъуыддæгтыл та, хорз сыхæгтæ дын ис, æмæ уыдонимæ бауынаффæ кæн. Сыл- гоймæгтæ хуыздæр зонынц лыстæг хъуыддæгтæ. Сахбикæ дæр дын истытæ ацамондзæнис. Дыккаг бон Солтанбег йæ цæхæрадонмæ куы рацыд, уæд ,дзуры йæ сыхагмæ: — Демæ мæ æрныхас кæнын хъæуы, Елмысхан... — Хъуыддаг ма кæнай? — Цæмæй йæ базыдтай? — Дæ цæсгомыл бæрæг у. Раст хурау худы. Исты, мыййаг, уæд — мах æнæхъæн сыхæй дæ разы уыдзыстæм, æрмæст нын рагацау фехъусын кæн. Изæрæй Елмысхан сыхаг усимæ бацыдысты Солтанбеджы хæдзармæ уынаффæ кæнынмæ. — Хуыцау дæ саразæд, Елмысхан, æз та ма дæм бадзуринаг уыдтæн. Сабаты фидауджытæ цæуынц æмæ, зæгъын... — Нæма бафидыдтат? Уæд рагацау цы уынаффæтæ кæнæм, хъуыддаг куы сбæлвырд уа, уæд аныхас кæндзыстæм. Иунæгæй куы баззад Солтанбег, уæд йæ зæрдæ ахсайдта, мыййаг, Замирæты сабатмæ æндæр искæмæн куы саггаг кæной, æмæ сфæнд кодта — алы бон дæр Дзæуджыхъæумæ цæуа æмæ уына Замирæты. Асиаты чындзыты зæрдæмæ дæр фæцыдис хъуыддаг, кæд, дам, уымæ гæсгæ Хасанбег дæр афтæ знæт нал уаид. Сабаты Аслæнбег рагацау ацыдис Дзæуджыхъæумæ. Йæ мады хойы тыхстхуызæй баййæфта — куыд уыдзæн, цы уыдзæн, хъуыддагæй исты куы рауайа, уæд? Йæ хъуыдытæй йæ фæцух кодта Аслæнбег. — Цыдæр æнкъард мæм кæсыс, мæ иунæг мады хо? — Мæ зæрдæ æнтъыснæг кæны, ардыгæй разыйы дзуаппимæ куы ацыдыстут, уæдæй нырмæ. — Тыхсгæ ма æппындæр мацæуыл кæн, æрвадæлтæй искæ- мæн фехъусын кæн. Изæры фидауджыты ардæм хъæуы. — Дард цæуын нæ нæ хъæуы. Терчы фæллаг фарс Темысомæ барвитдзынæн. — Сыхæгтæй дæр иу нæлгоймагмæ фæдзурын хъæуы. Истæ- уыл кæд тыхсыс, уæд мын зæгъ. Мæнæ дын Зæирæ цыхтытæ æмæ карк æрбарвыста, æмæ æртæ чъирийы скæнын хъæуы. Кæд ма халсартæй исты хъæуы, уæд базармæ мæ бар уадз. Нозт дæм ис? 32
— Арахъ нæм ис, стæй сæн дæр. — Уæдæ рæвдз стæм алцæмæй дæр. Раст цыппар сахатыл, куыддæр Райкæйæн йе ’ртæ чъирийы цæттæгонд уыдысты, афтæ Бæтæхъо æмæ Коля кæртмæ бахыз- тысты. — Уæ, хæдзаронтæ, ам стут? Аслæнбег, Бæтæхъойы хъæр куы фехъуыста, уæд Темысойы фæуагъта æмæ уазджыты размæ рацыдис. Уæдмæ Райкæ фынг ацæттæ кодта. — Чындз, æртæ чирийы уал стъолæй иуварс айс, — загъта Темысо, — куы бафидауæм, уæд сæ æрæвæрдзынæ, æмæ скув- дзыстæм. Уæдмæ лæгтæ мидæмæ ’рбахызтысты. — Фарн ацы хæдзары уæд! Мах та амондджын уазджытæ Хуыцау фæкæнæд. Уалынмæ сыхаг лæг дæр æрбацыдис. — Уæ изæртæ хорз æмæ, йæ хъуыддæг рæстмæ кæмæн фæ- цис, уый æмбал Хуыцау бакæнæд, Райка, дæу дæр. Сыхагæй фæстæмæ иннæтæн зындгонд уыдысты хъуыддæгтæ. Темысо загъта, абон кæй нæй разыйы дзуапп раттын йæ зæрды. Аслæнбег ын бамбарын кодта, уæлдай цыдтытæ кæнынæн, иуæй, адæмæн рæстæг нæй, иннæмæй та, чызг тагъд ахуыр фæуыдзæнис æмæ йæ искуыдæм арвитдзысты. Мойгонд куы уа, уæд та уæгъ- дибар уыдзæни, кæм æй фæнда кусын, уым кусдзæнис. Уымæй уæлдай Солтанбегæн дæр æнцондæр уыдзæни, æмæ нæ фæнд ацы изæр куы баиу кæнæм æмæ куы бафидауæм, уæд, мæнмæ гæсгæ, хуыздæр у. Фидыд раджы заман æргъæвтой, цæмæй базоной лæп- пуйы хæдзар, чызджы фæндон. Махæн та ницы æфсон ис. Темысо сразы йæ фæндоныл. — Уæдæ фидаугæ? — О, фидаугæ. — Кæдмæ сæмгъуыд кæнæм? Куыд дæ фæнды, Райкæ? — Уый сымах хуыздæр зонут. — Уæдæ, мæ мады хойы гæбаз, — дзуры Аслæнбег, — мах хъуамæ дыууæ къуыри æмгъуыдмæ чындзæхсæв сцæттæ скæнæм. — Чындз, æрæвæр де ’ртæ чъирийы, кæд афтæ бауынаффæ кодтам, уæд сæ скувын хъæуы. Темысо систа нуазæн æмæ райдыдта кувын: — Уæ, иунæг кадджын Хуыцау, дæ хорзæх нæ уæд. Мæнæ цы фæндыл æрлæууыдыстæм, уый амондджын хъуыддаг куыд фæуа, уыцы арфæ ракæн. Нæ фыдæлтæм кадджын уыдысты æртæ кæрдзыны, уыдонæй куырдтой алы фæндтæ Хуыцауæй, æмæ йын барст фæуæнт. Хуыздæр æххуыс цы дыууæ æрыгон 3 Санаты Еленæ зз
удæн ракодта, уыдоны æмбал махуæтты дæр фæкæн. Кæрæдзи æмбаргæйæ, кæрæдзийæн кад кæнгæйæ, адæмы астæу нымадæй куыд цæрой, уыцы арфæ сын ракæн. Дыууæ иунæджы сты, æмæ сæ Хуыцау бирæ бакæнæд æнæниз, æнаипп цотимæ, чындз сæ хуртæй куыд бафсæда, уыцы хорздзинадæй йæ Хуыцау хайджын фæкæнæд, йæ хъæбулы хъæбултæй дæр ма разыгонд куыд уа. — Фæрнæй уале фабад, Темысо, — скуывта ныр та Бæтæхъо. Дæ куывдтытæ хорзæй куыд æрцæуой, уыцы арфæ сын иунæг Хуыцау ма бахæлæг кæнæд. Хæрæфырт астæуы цæджындз у, фæзæгъынц, æмæ уын кадджын, цытджын æгъдауыл хæст хæ- рæфырттæ куыд фæзына, уыцы амонд Хуыцауы цæст бауарзæд. Фидауджытæ хæрзæхсæв загътой бинонтæн æмæ ацыдысты. Цалынмæ нæлгоймæгтæ сæ ныхас кодтой, уæдмæ Райкæ та æддаг уаты сыхаг ус Серафинимæ ныхæстæ кодта. Серафин куы фехъуыста, дыууæ къуыри æмгъуыдмæ баныхас кодтой нæлгой- мæгтæ, уæд дисæй амардис: — Мæ хæдзарыл, Райкæ! Куыд сразы дæ ахæм æмгъуыдыл? Дæхæдæг та куыд нæ ахъуыды кодтай? — Омæ мæ, Серафин, цы цæттæ кæнын хъæуы? Мадæн, йæ чызгыл æстдæс азы цалынмæ цæуа, уæдмæ йæ хуыссæнтæ хъуа- мæ цæттæ уой, æмæ уыдон конд сты. Кæд мæ хойы лæппутæ афтæ баныхас кодтой, уæд уыдон мæ бæсты дæр ахъуыды код- той. Райсомсарæй мæхимидæг хъизæмар кодтон, æмæ дзы цы рауадис? Аслæнбег куыддæр æрбахызтис дуарæй, афтæ хъуыд- дæгтæ арæвдз сты. Уæдæ мæ хо Асиатæн иу иннæмæй сæрæн- дæр æртæ чындзы, æмæ уыдон дæр æнцад нæ баддзысты. — Ардæм ма рацу, Райкæ. Мах демæ аныхас кæнын хъæуы, — радзырдтой мидæггаг уатæй. Хæрзизæр загъта Райкæ Серафинæн æмæ мидæмæ бацыдис. — Уæ, чындз, хъуыддæгтæ Хуыцау рæстмæ фæкæнæд! Æгæр цыбыр рæстæгмæ бафидыдтам хъуыддагыл, æмæ фидар фæлæу- уын хъæуы. Ныр та хæрзизæр ут, мæнæн афон у. — Темысо, æз дæ иунæгæй нæ ауадздзынæн. — Аслæнбег Райкæйæн бафæдзæхста, фæстæмæ йæ ардæм хъæуы, æмæ Те- мысойы йæ хæдзарыл сæмбæлын кодта, стæй æрбаздæхтис. — Иуныхасæй, кусæрттаг хъæуы æмæ, Асиат Хасанбегæн цы гал схаста, уый аргæвддзыстæм. Мæнмæ цы дыууæаздзыд гай- лаг ис, уый та Хасанбеджы ссыдмæ схæсдзыстæм, Хуыцау æй дзæбæхæй сæмбæлын кæнæд йæ хæдзарыл. Цыхтытæ дæр дыууæ къуыримæ цыппар хæдзарæй кæй бамбырд кæнæм, уыдон фаг уыдзысты. Уæдæ ссадæн дæр исты амал уыдзæнис. Ныр та хуысгæ æмæ æнæмæтæй фынæй. Замирæт хуыссæнтæ кæнынмæ фæцис. 34
— Ды куыд ницы дзурыс, ме ’мхæрæфырт? Æгæр нæ фæ- тагъд кодтам? Замирæт æрбахъæбыс кодта Асланбеджы æмæ, хæкъуырц- цæгæй кæугæйæ, дзуры: — Хуыцау мын фæтæригъæд кодта, æвæццæгæн, æндæр æмхæрæфырттæ никæмæн вæййы? Сымах мын фыд æмæ æфсы- мæры бæсты стут, æмæ мын цы кад кæнут, уый æмбарын æнхъæл не стут? Хуыцау мын ахæм цард æмæ хъару раттæд, æмæ уын уæ хорздзинад уæ кæстæртæн дывæрæй куыд бафидон. Солтанбег суанг фæсахсæвæртæм катай кодта, куыд æрæгмæ зынынц, зæгъгæ. Куыд ыл æрбабон, уый æмбаргæ дæр нæ ба- кодта æмæ иннæ хæттытæй раздæр бахæццæ Бæтæхъомæ. — Дысон дæуыл нал рацыдыстæм, æгæр æнафон æрхæццæ стæм. Се ’рвадæлты лæг Темысо нæ разы кодта иу цыдæн бафи- дауыныл. Йæ цæрæнбон бирæ Аслæнбегæн, уый йæ басаста. Дыууæ къуырийы ис æрмæст рæстæг. Ацы хуыцаубон нæ, фæлæ иннæ хуыцаубоны — чындзæхсæв. Мæнæй дæ цы æххуысы хай бахъæуа, уый мын афоныл зæгъдзынæ. — Бæтæхъо, ды мын ныронг кæй бакодтай, уыдоны тыххæй дæр стыр бузныг. Изæрæй фæскуыст, куыддæр йæ машинæ хæдзары раз бау- рæдта, афтæ йæм Елмысхан дзуры: — Солтанбег, цы баистут? Лæппу иудзæвгар дзурын не сфæрæзта. — Ацы хуыцаубон нæ, фæлæ иннæ хуыцаубон чындзæхсæв, — загъта æрæджиау. Æмæ йæм Хъуыбады хæстæг балæууыд. — Дæ хъуыддæгтæ дын иунæг кадджын Хуыцау, амондджын- дæр чи фæцис, уыдоны æмбал фæкæнæд. Æз, нæлгоймæгтæй кæмæн æмбæла фæкæсын, уыдонæн бамбарын кæндзынæн æмæ бауынаффæ кæндзыстæм. Не ’фсин та сылгоймæгтимæ дзур- дзæн. — Елмысхан, ды мын куы ауынаффæ кæнис, цæмæй райда- йон. Цыдæр лæвæрттæ дæр фæкæнынц, æмæ уыцы хъуыддæгтæ ды хуыздæр зоныс. — Ныхас дардмæ æргъæвинаг нæу, Солтанбег, æмæ дæм мæнæ нæ лæгимæ, куыддæр дæ фæллад суадзай, афтæ бауайдзыстæм. Изæрæй æртæйæ куы æрбадтысты, уæд сын Солтанбег сæ размæ рахаста, цыдæриддæр æхца бамбырд кодта, уыдон æмæ сæ радта Елмысханмæ. — Лæвæртты тыххæй дын кæд баныхас кæнынæн амал фæуа, уæд чызгæн йæхи бафæрсдзынæ. Йæ ном та цы хуыйны? Солтанбег фæхъус. 35
— Ома нæ чындзаджы ном? — Замирæт, — æфсæрмхуызæй дзуапп радта Солтанбег. Иу бон та Солтанбег фæскуыст Замирæтмæ æнхъæлмæ кас- тис техникумы раз. Куы бафидыдтой, уый фæстæ фыццаг хатт фембæлдысты, æмæ сæ тынгдæр чи æфсæрмы кодта, уый зын раиртасæн уыдис. — Солтанбег, зæххыл цы не ’рцыд, ахæмæй куы ницы ракод- там, уæд цæуыл ныфсæрмы стæм. Солтанбег фæсæрæндæр дзурынмæ. — Нæ сыхæгтæ мын куыд загътой, афтæмæй мæ демæ аны- хас кæнын хъæуы, Замирæт, æмæ уый тыххæй суадтæн. — Æндæр не суадаис? Ау, æз хуыссæг куынæуал зонын, уæд дæумæ ницы хъары? — Дæу дæр хуыссæг нæ ахсы? — Солтанбег ын йæ къухтыл фæхæцыд æмæ сæ йæ тыхджын армытъæпæнты уарзæгой æлхъывд ныккодта. — Ехх, Замирæт, ды мæ зæрдæйыуаг куы зонис!.. — Солтанбег, æз дын дæ зæрдæйыуаг куынæ зонин, уæд дæ фидауджытæ разыйы дзуаппимæ нæ ацыдаиккой. Лæвæртты кой кæныс, æмæ дæ, кæмæн цы хъæуы, уый дæхæдæг мæнæй хуыз- дæр зоныс. Уый зæгъай, æмæ цыппар æмхæрæфыртæн фæйнæ хæдоны, сæ бинойнæгтæн æртæ къабайаджы. Мæ мады хойæн — къабайаг. Мæ фыды ’фсымæр Темысойæн дæр æфцæгготджын хæдон. О, хæдæгай, мæ мад мæ байрох, стæй Темысойы ус. Гъе уый дын фондз — къабайæгтæ, фондз — хæдæттæ. Уæдæ сын сæ сæрыл дæр лыстæг истытæ: кæм духи, къухмæрзæн, цъындатæ хъæуы... Мæ хæдзарыл, Солтанбег, утæппæт хæрдзтæ, уæдæ чындзæхсæв?! Фæлтау дæхицæн бадтаис. — Æмæ дыууæйæ дæр ныххудтысты. — Æз хынджылæг кæнын, æндæр мæ мады афæр- сон, кæд æнæ лæвæрттæй ацæуид хъуыддаг. — Нæ, мæ хур, æз æмæ ды фыццаг æмæ фæстаг хатт кæнæм царды ацы хъуыддаг æмæ, куыддæриддæр адæм кæнынц, афтæ бакæндзынæ мæнæ ацы æхцайæ. Кæд ма бахъæуа, уæд иннæбон ам уыдзынæн, уымæн æмæ ма мæ райсом Аслæнбегимæ дæр фем- бæлын хъæуы. Замирæт æхца райсын нæ куымдта, фæлæ куы бамбæрста Солтанбеджы сагъæс, уæд сæ райста. — Ды мæн цы мæтæй фервæзын кодтай, Замирæт, уый куы зонис! Дыууæ къуырийы дæргъы сыхæгтæ Елмысханы уынаффæмæ гæсгæ сæхиуыл нал ауæрстой: чи арахъ уагъта, чи бæгæны фых- та. Хъуыбады ссардта хæрзхаст кусæрттаг æмæ йæ рагацау сæ- химæ скъæты дардта. 36
Лæварæн бахъæудзысты, зæгъгæ, сыхæгтæй къабайаг кæмæ æрыййæфта, уыдон дæр Елмысханмæ хастой, уымæн æмæ хæс- ты фæстæ алцыдæр зынаргъ æмæ кадавар уыдис. Чындзæхсæвтæ дæр уыйас арæх нæма кодтой, уымæн æмæ, иуæй, усгуртæн сæ фылдæр æмбис нал сыздæхти, чи сыздæхтис, уыдонæн та сæ фадат нæма уыдис. Солтанбегæн йæ хæдзары ничи, хæстæг-хион нæй æмæ, æхсæв-бон нæ хатгæйæ, тыхамæлттæй архайдта. На- уæд, куы ’рбацæуай хæдзармæ, уæд макæимæ аныхас кæн дæ царды хабæрттыл! Æппынæдзух йæ цæстытыл уадысты, хæстæй чи нал раздæхт, уыцы æмбæлттæ. Уæддæр æгæстæн дарддæр сæ царды кой æнæ кæнгæ, нæй, зæгъгæ, йæхицæн зæрдæтæ æвæрд- та Солтанбег. Чи зоны, Ирмæйы æртæ æфсымæры куы нæ ба- цархайдтаиккой, уæд уый дæр нырма тагъд рæстæг бинонты кой нæ кæнид. Ахæм хъуыдытимæ куы сæмбæлдис Аслæнбегимæ, уæд йæ зæрдæ фæхъæлдзæгдæр. — Цæй, куыд дæм кæсынц хъуыддæгтæ, Солтанбег? Солтанбег йæ хъæбысы æрбакодта Аслæнбеджы æмæ йæ зæрдæ суынгæг. — Дæ цæссыгтæ-иу уый фæстæ уадз фырцинæй, фæлæ ис- тытæ дæ къухы æфты? — Сыхæгтæ хъуыддæгтæ сæхимæ айстой æмæ зæгъынц, ал- цæмæй дæр цæттæ кæй уыдзысты. — Райсом мын æнæ бауайгæ нæй Дзæуджыхъæумæ. — Кæд дæ фæнды, уæд дæ æз изæрæй бахæццæ кæндзынæн æмæ дæм фæстæмæ дæр банхъæлмæ кæсдзынæн. Фæлæ ма мæ цы хъæуы? Кусæрттаг, мыййаг? — Чызгæрвыстæн дæ ницы хъæуы. Къухылхæцæг Коляйы скæн. Уый разгæмттæ райсдзæнис искæмæй, кæнæ ансамблы кус- джытæй. Æмдзуарджын æмæ иннæ хъуыддæгтæ дæр уый бар бакæн. Дыккаг бон Солтанбег, куыд баныхас кодтой, афтæ схæццæ Аслæнбегмæ. — Не ’фсин, æз мæнæ Солтанбегимæ горæтмæ суайон. Бирæ нæ бафæстиат уыдзыстæм. Солтанбегæн æхсызгон куыд нæ уыдис, изæры та Замирæ- тимæ кæй фембæлдзæнис, уый! Аслæнбеджы куы федта Райкæ, уæд фæтарст, кæд исты ха- бар ис, æндæр изæрдалынгты цæмæн æрбахæццæ, зæгъгæ. — Исты хабар? — Нæ, Райкæ, мæнæ Солтанбег цæуылдæр тыхсы, лæвæрттæ- йедтæ, æмæ, зæгъын, Замирæты куы фенин. — Уый та ма цавæр лæвæрттæ сты?! Дысон мæ Замирæт куы фарста, кæмæн хъæуы лæвæрттæ, уæд æм загъд кодтон. 37
Замирæт сын сæ ныхæстæ куы фехъуыста, уæд рауадис æмæ цинтæ кæны Аслæнбегыл: мад цæмæй зыдта, абон райсомæй ра- джы Замирæт базармæ йæхицæн къахыдарæс æлхæнынмæ куы ацыдис, уæд лæвæрттæ дæр кæй балхæдта. — Аслæнбег, æз ахъуыды кодтон, Солтанбег мæм цы хардз радта лæвæрттæн, уыдон фæстæмæ раттон, зæгъгæ, фæлæ йæм искæд бон æгад куы æркæса — адæм лæвæрттимæ кæнынц хъуыд- даг, уый та... Цæмæн исчи зæгъа, Замирæт цыдæр æгуыдзæгмæ ацыди. Кæд æфстæутты бацыдис, уæддæр сæ бафиддзыстæм. Æз дæр кусын райдайдзынæн, уый дæ байрох? — Ацу æмæ йæм лæвæрттæ ратт. — Уый та куыд? — Уыдон хъуамæ йæ хæдзарæй чындзхæсджытимæ рарви- той, æндæр сæ сыхæгтæ цæмæй зондзысты? — Райсом кæд фæзына техникумы размæ, уæд æрбауайдзы- нæн æмæ сæ аласдзæнис. — Райсоммæ сæ цæмæн æргъæвыс, ныртæккæ æдде мæнмæ æнхъæлмæ кæсы, æмæ сæ ратт. — Мæнæ мæ цы хорз сарæзтай! Райсом мæ не ’вдæлдзæнис æппындæр, уымæн æмæ фæстаг фæлварæнмæ цæттæ кæндзынæн. Цингæнгæйæ Замирæт йæ лæвæрттимæ ацыдис уынгмæ. Ра- кæс-бакæс кæны, æмæ нæдæр — машинæ, нæдæр Солтанбег. Фæстæмæ æрбаздæхтис. — Уынджы куы ничи ис, Аслæнбег. Æвæццæгæн мæ сайгæ кодтай? Аслæнбег Замирæты цонгыл фæхæцыд æмæ йæ уынгмæ ра- кодта. — Æвæццæгæн, фырцинæй дæ цæстытæ тартæ кæнынц, уæртæ уый Солтанбеджы машинæ нæу? Замирæт тыхтон Солтанбегмæ куы бадардта, уæд уый фæр- сæджы каст бакодта Аслæнбегмæ. — Цы мæм кæсыс? Уыдон дæ лæвæрттæ сты. — Сæ зæрдæмæ нæ фæцыдысты? Куы йын бамбарын кодтой лæвæрттæ хæдзарæй хæссын æмбæлы, уæд æнцонæй сулæфыд. Аслæнбег мидæмæ ацыд, фæлæ уайтагъд фездæхт. Солтанбег хæрзæхæв загъта Замирæтæн. Солтанбег Аслæнбеджы хæдзарыл сæмбæлын кодта, сæхимæ ацыд æмæ хъуыдытыл фæци. Диссаг нæу, Замирæтыл куы сæм- бæлы, уæд йæ зæрды зæгъын цыдæриддæр вæййы, æрбайрох дзы вæййынц! Майрæмбоны Бæтæхъойы æрбаласта, стæй атагъд кодта Сæх- бикæмæ. Иннæбон кусджытæ ма фæзивæг кæнæд чындзæхсæвмæ, зæгъа сын. 38
— Кæд ма дæ, Солтанбег, æхца хъæуы, уæд мæм ма бафсæр- мы кæн. — Стыр бузныг, Сæхбикæ. Æз дæр дын искуы дæ дзæбæхтæ кæд бафидин. Фæндагыл хъуыдыты аныгъылд: Колямæ ма бацæуид, æмæ йæ куы стыхсын кæна? Цæй, цы уа, уый уæд — изæры æмæ райсом сабаты никуыдæмуал ацæудзæн, науæд сыхæгтæй æфсæр- мыйаг у — хæрзаг, ма зæгъой, мах бар бакодта хъуыддæгтæ, йæхæдæг нал зыны. Сабаты Елмысхан æмæ сыхаг сылгоймæгтæ иу-цалдæрæй æрбацыдысты: æркæсой, феной, бауынаффæ кæной. Солтанбег сылгоймæгтæм рахаста, Замирæт кæй балхæдта, уыцы лæвæрттæ, семæ гæххæттыл номхыгъд фыст афтæмæй. — Мах та ма дын лæвæрттæ æрбахастам, — Елмысхан цал- дæр хъуымацы тыхтытæй равдыста Солтанбегмæ. — Елмысхан, курын дæ, раст дæхи хæдзары цыма авæрыс уаг, афтæ архай. Æз ницы æмбарын ацы хъуыддæгтæн. Мæн Хъуыбадыимæ аныхас кæнын хъæуы, — æмæ æддæмæ рацыд. Хъуыбады йæм æдде æнхъæлмæ каст. — Дæ бон хорз, Хъуыбады! — Мæнæ ма мæ дзæбæх сыхаджы федтон! Кæм дæ, дæ хор- зæхæй? — Мæ хæстæ æххæст кæныныл архайын, фæлæ мын дзы цыма ницы æнтысы. — Хъуыддæгтæм дæ зæрдæ ма ’хсайæд. Сыхæгтæй дæ уынгæ чи никуы фæкодта, уыдон дæр ам уыдзысты. Гъе æрмæст рæс- тæг хорз уæд райсом, æндæр ахæм чындзæхсæв ныззилдзыс- тæм, æмæ адæм дис куыд кæной. Фæстаг æхсæв бынтондæр мæты бацыдис Солтанбег, æмæ йæ бонырдæм хуыссæг йæ быны скодта. — Гъе мæ лымæн, нырма куынæма рабадтæ! — хъæрæй дзуры Коля йæ уæлхъус. Солтанбег фесхъиудта, бадгæ куыд аззад, уый хъуыды дæр не ’ркодта. — Кæимæ ’рбацыдтæ? Æз ма дæм цæуинаг уыдтæн, Бæтæхъо- имæ дæ авæрдтаин дæу дæр. — Рахац-ма дæхиуыл æмæ ма акæс уынгмæ. Солтанбег фестад æмæ акаст рудзынгæй. Уым, уынджы, рог хæдтулгæйы бадтис Бæтæхъо, автобусы та — Тузар — сæ рагон хæлар — Коляйы бинойнаг Терезæимæ. Кæрты сыхæгтæ æмызмæлд кæнынц. Уалынмæ сылгоймæгтæй чидæр фæзындис æмæ æртæ кæр- дзыны, æртæ фæрсчы нозтимæ фынгыл сæ æрæвæрдта. Солтан- бег катайы бацыд. Нæ зоны, цы архайа, уый. Сыхаг лæппутæ 39
радыгай йæ размæ бацæуынц, зонгæ кæнынц йемæ. Тузар та бын- тон диссаг фæци. Алæууы æмæ та йæ ногæй ныхъхъæбыс кæны. Æз дæм дардæй кæсын æмæ æмбарын, куыд катай кæныс дæхи- мидæг, уый, фæлæ мацæуыл тыхс: Коляимæ мах алцæмæй дæр рæвдз стæм. Ды æнцад лæуу, æндæр дæ ницы хъæуы. Уалынмæ Хъуыбады бацыдис, æртæ кæрдзыны кæм уыдыс- ты, уыцы фынгмæ. Агуывзæ йæм авæрдтой æмæ кувын райдыдта: — Мæнæ хорз адæм, уæ цæрæнбон бирæ. Абон хъæлдзæг- дзинады фæдыл æрбамбырд стут — мæнæ Солтанбегæн йæ ци- ныл бацин кæнынмæ, æмæ цы хъуыддаджы фæдыл æрбамбырд стут, уый амондджындæр кæмæн фæцис, уый æмбал æй Хуыцау фæкæнæд. Иунæг у Солтанбег, æмæ мæнæ ацы цъæх нæууыл, сæ фæдыл ратах-батæх кæнынæй куыд фæллайа, уый бæрц кæс- тæртæ йын æнæсахъат, амондджынæй куыд рацæуа, Хуыцау уый саккаг кæнæд. Сымах та, фæсивæд, фæндагыл цæут æмæ æнæфыдбылыз, æнæмаст æмæ хъæлдзæгæй сæмбæлут бынатыл. Сбадтысты чындзхæсджытæ хæдтулгæты æмæ сæ фæндаг адардтой. Хæдзары баззадысты сыхбæсты адæм, алчидæр дзы цыдæр хъуыддагыл хæст уыди, афтæмæй. * * * Райкæ сидзæргæсæй куы баззадис астаздзыд Замирæтимæ, уæдæй нырмæ йæ дуары къæсæрæй дæр чи нæ бахъызти, йæ кой дæр ын чи нæ фехъуыста, уыцы æрвадæлтæн дæр фехъусын кодта Темысо, æмæ æрæмбырд сты. — Ау, атæппæт адæм иууылдæр кæд нæ хæстæджытæ уыды- сты, уæд сæ ныронг куыд нæ зыдтон! — дзуры Замирæт Аслæн- беджы бинойнаг Зæирæмæ. — Ма тæрс, ныр дæ царды куы бацæуай, уæд сын цыма дæу йеддæмæ а зæххыл ничи ис, афтæ дыл уыдзысты. Фыдгулæй исчи хъастгæнгæ ацæуа, Замирæт кæд ныронг нæ зыдта йе ’рвадæлты, уæд сын ныр йæ зæрдæ рухс кодта се ’внæлд, сæ арæхстдзинадæй. Уалынмæ чындзхæсджытæ æрбацыдысты. Зæирæ йæ файнустытæм дзуры: — Ауайут, Тамарæ æмæ Дуся, сымах кæстæртæ стут, чындз- хæсджыты размæ, бафæдзæхсут, цæмæй сæм нывыл хъусдард уа. ,Фæсивæд тынг хъæлдзæгæй æрвитынц сæ рæстæг. Уæдæ уазджыты хистæрты раз цæджындзау лæууыдысты æрвадæлты æрыгон лæппутæ, æмæ сын Темысо куыддæриддæр бацамыдта, афтæ æххæст кодтой сæ хæстæ. 40
— Гыцци, гыцци! — Зæирæмæ хъæргæнгæ æрбатахтис йæ лæппу. — Дæлæ та уыцы лæппу кафы. Иууылдæр уынгмæ атагъд кодтой. Замирæт та рудзынгæй цымыдис каст кодта. — Ахæм кафтгæнгæ никуы федтон! — Дисгæнгæйæ æрбаз- дæхт Зæирæ. — Уæд йæ уæнгты конд та! Фыдбон скæна, ацы хæст рауадзæгыл, федтат, иу цонг ын нæй, уый? — Уый иу цонгимæ дæр æххæстдæр уыдзæнис дыгай цонгджын- тæй, — йæ ныхас ын айста сылгоймæгтæй чидæр. — Афтæ чи кафы!.. Нугзар, лæппуйы ном афтæ хуындис, кафт куы фæцис, уæд фæсивæдыл симд бацайдагъ. Нугзары зæрдæмæ фысымтæй иу чызг фæцыдис æмæ уыйимæ симдта. Симд куы фесты, уæд Нуг- зар чегърейы хъусы адзырдта: — Лæппутæй искæй арвит æмæ уæртæ, бæласы бын лае^зджы- ты æнцой цы æнакъах лæппу лæууы, уый æрбакæнæд. Йæ ном Таймураз хуыйны. — Фæндыр æм куы радтай, уæд дзы мæнæн дæр, мæнæ цы чызгимæ симдтон, уыйимæ иу кафты бар ратдзынæ. Чегъре æрбакодта Таймуразы, æрбадын æй кодта. Æрхаты- ди йæм, цæмæй ацагътаид. Таймураз фæндыр æрбайста, аивæзтытæ йæ кодта, стæй ар- выста чегърейы, машинæйæ мын мæхи фæндыр æрбахæсс, зæгъгæ. Таймураз хæстæй æнæ къахæй ссыдис, фæлæ йæхи не ’руагъ- та, йæ зæрдæмæ нæ ныхъхъуыста. Афæдзмæ сахуыр кодта фæндырæй цæгъдын. Йе ’мбал, Нуг- зар хæсты размæ ансамблы кафыдис æмæ йæ уый сразæнгард кодта фæндырæй цæгъдын сахуыр кæныныл. Ныр, Таймураз куы ацæгъда, стæй дыууæйæ иумæ куы базарой, уæд сæм æнæ цæс- сыгкалгæйæ кæй бон бауыдзæн байхъусын! Иунæг циндзинад дæр нæ вæййы хъæуы ахæм, уыдон кæй нæ сфидауын кæнынц. Æндæр хъæутæй дæр ма сæм æрбацæ- уынц æмæ сæ ахонынц. Таймураз бæстон æрбадт æмæ ныййазæлыдысты хонгæ цагъ- ды удæнцон зæлтæ. Чегъре бацыд Нугзармæ æмæ йæ ракафын кодта, цы чыз- гимæ йын бафæдзæхста, уыимæ. Фæндыры хъæлæстæм адæм зæрдæхæлд кодтой. Лæппутæй йæм бирæтæ æнæ бахъырнгæ нæ баурæдтой сæхи. Адæм тыхсæгау кодтой — цагъдмæ хъусой æви кафджытæм кæсой? Уæдмæ, Коля æмæ Тузар бар ракуырдтой хистæртæй, куыд къухылхæцæг æмæ æмдзуарджын, афтæ, æмæ ацыдысты чындзмæ. Уыдоны ’рбацыдмæ бацæттæ кодтой Замирæты. Бирæ арфæты фæстæ æгъдаумæ гæсгæ салам радтой се ’ппæтæн дæр æмæ чындзы ракодтой хистæрты размæ. 41
— Хистæртæ сын цы арфæтæ фæкодтой, уыдон сыл куы æрцæ- уой, уæд Солтанбег æмæ Замирæт æгуыстæй дæр ницыхъуаг уыдзы- сты, — худы, хъæрæй дзуры фысымты лæгшутæй чидæр. Сылгоймæгтæ худынмæ фесты æмæ хъæлдзæгæй афæнда- раст кодтой Замирæты йæ цардвæндагыл. * * * Солтанбеджы æрдæгарæзт хæдзары уыйбæрц адæм æрæм- бырд, æмæ йын æхсызгон куыд нæ уыдис! Æрмæст мæт кодта, æфсинтæ куы нæ аххæссой, куы нæ сфаг уа хæринаг æмæ нозт, æмæ адæм хъастгæнгæ куы ацæуой. Фæсивæд фынгтыл не ’рбад- тысты, фæлæ кафынц, симынц, зарынц, æмæ уыдонмæ кæсгæйæ Солтанбегæн йæ зæрдæ рухс кæны. Уалынмæ фæзындысты чындзхæсджытæ. Цалынмæ адæм чындзы хистæрты размæ кодтой, уæдмæ Тузар Солтанбеджы хъусы бацагъта, цæмæй, Коля йын куыд бафæдзæхста, афтæ иу- æртæ лæппуимæ ацæуа Райкæтæм. Уым хионтæ сиахсмæ æнхъæлмæ кæсдзысты. Солтанбег æфсæрмытæ кодта, фæлæ, æдзæугæ нæй, уый зыдта æмæ йæхи цæттæ кæныныл фæци. Ахæм хъæлдзæг бадт рагæй нал кодтой Кæрдзыныхъæуы цæрджытæ. Суанг фæсæмбисæхсæв дæр ма сæ симгæ æрæййæф- той Солтанбег æмæ йе ’мбæлттæ. — Куыд рауадис уæ цыд? — сæ размæ фæци Коля. — Æмбарын мын уæддæр бакодтаис, цы мæ кæнын хъæу- дзæн, уый, æидæр, куырм галы хуызæн, куы смидæг дæн уым, уæд ма мæхи цы фæкодтаин, уымæн ницуал зыдтон. Хуыцау хорз, æмæ мын знон, истæмæн дæ куы бахъæуой, зæгъгæ, Сæх- бикæ мæ дзыппы æхца авæрдта, æндæр худинаг кодтон. — Цæй, хорз рауадис уæ цыд, зæгъынц, де ’мбæлттæ. Уæдæ ’мæ, цом, æз дæр иу симд акæнон дæу æмæ Замирæты чындзæх- сæвы. Дæуæн дæр æнæ асимгæ нæй, — дзуры Коля. — Нæ, æз никуы кафыдтæн, никуы симдтон. Фæлтау мæ сыхæгты размæ бацæуон æмæ сын сæ бирæ лæггады тыххæй арфæ ракæнон. Ныр дыууæ къуырийы æнцой нæ зонынц. — Æз дæр демæ цæуын уæдæ. Уыцы хъуыддаг сæйрагдæр у симынæй, — Коля æмæ Солтанбег бацыдысты, сыхаг ацæргæ адæм кæм бадтысты, уыцы фынгмæ. — Солтанбег, ды та æфсæрмытæ кæндзынæ, зæгъгæ, Коля йæхæдæг бирæ арфæтæ фæкодта сы- хæгтæн. Уый фæстæ ма йæм симды бар дæр æрхауд, æмæ уæд, афон у мидæмæ, зæгъгæ, Солтанбегимæ хæдзармæ бацыдысты. — Гъеныр, мæ хо æмæ ме ’фсымæр, хъуыддæгтæ абон куыд хорз рауадысты, афтæ уæ цард хорз куыд рауайа, уыцы амонд 42
уæ уæд! Æцæг, — Коля йæ амонæн æнгуылдз æртхъирæнгæнæ- джы тилд бакодта, — ма фæхъал ут. Абон уын сыхæгтæ цы æгъдау скодтой, цы лæггад бакодтой, уый бирæйы аргъ у, æмæ сын сæ хорздзинад макуы байрох кæнут. Сæхбикæ, Коля æмæ Солтанбеджы мидæмæ бацæугæ куы ауыдта, уæд сæ фæдыл бахызти уый дæр. — Æз та ма мæт кодтон, нæ кусджытæ цы æхца æрæмбырд кодтой, уыдон зæгъын цы хуызы фæхæццæ кæнон. Æхцайы тыхтон стъолыл æрæвæрдта Сæхбикæ, хæрзæхсæв загъта æмæ ацыдис. Адæм куы ахæлиу сты сæ фæрныг хæдзæрт- тæм, Коля дæр уынгмæ куы рахызт, уæд Солтанбег йæ фæстæ рацыдис æмæ зæрдæуынгæгæй загъта: — Стыр бузныг, Коля, ды мæнæн дæ мæ мадызæнæджы хуы- зæн æфсымæр. Дæ руаджы, куыд æнхъæл нæ уыдтæн, афтæ хорз ацыдысты мæ хъуыддæгтæ. Æз дæр дын сæ ахæм хъуыд- дæгты куыд бафидон, уый иунæг кадджын Хуыцауы бафæндæд. Замирæт райсомæй раджы фестади æмæ бафснайдта кæртæй, уынгæй — чындзæхсæвы фæстæ æнцон æфснайæн кæм уыдаик- кой! Мидæмæ куы бацыдис, уæдмæ ма Солтанбег хуысгæ кодта. — Мæнæ мæрдвынæй куыд бадæн! Афонмæ Бæтæхъо фистæ- гæй рараст йæ куыстмæ. — Тагъд йæ дзаумæттæ акодта æмæ дзуры Замирæтмæ: — Мæн иу сахаты фæстæ ардæм хъæуы. — Дæ куысты кой кæн, сахъгуырд. Æз, мыййаг, æнæдæндаг сывæллон куынæ дæн. Дæ рæстæг куыд амона, афтæ æрцу æнæ- фыдбылыз, сæрæгасæй, æндæр мæн ницы хъæуы. Куыддæр Бæтæхъо йæ хæдзарæй куыстмæ рараст, афтæ Сол- танбег йæ разы балæууыд. — Æз Коляйæн куы бафæдзæхстон, цæмæй дын зæгъа, æмæ ма тагъд кæнай, — дзуры Бæтæхъо. — Уый та куыд? Æнæ æрбацæугæ куыд хъуамæ фæцадаин! — Æгæр бафалмæцыдтæ æмæ дæ фæллад суагътаис. — Исты дуртæ нæ хастон ме ’ккой. Сымах мæнæй тынгдæр бафæлмæцыдыстут. — Акæс-ма, Солтанбег, знон мын Сæхбикæ загъта, сывæл- лæтты равдауæндонæй, дам, иу кусæг декреты цæуы, æмæ кæд Замирæты уый бæсты кусынмæ бафæнда, уæд зæрдæ макæмæн бавæрæм. Абон æй бафæрс, æмæ райсом бафæдзæхсон, æндæр куыд никæй райсой кусынмæ, афтæ. Солтанбег йæ боны кустытæ рагацау фæци æмæ атагъд код- та йæ хæдзармæ. — Сургæ дæ ракодтой? — фæрсы йæ Замирæт. — Куыст фæдæн. Бæтæхъойы дæр бахæццæ кодтон йæ хæ- дзармæ. 43
— Афтæ раджы фæцис йæ куыст? — Нæ зонын, бахæццæ мæ кæн нæхимæ æмæ дæ хæдзармæ ацу, зæгъгæ, мын загъта, æмæ йæ коммæ куыд нæ бакастаин. — О, мæ царды мæсыг, куыд нæ йæ бамбæрстай, цæмæн фæтагъд кодта сæхимæ, уый! — Замирæт æмбæрста, Бæтæхъо Солтанбеджы барæй кæй рарвыста раздæр, уый, æмæ, Солтанбе- джы цонгыл уарзæгой хæст æркæнгæйæ, загъта: — Цом, хæры- нафонæй аивгъуыдта, æмæ дæ хорз фенон. Солтанбег фыццаг хатт æрбадтис йæ хæдзары цæттæ фын- гыл æмæ йæ уырнгæ дæр нæ кодта. Ацы цард мын Хуыцау ма байсæд, зæгъгæ, хъуыдытæгæнгæ рацыдис Замирæтимæ кæртмæ. — Ехх, æвæдза, Солтанбег, ныр мын ам куыст куы уаид, уæд мæнæй амондджындæр нæ уаид! — загъта сылгоймаг. — Замирæт, куыстыл тагъд кæнын ницæмæн хъæуы, ам уал хæдзары дæхи истæуылты ирхæфс. Æнкъард ма кæн, æндæр, æз кæй^кусын, уымæй фылдæр нæ нæ хъæуы. Йæхæдæг хъуыды кæны — райсом Бæтæхъойæн разыйы дзуапп куы нæ ратта, уæд, уый базонгæйæ, Замирæт куы фæхæрам уа. Уыцы хъуыды йæ сæрæй нæ цух кодта, æмæ рафт-бафт кодта. — Уагæры дæ цы сагъæс домы, цæуылнæ уадзыс дæ фæл- лад? Райсом дæ кусынмæ цæуын кæй хъæуы, уый дæ байрох? — Замирæт, мæн пæма фæнды, кусын райдайай, уый, фæлæ мæм райсом Бæтæхъо дзуапмæ æнхъæлмæ кæсы. Сывæллæтты рæвдауæндонæй иу сылгоймаг декреты цæуы, æмæ, дам, кæд Замирæты уый бæсты фæнды, уæд райсом йæ фæндон зæгъæд. — Дæ хæрзæггурæггаг — мæн, — Замирæт йæ хъæбысы ныккод- та Солтанбеджы. — Ацы хъуыддаг мын нæ фаг кодта мæхи абоны онг æппæтæй амондджындæр хонынæн, ды та мæ ахæм хабар æмбæх- сыс. Ныр баныхас кæнæм, абонæй фæстæмæ кæрæдзийæ кæй ницы сусæг кæндзыстæм. Бæтæхъойæн та зæгъ: æз райсом дæр цæттæ дæн куыстмæ рацæуынмæ. Ныр та фырцинæй мæн нал ахсы хуыс- сæг. Æфстау æхца никæмæй дарæм, чи нæм ис, уыдоныл нæ дыу- уæйы мызд æфтаудзыстæм, нæ хæдзар цыбыр рæстæгмæ арæзт фæуыдзыстæм æмæ нæ зæрдæйы дзæбæхæн цæрдзыстæм. Къуырийы фæстæ Замирæт кусын райдыдта сывæллæтты рæвдауæндоны. Сывæллæттæ дæр æмæ дзы ныййарджытæ дæр тыиг разы уыдысты. Афтæмæй æмзонд, æмдыхæй сæ хæдзар аразыныл архайдтой. Замирæт хъуыды кодта, цы æрдæгконд дыууæ уаты ис хæ- дзары, уыдон тагъддæр куы фæуиккой арæзт, уæд-иу Райкæ дæр хатгай ам ацæрид, зæгъгæ. Иу бон изæрыгон дыууæйæ бадынц тыргъыл, æмæ Солтан- бег дзуры: 44
— Сывæллæтты хъазынмæ мæлæты хорз у нæ кæрт, уæлдай- дæр æм дæ къух куы бахæццæ, уæд. Замирæт æнæхъæн къуыри хъуыды кодта, кæд хуыздæр зæгъ- дзæнис Солтанбегæн, йæ зæрдæйы бын ног гуырдз кæй сæвзæрд. — Солтанбег, уымæ дæр дæ бирæ æнхъæлмæ кæсын нал ба- хъæудзæнис. Афæдзы кæронмæ хъазгæ нæма кæндзæнис, фæлæ дæ фынæй кæнын кæй нæ уадздзæнис, уый мæ уырны. — Уый та куыд? — Куыд вæййы афтæ — æхсæз мæйы фæстæ. Солтанбег йæ хъæбысы фелвæста Замирæты, æмæ йæ асины къæпхæнтыл куыд рог сдавта, уый нæ бамбæрста, афтæмæй йæ æрдæгконд уаты къуымты радав-бадав кодта. — Суадз мæ! — Нæ, æз дæ хъуамæ цæрæнбонты афтæ хæссон! — Уæддæр мæ нæма уырны, Замирæт, кæд мæ сайгæ кæныс?.. — Ахæм хъуыддагæй сайгæ нæ фæкæнынц. — Искæмæн ма йæ загътай? Нырма йæ макæмæн зæгъ. — Адæм афтæ куыд æнхъæл уой рæвдауæндоны хардзæй фæйнæрдæм фæцыдис. Афтæ хъæлдзæгæй, кæрæдзийы дзыхæй ныхас исгæйæ, ху- дæн ныхæстæ кодтой. Ноджы зæрдиагдæрæй бавнæлдта Солтанбег йæ дыууæ уаты тагъддæр сцæттæ кæнынмæ. Раст Замирæт куыд загъта, афтæ йын Дзæуджыхъæуы рын- чындоны райгуырд лæппу, æмæ йыл ном сæвæрдтой Алан. Сол- танбег алы бон бæрæг кодта Замирæты, фæлæ рæстæг бынтон ныддаргъ æмæ йæ лæппуйы фендмæ бæллыдис. Райкæ уый бæргæ æмбæрста, фæлæ мæ чызг иунæгæй куынæ сарæхса, кæнæ, мый- йаг, сывæллон, цы нæ вæййы, куы фæрынчын уа, зæгъгæ, Зами- рæты рынчындонæй æд сывæллон сæхимæ æрбакодта. Дыууæ мæйы дæргъы йæм фæкасти Райкæ, стæй Солтанбег, Замирæты сывæллонимæ æрласта сæ хæдзармæ. Солтанбег, хæдзары уæв- гæйæ æппындæр сывæллоны цурæй нæ цыдис. Дыууæ мæйы фæстæ Замирæты кусын райдайын хъæудзæнис, афтæ Райкæ отпуск райста æмæ та сæм æххууыс кæнынмæ æрцыдис. — Дæ отпуск куы фæуа, Райкæ, уæдмæ искæй ссардзыстæм æмæ сывæллонмæ, цалынмæ йыл афæдз рацæуа, уæдмæ кæс- дзæнис. Уый фæстæ-иу æй куыстмæ ахæсдзынæн мемæ. — Уый цытæ дзурыс? Æз Аланы искæмæ дæттын?! Мæхæ- дæг мæ куыст ныууадздзынæн æмæ йæм кæсдзынæн. Солтанбеджы-иу бæргæ фæндыдис сывæллоны Райкæйы хъæ- бысæй райсын æмæ йыл ацинтæ кæнын, фæлæ æфсæрмы кодта. Иу изæр, æхсæвæр куы ахицæн кодтой, уæд Замирæтæн бам- 45
барын кодта: сывæллоны райс æмæ йæ ардæм рахæсс. Солтанбег чысыл Аланы куы сынтæгыл авæры, куы йæ хæрдмæ сæппары, куы йæ хъæбысы æрбакæны — цинтæ кæнынæй йыл не ’фсæсти. Замирæты ма къуыри хъуыдис куыстмæ рацæуынмæ, афтæ Райкæ ацыдис Дзæуджыхъæумæ, бафæдзæхста сын, куыддæр уæ мæ сæр бахъæуа, афтæ мын фехъусын кæндзыстут, зæгъгæ. Иу изæр, сывæллон куы бафынæй, уæд Солтанбег Замирæ- тæн загъта: — Мæ хъуыддæгтæ мын уыцы мыртазатыхъæуккаг сылгой- маг Катяйы руаджы базыдтой, сидзæрты хæдзары, фæлæ ма мæнæн цы дзырдта, ууыл арæх фæхъуыды кæнын. Катяйæн мæ цы сылгоймаг бафæдзæхста, уый куыд загъта, уымæ гæсгæ, мæн уымæ цы лæг æрбакодта, ууыл мидæгæй уыдис æфсæддон да- рæс, æдде та плащ, кæд уазал нæ уыдис, уæддæр. Куы мæ фæ- уагъта æнæзонгæ усы цур, уæд, дам-ма мæм фæстæмæ фездæх- тис, мæ дзыппæй мын цыдæр гæххæт фелвæста æмæ ацыдис. Лæг нал æрбаздæхтис, фæлæ, дам, æз алы бон дæр мæ дзып- пытæ къахтон — уыцы гæбаз агуырдтон. Æвæццæгæн æй фыццаг нывæрдта мæ дзыппы, стæй йæ систа. Катя мын бамбарын кодта, зæгъгæ, уый дæ фыд уыдаид, уыцы змæстыты рæстæджы, æвæццæгæн, фæсарæнтæм чи цы- дис, уыдонмæ атагъд кодта. Дæуæн та дæ дзыппæй уымæн систа фыстæг, цæмæй уыцы хъуыддаг мачи базона æмæ дæм æфхæрд макуы æрхауа. Чи зоны, æмæ мæ фыд дæр мæ хуызæн цин код- та, æз куы райгуырдтæн, уæд. — Уыдæттæ мысынæй пайда нæй, сæ цæрæнбонмæ сын кув- дзыстæм, сæрæгасæй ма сæ зæххыл куыд сæмбæлой. * * * Уарзон æнæзивæг бинонтæм, цыма цалдæр азы цæрынц, афтæ фазындис лыстæг фос æмæ алыхуызон мæргътæ. Аланы цинæй фæллад нæ зонгæйæ, бинонтæ æрвыстой сæ бонтæ. Иу изæр Солтанбег йæ куыстæй æрбацæугæйæ æнкъардхуы- зæй æрбадтис тыргъы асины къæпхæныл æмæ арф ныуулæфыдис. — Исты хабар и? Цæй æнкъардхуыз дæ иннæ бонтæй хъау- джыдæр? — фæрсы йæ Замирæт. — Абон Къардонмæ куы бахæццæ дæн, уæд кæсын, æмæ Ха- санбег æфсæддон дзаумæтты лæууы, ныхæстæ кæны йе ’мбæлц- цæттимæ. Уый мæ нæ федта, фæлæ æз батагъд кодтон, цæмæй мæ куыстытæ тагъддæр фæуон æмæ йæ сæхимæ бахæццæ кæ- нон. Уырдæм, дæхæдæг æй куы зоныс, машинæтæ арæх нæ цæуы, уæлдайдæр къаты бон, колхозы кусджытæн бирæ куыст куы 46
вæййы, уæд. Баурæдтон машинæ æмæ бæлццæттæм дзурын: — Дзу- арыхъæуы ’рдæм цæуын æмæ, кæй фæнды, сбадут. — Æххæст нæ Майрæмадагмæ дæр баласдзынæ? — бафæр- стой мæ бæлцæттæ. — Мæ бар, зæгъын, уадзут. Æрмæст уæ Суадагмæ нæ балас- дзынæн, рæстæг мын нæ уыдзæн. Бæлццæттæн сæ фылдæр цингæнгæ абадтысты. Фæлæ мæм Хасанбег ахæм æнæуынон цæстæнгасæй æрбакаст, æмæ ме уæнгтæ æрызгъæлдысты. Æз аластон бæлццæтты. Фæстæмæ куы раз- дæхтæн, уæддæр ма Хасанбег фæзилæны лæууыдис. — Ма тыхс, Хасанбегæн йæ зæрды исты куы уыдаид, уæд æй афонмæ федтаис. Ныр та, иугæр мемæ дæ цард баиу кодтай, уæд йæ маст кæд фесæфид. Ирмæйæ фæстæмæ мæнæй лымæндæр никæимæ уыдис. * * * Хасанбегæн фæдат фæцис йæ фæндаг Аслæнбегыл ракæны- нæн æмæ иумæ æрбацыдысты сæхимæ. Хасанбег дзæбæх, æнæ фыдбылызæй йæ хæдзарыл кæй сæмбæлд, уый тыххæй Асиат æртæ чъирийы скодта, фæдзырдта Сосланбег æмæ Махарбеджы бинонтæм. Фыццаг куы ’рбадтысты, уæд Хасанбег бафарста: — Замирæт та куыд у? Ныр ахуыр фæцадаид æмæ кæм кусы? Раздæр мæм арæх фыста, фæлæ дзы ныр æнæхъæн азæй фыл- дæр фыстæг нал райстон. — Замирæт ныр мад у. Замманай фырыхъулы хуызæн лæппу йын райгуырдис. — Кæмæ смой кодта? Æртæ ’фсымæры кæрæдзимæ бакастысты. Асиат дæр куы ницы дзырдта, уæд Сосланбеджы лæппу фæцырд: — Замирæт Солтанбеджы бинойнаг бацис. Уыцы хабар фехъусгæйæ, Хасанбеджы цæсгом саухъулон ацис. Сыстадис фынгæй, дуармæ рацыдис æмæ æдде дзуры: — Ды та куыд бауагътай, Асиат, дæ иунæг хойы чызджы нæ туджджынæн раттын? — Уарзондзинад, мæ хур, Хасанбег, тыхджындæр у фыдæх- дзинадæй, — загъта Райкæ. Хасанбег æрбаздæхт, йæ бынаты йæхи æруагъта. Уæд Аслæнбег сыстадис йæ бынатæй, Хасанбеджы фарсмæ æрбадтис æмæ загъта: — Мах æртæ æфсымæрæй уыдыстæм Райкæйы фарс. Ныр уыцы дыууæ адæймагмæ исты маст куы бадарай, уæд зон — ма- хæй дын æфсымæр нал ис. Уый дын нæ фæстаг ныхас. 47
— Сымах мæ мастыл нæ ахъуыды кодтат, ницæмæ мæ æрдард- тат. Уый куы базыдтаин, уæд здæхгæ дæр нал скодтаин ардæм. Уæд Тамарæ, цæмæй Хасанбегæн йæ маст фæкъаддæр уа, уый тыххæй загъта: — Æмæ дæм уæд Риммæйы рæсугъд та кæдмæ æнхъæлмæ кастаид? Алы фембæлды рæстæг мæ фæрсгæ куы кæны, кæд сыздæхдзынæ, уымæй. Ацы аз уый дæр педагогон техникум каст фæуыдзæнис æмæ мæт кæны, дард ранмæ йæ куы арвитой, ууыл. Хасанбегмæ уыцы ныхæстæ хъаргæ дæр нæ бакодтой. Би- нонтæм та афтæ фæкастис, цыма йæ маст фæсабырдæр ис. Æрмæст Махарбег хъусæй бадтис æмæ Хасанбегæй йæ цæс- тытæ нæ иста. Дыууæ боны дæргъы Хасанбег Асиатæн цыдæр хæдзарон куыстытæ скодта. Æртыккаг бон загъта: — Мемæ чи службæ кодта, иу’ахæм лæппуйæн йе ’фсымæр дард Цæгаты кусы æмæ йæм æрвиты. Уыимæ куы ацæуин æз дæр, афтæ мæ фæнды. — Кæцон у уыцы лæппу? — Алагиры цæры. Æмæ сæм бауайон абон хъуамæ. * * * Къуыри рацыдис, Райкæ Солтанбегтæм куы æрыздæхти, уæдæй нырмæ, ныр кæрты бадтысты мад æмæ чызг. Гыццыл лæппу — мады хъæбысы. — Нæ бафæлладтæ Аланæй бон-изæрмæ, мамæ? — фæрсы Замирæт. — Ницы бафæлладтæн. Кусгæ куы нæ кæнин, уæд ардыгæй æппындæр нал ацæуи^н. — Уæ изæртæ хорз, — æрбацыд Солтанбег æмæ мидæмæ ахызти. — А фæстаг бонты цыдæр тыхстхуыз у ацы лæппу, — загъта Райкæ. — Бæргæ йæ уынын, фæлæ йын цы бакæнон? Мæ зæрдæ, дам, цæуылдæр риссы, зæгъгæ, зæгъы. Замирæт мидæмæ бацыдис Солтанбеджы фæдыл, æмæ йæ диваныл уæлгоммæ хуысгæйæ куы баййæфта, уæд æм дзуры: — Нæма райхæлд дæ зæрдæйы æлхынцъ? Солтанбег хъæлдзæгхуызæй фæгæпп кодта æмæ йæм дзуры: — Мæнæн мæ зæрдæйыл, дæу куыддæр ауынын, афтæ ба- зыртæ базайы. Хъæлдзæг ныхæстæ кæнгæйæ, Замирæт Солтанбеджы раз хæринаг æрæвæрдта æмæ фæстæмæ кæртмæ рацыдис. — Дæ фæллад суадз, æз æм фæкæсдзынæн, — Замирæт рай- 48
ста сывæллоны йæ мады къухтæй. — Æххæст цом мах дæр не ’хсæвæр ахицæн кæнæм, загъта мадæн æмæ мидæмæ бацыдысты. Уым Солтанбег сывæллоны райста, иннæ уатмæ бацыдис æмæ йемæ хъазын райдыдта. Фондзмæйдзыд сывæллон цы ’мбары адæймаджы æнкъарæнтæн, фæлæ йæ цырагърухсмæ сæппар-сæп- пар кæнын куы райдыдта фыд, уæд худтис. Уымæ гæсгæ Сол- танбег дæр бахъæлдзæг. Раст уæд фæцыди топпы гæрах, æмæ нæмыг зывзывгæнгæ Солтæнбеджы сæрты куыд атахт, уый дзæ- бæх бамбæрста, бæрæг уыд, чи æхста, уый сывæллонмæ кæй хъа- выд. Солтанбег сывæллоны сынтæгыл авæрдта æмæ гом рудзын- гæй асæррæтт кодта уынгмæ. Базыдта уый Хасанбег уыд, æмæ йæхимидæг дзуры: Гормойнаг, цы дын кодта æнахъом сывæллон? Солтанбег, цæмæй йæ Райкæ ма фена, уый тыххæй фæстæмæ бахызтис рудзынгыл, æмæ йыл Замирæт йæхи ныццавта. — Цæф никуы дæ?! Уый, æвæццæгæн, кæмæндæр йæ хæ- цæнгарз фæирвæзти. — Уынджы ничи ис. Райсом бæрæг уыдзæнис, — æмæ аивæй, кæсы къулмæ, нæмыг кæм сæмбæлд, уыцы ранмæ. Йæ тæккæ фæрсты атахти нæмыг лæппуйæн. Райкæ æмæ Замирæт уымæн ницы базыдтой. — Замирæт, дæхи афтæ дар, цыма æппындæр ницы базыдтай. Замирæт æмырæй бадтис, цы загътаид, уымæн ницы зыдта. Æрмæст йæ буары дыз-дызæй йе уæнгтæ уазал рызт кодтой. Солтанбег, уыцы тымбыл бадт кæнгæйæ, систа Замирæты йæ хъæбысмæ, йæ риумæ йæ æрбалхъывта æмæ йын, йæ риу куыд гуыпп-гуыпп кодта, уымæ хъуыста. Замирæт афынæй. Уый йæ хъарм æрæмбæрзта хъæццулæй æмæ рацыдис Райкæйы цурмæ. Ныр хуыссын афон у, æмæ Солтанбег сывæллоны райста, цæ- мæй йæхи цур бафынæй кæна æмæ Замирæты ма бахъыгдара, лæппу уайтагъд афынæй. Фынæй кодта Замирæт дæр. Райкæ дæр æнцад хуыссыд. Уæд сынтæгыл йæхи æруагъта Солтанбег дæр, фæлæ йæм хуыссæг хæстæг нæ цыди. Уыцы бон Замирæт æнæсæрæн уыди æмæ куыстмæ нæ ацы- дис. Солтанбег, цæмæй куысты фехъусын кæна, Замирæт нæ- фæразгæ кæй у, уый тыххæй раздæр ацыдис хæдзарæй. Стан- цæмæ куы бацыд, уæд кæсы, æмæ, къулмæ банцой кодта, афтæмæй фынæй кæны Хасанбег. Сæхбикæйы ссардта æмæ йын загъта: — Дæ хорзæхæй, мæнæ дын билетæн æхца æмæ уæртæ уыцы лæппуйы арвит, Алагир кæнæ Дзæуджыхъæуæй раздæр поезд кæдæм цæуа, уырдæм. Æрмæст мæ кой ма скæн, науæд зæгъдзæ- нис, цæуылнæ мæ райхъал кодта, зæгъгæ. Поезды Хасанбег йæхи куы æрæмбæрста, уæд ахъуыды код- та дысоны æвирхъау ракондыл, фæлæ фæсмон не ’ркодта. Ха- 4 Санаты Елсшс 49
санбег станцæйæ ацыдис йæ мады хо Райкæйы фенынмæ. Бирæ фæхоста дуар, æмæ дзы зынæг куы нæ фæцис, уæд сыхаг усы бафарста. Уый йын дзуапп радта: — Ныр æнæхъæн къуыри Райкæ йæ чызгмæ ис. Уæд йæ уæнгтæ æрызгъæлдысты. Дзæуджыхъæуы уынгты цыдис æмæ хъуыдытæ кодта Риммæйы тыххæй. Хуыцау ма зæ- гъæд, æмæ, цы фыдгæнды бацыд, уый базона. Уæд йæ фæндтæ доныкъусы сæфт кæнынц. Сæхимæ хъæумæ ацæуын афæнд кодта, фæлæ фæстæмæ раз- дæхтис Риммæйы фенынмæ. Риммæ, техникумы дуармæ куы ауыдта Хасанбеджы, уæд чызджыты астæуæй фæхицæн æмæ йыл зæрдиаг цинтæ бакодта. — Риммæ, дæхæдæг мæм куы нæ æрбахæстæг уыдаис, уæд дæ, бауырнæд, нал базыдтаин. Цæмæй æнхъæл уыдтæн, æмæ уыцы гыццыл тæнтъихæг чызг ахæм хæрзконд, хæрзуынд чыз- гæй агæпп кæндзæнис æртæ азмæ, уый. Ныхас-нахасы къахгæйæ мысын байдыдтой сæ чысылы бонтæ, афтæмæй рацыдысты, техникумы чъылдыммæ цы рæсугъд фæз уыдис, уырдæм. Бирæ æппæлæн ныхæстæ фæкодтой дыууæ æрыгон сыхаджы кæрæдзийæн. Стæй йæ Хасанбег æргом куы бафарста, нæ цардвæндаг иумæ куы ацæуиккам, уæд дæм куыд кæсы, зæгъгæ, уæд йæ дзуапп уыдис цыбыр: — Дæумæ куыд кæсы, мæнмæ дæр, афтæ. Хасанбег ахæм дзуапмæ не ’нхъæлмæ каст æмæ чызджы йæ- химæ æрбахæстæг кæнынмæ хъавыд, фæлæ уый та æддæдæр ахæцыд йæхиуыл. Хасанбег йæ къухтæ æруагъта, хатыр бакæн, зæгъгæ. Бирæ цыдæртæ ма мысыдысты сæ цардæй. Ныр фылдæр дзырдта Риммæ. — Ды, Хасанбег, хъусæй цæмæн цæуыс? — Исты куы срæдион, æмæ та мын куы бауайдзæф кæнай, уымæй тæрсын. * * * Хасанбег Риммæйы схæццæ кодта æмдзæрæнмæ æмæ йæ ба- фарста: — Хъæумæ кæд ацæудзынæ? — Ацы хуыцаубон нæ, фæлæ мын, кæд æмбал фæуа, уæд иннæйы. Раздæр-иу Замирæт Асиаты бæрæггæнæг цыдис, æмæ уыимæ цыдтæн, фæлæ ныр мах хъæуæй мæн йеддæмæ ам ничи- уал’ахуыр кæны. Хасанбег Замирæты коймæ фенкъардхуыз, хæрзбон загъта Риммæйæн æмæ рацыдис Джызæлы фæзилæнмæ. Цымæ цы бацис 50
сывæллои? Кæд, мыййаг... фæцæф?! — Уадз æмæ сахъат сывæл- лонмæ кæсгæйæ æрвитой сæ бонтæ Солтанбег æмæ Замирæт: Джызæлмæ фæзилæнмæ куы бахæццæ, уæд иу лæг йæ къан- нæг лæппуимæ баурæдта йæ бахуæрдон æмæ дзуры Хасанбегмæ: — Лæппу, Дзуарыхъæумæ цæуæг стæм, æмæ дын кæд æм- бæлццонæн бæззæм, уæд сбад. Хасанбег, бузныг загъта лæгæн æмæ сбадтис уæрдоны. — Дæ ном цы хуыйны? — Мæ ном — Хасанбег. Æз дæр Дзуарыхъæумæ цæуын. — Уæдæ, истытæ дзур æмæ нæ фæндаг цыбырдæр кæна. Æз зæронд лæг дæн æмæ никуыдæмуал æфтын. — Мæнæ æфсады уыдтæн, ссыдтæн æмæ, загъын, ме ’фсы- мæры абæрæг кæнон. — Лæг хъуамæ афтæ цæра, — райдыдта лæг, — æмæ йæ зæр- дæмæ азымæй мацы хæсса, искæмæн ахæм фыдбылыз барæй ра- кодтон, кæнæ искæй хъуагдзинадмæ баххуыс кæнынмæ ме уæхск нæ бадардтон — ма зæгъа! Се ’ппæт чи банымайдзæн, хорзæй цы ракæнæн ис, уыдо- нæн. Мæнæ, зæгъæм, ныртæккæ æз дæуæн куы нæ баурæдтаин, уæд æз дæ тæригъæды бацыдаин æмæ ахсæв-бонмæ ууыл хъуы- ды кæнгæйæ æнæхуыссæг фæцадаин. Ныр та мæхицæй уыдзы- нæн бузныг, афтæмæй фынæй кæндзынæн. Цард афтæ у: исты тæригъæд куы ракæнай, уæд дæхæдæг куы нæ уай, уæддæр æй искæдбон дæ фæстагæттæн æнæ бафидгæ нæй, æмæ уæд азимаг кæны адæймаг. Хасанбег хъусы зæронды ныхæстæм, æмæ йын йæ уæнджы цыдæр тас уадзынц. Ау, афтæ уа? Æмæ уæдæ уый цæмæн бакод- та уыцы æбуалгъ хъуыддаг? Уæдæ ныр, уæдæ ныр?.. Æмæ йын цыма исчи йæ хурхыл бахæцыд, уыйау æй дзæбæх улæфæн нал уыд — фæсмон æй æргæвста. Кæрты Зæирæйы суг сæтгæ куы баййæфта, уæд ын йæ фæ- рæт райста æмæ, цалынмæ сарайы цыдæриддæр суг баййæфта, уыдон саст фæцис, уæдмæ йæ куыст нæ ныууагъта. Цом мидæмæ, истæмæйты дæ суазæг кæнон, зæгъгæ, Аслæн- бег куы фехъуыста Зæирæйы дзурын, уæд рацыдис кæртмæ сæ размæ. — Уæуу, мæнæ дæ, ме ’фсымæр, кæдæй-уæдæй лæджы ку- ыст бакæнгæ федтон! Атæппæт суг нын Солтанбег æрласта, сæтгæ дæр дзы бирæ ныккодта, æмæ фесты. Ардæм æрбауаинаг уыдис Къардонæй, фæлæ нæ зыны, æмæ, цы хабар у, нæ зонын. Хасанбегæн та йæ зæрдæ йæ бынатæй цыма рахауынмæ хъа- выдис, афтæ фæцис. Иуæй, Риммæйыл хъуыды кодта, иннæмæй та, уыцы æвирхъау ми йæ зæрдæйæ нæ хицæн кодта. 51
Мидæмæ рацæут сæм куы радзырдта Зæирæ, уæд æвæсти- тæй бацыдысты. Хасанбег стъолыл чингуытæ æмæ фыссæн гæрзтæ куы федта, уæд дзуры Аслæнбегмæ: — Ахуыркæнынвæнд ма скæн? — Фæнд нæ фæлæ, ме ’фсымæр, ныр институты дыккаг курсы ахуыр кæнын. Уæдæ мын мæ иу цонгимæ ме ’ртæ сьгоæллоны чи схъо- мыл кæндзæнис? Адæймаг дардыл куы нæ хъуыды кæна, уæд æй мæ- гуыр æмæ гæвзыкк фæсте сурынц. Дæумæ та цы фæнд ис дарддæр? — Æз ахуырæн ницы бакæндзынæн, — Æртæ азы машинæ фескъæрдтон службæйы рæстæг. — Дарддæр та? — Мемæ æфсады чи уыд, ахæм лæппуйæн йе ’фсымæр дард Цæгаты хицауæй кусы æмæ мах уырдæм ацæуын фæнд кæнæм, кæд сымах бафæнда, уæд. — Бафæнда, цы хоныс? Адæймаг йæхæдæг хуыздæр зоны, царды цæмæн бæззы æмæ йæ цы кæнын хъæуы, уый, — загъта Аслæнбег, йæхинымæр та ахъуыды кодта, афтæ хуыздæр уы- дзæни, кæд æм хуыздæр зонд æрцæуид, æмæ разыйы каст ба- кодта Зæирæмæ. — Уыдæттæ хорз, фæлæ уал хъуыддаг бакæнын хъæуы, цæ- мæй дæм Асиаты зæрдæ ма ’хсайа, — йæ ныхас баппæрста чындз. — Цытæ дзурыс, Зæирæ? Цыбыр къухæй, æнæ ’хца цавæр хъуыддаджы кой кæныс? — Ме ’фсымæр, Хуыцау бахизæд, фæлæ мæрдджын фæрæз- джын у, фæзæгъынц. Истытæ кæндзыстæм. Æдде чидæр æрбадзырдта: — Аслæнбег, ам стут? — Кæй кой кæнай — къæсæрмæ. Солтанбег, мидæмæ рахиз. Хасанбег куы бамбæрста, Солтанбег æрбацæуы уый, уæд иннæ уаты рудзынгæй ахызти æмæ цæхæрадæтты фæндагмæ сарæзта йæ ных. Машинæмæ æнхъæлмæ кæсын нæ фæрæзта æмæ фæс- тæмæ фæкæсфæкæскæнгæйæ сæхимæ æрбахæццæ. Ныр æй ба- уырныдта, сывæллонæн кæй ницы уыдис, уый. Сæхимæ куыд тагъд бахæццæ, ууыл йæхæдæг дæр дис кодта. — Кæм уыдтæ, Хасанбег, æнæхъæн суткæ? Мæ зæрдæ дæм æхсайдта, æмæ дысон-бонмæ æнæхуыссæг фæдæн. — Ой, Асиат, цæмæй мæм æхсайы дæ зæрдæ, исты æнæдæндаг дæн. Алагиры уыдтæн, уырдыгæй, Райкæйы абæрæг кæнон, зæгъгæ, бацыдтæн, æмæ сæхимæ ничи уыдис. Чызджытимæ дæр аныхæстæ кодтон, — худгæйæ дзуры йæ мадмæ, цыма ницы ’рцыди, афтæ. — Се ’ппæтимæ ныхæстæ ницы пайда сты. Иу хиуылхæцгæ, хæдзардзин чызг ссар, æмæ хъуыддаг бакæнæм, кусæрттаг дын цæттæ у Аслæнбегтæм. 52
— О, хæдæгай, уыдонмæ дæр бауадтæн. Дзæуджыхъæуæй иу лæг бæхуæрдоны цыдис Дзуарыхъæумæ æмæ зæгъын, æххæст бауайон уыдонмæ. — Ницæмæй сæм фæкастæ? Йæ лæппу хистæр уæддæр куы фæцадаид, фæлæ æхсæзаздзыд цалынмæ исты ахъаз кæна хæ- дзары, уæдмæ йæм фæкæсын хъæуы. — Цыдæриддæр сæ сарайы сугтæ уыдис, уыдон ныссастон æмæ сæ самадтон. — Уый дæр æххуыс у. Уæдæ ма æфсымæр цæмæн хъæуы?! Ныр изæр у, Хасанбег, мæ къона, æмæ æхсæвæр бахæрæм. — Æз уал уæртæ Сослæнбегтæм бауайон, цæмæйдæр æй афæрсон. Хасанбег æфсымæр æмæ чындзы хæдзары нæ баййæфта, æмæ ма уый хуыздæрыл дæр банымадта — сывæллæттимæ хъазыныл фæцис. Уалынмæ Тамарæ сыхæгтæй æрбаздæхт. — Дæ изæр хорз, мæ чындзыты хуыздæр. — Цæмæндæр дæ мæ сæр бахъуыд, æндæр мæ кæдæй нырмæ нымайыс дæ чындзыты хуыздæрыл? — Де уæны кæсыс, æви йæ цæмæй базыдтай? Хъуыды ма кæныс, æфсадæй куы сыздæхтæн, уæд афтæ куы загътай, Риммæ мæ афæрсы, кæд ссæудзынæн, уымæй. Ныр — дæ хъару æмæ дæхæдæг. Дæ бон цас у, уымæй бацархай, цæмæй уыцы чызг дæ файнуст бауа. Мæн уырны, ды дæ къухмæ цы хъуыддаг райсай, уый дæ бон бакæнын кæй бауыдзæнис. — Гормойнаг, чызгæн уал йæхиимæ аныхас кæн, æндæр мæ бар уадз. — Уый мæхæдæг дæр зонын, фæлæ уал ды хъуыддаг райдай. Цæй, æз цæуон. Асиат мæм æнхъæлмæ кæсы. — Цы хъуыддаг сарæзтай? — фæрсы йæ мад, сæхимæ куы ’рбаздæхт, уæд. — Сосланбег сæхимæ нæ уыдис. Асиаты фæндыдис Хасанбегимæ аныхæстæ кæнын, фæлæ уый фæллад дæн, загъта æмæ хуыссæныл йæхи æруагъта. Суанг бонмæ нæ бафынæй. Уыцы уæрдонджын лæджы ныхæстæ йын æнцой нæ лæвæрдтой. * * * Солтанбег, хæдзармæ куы фæцæйцыдис Аслæнбегимæ, уæд мæты бацыд, Хасанбегимæ куыд сæмбæлдзысты? Фæлæ, Зæирæ куы ацамыдта рудзынгмæ, уæд бацин кодта. — Куыд сты Замирæт æмæ Алан? — гыццыл куы аныхæстæ кодтой, уæд бафарста Заирæ. — Ницы сын у. Знон сæ æртæйæ Дзæуджыхъæумæ схæццæ кодтон. 53
— Æртыккаг та чи уыд? — Райкæ дæр махмæ уыдис. — Замирæт кусгæ нал кæны? — Кусы, фæлæ цыдæр æнæфæразгæ уыд æмæ йæхи дыууæ къуырийы æмгъуыдмæ ракуырдта куыстæй. Стæй мады фæнды- дис, йемæ горæты куы ацæрид, уый. Аслæнбег æмæ Заирæ цæмæй зыдтой, Солтанбег цы бавзæр- ста, уый! Ноджы хъуыддаг Замирæтæй дæр æмбæхста æмæ Рай- кæйæ дæр. Æмæ уыйас йæ удæн зындæр уыди. Хасанбеджы ныхас Тамарæйыл базыртæ басагъта, æмæ æндæр ницæуылуал хъуыды кодта. Сосланбег куыддæр дуарæй æрба- каст, афтæ йын аппæлыди: — Дæ хæрзæггурæггаг — мæн, Хасанбег нын ус курынвæнд скодта. — Кæй куры? — Нæ сыхæгты чызг Риммæйы. — Куыннæ! Темырболат дæр уымæ куы бæллы: мæ иунæг чыз- джы Хасанбеджы хуызæн фыдзыкъуыры фыццаг куы скæнин. — Цæй-ма, афтæ ма дзур! Никуы фехъуыстай: дæ куыдзы, дам, дæхæдæг цы хонай, адæм дæр дын æй уый хондзысты... — Æмæ йæ нæ уыньшц адæм?! Æппæлгæ дæр дзы куыд кæнон? — Æнцад лæуут. Йе ’мгæрттæй цауддæр никæмæй у, нырма сывæллон у. — Æмæ йын уæд цæй ус курыс? — Ды дæр, Сослан, ус куы куырдтай, уæд уымæй афæдз хистæр йеддæмæ нæ уыдтæ, уый дæ байрох? — Мæн мæ фыд нал уагъта, ус ракур, зæгъгæ. — Сымах та уæ фыды бæсты уый мауал уадзут, цæмæй афо- ныл хъуыддаг бакæна æмæ йæм Асиаты зæрдæ мауал æхсайа. — Уæдæ архай, Тамарæ. Ды цы сфæнд кæнай, æмæ цы нæ бакæндзынæ, ахæм исты ис? Райсомæй Тамарæ йæ хæдзары куыстытæ конд куы фæцис, уæд рæстæгæй-рæстæгмæ сæ кулдуарæй ракæс-ракæс кæны, кæд Симæйыл йæ цæст æрхæцид. Куы нæ зындис, уæд йæхи арæвдз кодта дуканимæ цæуынмæ, æмæ дын Симæ йæ размæ куы фæуид. — Дæ райсом хорз, Тамарæ. — Кæй райсом у, уый хорзæх дæ уæд, Симæ. Мæнæ дуканимæ цæуын. Знон Хасанбег кæцæйдæр дыргътæ æрбаласта æмæ дзы мураба афыцон. Йæхæдæг мын бæргæ загъта, сæкæр дæр мæхæ- дæг æрбахæсдзынæн, фæлæ йæ, зæгъын, уыйбæрц чи тыхсын кæны. — Тамарæ, цæй амондджын дæ, уал тиуы æмæ файнусты кæ- мæн ис. 54
— Уый афтæ у! Хасанбег æфсадæй бынтон æндæрхуызонæй сыз- дæхтис. Мæнгæн нæ фæзæгьынц — лæппу службæ куы бакæны, уæд слæг вæййы. Уый кæй хай фæуа, уый йæхи амондджын хондзæнис. — Раст зæгъыс, Тамарæ, царды хуыздæр чи разындзæнис, уый бæрæг нæу. Афтæ вæййы, æмæ иуæй-иутæ, цалынмæ бинонты кой нæ бакæнынц, уæдмæ сæхи хорз фæдарынц, фæлæ уый фæстæ сæхи дæр æмæ сылгоймаджы дæр хурхæй марынц. Не ’рвадæлты чызг куы смой кодта, уæд æм чи нæ хæлæг кодта, ахæм бирæ сылгоймаг нæ уыдис: йæ мой, цы кондæй, цы уындæй — алцæмæй æххæст. Фæлæ цæрын байдыдтой, æмæ, дам-иу ус базармæ кæнæ дуканимæ куы ацыдис, уæд хъуамæ йæ мойæн банымадтаид: цы балхæдта, цас бафыста æмæ ма йæм цас баззадис æхца... Тамарæ йæхи фæхъуыддагхуыз кодта æмæ, дуканимæ бай- рæджы кæндзынæн, зæгъгæ, ацыдис. Ахъуыды кодта, адон лыс- тæгæй луардзысты хъуыддæгтæ æмæ уал, исты уæлдай зæгъы- ны бæсты, ахъуыды кæнон. «Уæвгæ уал иу хъуыддаг бакодтон. Æнгуыр уал доны баппæрстон. Хасанбегæн ацы хъуыддагæй куы ницы рауайа, уæддæр дзы æппæлгæ куы кæнон, уæд хуыздæр уыдзæнис», — йæхицæн ныфсытæ авæрдта сылгоймаг. Изæрæй та Хасанбег йæхи байста Сослантæм, æмæ йын Та- марæ, боны дæргъы йын цы бантыстис, уыцы хабæрттæ кæрæй- кæронмæ ракодта. Хасанбег æм бæстон байхъуыста æмæ хат- дзæгтæ скодта, исты архайын хъæуы, магусайæ куыд нæ бада. Дыккаг бон райсомæй Асиатмæ дзуры: — Аслæнбегты абæрæг кæнон, кæд сæм истæмæй фæкæсын хъæуы. — Цæугæ, мæ хур, æгайтмæ де ’фсымæрыл тыхсыс. Æрмæст дыл æгæр куы баизæр уа, уæд-иу уыдонмæ баззай. Хасанбег Аслæнбегмæ хæлæг кæны, йæ зæрдæ ахуырмæ афтæ кæмæн райы. — Мæн дæр, зæгъын, Аслæнбег, цалынмæ куысты тыххæй бæлвырд исты дзуапп базонон, уæдмæ истытæ архайын хъæуы, фæлæ кæцæй райдайон, нæ зонын... — Уый та цы хоныс? Хæдзарыл дæ цæст ахæсс, æмæ дзы æгуыдзæг ран кæм фенай, уым æй банывыл кæн. Бырутæм-ма акæс, ранæй-рæтты кауы уистæ арт кæныны йеддæмæ ницæмæн- уал бæззынц, æмæ сын цастæ хъæуы, кæд ма сæ цæджындзтæ бæззынц, уæд ацу æмæ хъæдæй лæгуæрдоны уистæ æрлас æмæ раив каутæ. Цармæ дæр скæс, кæд дзы, миййаг, искуы тæдзы. Хæдзары тынг бирæ куыстытæ ссарæн ис, æмæ хъуамæ æгуы- дзæгæй ма зайой. Æниу скъæттæ сыгъдæг кæнынмæ Асиатмæ кæсыс? Афтæ, ме ’фсымæр, цæрдæг куы нæ уай, сæрæн, уæд дын йæ чызджы ничи ратдзæнис. 55
* * * Иу хуыцаубон Солтанбег горæтмæ ссыдис, Замирæтимæ ауынаффæ кодтой: иумæ суг баласдзысты æмæ сæ Сослантæм акал- дзысты. Уырдыгæй сæ Хасанбег сæмбæлын кæндзæнис Асиатыл. Изæрæй Сослан хæдзармæ куы ’рбацыд æмæ сугтæ куы федта, уæд бамбæрста, Солтанбег сæ кæй æрбаласта. — Хасанбег, сугтæ æрласын кодтон æмæ мæ шофырæн фе- рох и зæгъын, Асиаты хæдзары дуармæ сæ куыд акала. — Мæ бар сæ уадз, Сослан. Æз сæ, куы æрталынг уа, уæд фæдæле кæндзынæн. Изæрдалынгты лæгуæрдонæй æрбаласта, йе ’фсымæр ын цыдæриддæр бацамыдта, уыдон. Райсомæй сæм æркæстытæ код- та, цæджындзтæн бæзгæ хъилтæ иуварс æвæрдта, сугтæн чи бæз- зыд, уыдон ныссаста æмæ сæ хурварс самадта. Сыхæгтæ Хасанбегæй æппæлын райдыдтой. Загътой-иу, Асиа- ты йеддæмæ афтæ æххæст сывæллæттæ ничи схъомыл кодта. Нал æвдæлдис бадынмæ Хасанбеджы. Асиатæн дзы йæ зæрдæ рухс кодта, уæдæ йын адæмы æппæлд ныхæстæ дæр æхсызгон кæм нæ уыдыс- ты! Хасанбеджы змæлд æмæ Тамарæйы архайд иу кодтой адæмы æхсæн, æмæ Хасанбеджы хуызæн сæрæнгуырд нал уыдис. Хуыцаубоны Солтанбег Замирæт æмæ Аланмæ куы ссыдис, уæд, Риммæйы дæр немæ аласæм, зæгъгæ, йæм Замирæт æмдзæ- рæнмæ батагъд кодта. Бинонтæ æрцæуын æнхъæл нæ уыдысты Риммæйæн, уæдæ Хасанбегæн та æхсызгон кæм нæ уыди. Куы йæ ауыдта фæндагыл æрхизгæ, уæд уайтагъд йæ цуры баллæуыд. — Агайтма дæ дзырд нæ фæсайдтай! — Замирæт мын куы нæ уыдаид, уæд не ’рцыдаин. Солтан- бег æм Дзæуджыхъæумæ ссыдис æмæ мæ семæ раластой. Сæ цæрæнбон бирæ, æндæр ныр æнæхъæн мæй мæ къухы нæ бинон- ты фенын не ’фтыдис. Кæд Хуыцауы фæнда, уæд мæ бирæ нал хъæуы. Авд къласы фæстæ мæ куы ауагътаиккой техникуммæ, уæд Замирæтимæ фæуыдаин каст. — Уæд афонмæ, чи зоны, мой дæр скодтаис... Æмæ уæд æз та? Мæ амондæн дæ нæ ауагътой раздæр ахуырмæ. — Цæуон, науæд мæм нæхимæ дæр æнхъæлмæ кæсынц æмæ тæригъæд сты. — Мæнæ мæ хæдзары куыстытæ æртæ бонмæ фæуыныл бацар- хайдзынæн, стæй Дзæуджыхъæумæ цæудзынæн æмæ фендзыстæм. Хасанбег Риммæйæ куы фæхицæн, уæд та йæ фыдгæнд йæ зæрдыл æрбалæууыд. Ахъуыды кодта, ныронг-иу æртыгай бонтæ дæр фæцис горæты Райкæтæм, фæлæ ныр мæт кæны, кæмæ æрфы- сым кæндзæнис, ууыл. Æнкъардæй сыздæхтис сæ хæдзармæ. Асиат 56
æм рахаста фыстæг, иу лæг, дам, нæм æй æрбалæвæрдта. Алаги- рæй чи цыди, ахæм. Хасанбег фыстæг куы бакаст, йе ’мбалы æфсы- мæр сæм мæйы æмгъуыдмæ æнхъæлмæ кæй кæсы Архангельскы, уæд бацин кодта, рæстæг ма йын кæй уыди, ууыл. Иу бон Симæ дуканийы Тамарæйыл амбæлдис æмæ сæм ны- хас рауадис. Симæ дзырдта: — Риммæ тагъд ахуыр фæуыдзæнис, æмæ йæ кæдæм æрвит- дзысты, уый иннæ къуыри бæрæг уыдзæни. Æмæ мæты бахауд- тæн кæдæм æй æрвитдзысты?! — Мæнæ Замирæтæн дæр æвиппайды чындзæхсæв уымæн скодтой, цæмæй йæ дард ранмæ ма арвитой æмæ иу æнæзонгæйы хай ма фæуа. Сымах дæр бацархайут, æмæ, йæ зæрдæ кæд ис- кæмæ æхсайы, уæд йæ амонд — уæхи къухы. — Цы бæрæг у, кæд искæмæ æхсайы йæ зæрдæ, уæддæр — махæн ницы дзуры. — Æ, гормойнаг, æмæ мæнæ нæхи Хасанбегæй цы зæгъдзынæ? Дард искæмæ куы смой кæна, уæд æй мæй нæ, фæлæ, афæдз иу хатт уындзынæ. Асиаты къухмæ чи бахауа, уый та йæхи амонд- джыныл нымайæд. — Цæй, Тамарæ, нæ уынаффæтæ адард сты. Сæхимæ цы зонд ис, уый уал базонын хъæуы. Тамарæ йæхиуыл нæ ауæрды, цыфæнды куыст дæр ныууадзы æмæ архайы сыхæгты астæу Хасанбеджы хорзы кой кæныныл. Цыдысты бонтæ. Хасанбегæн-иу, гæнæн куы фæци, уæд го- рæты балаууыд. Æмдзæрæны дуармæ лæугæ-иу æй куы федтой чызджытæ, уæд-иу бахæлæг кодтой Риммæмæ, ахæм лæппу кæмæ ’нхъæлмæ кæсы. Хасанбег зыдта, Риммæ йæ бинонты ныхмæ кæй нæ ныллæу- дзæнис, æмæ фæстаг фембæлды фæстæ Дзæуджыхъæуæй ком- коммæ Аслæнбегимæ бауынаффæ кæнынмæ ацыдис. Баййæфта йæ каурæбын бандоныл бадгæ. — Дæ бон хорз, ме ’фсымæр. Фæлварæнтæ лæвæрд фæдæ, æвæццæгæн, æмæ æвдæлон бадт кæныс... — Æвдæлон бæргæ нæ дæн, фæлæ иу къухæй цы бачындæуа, æндæр æнцад иунæг сахат дæр не ’рбадин, — Аслæнбегæн йæ ’фсымæры фенд æхсызгон уыд. — Мæнæн зæгъ, цы кæнын хъæуы, уый, æмæ сæ æз бакæн- дзынæн. — Дæхæдæг акæстытæ кæн æмæ, кæнинагæй цы фенай хæ- дзары алыварс, уыдон бакæн. Уый фæстæ фендзыстам. Фехъу- ыстон — дæ хæдзарыл дæ къухдзæф фæбæрæг. Нæлгоймаг цы хæдзары уа, уым хъуамæ æгуыдзæг мацы уа. Дæ хабæрттæ куыд сты, ома куысты тыххæй искуы зæрдæ æвæрынц? 57
— Мæ зæрды мæ зонгæимæ Архангельскмæ ацæуын ис. Уым мын зæрдæ æвæрынц шофыры куыст æмæ цæрæнуатæй. Æрмæст нæхимæ куыд бауынаффæ кодтат, афтæ мæ каст, Риммæ йæ ахуыр куы фæуа, уæдмæ у. — Цас ма йæ хъæуы? — Ацы мæйы кæронмæ. — Зæрдæ дын бавæрдта дæуимæ ацæуынæн? — Нæ, уый тыххæй йын ницыма загътон. Хъуыддаг цæмæй райдайон, уый дæр нæ зонын. — Чызг разы у фидауджытæ барвитыныл? — Нæ зонын, фæлæ загъта, æз дæуæй раздæр никæй равзар- дзынæн, æрмæст мæ бинонты фæндыл дæр мæ къух нæ сисдзынæн. — Уæдæ афтæ бакæнæм: Тамарæ Симæйæн бакой кæнæд, сабаты уæм минæвæрттæ бацæуынмæ хъавы, зæгъгæ. Кæд Симæ разыйы дзуапп ратта, уæд мæм майрæмбоны райсомæй æрбауай- дзынæ, кæд нæ, уæд дын цы зæгъон, нæ зонын. Хасанбег цыдæртæ ацархайдта кæрты. Зæирæ йæм, мидæмæ рацу, исты бахæр, дзырдта, фæлæ йæм йæ тыхстæй хæрын нæ цыдис. Сæхимæ баййæфта Тамарæйы: — Ныр мын Риммæйы куы нæ раттой, уæд цы кæндзынæн? Базон-ма, Тамарæ, кæддæра, бинонтæ цы зæрдæйыуаг дарынц ацы хъуыддагмæ. — Ома комкоммæ бацæуон чызджы хæдзармæ æмæ сæ ба- фæрсон? — Нæ, афтæ нæ зæгъын, фæлæ сын сæ зæрдæйыуаг куы базонин, уæд хорз уаид. Уыцы изæр Тамарæ Симæйыл бамбæлди. Цыдæр койтæ-койтæ йын æркодта, æмæ йын уæд уый загъта: — Хасанбеджы хуызæн лæппуйы минæвæртты чи аздахдзæ- нис æгадæй! Æмæ фынг скæнын мæ бар уадз. Фæлæ нæ лæг цы зæгъдзæнис — хæйрæг æй базонæд. Уыцы бонæй фæстæмæ хъуыддаг хъæубæстыл айхъуыстис. Хасанбегмæ йæ зæрдæ цы чызджытæн æхсайдта, уыдонæй фæс- тæмæ хъуыддаг алкæмæн дæр æхсызгон уыди. Бинонтæ куы бамбæрстой, Хасанбег æмæ Риммæ æмзонд сты, уæд минæвæрттæ дыккаг бацыдæй разыйы дзуаппимæ æрбаз- дæхтысты. — Кæдмæ баныхас кодтат, Аслæнбег? — Мæймæ, мæ зынаргъ мад Асиат. Сæр дæ бахъуыд. Ацы хъуыд- даг ма дын баззадис кæнинаг æмæ дзы дæхи дзагармæй равдис. — Иунæг кадджын Хуыцау æй амондджын хъуыддаг фæкæ- нæд! Мæйы кæронмæ дæр бирæ нал ис, æмæ дæхæдæг уынаф- фæтæ дæхимæ куы нæ райсай, уæд Хасанбег цы ’мбары. 58
Хасанбегыл цыма ницы хæс уыдис, афтæ йæхи дардта. Хъуы- ды кодта, цæй æфсонæй суайа горæтмæ, цæмæй Риммæйы фена. Мады зæрдæ зонаг у, фæзæгъынц. Куы бамбæрста йæ лæппуйы, уæд æй арвыста йæ хо Райкæмæ, цæмæй йын зæгъа: чындзхас- тæй къуыри раздæр ам куыд уа, афтæ. Хасанбег, кæд бæлвырд зыдта, Райкæ сæхимæ нæ уыдзæ- нис, уый, уæддæр мадæн ницы загъта, афтæмæй фæраст Дзæуджы- хъæумæ. Æмдзæрæнмæ дæрддзæф æрлæууыд, кæд мæ Риммæ фенид æмæ уынгмæ рацæуид, зæгъгæ. Уалынмæ йæ чызджытæй чидæр ауыдта æмæ Риммæйæн фехъусын кодта. Риммæ æфсæр- мыгæнгæ рацыдис, Хасанбег кæм лæууыд, уырдæм. — Ныр дæр ма тæрсгæ кæнын, исты куы зæгъон, æмæ дæ зæрдæмæ куынæ фæцæуа? — загъта Хасанбег æмæ чызгмæ ком- коммæ бакаст. Уыцы ныхас Риммæмæ худæг фæкаст, æмæ ху- дын куы байдыдта, уæд Хасанбег фæныфсджындæр. Чызджы къух райста æмæ йæ йæ дыууæ армы ’хсæн бакодта. — Дæ зæрдæ мацæмæ ’хсайæд. Дæ фæлварæнты кой кæн. Æз дæумæ ахæм зæрдæйыуагимæ цыдтæн, уыйас хорз ныхæстæ дын зæгъинаг уыдтæн, фæлæ нæ, æвæццæгæн, нал бахъуыдыс- ты. Зон, фæсмойнаг ницæмæй уыдзынæ, æмзонд-æмвæндæй араз- дзыстæм нæ цард. Ныхасгæнгæ Терчы былмæ ацыдысты. Дзæвгар фæныхæстæ кодтой. Стæй Хасанбег Райкæтæм ацыдис. Дуары бахостмæ йæ мады хо куы ракастис, уæд Хасанбег фæджих, стæй бацин кодтой кæрæдзиуыл. — Цы хабæрттæ ис хъæуы? Мæ хо куыд у? — Ницы йын у, дзæбæх у. Бафæдзæхста мын, чындзхасты бонæй, дам, къуыри раздæр махмæ куыд æрцæуай. Чи хæссы чындз, зæгъгæ, куы бафæрста Райкæ, уæд Хасан- бег йæ мидбыл бахудт. — Ницы ’нхъæл мын дæ, æви, мæ мады хо? — Цæмæн зæгъыс, мæ ныгæнын дæр мæ хойы лæппутæм куы кæсы. Æмæ мын Замирæты дæр уыдон куы сразæнгард кодтой чындзы цæуыныл, уæддæр сæ фæндыл ДЫууæ КуЫ нæ загътон, уайтагъд куы сразы дæн семæ. Амондджын фæуæд хъуыддаг, фæлæ чи у нæ чындзаг? — Нæ сыхæгты чызг. — Риммæйæ ма зæгъ? — О, уыимæ бафидыдтам. — Хорз чызг у. Раст дын куы зæгъон, уæд дæ фыдзыкъуыр зондахастимæ уый аккаг нæ дæ, фæлæ йын аргъ кæнын базон. Махмæ Замирæтимæ арæх цыдис, æмæ йæ уынд нæ, фæлæ йæ февнæлд, йæ архайдмæ адæймаг кæсынæй не ’фсæсти. 59
Хасанбегæн æхсызгон уыдис, Райкæ Риммæйæ кæй æппæ- лы, уый, фæлæ йæхинымæр та ууыл хъуыды кодта, цымæ исты зоны Райкæ йæ æвирхъау фыдракæндæн? Бирæ фæбадтысты, бирæ фæныхæстæ кодтой, стæй дын æгæр баизæр, зæгъгæ, Райкæ, Хасæнбеджы нал ауагъта. Хасанбег сразы йæ мады хойы фæндыл. Райсомæй ма æмдзæ- рæнмæ фездæхт, фæлæ, Риммæ фæлварæнты ис, зæгъгæ, йын куы фехъусын кодтой, уæд хъæумæ ацыдис. Иу машинæ фембæлд æмæ йæ Къардонмæ нылласта. Уым куы æрхызтис машинæйæ, уæд Сол- танбег та посты дуармæ рахызт. Кæрæдзимæ фемдзаст сты, фæлæ йæ цыма зонгæ дæр нæ кодта, афтæ иннæрдæм акастис. * * * Чындзæхсæвмæ æрцыди бирæ адæм хъæуы ничиуал баззад. Æндæр хъæутæй дæр дзы уыдис. Сæ кафт, сæ симд, сæ хъæл- дзæгдзинад суанг боныцъæхтæм ахаста. Асиатæн кæд кæстæри- уæггæнджытæ уыдис, уæддæр дзы, йæхимæ чи хауд, ахæм хъуыд- дæгтæ дæр бирæ уыдис, уымæ гæсгæ бафæллад. Райкæйæн ба- лæгъстæ кодта, цæмæй ма дыууæ боны уæддæр баззадаид. Райкæ йын фæтæригъæд кодта æмæ сразы. Чындзæхсæвы фæстæ Ха- санбег Райкæйы размæ бацыд, йэе хъæбысы йæ æрбакæнынмæ хъавыд, фæлæ уый цыдæр æфсонæй йæхи аиуварс кодта. Уый фæстæ йæм Райкæ йæхæдæг бацыдис. — Иу хабар дын ракæнон, мæ хæрæфырт? Æрмæст æй дæ зæрдыл бадар. Æртæ барæджы, æппæтæй ифтонг, хъазгæ, худ- гæйæ æрбацæйцыдысты. Зилгæйы уæлмæрдты размæ куы æрба- хæццæ сты, уæд сæ иу, иннæтæй хæрзконддæр, ахуыргонддæр, ливор æрбайста синæй æмæ йе ’мбæлтты цæстмæ, куыд рæстд- зæф у, уый равдисыны тыххæй, цырты бæрзонд цъуппыл цы рæсугъд цъиу бадтис, уымæ ныхъхъавыд. Куыддæр мæнгвæдæгыл æрбахæцыд, афтæ ливор ныггуыпп кодта æмæ фехæлд. Уый- адыл барæг йæ тæккæ амондагургæйæ бакуырм. Йæ уарзонмæ минæвæрттæ барвитын йæ ныфс нал бахаста. Æндæр чызг ын æрхастой, фæлæ йæ уынгæ дæр никуы фæкодта, æмæ нæ зыдта, цы хуызæн у, уый. Цы сывæллæттæ йын райгуырдис, уыдоны дæр никуы федта, афтæмæй, мæгуыр цъиуы кæд маргæ нæ акод- та, уæддæр, йæ зæрды ахæм æвирхъау ми кæй æрæфтыдис, уый йын Хуыцау нæ ныббарста. Уыцы ныхæстæм Хасанбег гуыбырæй фæхъуыста æмæ кæртмæ рацыдис. Цы ма йын бамбарын хъуыдис, Райкæ йын йæ æвирхъау раконд кæй зоны, уый æмæ йæхинымæр катай кæнын байдыдта. Йæхи цы фæкодтаид, уымæи ницы зыдта, æмæ дык- 60
каг бон, Аслæнбегæн цыдæр куыстытæ æрдæгыл ныууагътон æмæ сæ абон фæуын хъæуы, зæгъгæ, ацыди. — Хасанбег тынг аивта. Æфсадæй куы ссыдис, уæдæй нырмæ, æнцад æрбадын йæ фæсонæрхæджы дæр нæй, — æппæлæгау загъ- та Асиат. — Мæнмæ дæр афтæ кæсы, — Асиатæн зæрдæлхæнæнæн ба- кодта Райкæ. Уалынмæ æдде æрбадзырдæуыдис, мæнæ уæм дард ранæй фыстæг, зæгъгæ. Асиат фыстæг райста æмæ йæ, Риммæ чыз- джытимæ цы уаты бадтис, уырдæм балæвæрдта. Цымыдис каст æркодтой фыстæгмæ, кæцæй æмæ кæмæй у, уый базонынмæ. — Архангельскæй, — бакастис Риммæ. — Нæ тæрсыс — кæд, мыййаг, Хасанбегмæ исты чызг сæрвы- ста фыстæг? Бакæсæм-ма йæ. — Кæй номыл æрвыст у фыстæг, уый йæ йæхæдæг бакæс- дзæнис. Мах уæддæр нæ базондзыстæм, кæмæй у, уый. Изæрæй Риммæ радта фыстæг Хасанбегмæ æмæ йæ иумæ бакастысты. «Дæ бонтæ хорз, мæ зынаргъ Хасан! Кæд дæ уарзон чызгимæ дæ цард баиу кодтай, уæд уын мæ зæрдæ зæгъы бирæ хорздзи- нæдтæ, уыдонæй æппæты хуыздæр зæрдæбынæй уарзондзинад æмæ кæрæдзи æмбарын. Æз кусын райдыдтон хъæдфадæн цехы. Мæ куыст мæ зæрдæмæ цæуы. Радтой мын иууатон фатер. Ме ’фсымæр Феликс дæр уыцы хæдзары цæры йæ бинойнагимæ. Ар- дæм æй хицауæй куы æрбаивтой, уæд ракуырдта, цæмæй йын цыппар фатеры раттой, зæрдæ кæмæн бавæрдта, ахæм æууæнк- джын кусджытæн. Иу дыууæуатон фатер радта, тыиг кæмæй æппæ- лынц, ахæм бинонтæн. Кæд, дам, де мбал тагъд сæмбæла, уæд, дам ын ратдзынæн иннæ дыууæуатон фатер, уымæн æмæ йæ шофыртæ тынг хъæуы. Æнхъæлмæ кæсын дзуапмæ. Дæхи Уырызмæг». Риммæ фыстæг каст куы фæцис, уæд кæрæдзимæ фæрсæ- джы каст бакодтой. — Риммæ, бæстон ахъуыды кæн. Куыд дæ фæнды: ацæуæм æви нæ? — Знон мын иу ахуыргæнæг дзырдта, нæ хъæуы ахуыргæн- джытæн ацы аз се ’ппæтæн куыст нæ уыдзæнис: скъоладзаутæ нæ фаг кæны. — Кæсыс, уырдæм куы ацæуæм, уæд скъолайы бынат куы нæ уа, уæддæр исты куыст ссарæн уыдзæнис. — Ды цы зæгъай, ууыл æз разы дæн, æрмæст дæ мад æмæ де ’фсымæртимæ бауынаффæ кæн, уыдоны зæрдæхудты ма бацу. Хасанбег Риммæйы æрбахъæбыс кодта æмæ йын загъта: 61
— Æз æмæ ды афтæ æмвæндонæй куы цæрæм, уæд нын бирæ бантысдзæнис. Чи зоны, зын дæр нын уыдзæнис, фæлæ бафæ- раздзыстæм. Хасанбег райдыдта Аслæнбегæй: уый хистæр у, æмæ уый фæндыл иннæтæ дæр сразы уыдзысты, зæгъгæ, фæлæ йæ уыцы хъуыды фæсайдта. — Ау, ме ’фсымæр, уый та куыд? Асиаты иунæгæй фæуадзат æмæ уæлæ арвы кæрон балæууат?! Нæ, мæ хур, уымæн гæнæн нæй! Изæрæй Хасанбег чындзытимæ аныхас кодта, уыдон загъ- той, кæд Асиаты фæнды, уæд махæн нæ хæс у не ’фсинмæ кæ- сын, æмæ уый тыххæй ныхас нæй. Сæхимæ куы æрбаздæхтис Хасанбег, уæд Асиаты Райкæимæ ныхасгæнгæ æрбаййæфта кæрты æмæ сæ астæу æрбадтис. — Цыдæр зæгъынмæ хъавыс, Хасанбег, æндæр нæ астæу не ’рбадтаис, — загъта Асиат. — Хорз мæ бамбæрстай, мæ уарзон мад. — Знон уыцы фыс- тæг мæ алагираг зонгæйæ райстон. Йæ кой дын куы кодтон, йе ’фсымæр дард Цæгаты хицауæй кусы, зæгъгæ, ныр та йæ Архан- гельскмæ æрбаивтой. Уырызмæг фыссы, зæгъгæ, нæм дыууæуа- тон фатер æнхъæлмæ кæсы, мæнмæ та — шофыры куыст. — Мæ хæдзарыл, æна! Уый та куыд? Æмæ Риммæ разы кæны? — Уый, æз сымахимæ куыд бауынаффæ кæнон, ууыл разы у. — Иуныхасæй, мæн нæ фæнды, Хасанбег. — Асиат, — лæппу йæ мады æрбахъæбыс кодта, — ды дæр бæстон нæ ахъуыды кодтай, афтæмæй «нæ» загътай. Ам дæ разы æгуыстæй куы бадон, уæд хуыздæр у? Риммæйæн дæр ам куыст нæй, æмæ йæ хæхбæстæм исты фæсвæд хъæумæ куы арвитой, уæд хуыздæр у? Ме ’мбалы фæндыл куы ацæуæм, уæд нæ дыу- уæйæн дæр куыст уыдзæнис. Æхца бакусдзыстæм æмæ нæ хæ- дзар арæзт фæуыдзыстæм. Иуныхасæй, ахъуыды кæнут уе ’ппæт дæр, — Хасанбег сыстад æмæ мидæмæ бацыд. Риммæимæ цы сыхаг чызджытæ бадтис, уыдон хабар куы бамбæрстой, уæд бахæлæг кодтой, цы амондджын фæдæ, зæгъгæ. Асиат æмæ Райкæ иунæгæй куы баззадысты, уæд иудзæвгар хъуыдыты аивгъуыдтой. — Райкæ, дæумæ та куыд фæкаст Хасанбеджы фæнд? — Мæ зæрдæ дын æвзæр нæ комдзæнис, æмæ йæ ауадз. Хуыз- дæр уыдзæнис дæуæн дæр æмæ иннæ бинонтæн дæр. Æз тагъд пенсийы рацæудзынæн æмæ дæ иунæгæй нæ ныууадздзынæн. Уæдæ дæ Замирæт æмæ сиахс дæр рохуаты нæ ныууадздзысты. Хасанбеджы фæндыл Аслæнбег æхсæв-бонмæ фæхъуыды кодта æмæ райсомæй фæраст йæ мадмæ. Йæ фæндаг йе ’фсымæртыл ракодта æмæ сæ иумæ æрбахæццæ кодта йæ фыды хæдзармæ. 62
Асиат сын исты хæринаг ацæттæ кæнынмæ хъавыдис, фæлæ йæ нæ бауагътой, мах ардæм уынаффæ кæнынмæ æрбацыдыс- тæм, зæгъгæ. Мах Райкæимæ разы стæм, сымахæн нæ зонæм, — загъта Асиат. — Уæдæ мах дæр ницыуал зæгъæм. Бадзырдтой Хасанбегмæ. — Цæй, не ’фсымæр, кæд цæуынмæ хъавыс? — Тæккæ райсом дæр, уымæн æмæ фатер æндæр искæмæн куы раттой, уæд нæ æнхъæлмæ кæсын хъæудзæнис, цалынмæ ног хæдзар аразой, уæдмæ. Асиат уайтагъд хуырхимæ конд хыссæйæ æртæ фæлмæн уæли- выхы ракодта æмæ сæ алы халсартимæ стъолыл æрæвæрдта, Хасанбеджы афæндарастæн сæ акувут, зæгъгæ. Æфсымæртæ фынгыл куы ’рбадтысты, уæд Асиат йæ хомæ дзуры: — Ныр мæ, Райкæ, цы сагъæс ис, уый зоныс? Риммæ йæ ацæуыны размæ сæхимæ куы нæ бауайа, уæд хорз нæу. Иннæ- мæй та, афтæ раджы куыд бацæуа йæ цæгатмæ? Аслæнбег худгæйæ Асиатмæ дзуры: — Æндæр зындзинад Хуыцау ма бавзарын кæнæд! Цыдæрид- дæр æмбæлы, уый зæгъ æмæ йæ изæры мæнæ Тамарæ æмæ Ду- сяимæ сæхимæ барвит. Йæхиуæтты фендзæни. Уый фæстæ та йæм мæнæ йæ тиутæ бауайдзысты. Мæнмæ гæсгæ дзы нæ бай- рох уыдзæнис, райсом сæ фæндагмæ рæвдз кæнын кæй хъæуы... Тамарæ рагацау Симæйæн бамбарын кодта уыцы фæнд. Те- мырболатæн æхсызгон куыд нæ уыдис йæ чызджы фенын, йемæ аныхæстæ кæнын. Цæугæ кæнынц, уый куы базыдта, уæд цин дæр бакодта, тыхсгæ дæр — куыд вæййы, афтæ. Асиат æмæ Симæ бацæттæ кодтой фæндагмæ Хасанбег æмæ Риммæйы. Дыккаг бон изæры ацыдысты. Архангельскы сæ размæ рацыдысты Уырызмæг, Феликсы бинойнаг Казетæ, сæ сыхаг чи уыдзæн, уый — Роман. Сæ зæрдæ куыд нæ барухс уыдаид, иро- нау ныхæстæ кæнгæйæ сыл куы сæмбæлдысты, уæд! Хасанбег æмæ Риммæйы зæрдæмæ фатер тынг фæцыдис. Сæ бынатæн, раст цыма хъæуы ирон фынджы уæлхъус бадтысты, афтæ фынг сцæттæ кодтой, æмæ Феликс йæ куывды загъта: æрмæст æз кæимæ æрбафтыдтæн ардæм, уыцы ирон лæппутæ уыдзысты аст, цас ма дзы цæры, уый нæ зонын, фæлæ, искæуыл истæмæй мæ зæрдæ фæхудтис, уый куы бамбарон, уæд ам кусгæ нæ, фæлæ йæ кой дæр цæмæй мауал уа, ууыл архайдзынæн. Афтæ Хасанбег райдыдта кусын машинæйыл, Риммæ та уал рæстæгмæ — горæххæсткомы фæсивæды хъомыладон хайады. Сæ куыст сæ зæрдæмæ цыдис, мызд дæр хорз истой, фæлæ уæддæр 63
цалынмæ ацахуыр сты, уæдмæ мысыдысты сæхи хъæу. Уæлдай зындæр уыди Риммæйæн. — Риммæ, æнкъард ма кæн, исты, мыййаг, ахæстоны не стæм, бæтгæ нæ ничи кæны, кæдфæнды дæр нын ис ацæуыны бар. — Нæ, Хасанбег, цæуыны фæнд мæм нæй. Æз, афтæ хорз ацæудзысты нæ хъуыддæгтæ, уый æнхъæл куынæ уыдтæн æмæ куы сразы дæн. Нæ, фæстæмæ — нæ. Уырызмæджы цæрæнбон бирæ, æгайтма нын ахæм гæнæнтæ фæцис, нæ сыхы чызджытæ мæм хæлæг куы кодтой... Цыдысты бонтæ. Ирон адæмæй Архангельскы чи уыдис, уыдон иумæ амбæлдысты, кæд алы фæлладуадзæн бон нæ, уæд- дæр мæй дыууæ хатты. Риммæ ирон хæринæгтæ кæнынмæ дæс- ны уыд æмæ алы æмбырдмæ дæр йе ’ртæ чъирийы кæддæрид- дæр уыдысты цæттæ. Бæрæгбæттæй уæлдай дзы алкæмæн дæр бæрæг кодтой йæ райгуырæн бон. Риммæйы зæрдæмæ алцы дæр цыди сæ царды, фæлæ иу бон йæхимæ хъусыныл фæцис. Хасанбег æм комкоммæ фæкасти иуцасдæр, стæй æм ба- дзырдта: — Цæуылдæр сагьæс кæй кæныс, уый бæрæг у æмæ мын æй зæгь. Уый афсон кодта: — Мæ сæр риссы. Иу изæр Хасанбег дард фæндагæй æрбаздæхти, йæхи дива- ныл æруагъта æмæ дзуры: — Гъеныр нæм иу гыццыл сывæллон куы уаид, уæд афтæ сабыр нæ уаид нæ хæдзар. Адæймагæн, дам, йæ фæллад дæр айсæфы, фæзæгъынц. Риммæ разылдис Хасанбеджы ’рдæм, бахудтис æм. — Æз та дæ сусæг кодтон, тагъд нæм сывæллон кæй уыдзæ- нис, уый. Мыййаг, зæгъын... цы нæ вæййы... Хасанбег уыциу гæпп фæкодта диванæй, Риммæйы йæ хъæ- бысы фелвæста æмæ йæ фырцинæй фатеры къуымты раскъæф- баскъæф систа. — Суадз мæ, кæннод дæ сæр разилдзæн æмæ... — Бæлвырд æй зоныс, Риммæ? Æви мæ къахгæ кæныс? — Раст авд мæйы фæстæ дæ хъусты бæмбæджы къæрмæ- джытæ тъысдзынæ. Хасанбегæн уæлдай нæ уыдис, чызг уа, лæппу уа — æрмæст хæдзары æнæ сахъат сывæллон фæзынæд. Риммæйæн дохтыртæ куы загътой, дыууæ дын куы уа, уымæй фæллойаг у, уæд йæ са- гьæс фæфылдæр. Раст тьæнджы мæй, Хасанбегмæ хæрзæггурæггаг цы дохтыр фæцис, чызг æмæ дын лæппу райгуырдис, зæгъгæ, уый фырцинæй йæ хъæбысы фелвæста æмæ йæ йæ алыварс ныззылдта. 64
Цалынмæ Риммæйы рынчындонæй рафыстой, уæдмæ сæ зон- гæтæй уый чи нæ бабæрæг кодта, зæрдæбынæй сæ циныл чи-нæ цин кодта, ахæм нæ баззад. Стæй рынчындонæй куы рацыдис, уæд та сæм хæдзармæ сæмбырд сты, алчидæр бæллыдис, уый куы сæвæрид нæмттæ сывæллæттыл, уымæ. Хæлттæ æппарын байдыдтой, æмæ Риммæйы æмкусæг уырыссаг лæг æмæ усы хал схаудис. Уыдон ныффыстой сæхи нæмттæ гæххæттыл: «Руслан» æмæ «Людмилæ». Афæдзгæйттæ куы сæххæст сывæллæттыл, уæд Риммæ ку- ыстмæ рацыдис. Изæрыгæтты-иу хæдзары куы æрбадтысты Ха- санбегимæ, уæд-иу æрæмысыдысты Ирыстон. Фæндтæ-иу кодтой. Фæлæ дохтыртæ куыд загътой, афтæмæй, цалынмæ сывæллæттыл æртыгай азтæ нæ сæххæст уа, уæдмæ сæ ацæуыныл тагъд кæнын нæ хъæуы. Æмæ уæд Риммæ Хасанбеджы хъусы куы бацæгъдид: уæд та уал ды ацу иунæгæй. Хасанбегæн хъыг уыд уыцы ныхас: — Æз æнæ сымах никæдæм цæуын. Сывæллæтты кæм нæ уынон, уым мæнæн ахæстон уыдзæнис. Руслан æмæ Людмилæ æнæнизæй рæзыдысты. Æртæ азы сыл куы сæххæст, уæд сын сæ номæвæрджытæ балæвар кодтой велосипедтæ. Фæлæ сыл бадæн нæ уыдис, уымæн æмæ æддейы уазал уыдис. Хасанбег сын зæрдæ æвæрдта, Ирыстонмæ куы ацæуой, уæд уым хъарм уыдзæнис, æмæ уæ велосипедтыл тезгъо кæндзыстут, зæгъгæ. Уалдзæджы райдайæны Ирыстонмæ куы ссыдысты цыппар бинойнагæй, уæд цин куыд нæ кодтой Риммæйы ныййарджытæ! Асиат æмæ йе ’ртæ фырты æд бинонтæ. Дыууæ бинонты астæу Людæ æмæ Руслан дыууæрдæм кодтой. Риммæйы дыууæ кæс- тæр æфсымæры сæ иунæг хойы уындæй нал æфсæстысты. Хасанбег йæ хæстæджыты куы бабæрæг кодта, уæд, дзæ- гъæлы цы бадон, зæгъгæ, йæ хæдзары бындур асыгъдæг кодта. Рахъавыди къултæ самайын æмæ хæдзарæн йæ сæр бамбæр- зынмæ. Риммæ йын цалдæр хатты загъта, дæ фæллад уал суадз, зæгъгæ, фæлæ йæм Хасанбег нæ байхъуыста. — Цалынмæ мæ къух амоны, уæдмæ, агуыридуртæ æррæвдз кæндзынæн æмæ — амайгæ! Сæхи хъæуккаг лæппуимæ баныхас кодта, цæмæй йын дуртæ æрбаласа, æмæ цалынмæ Хасанбег æмæ Сосланы фынддæсаздзыд лæппу æвдæлон кодтой машинæ, уæдмæ сæхимæ ацыд, нæхимæ мæм нæ хæстæг æнхъæлмæ кæсы, зæгъгæ: Уыдон машинæ куы раафтид кодтой, уæд, кæрты ма лæууа, зæгъгæ, Хасанбег кабинæйы бабадт, æмæ йæ кулдуарыл æддæмæ куыд рацæйтардта, афтæ гыццыл Руслан йæ велосипедыл кæртмæ фæцæйцыд, машинæйы цалхыл йæхи скъуырдта æмæ иуварс ас- хъиудта. Хасанбег рагæпп кодта машинæйæ, лæппуйы фелвæста. 5 Санаты Еленæ 65
Къардоны рынчындоны йæ балæууын кодтой. Дзæуджыхъæуæй дæр ма æрхæццæ кодтой дохтыртæ, фæлæ йын сæ бон ницыуал бацис. Хасанбег æмæ Риммæйы кæуынмæ арв æмæ зæхх дæр æрыхъуыстой. Уалынмæ хæстæджытæ, хиуæттæ æрхæццæ сты Къардонмæ. Зианы сæвæрдтой машинæйы, фæлæ ма Хасанбег машинæмæ схи- за æмæ дзы ацæуа, уый йæ зæрдæ пæ куымдта. Уæд ын уколтæ скодтой æмæ йæ бахастой машинæмæ. Уыцы æвирхъау зианы хабар адæмыл айхъуыстис. Солтанбег дæр фехъуыста хабар æмæ тынг фæхъыг кодта. Уыцы бон ма Аслæнбеджы абæрæг кæнинаг уыдис, фæлæ ныр сæхимæ фæдисы цыдæй æрхæццæ. — Æвирхъау хабар æрцыдис, — бадзырдта дуарæй. Замирæт сагъдау аззади. — Хасанбеджы лæппу Русик хæдтулгæйы бын бахауд. Замирæтæн йæ цæссыгтæ ныггæр-гæр кодтой! Кæугæ-кæуын загъта: — Уæд мæн цæуын хъæуы ныртæккæ. — Æмæ æз та? — йæ цæстытæ бауымæл сты Солтанбегæн. — Ды ам сывæллонимæ баззай. — Æмæ ма сæм цы цæсгом равдисдзынæн?! Маргæ мæ куы акæна Хасанбег, уæддæр мын æнæ цæугæ нæй. Солтанбег ацыдис вагзалмæ. Бæтæхъойæн куы ракодта ха- бар, уæд ын уый загъта: — Уырдæм сымах хъуамæ иунæгæй ма ацæуат. Райсом исты æрхъуыды кæндзыстæм. Райсомæй автобус Солтанбегты дуармæ æрлæууыдис йе ’мкус- джытæй цалдæримæ. Уалынмæ æрбахæццæ сты дыууæ рог ма- шинæйы Бæтæхъо, Коля æмæ Тузар. Æндæр хъæутæй куы райдыдтой мæрддзыгой цæуын, уæд кæрт адæмæй байдзаг. Дардæй æрбайхъуыст æрыгон сылгойма- джы кæуын. Асиат бамбæрста, уый Замирæт кæй у, æмæ цыма йæ размæ рауайынмæ хъавыдис, афтæ сыстад. Мæрддзыгойы нæлгоймæгтимæ Асиат Солтанбеджы куы ауыдта, уæд бакатай кодта. Лæгтæ, Бæтæхъо сæ разæй, афтæ- мæй тæфæрфæс кæнынмæ бацыдысты хистæртæм. Адæм сæ каст нæлгоймæгтæм скодтой. Хасанбег, куы ауыдта, йе ’ртæ æфсымæры, размæ ракъæх- дзæф кæнгæйæ Солтанбегæн йæ уæхсчытыл сæ къухтæ æрæ- вæрдтой, уæд сæ размæ рацыдис æмæ Солтанбегыл ныттыхст, йæ^зонгуытыл æрлæууынмæ куыд хъавыдис, афтæ йæм уый фæ- рæвдз æмæ йæ нæ бауагъта, уæд ныккуыдта хъæрæй Хасанбег æмæ кæугæ-кæуын дзуры: — Мæ фыдгæнд мыи Хуыцау нæ ныббарста, фæлæ мын æй 66
ды уæддæр ныббар. Дæуæн мæ зæрдæ цы загъта, уый мæхиуыл æрцыдис... Æфсымæртæ дис кодтой, Хасанбег Солтæнбегæй хатыр цæй тыххæй куры, ууыл. Хиуæттæ фæндараст зæгъынмæ куы бацыдысты, уæд Хасан- бег, Солтанбеджы къух нæ уадзгæйæ, сабийы мардыл ныддæл- гом. Кæуы, адæм æй иууылдæр куыд хъусой, афтæ: — Кæд дыл мæн тыххæй æрцыдис ацы фыдбылыз, уæд дæ гыццыл уд мæ уд ахæссæд йемæ уыцы дунемæ, уæддæр æз ацы дунейы цæрынæн нæ бæззын. Солтанбег дæр куыдта, Хасанбег куыд куыдта, афтæ, æмæ сын æрцæуæг адæм сæхи нæ урæдтой сæ кæуынмæ. Зианы бавæрдтой Ирмæйы фарсмæ, уадз æмæ, дам, æй уый уæддæр рæвдауа. Уæлмæрдæй здæхгæйæ æртæ ’фсымæры кæрæдзи фæрсынц, цæй тыххæй куырдта се ’фсымæр хатыр Солтанбегæй, зæгъгæ. Сфæнд кодтой Замирæты бафæрсын. Уый сын куы рахабар код- та Хасанбеджы æбуалгъ ми, уæд зæхмæ ныккастысты, фырди- сæй сæ бон дзурын дæр нал уыдис, ноджы ма сын Замирæт, макæмæн æй зæгъут, куы бафæдзæхста, уæд сæ уый бынтон дисы бафтыдта. Æппынæрæджиау Аслæнбег загъта: — Мæнгæй нæ зæгъынц, дæхицæн цы нæ уарзы дæ цæст, уый макуы макæмæн бауарзæд. Райкæ бамбæрста, Замирæтмæ цæмæн фæдзырдтой æфсы- мæртæ уый, æмæ сæ размæ бацыдис. — Цæуыл сагъæсхуызæй лæуут, мæ хæрæфырттæ? — Мæнæ Замирæты йæ царды хабарттæй фарстам, — афæл- вæрдта ныхас иннæрдæм аздахын Махарбег. — Нæ, мæ хуртæ, — Райкæ йæ хæрæфырттыл йæ цæст ахас- та, уымæй йæ нæ фæрсут. — Æз дæр уыцы æхсæв уым уыдтæн, федтон æмæ фехъуыстон алцыдæр, фæлæ Солтанбег æмæ Зами- рæтæн ницы загътон... Тæригъæд, мæ хуртæ, Хуыцау нæ бары... — Омæ нын ды та куыд ницы загътай, мах дын уайдзæфтæ куы кодтам, Хасанбеджы чындзæхсæвмæ Замирæт цæуылнæ ссы- дис, зæгъгæ, уæд? — Афтæ дæр вæййы, мæ хуртæ, æмæ хатгай дзыхыл хæцынæй хуыздæр ницы ис. Сайрагдæр уый у, æмæ Хасанбегмæ фæсмон кæй æрцыд. Нырма йын чызг ис, тагъд та йын кæд лæппу дæр уаид. Уыцы хабар мах куы стынг кодтаиккам, уæд афонмæ Хасанбег ахæстоны бадид. Алан та Хуыцауы фæрцы æгайтма дзæбæхæй баз- задис. Æрмæст уæ курæг дæн — ацы хъуыддаг куыд ничиуал базо- на, уæлдайдæр Аланы хъустыл куыд никуыцæй æрцæуа... 67
ХÆРЗГÆНÆГ Гæстæн гыццылæй фæстæмæ цыдис фыййау æмæ Дзабойы дæр ууыл ахуыр кодта. Гыццыл Дзабо ацы куыстыл афтæ фæца- хуыр, æмæ йæ хъазæг æмбæлттæ дæр уæрыччытæ æмæ сæныч- чытæ систы. Суанг ма-иу семæ ныхæстæ дæр кодта. Цардбæллон лæппу фыдмæ кастис æмæ, уый цыдæриддæр кодта, ууыл зæрдиагæй архайдта сахуырыл. Фосы фæстæ цæу- гæйæ æмбырд кодта уистæ, æмæ уый дæр хуымæтæг уистæ нæ, фæлæ, йæ фыд кæй æмбырд кодта, ахæмтæ. Изæрæй-иу фос куы æртардтой, уæд-иу лæппу фосимæ йæхи ирхæфста, уыдоны фæзмгæйæ-иу гæппытæ дæр кодта. Фос дæр ыл афтæ сахуыр сты, æмæ-иу æнхъæлмæ кастысты Дзабойы фæзындмæ. Сæ изæры куыстытæ-иу куы фесты фырт æмæ фыд, уæд-иу æрбадтысты æхсæвæр хæрыныл. «Мæн дæр базонын хъæуы хæринаг кæнын мæ фыды хуызæн, кæннод мæ æввонгхор рауа- дис», — арæх-иу хъуыды кодта Дзабо. Фыд та йæ уадзгæ нæ кодта, сæр æй куы бахъæуа, уæд базондзæни, зæгъгæ, ныр та йын тæригъæд кодта... Хæрды фæстæ-иу æрбадтысты тæсчъытæ бийыныл æмæ уисæйттæ бæттыныл. Уæд-иу фыдæн йæ зæрдæ æхсайдта — адæ- мы нæ уыны лæппу æмæ æгъдауыл кæм сахуыр уыдзæнис? Æмæ- иу ын таурæгътæ кодта — кæм йæхи царды хабæрттæй, кæм та рагон таурæгътæ. Иу бонрæфты бадынц фыд æмæ фырт, фос та ривæд кодтой. Æвиппайды сæ куыйтæ срæйдтой. Дзабо азгъордта сæ рæйынмæ. Кæсы, æмæ йæм пыхсытæй рацыд иу даргъзачъеджын æиæзонгæ иæлгоймаг. — Дæ бон хорз, лæппу, — райста лæг Дзабойы къух. — Æгас цу, уазæг, — дзуры йæм Дзабо дæр. — Уæ хицæуттæй уæтæры ничи ис? — Нæ хицæуттæ ам афæдз иу хатт вæййынц, сæ фосыл цас бафтыдис, уый бæрæггæнæг. Фæлæ нæ сæ сæр ницæмæн хъæуы. Уазæг — Хуыцауы уазæг. Саккаг кæн. Фысым дын уыдзыстæм. Дзабо уазæджы бакодта фыды цурмæ. — Æгас нæм цу, мæ хур, æмæ, кæй дæ, уый дæ хуртæй баф- 68
сæдæд! — арфæ ракодта Гæстæн, стæй йын бамбарын кодта — кæд æй фæнды, уæд йæхи адасæд. Дасæнтæ сæм уыди. Уазæг йæхи адаста, æмæ фыд æмæ фырт джихæй баззадыс- ты. Сæ разы лæууыд æрыгон хæрзконд лæппу — раст Дзабойæн йæхи æмгар. Уазæгæн кæрдзын куы бахæрын кодтой, уæд æддæмæ рацыдысты, бандоныл æрбадтысты. Фыд æмæ фырт алы хъазæн ныхæстæй буц кодтой сæ уазæджы. Хур ныгуылынмæ хъавыди. Уазæг дисы бацыд: куыд хорз æй суазæг кодтой ацы дыууæ хуыцауысконд адæймаджы æмæ йæ фæрсгæ дæр куыд ницæмæй кæнынц? Изæрæй фос куы æрыс- къæрдтой, уæд фыд кусарт кæнынмæ фæцис, Дзабо та кусарты раззаг хуылфыдзаумæттæй физонæг скодта. Сæхи хорз куы фед- той, уæд уазæг афтæ бакодта: — Æз афæдзæй фылдæр фæцардтæн алы рæтты фыййæут- тимæ, фæлæ дзы сымах хуызæн зæрдæхæлар лæгтыл нæ фембæл- дтæн. Цæуылнæ мæ истæмæй бафæрсут, кæд давæг дæн, уæд та? — Махмæ давæг æмæ стигъæджы хуызæн нæ фæкастæ, фæлæ дæм кæд исты зæгъинаг ис, уæд, табуафси, мах дæм байхъусдзы- стæм, — загъта Гæстæн. Лæппу, иудзæвгар æнæдзургæйæ абадт, стæй райдыдта: — Мæ ном Хъæрæсе хуыйны. Уый ме ’цæг ном у æмæ йæ ныр дыууæ азы дæргъы никæмæн загътон. Уыцы номæй мæм дзургæ дæр ничи кæны, уымæн æмæ мыл ссæдз азы куы рацыдис, уæд мæ фыды ’фсымæр Уæрæсейæ ссыдис æмæ, фæстæмæ цæуынмæ куы хъавыд, уæд мæ фыдæн куы зæгъид:. мæнæйуый, дам, куы сразы уаид, уæд, дам, æй мемæ акæнин æмæ, дам, дзы лæг рауа- йын кæнин. Мæ фыд дын уый фехъуыста — нал мæ ныууагъта! Мах, уæ фарн бирæ, нæ сыхаг чызгимæ кæрæдзийы уарзтам æмæ йын бафæдзæхстон, цæмæй банхъæлмæ кæса ме сыздæхынмæ. Мæнмæ диссаг куыд нæ кастис стыр горæты цард! Мæ фыды ’фсымæр рагæй хæтæнты хатт, бинонтæ йын нæма уыдис, бон- джын уыдис, æмæ, кæд йæ исбонæй мæ фыдыл хæдон дæр ни- куы скодта, уæддæр мæнмæ хорз цæстæй каст. Ахæм фатер ын уыдис, æмæ æз ахæм фыны дæр никуы федтон. Фæлæ уæддæр мæ зæрдæ нæ сыхæгты чызгимæ дзырдта. Афæдзы бæрц фæдæн Бетъырбухы, фæлæ мын уæддæр мæ фыды ’фсымæр ахуырмæ фæндаг нæма ссардта, æмæ нæхимæ сфардæг дæи. Уæдмæ чызджы бинонтæ бафидыдтой иу цæрæг хæдзаримæ æмæ сæхи цæттæ кодтой чызгæрвыстмæ. Мæнæн мæ цард ад нал кодта. Чызг куырдуаты бадт æмæ йын уынгмæ рацæуыны бар кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ йæ чи ракуырдта, уыимæ сæмбæлын- вæнд скодтон. Уый мæм рарвыста, æз, дам, мæ сæрмæ нæ хæс- сын, демæ ныхасыл схæцон, уымæ. Зын мын куыд нæ уыдис 69
уыцы дзуапп! Фæлæ та йæм ногæй барвыстон. Куы сæмбæлдыс- тæм, уæд ын бирæ фæлæгъстæ кодтон: чызджытæ бирæ, уымæй рæсугъддæртæ дæр ис æмæ мын ныууадз мæ уарзоны. Уый куынæ саст, уæд мæ тымбылкъух дард фæхастон, æмæ лæг фæуæлгом. Марынвæнд æй бæргæ нæ кодтон, фæлæ йæ къæ- мисæн дурмæ ахаста æмæ йæ гæндзæхтæ бацагъта. Бæхыл абад- тæн æмæ мæ ных Кæсæгмæ сарæзтон. Уым дæр мæ агурдзысты, уый æнхъæлæй ныр афæдзæй фылдæр рахау-бахау кæнын иу комæй иннæмæ — фылдæр фыййæуттимæ — кæм хæринаггæнæг, кæм фосмæ зилæг. Гъе уыдон уын мæ хабæрттæ. Абоны онг сымах хуызæн æууæнкджын адæмыл нæ фембæл- дтæн, мæ хабæрттæ дæр уын уымæн фæкодтон. Ныр мæ фæнды, исты амæлттæй мын куы базониккат, цы бацис Фари, уый. Кæм цæры, стæй кæй чызг у, уыдæттæ бамбарын кодта уазæг. Дзабо дарæсæй рæвдз нæ уыд, æмæ йын фыд цалдæр далысы арвыста уæй кæнынмæ, цæмæй дзы йæхицæн дарæс балхæна. Фæстæмæ куы сыздæхт Дзабо æмæ йæхи куы ’рцарæзта, уæд фыды уырнгæ дæр нæ кодта, йæ разы йæ хъæбул лæууы, уый. Дыккаг бон Дзабо араст ис Хъæрæсейы хъæумæ, бацыд ын ком- коммæ йæ хæдзармæ. Дуармæ бадтис дыууæ ацæргæ лæджы. Дзабо сын салам радта, стæй сæм дзуры: — Хатырæй мын фæуæд, нæ буц хистæртæ, фæлæ мыл æгæр баизæр, æмæ мын уæ фысым ничи ныллæудзæн? Лæгтæй иу мидæмæ бадзырдта, æмæ хæдзарæй дыууæ æры- гон лæппуйы рауади. Уазæг — Хуыцауы уазæг, зæгъгæ, Дзабойы мидæмæ бакодтой. Хъæрæсейы дыууæ æфсымæры уайтагъд йемæ фæлымæн сты. Ирæн фыдæлтæй баззадис уазæджы буц кæнын, æмæ йын изæрæй сыхы фæсивæд хъазт сарæзтой. Уымæй хуыз- дæр ницы хъуыдис Дзабойы. Фæсивæдæй хъуаг нæ уыдис сых- бæстæ. Хæрзконд, хæрзæгъдау чызджытæ, уæнгрог, гуырвидауц лæппутæ ... Иуныхасæй, ахæм циндзинады никуы бахаудис Дзабо. Фыццаг кафты бар фысымтæм хауы, æмæ, фæндыры зæлтæ æмдзæгъдимæ куы баиу сты, уæд лæппутæй иу бацыд чызджыты размæ, æмæ йын чегъре цы чызгмæ бацамыдта, уыимæ ракафыд. Дзабо йæхинымæр тынг бахæлæг кодта лæппуйы уæздан кафтмæ. Фæндыры цагъдмæ фæсивæд фылдæрæй-фылдæр кодтой. Су- анг ма иннæ сыхæй дæр цæуын байдыдтой чызджытæ æмæ лæп- путæ. Хъазт цыренæй цырендæр кодта. Уæд чегъре Дзабойы раз æрлæууыди, уазæгæн иу кафт, зæгъгæ. Дзабо уæзданæй бамба- рын кодта, кафын нæ зоны, уый, æмæ йæ цы чызгимæ кафын кодтой, уымæй, йæ сæрæй йын акувгæйæ, хатыр ракуырдта. Дзабойы фарсмæ йæ фысымты лæппутæй иу лæуд фæцис æмæ йын рахабар кодта, йе ’фсымæры уарзон кæй уыдис, чегъре 70
йæ цы чызгимæ кафын кодта, уый. Æмæ йын йе ’фсымæр йæ курæджы кæй амардта... — Йæ ном цы хуыйны чызгæн? — бафарста Дзабо. — Фари. Катайы бацыдис Дзабо: куыд æгъдауæй аныхас кæна Фари- имæ, цалынмæ хъазт йæ тынгыл у, уæдмæ. Уалынмæ «Симд! Симд!», зæгъгæ, айхъуыст фæсивæдыл. Чегъре Дзабойы цонгыл уæзданхæст æркодта, æнæ асимгæ дын нæй, зæгъгæ. Дзабо Фа- рийæн йæ сæрæй акуывта æмæ симджытимæ баиу сты. Дыккаг зылд куы ракодтой, уæд Дзабо чызгæн аивæй афтæ: — Мæнмæ гæсгæ, ды Хъæрæсейы уарзон дæ. Чызг фæсырх, йæ бон сдзурын ницы бацис. — Æз Хъæрæсейы фæндонмæ гæсгæ дæн ам. — Хъуамæ ацы хъуыддаг æз æмæ дæу йеддæмæ мачи зона. Хъæрæсе мæн рарвыс- та, цæмæй базонон, куыд сты дæ хабæрттæ, уый, — загъта Дзабо. Чызг тыххæй сфæрæзта: — Бетъырбухмæ, зæгъ, куы цыдтæ, уæд куыд уыдысты, афтæ. Дзабо æмбæрста, ахæм хабар фехъусын чызгæн æнæнхъæ- лæджы у, æмæ, цæмæй йе ’муд æрцæуа, уый тыххæй йын арфæ ракодта æмæ фесты симд. Фæндырдзæгъдæг куы ауыдта, Фари- зæт нал симы, уый, уæд бацыд æмæ фæндыр уымæ радта. Чегъ- рейæн дæр уый æнæрхъуыдыгонд кæм уыдис, æмæ та Дзабойы цонгыл æрхæцыд æмæ йæ фæндырдзæгъдæгмæ бакодта. Симын та байдыдта уыцы чызгимæ дæр Дзабо, уæдæ цы.. Чызг — йæ дзыхыл хæцын чи нæ зоны, уыдонæй, Фаризæты хабæрттæ кæнын райдыдта. Хорз куы фæсимдтой, уæд лæппутæй алчидæр салам радта йемæ симæг чызгæн æмæ йæ бынат ссардта. Фаризæт, фæндыр æрбахъæбысгæнгæйæ, йæ бынаты æнцад бадти. Чегъре йæм ба- хатыди, цæмæй-ма иу цагъд акодтаид. Фаризæт уæлдай ницыуал загъта — фæндыры тæнтæ аивæз- та, æмæ зæрдæуынгæггæнæг хонгæ цагъд куы ’ркодта, уæд æм фæсивæдæй æнæ бахъырнгæ ничи фæлæууыд. Иæхæдæг-иу йæ цæстытæ доны разылдта æмæ та-иу аивæй Дзабомæ бакаст. Дза- бойы зæрдæ фæцæйтыдта фыртæригъæдæй, фæлæ йын цыба- кодтаид! Уæд йæ хъæлæс баиу иннæ лæппуты хъæлæстимæ, æмæ базарыд: «Хæхты къуылдымты, рахау-бахауæй»... Лæппутæ фæ- хъус сты, Дзабойы зардмæ байхъусæм, зæгъгæ. фæлæ уый йæ зард фæурæдта, — исты куы срæдийа, уымæй тæрсгæйæ. Ацы æнкъард цагъдмæ фæсивæд æнæкафгæйæ хъуыстой. Уæвгæ кафын никæ- йыуал зæрды уыдис æмæ, хæрзæхсæв зæгъгæйæ, алчи йæ хæдзар- мæ ацыд. Фаризæты бæргæ бирæ ныхæстæ зæгъын фæндыдис уазæгæн, фæлæ йын адæмæй гæнæн нæ уыд. Æхсæв-бонмæ æппын- 71
дæр не ’рцъынд кодта йæ цæстытæ. Райсомæй раджы донмæ ра- цыд — кæд. мыййаг, уазæгыл фембæлид, æмæ дысон-бонмæ цы къухмæрзæн фæкодта, уый арвитид Хъæрæсейæн. Доны былæй æрбаздæхт, уæддæр уазæджы фенын йæ къухы нæ бафтыд. Уæд æфсонæн рæуæдты скъæтæй ратардта æмæ сæ куыддæр фæндагмæ схæццæ кодта, афтæ Дзабо дæр йæ фысымтæй рацыди. * * * Дзабо цы бон ацыд, уыцы бон изæрæй фæсахсæвæр Гæстæн йæ уазæгæн афтæ: — Ды махыл куыд баууæндыдтæ, афтæ æз дæр, мæ сусæгдзи- над кæмæн раргом кæнон, ахæм адæймагыл нæма сæмбæлдтæн. — Зæронд иудзæвгар ныхъхъус, йæ сагъæссаг хъуыдыты адзæ- гъæл афтæмæй. — Цæвиттон, Турчы хæстæй куы сыздæхтæн, уæд хъуыддаг бакодтон æмæ нын цардмæ равзæрдис иу цъæх чызг. Куы байрæзтис, уæд ын йæ уындæй нæма бафсæстыстæм, афтæ йæ аскъæфтæуыд. Кæсæджы дзæвгар рæстæг фæцардыс- ты, фæлæ лæппуйæн йæ мад иунæг кæй уыд, уый тыххæй фæс- тæмæ æрыздæхтысты. Райгуырдис сын фырыхъулы хуызæн лæп- пу — мæнæ йæ федтай. Чызджы аскъæфты фæстæ мæ бинойнаг йæхиуыл нал схæцыд æмæ йе ’нусон фæндагыл ацыд. Æз æм тæху- ды бæргæ кодтон — мæн дæр амæлын йеддæмæ ницыуал хъуыдис, фæлæ хъысмæт фæндонæй нæу. Мæхицæн зæрдæтæ æвæрдтон æмæ алы бон мæ чызджы хæдзары мæхи сывæллоныл ирхæфстон, изæ- рæй та нæхимæ цыдтæн. Иу бон мæ чызг дыууæ ведрайы дон куыд ’рцæйхаста, афтæ йын сæ куыдз цинтæгæнгæйæ йæ фæдджи аивæз- та. Чызг æй аиуварс кæнынмæ куыд хъавыд, афтæ размæ бахауд, йæ ных дурмæ бахаста, æмæ — дæ фыдгул афтæ. Уæд сывæллоныл цыдис дыууæ азы. Уымæй цасдæр рæстæг куы рацыд, уæд иу бон сывæллоны фыд фæцу мæ ма ’рцуйы фæндагыл фæцыд. Дыууæ къуырийы йæм йæ мад æнхъæлмæ фæкастис, йæхи дæр нал æмбæрста фырсагъæсæй, афтæмæй æрвадæлтæн дæр ницы дзырдта. Уыдо- нæй дæр æй ничи бæрæг кодта. Усæн æхсызгон уыдис, сывæллон мæныл афтæ æнувыд кæй уыд, уый. Йæ ныфс бынтондæр куы асаст, уæд мын иу бон бамбарын кодта — Сывæллон куы байрæза, уæд æй мыггаг æвыдæй нæ ныу- уадздзысты, уымæн æмæ нæ мыггаг сымах мыггагæн туджджын у. Дæ чызджы дын скъæфгæ дæр уымæн акодтам. Кæд дын амал æмæ гæнæн ис, уæд исты æрхъуыды кæн, цæмæй сывæллон æнæ фыдбылызæй байрæза. Йæ мыггаг дæр ын аив. Рахастон сывæллоны æмæ рабалц кодтон Уæлладжыры ко- мæй хæхтыл Куырттатæм. Марадз-зæгъай, сывæллоны тыххæй 72
мæ кæд исчи куыстмæ иста. Фæлæ уæддæр Хуыцаууарзон адæм уыдысты, æмæ семæ цардтæн, мæ мыггаг мæ фыды мады æрва- дæлтæ — Æбсаутæй схуыдтон, мæхи ном та — Гæстæн, афтæмæй. Уалынмæ, цæрæг чи уыдис, иу ахæм лæг быдырмæ алыгъд, фæлæ йæ фос, йæ уæтæртæ — ам, æмæ мæ уый райста кусынмæ. Афтæмæй ныр ссæдз азы цæрæм фырт æмæ фыдæй, æрмæст Дзабо уыцы хъуыддæгтæн ницы зоны. Хуыцау ын хорз ракæна, нæ фосы хицау ма нын ныууагъта далæ уыцы хæдзар, кæд зæ- ронд у, уæддæр дзы мах нæ зымæг арвитæм, æндæр рæзгæ сы- вæллонимæ цытæ кодтаин. — Зæронд лæг иуцасдæр хъусæй абадт, стæй арф ныуулæфгæйæ йæ ныхæстæм бафтыдта: — Мæ сусæг ныхас дæуæй дарддæр никуы никæмæн ракодтон, æмæ мæ фæн- ды, æз куы нал уон, уæд-иу хъуыддаг лæппуйæн бамбарын кæн. * * * Дыккаг бон райсомæй Дзабо йæ фæд-йæ фæд сфардæг уæтæр- тæм. Дардæй Хъæрæсейы куы ауыдта, уæд æм йæ номæй ныхъхъ- æр кодта. Хъæрæсе Дзабойæн æрбаздæхын æнхъæл нæма уыдис, æмæ йæ ном куы айхъуыста, уæд уыциу сæррæтт фæласта. Фос фæтарстысты, æмæ куы фæпырх сты, уæд дур къуыбырæй рас- хъиудта æмæ Хъæрæсейы сæрыл ауад. Дзабо Хъæрæсейы иунæгæй куы федта, уæд йæ зæрдæ йæ фыдмæ фехсайдта. — Куыд у баба? — фæрсы лæмæгъ хъæлæсæй. — Баба дзæбæх у, — дзуапп дæтты лæмæгъ хъæлæсæй Хъæ- рæсе. Систа Дзабо къухтыкæлмæрзæн æмæ йæ радта Хъæрæсемæ, стæй йын бамбарын кодта: — Фаризæт дæм, Бетъырбухмæ куы цыдтæ, уæд цы зæрдæ дардта, ахæм зæрдæ дары ныр дæр. Æз куыд бамбæрстон, афтæ- мæй дæм æнхъæлмæ кæсы. Ахæм чызджы тыххæй зынтæ кæй бай- йæфтай, ууыл фæсмон ма кæн. Уый дæр хуыздæр уавæры нæй... Хъæрæсе хъуыста Дзабойы ныхæстæм, куы-иу сæ бамбæр- ста, куы — нæ. Фæстагмæ æнæбон хъæлæсæй загъта: — Дзабо, мæ хæлар, æз, æвæццæгæн, тынг тæригъæдджын уыдтæн æмæ тæригъæддаг мард кæнын, фæлæ Фари — де ’уазæг. Не ’хсæн ис æрмæст мæнæ ацы къухмæрзæн, æмæ дын йæ лæвар фæуæд... Уыйадыл Хъæрæсе йæ цæстытæ æрæхгæдта. Сагъæсы бацыдысты Гæстæн æмæ Дзабо. Искæмæн фехъусын- чындæуаид, æмæ лыгъд лæджы мард хынджылæггаг куы скæной! 73
Фос дæр цыма æмбæрстой сæ хицæутты сагъæс, уыйау æдзæ- мæй лæууыдысты. Цыфæндыйæ дæр марды йæ хæдзарыл сæм- бæлын кæнын хъæуы, зæгъгæ, скарстой дыууæ фыййауы. Сæ- вæрдтой марды сынтыл, афтæмæй Дзабо рабалц кодта æмбала- гурæг. Рагъæй фехъуыста фыййæутты зарын. Бахæстæг сæм æмæ ныхъхъæр кодта: — Гъей, тыхст адæймагæн баххуыс кæнын кæй бон у, уый фæзынæд! Чи атигъ кодтаид ахæм рæстæджы йæхи, хæххон ирон адæй- маджы туг йæ уæнгты кæмæн æхсиды, уыдонæй? Йæ размæ бæ- хæй æргæпп ласта æрыгон лæппулæг: — Цы дыл æрцыдис? Дзабо йæ хабæрттæ радзырдта. Фыййау фæдзырдта йе ’мбæлттæм æмæ бауынаффæ кодтой, марды бæхыл сæвæрын æмæ ма Дзабоимæ искæй арвитын. Куыддæр марды бæхмæ сцæйис- той, афтæ фыййæуттæ æмдзырд скодтой: — Ай, уыцы лæппу куы у! Фембæрста Дзабо, фыййæуттæ Хъæрæсейы кæй базыдтой, уый, кæд æй йæ номæй нæ зыдтой, уæддæр. Дзабо сау нымæты тыхт уаргъимæ бæхы йæ фысымты ду- армæ куы баурæдта, уæд уыдон сæлхæрау фесты. Дзабойы æмбал сын куы бамбарын кодта хъуыддаг, уæд дыууæ æфсымæры кæ- рæдзимæ бакастысты, æнæдзургæйæ фæцъортт ластой сæ хъа- матæ æмæ Дзабойы фæйнæфарс туджджынты лæуд акодтой. — Æз, кæд фыдуац æрхастон абон, уæддæр уе знаг нæ дæн. Кæд уæ базонын фæнды, æз ницыгæнæг дæн уый, уæд Фаризæтмæ фæдзурут æмæ йæ бафæрсут, уый уын æппæт дæр радзурдзæн. Чызджы æрбакодтой, æмæ йæм Дзабо тугæйдзаг къухмæр- зæн куы радта, уæд йæ зæрдæ бахъарм. Йе ’муд куы ’рцыд, уæд æппæтдæр бæлвырдæй радзырдта æфсымæртæн. Дыууæ лæп- пуйы Дзабойæ хатыртæ ракуырдтой. Фæхъыг кодтой зианыл, уæдæ цы уыдаид, æмæ йæ йæ сы- джытыл сæмбæлын кодтой. Фаризæт уыцы бонæй фæстæмæ æддæмæ нал ракаст. Тугæйдзаг къухмæрзæн Дзабо йæ дзыппы ныууагъта. Фысымтæ Дзабойы урæдтой, æххæст зианы кæндтытæ скæ- нæм, зæгъгæ, фæлæ уый йе ’мбалы иунæгæй ауадзын нæ бафæн- дыдис, стæй йæ фыдмæ дæр йæ зæрдæ ’хсайдта. Лæппуйы йæ бынатыл куы сæмбæлын кодта, уæд фыййæут- тæн бузныг загъта се ’ххуысы тыххæй. Фыдæн æхсызгон куыд нæ уыдис, Дзабойæн æххуысгæнджытæ кæй фæцис æмæ сæрæ- гасæй йæ хæдзар кæй ссардта. Фæлæ рæхджы цæхгæр йæ хуыз аивта Дзабо, ныхас дзы нал хауди, бонæй-бон æнкъарддæр код- 74
та, æмæ зæрондæн дæр йæ зæрдæ рысти йæ хъæбулмæ кæс- гæйæ. Дзабо та æхсæвæй-бонæй хъуыды кодта Фарийыл. Хъæрæсейæн йæ дыууиссæдзæм бон куы ’рцæйхæццæ код- та, уæд фыд дзуры Дзабомæ. — Атæр демæ дыууæ фысы æмæ фæцу Хъæрæсейы дыууис- сæдз бонмæ, уым дæ саутæ дæр сисдзынæ... Афтæ бакодта Дзабо дæр æмæ йыл тынг æхсызгонæй сæм- бæл^ысты бинонтæ, уæлдайдæр Хъæрæсейы дыууæ ’фсымæры. Йæ царды хабæрттæй йæ фæфарстой. — Хæхбæстæй адæм иууылдæр куы æрлыгъдысты быдырмæ, уæд ды цæмæ æнхъæлмæ кæсыс? — бафарста йæ æрæджиау кæ- стæр æфсымæр. — Мæнæн зæронд фыд ис... Кæд уый сразы уа, уæд æрцæры- нæн ацы хъæуæй раздæр никæцы ран равзардзынæн. Фос ауæй кæндзынæн, æмæ кæд хæдзары къуым мæ къухы бафтид... Фæстæмæ сыздæхгæйæ, йæ фыдæн фæлæгъстæ кодта, афон нын у ныр махæн дæр ардыгæй алидзынæн, зæгъгæ. Цæмæй зыд- та, фыдæн йæхи дæр рагæй фæнды хохæй ацæуын, уыйас зæ- ронд дæр нæма у, фæлæ быдыры хъæутæм Уæлладжырæй алы мыггæгтæ лидзынц, æмæ йæ исчи куы базона, уæд йæ фыдæ- бæттæ фæдзæгъæл уыдзысты. — Мæныл ма тыхс, дæхæдæг, кæд дæ ныфс хæссыс, уæд атæр, цас дæ хъæуы, уыйас фос æмæ хæдзарæн исты амал кæн. Мæнмæ дæ зæрдæ æппындæр ма ’хсайæд. Стæй куы æрхæдзар уай, уæд фендзыстæм. Дзабойæн йæ фыды ныхæстæ æхсызгон уыдысты. Йæ разæй фынддæс фысы ракодта æмæ хъæумæ æрхæццæ. Фыд куыд загъта, афтæ дзы цалдæр ауæй кодта. Хъæугæрон ын рахицæн кодтой зæхх, æмæ хъæуы фæсивæды руаджы хæдза- рæн йæ сæр æмбæрзт фæцис. Иу уат дзы куы сцæттæ, уæд ын Хъæрæсейы дыууæ ’фсымæры загътой, ныр дæ хъуыддаг бакæ- нын хъæуы, зæгъгæ. Хъæрæсейы зианы фæстæ Фаризæт йæхимæ хъусынмæ фæци, йæ зæрдæ ницæмæйуал рухс кодта æппындæр. Раст зæгъгæйæ, Дзабо йæ зæрдæмæ цыди, фæлæ, уый дæр иннæты хуызæн мæ азарæй исты фыдбылызы куы бахауа, зæгъгæ, йæм йе ’ргом ни- куы аздæхта. Дæ бон хорзæй уæлдай никуы ницы загъта ног æрлидзæгæн. Æнамонд чызгæн йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыдис, Дзабо сæ хъæуы уый тыххæй кæй æрбынат кодта. — Мæнæ не ’фсымæрæн афæдзы кæнд скæндзыстæм, æмæ акæс, ахъуыды кæн, хорз чызджытæ нæ хъæуы бирæ ис. «Нæ» дын ничи зæгъдзæнис, уымæн æмæ хъæуы цæрджыты зæрдæмæ тынг фæцыдтæ, — загътой йын Хъæрæсейы æфсымæртæ. 75
— Ныххатыр мын кæнут, — загъта Дзабо, куы нал æй уагътой æфсымæртæ, уæд, — фæлæ уе ’фсымæры фæстаг фæдзæхст сæх- хæст кæныныл сымах дæр хъуамæ мемæ сразы уат. Куы мард, уæд мын ныффæдзæхста, Фаризæты ма ныууадз, хорз чызг у æмæ мæн тыххæй фенамонд, зæгъгæ. Æмæ мæм радта, Фаризæтæй йæм цы лæвар фæхастон цингæнгæ, уый. Дзабо йæ дзыппæй систа тугæй- дзаг къухмæрзæн, æмæ йæ йæ уæрджытыл æрæвæргæйæ, загъта: — Уе ’фсымæры тыххæй ацы лæвар мæ дзыппæй афæдз нæ систон. Ныр уæхæдæг тæрхон кæнут, цæмæй æнæзæрдæхудтæй баззайон сымахæй дæр æмæ, рухсаг уæд, Хъæрæсейæ дæр... Æгуыппæгæй хъуыстой Дзабойы ныхæстæм дыууæ ’фсы- мæры. — Мæнæ уал афæдзы хист скæнæм не ’фсымæрæн, стæй уæд фендзыстæм, — загъта кæстæр. — О, хæдæгай, кæд зивæг нæ кæнут, уæд уæ иу мемæ ацæ- уæд æмæ кусæрттаг дæр æрыскæрдзыстæм. Мæ фыды дæр мæ абæрæг кæнын хъæуы, — Дзабо архайдта йæхи афтæ дарыныл, цыма се ’хсæн ницы ныхас æрцыдис. Изæрæй дыууæ æфсымæры сæ фыдæн ницы загътой, фæлæ бауынаффæ кодтой: сæ иу ацæудзæн Дзабоимæ. Мыййаг, лæппу йæхæдæг куы бафсæрмы кæна йæ фыдæн хъуыддæгтæ радзурын. Дыккаг æфсымæр та йæхимæ райста хæс Фаризæты æмбалæн ба- кой кæнын æмæ базонын, цы зæрдæ дары чызг Дзабомæ, уый. Дзабо йе ’мбалимæ куы схæццæ сты уæтæрмæ, уæд Гæстæ- ны йæхицæн хæринаг кæнгæйæ баййæфтой. Зæронд куыд нæ бацин кодтаид уазæг лæппуйыл! Стæй, Хъæрæсейы кæстæр æфсымæр у, уый куы бамбæрста, уæд ын тæфæрфæс ракодта. Æхсæвæрыл куы ’рбадтысты, уæд уазæг бакой кодта, Дзабо- йæн йæ хæдзар æрдæгконд фæцис, иу уаты дзы цæрæн ис, æмæ мах фæнды, цæмæй бинонты кой бакæна, зæгъгæ. Тыхстагæй дзы ницы ис, мæнæ афæдзы фынг куы скæнæм, уæд æм мах фæкæсдзыстæм. Хорз уаид, æмæ ды дæр быдырмæ куы рацæуис цæрынмæ, уæд... — Мæ мæт ма кæнут, мæнæ мæ иунæгæн, уæ бон цас у, уыйас æм фæкæсут, — загъта зæронд, — стæй исты кæндзынæн æз дæр. Куыд уынут, афтæмæй нырма мæ бон цыдæртæ арха- йын у. Фæлæ хорз уаид, хъуыддаг фæззæгмæ куы сырæзид, уæд... Дзабо æмæ йе ’мбал фынддæс фысы æртардтой хъæумæ. Уыдон алцæмæн дæр сфаг сты. Зиууæтты руаджы, дыккаг уат дæр арæзт фæцис. Хъæрæсейы дыккаг æфсымæр дæр фембæлдис Фаризæты æрвадæлты лæппуимæ æмæ йын хъуыддаг бамбарыи кодта. Дыууæйæ куыд баныхас кодтой, афтæмæй Дзабо æмæ Фа- ризæты æнæнхъæлæджы фембæлын кодтой. 76
— Дæ бон хорз, Фаризæт! — æфсæрмытæгæнгæйæ, загъта Дзабо. — Кæй бон у, уый хорзæх дæ уæд æмæ дæ хæдзары амон- димæ фæцæр. — Ныронг мын фадат нæ фæци, Фари... — Мæнæ уыцы къух- мæрзæн, кæд ма йæ хъуыды кæныс? — Нæ йæм æй радтай? Нал æй федтай? — фестъæлфыд чызг. — Радтон, федта йæ, æппæт дæр ын радзырдтон, фæлæ æгъа- тыр мæлæт... Фæстагмæ ма дзурын бафæрæзта: «Ма ныууадз уыцы чызджы, ацы къухты кæлмæрзæн дын уый лæвар фæуæд. Нæ астæу æндæр ницы уыдис». Ницы сдзырдта Фаризæт, йæ зæрдæуынгæгæй йæ цæсты- сыгтæ нæ урæдта. — Æз дæр дæм Хъæрæсейы зæрдæ дарын, æмæ мын кæд ницы ныфс бавæрдзынæ, уæд мын æй бамбарын кæн. Фæлæ, цæрæнбонты сагъæссаг уай, уымæн нæ райгуырдтæ. — О, о, æрмæст уымæн, — сфæрæзта чызг, — фæлæ, æна- монд халонимæ дæ хъысмæт бабæттынмæ дæ ныфс кæм хæссыс, уым дæ хъуыддаг кæн. Хуыцауæхсæв минæвæрттæ бацыдысты, Фаризæттæм фæбад- тысты æмæ æрбахастой дзуапп: мæнæ хæстæджыты афæрсæм, нæ чызджы зæрдæ дæр базонæм æмæ уын дыццæджы нæ фæн- дон зæгъдзыстæм. Куыд уыди, цы уыди — хорз чындзæхсæв сарæзтой. Хъæу- бæстæ фæкафыдысты, фæзарыдысты æмæ сæ фæрныг хæдзæрт- тæм ацыдыстьы. Æрыгæттæ та цæрынтæ байдыдтой. Иу мæйы бæрц ацардысты æмæ сæхицæй дæр æмбæхсгæ код- той, куыд амондджын сæ у алчидæр, уый. Хæдзархуыз фæцис Дзабо хъæубæстæ æмæ Фарийы руаджы, фæлæ, иуæй, йæ зæрдæ йæ фыдмæ æхсайдта, иннæмæй, Фари цыдæр æнæбон æмæ лæ- мæгъ уыдис, æмæ йæ сразы кодта Дзабо, хæдзар искæйы бар бакæнын æмæ хæхбæстæм ацæуын, уымы уæлдæф дын фæпайда уыдзæнис де ’нæниздзинадæн, зæгъгæ. Дзабо йæ фыды æнæнизæй куы сæййæфта, уæд æй йæ хъæ- бысы ныккодта. Фыд, Дзабойы аиуварсгæнгæйæ, мæнæ уал уазæ- гыл бацин кæнон, зæгъгæ, Фарийы йæ хъæбысы æрбакодта æмæ йын загъта, амæй фæстæмæ мын уыдзынæ мæ чызджы бæсты, æмæ йæ зæрдæ йæ ныхæстæм суынгæг, цæстытæ доны разылд- та. Фæлæ Фари цæмæй зыдта, «Мæ чызджы бæсты» цæмæн загъта, уый. — Мæ чызг дæ схуыдтон, уæд дзæгъæл уайсадынтæ ныу- уадз. Афтæ мæнæн дæр æмæ сымахæн дæр æнцондæр уыдзæ- нис,— загъта ма Гæстæн, Фаримæ рæвдаугæ цæстытæй кæсгæйæ. 77
Дзабо йæ фыды алы куыстæй дæр аиуварс кодта æмæ Фари- зæтимæ уæнгрогæй, цингæнгæ, фосмæ зылдысты. Изæрæй-иу хæринаг дæр иумæ сцæттæ кодтой, цæмæй фыды мацы мæт уа. Æмæ кæд дыууæ мæймæ Фаризæт сыгъдæг уæлдæф æмæ райдзаст царды фæрцы йæ хуыз скалдта, уæддæр æй йæ зæрдæ хъыгдардта æмæ Дзабойæн бамбарын кодта, зæгъгæ, сæ фæс- тæмæ быдырмæ ацæуын кæй бахъæудзæнис. — Зæрдæ дæр æфсæйнагæй конд у?— дзырдта Фари. — Æз фæстаг æртæ азы дæргъы афтæ сфæлмæцыдтæн, æмæ мæм-иу хатгай мæхи амарыны фæнд дæр фæзындис, мæ ныййарджытæ æнæ мæн цы фæуыдзысты, уый мæт мæ куы нæ урæдтаид, уæд. Ахъуыды ма кæн, цыппæрдæсаздзыдæй фæстæмæ хъазты фæн- дырдзæгъдæг уыдтæн. Хонджытæ-иу мæм æрбарвыстой, цæмæй саккаг кæнон чызгæрвыст кæнæ чындзхастмæ. Фыдбылыз куы æрцыди, уæддæр ма мæ хуыдтой, фæлæ мемæ кафын, симын ничиуал уæндыди... Æз-иу æхсæв-бонмæ хуыссæг нæ зыдтон, хъарджытæ-иу кодтон сусæгæй... — Фаризæт, мæ зæрдæдарæн, ферох кæн уыцы хъуыддæгтæ. Адæмæй дæм æвзæр зæрдæ ничи дары, æмæ дæхимæ мауал хъус. — Дзабо Фарийы дзыккутæ рæвдаугæ æрсæрфта. — Æз æдзухдæр дæ фарсмæ уыдзынæн, æмæ дыууæйæ зæрдæрайгæйæ цæрдзыстæм. Дзабо Фарийы йæ къухтыл хаста, зæгъæн ис, уæззау куыс- тытæ кæнын æй нæ уагъта. Æмæ, Фари кæй фæсæрæндæр, уый хæдзарыл дæр æмæ бинонтыл дæр фæбæрæг. Дыууæ азмæ сын райгуырди лæппу — Сослан. Куыд амондджын уыдысты йæ ный- йарджытæ! Сывæллон адæймаджы уæнгтæ роггæнæг у, æмæ Дза- бо, фæллад не ’мбаргæйæ, куыста. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу йæ фыды дæр абæрæг кодта. Уымæн дæр æхсæрдæсаздзыд лæппу æмбал фæцис, æмæ йын фенцондæр. Фæлæ-иу Дзабо куы фæ- зынд, уæд-иу йæ цинæн кæрон нал уыдис, мæ фыдæбæттæ нæ фæдзæгъæл сты, зæгъгæ. Фаризæты ныййарджыты дæр бæргæ фæндыдис иу хатт Дза- боимæ хохмæ ацæуын, фæлæ сæ ныфс нæ хастой, сæ дыууæ лæппуйы куы фæзиан сты, уæдæй фæстæмæ сæхиуыл нал схæ- цыдысты. Сосланыл бацинтæ кæнын дæр сæ бон нæ уыди, ца- лынмæ-иу сæм æй сæхимæ не схаста Дзабо, уæдмæ. — Къахæй уайынхъом куы фæуид, уæд нæм йæхæдæг бæргæ згъорид, — дзырдтой-иу Фарийы ныййарджытæ, фæлæ сæм згъо- рынхъом нæ фæци, афтæмæй сæ цардæй ахицæн сты. Фаризæ- тæн бынтондæр йæ зæрдæ нырхæндæг уыдаид, Дзабо æмæ йын Сослан куы нæ уыдаиккой, уæд. Фæлæ цыфæндыйæ дæр хъысмæтимæ тох кæнæн нæй. Фари- йыл йæ низ тых кæнын райдыдта, æмæ, Сосланыл æвд азы куы 78
рацыд, уæд йæ цардæй ахицæн. Сыхбæстæ йæ фарсмæ æрбалæу- уыдысты Дзабойæн, фæлæ сæ алчидæр йæ фæрныг хæдзармæ куы ацыдис, æмæ йæ дуар куы бахгæдта, уæд сагъæсы бахауди, йæ дарддæры цард куыд арвитдзæнис, ууыл. Фаризæты ныхæстæ-иу йæ зæрдыл куы ’рбалæууыдысты, адæм мæ зæрдæхæлд фæкод- той, зæгьгæ, уæд æм адæмы уынын дæр нал цыдис. Уæддæр цард цард у æмæ, йæхи ныффидар кæнгæйæ, зианы кæндтытæ фæкод- та, уæдмæ Сослан дæр скъоламæ бацыдис. Ахуыр хорз кодта, фæлæ йæ тæккæ мад уарзгæйæ уыдис æмæ алы бон уæлмæрдмæ цыдис, йæ мадимæ ныхæстæ кодта. Фыд æй афтæмæй куы баййæфта, уæд скарста, ахуыр уал ныууадзын хъæуы, цæмæй йæ мады хуызæн зæрдæниз ма ссара. Дзабо йæ хæдзар ныууагъта æмæ Сосланимæ йæ фыдмæ сфардæг. Гæстæнæн йæ зæрдæ куыд нæ ныууынæр- гъыдта, Дзабо дæр та йе ’нахъом сывæллонимæ уый бон куы бай- йæфта, уæд! Уæддæр зæрдæтæ æвæрдта йæ хъæбулæн. Уæдмæ хæхты адæм куынæгæй-куынæгдæр кодтой, лыгъдыс- ты быдырмæ. Æрмæст Гæстæн нæ систа йæ къух хæххон цард æмæ фосы куыстыл. Бæргæ йæ фæндыдис рацæуын æмæ Дзабойы цæ- рæнбынат фенын, фæлæ та-иу ахъуыды кодта фыдæлты ныхæс- тыл: дыууæ хохы не ’мбæлынц кæрæдзиуыл, фæлæ дыууæ адæй- магæн æнæ сæмбæлгæ нæй, æмæ йын исчи йе ’цæг ном æмæ мыггаг куы базона, уæд азимаг фæуыдзæн Дзабойы цæсты, стæй йæ бирæ азты фæллой дзæгъæл сæфт фæкæндзысты. Хъуыддаг уый мидæг уыдис, æмæ Дзабойы мыггагæй æмæ йæ мадæрвадæлтæй дыууæ лæппуйæ цуаны уæвгæйæ иуы топп иннæуыл фервæсти. Йæхи ма- рынмæ дæр бæргæ æрцыдис лæппу, фæлæ ам дыууæйæ куы баз- зайæм мардæй, уæд нæ сырдтæ бахæрдзысты, хъуыды кæнгæйæ, марды йе ’ккой скодта æмæ йæ æрхаста йæ хæдзармæ. Хъуыддаг куыд æрцыдис, уый бæлвырд, æнæ афæливгæйæ куы радзырдта, уæд ын йæхи дæр бахстой марды хæстæджытæ. Афтæ дыууæ лæппуйы дæр иу бон баныгæдтой, дыууæ мыг- гаджы туджджынтæй баззадысты. Сæ тæригъæд та фæлтæрæй фæлтæрмæ цæуы уæдæй нырмæ. Гæстæн анымайы, гъа Дзабойы дæр та басыгъта тæригъæд — гыццылимæ баззадис, фæлæ Со- сланмæ уæддæр куынæуал фæхæццæ уаид^ Афтæ сагъæссаг цард кæнгæйæ фæцис йæ цардвæндаг Гæстæн. Йæ ном, йæ мыггаджы аивды сусæгдзинад дæр йемæ мæрдтæм ахаста.. Дзабо Гæстæны, йæхæдæг ын куыд фæдзæхста, афтæ зæ- ронд уæлмæрдты баныгæдта. Сæрды фосы хицау куы ссыди быдырæй, уæд ын Дзабо бам- барын кодта, йæ зæрды хъæумæ ацæуын кæй ис. Лæг рахицæн кодта Дзабойы дзуг йæхионтæй, æмæ Дзабо йæ дыууадæсаз- дзыд хъæбул Сосланимæ æрыздæхтис йæ хæдзармæ. 79
Дзабойæн адæм цас дзырдтой, ног бинойнаг æрхæсс, фæлæ сæм мæсты цы кодта, æндæр сæм йæ хъус нæ дардта, уымæн æмæ адæмы дзыхæй бацыдис æмгъуыдæй раздæр мæрдтæм Фаризæт. Сослан йе ’мгæрттæй бирæ фæстæдæр кæй баззад ахуыры, уымæ гæсгæ йæ фыдæн балæгъстæ кодта, цæмæй фæстæмæ аз- дæхой хæхбæстæм. Дзабойæн йæхицæн дæр уыцы фæнд йæ зæр- дæмæ фæцыдис æмæ, хъæбулы фæндыл дыууæ нæ зæгъгæйæ, сфардæг сты, сæ фос сын кæм хызта сидзæр Симон, уыцы сæр- вæттæм. Симон кæд æхсæз азы хистæр уыдис Сосланæй, уæд- дæр афтæ æнувыд уыдысты кæрæдзиуыл, æмæ сæ размæ гæп- пытæ кæнгæйæ æрызгъордта. Афæдзæй фылдæр та фæцардыс- ты Дзабо æмæ Сослан уыцы алæмæты хæхты. Сæрвæттæ æмæ фосы хицау йæхи куы схицæн кодта хæхбæ- стæй бынтондæр, уæд Дзабо æмæ Сослан семæ ракодтой, кæд- дæр Гæстæн йæхицæн æмбалæн цы сидзæр лæппуйы æрбакодта, уыцы Симоны, афтæмæй, цы фос ма сæм уыдис, уыдонимæ æрфардæг сты хъæумæ. Симоны æрцæрын кодта Дзабо Фаризæты ныййарджыты хæдзары. Йæ адджын цардæмбалы мысгæйæ ма дыууæ азы фæцардис Дзабо æмæ Сосланæн бафæдзæхста, зæгъгæ, куыддæр æвдæм сабат ахицæн уа, афтæ афæдзы кæндæн сыхæгтæн æхца ныууадз- дзынæ æмæ ацу ардыгæй, цæмæй æппындæр дæ зæрдæ мацæуыл риссын кæнай. Дыууæ азы дæргъы Дзабо йæ фыртимæ хæдзар афтæ ба- рæвдз кодтой, цыма рагæй цæрæг уыдысты. Зæрдæргъæвд, æнæ- зивæг лæппу Сослан йæ фыдæн æххуысгæнгæйæ ахуыр кодта, цыдæриддæр Дзабо арæзта, уыдон базоныныл. Базыдта цæхæ- радоны куыстытæ, хæринаг кæнын. Дзабойыл, иуæй, æвæццæ- гæн, йæ царды фадæттæ æртыхстысты, иннæмæй, йæ цардæмба- лы мысыди æмæ дыууæ азы фæстæ йæ зæнгтыл нал слæууыдис. Сослан хæдзары куыстытæй уæлдай Дзабойы тыхамæлттæй кæртмæ хаста, цæмæй йæ сыгъдæг уæлдæфыл ахуыр уæнгтæ æрхæндæг ма кæной. Сæрдыгон бон Сослан Дзабойæн зæрдæл- хæнынæн йæхи сагъд ног картæфтæ йæ разы куы ’рæвæрдта, уæд фыдæн йæ зæрдæ суынгæг: — Ныр дæм дæ мад искуыцæй куы ’рбакæсид, уæд куыд цин кæнид, уый ма цæстыл уайы. Цæй, мæ разы куыд сты, уый раз дæр афтæ уæнт, Фаризæтæн сæ ахæлар кодта. Фыд тынг разы уыдис Сосланæй, фæлæ сагъæс кодта — иунæ- гæй куы баззайа, уæд хæхбæстæм фæстæмæ куы аздæха... Иу бон Дзабо Сосланы æрбадын кодта йæ цуры æмæ йын бафæдзæхста, зæгъгæ, куыддæр æвдæм сабат ахицæн уа мæ 80
фæстæ, афтæ ардыгæй ацу горæтмæ æмæ исты дæсныйадыл са- хуыр кæн. Дзырд дзы райста, фæстæмæ хæхбæстæм аздæхын куыд не ’сфæнд кæндзæн, уый тыххæй. Дзабо куы ахицæн йæ цардæй, уæд Сослан бынтондæр йæ сидзæрдзинад бамбæрста. Æвдæм сабат дæр ахицæн. Сыхæгтæ æрæмысыдысты Дзабойы царды фæндæгтæ, куыд хъæздыг зæр- дæйы хицау уыдис æмæ алчи йæ хæдзармæ ацыдис. Сослан хæ- дзары куыстытæ конд фæцис æмæ уынгмæ рацæугæйæ йæхи фæл- лад æмæ сагъæссаг уагъд æркодта, кæддæр йæ фыдимæ цы бан- дон сарæзтой, ууыл. Дыдзы хур йæ фæстаг тынтæ зæххыл бай- тыгъта, мæрдты ху^ фæхонынц ахæм хур, фæлæ дзы зæрдæ хъуа- мæ рухс кодтаид. Йæхинымæр йæ цæстытыл ауадысты йæ гыц- цылы бонтæ, æмæ куыддæр йæ зæрды æрбафтыд — уæд та уал хæхбæстæм ацæуон мæхи аирхæфсынмæ, афтæ ахъуыды кодта: уый гæнæн кæй нæй — йæ фыдæн дзырд радта æмæ йæ нæ фæ- сайдзæн. Хъуыдыты афтæ æныгъуылдис, æмæ нæ бамбæрста, йæ размæ иу æрыгон сылгоймаг куыд æрбахæстæг, уый. — Дæ изæр хорз, лæппу! — фехъуыста Сослан, æмæ йæ бы- натæй фестадис. — Æз быдыры хъæуты никуы уыдтæн, никæй зонын, хæхбæстæй æрцыдтæн ме ’нахъом сывæллæттимæ æмæ кæм æрæхсæвиуат кæнæм, уый нын нæй бынат. Сослан куы ауыдта дæрдзæф лæугæйæ иу иннæмæй къан- нæгдæр цыппар сывæллоны, уæд фæраст уыдонмæ. Сæ хъуджы сæрбос сын бæласæй райхæлдта, кæстæр сывæллоны систа йæ хъæбысмæ æмæ сæ мидæмæ бакодта. Хорз сæ куы суазæг кодта, уæд уайтагъд фырвæлладæй бафынæй сты. Райсомæй куы рай- хъал сты, уæд сæм Сослан дзуры: мæнæ уын хæдзар. Цыдæрид- дæр дзы ис дзаумайæ, маргъæй, цæхæрадоны халсартæй, хæдза- ры дзаумайæ — иууылдæр сæ уадзын сымахæн. Ам мæнæй уæл- дай цæрæг нал ис æмæ æрбаздæхынмæ дæр нал хъавын. — Со- слан фæстæмæ дæр нал фæкаст, афтæмæй рацыдис. Симоныл йæ фæндаг ракодта æмæ йын бафæдзæхста, цæмæй ма сæ фосæй чи баззад, уыдоны хардзæй, Дзабойæн йæ афæдз куы сæххæст уа, уæд йæ ном ссара, йæхи хæдзары йын рухсаг зæгъой. Фæндаджы фæрсты къахвæндагыл цæуы Сослан, кæдæм æмæ кæмæ бафтдзæнис уый нæ хатгæйæ. Уалынмæ иу цæрæг лæг Сосланы раз йæ бидаркæ баурæдта. — Лæппу, горæтмæ цæуын, æмæ дын кæд æмбæлццон дæн, уæд сбад. Бидаркæйы хицау, куы рафæрстытæ кодта Сосланы æмæ йын йæ цардыуаг куы бамбæрста, уæд æй æнæбафæрсгæйæ суанг æфсæнвæндаджы вагзалмæ бахæццæ кодта. Бидаркæйы хицау цæуынмæ куы хъавыд, уæд æм Сослан дзуры: 6 Санаты Еленæ 81
— Мæ сагъæссагæй дын дæ ном дæр нæ базыдтон. — Мæ ном Дзамболат хуыйны, хонгæ та мæ кæнынц Джам- бот. Кусын Суададжы ахуыргæнæгæй, искуы куы сæмбæлай, фысым дын уыдзыстæм. * * * Бады Сослан сæумæрайсом Дзæуджыхъæуы бульвары кæрон, цы уазæгуаты бахсæвиуат кодта, уый ракомкоммæ æмæ хъуыдытæ кæны. «Къоста бæргæ фыста: «Æхсæрдæсæм аздзыд — лæджы бындзæфхад...» Фæлæ мæнæй цæй бындзæфхад ис, куыстмæ дæр мæ куы никуыдæм исынц. Ме ’хца, уазæгуаты бахсæвиуат кæны- ныл д;ысон цас бафыстон, афтæмæй бирæ фаг не суыдзысты. Йæ хъуыдытæй йæ фæхицæн кодта, уазæгуаты фарсмæ цы иууæладзыгон хæдзæрттæ уыдис, уыдонæй иуæй цы лæппу рацы- дис, уый. Йæ бакастæй бæрæг уыдис, цæуылдæр мæсты кæй у. Цæмæй йын йæ маст аиуварс кæна, уый тыххæй йæм дзуры Сослан: — Ды дæр ацы уазæгуаты æхсæвиуат кодтай? — Цæй уазæгуаты кой кæныс? Махæн нæ хæдзар дæ фæс- чъылдыммæ, — æмæ бацамыдта иууæладзыгон хæдзæрттæй иумæ, стæй æрбадти Сосланы фарсмæ. — Уæдæ дæуæн дæ уавæр мæнæй хуыздæр у. — Куыннæ стæй! Сæумæрайсом та мæ фыдимæ фæбыцæу стæм... — Ау, куыд хъуамæ фæбыцæу уай дæ фыдимæ?! — Дыууæ азы размæ Налцыккæй æрбалыгъдыстæм ардæм, æмæ уæдæй нырмæ скъолайæн йæ койæ дæр мæ зæрдæ риссы. Мæ фыд та мæ скъоламæ тæры. — Æз дæ бынаты куы уаин, уæд быцæу нæ, фæлæ мæ фы- дæн йæ дымджытæй дæр йæ бындзытæ сурин. Дæ фыды цæст дын æвзæр куыд бауарздзæнис? Йæ коммæ кæс... Мæнæн ма мæ фыд æгас куы уаид... — Æмæ дын фыд нæй? — Фыд нæй, мады дæр гыццылтæ хъуыды кæнын... — Уæд кæимæ цæрыс? — Никæимæ. Лæппутæ ныхъхъус сты. — Дæ ном цы хуыйны?— бафарста æрæджиау лæппу. — Мæ ном Сослан. — Æз та Саламбег хуыйнын. Сослан цыбырæй ракодта Саламбегæн йæ хабæрттæ. Æрæ- джы йæ фыд кæй фæзиан, цæрæнбонты йемæ фыййауæй кæй фæцыд. Фосмæ æнгомдæр кæй у адæмæй. Скъолайы никуы ахуыр 82
кодта. Кæсын базыдта йæхи æгъдауæй Къостайы чиныджы руа- джы. Уырыссагау æппындæр нæ зоны. Знон дыууæ заводмæ* ба- цыд, кæд æй исты куыстмæ айсиккой, фæлæ йыл цал азы цæуы, уый-иу куы базыдтой, уæд та-иу æй рарвыстой... — Гъомæ сын загътаис, хорз кæй архайдзынæ. — Куыд сын загътаин, уырыссагау куы нæ зонын, уæд?! Хицæуттæ иууылдæр уырыссæгтæ сты. — Уæдæ ма иумæ цом, — загъта Саламбег. Вагæттæ цалцæггæнæн заводы кæртмæ куы бахызтысты, уæд Сослан дзыхълæуд фæкодта: — Знон уыдтæн ам æмæ мæ нæ райстой. — Цом, знон иунæгæй уыдтæ, абон та дыууæ стæм æмæ хъуа- мæ ныфсджындæр уæм. Кусджыты чи исы, уыцы адæймаджы кабинеты дуар бахоста Саламбег. Куы ничи дзы уыдис, уæд директоры хæдивæгмæ ба- цыдысты. — Æгас цæут. Сбадут æмæ, уе ’рбацыд цæй фæдыл у, уый дзурут, — загъта сын уыцы ацæргæ нæлгоймаг, йæ мидбылты бахудгæйæ. — Мæнæ ме ’мбал уырыссагау дзурын нæ зоны, фæлæ ахæм зæрдæргъæвд æмæ коммæгæс у, æмæ цыфæнды куыстыл дæр уайтагъд сахуыр уыдзæнис. Ничи йын ис. Иунæг у. Кæм цæра, уый дæр ын нæй. — Ды кæм цæрыс? — бафарста лæг Саламбеджы. — Æз ам цæрын, горæты. — Гъемæ йын ахæм æвдакат кæй ис, уый тыххæй йæ исын. Æцæг куыстыл хъуамæ æнувыд уа. — Директоры хæдивæг ныффыста гæххæтт комендантмæ, æмдзæрæны Сосланæн бынат куыд ратта, уый тыххæй. Уый фæстæ Саламбегæн курдиат ныффыссын кодта Сосланы номæй, цæмæй йæ куыстыл сахуыр кæнынмæ райсой заводмæ. — Райсом аст сахатмæ куыстмæ рацæудзынæ. Асинтыл дæлæмæ куы ’рхызтысты, уæд Сослан фырцинæй йæ хъæбысы фелвæста Саламбеджы: — Гъе ахæмты фæхонынц хуыцауысконд адæймæгтæ! — Ды мын куы нæ уыдаис, уæд æхсæвиуат кæнынмæ вагзалмæ цæуи- наг уыдтæн. Æмдзæрæны комендант Сосланы гæххæтт райста. — Дæхицæй хистæртимæ цæрдзынæ? Æндæр нæм уæгъд бы- нат нæй. — Мæнæн, æхсæв мæ фæллад кæм суадзон, уый уæд, æндæр мын уæлдай нæу. Æрмæст, кæд гæнæн ис, уæд иронау чи зона, ахæм дзы куыд уа, æз уырыссагау дзурын нæ зонын. 83
— Уырыссæгтимæ куы цæрай, уæд тагъддæр базондзынæ æвзаг. Æмдзæрæны комендант Сосланæн хуыссæнтæ радта æмæ йын бацамыдта, кæцы уаты цæрдзæнис, уый. Æрбадтис Сослан йæ сынтæгыл æмæ хъуыдыты аныгьуылд: цымæ йын цавæр адæмимæ цæргæ æрцæудзæн? Уалынмæ йæ сыхæгтæй иу уырыссаг лæг фæзындис. Сослан ын салам радта куыд хистæрæн æмæ лæугæйæ баззад. Æрбацæуæг æм дзуры: «Что ты стоишь? Садись, отдыхай». Фæлæ Сослан æнæисты дзургæйæ лæууы. Лæг бамбæрста, лæппу уырыссагау кæй не- ’мбары, бацыдис æм, йæ цонгыл ын уарзæгой хæст æркодта. — Садись. Афтæ, йе ’мдзæрджытæй алчидæр архайдта, цæмæй уырыс- сагау тагъддæр базона, йæхæдæг дæр архайдта, æмæ мæймæ дзу- рын кæд нæма арæхстис, уæддæр æмбарын дзæбæх байдыдта. Иу изæр æм Саламбег бацыдис абæрæг кæнынмæ, æмæ, цыма рагон æмбæлттæ уыдысты, афтæ ныццин кодтой кæрæдзиуыл. Иудзæвгар аныхæстæ кодтой, стæй Саламбег рахæцыдис Сосланы цонгыл, цом ахæм алæмæты изæр атезгъо кæнæм горæ- ты уынгты, зæгъгæ. — Уæддæр мын, Саламбег, ды цы хорздзинад ракодтай, уый, цалынмæ цæрон, уæдмæ мæ зæрдыл дардзынæн, — загъта Со- слан, уынгмæ куы рахызтысты, уæд. — Цæй, æгæр æй ма сдиссаг кæн! — Нæ, нæ, æз, чи зоны, фæстæмæ дæр аздæхтаин, фæлæ ды... Афонмæ мæ фосы дзуг уæтæрмæ стардтаин æмæ та æгомы- гæй бадтаин. Ныр мæнæ... — Уыдæттыл мауал хъуыды кæн, — йæ уæхск ын æрхоста Саламбег, фæлæ мæнæ ахуыры аз куы райдайа, уæд скъоламæ бацу изæрæй ахуыр кæнынмæ. — Æмæ мæ ацы кары айсдзысты? — Айсдзысты. Саламбеджы фæндыдис, Сослан исты хабæрттæ куы кæнид йæ цард, йæ фыдæлты цардæй, фæлæ уый, цымыдис ракæсба- кæсгæнгæ, цыдис. Цæнгæт хидæй куы бахызтысты, уæд Сослан ахъуыды кодта: ардыгæй фæндаг куы нал ссара. — Цом фæстæмæ. Ныр æнафон у, æмæ дæм уæхимæ загъд кæн- дзысты, дзыхълæуд фæкодта Сослан. — Мæн дæр райсом раджы кустмæ цæуын хъæуы, стæй, кæимæ цæрын, уыдонæй дæр худинаг у. Абадтысты трамвайы æмæ уайтагъд æмдзæрæны балæууы- дысты. — Æз дæр демæ кусын æмæ цæрыныл разы дæн. Ды ныр- тæккæ бацæудзынæ æмæ дæм загъдгæнæг нæ уыдзæнис. Æз та... Ноджы, абон скъолайы нæ уыдтæн, уый мæ фыд куы базона, 84
уæд æмбисонд фæуыдзæнис загъдæй,— Саламбег арф ныуулæ- фыдис. — Тæхуды, мæн мæ фыд дзæккорæй хойæгау куы фæкæнид, хæдзарæй дæр мæ куы расурид, æмæ ма йæ иу уынд куы фæкæ- нин... Абонæй фæстæмæ иунæг бон дæр мауал фæцух кæн дæ ахуырæй, дæуæн дæ фæндаг уæрæх у — æрмæст дзы спайда кæн. Дæ фыд дын, мæнæн куыд кодта, афтæ бон-изæрмæ æго- мыг фос куы нæ хизын кæны. Æниу дæ мад — йæ арм дын æппы- нæдзух фынгæн чи дары. Цы дын нæ фаг кæны, цæмæй дохтыр суай, кæнæ та æндæр исты дæсныйад райсай, уымæн? Амæй фæстæмæ ма иу бон дæр куы фæцух кæнай дæ ахуырæй, уæд мæм мауал фæзын. Саламбегæн, цыма йе уæнгты ног туг ауагъдæуыдис, уыйау хъуыдытæгæнгæ æрбахæццæ сæхимæ. Дуарæй куыддæр бахызт, афтæ йын йæ мад стъолыл хæринаг æрæвæрдта: — Лæппу, цыдæр æнкъард мæм кæсыс, ма фæрынчын у? Саламбег, джихтæ кæнгæйæ, æхсæвæр бахордта, стæй йæ мадæн афтæ: — Æрæджы иу мæгуыр лæппуйыл сæмбæлдтæн, æмæ йын цæ- мæйдæрты баххуыс кодтон æмæ мæхимæ дæр цыдæр ныфс фæзын- ди. Стæй мын ахæм ныхæстæ загъта, æмæ мæхиуыл æрхуыдтæн. Уыцы бонæй фæстæмæ Саламбег зæрдиагæй бавнæлдта ахуырмæ, æмæ дзы ахуыргæнджытæ, иу иннæйы дзыхæй ис- гæйæ, æппæлын байдыдтой. Нал хъуыдис фыды дæр загъд кæныи йæ иунæг фыртмæ. Сослан æмæ Саламбегæн ныр къаддæр рæстæг уыдис кæ- рæдзийы уынынæн, уымæн æмæ Сослан кусынæй уæлдай архай- дта уырыссаг æвзаг базоныныл, стæй фыссын æмæ кæсыныл. Уæддæр иу фæлладуадзæн бон Саламбег бацыд Сосланмæ æмæ йæ сæхимæ æрбахуыдта. Фыд сæхимæ нæ уыдис, хъæумæ се ’рвадæлтæм хуынды ацыдис. Хæдзары уыдысты Салаибеджы дыууæ хойы. Мад хæринаг кодта. Рæстæггай-иу цæлгæнæнæй стъолыл фынг æвæрынмæ фæзындис, цыппæрдæс азы бæрц кæуыл цыдаид, ахæм чызг, бинонтæй йын алчидæр цума кодта, æмæ уый дæр æнæзивæгæй æххæст кодта, цы йын дзырдтой, уый. Солтанбег фæссихор бинонтæн бузныг куы загъта æмæ уынгмæ куы рацыдысты, уæд фæрсы Саламбеджы: — Уыцы æнæзивæг чызг та чи у? — Уый мæ мадæн йæ хойы чызг у. Сидзæр. — Æмæ ахуыр нæ кæиы? — Ахуыр бæргæ кæны, фæлæ йын æнтысгæ уыйас ницы кæны. Сослап дзæвгар рæстæг ницыуал сдзырдта. 85
— Цыдæр æнахуыр номæй йæм дзырдтой дæ хотæ, — загъта æппынфæстаг. — Мах æй Ами хонæм, йæ ном та Аминæт у. Бирæ цæуылдæрты ма ныхæстæ кодтой дыууæ лæппуйы стыр уынджы тезгъо кæнгæйæ, æмæ та-иу Сосланы цæстыты раз фев- зæрдис уыцы æнæзивæг чызг. Йæхимæ гæсгæ йын тæригъæд кодта. Фæндагыл Солтанбег йæ зонгæ чызджытыл амбæлдис æмæ киномæ ацыдысты, Сослан сæ хатыр ракуырдта æмæ араст æмдзæ- рæнмæ. Цæуылдæр тыхсти, уый хатыдта, фæлæ — цæуыл, уый не ’мбæрста. Кæд, мыййаг, Аминæты тыххæй сызмæсти мæ зонд? Æвæдза, диссаджы рæсугъд чызг у. Стæй фæфæнд кодта исты чиныг балхæнын... — Чингуытæ кæм уæй кæнынц, уыцы дукани кæм ис, уый мын нæ бацамондзынæ? — бафарста, фыццагдæр кæуыл фем- бæлд, уыцы сылгоймаджы. — Æмæ нæ заводы библиотекæйы чингуытæ иууылдæр бакастæ? Сослан дисæй амардис. Цымæ, цæмæй зоны ацы сылгоймаг, æз цы заводы кусын, уый, æмæ йæ афарста: — Æмæ дзы ирон æвзагыл фыст таурæгъты чингуытæ дæр ис? Кæй фарста, уый заводы библиотекæйы кусæг разындис. Акодта йæ æмæ йын радта ирон таурæгъты чиныг. Сослан æй цыбыр рæстæгмæ каст фæцис. Рæхджы самал кодта дзырдуат, æмæ йын æппындæр рæстæг фаг нал кодта. Афæдзмæ æнæкъуылымпыйæ йæ бон дзурын уыди уырыс- сагау. Тæлмацгæнæджы сæр æй нал хъуыдис. Æмæ йæ ныфсыл ныфс æфтыдис. 1937 азы Сослан бацыдис хъæууонхæдзарадон институты рабфачы изæры ахуырмæ. Йæ хабæрттæм ын директор куы бай- хъуыста, уæд бауынаффæ кодта, лæппуйы сæрибар хъусæгæй райсын, æмæ кæд арæхса ахуырмæ, уæд æй банымайдзысты сту- дентыл. Бирæ ирон лæппутимæ базонгæ Сослан рабфачы. Йæ зæрды æвзæрын байдыдта ног фæндтæ, фæлæ цард йæхионтæ кæны, æмæ йæм иу бон фæсидтысты военкоматмæ. Уым ын куыд бамбарын кодтой, афтæмæй, рабфачы студент- тæн дæттынц фадат сæ ахуыр кæронмæ ахæццæ кæнынæн, фæлæ Сослан студентыл нымад нæу æмæ йæ службæмæ арвыстой. Йæ командиртæ дзы уыдысты разы, æмæ Сосланæн зæрдæ бавæрд- той æфсæддон училищемæ арвитынæй. Ногæй та фæндтæ, зæрдæдарæн-зæрдæрухсгæнæн хъуыды- тæй сæрымагъз дзаг кодта. 86
Сосланæн йæ службæйы рæстæг кæронмæ куы ахæццæ, уæд ахъуыды кодта æмæ райдыдта кусын Мæскуыйы заводтæй иуы, йæ раздæры куыстмæ хæстæгдæр баст чи уыдис, ахæмы. Уым дæр та йын бынат радтой æмдзæрæны, дыууæ азы фæстæ та райста хицæн цæрæнуат. Æрцыдис йæ рад фæллад уадзынæн, æмæ сфæнд кодта Ирыстонмæ ссæуын. Дзæуджыхъæумæ куыд хæстæгдæр кодта, афтæ йæ сагъæстæ та фылдæр кодтой: кæм бахсæвиуат кæндзæн, хæхбæстæм фæцæуид, æмæ дзы хионæй ничиуал ис. Вагзалы вагонæй куы æрхызт, уæд йæ зæрды уыдис Саламбеджы фенын, фæлæ йæ йæ къæхтæ ахастой, йæ зын цард хуыздæр цардмæ раивыны дуар кæм байгом кодта, уыцы заводы æмдзæрæнмæ. Зонгæтæй ма дзы цардис æрмæст дыууæ лæппу- лæджы, уыдон Сосланыл зæрдиагæй бацин кодтой æмæ йæ суа- зæг кодтой. Цехмæ дæр бацыдис, æмæ йæ, куыстмæ чи райста, уыцы лæг уым куы разынд, уæд йæ цинæн кæрон нал уыд. Семæ уырыссагау дзурын куы байдыдта, уæд ыл дис кодтой, уыйас ын кæй бантысти, ууыл. Изæрæй Саламбегимæ куы фембæлд, уæд кæрæдзиуыл тынг фæцинтæ кодтой. — Цом махмæ æрфысым кæн, — загъта йын Саламбег. — Бузныг, мæ фысымтæ цæттæ сты. — Нæй дын ауадзæн, мæ фыдимæ дæр базонгæ уыдзыстут. Уадз æмæ фена, мæ раздæры фыййау зонгæйæ цы лæг рауади, уый. — Цом бинонты фенон, — сразы Сослан æмæ араст сты. Бинонтæ æхсæвæры кой куыд кодтой, афтæ бахызтысты мидæмæ. — Мæнæ дын мæ фыййау æмбал, мæстæй мæ кæмæй мард- тай, уыцы Сослан, — загъта Саламбег. — Тынг æхсызгон мын у дæ фенд, уымæн æмæ мæ фырт дæ фæрцы цыдæртæ бамбæрста — рæхджы дохтыр суыдзæнис. Æмбæлттæ дæр алыхуызæттæ вæййынц. Иутæ адæймаджы цъыф- дзастмæ ласынц, иннæтæ та йæ цæстуарзонæй сæхи хуызæн кæ- нынц, — загъта Сабаз æмæ Сосланы æрбахъæбыс кодта. Фынг æвæрдтой мад æмæ Аминæ. Сослан чызджы куы ауыд- та, уæд джихæй аззадис: гæр, уый цы гыццыл сидзæр чызгæн тæригъæд кодтон, уый ахæм хæрзконд, хæрзуынд чызг сси! Фынгыл тæбæгъ куы æрæвæрдта, æмæ йæ дзыкку размæ куы ’рхауд, уæд бынтондæр аивта йæ хуыз чызгæн. Цыма Сосланæн йæ дис æмбæрста, уыйау æм йæ хъоппæг цæстытæй фемдзаст æмæ фефсæрмы. Адджын бадты фæстæ цæуынвæнд куы скодта, уæд æй тынг зæр- диагæй урæдтой, фæлæ Сосланмæ аив нæ фæкастис уым баззайын. Хъуыдыты аиыгъуылгæйæ, æрбахæццæ æмдзæрæнмæ. Йæ 6а- 87
цыдмæ ма йæ чидæриддæр зыдта, уыдон æм æнхъæлмæ кастысты. Лæппу сын йæ хабæрттæ фæкодта, стæй алчи йæ бынат ссардта. «Ай цы хабар у? Хуыссæг мæ дардæй-дарддæр куы лидзы. Аминæйы фыццаг хатт куы федтон, уæддæр ма афтæ æнæхуыс- сæг фæдæн. Ныр дæр мæ цæстытæй нæ хицæн кæны йæ сурæт... Ехх, æвæдза, мæ зæрдæмæ тынг цæуы, фæлæ куыд бамбарын кæндзынæн мæ зæрдæйыуаг чызгæн, Саламбегæн?.. ахæм хъуы- дытимæ йыл æрæджиау кæддæр сбон ис. Райсомæй раджы буль- вармæ рацыдис. Бульвары кæронмæ ’ввахс йæхи æруагъта бан- доныл æмæ кæсы дуканийы ’рдæм. Иу зонгæ цæуæг адæймагыл дæр йæ цæст куынæ æрхæцыд, уæд скарста: иу къуыри Куырт- таты коммæ ацæуын æмæ уым фыййæуттимæ йæ рæстæг арви- тын. Уалынмæ Аминæ дуканийы къæсæрæй бахызтис. Тагъдго- мау бацыд Сослан йæ фæстæ æмæ, цыма æнæнхъæлæджы фем- бæлдысты, уый хуызæн салам радта чызгæн. — Хæдзары куыстытæй дæ, æвæццæгæн, скъоламæ цæуынмæ дæр нæ равдæлд? — загъта Сослан, дуканийæ куы рацыдысты, уæд. — Дыууæ къласы фæдæн, цалынмæ мæ мад æгас уыди, уæдмæ, фæлæ ардæм куы ’рцыдтæн, уæд нæм, иуæй, Ирыхъæуы скъола дæрддзæф у, иннæмæй, æнæзонгæ адæмимæ мæ ныфс нæ хастон æмæ куыддæртæй баззадтæн, — чызг фæлмæн йæ мид- былты бахудт. Сослан чызгæн йæ хæссинæгтæ райста æмæ йын сæ хæдза- рыл сæмбæлын кодта. «Мæнæ диссаг, мæ къæхтæ мæ куыд нæ хæссынц йæ цу- рæй!— хъуыды кодта Сослан, фæстæмæ здæхгæйæ, — цыфæнды куы уа, уæддæр уал райсом раджы Куырттаты коммæ ацæудзы- нæн, стæй уæд...» Раст изæрырдæм Хохы Карцамæ схæццæ Сослан. Хъæуы цæрджытæй йæ кæй ничи зыдта, уымæ гæсгæ сфардæг фыййæут- тæм. Сыгъдæг уæлдæфæй зæрдæ йæхи уæларвмæ иста. Дардæй хъуысы хосгæрдджыты зарын цæвджыты цъæхснаг æхситтимæ. Фыййæуттæ сæ бынатмæ цалынмæ фос æртæрой, уæдмæ уал хосдзаутæй искæй уис кæронмæ ахæццæ кæна, цæмæй йæ цæнг- ты фæллад æрцæуа, стæй уæд бæрæг уыдзæни, зæгъгæ, Сослан хосгæрдджытæм бацыд. — Байриат æмæ уын Хуыцау уыйбæрц фос раттæд, холлагæй æфсадын сæ куыд нæуал фæразат! — арфæ ракодта Сослан. — Кæй дæ, уыдоны фæндиаг — дæ цард! — хъæрæй загъта хосдзауты хистæр. — Æз мæнæ фыййæуттимæ дæн, æмæ уын уæ зарын куы фехъуыстон, уæд ардæм мæхи райстон, — бацыд тæккæ ацæргæ- 88
дæр хосдзаумæ æмæ йын йæ цæвæг райста. Иннæ хосдзаутæй раджы адард йæ уис — æвæллад цæнгтæ базмæлыдысты. Ца- лынмæ йæ уыдон æййафой, уæдмæ æрбадтис кæрдæгыл. Ахæм изæртæ бирæ баййæфта йæ фыд Дзабоимæ, æмæ йын æхсызгон уыдис, фыййæуттæ æмæ хосдзаутимæ изæрæй къæрц- цытæгæнгæ арты алыварс куы ’рбадтысты, уæд. Уæларт фысы фыд фыцы, фыййæутты кæстæр та, кæддæр-иу Сослан куыд кодта, афтæ раззаг хуылфыдзаумæттæй физонæг дары артмæ... Къуырийы фæстæ Сослан хæрзбон загъта йæ фысымтæн æмæ раздæхт фæстæмæ Дзæуджыхъæумæ. Бацæуон комкоммæ Саламбегтæм æмæ йын йæ фыдæн мæ фæндон зæгъон. Нæ, Саламбегæн уал бамбарын кæнон хъуыд- даг, — йæхинымæр скарста æмæ кæнгæ дæр афтæ бакодта. — Цом, киномæ, — загъта Саламбег Аминæтæн. Мад æмæ Аминæ кæрæдзимæ бакастысты, цы йыл æрцыд, зæгъгæ. — Ауай, ауай, мæ хур, — загъта мад, — æгайтыма дæ де ’фсы- мæр йемæ киномæ хоны. Уыцы изæр сæ бакомкоммæ «Гигант»-ы æвдыстой «Чапаев». Аминæ ахæм зæрдиагæй кастис кинонывмæ, æмæ йæ Сослан иу ныхасæй дæр цыма æфхæргæ бакодтаид, афтæ йæм каст. Фæстæдæр æртæйæ атезгъо кодтой парчы ’рдæм. Сослан Ами- нæты фарсмæ цыди, фæлæ, ныхас цæмæй райдайа, уый йæ сæр нæ ахста. Уалынмæ æрбаздæхтысты хæдзармæ. Саламбег, ныртæккæ фæстæмæ рауайдзынæн, зæгъгæ, батагъд кодта мидæмæ. Сослан Аминæтæн бамбарын кодта йæ зæрдæйыуаг. — Мæ фæлладуадзæн бонтæ фæфæуынц, æмæ æнæ дæу ацæ- уынвæнд нæ кæнын. Дыууæйæ дæр æмхуызон сидзæртæ стæм æмæ исты амæлттæй цардхъом уыдзыстæм. Аминæтæн йæ зæрдæ фæцæйрæмыгъта йæ риуы, йæ цæс- сыгтæ æркалдысты æмæ æфсæрмыгæнгæйæ загъта: — Æз дæ уæдæй нырмæ нæ рох кæнын. Мæхимæ гæсгæ дын тынг тæригъæд кодтон... — Уæддæр мын цы дзуапп дæттыс, Ами? — Цы дын æнтыса, уый кæн. Мæныл дар дæ зæрдæ... Уыцы рæстæджы Сабаз лæууыди кæрты, бруйы мидæгæй, æмæ сын хъуыста сæ ныхас. Ау, мæ хистæр чызг рæхджы ахуыр фæуыдзæн, уæд цæмæн равзæрста ацы суинаг сахъгуырд сидзæр чызджы, ахъуыды кодта Сабаз, стæй мидæмæ бацыд æмæ йæхи диваныл æруагъта. — Не ’фсин, нæ лæппуйы хæларæн, æнхъæлдæн, йæ зæрдæ Аминæмæ фехсайдта, æмæ мæм хардзау кæсы: цæуылнæ æрхæ- цыд йæ цæст нæ хистæр чызгыл? 89
— Нæ, мæ сæрыхицау, Сослан йæхицæн æрмæст сылгоймаг нæ агуры, фæлæ — цардæмбал. Уый хорз бамбæрста, Аминæ хæдзары сылгоймаг кæй уыдзæн, йе ’рбацыдмæ йæ къона хъарм æмæ райдзаст кæй уыдзæн, уый. Нæ чызджытæ та бон-изæрмæ, хъаз донмæ куы кæса, уымæй уæлдай сæ сæртæ чиныгæй нæ исынц... Ами сын куы нал уа, уæд ма сæ кæд исты рауаид. — Кæд истæуыл ныссагъæс кæниккой. Ныр Аминæйы куыс- тытæ уыдонмæ нæ хаудзысты? — Уый та мæ хойы иунæг чызг у, æмæ мæн фæнды, тæккæ абон дæр куы ацæуид Сосланимæ. Райсомæй Сабаз куыстмæ куы ацыдис, уæд мад бамбарын кодта йæ уынаффæ лæппуйæн, цæмæй Сослан йæ хъуыддаг кæна. Цыппæрæм бонмæ райста дыууæ билеты Мæскуымæ. Раст сабаты Сослан æмæ Аминæйы афæндараст кæнынмæ рацыдысты бинонтæ иууылдæр, фыдæй фæстæмæ. Суанг Прохладнæйы онг купейы дыууæйæ цыдысты. Аминæт бæстæттæ кодта, йæ мады хо йын цытæ сæвæрдта йемæ, уыдон. — Мæнæ диссаг, ацы чиныг дæр дзы нæ байрох, уымæн æмæ мын æрдæгкастæй баззад, уый зыдта, — Аминæты зæрдæ суынгæг. Сослан бадис кодта — ахуыр куы нæ кæны, уæд^ахæм бæз- джын чиныг куыд кæсы, уымæй дæр уырыссагау?! Йæ дис ын цæмæй ма бамбара Аминæт, уый тыххæй загъта: — Ахæм чингуытæ кæсын дæ бон у уырыссагау? — Цæуылнæ у. Чингуытæ æнæ скъола нæй кæсæн? Сосланæн тынг æхсызон уыдысты йе ’нтыстдзинæдтæ, æмæ йæ куыд æрбахъæбыс кодта фырцинæй, уый æмбаргæ дæр нæ бакодта. Аминæт йæхи аиуварс кæнынмæ хъавыд, фæлæ йæ уый нæ уагъта. — Ныр дæ æз нал суæгъд кæндзынæн иунæг бон дæр, цалынмæ æгас уон, уæдмæ. Дæуæй мæ Хуыцау мауал фæхицæн кæнæд! Мæскуыйы сæ фатермæ куы бацыдысты, уæд Аминæт æфсна- йыныл фæцис, фæлæ йын Сослан загъта: — Хæдзары дзаумайæ æххæст нæу фатер, æмæ уал уыдæттæ балхæнæм. Фæндгæ та йæ афтæ кодта, цæмæй Аминæйы хæрæндонмæ бакæна æмæ йын æнæ фыдæбонæй сихор бахæрын кæна. Хæрд куы фесты, æмæ Сослан цас æхца бафыста, Аминæт уый куы федта, уæд загъта: — Уыцы æхцайæ хæдзары амæй хуыздæр хæринæгтæ фæ- кодтаиккам æппын къаддæр æртæ боны фаг. ^Ертыккаг бон, Сослан куыстмæ куы ацыдис, уæд Аминæ йæхи арæвдз кодта æмæ уьшгмæ рацыдис, сæ алыварс цы дука- нитæ ис, уый базонынмæ. Йæ зæрды уыдис Сосланы зæрдæ ис- 90
тæмæй барухс кæнын æмæ халсартæ, стæй судзинтæ æмæ бинты тыхтон балхæдта. Хæринаг конд куы фæцис, уæд рудзгуытæ хæрзсæрфт ныккод- та, бахуыдта сын бинтæй æмбæрзæнтæ, æмæ агъуыст йæ хуыз скал- дта. Æфснайд куыд фæцис, афтæ дуарæй æрбахызт Сослан дæр. — Мæнæ диссаг! Ай æндæр фатер уаид, æмæ уæд æз куыд фæрæдыдтæн ардæм? Аргъауы дæр цы сылгоймаджы кой нæма уыдис, ахæм мæ хай фæцис! Мæнæй амондджындæр нæй ацы ду- нейы, — загъта Сослан æмæ Аминæйы йæ хъæбысы фелвæста. — Дæ къухтæ — æхсгæ, æмæ — сихор, мæхæдæг дæр сыдæй мæлын, — худгæйæ загъта Аминæ. — Ау, æххормаг ма дæ? Æмæ мæнмæ цæмæн æпхъæлмæ кастæ, гормон. Уæд та, æз искуы бафæстиат дæн, уæд æххормагæй тæ- ригъæд нæ уыдаис? Фынгæй куы сыстадысты, уæд, знон æрдæгæфснайд æмæ гомæй цы чумæдан ныууагъта, уымæ фæкомкоммæ Аминæ æмæ дзы раздарæн фелвæста, йæ астæуыл æй æрбабаста. — Мæнæ-ма кæс, мæ мады хо мын цы раздарæн сæвæрдта! — Дзургæ-дзурын Ами дзыппы йæ къух атъыста, æмæ зæрдæ ныс- сæххæтт кодта, йæ цæсгом афæлурс: дзыппы уыдис æхцайы гу- цъула. Сослан фæтарст: — Цы кодтай? Дæ хуыз куы фæцыдис? Аминæ Сосланмæ радта æхцатæ, йæхæдæг кæсы чысыл фы- стæг: «Аминæ, мæ хур, мæ бон дын бирæтæ нæу — нæ мын бан- тыстис — æгæр раджы фæдæ цæуыныл. Ацы æхцайæ дæхæдæг хуыздæр балхæндзынæ, цы дæ хъæуы, уый. Уадз æмæ Сослан дæр ма ахъуыды кæна, сидзæр æнæкъона чызг уыдтæ...» Æхсæв-бонмæ йæ цæстытæ не ’рцъынд кодта Аминæ, фæн- дыди йæ мады хомæ, мады ад кæмæй федта, уымæ фыстæг ныф- фыссын, фæлæ йæ йæхæдæг куынæ райса æмæ йæм æхцайы тых- хæй æфхæрд куы ’рхауа бинонтæй... Райсомæй, цалынмæ Сослан йæхи æхсадта, уæдмæ аходæи уыдис фынгыл. Сосланæн æхсызгон уыдис, йæ бинойнаг ыл афтæ кæй узæ- лыд, уый. Сæ цæрæнуат хицæнæй уыдис, фæлæ хæринаг кодтой иумæйаг ран. — Ды, æвæццæгæн, хæринаг кæныныл ахуыр кодтай? — фæр- сы йæ иу бон сыхæгты ус, Аминæйы арæхстджын æвнæлдмæ кæсгæйæ. — Ахуыр не скодтон, фæлæ мæ царды фæидæгтæ афтæ рауа- дысты, æмæ иуæндæсаздзыдæй абонмæ бинонтæн хæринаг код- тон, — загъта Аминæ. 91
— Бирæ бинонтæ уыдыстут? — хынцфарст кæны сылгоймаг. Чызг йæ сæр æркъул кодта. — Æз уыдтæн сидзæр æмæ мæ мады хотæм цардтæн. Дарддæр æй ницæмæйуал бафарста сыхаг. Дыккаг бон Аминæт Сосланы æрбацыдмæ сфæнд кодта сойы- фых чъиритæ скæнын æмæ дзы сыхæгтæн дæр фæхай кодта. Чъиритæ се ’ппæты зæрдæмæ дæр фæцыдысты, æмæ уыцы бо- нæй фæстæмæ сыхæгтимæ схæлар Аминæ, ноджы ма сын, сидзæрæй схъомыл, уый куы загьта, уæд æм иууылдæр се ’ргом аздæхтой. — Кусын дæ зæрды нæй?— бафарста иу бон йæ сыхаг ус. — Бæргæ кусин, фæлæ кæм? — Æз сывæллæтты рæвдауæндоны хицауæй кусын, æмæ мæ хæринаггæнджытæй иу йæ куыстæй цæуы. Кæд дæ фæнды, уæд райсом мемæ цом. Къуырийы дæргъы ма кусдзæн æмæ дæ уæдмæ ацахуыр кæндзæн. Кæннод ахæм къухтимæ хæдзары бадынæн æвгъау дæ. Дыккаг бон Аминæт, Сосланæн^ ницы загъта, афтæмæй йæ сыхагимæ ацыдис рæвдауæндонмæ. Йæ куысты фадæттæ йæ зæр- дæмæ фæцыдысты, стæй йæхиуыл дæр йæ зæрдæ дардта æмæ сразы куыстмæ рацæуыныл. — Æз райсом раджы кусынмæ цæуын, — загъта изæры Со- сланæн. Уый тынг ныддис кодта. — Кæдæм?! Æмæ дæ цæмæн бахъуыди кусыны сæр?! — Дæумæ гæсгæ, дзæгъæлы бадт кæнынæн æвгъау нæ дæн?! Мæнæн дæр адæмы ’хсæн æнцондæр уыдзæнис, ноджы утæппæт сывæллæттæн сæ цæстæнгасæй дæр адæймаджы зæрдæ рухс кæны. — Кæм æмæ кæд ссардтай ахæм куыст? — Мæнæ нæ сыхаг сывæллæтты рæвдауæндоны хицау у æмæ мæ хæринаггæнæгæй исы. Аминæтæн йæ куыстæй йæ зæрдæ бæргæ ради, фæлæ хæлæг кодта, сæ сывæллæттæм-иу фæскуыст цы сылгоймæгтæ æрба- цыд, уыдонмæ. Уыдонæн сæ сывæллæттæ сæ фарсмæ гæппытæ- гæнгæ, цъыбарцъыбургæнгæ цыдысты, уый та иунæгæй араст вæййы фæскуыст хæдзармæ. Фæлæ кæд ныр дыууæ азы бæрц цæрынц, уæддæр никуы ницы бамбæрста Сослан Аминæты зæр- дæйы рыстæн. Уæвгæ Сосланы æндæр мæт уыдис: ацы цард ын искæд куы фехæла, уымæй тарст. Æмæ архайдта Аминæты зæрдæ фылдæр истæмæй æлхæнын, рухс кæнын. Иуахæмы фæлладуадзæн бон ацыдысты театрмæ, æмæ фæстæмæ здæхгæйæ, Аминæт фыццаг бакаст Сосланмæ, стæй йын загъта: — Сослан, æвæццæгæн æмæ æз дæр рæхджы сывæллон- джынтæм нал хæлæг кæндзынæн... 92
— Æмæ сæм хæлæг кодтай? — бакаст Сослан дæр Аминæмæ. — Куыд нæ, уыцы хъоппæгдзæст лæппутæ æмæ чызджытæ... Куыд иæ сæм хæлæг кодтон, кæд æмæ ныр дыккаг аз... — Æмæ... ныр?!. — хъуыддаг бамбаргæйæ, Сослан Аминæйы йæ хъæбысы фелвæста. — Худинаг у адæмæй, æруадз мæ! — ныфсæрмы Аминæт. — Æдылы мæ куы фæхоной, æндæр мæ хъæлæсыдзаг ныхъ- хъæр кæнин фырцинæй! Ами, мæ зæрдæйы рухс, дæ куыст дæ ныууадзын хъæудзæнис, уæззæуттæ куыд нæ исай, хæдзары ку- ыстытæ дæр мæхи бар уадз! — Нæ! Рæвдауæндоны хицау мын зæрдæ бавæрдта, рæвдауæ- гæй мæ кæй раивдзæн, уымæй. Хæдзары бадын нал базондзынæн... — Махæн дæр, ома заводы кусджытæн, хæдзар аразынц æмæ дзы кæд мæимæ дæр æрхауид хицæн фатер. — О, кæуылты хъуыды кæныс! Ам махæй цауддæр адæмтæ нæ цæры æмæ, уыдон кæм фæразынц, уым мах дæр... — Аминæт, адæймагæн йæ бæллын æмæ тындзын хъуамæ цард æмæ куысты ма мынæг кæной... Сослан йæхимидæг хъуыдытæ кæны сæ сывæллоныл. Чызг уа, лæппу уа, уый уæлдай нæу, æрмæст дзæбæх уæд... Райсомæй Сослан сыстад æмæ йæм Аминæт дзуры: — Дысон цыдæр æвзæр фынтæ уыдтон, бафæлладтæн сæ. Хъал дæр радæн æмæ фын уыдтон, уый цинæй фæстæмæ афы- нæй дæн. Курын, æмæ дæхи хъахъхъæн. — Фынтæ та цы сты! Хъуыды дæр сæ ма кæн. — Æз тагъд кæнын мæ куыстмæ, æмæ ма фæзивæг кæн хæри- наг схъарм кæнынмæ, æнæ аходæн ма ацу, — загъта Аминæ хъæл- дзæгæй, фæлæ йæ зæрдæ цыдæр уæззау рыст скодта. * * * Уыцы бон æдзæмæй лæугæйæ баййæфта Сослан йе ’мкусджы- ты. Тагъд фæуа ацы хæст, уый сæ нæ уырны. Æмбырды сын бам- барын кодтой дывæрæй сæ кусын кæй бахъæудзæпис, уый, уымæн æмæ сæ куыст тынг вазыгджын у: аразынц хæцæнгæрзты хæйттæ. Знаг хæстæгæй-хæстæгдæр кæй кодта, уымæ гæсгæ завод æрвыст цыдис скæсæны ’рдæм. Кæдæм æй æрвыстой, уым кус- джытæ фаг уыдис, æмæ Сосланмæ æрсидтысты хæстмæ. Куыстæй сæхимæ куы ’рбацыд, уæд æнкъард бадт æркодта. Йæ сагъæс уыдис æрмæст Аминæтыл. Цы фæуыдзæнис уыцы хуызæнæй?.. Уалынмæ Аминæт дæр æрбахызт дуарæй æмæ йæ ныхас йæ разæй фæци. 93
— Рæвдауæндæтты сывæллæтты Астæуккаг Азимæ æрви- тынмæ хъавынц. Йæ зæрдæ фæлæууыд Сосланæн, кæд Аминæты дæр арви- тиккой сывæллæттимæ. Сосланмæ сидынц, куы фехъуыста, уæд йæ зæнгты хъару асаст æмæ йæхи æруагъта бандоныл. Иудзæвгар ницы дзырдтой, стæй Аминæт йæхиуыл фæхæцыд. — Цæй, рагацау нæхи куыд амарæм нæ кæрæдзимæ нæ зæр- дæхсайгæйæ?!. Æз дæр ахæм гыццыл сæгуыт нал дæн æмæ ис- тытæ кæндзынæн. Ды та дæхи кой кæн. — Дæуыл у æрмæстдæр мæ сагъæс. Мæхи мæт мæ бæргæ нæй. — Хæсты быдырмæ ды цæуыс, сагъæссаг та æз дæн?! Мæ- ныл ма мæт кæн, æз æрхъуыды кæндзынæн, мыййаг исты, уæд... Цалынмæ æз ... Уæдмæ хæст дæр банцайдзæнис. — Мах райсом аст сахатмæ хъуамæ æрæмбырд уæм заводы кæрты æмæ нæ уырдыгæй алы рæттæм афæндараст кæндзысты, — æнкъардæй загъта Сослан. Æхсæв-бонмæ нæ бафынæй сты дыууæйæ дæр, кæрæдзийæн ныфсытæ æвæрдтой. Райсомæй Сослан хæрзбон загъта Аминæ- тæн, йемæ йæ нæ рауагъта, афтæмæй афардæг йæ хæстон æмбæлт- тæм. Сиддонтæн, сæ фылдæр хай æрвыст æрцыдис Одессæйы горæт бахъахъхъæнынмæ. Уыдонимæ бахауд Сослан дæр. Алы æрлæууæн бынатæй дæр Аминæтмæ æрвыста фыстæг, ома, æрхæццæ стæм, дæ зæрдæ ма ’хсайæд. Нæлгоймæгтæ иууылдæр ацыдысты фронтмæ, горæты ма баззадысты æрмæстдæр зæрæдтæ, сывæллæттæ æмæ сылгой- мæгтæ. Куысты уæз сылгоймæгты уæхсчытыл æрæнцади, дыгай сменæты кусын байдыдтой, уымæ гæсгæ бирæтæ сæ сывæллæт- ты хæдзармæ нал кодтой. Цас фылдæр нæлгоймæгтæ æрвыстой хæсты быдырмæ, уыйас сывæллæтты рæвдауæндæтты æхсæви- уат чи кодта, уыцы сывæллæттæ дæр фылдæрæй-фылдæр код- той. Нал цыдис Аминæт дæр хæдзармæ. Одессæйы горæт знаджы къухмæ бахауд, уый куы фехъуыс- та, уæд йæ кæуынæй нал æнцадис, кæд, мыййаг, Сослан дæр уацары бахауди, зæгъгæ... Иу мæйы фæстæ фæстаг фыстæг райста Сосланæй, æмæ йæ бон цалдæр хатты касти: «Тæрсын нæ хъæуы, мæ дуне. Нæ тыхтæ куы рамбырд кæнæм, уæд знаджы, кæцæй рацыд, уым смидæг кæндзыстæм. Ам мемæ бирæ ирон фæсивæд ис. Хицæн дивизийæ сæ æрбаппæрстой Кавказæй. Иу дзы фыстæг райста, æмæ куы бакаст, лæппу йын райгуырд, уæд фырцинæй скуыдта: ныр мын тас нал у, мæ къонайы арт нæ бамынæг уыдзæнис, мæныл исты куы ’рцæуа, уæд, зæгъгæ. Мах æй нæ къухты систам æмæ йæ хæрдмæ æппæрстам, æндæр ын нæ бон цы уыдис?! 94
Аминæ, мæ цæсты рухс, ныббар мын, æрыгонæй дæ ахæм уавæры кæй баппæрстон, уый тыххæй... Хæрзбон! Æнхъæлмæ кæсын дæ дзуапмæ, Сослан». Аминæт æвæстиатæй сбадтис æмæ йæм фыстæг арвыста: «Мæ зынаргъ, Сослан, — фыста йæм. — Дæ зæрдæ мæнмæ ма’хсайæд, æппынфæстаг æз, гæнæн куынæуал уа, уæд ацæудзынæн Ирыс- тонмæ. Уым Дзуарыхъæуы цæрынц мæ мады хæстæг æрвад дыууæ хойы. Уым кæд знагæй тас уа, уæд Карцамæ, мæ мадырвадæлтæ Хъаратæм ацæудзынæн. Искæмæн даринаг нæ уыдзынæн, цы æхца бамбырд кодтам дæуимæ, уыдон райстон, æмæ кæд хъуаг нæ баййафиккам. Ехх, ныр мæ разы куы фестис æмæ дæумæ кæсы- нæй мæ мондæгтæ куы суадзин. Фысс. Дæхи хъахъхъæн. Дæ цæрайæ цæрæг Ами». Райсомæй сывæллæтты рæвдауæндоны кæртæй куы бахызт æмæ дзы, утæппæт адæмы куы баййæфта, уæд йæ зæрдæ ныс- сæххæтт ласта. Сывæллæттимæ уыдысты мадæлтæ, зæрæдтæ, чызджытæ. Хистæртæ сæ цæстысыг нæ уромынц, хъæбыстæ, фæдзæхстытæ кæнынц сывæллæттæн. Уыдон та джихтæ код- той, æндæр цы ’мбæрстой! Аминæтæн бамбарын кодтой, сывæллæтты Астæуккаг Азимæ кæй æрвитынц. Семæ цæуы рæвдауæндоны хицау æмæ иунæг хъомылгæнæг. Иннæтæ уал сæрибар сты. Æрбаздæхт Аминæт фæстæмæ æмæ хуыссæныл йæхи æруадз- гæйæ, афынæй. Уалынмæ тыргъæй айхъуыста æнахъинон марой. Фестади æмæ рауад. Куыд рабæрæг, афтæмæй йæ сыхаг райста гæххæтт: «Дæ мой хъæбатырæй фæмард Фыдыбæстæйы сæрап- понд, Одессæйы горæт хъахъхъæнгæйæ». Аминæт бацыди зианджыны размæ æмæ йæ æрбахъæбыс код- та. Цы йын загътаид хъуамæ, цæмæй йын йæ зæрдæйы рыст фенцондæр кæна?! Фæлæ уæддæр, цалынмæ йæхионтæ нæ фæ- зындысты, уæдмæ йæ разæй нæ рацыдис, стæй ахъуыды кодта: сылгоймаг йæ куыстæй æрбацыд, чи зоны, хæринаг дæр не скод- та, æмæ раздæхтис йæхи фатермæ. Скодта хæринаг æмæ бахæ- рын кодта дыууæ æнахъом лæппуйæн, стæй сæ мадæн дæр. Уыцы бонæй фæстæмæ, сыхагæн Аминæт цыма йæ мадызæнæг хо уыдис, ахæм цæстæй йæм кæсын байдыдта. Кæд дæм исты фæкæсын хъæуы, уæд ма ’фсæрмы кæн, зæгъгæ, йæ бæрæг кодта. Уалынмæ сыхæгтæй иу æрцыди дыууæ лæдзæджы æнцой, æнæ къахæй. Уæддæр мьтн удæгас кæй дæ, зæгъгæ, йыл йæ ус цинтæ кодта. Уæдæ ма йын цы гæнæн уыдис! Ныр Аминæт ноджы тынгдæр бацыдис мæты: Ирыстонмæ ацæуид, æмæ, мыййаг, Сослан цæфæй куы фæзына, уæд æм чи фæкæсдзæнис? Цæй, фæлтау багæдзæ кæна, мыййаг, ма фыстæг 95
дæр куы фысса искæцы ранæй. Афтæ хъуыды кæнгæйæ ма ба- фæстиат иу мæйы бæрц, æмæ дзы куы ницы хабар уыдис, уæд сфæнд кодта Ирыстонмæ цæуын. Чысыл цыдæр дзаумæттæ афс- найдта йæ чемоданы æмæ ацыдис вагзалмæ. Билет йæ къухы бафтыд æрмæст æртыккаг бонмæ. Изæрæй Сосланмæ цы фыстæг ныффыста, уый райсомæй куы бакаст, уæд йæ зæрдæмæ нал фæцыдис æмæ ногæй афыста: «Мæ иунæг зæрдæдарæн, Сослан, мыййаг, куы фæзынай, уæд мæм тагъд фæхабар кæн, æз удæгас куы уон, уæд дæм зын- дзынæн. Дæ зæрдæ мæнмæ ма ’хсайæд. Æртæ азы размæ цы тарст сæгуыт уыдтæн, уый нал дæн. Æз цæуын Ирыстонмæ Дзуа- рыхъæумæ, уырдыгæй, кæд бахъæуа, уæд Карцамæ. Дæ уындмæ бæллæг Аминæт» * * * Аминæт поезды куы сбадтис, уæд хъуыды кæны: мæ фарсмæ æрыгон сылгоймаг бадт куы фæуид, уæд хорз уаид, бæргæ. Уалынмæ æрбахызт ацæргæ сылгоймаг иу фондзаздзыд гыццыл чызгимæ. Аминæт цыма рагæй зыдта сывæллоны, уыйау йемæ ныхас кæны- ныл фæцис. Сылгоймаг куы æрбæстон йæ бынаты, уæд загъта: — Æнæфыдбылызæй ма куы схæццæ уаиккам Ирыстонмæ! Фæндагыл цæугæйæ ныхас ныхасы къахы. — Ды дæр Дзæуджыхъæуы онг цæуыс? — О, — загъта Аминæт. Уый æхсызгон улæфт ныккодта. — Уæдæ нын иумæ æнцондæр уыдзæнис, уæлдайдæр æз сывæл- лонимæ дæн æмæ мæт кодтон. Ай мæ чызджы иунæг чызг у, йæ мад æмæ йæ фыд хæсты сты. Сывæллон та сывæллæтты рæвдауæндоны уыдис, æмæ йæ Астæуккаг Азимæ æрвыстой иннæтимæ, фæлæ йæ æнæ мæхи нæ ауагьтон. Мæхæдæг кæм уон, уым уæд мемæ. — Æз дæр, цыма, æнæ мæхи нæ ауагътаин, мæ сывæллоны, афтæ мæм кæсы, — загъта Аминæт æмæ йæ хъæбысы æрбакодта гыццыл чызджы, стæй афарста: — Ды Дзæуджыхъæуы цæрыс? — Нæ, æз джызæйлаг дæн. — Æз та Дзуарыхъæумæ мæ мады ’рвадæлтæм цæуын. — Ныртæккæ адæмæн, кæдæм хуыздæр аппарой сæхи, ууыл у сæ мæт, уæлдай зындæр та æнахъом сывæллонджынтæн у. Æмæ дæ сæрыхицау хæсты ис? — Хæсты ис, æмæ дзы ныр дыккаг мæй хабар нæй. — Тынг хорз бакодтай, уæддæр нæхимæ адæм адæймаджы дзæгъæл нæ ныууадздзысты. Хион хион у, æмæ кæрæдзиуыл дæр уымæн банцой кæнæм бахъуаджы сахат. 96
Сылгоймаг систа йæ чызджы бинонты хуызистытæ æмæ сæ æвдисы Аминæтмæ. Къамæй кæсынц æрыгон нæлгоймаг æмæ сылгоймаг урс халатты. Аминæт бамбæрста, дыууæйæ дæр дох- тыртæ кæй сты, æмæ сæм хæстмæ уымæн кæй фæсидтысты. — Тынг аив сты, стæй кæрæдзийы æнгæс дæр æййафынц дæ чызг йæ моимæ, — загъта Аминæт. — Ды дæр мæ чызгæй æнаивдæр бæргæ нæ дæ, фæлæ цы загъдæуа ацы æнамонд хæст рауадзæгæн?! Аминæт дæр систа, йæ къухтæй цы хызын нæ цух кодта, уырдыгæй къам. Сосланимæ дзы иумæ ист уыдысты. — Ай та ме ’мбал у... — Ахæм æрыгонæй фесхъиу дæ цардæй... Жллæх, æнхъæл- дæн, Ростовмæ схæццæ стæм, — сылгоймаг сывæллоны къухыл фæхæцыд æмæ купейæ рацыдысты. Аминæт та къаммæ кастис, цыма Сосланæн истытæ фæдзæхсынмæ хъавыдис, уыйау. Поезд куы ’рлæууыдис, уæд рудзынгæй акастис æмæ ауыд- та йе ’мбæлццæтты — ныртæккæ чи ахызти вагонæй, уыдоны. Йæ къух сæм батылдта, стæй разылд къам^ йæ бынаты сæвæ- рынмæ, фæлæ хызынæн йæ кой дæр нал... Йæ зæрдæ куыд нæ фæцæйтыдта Аминæтæн. Йе ’мбæлццон сылгоймаг куы ’рбацы- дис, уæд фæтарст: — Цы кодтай, хуызы цъыртт дæ куынæуал баззадис? — Цы ма кæнон? Мæ хызын мын адавдæуыд. Цыдæриддæр бамбырд кодтам æхцайæ ныр уал азы дæргъы, уыдон иууылдæр, стæй мæ документтæ. Мæ паспорт дæр мæнæ мæ плащы дзып- пæй систон æмæ йæ уым нывæрдтон, куы мын фесæфа, зæгъгæ. Баззад мæм æрмæстдæр мæнæ ацы иунæг къам... Цы ма кæндзы- нæн? — скуыдта Аминæт. Сылгоймаг ын зæрдæтæ æвæры: — Цæрæгуд исты амæлттæ кæндзæн. Дæ документтæ ногæй раивдзынæ архивтæм гæсгæ. Гъе æрмæст æхца... Æмæ дæхи куы хæрай, уæддæр сæ нал раздахдзынæ, дæуæн та, афтæ мæсты кæнгæйæ, дæ гуырдзæн тас у. Райсом раджы сылгоймаг сывæллонимæ хизынмæ куы хъа- выд, уæд ма йæм дзуры: — Дæхицæн зæрдæтæ дæхæдæг куынæ авæрай, уæд дæ хъуыддаг хорз нæу, — æмæ йын стъолыл æрæвæрдта, фæндагга- гæй ма йæм цы æхца баззадис, уыдон. Дзæуджыхъæуы поездæй куы æрхызт, уæд рацыдис трам- вайы æрлæууæн бынатмæ. Йе ’хцайыл йæ зæрдæ даргæйæ, дзау- майæ дæр ницы бæрæг сæвæрдта йæ чемоданы. Фæлæ ма ныр цы... Бацæуын хъæуы йæ мады хомæ, кæд хæдзары исчи уаид, кæннод Дзуарыхъæумæ... 7 Санаты Еленæ 97
Трамвайы дæр нал сбадт, сабыргай араст бульвары кæронмæ. Кæсы, æмæ кæрты змæлæг нæй. Дуар гом, фæлæ мидæгæй хæдзары дуар гуыдырæй æхгæд куы разындис, уæд бамбæрста, бинонтæ фæстæдæр кæй фæзындзысты. Æрæвæрдта йæ чемо- дан, тыргъы цы скъапп уыдис, уый аууон. Уынгмæ рацыдис, бульвармæ кæсы æмæ йæ зæрдыл æрбалæууыд, Сослан Дзæу- джыхъæумæ куыд æрæфтыдис хæхбæстæй, уый. Цымæ кæцы бандоныл бадтис, Саламбегыл куы сæмбæлдис, уæд? Æрбадтис, йе ’ргом хæдзары ’рдæм здæхтæй. Алы æнкъард хъуыдытæй сæрымагъз байдзаг. Уалынмæ йæ бакомкоммæ цы зæронд лæг бадтис, уымæ бацыд иу йæхи карæн лæг: — Севастополь дæр та бафтыдис знаджы къухы. Бирæ адæм дзы бацарæфтыд, зæгъынц, Ирыстонæй. Аминæт уыцы ныхæстæ куы фехъуыста, уæд ын улæфт нал фаг кодта, йæ плащ ма раласта тыххæйты, стæй йæ зæрдæ бахъарм. Сæумæрайсом уынджы цæуæг бирæ нæй, фæлæ йæ уæддæр бафиппайæг фæци, «Тагъд æххуысмæ» фæдзырдтой. Æмæ йæ аластой рынчындонмæ. Судзинтæ йын куы скодтой æмæ куы ’рчъицыдта, уæд са- быргай рацыд, йæхи ныхсадта, рудзынджы раз фæлæууыд, стæй хуыссæны йæхи æруагъта. Дохтыр æм ’рбацыд æмæ йæ федта, фæфæрстытæ йæ кодта, æмæ йын уый дæр радзырдта йæ фæн- даджы фыдбылызты тыххæй, йæ мой Севастополы кæй хæцыд æмæ дзы фыстæг дыккаг мæй гæххæтт кæй нал и. Дохтыр ын хостæ рафыста æмæ^бафæдзæхста медицинон хойæн, цæмæй йæм дзæбæх фæкæса. Йæ уавæр хуыздæр куынæ кодта, уæд дохтыртæ се ’мбырды сфæнд кодтой сывæллоны æмгъуыдæй раздæр сисыи, кæд мад аирвæзид, зæгъгæ. Аминæт йæхи куы ’рæмбæрста, уæд базыдта, чызг ын кæй ис, уый, æмæ бамбарын кодта, цæмæй йыл «Верæ» сæвæрой. Æхсæвы Аминæтæн йæ уавæр февзæрдæр æмæ йæ райсомæй ра- джы раивтой æндæр ранмæ, уым æм кæд фæлтæрддæр дохтыртæ æркæсиккой, зæгъгæ. Райсомæй дохтыртæ куы æрæмбырд сты, уæд сын фехъу- сын кодтой, тынг тыхст сылгоймаг сæм кæй æрбаивтой, уый. — Марадз, Саламбег, æркæс æм, — загъта сæйраг дохтыр. Уый рæвдз фæраст рынчынмæ, фæлæ йæ куы федта, уæд фæ- уыргъуыйау: — Аминæ! Уый ды дæ? Æмæ махмæ... , — Салам!.. — ма сфæрæзта сылгоймаг æмæ йе стыр сау цæс- тытæ æнусмæ æрæхгæдта... Саламбегæн тынг зын уыдис йе ’мхæрæфырты хъуыддаг, фæлæ зианæн йæ хъуыддаг кæнын хъуыд. Фæдзырдта йе ’мбæлт- 98
тæй кæмæдæрты æмæ Аминæйы йæ сыджытыл сæмбæлын код- той. Цыртыл ныффыста Аминæйæн йæ мадæрвадæлты мыггаг, уымæн æмæ йын йæхи мыггаг — цыдæр туркаг мыггаг уыдис — нæ хъуыды кодта. * * * Æрæфы хъæу, куыд диссаг дæ рагæй дæр! Уæд дæ æрдзы рæсугъд æмæ хъæздыгдзинад, уæ дæ адæм! Ам чи схъомыл уа, уый кæдæмфæнды дæр афтæд фæстæмæ æхсайдзæнис йæ зæрдæ. Уалдзыгон бон æвæджиау хорз рæстæг скодта Майы бæрæг- бонмæ цæттæ кæнынæн. Нæлгоймæгтыл бæрæгбоны агьоммæ уыйас бирæ хæстæ æвæрд нæма вæййы æмæ сæ быдыры куыст дывæрæй æххæст кæныныл архайынц, фæлæ сылгоймæгтæм бакæс, уæд чи чъырæй цæгъды, чи йæ сывæллæттæн ног дарæс хуыйы. Æхсæны æвзæрст ацæргæ сылоймæгтæ та колхозы кæрты бæгæны фыцынц. Ацы бæрæгбонмæ æрцæуынц канд Æрæфы хъæуы цæрджытæ нæ, фæлæ ма дзы раздæр чи схъомыл æмæ йæ хъысмæт æндæр рæттæм кæй ахаста, уыдон дæр. Æрæмысынц сæ сывæллоны бонтæ, фембæлынц сæ къабæзтыл, сæ хъæубæстыл, сæ хъазæг æмбæлт- тыл. Иудзырдæй сæм сæ сабийы бонтæ фæстæмæ æрыздæхынц. Нагъойы иунæг фырт Хъасболат^дæр та, алы аз куыд вæййы, афтæ йæхи рæвдз кæны сæхимæ. Йæ дзаумæттæ æмбырд кæн- гæйæ, хуызистытæй иутæ мемæ айсон, зæгъгæ, фæкомкоммæ, кæд- дæр æм^йæ хæстон æмбал цы къам радта, бафснай мын æй, зæгъгæ, уымæ. Йæ ном ын бæргæ бадардта йæ зæрдыл, фæлæ кæцæй æмæ кæмæй уыдис, уымæй йæ кæй нæ бафарста, ууыл фæфæсмон код- та. Цымæ цы бацис уыцы æвирхъау хæсты? Ехх, Сослан, кæм дæ, æгас дæ æви нæ? Хъасболат хъуыдытыл фæци, стæй къам иуварс æрæвæрдта æмæ дарддæр йæ дзаумæттæ рæвдз кæны фæндагмæ. Бæгæны фыцджыты уынаффæгæнæг кæддæриддæр вæййы Нагъо. Уый йæ дыууæ къухы руаджы хъуыстгонд у ацы хъæуы. Хъæубæсты нæлгоймæгтæй кæуыл нæ федтаис Нагъойы хуыд ирон дарæс, ахæм стæм уыдис. Бады ныр дæр артæй иуварсгомау æмæ хъуыдыты аныгъуылд. Устытæ йæм фæкомкоммæ сты æмæ йæм дзурынц: — Æвæццæгæн та Хъасбол дæ зæрдыл æрбалæууыд... Ма тыхс, ардæм æй хъæуы райсом. Уый æнæссæугæ никуы фæцис ацы бæрæгбон йæ райгуырæн хъæумæ. — Уæ, цы фестут не ’фсинтæ, нæма бафæлладыстут? Уæ, уæ цæрæнбон нын бирæ уа! — сæ размæ бацæугæйæ, арфæ ракодта устытæн хъæусоветы сæрдар Дрис. — Уæдæмæ уын æз цы зæ- гъон, нæ сатанатæ, уый зонут? Бавдæлут æмæ кæстæрты дæр 99
æфтаут ацы куыстыл, уæ зонындзинæдтæй сæ фæхайджын кæ- нут, ныр сымахæн афон у цæттæ бæрæгбонмæ цæуынæн. — Ома нæ рагацау пенсимæ æрвитинаг дæ? — Нæ, æз уый зæгъинаг нæ дæн, фæлæ уын, иуæй, уæхицæн тæригъæд кæнын, иннæмæй, кæстæртæ хъуамæ змæлой, æмæ хъæубæсты фæтк ма фехæла. — Цæй, æгæр дзурын, — загъта ма Дрис, иу хатт ма сын арфæ ракодта æмæ ацыдис. — Мæ хæдзарыл, æна! — Мæ фос дзæгъæл сты, никæуыл бафæдзæхстон мæ хæдзар, фестад йæ бынатæй Нагъо. — Цæуын мæ хъæуы... — Ацу, Нагъо, махмæ дæ зæрдæ ма ’хсайæд — бæгæны мах бар уадз. Нагъо тындзгæ уадæй бахæццæ сæхимæ, кæсы, æмæ фосзы- нæг нæй — нæдæр уынджы, нæдæр кæрты. Гъе, уæууæй, иунæджы цард куыд ницæйаг дæ! Ныр цы ба- чындæуа? Кауын бруйыл йæ раздарæн куыд баппæрста, афтæ фæкомкоммæ йæ фыртмæ. — Гаппола, мæ удлæууæн. Ам рагæй бадыс? — загъта æмæ йыл йæхи баппæрста. — Куы ’рбацыдтæн, уæдæй нырмæ, — загъта Хъасболат, йæ мадæн хъæбыс кæнгæйæ.— Фос бафснайдтон уæртæ скъæты æмæ дын кæсын дæ хъизæмармæ. Куыд уыдзынæ афтæ иунæгæй? Мемæ та ды нæ комыс. Уæд та дæм Дзамболататæ хæстæгдæр куы цæриккой, науæд уыдон хъæуысæр, мах та хъæуæн йæ тæккæ бын, афтæмæй цы ми кæндзынæ? — Истытæ кæндзынæн, мæ къона, æз ам сахуыр дæн, сых- бæстæ ’мæ хъæубæстимæ адæймаг иунæг нæу. Коля мæ рох нæ уадзы. Æхсæв дæр арæх баззайы ам. — Цæй, ахиз, мæ хур, ми- дæмæ, истæмæйты дæхи хорз фен, фæндагыл æххормаг кæны лæг. Стæй дæ фæллад суадз. — Оу-уа, уый та куыд? Ме ’мбæлттæй искæйты уæддæр фе- нон, — загъта Хъасболат. — Нагъо, уæ Нагъо! Ам дæ? — æрбадзырдта уынгæй чидæр. — Мæнæ дæн, мæнæ! А-а, уый Меретхан куы дæ... — Абондæргъы бæгæны фыцын æмæ мын æй ды куы банта- уис... — Меретхан Хъасболаты ауыдта æмæ йыл бацин кодта. — Æгас цæуай, æгас, æмæ дæ цæрæнбон бирæ æрбауа, Хъасбол. Нагъойы йеддæмæ фырт ничи схъомыл кодта. Иу бæрæгбон дæр æй цух никуы ныууагътай, æмæ дыл Хуыцауы арфæ сæмбæлæд. Щгъо Меретханимæ ацыд. Сæ хæдфæстæ тыргъы дуар бай- гомчындæуыд. — Нана, ам дæ? Ма фæтæрс — Къола дæн. — А-а, Коля! — Мидæмæ, мидæмæ, мæ хæрæфыртты хуыз- 100
дæр, — загъта Хъасболат æмæ Коляйы æрбахъæбыс кодта. — Хабæрттæй дæ фæрсын ма бахъæуæд. — Знон Дзамболат дæр ссыдис æмæ нæхимæ йе ’мбæлттимæ бады. Ды ам дæ, уый нæ зоны æмæ мæ рарвыста, Нагъо, дам, иунæгæй тæригъæд у. — Цæй, куыд цæуы дæ ахуыр? — Авд къласы фæуыдзынæн ссæдз боны фæстæ. Дарддæр нæ зонын... Ам дарддæр скъола нæй, фæлæ нывтæ кæнынмæ мæ зæрдæ æхсайы, æмдзæвгæтæ дæр фæфыссын æмæ кæцырдæм фæуыдзынæн, нæ зонын, — дзуапп радта лæппу. — Уæдæмæ мемæ цом, стæй исты æрхъуыды кæндзыстæм. Лæппуйы зæрдæйы цин æмæ катай баиу сты. — Æмæ баба цы зæгъдзæнис? Стæй Нагъо та? — Уыдон дæр ныхмæ нæ уыдзысты.. Ныртæккæ Нагъойы дæр ардæм хъæуы. Мæнæ сыхæгтæм ауадис. Уыцы рæстæг Нагъойы хъæлæс райхъуыст: — Гаппола, ма бафынæй у, мæ къона, æхсæвæр дын ацæттæ кæнон, — зæронд ус уатмæ æрбахызти. — Акса, дыууæйæ дæр ам куы стут. — Ды та мæ иунæг хоныс, амæй уæлдай мæ Коля цух нæ уадзы. — Мемæ йæ, зæгъын, куы акæнин, уæд дзы лæг рауаид. — Мæ хæдзарыл, æна! Уæд æз та? — О, уый дæр хъуыдыйаг у, фæлæ, лæппу æгуыдзæгæй куы баззайа, уæд та? — Уæвгæ, мæн куы фæндыдис, дæуæй ахуыргонд лæг ра- уайа, уæд дæ хойы нæ фæнды, йæ фырт исты ахуыр райса, уый? Цалынмæ Нагъо æхсæвæр цæттæ кодта, уæдмæ Хъасболат йæ хæрæфыртæн йæ царды хабæрттæ фæкодта. — Мæнæн мæ фыд раджы амард, æмæ мæ схъомыл кодта Дзамболат, ныр дæумæ та хъуамæ æз фæкæсон. Æнæ кæрæ- дзийы æххуысæй нæй цæрæн. Дзамболат мын куы нæ уыдаид, уæд кæй цæмæн хъуыдтæн æз? Ныр та уый руаджы сдæн дох- тыр... Дзамболат, мæнæн уа, зæгъгæ, йæхицæн дзаума никуы бал- хæдта. Ме ’мгæрттæй мæ æгуыдзæгдæрæй никуы ныууагъта, афтæмæй фæдæн ахуыр. Уыцы рæстæг Нагъо уатмæ фæзынд æд тæбæгъ æмæ йæ фырты ныхас айста: — Æз Дзамболатæй цæрæнбонты хæсджын уыдзынæн... Гап- пола ахуыр куы фæци, уæд мæм Дзамболат дуарæй хъæргæнгæ æрбацыд, Нагъо, дæ фырт стыр ахуыргонд лæг сси, дохтыр дзы рауад, зæгъгæ. Бирæ цæссыг мæ æркалдис уыцы рæстæг фырци- нæй, фæлæ мын хæст мæ амонд мæ хъуыры фæбадын кодта... Нагъо уарзæгой цæстытæй бакаст йæ лæппумæ. 101
— Уыцы пиллон артæй ма сыздæхдзыстут Дзамболат æмæ ды, уый мæ нæ уырныдта. Дæуæн та дзы, Коля, дæ фыд иу къахимæ ссыдис, æмæ уæддæр цин кодтам, æгайтыма сæрæгас у, зæгъгæ. — Цæй, Созион, Хъасболат йæ мады æрбахъæбыс кодта, — ма мысæм уыцы фыдбонтæ бæрæгбоны размæ, фæлтау мæнæ исты акомдзаг кæнæм. Райсомæй Хъасболат куы райхъал, уæд йæ мадмæ дзуры: — Ракæс-ма цы диссаджы хорз бон скодта! Раст цыма æрдз адæмы зæрдæты ахаст хаты. Рацыдис уынгмæ, хидыл алæууыдис, дон скæлдтытæ кодта йæ къухæй уæлбылмæ, стæй араст быдыры ’рдæм. Йæ цыд фæсабырдæр кодта, кæройнаг уынджы иу хæдзары раз дыууæ æрыгон чызджы уынг мæрзгæ куы федта, уæд. Чи дзы рæсугъддæр у, уый не ’взары, фæлæ дзы иуæн йæ хъуым- был дзыкку размæ æрзæбул. Тыхсгæ та дзы куыд нæ кæны, зæгъгæ, йæхинымæр ахъуыды кодта Хъасболат. Сæ размæ куы ’рбахæццæ, уæд чызджытæ æдзæмæй алæууыдысты. Сæхимæ куы ’рбаздæхт, уæд æй мад фæрсы: — Афтæ раджы кæм уыдтæ, дæ хорзæхæй? — Обауыл, — дзуапп радта Хъасболат æмæ йæм сусæг æмха- сæнтæй дзуры: — Ахæм дзæбæх чызг федтон хъæугæрон — æмæ диссаг! — Уæ, дæ цæсгом бахæрай, нырмæ дæу тыххæй æнæ би- нонтæ чи у, уымæн уал бар ратт хъуыддаг бакæнынæн. — Омæ йæ кургæ, мыййаг, нæ кæнын. Бакæсæн нал ис чыз- джытæм, æви? — фефсæрмы Хъасболат æмæ мидæмæ ахызт. Уыцы рæстæджы Дзамболаты хъæлæс райхъуыст: — Æрбахæццæ дæ дæ балцæй, лæппу? Æз та куыддæр сыс- тадтæн, афтæ ардæм дæу райхъал кæнынмæ ратагъд кодтон. Кæрæдзиуыл куы фæцинтæ кодтой, уæд Дзамболат афтæ бакодта: — Лæппу, лæг дæ рауад, сахуыр кодтай, æмæ дын ныр дæхи- цæн цардæмбал бацагурын афон дæр у. Мæнæ мæ хуызæн хъуа- мæ ма баззайай æнæ бинонтæй. Æз ардыгæй ацæуынмæ нал хъа- вын, æмæ Созионмæ дæ зæрдæ ма ’хсайæд, дæхи кой кæн. — Æз та Коляйы мемæ акæнынмæ хъавын, уадз æмæ искуы- дæм ахуырмæ бацæуа. — Уый дæр æвзæр хъуыддаг нæу, кæд йæ ныййарджытæ сразы уой, уæд, — Дзамболатæн æхсызгон уыд Хъасболаты фæнд. — Ды сæ, мæ зæрдæ дыл дарын, сразы кæндзынæ, мæнæ мæ мады куыд сразы кодтай, демæ мæ куы кодтай, уæд, афтæ. — Цомут, лæппутæ, исты бахæрут, науæд уæ хæринаг ныу- уазал уыдзæнис. Мæн дæр цæуын хъæуы, — бадзырдта сæм Нагьо. 102
Уыцы рæстæг æддейæ æрбадзырдæуыд: — Гъе хæдзар, ам стут? — Мидæмæ, мæ хур Дрис, мидæмæ! — йæ размæ кæртмæ рауади Нагъо. — Афтæ мын дзырдæуыд, Нагъомæ, дам, йæ бæлццон ссыд, æмæ, зæгъын, уæд ме ’фсымæры циндзинадмæ куыд нæ хъуамæ ацæуой мæ рагон хæлар Дзамболат æмæ Хъасболат?! Тынг фæцинтæ кодтой кæрæдзийы фендыл, стæй фынджы уæлхъус æрбадтысты. Хъасболатæн кæд Дзамболат æмæ Дрисы фенд цыфæнды æхсызгон уыди, уæддæр æнæзонгæ чызджы су- рæт нæ цух кодта йæ цæстытæй æмæ уыцы сагъæсхуызæй бадти. Дзамболат æм фæкомкоммæ: — Хъасбол, ма фæрынчын у? — Ницы йын уыдзæнис, мæнæ чындзæхсæвмæ куы ныццæуа, уæд йæ низ чызджыты уындæй айрох уыдзæнис — Дрис йæ уæхск æрхоста Хъасболатæн. Нагьо бæргæ ’мбары, йæ лæппу цæмæн джихтæ кæны, уый, фæлæ, цымæ кæй чызг у, зæгьгæ, уый дæр йæхицæн бынат нал ары. — Цæй, уæхи арæвдз кæнут, мæнæн æнæ сымах ацæуæн нæй, — Дрис Нагъойæн раарфæ кодта, бæркадджын ут, зæгьгæ, æмæ сыстад. — Æмæ ацы къулбадæгæн æнæ сымахимæ ацæугæ нæй?! Фæстæдæр ацæудзæни, — Нагъо ма бæргæ загъта, фæлæ Дзам- болатæн йæ фæнд конд уыдис. — Цом, лæппу, немæ, исты сæрмæ ’рхæссинаг не стæм! Дæлæсыхырдæм куы араст сты, уæд Хъасболаты зæрдæ катайы бацыд. Афтæ дæрддзæф кæм ис чындзæхсæв, уым уыцы чызджы бинонтæм куынæ уа хонæг. Æмæ уæд куыд? Кæм æй фендзæнис? Хъасболаты сæры хъуыдыты дзæкъул нæма райхæлд, афтæ æмдзæгъд, зард æмæ фæндыры зæлтæй хъустæ арауын райдыдтой. — Мидæмæ, мидæмæ, уазджытæ! — хъазты чегъре сæ размæ рацыд æмæ Хъасболаты лæппуты рæнхъы æрлæууын кодта. Хъасболат чызджытыл йæ цæст аивæй ахаста, фæлæ дзы уыцы чызджы нæ федта. Хъасболатæн иу кафт, зæгъгæ, куы схор-хор кодтой фæсивæд, уæд чегъре йæ разы æрлæууыд æмæ йын лæдзæгæй ацамыдта, хъазтмæ рахиз, зæгъгæ. Фæндырдзæгъдæг чызг зæрдиаг цагъд æркодта, æмдзæгъд кæныныл нал ауæрдынц кæстæртæ. — Бахатыр мын кæнут, фæлæ никуы акафыдтæн, мæ къах айсын дæр нæ зонын, — Хъасболат, фырæфсæрмæй йæхи цы фæкодтаид, уый нал зыдта. Ау, атæппæт адæмæй хъæуы куы ничиуал баззад, иууылдæр ам куы сты, уæд дзы уыцы чызг цæуылнæ ис, зæгъгæ, та йе ’муд куы ’рцыди, уæд йæхинымæр катайы бацыд Хъасболат. Уалынмæ 103
кæсы, æмæ Нагъо дæр йæ хуынимæ æрбацыд. Хуын фысымты кæстæриуæггæнджытæ айстой, Нагъо та устытимæ тыргъæй кас- тис кафджытæм. Цагъд та ногæй стынг, райхъуыст æмдзæгъд дæр. Хъасболат бафиппайдта, адæм Дзамболаты ракафынмæ кæй æнхъæлмæ кæсынц, уый. Ахæм аив уæнгты конд ис Дзамболатæн, уый Хъасболат фыц- цаг хатт рахатыдта. — Симд! Симд, — хъазты астæу смидæг æрыгон чызг, йæ астæуыл куатæ, афтæмæй. Исдугмæ Хъасболаты уырнгæ дæр нæ кодта, абон райсомæй цы чызджы федта, уый ныр йæ цæсты- ты раз кæй фестади, уый. Чызг, тыргъæй кæсгæйæ, федта, Хъасболаты кафын кæнынц, уый. Фæндыр йе ’мбал Косерхан куы райста, уæд уый хъазты астæу смидæг. — Ехх, нæртон гуырд, де уæнгтыл схæц, æрæмыс дæ фы- дæлты æгъдæуттæ, —Хъасболаты размæ бацыд æмæ йæ йæ цон- гыл æрхæцын кодта. Хъасболат исдуг фегомыг, стæй рахызт, цыма йæ магнитæй раласта чызг, уыйау. — Мæнæ афтæ мæ цонгыл хæц æмæ кæс мæ къæхтæм, — загъта чызг уæндонæй. Адæм сыл сæ цæст æрæвæрдтой, афтæ хорз фидыдтой иумæ. Ныр Нагъо бамбæрста, хъæугæрон йæ фырт кæуыл фембæлд, уый. — Заретæ, мæ къона, рауай æххæст фынгтæ койгонд фæуæм, стæй та кафдзынæ, — æрбадзырдта чызгмæ æфсинтæй чидæр. — Æз дын æндæр кафæг æмбал ссардзынæн, — дзуры Хъас- болатмæ чызг. — Кæннод хуындзæутты тагъд ардæм хъæуы, мæ- нæн та фынгтæ æххæст арæзт нæма фесты. — Бузныг, мæ ахуыргæнæг, фæлæ æндæр никæимæ базон- дзынæн кафын. — Базондзынæ, — загъта Заретæ æмæ йæ чызджытæй иуы цонгыл æрхæцын кодта, йæхæдæг ацыдис мидæмæ. Уæдмæ хуындзæуттæ дæр æрбахæццæ сты, æмæ фæсивæд сæ размæ рацыдысты. Хуындзæутты фынгыл куы æрбадын кодтой, уæд, цæуын афон у хæдзармæ, зæгъгæ, куыд скарста Хъасболат, афтæ йæ разы æрбалæууыдысты фысымты дыууæ лæппуйы. Хуын- дзæуттимæ фынгыл абадынмæ саккаг кæн, куы загътой, уæд Хъас- болат, уæлдай ницыуал зæгъгæйæ, семæ араст мидæмæ. Фæбадтис уазджытимæ хъæлдзæгæй, йæ зæрдæ рухс кодта Заретæйы уындæй, йæ цырддзинад æмæ йæ хъæлдзæгдзинад, фынгты æвæрд æмæ йæ дзыхы дзырд дисы æфтыдтой уазджы- ты дæр. Сæхимæ куы ’рбаздæхт, уæд Дзамболаты æрбаййæфта хуысгæ. 104
— Дзамболат, цæй диссаджы кафаг дæ, æмæ дæ æз куыд нæ зыдтон! — Цæмæй мæ зыдтаис, ирон хъазты мæ никуы федтай. Дæ- уæн дæр уыцы чызг хорз разилын кодта дæ сæр. Раст дын куы зæгъон, уæд æй тынг хорз чызг хонынц, — Дзамболат хин каст бакодта йе ’фсымæры лæппумæ. Уыцы рæстæг Нагъо уатмæ æрбакаст. Хъасболат æй йæ хъæ- бысы æрбакодта. — Нæма бафынæй дæ, нана? — Дæ нывонд фæуон, æмæ дæумæ мæ зæрдæ æхсайгæйæ, æз фынæй кæнын? Абон дæ Заретæ куыд скафын кодта! — Ау! Ды дæр та мæ федтай? — Куыд нæ дæ федтаин, йæхæдæг мæм куы æрбауад, ныр- тæккæ дын дæ фыртимæ симын, зæгъгæ. Мæ цæстытæ цæхæртæ акалдтой — нæлгоймагмæ афтæ къæйныхæй дзур! — Ехх, нана, йæхи æддейæ бакæсгæйæ уæзданхуыз чи дары, уыдон се ’ппæт уæздан вæййынц, æнхъæлыс? Уæдæ æргомзæрдæ чи у, уыдон дæр иууыл къæйных æмæ налат нæ вæййынц. За- ретæ та у æрмæст æргомныхас, æргомзæрдæ. — Мæ къонайыл, мацы дын зæгъæд. — Бæргæ, бæргæ, фæлæ мæм иунæг ныхас дæр не скодта. — Уæдæ дын симын къуыттыйы амынд кодта? — Æмæ уый цы ныхас у? Ехх, нана, нана, уый мын исты ныфсы ныхас куы загътаид, бæргæ... Майы бæрæгбон ацы аз къуырисæрмæ æрхауд, æмæ чындз- æхсæвы фæстæ адæм сæ фæллад суагътой, афтæмæй дыккаг бон уæнгрог æмæ хъæлдзæгæй чысылæй-стырæй сæ ных сарæзтой быдырмæ — обауырдæм. Хъæлдзæг бадт фæкодтой хъæуы адæм иууылдæр. Бæгæныгæн- джытæм бирæ арфæтæ æрхаудис, æмæ уыдон дæр сæхицæй бузныг уыдысты, сæ фыдæбонæн сын аккаг аргъгонд кæй æрцыдис, уымæй. Бацайдагъ кафт, хистæр-кæстæр не ’взаргæйæ. Уалынмæ та, нæртон симд, нæхи симд, зæгъгæ, куы райхъуыстис, уæд адæм иууылдæр базмæлыдысты. Ныр та Хъасболат бацыд Заретæмæ: — Цæй, мæ ахуыргæнæг, уæд та сбæрæг кæниккам, хорз ахуыргæнинаг дæн æви нæ? — Æмæ йын йæ цонгыл æрхæцыд. Хъæуы мидæг адæмы цæстæй ницы бамбæхсдзынæ, æмæ се ’ппæтæн дæр æхсызгон уыди, Нагъойы ахуыргонд лæппу æмæ Заретæ иумæ кæй кафыдысты, уый... Дыккаг райсом та Хъасболат обаумæ рараст æмæ Заретæйыл фембæлд — уый сæ уынг марзта. — Дæ райсом хорз, Заретæ! Фæстаг хатт рацыдтæн æз дæр мæнæ обаумæ. Мæ зæрдыл дардзынæн ацы обау æмæ мæнæ дæ уисой. 105
— Ау, æнæхъæн хъæуы æндæр ницы ссардтай зæрдылдарынæн мæ уисойы хæррæгьы йеддæмæ? — чызг лæппумæ комкоммæ бакаст. — Куыд нæ ссардтон?.. — фефсæрмы лæппу. Тынг зын уыдис дзурын Хъасболатæн. Тарстис, Заретæйы зæрдæмæ йæ ныхæстæ куы нæ фæцæуой, уымæй. — Дзурын дæр æфсæрмы куы кæныс, уæд дохтыр куыд сдæ? — Уым æфсæрмы бæргæ нæ кодтон, фæлæ нал фæарæхсын ныхас кæнын, дæ уисой дын куы фенын, уæд. — Кæд афтæ у, уæд æй æз... — Æмæ Заретæ уисой кауы рæбынмæ баппæрста. — Цæугæ кæныс? — О, райсом. — Æз та дыууæ къуырийы фæстæ. — Ды та кæдæм, Заретæ? — Дзæуджыхъæумæ. Ды дохтыр куы сдæ, уæд иннæтæн бар нæй? — Ау, афтæ у? Заретæ, дæ хорзæхæй... — Мæн ацы хъæу иууылдæр зонынц. Цы Заретæ, Заретæ кæныс, цыма мæ искæмæн амоныс! — О, фæлæ, мæнæн æрмæст Заретæ зонын фаг нæу. Мæнмæ бæллиц ис, Заретæ. Чызгæн, гыццыл ма бахъæуа, йæ зæрдæ ма бахъарм уа. Тых- хæйты сфæрæзта: Адæймагмæ бæллицтæй фылдæр цы ис? — Æмæ дæм куыд кæсы, Заретæ, мæ бæллиц сæххæст уыдзæн? — Рæстæг йæхи амондзæн. Æппæт дæр дæхицæй аразгæ уыдзæн. — Ау, афтæ уа... Мидæгæй райхъуыст фыды ныхас: — Чызг, мæ дзаумæттæ мын арæвдз кæн. — Ныртæккæ фæцæуын, баба. Чызг фæстæмæ дæр нал фæкаст æмæ мидæмæ батагъд кодта. Хъасболат дыккаг бон, иннæ бонтæй раздæр сыстадис, фæлæ йæм аив нæ фæкаст обаумæ ацæуын, кæд æй тынг фæндыдис, уæддæр. Хъæуы мидæг адæмы цæст уынаг у, æмæ йæ нæ фæн- дыди чызджы цæсты æфтауын. Фæрæт райста æмæ сугтæ сæт- тыныл сбæндæн. Цас ма фæсастаид сугтæ, чи зоны, Нагъо дуа- рæй куынæ æрбахызтаид, уæд. — Иунæгæй, мыййаг куынæ зайын, лæппу. Дæ фыды ’фсы- мæр мæ ахæм куыстытæ кæнын нæ бауадздзæн. Уый бæсты уал дæхи æдде аирхæфс, цалынмæ ме ’ртæ чъирийы кæнон, уæдмæ. Мады ныхæстыл Хъасболат дыууæ нал загъта æмæ рацыдис уынг^æ. Æрбадтис, дыууæ гæдыбæласы астæу, кæддæр йæ фыд цы бандон скодта, ууыл æмæ хъуыдыты аныгъуылд. Йæ зæрдыл æрлæу- уыд йæ фыд. Чи зоны мын уый ныр мæ сагьæстæ хуыздæр бамбарид æмæ мын истæмæйты зæрдæтæ авæрид, зæгъгæ, арф ныуулæфыд. 106
Йæ хъуыдытæ йын фескъуыдта Дзамболат. — Дæ райсом хорз, лæппу! Ацы бон мæлæты раджы сыс- тадтæ, фæлæ никуыдæм ацыдтæ. Цыдæр æнкъард мæм кæсыс, æмæ уый хорз нæу. Æз дæ карæнæй мæ ныфс бахастон дæу мемæ акæнынмæ, ницæмæй тарстæн, дæуау мæ фындз не ’руагъ- тон. Ды та ахуыргонд лæг дæ, дохтыр! Бинонты хъуыддаг дæ бакæнын хъæуы, науæд куы фæуоцани уай, уæд дын кæсæджы молло дæр нал схос кæндзæн. — Уый дæуæй аразгæ уыдзæнис. — Ома, куыд мæнæй? — бадис кодта Дзамболат. — Нæ хъуыстай нанамæ, дæ фыды ’фсымæры разæй, дам, кой дæр ма скæн. — Уыцы ныхæстæм хъусгæ нæу... Дзамболат йæ цæст ахаста, кæддæр Хъасболаты фыдимæ цы хæдзар сарæзтой, ууыл. Сидзæргæс сылгоймаджы къухы тынг сæгуыдзæг, æвæдза, æмæ, арф ныуулæфгæйæ, загъта: — Ницы бынтæ нын баззад фыдæлтæй, фæлæ куыд фæзæ- гъынц: «Хорзæн бын ма скæн, æвзæрæн бын ма ныууадз». — Ам цыдæриддæр ис, уыдон иууылдæр дæу сты, мæнмæ, куыд зоныс, афтæмæй ардæм ссæуынмæ æнхъæлмæ кæсгæ нæу. Афæдз- иу иу хатт ссæудзынæн. Кæд Созион мемæ сразы уа, уæд сæ Коля- имæ мемæ акæндзынæн, мæхиуыл гыццыл куы схæцон, уæд... Уыдонмæ дæ зæрдæ ма ’хсайæд. Чындзæн та ам хъæлдзæг- дæр у, уæдæ йæ æз хъуаг ницæмæй ныууадздзынæн, Коляйы алы æхсæв дæр ардæм æрвитын кæндзынæн мæ хойæн. Уымæн дæр, мæгуыр, æндæр чи ис æмæ сагъæс кæны, цы дзы рауайдзæ- нис, йæ хъысмæт куыд уыдзæн, ууыл. Гъе æрмæст нæм фысгæ кæн. Зонын, нæ уарзыс фыссын, фæлæ дæ ныййарæгæн уый куыд бахæлæг кæндзынæ? Мидæмæ рацæут, аходæн бахæрут, — радзырдта сæм Нагъо. Бацыдысты, алчидæр дзы йæхи хъуыдыты аныгъуылди, афтæ- мæй. Нагъойæн йæ зæрдæ уынгæг кодта, йæ иунæджы та афæ- дзæй раздæр кæй нæ фендзæнис, уый тыххæй. Иæ тиуæй æфсæр- мы куынæ кодтаид, уæд ма истытæ афæдзæхстаид йæ хъæбу- лæн, фæлæ æнæ исты дзургæйæ джихтæ кодта. — Цæй, Хуыцауы хорзæх нæ уæд æмæ дæ, Хъасболат, фæн- дарастдæр чи фæцис, уый æмбал фæкæнæд. Уастырджи фæндаг- гонтæн æргом æххуысгæнæг у, æмæ дæ фæрсты куыд цæуа, уыцы амонд дæ уæд. Мæнæ дæ ныййарæг æртæ кæрдзынæй цы кува, уыдон дын ахъазгæнæг куыд уой! Гъе афтæмæй фæндараст фæу. Иннæ ацафон та нæм сæрæгас, хъæлдзæг æмæ æнтыстдзинæд- тимæ куыд сæмбæлай, уыцы арфæ дæ уæд! — зæрдиагæй скуыв- та Дзамболат. 107
Хъасболат йæ мадмæ дзæвгар рæстæг аивæй каст, куыд нæ йæ бамбара, афтæ, стæй хæрд куы фесты, уæд сыстад, бацыд йæ мадмæ, йæ хъæбысы йæ æрбакодта æмæ йын афтæ: — Ехх, Созион, тæрсгæ ма кæн, иннæ ацафон та мæ ардæм хъæуы, æрмæст дын фæдзæхсын: Заретæйы мын макуыдæм ауадз, уæд мын мæ цард дæр ад нал кæндзæн. Нагъо йæ йæхицæй ассыдта: — Дæ цæсгом дыл æрлæбырдис, дæ фыды ’фсымæрæй та куыд нæ фефсæрмы дæ? — Омæ, нана, уый цард у, цард, æмæ дзы æфсæрмыйагæй ницы ис. Уадз æмæ зонат мæ зæрдæйы ахаст. Сымахæн æй куыд зæгъын, афтæ йæ чызгæн мæ бон нæ бацис бамбарын кæнын, фæлæ кæд мæнмæ дæр исты амонд кæсид... — О гормойнаг, Заретæ нырма сывæллон у, дæу та хъуыддаг кæнын хъæуы, мæнæ куыддæр де схъомылгæнæг æрхæдзар уа, афтæ. Уымæй раздæр, зæронд куы бауай, уæддæр дæ фæсонæр- хæджы дæр ма фæзынæд уыцы кой. — Нагъо архайдта, цæмæй Дзамболат фæтагъддæр кæна бинонты хъуыддаг бакæнын, æмæ уымæн афтæ загъта. Дзамболат сæм худæндзастæй иуварсæй каст, стæй сыстад, уæздап хæст æркодта йæ чындзы цонгыл æмæ йæм дзуры: — Созион, уæдæмæ бавдæлæм æмæ ма Хъасболы æртæ боны бауромæм æмæ — чындзæхсæв. — Нæ, ме ’фсымæр, мæ къæйныхдзинад мын ныббар, фæлæ ахæм æрдæгцъæх амондмæ нæ бæллын. Куы сразы уаид, уæд- дæр æй банымаин рæузондыл, — не сразы йæ фыды ’фсымæры фæндоныл Хъасболат. — Æниу дын æй, мæ хъæбул, йæ кадылмæлæг фыд авæрдта, æнхъæлмæ кæс,— бахудти Нагъо. — Иу ныхасæй, мæнæй чызг ныхас уыйас ницы зоны, æз æрмæст сымахæн загътон мæ зæрдæйыуаг, — Хъасболат йæ чумæ- дан систа, йæ плащ райста. — Цæй, мæнæн мæ рæстæг æрхæццæ. Сыхæгтæй дуармæ чи бадти, уыдон Хъасболаты бæлццонхуы- зæй рацæугæ куы федтой, уæд иууылдæр йæ размæ бацыдысты. — Фæндараст фæу, фæндараст, дæ ныййарæджы фæндиаг, — дзырдтой алырдыгæй. Хæрзбон сын загъта Хъасболат дæр æмæ араст уынджы уæлæмæ. Йæ зæрды ма бæргæ уыдис цæхгæрмæ уынджы обаумæ фæзилын, фæлæ йæ фæдыл кæсджытæй фефсæрмы. Уынджы кæронмæ ахæццæ, æмæ хъæугæронмæ ахызт. Йæ чцмæдан æрæвæргæйæ, йæ цæст ахаста йæ райгуырæн хъæуыл, стæй систа йæ чумæдан æмæ араст дарддæр йæ фæндагыл. Рæс- тæгæй-рæстæгмæ-иу бæргæ ракастис фæстæмæ, кæд æй харбыз- ласджытæ уæддæр æййафиккой, фæлæ ницы. 108
Уалынмæ дардæй сылгоймæгты уынæр цæуын байдыдта. Уыдон, æвæццæгæн, харбызтонджытæ сты, йæхинымæр ахъуы- ды кодта Хъасболат. Бæласы бынмæ бацыд, йæ хæссинæгтæ æрæвæрдта, мæхи æруадзон, куыд загъта, афтæ сылгоймæгты ныхас бынтон хæстæгæй райхъуыст: — Нæ фæллад суадзæм, Дзерассæ, æмæ сихор скæнæм. — Хорз. Сымах фæндыл æз дæр разы дæн. Уалынмæ сæхæдæг дæр фæзындысты. Хъасболат сæ куы ауыдта, уæд фестади æмæ сын салам радта. — Дæ амонд бирæ æмæ, кæй дæ, уымæн амондджынæй цæр,— дзурынц æм сылгоймæгтæ, фефсæрмы сæ ис, уый куы фембæр- стой, уæд. — Гъа, уый мæ ахуыргæнинаг куы дæ, — хуымæй разынд Заретæ дæр. —Уе ’гæрыл, нæ йæ зонут — Созионы фырт, хъæуы аргъ дохтыр. Заретæ йæ цыма рагæй нæ федта, афтæ дардта йæхи. Цæ- мæй зыдтой адæм, уыдонæн знон сæ астæу зæрдæбын уарзты уидæгтæ кæй сæвзæрдис, уый. Хъасболат Заретæйы куы ауыдта, уæд фæсырх. Йæхины- мæр Заретæйыл дис кодта, æрыгон уæвгæйæ йæхи куыд дзæ- бæх, куыд аив дарын зоны. Цъæх нæууыл æрфынг кодтой Дзе- рассæ æмæ Заретæ. Хъасболат февнæлдта йæ чумæданмæ — йæ мад ын фæндагмæ кæй сæвæрдта, уыцы хæринæгтæ сисын уыд йæ зæрды, фæлæ йын Дзерассæ байгом кæнын дæр нæ бауагъта, йæ чумæдан. Хъасболат кæд иу сахаты размæ сыстад дзаг фын- гæй, уæддæр æм аив нæ фæкаст, йæхицæн лæгъстæ кæнын æмæ æрæвнæлдта фынгмæ. Зæрдæ рухс кодта æрдзы уынæр æмæ йæ сыгъдæгдзинадæй. Хæрд нæма фесты, афтæ дардæй æрбайхъуыст цæлхыты уынæр. Сылгоймæгтæй чидæр, кæсгæ дæр нæ ракодта, уынæр кæцæй цыдис, уырдæм, афтæмæй загъта: —Уæ хæрды кой кæнут, уый та, æвæццæгæн, Дрис йæ уарзо- ны уынынмæ тагъд кæны. Дзерассæ йæ цыма хъусгæ дæр нæ фæкодта, уыйау йæ хæ- рыны куыст кодта, афтæмæй Хъасболаты размæ карчы сгуы хæстæгдæр бакæнгæйæ, загъта: — Сылгоймæгты ныхæстæм куы хъусай, уæд цавæр хъустæ æрзайдзæни лæгыл — чи йæ зоны! Уалынмæ æцæгæйдæр æрбахæстæг Дрис йæ бидаркæйы. — Гъæ, мачи дæ уа, Хъасболат, кæд фистæгæй кæдæм рабалц кодтай! Ныртæккæ мæм Дзамболат æрбацыд къантормæ, æмæ мын уый радзырдта дæ рацыды хабар æмæ дæ фæдыл рауадтæн. Но- джы лæппутæй дæр никæй ссардтон æмæ мæхæдæг фæраст дæн. 109
— Ехх! Мæн лæппу цы Хуыцау нæ фæкодта, уымæн цы загъ- дæуа, — йæ дзырд баппæрста Заретæ, — æндæра Созионы лæп- пуйы ныртæккæ Даргъ-Къохы станцæйы бамидæг кæнин! — Акса-ма, тынг хорз фæнд! — Бавдæл æмæ — цæугæ, фæс- тæмæ та Æхсарбегимæ рацæудзынæ. Уый мæнæ не ’фсины хойы лæппу у æмæ, дам, æй махмæ фæнды. Мæхæдæг дæр ын зæрдæ бавæрдтон, — кæд авд къласы хорз бæрæггæнæнтимæ фæуа, уæд æй иу мæй нæхимæ хондзынæн, — загъта Дрис . Хъасболат, цалынмæ уыцы уынаффæтæ кодтой, уæдмæ æнцад хъуыста, стæй загъта: — Мæнæ харбызласджытимæ ацæудзынæн. Йæ фæндыл сразы сты иууылдæр. Февнæлдтой сылгоймæгтæ куыстмæ æмæ уайтагъд дыууæ бричкæйы харбызæй айдзаг код- той. Хъасболат йæ хæссинæгтæ сæвæрдта уæрдоны æмæ араст харбызласджытимæ. «Кæд, мыййаг, Заретæйæн хъыг уыд мæ фæндон, — хъуыды кодта, — фæлæ йæ куыд рауагътаид ахæм фæндагыл, йæ удæй йæ зынаргъдæрыл куы нымайы? Фæстæмæ цæугæйæ йыл исты фыдбылыз куы ’рцæуа, уæд та? Куыд æй бахъахъхъæндзæн цыппæрдæсаздзыд гыццыл лæппу? Цасдæр куы ацыдысты, уæд æм бæхтæрæг дзуры: — Схиз, мæ фарсмæ сбад, æмæ дæ къæхтæ сулæфой. Хъасболат бæхтæрæджы ныхасыл уæлдай нал загъта, бай- йæфта бричкæйы æмæ рогæн сгæпп кодта. — Уый лæппу у, гъе, науæд иуæй-иу æрыгæттæм бакæс, уæд цыма зыгуымы голлаг сцæйтулы, уый хуызæн сцæйхизынц. Хъасболат бахудтис. — Ууыл дæр нæ ахуыр кодтой, нæ фыдыхай, ууыл, ома, алцыдæр бахъæудзæн царды, зæгъгæ. — Мах ахуыр ничи кодта, фæлæ-иу обаумæ рацу бæрæгбо- ны, дæ уæлæ цухъхъа ронæлвæстæй, уæд дыл ирон дарæс куыд рæсугъд фидауы, чызджытæ уымæ кастысты. Уымæ гæсгæ-иу нæхи ахæм æлвæстытæ бакодтам! Бауырнæд дæ, дыууæ боны-иу мæхи нæ бафсæстон, хъазтмæ цæуын иу мæ куы хъуыди, уæд. Бæхтаерæг арф ныуулæфыдис æмæ дзæвгар рæстæг ницыуал дзырдта. Иæ сагъæстæй йæ куыд фæцух кæна, ууыл катайы ба- цыди Хъасболат æмæ йæ бафарста: — Ды бæхыл дæр хорз хъазыдаис? — Бæргæ хъазыдтæн. Далæ кæд дæ мадæрвад Тотрадзы æрæййæфтай, рухсаг уæд мæрдты, уыимæ-иу хатт быцæуæй уады- стæм(бæхтыл. Кæронмæ нæ бирæ нал хъуыдис, афтæ нæ размæ иу лæг æрбасхъиудта... Кæцæй æрбасхъиудта, абон дæр ын ницы зонын. Афтæмæй фæкалд йæ бæх. Мæхи дыууæ къухы йæ адæ- мы размæ куы бахастон... Мæ зæрдыл куы æрлæууы уыцы хъуыд- 110
даг — лæугæ та алы рæстæг кæны! Уæдæй фæстæмæ нал ахъа- зыдтæн бæхыл. Уымæй йын йæ ном арын цæрæнбон. Стæй сæ ничиуал ницы дзырдта. Уыцы æнæдзургæйæ Ел- хотмæ ’рбахæццæ сты, æмæ бæхтæрæг баурæдта, дыууæйæ дæр æрхызтысты иу хæдзары дуармæ тæккæ фисыныл. Хъасболат станцæйы æнхъæлмæ кастис поезд æрцæуынмæ. Бæрзонд гæдыбæласы сатæг бынмæ йæхи байста, дурыл æрбад- ти æмæ хъуы,дыты аныгъуылд. Йæ цæстытыл та ауадис Заре- тæйы сурæт. Иæхинымæр дисæй мард, ацал-ауал азы цал чыз- джы федта, фæлæ дзы иу дæр йæ зæрдæйы бынат не ссардта. Заретæ та... Иæ хъуыдытæ йын фескъуыдта адæмы уынæр æмæ змæлд. Кæмæ цы уæййаг уыдис, уыдон аив, фынгæвæрд æркод- той, æмæ Хъасболат бамбæрста — поезды тагъд ардæм хъæуы. Мæнæ иу гыццыл лæппу, йæ бедра нæ фæразы, алы къах- дзæфæн æй æрæвæр-æрæвæргæнгæ фæхæссы перронмæ. — Уыцы уæззау кæдæм хæссыс, лæппу? — хъазгæмхасæн æй фæрсы Хъасболат. Лæппу фæлæууыд. — Уæдæ чингуытæ цæмæй балхæнон, уый нæй, æмæ ацы курагатæ... — Цас сæ кæныс? — Иу сом. Систа йæ дзыппæй сом æмæ йæ лæппумæ радта. — Æз дæм фæстæмæ æрбаздæхдзынæн, мæ хæссинæгтæ по- езды куы сæвæрон, уæд. Кæд дæм не ’рбаздæхон, уæд-иу сæ искæмæн ауæй кæн. Вагонмæ куы бахызт, уæд йæ бынат ^бацагуырдта. Æркæсы билетмæ æмæ нæ хаты, цы хабар у, уый. Йæ бынат разынд ахст. Хъасболат йæ чумæдан йæ бынаты ракомкоммæ рудзынджы раз æрæвæрдта æмæ йæхæдæг Æрджынарæджы комы фæндагмæ каст. Уæд æм вагоны фæткмæгæсæг сылгоймаг бацыд, æмæ йын йæ би- летмæ куы ’ркасти, уæд ын, рудзынджы цур, чызг кæм æрбынат кодта, уырдæм бацамыдта. Чызг бынат уæгъд кæнынмæ фæцис. — Бад, мæнæн уæллаг тæрхæгыл дæр ницы уыдзæн, — загъта Хъасболат. Чызг уырыссагау зынæрвæссоны хуызæй бузныг загъта, фæлæ уæддæр йæхинымæр ахъуыды кодта, хуымæтæг хъæуккаг лæппуйæ уæздан чи у, ахæмы каст кæны, зæгъгæ. Поезд Елхотæй куы адард, уæд Хъасболат, бинаг бынаты цы ацæргæ ус бадтис, уый фарсмæ йæхи æруагъта. — Кæцон дæ, лæппу? — бафарста йæ сылгоймаг. — Ардыгон бæргæ дæн, — дзуапп радта Хъасболат. — Æмæ кæдæм цæуыс? 111
— Тулæйы онг. Уым кусдзынæн, цæмæй йæ мацæмæйуал ба- фæрса, уый тыххæй, — загъта Хъасболат. — Æз та мæнæ мæ чызджы Ленинградмæ кæнын. Уым æй ахуырмæ раттын ис мæ зæрды. Хъасболат ницы загъта, аивæй бакæстытæ кодта чызгмæ. Раст зæгъгæйæ, бакастæй тынг æнаипп чызг уыдис, зæрдæмæдзæугæ уæнгты конд, пух былтæ, дыууæ ставд дзыккуйы. Дарæсæй дæр хъуаг нæ уыд. Фæлæ та йæм ныр дæр зынæрвæссон фæзынди. — Мамæ, акæс-ма æддæмæ, уыцы адæм цы ’мбырд кæнынц? — Уый гæн у, мæ къона, — дзуапп радта мад æмæ фæстæмæ йæ бынаты æрбадтис:— Никуы ницы федта ахæмæй, сау куыстмæ йæ никуы ауагътон, скъолайæ-иу сæ быдырмæ куы кодтой, уæд- дæр йæ бæсты мæхæдæг цыдтæн. Иунæг нын у. Хъасболатæн хъыг уыди уыцы ныхас. Райста сапон хисæр- фæнимæ æмæ рацыдис купейæ. Чызг æмæ мад, кæрæдзийы дзы- хæй исгæйæ, дзырдтой, хъæуккаг уæвгæйæ, се ’мбæлццон куыд хæрзæгъдау у, уый. Хъасболат йæхи ныхсадта, йе уæхскыл йæ хисæрфæн, йæ къухы сапондон, афтæмæй рудзынгæй кæсыныл фæци. Æмæ йæ рæзты чызг йæ къухтæ ’хсынмæ куы фæцæйцыд, æрмæст уæд федта чызджы уæнгтыконд. — Уæд та исты бахæриккам? — зæгъгæйæ Хъасболат систа чумæданæй, мад ын цы фæндаггæгтæ нывæрдта, уыдон æмæ сæ фынгыл æрæвæрдта. Чызг бакаст йæ мадмæ, цыма йын афтæ зæгъынмæ хъавыд: мæнæн дæр æххормаг у. Уæд мад дæр, йæ къухтæ ’хсынмæ ацыд, фæстæмæ куы æрбаз- дæхт, уæд бауырдыг фынг æвæрыныл. Уæдмæ чызг, йæ былты арæзт нæ фехалгæйæ, æнцад бадтис æмæ æнхъæлмæ кастис. Мад фынгæвæрд куы фæцис, уæд æм чызг дзуры: — Къухсæрфæн гæххæттытæ та дæ куы байрох сты! Систа та мад салфеткæтæ. Чызг аив худт бакодта æмæ йæ ныхасмæ бафтыдта: — Алы хатт дæр дзы рох кæнынц. Хъасболат кæд дзургæ^ницы скодта, уæддæр фынгмæ æнæ- бары æвналын райдыдта. Йæ цæстытыл ауадис Заретæйы æнæ- зивæг февнæлд, йæ хъæлдзæгдзинад, йæ фынгæвæрд чындзхас- ты æмæ быдыры сылгоймæгтимæ. Хæрды фæстæ та мад бафснайдта фынг. Хъасболат тыргъмæ рацыдис, цæмæй мад æмæ чызг бахуыссыдаиккой. Бирæ фæхъуы- дытæ кодта чызджы хъысмæтыл, тæригъæд дæр фæкодта, уый кæй къухы бахауа, уымæн. Уый фæстæ бацыд купемæ æмæ æр- хуыссыд. Сæрæй нæ хицæн кодта Заретæ. Йæ цæстытыл ауадис, 112
дохтыр куы суа, уæд иумæ куыд кусдзысты, куыд зæрдæмæ- дзæугæ, арæхстджын æвнæлд кæндзæнис чызг. Уыцы хъуыды- тимæ бафынæй. Тулæмæ хæстæг æй вагоны кусæг райхъал код- та. Чумæдан куы иста, уæд мад æмæ чызг дæр райхъал сты. — Цæй, мæнæн афон у хизынмæ, — загъта Хъасболат, чызг уарзæгой цæстæнгасæй ракаст, фæлæ йæ Хъасболат хъуыды дæр не ’ркодта, нæ йын фæцагайдта йæ зæрдæ. Уый нæ, фæлæ ма мæс- ты дæр кодта йæхимæ, Заретæимæ йæ кæй абарста, уый тыххæй. * * * Даргъ-Къохы вагзалы поездæй æрхызтис къæсхуыргомау хæрз- конд æрыгон чызг æмæ тарст сæгуытау æнахуыр ракæс-бакæс код- та — кæцырдæм цæуын хъæуы, цы хъæумæ йæ снысан кодтой, уый кæцырдыгæй ис? Уæд йæ размæ бацыдис, иуцасдæр æм дардæй чи касти, ахæм рæстæмбис кары сылгоймаг æмæ йæм дзуры: — Ссæдз азы размæ æз дæр ам æрхызтæн, дæ хуызæн, дох- тырæй мæ куы сæрвыстой Æрæфыхъæумæ, уæд... — Æз дæр уырдæм æрвыст дæн. — Цæмæй? — Ахуыргæнæгæй. — Уæдæ банхъæлмæ кæсæм иумæ. Мæнмæ ардæм хъæуæй хъуа- мæ бидаркæ æрбарвитой. Мæнæн мæ ном Изетæ у. Дæуæн та? — Верæ. — Хъæуы дын хæстæг исчи ис? Йе та зонгæ? — Нæ, никæй дзы зонын, уæвгæ, кæд иууылдæр мæ хæстæджытæ уырдыгон сты, уæддæр æй нæ зонын,— фæлмæн бахудти чызг. — Уый та куыд?— бадис кодта Изетæ. — Æз сидзæрты хæдзары схъомыл дæн, хæсты рæстæджы райгуырдтæн, æмæ мæ иу ирон ус афæдздзыдæй уырдæм радта. Изетæйæн чызджы ныхæстæм йæ зæрдæ суынгæг, фæлæ йæ ницæмæй равдыста æмæ йын ныфсытæ æвæрынмæ фæци. — Мæт ма кæн, Верæ, бæзгæ кæнай, уыййеддæмæ хорз адæмтæ бæстыл бирæ ис æмæ дæ сæхæдæг агурдзысты. Хъæуы мидæг иу чындзæхсæвы куы сæмбæлай, уæд дæ се ’ппæт дæр базондзысты. Уæлдайдæр ахуыргæнæг. Хъæуы, æвæццæгæн, никуы уыдтæ? — Уыдтæн, цалдæр хатты нæ колхозы картоф уидзынмæ акодтой... — Уæртæ Таймураз дæр æрбахæццæ, ныртæккæ араст уыдзы- стæм, — загъта Изетæ, бидаркæмæ амонгæйæ. — Бахатыр кæн, Изетæ, бафæстиат дæн, районы хицауадимæ мæ сæмбæлын хъуыдис хъуыддаджы тыххæй. 8 Сапаты Елепæ 113
— Мæнæ ацы чызгимæ базонгæ у,— загъта Изетæ, — йæ ном Верæ, нæ хъæумæ ахуыргæнæгæй æрвыст æрцыд, — Стæй Ве- рæмæ аздæхт Изетæ. — Не ’мбæлццон та у Таймураз, нæ хъæуы лæппуты хуыздæр. Агрономæй кусы. Сбадтысты бидаркæйы, фæндагыл бирæ хъазæн ныхæстæ кодтой Изетæ æмæ Таймураз. Таймуразы Изетæ гыццыл лæп- пуйæ нырмæ зоны. Иу æмæ йæм дыууæ хатты нæ бауади йæхи дзæбæх кæнынмæ. — Æз, раст зæгъгæйæ, Микъаламæ æнхъæлмæ кастæн, — загъ- та Изетæ. Дæу ахæм æнæвдæлон рæстæджы мæнмæ равдæлдзæн, уый æнхъæл чи уыдис! — Уый охыл, Изетæ, мæнæ нæ хъæумæ ахуыргæнæгæй кæй æрæр- выстой, уый-иу искуы æрæмысдзæнис, куыд базонгæ стæм, уый. Куы æрхызтысты дыууæ сылгоймаджы бидаркæйæ, уæд Верæ бафарста: — Кæцырдыгæй ис скъола? — Уый фæстæ дын æй бацамондзынæн. Ныр та нæхимæ — Еленамæ. Афонмæ нын исты хъарм хæринаг сцæттæ кодта. Хæдзармæ куы бахæццæ сты, уæд Изетæ мидæмæ дзургæ бацыд. — Мæнæ ацы чызгæн йæ ном Верæ хуыйны, махмæ йæ ахуыр- гæнæгæй æрæрвыстой. — Мæ хæдзарыл-æна, æмæ нырма йæхæдæг ахуырдзауы хуы- зæн куы у! — бацин сыл кодта Елена. Кæд дæ фæнды, уæд уал Верæ махмæ æрфысым кæндзæнис. Дыууæ сахаты бæрц æй зонын æмæ мæм афтæ кæсы, цыма цæ- рæнбонты кæрæдзийæ никуы фæхицæн стæм. — Верæ, мæ къона, раст цыма дæхи хæдзары дæ, афтæ дæм кæсæд. Æфсæрмы мацæмæй кæн, — Елена, цыма йæ хорз хионы федта, афтæ æхсызгон ын уыди. — Верæ фыццаг хатт цæрдзæ- нис бинонтимæ, уыдон та стæм æз æмæ ды. Уымæ гæсгæ æз æмæ дæ къухы ис йæ амонд. Мах æй куыд саразæм, афтæ ацæу- дзæн йæ цард. Райсомæй рабадтис Верæ. Гом рудзынгæй æрбадымдта сыгъ- дæг хъæууон уæлдæф æмæ зæрдæйæн æнцойдзинад хаста. Рудзын- гæй куы ауыдта уынгты сыгъдæгдзинад, уæд дзуры Изетæмæ: — Акæс-ма, дæ хорзæхæй, цыма сæ фосыл къалостæ уыдис, уыйау уынгтæ куыд сыгъдæг сты! — Уæ, гормойнаг Верæ, уый махæн худинаг у, æндæра Еле- найы карæн ус уынгтæ марзт дæр ма фæцис, мах та нырма нæма рабадтыстæм. — Æмæ чи фæмæрзы уынгтæ? — сонт фарст акодта Верæ. — Райсом раджы алчи йæ фос куы аскъæры хизынмæ, уæд 114
ныммæрзы йæ уынг, йæ кæрт. Дæ хуызæн æрыгон чызджытæ та ма, чызг кæмæ нæ вæййы, уыдоны раз дæр рамæрзынц. Дуар æрбахоста Елена, стæй æрбацыд мидæмæ. — Кæд, зæгъын, суазал стут, уæ рудзынг гом у, æмæ... — Цытæ дзурыс, Елена, — йæ халат йæ уæлæ æрбакæнгæйæ, дзуры Изетæ. — Мæнæ Верæйы ахуыр кæнын хъæуы цардыл. Мæнæй-иу чи айрох уа, уый та йын ды амондзынæ. Уый тыххæй мæсты нæ кæндзæнис, нæ, Верæ? — Уымæй раст зæгъыс, горæтаг чызгæн хъæуы зын у æнахуы- рæй. Цомут уæхи ахсут, æмæ — хæргæ. Мæхæдæг дæр æнæ сы- мах ницыма акодтон мæ дзыхы, æмæ мыл исты куы ’рцæуа, уæд Изетæйæн фыдæбойнаг уыдзынæн, — худы Елена. — Дон та кæцæй хæссынц? — бафарста Верæ Изетæйы. — Æхсæвыцьæхæй чи рабады, уыдон дæлæ, цы хидыл æрбахызтæ, уый бынты цы дон цæуы, уымæй, науæд та уартæ Æрæфы донæй. Верæ хъуыдыты аныгъуылд, кæд, цы донæй æхсын, уый, мыййаг, Елена дардæй фæхаста. Уæлдай калд нæ кæнгæйæ, йæхи цæхсадта æмæ къæмдзæстыгхуызæй æрбадт Елена æмæ Изетæйы фарсмæ сарайы. Хæрды фæстæ стъол æфснайд куы фæцис Верæ, уæдмæ Изетæ дæр йæхи арæвдз кодта йæ куыстмæ. — Æз дæр скъоламæ ацæуынмæ хъавын, — загъта чызг. — Æмæ дзы сывæллæттæ куы нæма ис, уæд дзы цы ми кæ- ныс?— бадис кодта Изетæ. — Августы æмбисы хъуамæ куысты уон. — Дардмæ цæуын дæ нæ хъæуы, уæртæ тигъæй куы ахизай, уæд галиуырдæм азил, æмæ дæм сзындзæни скъола. Чызг скъолайы кæртмæ куы бахызт, уæд йæ цæстытæ æрхæ- цыдысты асгомау нæлгоймагыл. Уый кæрты бæрæгастæу лæу- уыд æмæ скъолайы агъуыстмæ каст. — Дæ бон хорз, — хæстæг æм бацыд Верæ. — Æгас нæм цу, рæсугъд чызг. — Мæн хъæуы скъолайы директор. — Æз дæн, кæй агурыс, уый, — загъта нæлгоймаг. — Æз та дæн сымахмæ ахуыргæнæгæй æрвыст, мæ ном хуый- ны Верæ. — Хорз, Верæ, — бахудти лæг, — кæд дæ афтæ фæнды, уæд. Фæлæ дæ скъоладзаутæ та куыд хондзысты? — Верæ Ивановна. — Мидæмæ ахиз, уæдæ, Верæ Ивановна — загъта директор, йæхæдæг хъуыды кæны: «Цымæ цавæр уавæртæ æрхастой ацы сывæллон чызджы афтæ æрыгонæй æнæзонгæ хъæумæ?». Верæ кæм æрлæууыди, 115
уым лæугæйæ баззад, фæлгæсы, скъолайы алыварс цы егъауго- мау кæрт æмæ уæгъд бынæттæ уыдис, уыдонмæ. Рахизырдыгæй дыууæ курага бæласы, цыма кæрæдзийæ фæтарстысты æмæ дзы алчидæр искæй ’рбацыдмæ æнхъæлмæ кæсы, уый хуызæн. Гыц- цыл дарддæр — турник, Верæмæ гæсгæ — æгæр бæрзонд. Верæ кæртыл æрзылдис æмæ бацыд, хæстæгдæр æм цы бæлас уыдис, уымæ, æмæ цыма иннæйы зæрдæхудтæй тарстис, уыйау йæ къу- хы аууонæн цы сæрбæттæн дардта, уый бæласы цонгыл куы баппæрста, уæд арф ныуулæфыдис... Цæй зын у иунæгæн, цæй... Директор, фæстæмæ кæртмæ æрхизгæйæ, дзуры Верæмæ: — Ныр дыккаг бон арæзтадон бригадмæ æнхъæлмæ кæсын. Знон районы уыдтæн æмæ мын загътой, дыццæгæй фæстæдæр дæ æнхъæлмæ кæсын нæ бахъæудзæн, фæлæ та — никуы æмæ ницы. Ног скъола нын аразынмæ хъавыдысты, фæлæ ацы æвир- хъау хæсты йæ кой скæнæг дæр нал ис. — Дæ ном мын нæ загътай ды. Бахатыр кæн, фæлæ... — Адæймаджы мæт куы вæййы, уæд дзы йæ ном дæр айрох вæййы. Харитон Санакоевич мæ фæхонынц скъолайы, адæм та мæ зонынц Харитонæй. — Ахуыргæнджытæй ам куыд ничи ис, æви сæ фæллад уа- дзынмæ иумæ ацыдысты? — Дыууæйæ хъуамæ знон рацыдаиккой кусынмæ, фæлæ сæ иу йе ’фсымæры чындзæхсæвмæ йæхи ракуырдта, иннæ та го- рæтмæ ацыдис скъоладзаутæн ахуыры райдианмæ цыдæртæ ’лхæ- нынмæ. Ам, дæхæдæг æй зондзынæ, алцы нæй балхæнæн. Акса, æппæты ахсджиагдæр хъуыддагæй дæ нæма бафарстон: ам дын хæстæг исчи ис? Кæм æрфысым кодтай? — Уæ дохтыр Изетæ æмæ Еленайы уазæг мæхи бакодтон. Æндæр мæнæн хæстæджытæ ам нæ, фæлæ æппындæр никуы ис. — Куыд никуы дын ис хæстæджытæ? — бадис кодта директор. — Æз сывæллæтты хæдзары хъомыл кодтон. Уыцы ныхæстæ директоры зæрдæ фæцагайдтой æмæ йын фæлмæнæй афтæ: — Хæстæджытæ ссаргæйæ сты, ныр та уал дæ фæллад уадз, куы бахъæуай, уæд дæм бæрæг уыдзæн. Верæ ницыуал уæлдай загъта æмæ рацыди йæ фысымтæм. Хæдзары никæй ’рбаййæфта, йæ зæрдыл æрбалæууыд, Елена куыроймæ цæуынмæ кæй хъавыд, Изетæ та нырма йæ куысты уыдзæнис. Уынджы сывæллæтты бафарста, кæцырдыгæй ис хъæуы рынчындон, зæгъгæ. Араст Верæ Изетæмæ, куыстæй иумæ ссæудзысты æнхъæ- лæй, фæлæ Изетæ уым нæ разынд. Фæстæмæ раздæхт æмæ Еле- найы хæдзары баййæфта. 116
— Уаих æрбауон, Елена, уый зонгæйæ, фæлтау дæумæ куы- роймæ ацыдаин, Изетæмæ куыстмæ цæуыны бæсты, — загъта чызг, йæ голлаг ын куы федта, уæд. — Мæ уд дæ фæхъхъау фæуа, æмæ мын цы бауыдаид дæ бон куыройы? — Ды мын мæ къæсхуырмæ ма кæс, Елена, стæй мыл ауæрдгæ дæр ма кæн. Мæнæн мæ бон алы куыст кæнын дæр у, æрмæст мын амонгæ бакæн, æндæр. Еленайæн æхсызгон уыди чызджы ныхас — æгайтма ахæм æрхъуыдыджын у. Изетæ куы ’рбацыдис, уæд Верæйы фæрсынмæ фæци: — Цæй, куыд ацыдис фыццаг бон дæ куыст? — Кусгæ ницы кодтон, æрмæстдæр директоримæ базонгæ дæн. Æмæ мын загъта, дæ фæллад уал уадз, куы бахъæуай, уæд дæм дзурдзынæн. — Харитон, уæздан адæймаг у. Хъæуы нымад лæг у. Куысты дæр ын стыр аргъ кæнынц. Верæйы бæрны бакодтой цыппæрæм кълас. Йæхи хуымæтæг æмæ цæстуарзонæй дардта се ’ппæтимæ дæр. Уæгъд рæстæг фылдæр æрвыста йæ ахуырдзаутимæ кæрты. Никуы йæ хъус дардта дам-думтæм, æмæ загъта-багътатæм. Сывæллæттæ йæ афтæ тынг бауарзтой, æмæ хæдзармæ æрбаздæхгæйæ, Верæйы хорзы кой йеддæмæ ницы кодтой. Ахуыры аз куы райдыдта, уæд директор ахуыры хайы хица- умæ фæдзырдта æмæ йыл Верæйы бафæдзæхста, — цыма йæ рагæй дæр зонут, афтæ йæ хæстæг æрбайсут уæхимæ, цæмæй дзы йæ царды зындзинæдтæ ферох уой. Радзырдта йын йæ мад æмæ йæ фыды кæй нæ зоны, уый дæр — схъомыл сидзæр сывæл- лæтты хæдзары æмæ тæригъæд у. Фæлæ дын дæ фыдгул адæмы дзыхы бафта! Директоры ны- хасыл ма къæхтæ ’мæ къухтæ æфтыдтой, афтæмæй иууылдæр базыдтой Верæйы хабæрттæ. Иубон бафæстиат Верæ скъолайы. Иу афон æм дуарæй ба- хызт æхсæвгæс Микъала. — Де зæртæ хорз уæнт, Верæ! Куы та дыл банафон ис ам. — Мæнæ сывæллæтты тетрæдтæ бæрæг кæныныл фæдæн æмæ нæ бамбæрстон, рæстæг куыд атахти, уый. Стæй, Микъала, ам цы кусын, нæхимæ дæр уый кæнинаг у, æмæ утæппæт тетрæдтæ дыууæрдæм чи рахæсс-бахæсс кæны! — Райсом дæр фæлладуадзæн бон кæй у, уый дæ байрох? — О, хуыздæр фæуай, Микъала, ды ма мыл батыхсыс, æндæр кæй цæмæн хъæуын! — Уый, æгæр бирæ дыл чи тыхсы, ахæмтæ ис, æмæ уымæн афтæ дзурыс. 117
— Нæ, Микъала, иуæй-иу хатт мæм ахæм хъуыдытæ æрцæуы, æмæ адæмæй мæхи дарддæр ласын байдайын. — Уымæй та рæдийыс. Иуæй, афтæ зæгъыс, адæймаг адæмы тыххæй цæры, иннæмæй та сæ дæхи дард ласыс, æнæуынон сæ кæныс дæхицæн. Уый куыд у? — Нæ, Микъала, ды мæ раст нæ бамбæрстай. Мæхи адæмæй уымæн нæ ласын, æмæ мын æнæуынон сты. Нæ... нæ... фæлæ ныр мæ цардыл арфдæр хъуыды кæнын райдыдтон. — О гормойнаг! Алчидæр куы бауарзы, уæд зæрдиагдæрæй хъуыды кæнын байдайы йæ цардыл. — Нæ, мæнæн мæ хъуыдытæ æндæр хъуыддагыл сты. Мæнæн, Микъала, арæх мæ зæрдыл бафты ахæм хъуыды: кæд, мыййаг, мæ мыггаг Хæрзойтæй нæу, кæд мæ барæй ныффыстой уыцы мыггагыл. — Ома, цæмæн? — Цæмæн, куы зæгъай, уæд нæм сидзæрты хæдзармæ ал- кæмæ дæр цыдис бæрæггæнæг, мæнмæ никуы ничи æрбацыд. Æвæццæгæн, гыццыл мыггаг у уыцы мыггаг. — Уыдæттыл ма хъуыды кæн! Ды ныр царды фидар лæууыс. Ды ахуыргæнæг дæ. Дæумæ æрмæст сабитæ не ’нхъæлмæ кæ- сынц, дæумæ æнхъæлмæ кæсынц сæ ныййарджытæ дæр. Уыдон хъуыды кæнынц, зæгъгæ, мæ сывæллон Верæйы руаджы царды размæ рацæудзæн. Ам, хъæуы дæ алыварс хæрзуд, цæстуарзон адæмтæ бирæ ис. Ды сæ цыппæрæм хай дæр нæма зоныс, фæлæ дын дæхи иууылдæр зонынц хъæуы цæрджытæ. Верæйæн цыма йæ уаргъ йе ’ккойæ райста Микъала, афтæ йын фенцондæр, зæрдиаг арфæтæ йын ракодта, стæй йæхи рæвдз кæнынмæ фæци. — Цытæ дзурыс, мæ хур, æз дæ мæхи хъæбулыл нымайын. Хуыцауы уазæг у, фæлæ дæ ацафон иунæгæй нæ ауадздзынæн. Фæлæуу, не ’фсинмæ бадзурон, мæнæ ам хæстæг цæрæм æмæ дæ схæццæ кæндзæн, науæд куыйтæй тæссаг у, — загъта зæронд лæг, уынгмæ куы рахызтысты, уæд. — Де ’хсæвтæ хорз, Микъала. Салам радта чидæр лæгæн. — Таймураз куы дæ! Æмæ мæн йеддæмæ ам ничи ис? — Мæнæ дæлæсыхæй сцæйцыдтæн, æмæ скъолайы рудзын- гæй рухс куы цыдис, уæд, зæгъын, кæд исты хабар у, зæгъгæ, фездæхтæн. — Хинæйдзаг, рухс ма уыдис, уæддæр дæ ам лæугæ федтон æз. Мæнæ скъоламæ дæ цæст фæдар, æз Верæйы сæхимæ схæццæ кæноц, науæд æй ныхæстыл ныддардтон æмæ æгæр банафон. — Æмæ йæ æз не схæццæ кæндзынæн, дæ бæрц? Æхсæвгæс чызгмæ бакаст, æмæ уый куы ницы загъта, уæд Таймуразмæ раздæхт: 118
— Лæппу, ацы чызг хуымæтæджы чызг нæу. — Тæрсгæ ма кæн, Микъала, тынг дзæбæхæй схæццæ кæн- дзынæн. Цæуынц æхсæвы тары. Бæстæ сабыр, уынджы змæлæг нæй. Æрмæст иунæг сылгоймаг фæцис сæ размæ. Æвæццæгæн, сыхæг- тæм ныхæстыл афæстиат, — салам ратгæйæ, ахъуыды кодта Верæ. Амæй хуыздæр гæнæн мын нал уыдзæни, зæгъгæ, Таймураз дзуры чызгмæ: — Хатыр мын бакæн, Верæ, истæмæй куы фæрæдион, уæд, фæлæ лæг, царды йæ зæрдæ кæмæй срухс уыдзæнис, ахæм адæй- магыл куы сæмбæлы, уæд йæ цæстытæй нæ цух кæны. Иунæгæй цæрæн нæй æмæ... — Æмæ æз иунæг дæн?! Изетæ мын ныййарæг мадæй хуыз- дæр у. Æниу Елена...Ме ’рбацыдыл дæр куы нæ хъæцы. — Уый хорз, фæлæ дæ зæрдæйы мæнæн дæр гыццыл бынат куы разынид фидæны, уый мæ фæнды. — Ау, æмæ кæд æз бæсты бирæгъ дæн, уæд та? Куы ницы мын зоныс цы уыдтæн, чи дæн, кæцæй æрхаудтæн... Таймураз дзурын ницыуал сфæрæзта. Æмæ афтæ æнæдзургæ цыдысты. Уалынмæ иу куыдз сæ разы февзæрд. — Мила! — хъæрæй загъта Верæ. Куыдз ыл бацинтæ кодта. Таймуразыл рæйын дæр дзы ферох и. — Цæй, дæ салам бирæ уæд, Таймураз. Ныр мын æмбал фæ- цис. Мила мæ суанг нæ тæккæ дуармæ бахæццæ кæндзæн. — Хæрзæхсæв, — загъта Таймураз æмæ раздæхтис фæстæмæ. Скъоламæ куы æрбаздæхт, уæд кæсы, æмæ ма Микъала дуармæ бады. — Цыдæр сагъæсхуыз дæ, Микъала. Схæццæ йæ кодтон, ма тæрс, кæд ма Верæйыл у дæ сагъæс, уæд. — Хорз мæ бамбæрстай, тынг хорз, ууыл у мæ сагъæс, — загъта æхсæвгæс. Сымах куы ацыдыстут, уæд мæ зæрдæ суын- гæг йæ ныхæстæм. Ацы æнæхайыры хæст цытæ бакодта, йæ ра- уадзæджы сæр дзы басудза... Дæ мад, дæ фыды ма зон, уый дын æгъгъæд ма уæд, фæлæ ма дæ мыггагыл дæр дызæрдыг кæн... Кæд, дам, мæ мыггаг Хæрзойтæй нæу, æндæр, дам, ахæм мыггаг куыд никæмæн ис, стæй, дам, мæм, иу адæймаг куыд никуы ба- цыд сидзæр сывæллæтты хæдзармæ, мæ хæстæг дæ, зæгъгæ. Ансамблы, дам, кафыдтæн, зарыдтæн, алыхуызон къордты ар- хайдтон, кæд фылдæр адæмыл æмбæлин æмæ мæ исчи уæддæр бафæрсид, Хæрзойтæй кæй чызг дæ, зæгъгæ. Микъалайы ныхæстæн Таймураз ницы дзуапп радта, уымæн æмæ йæхи зæрдæ дæр суынгæг. Æрмæст цæуынмæ куы хъавыд, уæд ма афтæ бакодта: 119
— Хорз чызг у, Микъала, йæхи размæ ратардта, сахуыр код- та, стæй йæхи дарын дæр зоны. Дæ зæрдæ йыл ма риссæд, тас ын нæу фæцудынæй. Ахуыры аз цыдис, Верæ куыд æнхъæл нæ уыдис, афтæ хорз. Фыццаг мызд куы райста, уæд æй æрбахаста сæхимæ æмæ Еле- намæ дзуры: — Абон фыццаг мызд райстон æмæ сæ, куыд дæ фæнды, афтæ хардз кæн, Елена. Бæргæ, уыцы ныхæстæ мæ ныййарджы- тæн куы зæгъин, фæлæ мын уыдоны раивтат ды æмæ Изетæ. Изетæ изæрæй хæдзармæ куы ’рбацыд, уæд кæсы, æмæ стъо- лыл æртæ чъирийы æмæ цурыдгонд карк. Семæ ма сын нозт дæр куы бафиппайдта, уæд дзуры Еленамæ: — Исты хабармæ æнхъæлмæ кæсут? — Мæнæ нæ чызг, — æхцамæ амонгæйæ, загъта Елена, — фыццаг мызд райста æмæ, зæгъын, йæ зæрдыл лæууа ацы бон. Хорз фæбадтысты æртæ сылгоймаджы, Верæ сын фæдзырд- та йæ ахуыргæнинæгты тыххæй, сæ мадæлтæ йæм арæх кæй цæ- уынц урокты бадынмæ, ахуыргæнджытæ йæм хорз цæстæй кæй кæсынц... Ахуыры азы кæронмæ æввахс иу бон скъолайы кæртæй ра- хызт Верæ йе ’мбæлттимæ. Сæ размæ бацыд иу ацæргæ сылгой- маг æмæ комкоммæ чызджы фæрсы: — Верæ ды дæ? — О, фæлæ дæ æз нæ зонын... — Æз, мæнæ уынгты цы лæппуимæ фæлекка кæныс изæры- гон, уый мад дæн. — Нæ дæ ’мбарын, кæй кой кæныс? — Æгæр хорз дæр мæ ’мбарыс! Фæлæ зон, дæ фæндтæй ницы рауайдзæн. — Цыбырæй дын æмбарын кæнын, мæ лæппумæ ма ’нхъæлмæ кæс. Уый мæ ныхасыл дыууæ нæ зæгъдзæн. Дæ хуы- зæн дзæгъæлзæдтæн, кæмдæр сидзæр сывæллæтты хæдзары æнæ хион, æнæ мæн у зæгъæгæй чи схъомыл, уымæн мæ хæдзары бынат нæй. Мæнæн мæ чындзаг рагæй æвзæрст у, æмæ мæ лæп- пуйæ дæхи дард лас! — Хорз ус, æмбарын æй, дæ зæрдæ дæ хъæбулыл риссы. Фæлæ æнæмæт у: æз ныронг дæр никæй фæдыл зылдтæн. Сидзæр та, фидиссаг нæу. Ничи йæ зоны, кæмæ цы ’нхъæлмæ кæсы, уый. Йе ’мбæлттæй дæр ничиуал ницы сдзырдта, кæд се ’ппæтæн дæр сылгоймаджы ныхæстæ хъыг уыдысты, уæддæр. Верæ уыцы зæрдæрыст æмæ мæстджынæй куы ’рбацыд, уæд, йæхи диваныл æруагъта æмæ фырадæргæй афынæй. — Дæ хуызæн чызг хъуамæ ацафон фынæй кæна? — дзуры йæм Изетæ, куыстæй куы ’рбацыд, уæд хъазгæмхасæнты. 120
— Куыд афынæй дæн, уымæн зонгæ дæр ницы бакодтон, — загъта чызг. Уалынмæ Елена дæр æрбаздæхтис сыхæгтæй. Ныккастис агмæ, æмæ хæринагмæ æвнæлд дæр нæй, бакаст скъапмæ, æмæ — уым дæр афтæ. — Ныр æз изæрмæ куынæ фæзындаин, уæддæр æххормагæй баззадаиккат, æви уын къухæй дарын хъæуы? — Ехх, Елена, ды нын куынæ уай, уæд мах — ницы. Нæдæр — бинонтæ, нæдæр — хæдзар, — дзуры Изетæ, Еленайы æрба- хъæбыс кæнгæйæ. — Æмæ нын бирæ цæр! Райсом æз нæхионты абæрæг кæнынмæ хъавын, уыцы иунæг æфсымæр æмæ хо ма мын ис, æмæ сæм ныр æнæхъæн афæдз нæ уыдтæн. Ме ’фсымæ- ры лæппуйы æфсадмæ кæнынц, æмæ мæм æрæрвыстой, — загъта Изетæ, стæй Верæмæ бакаст. — Ды дæр мемæ цом, дæхи аирхæфс- дзынæ, æндæр иннæбонмæ цы кусдзынæ? — Мæныл ма тыхс, Изетæ, фæлæ ма дæхи иу бон уæддæр ракур, æмæ дæ хæстæджытимæ фылдæр фæуай. Æз æндæр хатт ацæудзынæн демæ. Сабаты бирæ сылгоймæгтæ æрцыдис куыроймæ се ссинæг- тимæ. Бирæ нæу ме ссинаг, зæгъгæ, алчидæр фæстиат кодта. Меретхан куы фæзынд, уæд æй уайдзæфты бын фæкодтой. — Гъæ, бастъæлай, кæд мæгуыр сидзæр чызджы дæ ныхтæ цы ныссагътай! — Дысон нæ чызг æрбацыд æмæ кæуы. Цæуыл кæуыс, æй куы бафарстам, уæд, дам, Меретхан, Верæйæн фидистæ кодта, сидзæрты хæдзары чи схъомыл ис, ахæм дæ, зæгъгæ. Уæд ма исчи афтæ кæны?! — Мæнæ цард цы диссаг у! Йæ фæрстыл æрхæцыд Мерет- хан. — Ибон мын уайдзæфтæ кодтат, дæ иунæг лæппу æндæр къайаг не ссардта, зæгъгæ. Ныр та иннæрдæм сфæлдæхтыстут? Бæргæ, æз дæр мæ дзыхыл куы хæцыдаин, фæлæ ма ныр цы?! Уæд сылгоймæгтæй иу — Минæт хуынди, афтæ куы бакæнид: — Уæдæ мæнæн Хъазыбег цигайнаджы дæр куы ’рхæссид æмæ мæ куы ницы уаид. Æрмæст æй æххормаг ма уадзæд, сыгъ- дæгхъуаг ма уæд, æнæмаст æмæ кæрæдзи уарзгæйæ цæрæнт, æндæр мæ ницы хъæуы... — Дæуæн ма дæ сæрыхицау æгас у æмæ уымæй дæ ныфс хæссыс, — фæлæбурдтой йæм устытæ. Уыцы бон ма бирæ фæбадтысты куыройы, сæ дзуринæгтæ, сæ хъæстытæ кæрæдзийæн фæкодтой. Верæ кæд йæхи ныхæстыл дардта, уæддæр йæ хъуыдытæ уыдысты, къуырисæры куыд арвитдзæн йæ бон, ууыл. Изетæ райсомæй раджы ацыдис Æрыдонмæ. Елена дæр хæ- 121
дзары нал уыдис. Верæ райста йæ ныййарджыты хуызист, газеты йæ батыхта, тетрæдты астæуæй куыд нæ зындаид, афтæ. Ахуыр- гæнджыты уатмæ иунæг цыд бакодта, уый дæр журнал райсынмæ. Уроктæ куы фесты, уæд сывæллæтты баурæдта, абон нæм царды фарстатыл ныхас уыдзæнис, зæгъгæ. Къласы иу сыбыртт нæ хъуысы. Дыууисæдз цæсты сæ каст скодтой сæ ахуыргæнæгмæ. Верæ систа йæ ныййарджыты хуы- зист, сывæллæттæм æй равдыста æмæ йæ ныхас райдыдта: — Знон сымахæй чидæртæ фехъуыстой æмæ федтой, æнæ- зонгæ сылгоймаг мын куыд фидистæ кодта, уый. Æз дæн уæ ахуыргæнæг, æмæ хъуамæ мæнмæ сымахæй сусæггагæй мацы уа, хъуамæ зонат, æз чи дæн æмæ цы гæнæг дæн, уый! Æз райгуырдтæн Фыдыбæстæйы хæст йæ тæккæ тæмæны куы уыдис, немыц Дзæуджыхъæу байсыныл сæ уд куы скъуыд- той уæд. Мæ мад аргæ-арын амард, фыд хæсты баззад. Дох- тыртæ архайдтой цæф хæстонтимæ. Арæндоны уыдис æрмæст- дæр иунæг сылгоймаг йæ хъæбулимæ æмæ æз, бондзыд саби. Сылгоймаг сæхимæ куы цыди, уæд æз ныккуыдтон, цыма йæ зонгæ кодтон, иунæгæй баззайдзынæн, уый. Сылгоймаг мын фæтæригъæд кодта, иунæгæй цы фæуыдзæнис, зæгъгæ, æмæ мæ рахаста сæхимæ. Рæстæг æвзæр уыдис. Хæдзардарæг — хæсты быдыры. Йæхицæн цыппар сывæллоны æмæ ма æз дæр семæ. Хæринаг кадавар, афтæмæй мæ фæхаста афæдзæй фылдæр, стæй мæ радта сидзæр сывæллæтты хæдзармæ. Куыд дзырдтой, аф- тæмæй мæ мадмæ документтæ дæр нæ уыдис, фæндагыл цæу- гæйæ йын сæ адавдæуыд. Кæцæй цыдис, кæмæ цыдис ахæм æвир- хъау рæстæг, ахæм уавæры — ничи ницы базыдта. Æз афæдздзыдæй мæ къахыл ауадтæн. Мæнæй кæстæр дзы ничи уыдис. Иууылдæр хъомылдæр уыдысты мæнæй æмæ мæ сæ хъæбысы радав-бадав кодтой, æвæццæгæн мын тæригъæд код- той, фæлæ алкæй дæр йе ’мгæрттимæ хъазын фæндыдис, æмæ- иу уæд иунæгæй аззадтæн. Табу Хуыцауæн — уыцы рæстæг иу ног æрбацæуæг чызг, мæнæй аст азы хистæр чи уыдис, ахæм мæ йæ куыст скодта. Мæнæн дæр, дам, ахæм гыццыл хо уыдис æмæ мæ мадимæ хæсты рæстæг акъоппы фæмард сты. Чызгæн та йæ зæнг фæцæф æмæ къуылыхæй баззадис. Гъе уыцы чызг мæ, ца- лынмæ техникуммæ бацыдис, уæдмæ цух не суагъта. Æз, дам, куы фæуон ахуыр, уæд дæ акæндзынæн æмæ иумæ цæрдзыс- тæм. Фæлæ йæ фæндтæ йæ къухы нæ бафтыдысты, фæрынчын æмæ амардис. Раст, цыма мæхи хо уыдис, афтæ йыл мæ зæрдæ фæрыстис. Сидзæрты хæдзармæ арæх цыдысты сывæллон рав- зарынмæ, æмæ-иу уæд æз дард, куыд ничи мæ ссара, афтæ ам- бæхстæн. Скъоламæ бацыдтæн, æстæм аз мыл куы цыдис, уæд. 122
Ахуыр куы фæдæн, уæд мæ институтмæ æрвыстой, фæлæ æз афтæ сфæлмæцыдтæн ахæм цардæй, æмæ техникуммæ бацьтд- тæн, цæмæй тагъддæр кусын райдайон. Архайдтон алыхуызон къордты, фембæлдтыты, кæд мæ, зæгъын, исчи бафæрсид: кæй чызг дæ Хæрзойтæй. Æппынфæстаг бамбæрстон, ахæм мыггаг мын сидзæрты хæдзары кæй равзæрстой. Æз æхсæвæй-бонæй абон дæр ма, мæнæ ацы хуызистмæ кæс- гæйæ мæ ныййарджытимæ ныхæстæ фæкæнын. Мæ цæстытыл уайы алы хатт гæды йæ лæппынты куыд фæцæйæмбæхсы, афтæ мæ уыцы сидзæр чызг нæ фæразгæйæ куыд хаста. Сывæллæттæ тынг æнкъардæй хъуыстой Верæмæ, чи йæ цæстытæ доны зылдта, кæмæн йæ кæуын йæ хъуырмæ схæццæ. Верæ сыл йæ цæст ахаста æмæ загъта: — Кæуын нæ хъæуы. Фæлæ фæразондæр æмæ цастуарзон- дæр ут. Æппæты фыццагдæр хъахъхъæнут уæ ныййарджыты, цас æмæ цæмæй уæ бон у, уый йас сын æххуыс кæнут. Уыдонæн та сæ бон цас уа, æндæр сæ мацы домут. Алкæмæдæр уæ хъуамæ исты бæллиц уа, æмæ тырнут йæ сæххæст кæнынмæ, куынæ бафта къухы, уæд ма фæтæрсут, уæ размæ ног хæстæ æвæрут æмæ уыдон æххæст кæнут. Бон цæуы æмæ фарн хæссы, — уый уæ зæрдыл дарут. Дуаргомæй директор фехъуыста Верæйы ныхæстæ, сабиты цаутæн ницы зыдта, фæлæ Верæмæ дзуры: — Нæ зонын, нæ зонын, фæлæ иунæг дæуыл ахуырæй, дæумæ куыд хъуыстой, афтæ хъусой дарддæр дæр. — Кæй зæгъын æй хъæуы, хъусдзысты, педагогикæ æппæт ахуыргæнджытæн дæр иухуызон амонынц, æрмæст ма дзы хъæуы сывæллæтты уарзын, сæ миддунемæ сын арфдæр хъус дарын. Бирæ цыдæртæ ма фæдзырдта ахуыргæнинæгтæн Верæ сæ дарддæры ахуыры тыххæй. Фæстагмæ загъта: — Ныр уын æндæр ахуыргæнджытæ уыдзæнис, ахуыр уæ кæндзысты алы предметтыл. Æз та уæ никуы ферох кæндзы- нæн, уымæн æмæ мæ фыццаг ахуырдзаутæ сымах уыдыстут. Стæй дзæбæх уыдыстут иууылдæр, тынг дзæбæх. Уыцы изæр хæдзары Верæ баййæфта Еленайы. Уый æнкъар- дæй бадти стъолы уæлхъус. Чызг иуварс авæрдта йæ тетрæдтæ æмæ йæм дзуры: — Исты дæ риссы, Елена? Мæнæн ацы зæххыл дæу æмæ Изетæйæ зынаргъдæр куы ничи ис, уæд, ахæм чызг кæмæн ис, уый хъуамæ афтæ æфхæрдæй бада иунæгæй? — О, дæ фæхъхъау фæуон, мæ гыццыл æфхæрд чызг! Æз æнхъæлдтон Меретханы фидисты фæстæ дæхимæ хъусыныл фæуыдзынæ... 123
— Цытæ дзурыс, Елена! Дам-думгæнджытæм куы хъусай, уæд, дам, дæ хъустæ хæрæджы хъустæй зæбулдæр уыдзысты. Алцы хъуыддагæн дæр ис кæрон скæнæн. Мæ царды нырма цы уыдис, уымæй уæлдай ма йыл къæхтæ ’мæ къухтæ чи æфтауа, уый хъуа- мæ фæсмон фæкæна. Мæнæ мæ ныййарджыты къам мемæ ахастон æмæ урокты фæстæ фæкодтон мæ царды хабæрттæ ме скъоладзау- тæн. Мæнмæ гæсгæ сæм мæ ныхæстæ бахъардтой, афтæ арф сæм бахъардтой, æмæ амæй фæстæмæ сæ ныййарджыты цæрайæ цæр- дзысты, — бахудызмæл Верæ. Стæй Еленайы йæ хъæбысы æрба- кодта чызг: — Цæй, уый бæсты исты бахæрæм æмæ хъæлдзæг хабæрттæ кæнæм. Райсом Изетæйы дæр ардæм хъæуы. Æхсæвæры фæстæ Верæ афснайдта хæдзар, стæй рахаста, Елена цы уаты хуыссыдис, уырдæм йæ хуыссæнтæ. — Уый та — цæмæн? Дæхи бынаты истæмæй тæрсыс? — бадис кодта ус. — Дæ цуры мын æхсызгондæр у... Верæ хуыссæнтæ бакодта æмæ бахуыссыдысты, фæлæ сæ фынæй ничи кодта, алчидæр йæ хъуыдыты ахæсты фæци... Райсомæй Верæ куы райхъал æмæ Еленайы фынæйæ куы фед- та, уæд фестад, сабыргай рацыд, скъæты дуар фегом кодта, æмæ хъом аскъæрдта. Æрдæгвæндагæй йæ сыхæгты гыццыл лæппу раз- дæхта, æз сæ фæхæццæ кæндзынæн, зæгъгæ. Верæйыл цыма ба- зыртæ базад, уыйау райста уисой æмæ кæрт æмæ уынг ныммарз- та, суанг ма сыхæгты раз дæр ныссыгъдæг кодта, стæй уæнгрогæй бацыд Еленайы размæ. — Мæ хæдзар куыд уыдис, ай бынтон куы базæронд дæн æмæ мæ куынæ уырны. Ме стуртæ рæгъауæй баззадысты! — загъта ус. — Ма тæрс, стуртæ афонмæ кæрдæгæн йæ сойджындæрæй сæхи æфсадынц. Дуцын сæ, мыййаг, куынæ хъуыдис, дуцынмæ мæ ныфс нæ бахастаин. — Уæддæр дзы Хуыцау дæуæн цæттæйæ цы бинонтæ радта, ахæмтæ никæмæн уыдзæнис, — дзырдтой сыхæгтæ Еленайæн. — Ныронг дын тæригъæд кодтам, иунæгæй куыд уыдзынæ, зæгъгæ, ныр ма кæс, цард куыд ивгæ цæуы. Ныронг дæ дæ къух уазал доны тулын Изетæ нæ уагъта, ныр та Верæ. Диссаг куыд не сты адæм: знон мæгуыр чызджы куыйты хæри- наг кодтой фыркойтæй, абон та дзы æппæлынæй нал æфсæдынц... Елена алы ныхæстæм хъуыста, стæй сæм дзуры. Мæ чызг, мæ хуртæ, алы ныхæстæ æмæ алы койтæй йæхи бæрзонддæр æвæры æмæ сæ хъуыды дæр нæ кæны. Уыйадыл сыхæгтæн дзуринаг нал уыдис, æмæ алчи йæ хæ- дзармæ ацыдис. Зондджын у, æвæдза, мæ чызг, хъуыды кодта Елена. — Адæ- 124
мы дам-думтæн æнæ бафхæргæйæ ныхкъуырд куы дæттай, уæд хуыздæр у. Фæссихор Верæ куыстæй куы рацыд, уæд хæрхæмбæлд фæ- цис Таймуразыл. — Дæ бон хорз, Верæ, — æфсæрмыхуызæй, загъта лæппу. — Кæй бон у, уый хорзæх дæ уæд, Таймураз. — Ныххатыр кæн, масты дæ бафтыдта, зæгъынц, мæ мад. Ард дын хæрын, царды дæ бафхæрын нæ, фæлæ дæм зул ныхас скæ- нын дæр никуы никæй бауадздзынæн, æрмæст ныххатыр кæн ацы æвирхъау ныхæстæ. — Ды мæ хæдзармæ куы хæццæ кодтай Микъалайы фæндмæ гæсгæ, уæд мæ фæлтау куыйтæ куы бахордтаиккой. Уæдæй фæс- тæмæ дæ уынгæ дæр куы никуы фæкодтон. Нæ ныхасæй, нæ цæстæнгасæй — мæнæй ницы зоныс. Амæй фæстæмæ дæр мæ ницы зондзынæ. Мæ хъуыдыты дæр нæ уыдзынæ, æз та дæ хъуыдыйы хъуамæ ма уон. — Нæ, Верæ, уый гæнæн нæй! — фесхъиудта лæппу. — Æрæ- джы мæм хицауад фæдзырдтой, Мæздæджы районмæ мæ ивынц, æмæ мын æнæ дæу куыст нæ, фæлæ цард дæр æнад уыдзæнис... — Мæнæн мæ зæрдæмæ æндæр лæппу цæуы æмæ дæ курæг дæн — мæ фæндагыл ма лæуу. Верæ хæрзбон загъта Таймуразæн æмæ ацыд сæхимæ. Изе- тæйы хæдзары баййæфта. — Изетæ, мæ зæрдæйы рухс, мæнæ цы хорз у, кæй æрцыдтæ, уый! Раст дæ цыма иу афæдз нæ федтон, афтæ мæм кæсы! — Изетæйы йæ хъæбысы кæны Верæ. Елена сæм бадзырдта: — Рауайут, мæ хуртæ, мæнæ уæ хæринаг цæттæ у. — Елена, нæхионтæ мæ цармæ скæсын кодтой: карчы фыд, уæливыхтæ, фæлæ дзы дæ лывзæ æмæ чъиритæн æмбал нæй. Æвæццæгæн, къух зоны. Изетæ бацыдис уатмæ æмæ рахаста аив сæрбæттæн æмæ къа- байаг. — Адон дæуæн, мæ зынаргъ мад, — загъта Еленайæн... Ай та дæуæн, — æмæ Верæмæ бадарта арвгъуыз къаба. — Фен-ма, кæд- дæра дын бæздзæнис? Верæ куы акодта йæ уæлæ, фæсарæнтæй кæй æрбаластæу- ыд, ахæм къаба, уæд йæхимæ кæсынтыл фæцис айдæнмæ, стæй разылд æмæ, Изетæйы йæ хъæбысы ныккæнгæйæ, йæ цæссыгтæ æркалдта. — Æвæццæгæн мын Хуыцау фæтæригъæд кодта, æндæр ахæм мад æмæ мады мад кæм ссардтаин! — йæ зæрдæ суынгæг чызгæи. — Кæуынæй — Хуыцауы уазæг, цардыл цин кæнын хъæуы, мæ хур, — Елена йын рæвдаугæ йæ сæр æрсæрфта. 125
* * * Ахуыры аз фæфæуы. Æнæхъæн сæрд ам дзæгъæл бадты бæ- сты мæхи бацæттæ кæнон фæсаууонмæ ахуыр кæнынмæ, — хъуы- ды кæны Верæ, — фæлæ куыд цæудзынæн иунæгæй ардыгæй Даргъ-Къохмæ поездмæ? Бирæ фæхъуыды кодта, стæй сфæнд кодта скъоладзауты Дзæуджыхъæумæ экскурсийы акæнын. Дыккаг бон, ахуыргæнджытæ куы ацыдысты, уæд Верæ ба- хоста директоры дуар. — Курдиатимæ дæм æрбацыдтæн, æмæ мын æй куы сæххæст кæнис, уый мæ тынг фæнды, — загъта чызг. — Иу боны хыгъдмæ нын автобус ракур, æмæ сывæллæтты Дзæуджыхъæумæ акæнон æмæ сын музейтæ фенын кæнон. — Хорз, райсом Дрисимæ фембæлдзынæн æмæ, цы зæгъа, уый дын фехъусын кæндзынæн. Дрисы зæрдæмæ тынг фæцыдис Верæйы фæндон æмæ йæм фæдзурын кодта. — Верæ, де ’рхъуыды тынг хорз у. Бавдæлæм æмæ æрæм- бырд кæнæм адæмы æмæ бауынаффæ кæнæм, куыд арæх нæ хъæудзæн машинæ: мæй иу хатт, дыууæ хатты, æви алы къуыри. Хъуыдыйаг у уый дæр, æмæ дзæгъæл цыд куы кæна, уæд не ’хца доныкъусы сæфт кæндзысты. — Уый бынтон хорз! Мæн уырны, ацы хъуыддаг тынг пайда уыдзæнис нæ фæсивæдæн. Дрисæй куы фæхицæн, уæд ыл цыма базыртæ базад, уый хуызæн рогæй схæццæ скъоламæ. Уроктæ фесты, фæлæ уæддæр йæ ахуырдзаутæ скъолайы кæрты лæууыдысты, æмæ сын Верæ бамбарын кодта, йæ зæрды кæй ис семæ иу бон балцы ацæуын Дзæуджыхъæумæ, æрмæст хъæуы ныййарджыты бафæрсын. Ныййарджытæ тынг бацин кодтой уыцы ног хъуыддагыл. Мæнæ нæ цот дæр кæдæй-уæдæй исты фендзысты, зæгъгæ. Дрис горæтæй цингæнгæ æрыздæхт, бацыдис скъоламæ æмæ фехъусын кодта, сæ хъæумæ Дзæуджыхъæуæй мæй дыууæ хат- ты кæй цæудзæн автобус. Райсомæй ацæуæн уыдзæнис алкæмæн дæр йæ хъуыддæгты фæдыл, изæры та фæстæмæ æрыздæхæн. Директор адзырдта Верæмæ. — Дæ бон у æртæ боны фæстæ сывæллæттимæ ацæуын Дзæу- джыхъæумæ, фæлæ дын демæ кæй арвитон, уымæн ницы зонын, — загъта директор. Уыцы рæстæджы къæсæрæй бахызтис Хъазыбег. — Ды мæ хъуыдтæ, Хъазыбег. Кæд гæнæн ис, уæд мæнæ Верæ йе скъоладзаутимæ Дзæуджыхъæумæ балцы фæцæуын сфæнд кодта, æмæ йемæ куы ацæуис, уæд хорз уаид. 126
— Цæуыннæ, кæд, æндæр чи ацæуа, уый нæ уа, уæд, — загъ- та Хъазыбег, йæ цин æмбæхсгæйæ. Директор Верæмæ бакастис: — Куыд дæм кæсы, Верæ, Хъазыбег дын исты æххуыс уыдзæн? — Куыннæ! — бацин кодта Верæ. Хъазыбег йæхинымæр хъуыдыты ацыдис: цыма йæ цæмæн фæнды, йемæ куы ацæуид, уый? Кæд мын йæ уарзоны фенын кæнынмæ хъавы? Цæй, цы уа, уый уæд. Æппынфæстаг дзы мæ бон уæддæр базондзынæн, загъта Хъазыбег йæхицæн. Дзæуджыхъæуы автобусæй куы æрхызтысты, уæд Хъазы- бег фæрсы: — Кæцæй райдайæм? — Трамваймæ цомут, æмæ нæ кæм бафæнда, уым рахиздзыс- тæм, — загъта Верæ. Ленины цыртдзæвæны размæ куы схæццæ сты, уæд æрхыз- тысты трамвайæ. Йæ алыварс æрзылдысты, стæй Сабырдзина- ды проспекты уæлæмæ араст сты. — Исты уал сын бахæрын кæнæм, науæд райсомæй раджы се ’ппæт нæ бахордтаиккой, — Верæ фæрсæгау бакаст Хъазыбегмæ. — Уымæй раст зæгъыс, Верæ, — мæнæ тигъыл цы хæрæндон ис, уырдæм бацæуæм. Сывæллæттæй алкæмæн дæр йæ ныййарджытæ нывæрдтой фæндæггаг, фæлæ сын уæддæр фæйнæ цайы агуывзæйы райстой. Уый фæстæ сæ акодтой — бæстæзонæн музейы сырдтæ æмæ алы цæрæгойтæ федтой, уырдыгæй Горькийы уынджы хидыл ахызтысты Теркæн йæ иннæ фарсмæ æмæ бахæццæ сты педаго- гон училищемæ. Уым сын Верæ радзырдта, училищейы чи ахуыр кодта, уыдоны тыххæй. Бирæтæ систы стыр ахуыргæндтæ, зо- нады кусджытæ. Кусынц Уæрæсейы алы рæтты. Нæ фысджы- тæй дæр бирæтæ рацыди ардыгæй. Стæй сæ бакодтой агъуыстæн йæ кæртмæ, æмæ тынг сæ зæрдæмæ фæцыдис. — Цæй, ногæй та сбадæм трамвайы, — загъта Верæ. Сбадты- сты трамвайы æмæ схæццæ сты, адæм сæрдыгон сæ фæллад кæм фæуадзынц, тæвд рæстæг сæхи кæм фæнайынц, уырдæм. — Мæнæ ам та ис, сæрдыгон сыгъдæг уæлдæф кæм фæулæфынц, ахæм театр, — Верæ йæхи фæллад уагъд æркодта бандоныл. — Замманай бынат сывæллæттæн сæ хордзентæ раафтид кæ- нынæн, ныр тагъд æризæр уыдзæни, æмæ цæуыны размæ хъуа- мæ исты скомдзаг кæной, — загъта Хъазыбег. Чызджытæ рæвдз фынг ацарæзтой, æрæвæрдтой, кæмæ ма цы баззад, уыцы хæринæгтæ. — Верæ, ай нæртон фынг куы сарæзтой дæ ахуыргæнинæгтæ. Ууыл дæр сæ ахуыр кодтай? 127
— Нæ, уый сæ удыхъæды ис, — Верæ фæлмæн бахудт. — Уый ныййарджытæй цæуы. Цалынмæ ахуыргæнджытæ æмæ лæппутæ сбадтысты, уæдмæ уæздан лæуд кодтой фынгæвæрджытæ. Афтæ хъæлдзæгæй фæбадтысты æмæ ма заргæ дæр акодтой. Ам, дам, театр ис, нæ загътат, зæгъгæ, сценæмæ рацыдысты æртæ чызгæй, æмæ дзы Къостайы æмдзæвгæ «Катай» куы ныззары- дысты, уæд дисы бацыдысты Верæ æмæ Хъазыбег нæ, фæлæ се ’мгæрттæ дæр, афтæ зæрдæмæхъаргæ зард кодтой. — Ахæм рæтты рабæрæг вæййы æнæзонгæ адæймаджы кур- диат, — загъта Хъазыбег æмæ æртæ чызгæн раарфæ кодта: — Бирæ уын бантысæд царды! Куыд изæр кодта, афтæ скъоладзаутæн сæ уæнгтæ лæмæ- гъæй-лæмæгъдæр кодтой. Иуæй-иутæ та дзы бынтон бафынæй сты автобусы. Хъæугæрон фæндаджы кæрон ныййарджытæн сæ фылдæр æнхъæлмæ кастысты сæ сывæллæтты æрцыдмæ, æмæ цыма дард балцæй æрыздæхтысты, афтæ цинтæ кодтой кæрæдзиуыл. Ныййарджытæ ма Верæимæ аныхæстæ кодтой, автобус сæм цæуын кæй райдайдзæн рæхджы, ууыл. Бафæдзæхстой йын, цæмæй уыцы хъуыддаг сбæлвырд кæна. Хъазыбег автобусы ха- бæрттæн ницы зыдта æмæ сæм дисгæнгæйæ хъуыста. — Æмæ мын куыд ницы загътай абондæргъы? — бауайдзæф кодта лæппу. — Гъомæ нæ æвдæлдис ныхæстæм утæппæт сывæллæттæй? Æндæр æй, мыййаг, сусæг кодтон, стæй дзы куы ницы рауайа, уæд хицæй æппæлæгау уыдаид. — Уымæй ма хуыздæр хъуыддаг цы и: фæсаууонмæ ахуыр кæныс, æмæ хæдзармæ дæ зæрдæ куы æхсайа, уæд абæрæг кæн бинонты... — загъта Хъазыбег. — Æз дæр фæсаууонмæ ахуыр кæнынмæ бацæуынмæ хъа- вын, æмæ фистæгæй куыд цыдаин æмæ куыд ралæуу-балæуу кодтаин фæндæгтыл! Ныййарджытæ сæ сывæллæттимæ ахæлиу сты, Верæмæ дæр йæ сыхæгтæ фæдзырдтой, цом, зæгъгæ. Хъазыбеджы ма бæргæ фæндыди чызгимæ аныхас кæнын, фæлæ адæмы фарн бирæ у, æмæ хъæуы мидæг Верæмæ уæлдай ныхас æрхауыны бæсты, хæрзæхсæв зæгъгæйæ, фæхицæн сты. Æхсæв-бонмæ Хъазыбег — фырцинæй уыдис, æви фырмæ- тæй — нæ бафынæй. Верæйы дæр, кæд, мыййаг, Хъазыбеджы зæрдæмæ нæ фæцыдис ме’ргом дзуапп æмæ мæ рæузондыл ба- нымадта, зæгъгæ, хуыссæг нæ ахста. Райсомæй Елена стурты куы аздæхта, уæд æй сыхæгты ус фæрсы: 128
— Куыд у Верæйæн йе ’нæниздзинад? Сывæллæттæ хорз арвыстой сæ рæстæг, фæлæ, дам, Верæйæн йæ зæрдæ бахъарм æмæ, мæнæ Хъазыбег йæ цуры нæ фæци, уæд ахаудаид. Елена хабар ракодта Изетæйæн. Æцæг бахъарм дæ зæрдæ, зæгъгæ, куы бафарста Изетæ Ве- рæйы, уæд, цы загътаид, уый нæ зыдта æмæ, дам, мæ сæр ра- зылд, æвæццæгæн, бон-изæрмæ хурмæ кæй тезгъо кодтам, уый тыххæй. Йæхæдæг хъуыдыты ацыд, куыд зæгъа æцæгдзинад Изе- тæйæн, зæгъгæ. — Хæргæ дзæбæх кæн, æмæ дæ сæр нал зилдзæнис, — загъта Изетæ. — Мæнæ отпускы куы рацæуон, уæд дын горæты ана- лизтæ скæнын кæндзынæн. «Цымæ цавæр анализтæй ис бамбарæн зæрдæйы æнкъа- рæнтæ?»— ахъуыды кодта Верæ. Дуар æрбахостæуыд: —Ам дæ, Елена? — Райсомæй раджы хъуылæг ацагътон æмæ, зæгъын, нæл- хæйæ сымахæн куы фæхай кæнин. Мæнæ дын ногахст цыхт дæр: Верæмæ фæкæсын хъæуы. Уымæй цы бузныг сты сывæллæттæ, куыд бирæ йæ уарзынц! Сабитæ кæмæй æппæлой, уымæн æвзæ- рæй тас нæу. Кæд уæм хъыг нæ фæкæсдзæнис, уæд алы райсом дæр æз ногдыгъд æхсыр æрвитдзынæн Верæйæн, цалынмæ уæ хъуг ныззайа, уæдмæ. — Бузныг, — загъта Елена сыхаг усæн, — фæлæ Изетæ ны- хасгонд у иу сылгоймагимæ æмæ нын æхсыр, цыхт æмæ царв хæссы. Дæуæн дæхи бинонтæ дæр дзæвгар сты, Хуыцау сæ фыл- дæр бакæнæд. «Ныр цы кæнон? Адæм банхъæлдзысты, цыдæр суртæгæнаг дæн, зæгъгæ. Мæнæ цы дзырдамонд дæн! Цытæ мыл мысдзыс- ты, Хуыцау зоны», — Верæ катайы бацыд. Дысоны æнæхуыссæджы тыххæй Хъазыбег æрæгмæ хъал код- та. Куыддæр базмæлыд, афтæ йæм дзуры мад: — Ныр мын куыд ницы загътай, уыцы чызгæн йæ зæрдæ кæй бахъарм, уый тыххæй. Адæм æндæр кой куынæуал кæнынц: чи хом зæгъы, чи — фых. Кæд, дам, суртæгæнаг, кæнæ искæмæй æнхъæлцау у. — Уый мæн аххосæй сдзырддаг ис мæгуыр чызг... — Мæ хæдзарыл, æна, уый та куыд батардта дæ зæрдæ ахæм æрыгон сидзæр чызгæн ахæм фыдраконд? — усæн фырадæргæй йæ дзыхы ныхас нал бадт. — Раст мæ нæ бамбæрстай, Æна. Фæлæ дын хабæрттæ мæ- хæдæг куынæ ракæнон, уæд ды дæр ныхæстыл баууæнддзынæ. Æз, Верæ ардæм кусынмæ куы ’рцыдис, уæдæй фæстæмæ 9 Санаты Елеше 129
æхсæвæй-бонæй ууыл хъуыды кодтон. Таймураз мын-иу куы дзырдта йæ зæрдæйы сагъæстæ, уæд цæмæй зыдта, æз мæхæдæг фыруарзтæй пиллон арты кæй судзын. Уымæн чызг æргом куы загъта — йæ зæрдæмæ æндæр чидæр цæуы, — уæд цы ахъуыды кодтаин, уый нæ зыдтон. Зноны балц мæнæн мæ фæсонæрхæ- джы дæр нæ уыдис, фæлæ мын директор куы загъта, Верæ йе скъоладзаутимæ горæтмæ экскурсийы цæуы æмæ иунæгæй куыд уыдзæни, зæгъгæ, уæд дыууæ нал загътон. Цас фæрацу-бацу кодтам, фæлæ йæм мæ зæрдæ ницæмæй фехсайдта. Фæстæмæ цæугæйæ, мæнæ театры акомкоммæ, ныллæг бæ- лæстæ кæм зайы, уым скъоладзаутæ ныххæррæтт кодтой Терчы былмæ æмæ фæлгæсыдысты æрдзы рæсугъддзинадмæ. Уыдон цалынмæ донмæ кастысты, уæдмæ Верæйы бафарстон, — чи у уыцы амондджын, Таймуразæн афтæ кæмæй загътай, мæ зæр- дæмæ цæуы, зæгъгæ. Йæ дзуапп уыдис цыбыр æмæ æргом. Нæ, дам, мыл фæхуддзæн дæ зæрдæ, æргом фарстæн æргом дзуапп куы фехъусай, уæд? — Нæ дыл фæхуддзæн мæ зæрдæ... — загътон ын æз. Уый, Хъазыбег, ды дæ, зæгъгæ, куы фехъуыстон, уæд мæ цæстытæ цæхæртæ акалдтой, æмæ йæ æмбаргæ дæр нал бакодтон, куыд фæзылдтæн æмæ йын йæ дыууæ цонгыл куыд ныххæцыдтæн фырцинæй, уый. Уый сывæллæттæй чидæр ауыдта æмæ ныхъ- хъæр кодта, Вера Ивановна цыдæр кодта, зæгъгæ. Бæргæ ма дзырдта, сывæллæттæй худинаг у, фæлæ мæм хъу- ысгæ дæр нал кодтой йæ ныхæстæ, æмæ æз дæр афсон кодтон: йæ сæр разылдис донмæ кæсгæйæ æмæ æрцæйхаудис. Гъе уыдон дын мæ хабæрттæ, Æна... Æхсæв-бонмæ нæ бафынæй дæн æмæ загътон: ныртæккæ уал Верæ дæр æмæ æз дæр фæлварæнтæ скæндзыстæм институтмæ фæсаууон ахуырмæ, стæй фæззæджы хъуыддаг кæнын хъæуы... — Цæй фæззæг æмæ цæй æндæр! Чындзæхсæв цас тагъддæр скæнæм, уыйас хуыздæр. Кæд дзæгъæлдзырд нал кæниккой мæ- гуыр чызджы тыххæй. — Дæуæн кæй фæдзырдтон, уыдон мæ фыдмæ нæ бауæнд- дзынæн, фæлæ дæхæдæг кæн хъуыддæгтæ. Верæйы тыххæй фæс- монгонд никуы уыдзыстут, уый нæ, фæлæ ма уæм адæм хæлæг кæндзысты. Хъазыбег йæ мадæн куы радзырдта хабæрттæ, уæд ын фен- цондæр, фæлæ уый бæрц Минтæйы бафтыдта мæты. Кæцæй рай- дацон, зæгъгæ, хъуыдытæ кæнгæйæ, дуармæ рацыд æмæ бандо- ныл æрбадт. — Цæй æнкъардæй бадыс, Минтæ? — дзуры йæм, сæ тæккæ фарсмæ чи царди, уыдоны ус, — исты нæфæразгæ дæ, мыййаг? 130
Минтæ йæ бынатæй фестад. — Раст зæгъыс, дысон-бонмæ афтæ æнæбон уыдтæн, æмæ æппындæр нæ бафынæй дæн. Цæуон, кæд мын Изетæ исты хостæ рафыссид, æндæра æдзæллагмæ куы ’рцæуон, уæд дыууæ нæл- гоймагæй цы фæуыдзысты. Минтæ бацыдис хæдзармæ, йæхи арæвдзытæ кодта æмæ дох- тырмæ фæраст. Рады æнхъæлмæ кастысты дыууæ чызджы æмæ дзурынц Минтæмæ. — Бацу разæй, мах никуыдæм тагъд кæнæм. — Нæ, уæ цæрæнбон бирæ, æмæ хорз амæндтæ уæ хай. Мæн ма мæнæ иу ранмæ бауайын хъæуы, сæфсон кодта Минтæ æмæ рацыд. Изетæйæн йæ куысты рæстæг фæуынмæ хъавыд, æмæ иунæ- гæй, тагъд куыд нæ кæна, афтæмæй куы нæ аныхас кæнон йемæ, уæд мæ цыд дзæгъæл уыдзæн, — хъуыды кодта йæхинымæр. Цасдæр рæстæджы фæстæ куы ’рбаздæхт, уæд цинæй амар- дис, дыууæ æрыгон сылгоймаджы уым куынæуал баййæфта, уæд. Изетæ хæдзармæ цæуынмæ йæхи рæвдз куыд кодта, афтæ Минтæ дæр дуар бахоста. — Уый Минтæ куы дæ, мидæмæ рацу! Æрбад æмæ дзур, цы хур-цы къæвда дæ æрбахаста ахæм райдзаст бон. Исты дæ риссы? — Чи зоны, мæ исты куы риссид, уæд мын æнцондæр уаид. Мæ сагъæс мæ æрбахаста дæумæ. — Уагæры цы хабар у? Цæмæй дын у мæ бон баххуыс кæнын? — Цы, куы зæгъай, уæд æнæхъæн афæдзмæ æввахс нæ лæппу æнæхуыссæг фæцис, — йæхи ныммæгуырхуыз кодта сылгоймаг. — Цæмæн? — Фыруарзтæй, æндæр цæмæн? — Минтæ, æндæр зиан дыл макуы æрцæуæд! Уый хъуыддаг у! Искæй зæрдæбынæй бауарзынæй хуыздæр ма цы ис а дунейы! — Омæ кæй уарзы, уый куы зонис? Дæ дзæбæх чызг Верæйы! — Хъазыбег — Верæйы? — О, æмæ дæм уый тыххæй æрбацыдтæн. Кæрæдзи бамбæр- стой, æмæ, зæгъын, дæумæ куыд кæсы хъуыддаг. — Минтæ, æз Хъазыбеджы хуызæн æнаипп лæппуйæн мæ уд дæр нæ бавгъау кæндзынæн, фæлæ мæ чызг нырма бынтон сы- вæллон у, стæй ма дарддæр ахуыр кæныи йæ зæрды ис. — Ууыл ма тыхс, Хъазыбег дæр ацы аз фæсаууонмæ ахуыр кæнынмæ цæуы æмæ сын дыууæйæ иумæ æнцондæр уыдзæнис сæхицæн. Дзырд дын дæттын, Изетæ, мæ хæдзары дæ чызгæн æз æвзæрдæр нæ уыдзынæн дæу æмæ Еленайæ. — Нæ зонын, Минтæ, цы дын зæгъон... Мæнæ Верæйæн йæхи искуыдтæй бафæрсдзынæн. Стæй Еленайы дæр афæрсын хъæуы. — Дæ цæрæнбон бирæ, Изетæ, уый дæр дзуапп у. 131
— Райсом ма мæм ацафон æрбауайæд Хъазыбег йæхæдæг. Уым æппындæр æфсæрмыйагæй ницы ис. Цард цард у. Мæн дæр, Верæ æндæр хъæумæ афта, уый нæ фæнды. Стæй Елена Верæйы ма уына, уымæн нæ бафæраздзæнис. Изетæ сæхимæ куы ссыдис, уæд хæдзар сæййæфта хæрзæф- снайдæй, фæлæ Верæ уым нæ уыдис, сыхæгтæй кæмæдæр ауад. Еленайы дæлфæдтæм диваныл æрбадтис æмæ йын афтæ:: — Ныр нын, Елена, Верæ æндæр хъæумæ куы смой кæна, уæд дæм куыд кæсид? — Уый та дын цы ныхас у? Нæхи хъæуы гыццыл ис усгур лæппутæ? Нæ, нæ, уымæн гæнæн нæй. Мæнæ кæдæй-уæдæй бæрц бинонтæй цæрæм, адæм дæр ма мæнмæ куы хæлæг кæнынц... Елена стыхсти: — Æмæ мæ афтæ та цæмæн фæрсыс? Изетæ рахабар кодта, Минтæ йæм кæй æрбацыд, уый.о — Æмæ цы кæны, хорз бинонтæ, хъæуы аргъ лæппу. Йæхи- цæй уæздандæр... — Еленайæн æхсызгон уыд ацы хабар. — Уый хорз, фæлæ куыд базонæм Верæйæн йæ зæрдæйы- уаг, йæ ахаст Хъазыбегмæ? — Ууыл та цы тыхсыс? Æз истæуыл райдайдзынæн дзурын, искæйты койтæ кæндзынæн, Минтæйы коймæ дæр рахиздзынæн, æмæ уæд ды радзурдзынæ, Минтæ дæм Хъазыбеджы тыххæй кæй æрбацыд, уый. Верæ йæхи куыд дара, уымæй бæрæг уыдзæн, Хъазыбегмæ цы цæстæй кæсы, уый. Уæдмæ Верæ дæр æрбацыд, æмæ сæ йæ хъæбысы акæнгæйæ хъæлдзæгæй дзуры: — Цымæ ма искæмæн ис ахæм бинонтæ! Æвæдза, тынг амонд- джын дæн æз! — Нырма мах дæр, дæумæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, сихор нæма скодтам, æрбад, кæннод хæринаг ныууазал уыдзæн, — Елена фынг æвæрынмæ фæци.. — Абон та цы куыстат скъолайы? — фæрсы Изетæ, фынджы уæлхъус куы ’рбадтысты, уæд. — Алы ахуыргæнæгыл дæр ис хæс æвæрд: йæ кълас хъуамæ ног ахуыры азмæ æфснайдæй ныууадза. Абон мæ ахуырдзаутимæ ныссыгъдæг кодтам партæтæ, рудзынджы æвгты рæбынтыл гæх- хæтт баныхæстам, цæмæй ахоргæйæ ма сахуырсой. Партæтæ кæ- рæдзиуыл самадтам къласы астæу æмæ сæ бамбæрзтам. — Æмæ нæлгоймаг ахуыргæнджытæ дæр афтæ фефснайынц? —Уыдонæй, къласы сæргъы чи нæ лæууыдис, уыдон æххуыс кæнынц уæззæуттæ исынæн. Абон махæн дæр Хъазыбег фех- хуыс кодта цæмæйдæрты. — Хъазыбег тынг дзæбæх лæппу у. — Йæ ныхасы хай бап- пæрста Елена дæр. 132
— О, хæдæгай, куыд ницы уын загътон. Абон, куыстæй ра- цæуон, зæгъгæ, афтæ мæм æрбацыдис Минтæ. — Кæд рынчын исты фæцис ахæм дзæбæх ус, уæд æм зæр- диагæй фæкæс, Изетæ, науæд йæ хæдзары дыууæ нæлгоймаджы кой чи кæндзæн, — загъта Елена. — Нæ, рынчын нæу, æндæр хъуыддаджы тыххæй мæм æрба- цыд. Нæ лæппу æмæ, дам, Верæ кæрæдзи бамбæрстой æмæ, дам, цы бакæнæм, кæцæй райдайæм? — Æмæ йын цы загътай? — хынцфарст акодта Елена. Цыма ницы зоны, уыйау. — Мæнæ, зæгъын, базонон нæ чызджы зæрдæйыуаг, стæй уый фæстæ дзурдзыстæм. Верæйæн йæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп, æвæццæгæн, сыхæгтæм дæр хъуыст, йæ цæсгом ныссырх, афтæмæй, цыма ницы фехъуы- ста, уыйау иннæ уатмæ бауад. — Верæ, мæ хур, дæуæй аразгæ у хъуыддаг, мæн æмæ Изе- тæйæн ды кæддæриддæр уыдзынæ чызгыл нымад. Кæд дæ зæр- дæмæ цæуы, уæд уый æфсæрмыйаг нæу, — Елена йæ фæстæ бацыд æмæ йæ ракодта. — Ныронг ахæм æнаипп адæймагыл никуы сæмбæлдтæн, фæлæ сымах цы зæгъат, ууыл дыууæ нæ зæгъдзынæн æз дæр, — йæ сæр æруадзгæйæ, загъта Верæ. Дыккаг бон Хъазыбег Изетæмæ куы бацыд, уæд Изетæ цы- бырæй загъта: — Дæ фыд дзырддзæугæ, кадджын лæг у, хуыздæр зоны, цы бакæнын хъæуы, кæйты афæрсын хъæуы, уыдæттæ. Мах Елена- имæ, кæд йæ бинонтыл нымад стæм, уæддæр æнæхъæн хъæуæн æмхуызон сидзæр чызг у, æмæ дын фæдзæхсын — макуы фæ- риссын кæн Верæйы зæрдæ. — Хорз. Бамбæрстон дæ, Изетæ, дæ зæрдæ мыл дар. Изæрæй Минтæ йæ сæрыхицау Бексолтанæн куы радзырдта Хъазыбег æмæ Изетæйы ныхас, уæд æвæстиатæй, æхсæвæр дæр не скодта лæг, афтæмæй фæраст Дрисмæ. Дрисы йæ куысты уæлхъус баййæфта æмæ йын хъуыддаг куы бамбарын кодта, уæд уый арфæтыл схæцыд: — Дæ хъул сах абадт, Бексолтан, ахæм зæдыхай бакъахдзæф кæндзæн дæ хæдзармæ. Стæй дын раст куы зæгъон, уæд мын поджы æхсызгондæр уымæн у, æмæ нæхи хъæуы цæргæйæ кæй баззайдзæн чызг, — загъта Дрис æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, — нæ хъæуы цас фылдæр уа ахæм фæсивæд, уыйас — хуыздæр. — Æнхъæлмæ дæм кæсдзынæн, Дрис, ма фæзивæг кæн, ми- нæвæрттæ барвитæм Еленайы хæдзармæ. Верæ æнхъæл нæ уыдис, хъуыддæгтæ афтæ тагъд цæудзыс- 133
ты, æмæ йын Елена уæларынгæй куы бамбарын кодта, уазджытæ сæм уыдзæн, уый, уæд йæхимидæг скатай. Уазджытæ уайтагъд фæзындысты. — Уæ, хæдзаронтæ, ам стут?! — хъæрæй дзургæйæ æрбахыз- тис дуарæй Дрис, йæ фæдыл Дзамболат. — Елена, дæ хæдзары рагæй нæ уыдис циндзинад, æмæ дзы бирæ циндзинæдтæ куыд цæуа, ахæм амонд уæ уæд! — Хуыцау уын зæрдиаг арфæтæ фæкæнæд! Æмæ цинæй сæдæ азæй уæлæмæ фæцæрут, — раарфæ сын кодта ус. — Тæсчъы хæссинаг куыд фæуæм, Дрис, афтæ фæнды Еле- найы? — бахудт Дзамболат. — Тобæ! Тобæ! Уæхи фæндиаг — æнæниз æмæ æнæмастæй! Уазджытæ мидæмæ бацыдысты, фынгыл æрбадтысты æмæ Дрис, æртæ агуывзæйы байдзаг кодта нуæзтæй. — Цæй, Дзамболат, дæуæн бар ис нæ цыды хабар ракæнын, — бадардта йæм агуывзæ. — Хуыцауы хорзæхæй ацы хæдзары бинонтæ хайджын куыд уой, уыцы амонд сæ уæд. Хъуыддæгтæ иууылдæр хуыцауыс- конд сты, æмæ сæ мах нæ аивдзыстæм. Мæнæ мах Дрисимæ ацы хæдзары цы хъуыддаджы фæдыл сæмбæлдыстæм, уый та амонд- джын уæд! Еленайæ айрох, æртæ чъирийы кæй нæма хъæуы стъолыл æрæвæрын æмæ сæ æрæджиау фынджы кæронмæ айста. — Елена, де ’ртæ чъирийы уынгмæ куы ахæссай, уæддæр мах Дзамболатимæ ардыгæй æнæ разыйы дзуаппæй нал аздæхдзыс- тæм, уымæн æмæ, дыууæ æрыгоны кæрæдзи кæм бамбæрстой, мах та сæ æмхуызон уарзт кæм кæнæм, уым дзæгъæл рацу-ба- цутæ ницæмæн хъæуы. Мæнæ Бексолтаны хæдзарæй мысайнаг, — стъолыл æхца æрæвæрдта, — æртæ чъирийы мах адих кæндзы- стæм, æмæ хъуыддаг хъуамæ лыггонд æрцæуа. Мах сбæлвырд кæнын хъæуы чындзæхсæвы бон. Стæй мах дæр хъуамæ зонæм, цæмæй уæм фæкæсын хъæудзæнис, уый. — Мах, æвæццæгæн, дыууæ мæймæ срæвдз уыдзыстæм — загътой фысымтæ. — Нæ, уый гæнæн нæй — дыууæ къуырийы æмгъуыдмæ,— фи- дарæй загьта Дрис. — Хъæуы цæрджытæ дæр уæм фæкæсдзысты. — Уый та цавæр дыууæ къуырийы æмгъуыд у? Дыууæ мæйы дæр нын гыццыл у, — цæхгæр ныллæууыд Елена. — Бæгæны цы чызгæрвысты нæ уа, уый чызгæрвыст у?! Стæй нæ чызгæй, мый- йаг, тыхсгæ скодтам? — Цæй, æхсæз къуырийы æмгъуыдыл ахицæн кæнæм нæ ныхас! Дрис æрбахæстæг кодта æртæ чъирийы æмæ сæ æгъдау- мæ гæсгæ адихтæ кодта. 134
Уазджытæ разыйы дзуаппимæ куы фæзындысты Бексолта- ны хæдзармæ, уæд бинонтæн сæ цинæн кæрон нал уыдис. . Дыккаг бон Елена зад кæнынмæ бавнæлдта. Изетæ райста отпуск, цæмæй Дзæуджыхъæумæ Верæимæ ацæуой дзаумæттæ æлхæнынмæ. — Æниу лæвæрттæ балхæнын нæ хъæудзæнис? —йæ разда- рæны дзыппæй систа Елена æхцайы тыхтон. — Адон Верæйы мызд сты æмæ йын сæ йæхиуыл схардз кæн, Изетæ. Цалынмæ хъуыддæгтæ рæвдз кодтой хистæртæ, уæдмæ Хъа- зыбег æмæ Верæ радтой фæлварæнтæ институтмæ. Æрхæццæ чындзæхсæвы бон дæр. Мад æмæ фыд нæ, фæлæ ма гуыппырсар æфсымæртæ цы чызгæн вæййы, уый хæдзармæ дæр уыйбæрц адæм æмæ уый- бæрц хуынтæ не ’рцæуы. Æнæхъæн хъæуы цæрджытæй алчидæр хæсыл нымадта Верæйы барæвдауын. Фыццаг бонæй фæстæмæ, Верæ йæхи бауарзын кодта би- нонтæн, раст цыма рагæй дæр семæ царди, афтæ каст йæхимæ дæр. Гъе æрмæст Бексолтан тыхстис, йæ чындз æм уайсадгæ кæй кодта, уый тыххæй. Уыцы хъуыддагæй фæлмæцыдис Верæ йæхæдæг дæр. Джеоргуыбайы бæрæгбонмæ Бексолтан фыс балхæдта. Бинон- тæн ницы загъта, фæлæ сыхы зæронд лæгты куы æрхуыдта бæ- рæгбонмæ, уæд рæгъы фæстæ хæдзары хицау сыстад æмæ загъта: — Мæ зынаргъ сыхæгтæ, сымах мæнæн стут мæ алы фæ- зылд, мæ алы хъуыддаг аразæг дæр, æмæ уæ курын, иу хъуыд- даг мын саразут. Зонут, мæнæн Хуыцау дыууæ бындары радта, фæлæ чызджы ад нæ бамбæрстон. Ныр мын балæвар кодта чызг, æмæ тыхсын, уайсадгæ мæм кæй кæны, уымæй. Ацы хъуыддаг нæдæр мæнæн исты пайда у, нæдæр мæ чындзæн. Дзамболат сыстад йæ бынатæй æмæ Верæйы æрбакодта лæг- ты цурмæ. — Верæ, — загъта Дзамболат, — мæнæ хъæуы аргъ лæг, хæ- дзары хицау Бексолтаны тынг фæнды, дæ дзыхы ныхас дын куы хъусид, уый, æмæ дæм куыд кæсы уыцы хъуыддаг? Зæгъ-ма йæ хъæрæй. — Æз дын де ’ууæнк нæ фегад кæндзынæн, — сабырæй загъ- та Верæ æмæ Бексолтанмæ нуазæн радта. — Бузныг дæ салам бирæ, мæ къона, — Бексолтаны цæстытæ доны разылдысты, йæ нуазæн анызта æмæ сыхæгтæн раарфæ кодта: — Уæ цæрæнбон бирæ, мæ буц сыхæгтæ, æмæ Хуыцау зæгъæд, иннæ ацафон дæр та дзæбæхæй куыд сæмбæлæм. Елена æмæ Изетæ, раст сын цыма сæ хæдзар фæхастæуыд, уый уагъд æркодтой сæхи. Изетæ ма зæрдæтæ æвæрдта Елена- 135
йæн, зæгъгæ, сывæллон куы фæуа Верæйæн, уæд-иу уымæ фæ- кæсынмæ дæр ныууайдзынæ. — Ардыгæй цалынмæ сывæллон фæуа, уæдмæ мæ зæрдæ куы атондзæн, — Еленайы цæстытæ баумæл сты. — Ницы кæны, скъоламæ-иу бауайдзынæ куысты фæстæ æмæ- иу йемæ аныхæстæ кæндзынæ. Еленайæн йæ цæсгом фæрухс скъолайы коймæ. Верæ æмæ Хъазыбег сæ ахуырыл стырзæрдæ нæ кодтой. Зы- мæджы фæлварæнтæ дæр иумæ æнтыстджынæй радтой, фæлæ сæр- ды Верæйы бахъуыдис ахуыргæнджытимæ баныхас кæнын, цæ- мæй йын бар раттой æмгъуыдæй раздæр фæлварæнтæ раттынæн. Раст чындзæхсæв цы бон скодтой, уымæ ма дыууæ къуы- рийы куыд хъуыдис, афтæ Верæ æмæ Хъазыбегæн рантыст цардмæ лæппу. Бинонты цинæн кæрон кæм уыдис. Минтæ авдæн сцæттæ кодта æмæ загъта: — Æрмæст дзидзи бадарыны рæстæг йеддæмæ мæ чындз сы- вæллоны нæ уындзæнис. Цæрæнбон цæмæ бæллын, уый æрцыд мæ хæдзарыл, табу Хуыцауæн! * * * Дзамболаты зæрдыл æрлæууыд, куыд баныхас кодтой Хъас- болатимæ, афтæ хæсты фæстæ сыздæхтысты Æрæфыхъæумæ, цæмæй йæ зæрдæ мауал æхсайдтаид Нагъомæ. Ноджы йæ сæры- хицау Дзæрæхмæт нал ис, æмæ бынтондæр йæхимæ хъусыныл фæци сылгоймаг. Къуырийы бæрц афæстиат сты хæдзары, цы- дæр куыстытæ акодтой, æмæ фæстæмæ, кæцæй ацыдысты хæс- ты быдырмæ, уырдæм, Ростовмæ аздæхтысты. Хъасболаты афæдзы фæстæ Тулæйы хæстон госпитальмæ куы снысан кодтой, уæд тынг æвæндонæй сразы, Дзамболат та сфæнд кодта сыздæхын йæ райгуырæн хъæумæ. Ныр Тулæмæ цæугæйæ, Хъасболат йæхицæй разы уыдис, Ко- ляйы кæй нæ ракодта йемæ, уый тыххæй, уымæн æмæ кæм цæр- дзæн, уый йæхæдæг дæр нæма зоны. Госпитальмæ куыддæр ба- хæццæ, афтæ йæм радтой тел — Мæскуыйæ йе ’мбалæй. Телы фыст уыд: «Дæ зæрды кæд ис Мæскуымæ раивын, уæд тагьд сæмбæл». Хъасболат бамбарын кодта хъуыддаг госпиталы сæргълæу- уæгæн æмæ уыцы æхсæв ацыд Мæскуымæ. Йæ хæстон æмбалимæ кæрæдзиуыл тынг фæцинтæ кодтой, стæй йын уый бацамыдта, кæм кусдзæнис æмæ кæм цæрдзæнис, цальшмæ хицæн фатер райса, уæдмæ. Цæмæй Коля афæдз дзæгъæл бадт ма фæкæна, уый тыххæй Дзамболатмæ арвыста фыстæг, цæмæй йæ ахуыры азы райда- 136
йæнмæ искæимæ рарвита Мæскуымæ. Вагзалæй сæхимæ куы цы- дысты, уæд Хъасболат Коляйæн афтæ: — Бæстон ахъуыды кæн, лæппу, кæдæм бацæуай ахуырмæ, ууыл. Фадæттæ дын бирæ ис... — Хынцыны хъуыддаг тынгдæр кæм хъæуы, уырдæм, — загъта Коля. Бирæ рахъуыды-бахъуыдыйы фæстæ æрлæууыдысты маши- нæаразæн техникумыл. Дыккаг бон рацыдысты техникуммæ. Директоры баййæфтой йæ кусæн уаты бадгæ, æндæр дзы æппын змæлæг ничи уыдис. Хъасболат бамбарын кодта, лæппуйæн йæ фыд хæстæй сахъатæй кæй ссыд æмæ йæм фæкæсын кæй хъæуы, ахуыры хъуыддаджы. — Йæ ахуыр куыд цыдис? — бафарста директор. — Математикæйæ нæ тæрсы, фæлæ уырыссаг æвзагæй уыйас рæвдз нæу. — Æрмæст уый нæй ахæм уавæры,— загъта директор, — Кав- казæй чи æрцæуы, уыдонæн афæдзы æмгъуыдмæ раттæм рæс- тæг, цæмæй базоной уырыссаг æвзагыл дзурын. Кæд уæ фæнды, уæд æмдзæрæны æрцæрæд æмæ уæд тагъддæр базондзæн æвзаг. Коля сразы уыцы фæндыл, æмæ райдыдтой йæ ахуыры бонтæ. Тынг зæрдиагæй архайдта æвзаг базоныныл, ноджы йын æмбæлттæ куы фæцис, уæд йæ хъуыддæгтæ хуыздæр ацыдысты. Ахуыры азы кæронмæ фæлварæнтæ хорз, æнæ рæстæмбис бæрæг- гæнæнтæй куы радта, уæд ын снысан кодтой стипендии. Уæдæ йæ Хъасболат дæр алы къуыри бæрæг кодта. Хъасболатæн дæр йæ хъуыддæгтæ хорз цыдысты, йæ куыстæй разы уыд, ноджы ма йын фатерæй дæр зæрдæ æвæрдтой. Майы бæрæгбон дæр æрхæццæ кæны, æмæ та йæ зæрдæ йæ мадмæ ахсайдта. «Æнæ ацæугæ мын нæй нæхимæ, — скарста йæхимидæг, — мæ мад мæм æнхъæлмæ кæсдзæни, алы дуары хъинцмæ дæр æддæмæ уайдзæни. Ноджы ма йын æй сыхæгтæ дæр йæ зæрдыл куы æрлæууын кæной — Нагъо, дæ лæппуйы та ардæм хъæуы, зæгъгæ, уæд тæригъæд у!» * * * Хъасболаты ацыды фæстæ Дзамболат йæхицæн бынат нал ар- дта, цыдæр ын нæ фаг кодта. Иуæндæс азы дæргъы мад дæр æмæ фыд дæр цы Хъасболатæн уыдис, æнæ уый цæрын нæ фæрæзта. Иубон Дзамболат ацыд колхозы разамонæндонмæ. Дрисы иунæгæй баййæфта йæ куысты. — Де ’зæртæ хорз уæнт, Дрис, æмæ фæрнæй кус! — арфæ ракодта, мидæмæ бахизгæйæ. 137
— Уый Дзамболат куы дæ! Хуыздæр фæуай, мæн чи абæрæг кодта! Хабæрттæй дæ фæрсын ма бахъæуæд. — Цы зоныс, уымæй уæлдай дын ницы зæгъдзынæн. Фæлæ хъæуы баззайынмæ хъавын, æмæ мæ исты куыстыл фæхæцын кæн. — Уый у иттæг хорз хъуыддаг. Равзар дæхицæн, хуыздæр цы куыстмæ сарæхсдзынæ, уый æмæ дæ цард — дæхи фæндиаг. Стæй мын хатырæй фæуæд, фæлæ ныронг дæхицæн цардæмбал цæуыннæ ссардтай? — Нæ мæ равдæлд ахæм лыстæг хъуыддæгтæм, — бахудт Дзамболат, — стæй ацы хъуыддаджы тагъд кæнын нæ хъæуы... — Уæдæ ’мæ тæккæ райсом мæхæдæг цæуын минæвар Косер- ханмæ, — Дрис фæрсæгау бакаст Дзамболатмæ. — Кæмæ, кæмæ? — Мæнæ хъазты цы чызгимæ кафыдтæ, уымæ. Нал æй хъуы- ды кæныс? — Цæй, хорз, Дрис, хъазын дæр хорз у, фæлæ кæд рацæуон куыстмæ? — Кæд дæ фæнды, тæккæ райсом ацу уыгæрдæнмæ. Цæй, мæнæн дæр хæдзармæ цæуын афон у. Не ’фсины цæстытæ та ныуурс сты афонмæ. Сыстад Дрис æмæ иумæ рацыдысты уынгмæ. Бæстæ уыдис сабыр. Кауы рæбынæй цыдис къанауы доны сыр-сыр. Ранæй-рæтты-иу срæйдтой куыйтæ, цыма, хъæу æдзæ- рæг нæу, уый хъусын кодтой. Схæццæ сты Дрисы хæдзармæ. — Мидæмæ нæм саккаг кæн, Дзамболат. — Нæ, æнафон у, æмæ мæм Созион æнхъæлмæ кæсдзæнис. — Нагъойы хуызæн сылгоймæгтæ нæм бирæ нæй. Уый зæр- дæхудты цæуын нæ хъæуы, фæлæ бинонты хъуыддаг бакæн. Кæй кой дын скодтон, ууыл-иу ахъуыды кæн, æмæ мын уæд — æргом фарстæн æргом дзуапп. — Мæнæ уал мæхиуыл схæцон, стæй... — Ома, хæдзар саразай... Нæ, мæ хур, уыцы хъуыддаг дыу- уæйæ кæнын хъæуы, стæй хъæуы аргъ сылгоймаг Нагъо цы хæ- дзармæ ’рцыд моймæ, уымæ йæ сæрмæ чи нæ бахæсса, уый нæ хъæугæ дæр нæ кæны. Хæрзæхсæв загътой кæрæдзийæн æмæ фæхицæн сты. Дзамболат мидæмæ бахызт æмæ Нагьойы сарайы цыдæртæ кусгæ баййæфта. — Уæууа, Созион, бадгæ ма куы кæныс?! Нагъойæн, йæ тиуы фенгæйæ йæ цæсгом ныррухс: — Сыдæй нæ мæлыс, лæппу? — Ницы мæ хъæуы. Мæнæ куыстмæ мæхи барæвдз кæнон. Рай- сом раджы хосдзæуттимæ цæуын, афтæ баныхас кодтон Дрисимæ. — Куыст баййафдзынæ, дæ фæллад уал куы суагътаис... 138
Дыккаг изæр Нагъо æртæ лæппулæгмæ фæдзырдта сæхимæ. Уыдон Дзамболаты æрбацыдмæ дзаг фынгыл бадтысты æмæ ми- нас кодтой. Дзамболат куы ’рбацыд, уæд æм æмбæлæггаг рад- той. Уый сын арфæ ракодта æмæ фынгыл семæ æрбадтис. — Афтæтæ, мæ хур Дзамболат, — райдыдта дзурын уазджы- ты хистæр. Мæнæ нæм Созион фæсидтис: нæ лæппуимæ, дам, аныхас кæнут, æмæ бинонты хъуыддаг бакæна. —Афтæ, афтæ, — йæ ныхас ын айста дыккаг хистæр, — æнæ- мæнг хъæуы рæхджы хъуыддаг бакæнын. Ахъуыды кæн, фен, ахæсс дæ цæст хъæуыл, æмæ исты амал, гормойнаг, ныр дын афон у. — Алцæмæн дæр уаг æмæ афон ис, — йæ ныхасы хай баппæр- ста Созион дæр пецы цурæй. — Уе ’рхъуыды бирæ, нæ уазджытæ, уæ ныхæстыл ахъуыды кæндзынæн, фæлæ уын мæнæ Созионы цæрæнбоны тыххæй фæйнæ нуазæны æнæ бануазгæ нæй. — Æмæ сæм нуазæнтæ рад- та Дзамболат. Бирæ нал бафæстиат сты уазджытæ æмæ, хæрзæхсæв зæгъ- гæйæ, алчидæр йæ фæрныг хæдзармæ ацыдис. — Лæппу, хæрам мæм кæныс? — Нæ, Созион, цæмæн афтæ зæгьыс?! Царды цы æмбæлы, ууыл у дæ дзырд, фæлæ адæймаг куы афæстиат вæййы, уæд тынг зын у хъуыддаг кæнын, ноджы ам рагæй нæ дæн æмæ никæй зонын... — Акæс, мæ хур, ахъуыды кæн, дзæбæх чызджытæ нæм бирæ ис. — Гъомæ сылгоймæгтæ кæрæдзи хуыздæр зонынц. — Уымæй дæр раст зæгъыс. Æмæ, æниу, цы кæны, искæйты куы афæрсай, уæд? Бæргæ ракæнид Нагъо Косерханы кой, фæлæ куыд къæйных кæна йæхимæ хæдæфсарм Дзамболаты? Цæй, йæхиуыл дæр цæ- стытæ ис... Дзамболат хуыссæны дзæвгар рæстæг уæлгоммæ хуысгæйæ, æрæмысыд йæ бирæ фыдæбæттæ, стæй ахъуыды кодта, чи зоны, Дрис раст у уыцы сылгоймаджы тыххæй. Чи зоны, мæнмæ дæр ма исты амонд кæсы зæрондырдæм, — къулы ’рдæм аздæхт æмæ куыд бафынæй, уый йæхæдæг дæр нæ базыдта. Дыккаг бон мæлæты хорз рæстæг скодта хосдзæуттæн. — Марадз, лæппу, кæд Дзамболат уыгæрдæнмæ нæма ацыди, уæд ын зæгъ, ауылты зæгъ дæ фæндаг ракæн, — дзуры Дрис йæ лæппу Асланмæ. Лæппу сæумæцъæхæй, йæ цæстытæ æууæрдгæ, бакаст Созион- ты кауы сæрæй. Кæрты Дзамболаты куы ауыдта, уæд æм дзуры: — Баба афтæ зæгъы, кæд, дам, уыгæрдæнмæ нæма ацыдтæ, уæд мæныл рацу. 139
— Уыгæрдæнмæ куы ацыдаин, уæд мæ ды ам æрбаййæфтаис? — бахудт Дзамболат, йæхи ацæттæ кодта æмæ лæппуимæ араст. — Уæуу, мæнæ нæм цы уазæг фæзындис, Дзерассæ, ракæс- ма! — Дрис рацыдис Дзамболаты размæ. Дзерассæ фæсаууонмæ зыдта Дзамболаты, æмæ йæ ныр хæ- стæгмæ куы федта, уæд, Косерханимæ куыд сфидауиккой, уый йæ цæстытыл ауадис. — Дзамболат, куыд дæм кæсы, абон уын æххуысгæнджытæ куы арвитон, уæд? — Æвзæр нæ уаид, æвæццæгæн. Уæвгæ, æз мæхæдæг дæр ницыма зонын. — Омæ цæугæ уæдæ æмæ уæ кæрдыны куыст кæнут, æз ссивджытæ ссардзынæн. — Мæ хæдзарыл, æна, нæ лæг, дæ уæздандзинад фынæй баци, æви дæ зонд ницыуал ахсы? Далæ колхозы къæнцылары куы уай, уæд уым сæрмагонд ныхас кæндзынæ, ам та дæ хæдзары дæ, æмæ кæдæй- уæдæй дæ рагон æмбал нæ къæсæрæй æрбахызт. Дзерассæ дысон хосдзæуттæ æмæ ссивджытæн цы чъиритæ скодта, уыдонæй Дзамболаты раз куы ’рфынг кодта, уæд æм Дрис дзуры: — Уæуу, мæнæ хæйрæг мæ хæдзары бацард! Кæрдзынтæ дысон скодтай æмæ нырма тæвд куы сты... — Цæй, нæ фембæлд, мæнæ не ’фсинимæ уæ базынд амондимæ уæд. Кусын æмæ цæ- рын куыд фæразæм æнæ зæрдæхудтæй, уыцы амонд нæ уæд. Дæуæн дæр иу Дзерассæйы хуызæн хæйрæг дæ къухы рæхджы куыд бафта, уыцы амонд дæр Хуыцауы цæст бауарзæд! — Дæ куывд хорзæй æрцæуæд æмæ уæ бинонты хурæй æфсæст ут! — загъта Дзамболат. Бæрц рæстæг рацыд, цалынмæ фæстиат кодтой дыууæ лæ- джы, уæдмæ. Дзерассæ йе ’фснаинæгтæ коид фæцис. Цыдæртæ ма афæдзæхста сывæллæттæн æмæ феддæдуар. — Дзерассæ, уæ Дзерассæ! — Уæ, гормойнаг, ды мыл сæвæрдтай ном, æви цы Дзерассæ, Дзерассæ кæныс? Уынджы цæуджытæй æфсæрмы дæр нæ кæ- пыс? — Дзерассæ йæ мидбылты худгæйæ фездæхт фæстæмæ. — Афтæ бакæн æмæ хъæугæронмæ ацу, уым де ’мбæлттæ куы æрæмбырд уой, уæд мæнмæ иучысыл банхъæлмæ кæсдзыс- тут, Косерханы дæр уемæ æиæ акæнгæ ма фæут. Хъæуы цæрджытæ се ’ппæт дæр зыдтой, Косерхап, ахæм хæрзхъæд, хæрзæгъдау уæвгæйæ, бадгæйæ цæмæн баззад, уый. Хæсты фæстæ йæ бирæ курджытæй ком никæмæн радта, æнхъæлмæ фæкастис, кæд искæцæй фæзынид, йæ удæй фылдæр кæй уарзта æмæ фидыд кæимæ уыди, уыцы адæймаг. Йæ иузæр- 140
диондзинадæн ын аргъ кодтой канд хъæубæстæ нæ, фæлæ дзы лæппуйы ныййарджытæ дæр бузныг уыдысты æмæ сæ фæнды- дис, цæмæй йæ амонд ссара. Дзамболат йæ уис ныхаста æмæ йе ’мбæлттæм каст — сæ уистæ кæронмæ кæд æрбахæсдзысты. Кæсы — æмæ хъæуырды- гæй сылгоймæгты къорд æрбазынд. — Æнхъæлдæн — хъæуы иу сылгоймаг дæр нал баззад! — дзурынц хосдзæуттæ худгæйæ, — ныртæккæ нæ куыстытæ конд фæуыдзысты. Мах ссивгæ кæндзыстæм, зæгъгæ, куы загътой сылгоймæгтæ, уæд хосгæрдджытæ бацин кодтой, кæннод сæ кæрстытæ æгæр хус кодтой. Тыгъд быдыры райдзастхуыз æмæ ногкарст кæрдæджы тæ- фæй зæрдæ рухс кодта. Февнæлдтой иууылдæр кусынмæ райсо- мы рæу уæлдæфы. Хъырым, Дрисы хæлар, иннæты разæй хæс- сы йæ уис. Афтæ адард, æмæ йæ кæронмæ бирæ нал хъуыдис. Кусын, стæй фæллад суадзын дæр зоны. Йæ уис кæронмæ куы ныххæццæ кодта, уæд раст слæууыд, йæ цæвæг бадаудта, акаст йе ’мбæлттæм, стæй æрбадт æмæ сабыргай базарыд. — Цæуылнæ зара Хъырым йе ’фсины цæстмæ! — хъазæн ны- хæстæ кæнынц нæлгоймæгтæ, — Дрис ын стыр хорздзинад ра- кодта. Сæлимæты ардæм кæй рарвыста, уымæй, фæлæ мах та цæмæй фæзылын стæм, уый сурынæй нæ хид куы акалдис! — Сымах хынджылæг кæнут, фæлæ-иу æз цытæ бавзæрстон мæ лæппуйы бонты! Иухатт Сæлимæты сæ бинонтæ семæ акодтой Бæрæгъуынмæ чындзхастмæ. Æз изæры куыстæй куы æрцыдтæн, уæд фехъуыстон хабар. Дыккаг бон бинонтæ иууылдæр фæстæмæ сæхимæ æрбаздæхтысты. Сæлимæт — нæй. Æз цы зæрдæимæ ку- ыстон уыцы бон! Кæдæмдæр тагъд кодтон, цыдæр мын нæ фаг кодта. Кæрæдзийы рагæй æмбæрстам, фæлæ мæ ныхасæй ницы зыдта, никуы йын ницы загътон мæ уарзондзинады тыххæй. Дыууæ къуырийы рацыдис, уæддæр Сæлимæт зынæг нæй. Мæ зæрдæ нырхæндæг, мæ хъуыры хойраг нал цыд. Ныр дзургæ никæмæн ницы кæнын. Кæмæн цы зæгъон! Æмæ мæ уд удыл нал хæцыд. Уалынмæ фæзындис Сæлимæты рæсугъд æмæ мæ риуыдзаг сулæ- фыдтæн. Бон-изæрмæ-иу хъуыды кодтон уыгæрдæны, цы рæсугъд ныхæстæ зæгъдзынæн изæры Сæлимæтæн. Изæрæй-иу кæд фæл- ладæй æрцыдтæн, уæддæр сыхы хъазтмæ æнæ рацæугæ никуы фæдæн, мæ кафт, мæ симды рад никæмæн лæвæрдтон. Уæд цæй кинотæ уыдис, æмæ-иу мæйрухс æхсæв — махмæ бакæсын! Уæд уæлдай иувæрстæ ничи кодта йæ уарзонимæ. Алчи йæ уарзондзи- над цыма йæхицæй дæр æмбæхсгæ кодта. Æрмæст цæстæнгасæй æмбарын кодтой кæрæдзийæн сæ зæрдæйыуаг. Иу изæр хъазт йæ 141
тæккæ тынгыл уыдис, фæлæ мæн нæхицæй рацæуынмæ нæма рав- дæлд. Куы рацыдтæн, уæд чызджытæй кæйдæр сусу-бусу айхъуы- стон — Сæлимæт æнкъард нал кæндзæн. Уыцы ныхæстæ мыл базыртæ басагътой. Мæ зæрдыл ма хорз лæууы, фæндыр-иу Косерханы къух- тæм куы бахауд, уæд къæхтæ сæхæдæг агуырдтой кафын, ахæм цагъд кодта. Иæ цæрæнбон бирæ уа, фенамонд, æндæр уый хъæл- дзæгæн æмбал нæ уыдис. Уыцы ныхасмæ Дзамболат йæхимидæг катайы бацыд: цымæ цы хабар æрцыдаид Косерханыл. — О, хæдæгай, уыцы изæры кой кодтон. — Йæ ныхас дард- дæр кодта Хъырым. — Куы мæ федтой æрбацæугæ, уæд мæ чегъ- ре Сæлимæты цонгыл фæхæцын кодта æмæ нын симд бацайдагъ. Иуныхасæй, куыд бамбæрстон, афтæмæй нæ кæрæдзийæн сны- вонд кодтой. Мæхинымæр хъуыды кодтон, æз куы никуы никæ- мæн загътон Сæлимæты тыххæй, уæдæ уый дæр, мæнæй ницы ныхас зонгæйæ, кæмæн цы хъуамæ загътаид! Фæлæ адæмы цæст уынаг у. Симæм Сæлимæтимæ, куыд сыхаг сыхагимæ, афтæ, æнæ- уæлдай æфсæрмытæ кæигæйæ. — Дæ хъазты та кæд асимдзыстæм? — æнæнхъæлæджы мæ куы афæрсид. Æз мæ симд фæуагътон, йæ разы хъуыддагхуы- зæй æрлæууыдтæн. — Мæнæ мæ ды хъизæмарæй куынæуал марай, уæд. Дæу симынмæ куынæуал æвдæла, уæд. Уыцы æргом ныхасæй^чызг сагъдауæй аззадис. Мæхæдæг дæр дзы фефсæрмы дæн. Йæ цонгыл ма йын бæргæ æрхæцыд- тæн, фæлæ йæ бынатæй йæ къах айсын йæ бон нал уыдис. — Афтæтæ, гъе, мæ хуртæ, — Хъырым йæ рихиты бын бахудти. — Дарддæр! дарддæр! — нал æй уагътой алырдыгæй кæс- тæртæ. — Абон кусынмæ рацыдыстæм, хуыцаубоны уын сæ радзур- дзынæн дарддæр, — загъта Хъырым. — Ардыгæй изæрмæ æнæрлæугæйæ кусдзыстæм, уæддæр фæу дæ ныхас,— нал æй уадзынц кæстæртæ. Дзамболат дæр æфсæрм- хуызæй хъуыста, æнхъæлмæ каст, уæдæ ма кæд исты зæгъид Косерханы тыххæй. — Дыууæ боны нал федтон Сæлимæты уыцы ныхасы фæстæ,— дзырдта дарддæр Хъырым.— Дыууæ изæры хъазтмæ дæр нæ ра- цыд: йæ сæр, дам, риссы. Æз уыцы рæстæджы цы хъизæмар фæ- кодтор, уыдон мын не ’фсин цæрæнбонты дæр нæ бафиддзæн. Мæ зæрдæ-иу кæдæмты нæ ахсайдта! Кæд искæимæ фидыд у, кæд мæ нæ уарзы, æмæ цынæ хъуыды æвзæрдис мæ сæры! Уæд дын иу бон, æхсæв-бонмæ дæр нæ бафынæй дæн, афтæ- 142
мæй тынг раджыгомау рацыдтæн доны былмæ. Кæсын, æмæ Сæ- лимæт йæ доны ведратимæ æрбацæуы. Ахæм æфсæрмхуызæй мæм æрбакаст, йæ цуры куы æрлæууыдтæн уæд, æмæ дзы мæхæдæг фефсæрмы дæн. Мæхи фæфидар кодтон æмæ йæм дзурын: — Цæй-ма, цы кæнон дарддæр та? — Дæ хъуыддаг кæн, æндæр мæн цы фæрсыс? — йæ ведратæ йæ къæхты фæрстæм æруагъта Салимæт. Æз фырцинæй дыууæ ведрайы фелвæстон. Сæлимæт мæ фæстæ йæ кæрæмисимæ йæхи мары, — худинаг у, зæгъгæ, æрæ- вæр сæ, фæлæ сæ æз цæстыфæныкъуылдмæ нæ сыхæгты дуар- мæ авæрдтон, мæхæдæг фæстæмæ доны былмæ атагъд кодтон, кæм ыл сæмбæлдтæн, уырдæм — уым лæууын мæм цыди. Уæд дын мæм мæ фыд дыккаг райсом дзуры: — Лæппу, дон хæссын дæ ферох? Æз ма цы фæуыдаин, уымæн ницыуал зыдтон æмæ мæхи хъæццулы бын арф æрнуæрстон. Загътон, мæ худинаджы рæс- тæг æрцыд. Уый мæ фарсмæ æрбадтис æмæ мын афтæ: — Æфсæрмы кæнын дæр хорз у, алцæмæн дæр уаг ис, уый ницы кæны. Кæмæн куыд амал вæййы, афтæмæй бамбарын кæны йæ зæрдæйыуаг. Дæуæн дыууæ ведрайыл ахицæн дæ хъуыддаг, фæлæ æз, цæмæй дæ мады арæхдæр уыдтаин, уый тыххæй сын сæ хæдзары сæр бамбæрзтон. Къуыри хæрæджы куыст фæкод- тон æмæ уæддæр мæ къухы аныхас кæнын нæ бафтыдаид йемæ, йæ бинонтæ Заманхъулмæ зианмæ куынæ ацыдаиккой, уæд. Уый руаджы сæххæст мæ бæллиц. Уыдæттæ хорз, фæлæ нын ис фæндаг минæвæрттæ барвиты- нæн? — фæрсæгау мæм бакаст мæ фыд. Уыцы ныхасмæ фестъæлфыдтæн. Æмæ мæ фестъæлфтæй базыдта фыд, цы кæнын хæуы, уый. Афтæтæ, мæ хуртæ. Адæймаг цас фылдæр хъизæмæрттæ бав- зары йæ уарзондзинадыл, уыйас ын адджындæр кæны, аргъ дæр ын фылдæр зоны, — фæци йæ ныхас Хъырым. Нæлгоймæгтæй алчидæр йæхи хъуыдыты афардæг. Цалынмæ Хъырым йæ хабæрттæ кодта, уæдмæ сылгоймæгтæ сæ куыст нæ ныууагътой, кæд сæ тынг фæндыдис, хосдзæуттæ цæуыл дзурынц, уый базонын, уæддæр. Дзерассæ фæуагъта йе ссивын æмæ дзуры йе ’мбæлттæм. — Дойныйæ мæлын! Бацыд, сæ хæринæгтæ кæм уыдысты, уыцы ранмæ, йемæ йæхи фембал кодта Косерхан, иннæтæ дæр сæ фæдыл. Косерхан райста кружкæ æмæ сæ донæй бафсæста. — Косерхан, æххæст ма дзы лæгтæн дæр куы ныддавис. — Æз зивæг нæ кæнын, фæлæ... 143
— Уæдæ ма базивæг кæн! — Дзерассæйы фæндыдис исты æфсонæй Косерханы лæгтæм барвитын, æмæ йын куы бантыст, уæд æрæнцад. — Мæнæ нæм, лæппутæ, сылгоймаг уазæг! — Хъырым фæ- дзырдта лæгтæм. — Уæ, дæ цæрæнбон бирæ æрбауа, мах чи æрхъуыды кодта! Арфæтæм хъусгæйæ, Косерхан лæвæрдта дон хосдзæуттæн. Фæстагмæ доны кружкæ бадардта Дзамболатмæ, уый кæронго- мау лæууыдис. — Дæ цæрæнбон бирæ! — радта Дзамболат афтид кружкæ Косерханмæ. Уæздан сырх фæцис Косерханы цæсгом, Дзамбо- латимæ куы фемдзаст, уæд. — Хæлар уын уæд, фæлæ ныр сихорафон куы у, уæд цы уæ зæрды ис? — фæсæрæн кодта йæхи сылгоймаг. — Мæнæ Хъырымæй нал уæндæм: æгæр бирæ абадтыстæм... æмæ нæ цæсгом нал хъæцы... — Уый та куыд! Хосдзау афоныл куынæ басихор кæна, уæд дзы цы бадомæн ис? Цомут уæлæ æфсинтæм! — Уæ, хуыздæр фæуай, Косерхан, æмæ дæ ныййарджытæ дæ хурæй бафсæдой, адон æй ме ’фсон кæнынц, фæлæ мæхæдæг уыцы ныхасмæ рагæй æнхъæлмæ кастæн, — загъта Хъырым æмæ йæ цæвæджы хъæд зæххы æрсагъта. — Февналут, лæппутæ, рай- сут уæ хордзентæ æмæ цомут уазæгуаты сылгоймæгтæм. Сылгоймæгтæ, нæлгоймæгты æрбацæйцæугæ куы ауыдтой Косерханимæ, уæд фæдис кодтой. — Мæ хæдзарыл, æна, Косерхан, мах дын дон уымæн арвыс- там, æмæ нæм сæ иууылдæр æрбахонай?! — Косерханы аххос нæу, уый мæнæ Хъырымæн йæ зæрдæ нал фæлæууыдис йæ рæсугъды фенынмæ. — Гъе, бастъæлай, нæ лæг, ма та сын райдайай дæ уарзты таурæгътæ! — цыфæндыйæ дæр Сæлимæтæн æхсызгон уыд Хъы- рымы фенд. — Бæлвырддæр афтæ... Æмæ цы кæны!.. Мæнæ кæстæртæн уарзын амонын, æндæр æвзæрæй цы кæнын? Цалынмæ иннæтæ хъазæн ныхæстæ кодтой, уæдмæ Дзерассæ æмæ Косерхан фынгæвæрд фесты. — Рацæут, фынгтæ сымахмæ кæсынц, — дзуры Дзерассæ. — Уæуу, мæнæ нæ цы буц ахуыр кæнынц, — Хъырым æрбадт, стæй се ’ппæты дæр æрбадын кодта. Йæ къухмæ нуазæн райста æмæ арфæ кæны сылгоймæгтæн: — Уæ цæрæнбонтæн кæрон куыд нæ зонат, афтæмæй зæрдæрухсæй куыд фæцæрат, кæимæ уæ фæнды, уыдонимæ! Стыр бузныг уæд Дрисæн, йæ бинонты хур- тæй бафсæдæд, абон сымах ардæм чи æрбарвыста. Ацы дуне 144
сылгоймагæй фидауы, æмæ уæ кæддæриддæр нæ зæрдæ рухс куыд кæна, ахæм амонд мах дæр уæд. Уæ хъару бонæй бон фыл- дæр кæнæд, уæ зæрдæтæ махæй рухс куыд кæной, уый уын Хуыцауы цæст бауарзæд. Бирæ хъазæн ныхæстæ ма фæкодта Хъырым фынджы уæл- хъус, стæй сыстад æмæ тамако сдымдта. Уыцы æгъдау кæстæр- тæн æнæ сдзургæйæ зындгонд уыдис. Иугæр Хъырым тамако сыздыхта, уæд хъуамæ йæ разæй бавналой куыстмæ. Науæд дын уæзданæй бауайдзæф кæндзæнис, æмæ уый кæй фæнды?! Афтæ ма боны дыккаг æмбис зæрдиагæй фæкарстой, фес- сывтой æмæ фæлладæй араст сты хъæуы ’рдæм. Фæндагыл Дзерассæ Косерханæн афтæ бакодта: — Дзамболатыл дисæй амардтæн, куыд хæдзонд, хæрзæгъ- дау адæймаг у, æмæ нырмæ æнæ къайæ баззайæд! Æндæр адæй- маг уый бынаты Уæрæсейæ сывæллæттимæ сыздæхтаид... — Мæнмæ дæр алцæмæй æххæст адæймаг фæкастис. Уæл- дайдæр йæ уæздан дзыхы ныхас ... — бафтыдта йе ’мбалы ныха- сыл Косерхан. Изæрæй Дрис куы фарста йæ бинойнаджы хабæрттæй, уæд Дзерассæ æппæт дæр бæстонæй радзырдта. — Уыдæттæ хорз, фæлæ Дзамболат та? — Æз æмбарын, дæу цы фехъусын фæнды, уый æмæ дын хъæбæрæй зæгъын: хъуыддаг кæнинаг у, стæй, цас тагъддæр, уыйас хуыздæр. Косерханы зæрдæмæ тынг цæуы Дзамболат, уый дызæрдыггаг нал у. Æвæстиатæй куынæ бацархайæм, уæд Дзам- болатæн исчи йæхионы банымудздзæн æмæ, чи зоны, цавæр адæй- маг разындзæн... — Уымæй раст зæгъыс, æз бацархайдзынæн Дзамболаты сра- зæнгард кæныныл, ды та Косерханы бацæттæ кæн. Дрис Дзамболатмæ фæлладуадзæн бон куы фæдзырдта, уæд æм æвæстиатæй æрбахæццæ. Цом иумæ быдыртыл азилæм, атез- гъо кæнæм, раст гыццылæй куыд кодтам, афтæ, зæгъгæ, йын куы загъта, уæд цинæймæлгæ сразы. — Сылгоймæгтæ, дам, уын хорз феххуыс кодтой. Дзамбо- лат, дам, сылгоймæгты зæрдæйы ныххызт. Уæлдай тынгдæр та дæ Косерхан раппæлыд Дзерассæйæн. Дзамболатæн йæ ныхæстæ æхсызгон сты, уый бамбаргæйæ, йæ ныхас дарддæр кодта: — Косерханы хуызæн чызг зын ссарæн уыдис, фæлæ амæндтæ уарæг Хуыцау у. Дыууæ мыггаджы бафидыдтой, хъуамæ æртæ мæйы æмгъуыдмæ чындзæхсæв скодтаиккой. Дыууæ къуырийы ма хъуыдис уыцы бонмæ, афтæ ма лæппу Дзæуджыхъæумæ цы- дæртæ æлхæнынмæ ацыдис æмæ йæ фæцу ’мæ ма ’рцуйы фæнда- 10 Сапаты Елспге 145
гыл мардæй ссардтой. Абон дæр ничи ницы зоны, цы йыл æрцы- дис. Асгомау ныййарджытæ уыцы уæззау цæфæй сæ къæхтыл нал слæууыдысты. Зæнæг та сын æндæр нæ уыдис. Цæмæй бын- тондæр æрхæндæг ма кæной, уый тыххæй сæм Косерхан зылдис фондз азы дæргъы, фæлæ нал сыстадысты, афтæмæй кæрæдзийы фæдыл ацыдысты се ’цæг дунемæ. Уыдон Косерханæн цынæ фæкодтой, мой скæн, зæгъгæ, фæлæ ком нæ радта. Ныр, кæд Хуыцауы бафæнда, уæд уæ хъуыддагæй кæд исты рауаид. Йæ зæрдæмæ цæуыс, æмæ ахъуыды кæн, мæхи æфсымæрæн мæ цæст куыд бауарзид, афтæ уарзы дæуæн дæр. Дзамболат фæхъуыста Дрисмæ, стæй, куыд фембæлдæуа йемæ аныхас кæнынмæ, зæгъгæ, йæ бафарста. — Ууыл ма тыхс, сылгоймæгтæ кæрæдзи хуыздæр æмбарынц, æмæ кæд Дзерассæ исты æрхъуыды кæнид. Бирæ ма фæныхæстæ кодтой дыууæ æрдхорды, æрæмысы- дысты сæ сабийы бонтæ, стæй фæхицæн сты. Дрис, йæ боны балцы койтæ куыд кодта Дзерассæйæн, афтæ катайы цыдис. Цы амалæй хъуамæ фембæлой Дзамболат æмæ Ко- серхан, цæмæй кæрæдзийы бамбарой. Æппынæрæджиау бауынаффæ кодтой хуыцаубоны сæм уазджытæ уыдзæнис, æмæ Дзерассæмæ Косерхан куы нæ фæкæса, уæд йæ худинаджы хъæр хъуысдзæн... Хуыцаубоны Дзерассæ бафснайдта, йæ сывæллæтты кой ба- кодта æмæ Дрисæн бафæдзæхста, изæры Дзамболатмæ куыд фæ- дзура, афтæ. Хыссæ скодта, стæй йæ дыууæ карчы йæ къухты, афтæмæй уынджы лæууы. Косерхан æй дардæй куы ауыдта дуар- мæ лæугæ, уæд æм батагъд кодта. Райста дыууæ карчы æмæ сæ сæхимæ йæ фыдæн æрбаргæвдын кодта. Фæстæмæ куы æрхæццæ, уæдмæ Дзерассæ катайы бацыдис: фынг куы æрцæттæ кæна æмæ Дзамболат куы нæма ’рбацæуа, уæд цы кæндзæни. Уæдæ Косер- хан дæр сæхимæ куы батагъд кæна, уæд йæ фыдæбæттæ дзæгъæ- лы уыдзысты, стæй хъуыддагæй дæр куы ницы рауайа... Адæргæй Косерханы цыдæр æфсон фæуагъта хæдзары, йæхæдæг Дрисмæ йæ куысты смидæг. Уый йæм байхъуыста æмæ афтæ: — Цы хорз бакодтай, Косерханы нæхимæ кæй ныууагътай, уымæй! Раст æй цыма зонгæ кодтай! — Æз, нæма мæ æвдæлы, зæгъгæ, мæхи цыдæртæ кусæг скодтон æмæ Дзамболаты нæхимæ арвыстон, мыййаг, зæгъын уазджытæ ме ссыдмæ куы ’рбацæ- уой, уæд Дзерассæ катай кæндзæнис æмæ сæ ды уæддæр адар- дзынæ ныхæстыл. Гъер сын фадат уыдзæнис аныхас кæнынмæ. Дзамболат Косерханы баййæфта салатæн халсартæ кæрдгæ æмæ йæм чысыл афæстиаты фæстæ дзуры: — Æри æз дæр дын феххуыс кæнон истæмæй. Æз цæрæнбон- ты мæхæдæг кодтон хæринаг æмæ алцæмæ дæр арæхсын. 146
Косерхан йæ мидбылты фæлмæн бахудти. — Мæхи фаг куыст дзы куы нæ ис, уæд ма дзы дæумæ цы ’рхаудзæн! — Æз, Косерхан, кусынмæ рæвдздæр дæн рæсугъд ныхæстæ кæнынæй, афтæ мын æнцондæр у. Иудзæвгар хъусæй алæууыдысты дыууæйæ дæр, стæй Дзам- болат дзуры: — Мæнмæ гæсгæ, ам æз æмæ дæу йеддæмæ ничи уыдзæн. Адæттæ иууылдæр Дзерассæ скодта. Цæмæй мах кæрæдзийы фе- нæм. Кæрæдзийы уыйас хорз нæ зонæм, фæлæ афтæ дæр вæййы, æмæ, бирæ чи фæцæуы иумæ, уыдон дæр нæ базонынц кæрæ- дзийы. Мах бавдæлæм æмæ цæххы пут иумæ бахæрæм, æмæ уæд бамбардзыстæм кæрæдзийы. Ме ’ргом ныхас мын ныббар, фæлæ нæ дыууæ цардæй иу цард куы саразиккам, уæд куыд уаид? — Нæ зонын, цы дын зæгъон? — Косерхан йæ куатæ йæ къухтыл æрбатахта, зæхмæ ныккастис. — Дæ зæрдæйы цы ис, уый зæгъ, æндæр — ницы. — Зæрдæйы цы вæййы, уый дæр алыхатт æнцон зæгъæн нæ вæййы — йæхиуыл дуары ’рдæм ахæцыд. — Мæнæн та бынтон зын у исты зæгъын. Йæ зæрдæ суынгæг, æвæццæгæн ма йын кæддæр уарзон ны- хæстæ чи кодта, уый æрæмысыд. Йæ цæстытæ асæрфта йæ куа- тæйы фæдджийæ. Раст уæд дуарæй æрбахызтысты Дрис æмæ Дзерассæ. — Мæ хæдзарыл, цы кодтай, дæ цæстытæ куы сæрфыс? — йæ уæлхъус алæууыд Дзерассæ Косерханæн. — Хъæдындзтæ карстон æмæ, — сæфсон кодта Косерхан. Дрис бамбæрста, хъуыддаг хорз кæй у, уый. Æмæ хъæрæй загъта: — Ам уазджытæ сымахмæ æнхъæлмæ кæсынц, уый нæ зо- нут? Ноджы æз райсомæй нырмæ ницыма бахордтон. Дзæвгар рæстæг фæбадтысты цыппарæй фынгыл, стæй Ко- серхан сæхимæ ацыдис. Дрис æмæ Дзамболат та баныхас кодтой иннæ хуыцауæхсæв минæвæрттæ барвитын Косерханы хæдзармæ. Дыккаг бон Дрис йæхæдæг уыгæрдæнмæ ссыдис æмæ Хъы- рымæн хъуыддаг бамбарын кодта. Уымæн æхсызгон куыннæ уыдаид æмæ загъта: — Æвæстиатæй архайын хъæуы. Афтæ бакæнæм, æмæ æз цыппæрæм æхсæв иунæгæй фыццаг цыд бакæндзынæн æмæ сын хъуыддаг бамбарын кæндзынæн. Æртæ боны сын фаг у афæр- сынмæ, ахъуыды кæнынмæ. Уый фæстæ мемæ акæндзынæн дыууæ æмбалы æмæ — фидаугæ. Хъырымы, бирæ хъуыддæгты чи бацыд, ахæмæй зыдта Дрис æмæ уæлдай ницыуал загъта. 147
Куыддæриддæр Хъырым скарста, афтæ рауадысты хъуыд- дæгтæ. Бафидыдтой æмæ чызджы бинонтимæ баныхас кодтой, фыццæгæм майы бæрæгбоны размæ хуыцаубоны чызгæрвыстмæ цæттæ куыд уой, ууыл. * * * Уыцы рæстæджы Хъасболат йæхицæн Мæскуыйы бынат нæ ары: бæрæгбæттæ æрхæццæ кæнынц, æмæ Ирыстонмæ цæуын хъæуы, фæлæ Коляйы фæлварæнтæм цæттæ кæнын хъæуы, æмæ уый дæр хъуыддаг у. Æппынфæстаг куыстæй отпуск райста, æмæ йæхи цæттæ кæнын райдыдта Ирыстонмæ Йæ дзаумæттæ æфснайд куы фæцис, уæд райста хуызистыты альбом æмæ къамтæм кæсы, иуцалдæр дзы нæхимæ ахæссон, зæгъгæ. Альбомы йæ цæст æрхæцыдис, æрыгон нæлгоймаг æмæ сыл- гоймаджы къамыл. Бирæ йæм фæкаст, æмæ та йæ цæстытыл ауадысты Фыдыбæстæйы хæсты æвирхъау цаутæ. Цымæ куыд рауадис дæ хъысмæт, хъæбатыр Сослан, æгасæй баззадтæ æви нæ? Йæ зæрдыл æрлæууыд, дыууæ уырыссаг салдаты йæ йæ тугкæлгæ æфсæддон госпитальмæ куыд бахастой, уый. Фервæ- зын, дам, æй кæнут, уый, дам, хъæбатыр лæппу у! Лæппуйæн йæ къах уыдис пырх, бирæ туг дзы фæцыд, æмæ йæ уавæр сæ хæрзтæй нæ уыд. Хъасболаты бирæ архайын бахъуыд йæ фер- вæзын кæныныл. Дыккаг бон æм æрбацыдысты йе ’мбæлттæ æмæ йын радзырдтой лæппуйы хъæбатырдзинады тыххæй... Хæст, дам, йæ тæккæ тынгыл куы уыди, знаг бырсын куы райдыдта, уæд пулемет æвиппайды фæмынæг. Сослан куы ауыд- та, пулеметæй æхсæг фæмард, уæд йæхæдæг бабадт пулеметыл æмæ знæгтæн кæфты цагъд фæкодта. Уæддæр æй, цалынмæ не- мыц фæстæмæ лидзынмæ фесты, уæдмæ нæ равдæлдис йæхимæ. — Æмбал хирург, æмбарыс, цас адæмы фервæзын кодта мæ- лæтæй, уый! Ахæм хъæбатыр иронæн аргъ нæй! — загътой лæп- путæ, сæ цæф æмбалы куы федтой æмæ йын, мæлæтæй тас нал у, уый куы бамбæрстой, уæд. Хъасболатæн æхсызгон куыд нæ уыдаид, йе ’мбæстоны хъæбатырдзинад! Сослан, афтæ хуынди лæппу, йæхи куы æрæмбæрста, уæд йæ фыццаг ныхас уыдис: «Спасибо, доктор». Хъасболат ын афтæ: — Бузныг дæуæн зæгъын хъæуы, Ирыстонæн кад чи скодта. Дæ номы аккаг разындтæ, æмæ уый бирæйы аргъ у. — Ды дæр ирон дæ? — бацин кодта цæф салдат. Ирон дæн бæргæ. Фæлæ уал фынæй кæн, нырма дын дзу- рæн нæй. 148
Дыккаг бон райсомæй Хъасболат бацыд Сосланмæ: — Куыд у, сахъгуырд, дæ уавæр? — Мæ уавæрæн бæргæ ницы у. — Уæдæ цæуыл сагъæсхуыз дæ? Зæгъ æй, кæд дын истæ- мæй баххуыс кæнин. Мæн райсом уæззау цæфтимæ æндæр ранмæ æрвитынц æмæ дæ куынæуал фенон... — Дысон цыдæр æпахуыр фын федтон, æмæ мæ зæрдæ рис- сы. Мæ бииойнагимæ, дæ фарн бирæ, æртæ азы дæргъы нæ хуыз иунæг хатт систам, æмæ куы цыдтæн, уæд дыууæ къамы мемæ рахастон, иу та нæхимæ ныууагътон. Ныр дысон мæ фыны уынын, цыма мын дыууæ къамы дæр денджызы ныххаудысты æмæ мæ къухы нал бафтыдысты. Фыны мæ цæссыгтæ куыд æркалдыс- ты, афтæмæй райхъал дæн. Уæртæ-ма сæ мæ дзыппæй сис. Сослан къамтæй иу йæхимæ ныууагьта, иннæ радта Хъасболатмæ. Уыйадыл «хæрзбон» загътой кæрæдзийæн æмæ фæхицæн сты. Ныр хъуыдыты аныгъуылдис Хъасболат: мыггагæй мæ уый дæр нæ бафарста, æз дæр. Кæд искуы хæстæг ран ис, уæддæр Хуыцау йæ зонæг. Мыггаг куы зонин, уæд æй бæргæ ссарин, кæд æгас у, уæд. Науæд та йын йæ хъæбатырдзинады тыххæй йæ бинонтæн радзурин. Иудзæвгар æнæдзургæйæ абадт Хъасболат, стæй йæхицæн хъæ- рæй, цыма йæ исчи хъусы, афтæ бакодта: «Цæй, Сослан, цы бакæнон?! Къам бахъахъхъæн загьтай, æмæ йæ ныр уал азы хъахъхъæнын...». Дыккаг бон, Коляйыл йæ фæндаг ракæнгæйæ, ацыдис Ирыс- тонмæ. Сæ сыхы куы ’рцæйцыдис, уæд уынджы бадæг сылгой- мæгтæй иуы дзурын йæ хъустыл ауад. — Кæсут, Нагъойы фырт та нæ ныууагъта йæ мады æпæ абæрæггæнгæ. Уæд иннæ дæр йæ ныхас баппæрста: — Кæд, мыййаг, чындзæхсæвмæ ссыдис? Сылгоймаджы ныхæстæм йæ хъус уыйас нал æрдардта Хъас- болат, йæ мады куы ауыдта сæ кулдуарæй рахизгæ, уæд. — О мæ хъæбул, схæццæ мæм дæ! — Нагъойæн йæ цæстытæ ауымæл сты. Хъасболат йæ мады йæ хъæбысы фелвасæгау кодта æмæ йæм дзуры: — Сахуыр дæ кодтон, Æна, æмæ, æвæццæгæн, æддæмæ дæр адæргæй рауадтæ... — Раст зæгъыс, адæргæй, рауай-бауай кæнын райсомсарæй, ахæм бон куынæ сæмбæлай, зæгъын. Се ’фснайын фæуадзгæйæ, сæ размæ рацыдысты Коляйы мад се ’рвадæлты дыууæ чызгимæ. Кæрæдзиуыл бацинтæ код- той, æмæ Хъасболат мады фæрсы: 149
— Цæй бирæ кæстæриуæггæнджытæ дын ис абон? — Уæдæ куыд вæййы, цины рæстæг хионтæ куынæ фæкæсой, уæд мæнæн иунæгæй къуырийы æмгъуыдмæ цы бантысдзæнис? — Æмæ цы хабар у? — Æцæгæй ницы зоныс хъуыддагæн? — Ницы. — Знон бафидыдтой, зæгъгæ, Куадзæнæй Майы бæрæгбоны астæу хуыцаубоны уæ хъуыддаг кæнут... — Цавæр хъуыддаг? Дзамболат æмæ Косерханы чындзæхсæвмæ цæттæ кæнæм нæхи, зæгъгæ, куы фехъуыста, æрмæст уæд бамбæрста, уынджы бадæг сылгоймæгтæй чидæр чындзæхсæвы кой цæмæн скодта, уый. — Амæй æхсызгондæр хабар фехъусынмæ нæ бæллыдтæн, бауырнæд уæ, — Хъасболатæн тынг æхсызгон уыд хабар.. — Ай-гъай, дæумæ дæр рад æрхаудзæнис, — худгæйæ загъта чызджытæй иу. — Куыд у мæ иунæг, мæ зæрдæдарæн? Исты йын æнтысы?— бафарста Коляйы мад. — Мæнæ нæ Созион ской кæнын дæр нæ бауагъта. Мачи, дам, сын фехъусын кæнæд дæу æмæ Коляйæн, науæд сын фадат куынæ фæуа, уæд сæ зæрдæтæ рисдзысты. Чысыл фæстæдæр мидæмæ куы бацыдысты, уæд Хъасболат чумæданæй систа Нагъойæн къабайаг æмæ сæрбæттæн, Дзамбо- латæн та костюм æмæ хæдон. — Уæ, хуыздæр фæуай, Хъасболат, цин кодта Нагъо. — Куыд мын сарæзтай мæ къух! Мæнæ ацы къабайаг чындзы мадæн ны- сан кодтон, æмæ мæ зæрдæмæ уыйас нæ цыдис, йе ’фсымæрæн та мын хæдон нæ фаг кодта. — Дæ иунæг Хуыцауы тыххæй, мæ чындз, утæппæт лæвæрттæ кæд бацис дæ бон балхæнын, цæугæ дæр куы никæдæм акодтай, уæд? — бафарста йæ йæ ходыгъд. — Ацал-ауал азы мын цы лæвæрттæ фæхастой нæ хъæубæстæ, уыдон мæ бахъуыдысты. Нагъо цинæфсæстæй æрæхгæдта чындзы лæвæртты чырын. Дзамболат, къæсæрæй куы ’рбахызт æмæ Хъасболаты куы ауыдта, уæд фырцинæй сагъдау баззад. — Æз ахæм æхсызгон хъуыддагыл сæмбæлдзынæн, уый куы зыдтаин, уæд мæ, куыстæй куынæ уагътаиккой, уæддæр ралыгъ- даин, — загъта Хъасболат æмæ йæ фыды ’фсымæры йæ хъæбы- сы фелвæста. — Фæтагъд кодта мæнæ Созион, цæмæй дæумæ дæр рад æрхауа... — Дзамболат ын йе уæхск æрхоста. — Стæй нын дæ ацыды фæстæ æнкъард уыдис... — Хъуыддаг рæстмæ уæд, Дзамболат, ныр мæнæн дæр мæ 150
зæрдæ æнамæ нал æхсайдзæнис. Уæлæ хъазты куы федтон Ко- серханы, уæд мæм хæрзхъæд адæймаг фæкаст. — Уый фендзыстæм фæстæдæр, æндæр дын цы зæгъон. — Мæнæ ма дæ дарæс дæ уæлæ абар, уыдон дын Хъасболат æрхаста. Дзамболат арфæтæ фæкодта Хъасболатæн, стæй Нагъо æддæмæ куы рацыдис, уæд костюм скодта. — Ауыстæн, Дзамболат, дæс азы ферыгондæр дæ! — Æцæгдæр, раст зæгъы де ’фсымæр. Зонгæ дæр дæ нал бакæндзысты дæ каистæ, ме ’фсымæр, — зæгъгæйæ йæ Залдуз йæ хъæбысы æрбакодта. Хуыцаубоны чындзæхсæвмæ афтæ бирæ адæм æрцыдис, цыма фæсте къахы змæлæг пал баззадис. Хъасболаты чи зыдта, уыдон ыл цинтæ кæнынц, уый та аивæй кæсы æрбацæуджытæм, кæд, мыййаг, Заретæ дæр æрбацæуид, зæгъгæ. Фæлæ ницы. Дыккаг бон сыхæгтæ æмæ хæстæджытæ сæхи цæттæ кодтой хуындзæутты æрцыдмæ. — Æрбацæуынц! Æрбацæуынц! — сывæллæтты хъæр куы фе- хъуыстой, уæд Хъасболат фæсивæдимæ сæ размæ рацыд. Заре- тæйы хуындзæутты ’хсæн куы ауыдта, уæд зæрдæ йæхи къултыл ныххоста. Ноджы Хъасболат фыццаг хатт федта Заретæйы бæ- рæгбонхуызæй. Хæрзаив фидыдтой Заретæйыл йæ дарæс. Хъас- болат æй аивæй афарста, чындзхасты куыд нæ сæмбæлдтæ, зæгъгæ. — Косерхан нæ сыхаг у, æмæ сæм фæкæсын хъуыдис, æндæр мæ фæндгæ тынг кодта, — загъта чызг. «Мæнæ диссаг, сахаты размæ хъуыды кодтон фæстæмæ цæ- уыныл, ныр та мæ фæндгæ дæр нал кæны», — йæхинымæр хъуы- ды кæны Хъасболат. Хъæлдзæг бадты фæстæ хуындзæуттæ куы цыдысты, уæд Заретæимæ афæстиат. — Кæд мын фадат фæуа, уæд иннæбон горæтмæ ацæудзы- нæн, æмæ фембæлдзыстæм. Æз дæм институтмæ бауайдзынæн. Цалдæр боны фæстæ Нагъо фæндагмæ куыд рæвдзытæ код- та йæ лæппуйы, афтæ Залдуз дæр лæфлæфгæнгæ æрхæццæ. — Цы хорз ма дæ æрæййæфтон, Хъасболат! Мæнæ ацы æхца бамбырд кодтон æмæ йæм сæ ахæсс, уадз æмæ сæ Коля йæхи- цæн исты балхæна. — Коляйы æз хъуаг нæ ныууадздзынæн, уæлдай æхца та, уый нæ хъæуы. Уадз æмæ æрыгонæй сахуыр уа фæстауæрц кæ- нын. Стипенди исы, къуыри дыууæ боны та мемæ вæййы, стæй йæ куы бахъæуа исты балхæнын, уæд мæм нæ фефсæрмы кæн- дзæн. Уыцы æхца та дæ хæдзар хъуаг цæмæй у, ууыл бахардз кæн, науæд сæ бамбырд кæн, Коля хъуыддаг куы кæна, уæдмæ. — Цытæ дзурыс, уæдмæ дæр ма фæцæрдзынæн?!. 151
— Дыууæ азы фæстæ практикæ кæндзæнис заводы, чи зоны йæ уым бауромой кусынмæ. Уый фæстæ ма йæ иу афæдз хъæу- дзæнис — æмæ цæттæ лæг. Хъасболаты куы афæндараст кодтой, уæд Залдуз Дзамбола- тæн афтæ: — Ныронг мæ никæй æххуыс хъуыдис, фæлæ ныр уалдзыгон куыстытæ Коляйы ацыды фæстæ мæхимæ кæсынц æмæ, Дзамбо- лат, Созион дæуæн дæр — де ’фсымæры ус, мæнæн — дæр. Махмæ йæ рауадзут иу къуыри, кæннод нæ лæгмæ чи фæкæсдзæнис, æз цæхæрадонæй хæдзары астæу дыууæрдæм куыд кæндзынæн! Косерхан Дзамболатмæ бакасти. — Мах дæм фæкæсдзыстæм. Уый цæмæй зыдта, æмæ дыууæ сылгоймаджы ныхасгонд уыдысты, цæмæй Дзамболат æмæ Косерхан æфсæрмы ма кæной, уый тыххæй сæ иунæгæй уадзынвæнд кæй кодтой. — Нæ, мæ хур Косерхан, æз ам бирæ азты фæхъахъхъæдтон хæдзар, сфæлмæцыдтæн æмæ мæн дæр цъус рæстæг мæ бынат аивын фæнды, — фидарæй загъта Нагъо. — Омæ, кæд афтæ скарстат, уæд уæ бар уæхи, — загьта Дзамболат. Цалдæр боны фæстæ, æз дæр мæ хомæ фæкæсон, зæгъгæ, сæ абæрæг кодта Дзамболат, æмæ Нагъойы уынджы сыхæгты усты- тимæ бадгæ баййæфта, Залдуз та мидæгæй цыдæртæ хуыдта. — Уынджы бадынмæ скодтай Созионы? — се ’рхъуыды сын бамбæрста Дзамболат. — О, уадз æмæ йæхи аирхæфса. Стæй сымах дæр кæрæ- дзийы хуыздæр бамбардзыстут. — Æмæ махæн дæр æнкъард нæу æнæ Созион? Райсом ма йæ уадзын æмæ — нæхимæ. Фондз боны уæм фæцис æмæ æгъгъæд фæуæд, — фидарæй загъта Дзамболат. Æхсæзæм бон Нагъо сæхимæ куы ’рцыдис, уæд хæдзар бæс- тон æфснайдæй æрæййæфта; фосæй райдай æмæ цæхæрадонæй фæу. Косерхан тынг сæрæн сылгоймаг разындис. Нагъойы йæ цæстæнгасæй дæр æмбæрста. Иуныхасæй, «а» æмæ «о»-йæ цардысты. Афæдзы æмгъуыдмæ, кæхцгæнæнмæ ма дыууæ къуырийы куы хъуыдис, уæд Дзамболат æмæ Косерханæн райгуырд лæппу. Цинæй куыд нæ мардысты бинонтæ, Дзамболатыл та фырамонд- джынæй базыртæ базад. Хæлттæ сæппарстой æмæ лæппуйыл сæвæрдтой — Зауырбег. * * * Хъасболат æмæ Заретæ кæрæдзимæ фыстæг фыстæджы фæстæ æрвыстой. Заретæ фæстаг курсмæ куы бацыдис, уæд 152
Хъасболат мæт кæнын байдыдта: чызджы искуыдæм дард ранмæ куы снысан кæной кусынмæ! Хъуыддаг кæнид, æмæ Заретæйæн кадылмæлæг фыд, цалынмæ йæ чызг ахуыр фæуа, уæдмæ йæ нæ ратдзæн моймæ. Цæмæй Заретæйы макуыдæм снысан кæной, уый тыххæй Хъасболат институты директоры номыл сæрвыста фыс- тæг, чызгæн йæ бынат Мæскуыйы цæттæ у, зæгъгæ. Заретæ институт каст куы фæцис, уæд сын Дзамболат æрдхæрæны чын- дзæхсæв сарæзта. Æртæ азы фæстæ сæ фæллад уадзынмæ куы ссыдысты Мæскуыйæ, уæд семæ уыдис дыууæ фаззон чызджы æмæ лæппу. Дзамболат æмæ Нагъо ахъаззæджы куывд скодтой хъæубæстæн. Нагъойæн йæ зæрдæ радис æртæ сывæллоны уындæй. Фæл- лайгæ дæр цыма нал кодта, афтæ йæм каст. — Бонæй бон ногдæр кæны Нагъо, — дзырдтой адæм. Бонтæ цыдысты, æмæ Дзамболаты фырт Зауырбег фондз къласы каст куы фæцис, уæд Коля бакой кодта Дзамболатæн, цæмæй Зауричы йемæ Мæскуымæ акæна. — Тагъд мын фатер раттынмæ хъавынц æмæ иумæ цæрдзыстæм. — Лæппу, уый хорз хъуыды у, фæлæ уал бинонты хъуыддаг куы бакæнис, ныр дын афон у... — Уый дæр æвзæр нæу, фæлæ дыууæ азы фæстæ Зауыр авд къласы куы фæуа, уæд йæ дарддæры цардыл ахъуыды хъæуы. Лæппуйæн йæхи дæр тынг кæй фæндыдис Мæскуымæ ацæ- уын, уый куы бамбæрстой Дзамболат æмæ Косерхан, уæд сразы сты Коляйы фæндыл æмæ йæ каникулты рæстæг арвыстой Мæс- куымæ. Æртæ боны дæргъы йæ фæракæн-бакæн кодта Мæскуыйы Коля, музейтæм дæр æй бакодта, фæлæ Мæскуы лæппуйы зæр- дæмæ нæ фæцыд. — Æз ныв кæныныл сахуыр кæндзынæн æмæ нæхимæ, мæ мад, мæ фыды кæм уынон, уым кусдзынæн æмæ цæрдзынæн, — фидарæй загъта уый. Иу сабатбон Коля æмæ Зауыр баззадысты сывæллæттимæ Хъас- болаттæм. Сывæллæттæй чидæр альбом рахаста æмæ къамтæм кас- тысты. Уалынмæ дын Зауыр иу къаммæ куы фæкомкоммæ уаид. — Ай та ам цæмæн ис Мæ ахуыргæнæджы мад æмæ фыды къам сымахмæ цы агурынц?! — Æмæ Коляйæн Верæйы кой ракодта. Уæдмæ æрбацыдысты Хъасболат æмæ Заретæ дæр. Хъасбо- латæн куы бамбарын кодта Коля къамы хъуыддаг, уæд сын уый радзырдта къам æм кæддæр операци кæмæн скодта, ахæм æфсæд- дон кæй радта, бахъахъхъæн æй, зæгъгæ. — Кæй хуызæн мæм кæсы, уый зоныс, Къола? — Уæ заводы цы ирон лæг кусы, Сослан, зæгъгæ, уый хуызæн. 153
— Мæнæ диссаг! Сосланы хуызæн хæрзхъæд адæймаг зын ссарæн у. Æрæджы иу ирон лæппуимæ базонгæ дæн, ам Хæстон академийы ахуыр кæны æмæ мын уый дзырдта, Сосланы кой нæм куы рацыди, уæд. Кæддæр йæ мад цыппар сывæллонимæ хæхбæстæй быдырмæ æрлыгъдис æмæ сын Сослан йæ фыды бынтæ балæвар кодта. Æниу ын заводы цы кад и, уый та? — Уый æцæгдæр афтæ у, фæлæ райсом къам ахæсс æмæ йæм Зауыримæ бацæут. Хуыцау куы зæгъид, æмæ уыцы ахуыргæнæг æцæг йæ чызг куы разынид! Кæд æм, мыййаг, искуыдтæй баха- уд, мæнæ мæнмæ куыд æрбахауд, афтæ, æмæ чызг къамæй йæхи рæвдыдта, уæд та? Дыккаг бон Коля æмæ Зауыр комкоммæ бацыдысты Со- сланмæ. Лæг къам куы федта, уæд йæ зæрдæ суынгæг, йæ цæс- тытæ доны разылдысты, афтæмæй бафарста: — Кæцæй уæм бафтыд ацы къам? Коля бамбарын кодта, ацы къам йæ мады ’фсымæры лæп- пумæ кæй уыдис. Кæддæр хæсты рæстæг Севастополы операци кæмæн кодта, уыцы цæф лæппу йæм æй радта, бахъахъхъæн æй, зæгъгæ. Уыцы лæппу та, куыд рабæрæг, афтæмæй ды уыдтæ... мæнæ ацы лæппу мæ мады ’фсымæры лæппу у, æмæ знон къам- ты астæу ацы къам куы ауыдта, уæд нын ракодта диссаджы ха- бæрттæ. Дæхæдæг ма йæм байхъус. — Мæ ахуыргæнæг Верæмæ ис ахæм къам, мæ мад æмæ, дам, мæ фыд сты, йæ цæсты гагуыйау æй хъахъхъæны, урокмæ дæр æй æрбахæста æмæ скъоладзаутæн фæкодта сæ хабæрттæ йæ мад æмæ йæ фыдæн. Сослан Зауыры æрбахъæбыс кодта, афтæмæй Колямæ дзуры: — Уыцы чызг мæн куы разына, уæд дын хæрзæггурæггаг — цы фатер мын дæттынмæ хъавынц, уый! — Верæ Ивановнæ нын йæ царды хабæрттæ куы кодта, уæд ма æз кæугæ дæр кодтон. Ныртæккæ дæр нын ахуыргæнæг у, уырыссаг æвзаг æмæ нын литературæ амоны. Чындзы ацыди, сывæллон дæр сын ис. Сослан, Верæ Ивановнæ у, зæгъгæ, куы фехъуыста, уæд йæ зæрдæ йæхи къултыл ныххоста, кæд, мыййаг?!. Æмæ йæ сæры цынæ хъуыды февзæрд. Уыцы бон Сослан бацыдис заводы директормæ, æмæ хабар куы бамбарын кодта, ноджы ма Коляйæн хæрзæггурæггаджы кой дæр куы скодта, уæд директор загъта: — Æрмæст дæ хъуыддæгтæ хорз рауайæнт, æндæр уын фа- тертæ фæрсæй-фæрстæм ратдзыстæм. Ацу æмæ базон дæ ха- бæрттæ бæлвырдæй. Сослан Ирыстонмæ ацæуын фæнд кæны, уый Зауыр куы бамбæрста, уæд Колямæ бауырдыг: 154
— Æз дæр нæхимæ цæуын! Уый ма йæ бæргæ уромынвæнд кодта: — Мæнæ Хъасболат йæ бинонтимæ тагъд цæудзæн æмæ уыдо- нимæ ацæудзынæ: Фæлæ лæппу къах сæттæгау ныллæууыд: — Нал мæм цæуы ацы стыр хæдзæрттæм кæсын. Æмæ уæд Коля дæр сразы йемæ. Афтæмæй дыккаг бон поез- ды араст Сослан йæ гыццыл æмбæлццонимæ. Фæндагыл Сосла- ны сæры цынæ хъуыдытæ æвзæрдис, ноджы йыл фæндаг ныд- даргъ. Даргъ-Къохы станцæйы куы æрлæууыдис поезд, уæд Зау- рик дардмæ ауыдта Дрисы бидаркæ æмæ бацин кодта. Бидар- кæйы цурмæ бацыдысты Сосланимæ, фæлæ йæ хицау зынæг нæма уыдис. Уалынмæ фæзындис Дрис дæр: уый йæ лæппу Аланы йæ бинойнаг Дзерассæимæ горæтмæ афæндараст кодта. — Уый Зауырбег куы дæ! Æмæ ам кæимæ дæ? — Мæнæ Сослан, — хъуыддагхуызæй загъта лæппу. Дрис базонгæ Сосланимæ æмæ æртæйæ бидаркæйы араст сты хъæумæ. — Куыд дæм фæкастис Мæскуыйы, Зауырбег, — фæрсы Дрис. — Мæнмæ нæхицæй хуыздæр никуы кæсы. Стыр горæты мæ сæр зилы. Кæрæдзийы дæр нæ зонынц, афтæмæй æхсæвæй-бо- нæй кæдæмдæр тагъд кæнынц. — Уæдæ уæд дарддæр кæм ахуыр кæндзынæ? — Нырма мын дыууæ азы ис ахъуыды кæнынмæ, стæй фен- дзыстæм. Дрисы, кæй зæгъын æй хъæуы, фæндыдис базонын, ацы æнæ- зонгæ адæймаг кæмæ цæуы хъæуы цæрджытæй, фæлæ йæ ба- фæрсын æфсæрмы кодта. Сослан дæр æй æнæ бамбаргæ кæм уыдаид æмæ йын йæ хабæрттæ цыбырæй ракодта. Дызæрдыг- гæнгæйæ кæй цæуы, уый дæр ын бамбарын кодта. — Хуыцау куы зæгъид, æмæ æцæгæйдæр Верæйы фыд куы ра- зынис, уæд дæм мæнæй тынгдæр ничи хæлæг кæиид. Ахæм уавæрты схъомыл у æмæ дæ ахæм адæймаг рауайæд, уый диссаг куыд нæу! — Бæргæ дæ ныхæстæ куы æрцæуиккой, фæлæ ма мæнмæ дæр исты амонд кæса! Хъæумæ куы фæцæйхæццæ кодтой, уæд Дрис афтæ бакодта: — Цалынмæ не сбæлвырд уа хъуыддаг, уæдмæ мах хъусæй лæудзыстæм Зауырбегимæ. Фæлæ иугæр хъуыддаг æцæг разын- дис, уæд — кусарт мæнæй. Æниу Верæйы хицау, Бексолтан — хъæуы аргъ лæг, мæн кусартмæ æнхъæлмæ кæсдзæн!.. Хъæугæронмæ хæстæг æрхызтысты бидаркæйæ æмæ бауы- наффæ кодтой, раздæр Изетæмæ бацæуын æмæ йæ, чызджы ха- бæрттæй цы зоны, уымæй бафæрсын. 155
Сосланы зæрдæмæ уыцы уынаффæ нæ фæцыдис: хъуыддаг адæмыл куы ахъæр уа, æмæ раст куы нæ разына, уæд чызг тæ- ригъæд у. Æмæ бамбарын кодта йе ’мбæлттæн: — Ныртæккæ Заурик бацæудзæнис Бексолтантæм æмæ Ве- рæйæн зæгъдзæнис, уынджы дæм иу лæг æнхъæлмæ кæсы, зæгъгæ. Кæд æй æз нæ базонон хуызæй, уæд æй бафæрсдзы- нæн, кæцæй йæм æрбафтыдис уыцы къам. Сослан систа йæ дзыппæй къам æмæ йæ равдыста Дрисмæ. Бексолтанты дуармæ куы бахæццæ сты, уæд Сослан дæрд- дзæф æрлæууыдис, цæмæй Верæ куы рацæуа, уæд æй дардмæ фена. Кулдуарæй рахизгæ куыддæр ауыдта Верæйы, афтæ джи- хæй баззад: йæ мады цæрмыстыгъд бакодта чызг! Сосланæн йæ хъуыр ахгæд, цæссыгтæ фемæхстысты æмæ быдыры ’рдæм ный- йарц. Верæ джихæй баззад: кæд уыцы æнæзонгæ лæг уый агуырд- та, уæд лидзынмæ цæмæн фæци! Уæд Зауыр йæхи нал баурæдта æмæ Верæмæ дзуры: — Уымæ дæр, ды нæм цы къам æрбахастай скъоламæ, дæ мад æмæ дæ фыд кæм сты, ахæм къам ис æмæ... Верæ уый куы айхъуыста, уæд йæ фæдыл азгъордта. Со- сланмæ куы баввахс, уæд æрлæууыд æмæ йæм сындæггай рай- дыдта цæуын. Йæхимидæг цыдæртæ дзырдта æмæ дзырдта: — Æз зыдтон, æз æмбæрстон, æз анхъæлмæ кастæн ... Кæрæдзимæ куы бахæццæ сты, уæд кæрæдзийы ныхъхъæ- быс кодтой. — Мæнмæ та, уацары куы уыдтæн, уæд фыны алы æхсæв гыццыл чызг йæ къухтæ ивæзта, сис мæ дæ хъæбысмæ, зæгъгæ. Куыд нæ амардтæн абоны онг мæхиуыл дис кæнын. Къам кæд- дæр госпиталы радтои Хъасболатмæ, бафснай мын æй, куыд вæййы, цы вæййы, зæгъгæ. Йæ ном, йæ мыггаг мæ байрох сты, кæм цæры уымæй дæр æй бафарстон, нæ, нал æй хъуыды код- тон, æмæ мæнæ Зауырбеджы руаджы... Зауыр куы бамбæрста, хъуыддаг æцæг разынд, уæд сæхимæ дæр нæма бацыдис, фæлæ Дрисмæ хæрзæггурæггаг балæууыд. Уый æвæстиатæй æрбацыдис Бексолтаны бинонтæн арфæ кæ- нынмæ. Верæ фырцинæй йæ цæссыг нæ уромы, лæг сæ дыу- уæйы дæр йæ хъæбысы æрбакодта æмæ дзуры: — Абон кæуыны бон нæу, фæлæ цин кæнын хъæуы. Æгайты- ма кæрæдзи ссардтат. Бексолтан Хъазыбеджы арвыста сыхы лæппутимæ кусарт кæнынмæ. Верæйы та фæндыдис Сосланы тагъддæр Изетæимæ базонгæ кæнын æмæ иумæ ацыдысты Изетæйы куыстмæ. Изетæйæн уæдмæ фехъусын чындæуыдис, Верæйы йæ фыд ссардта, зæгъгæ, 156
фæлæ йæ нæма уырныдта. Верæйæн Сосланимæ сæ бахæццæ, афтæ Изетæ дæр рацыдис йæ куыстæй, æмæ хæрхæмбæлд куы фесты, уæд Верæ йæ хъæбысы ныккодта Изетæйы æмæ та кæ- уын байдыдта. — Фæлæуу-ма, Верæ, дæхиуыл фæхæц, мæнæ уал мæ уазæ- джы къух райсын бауадз. Мæ ном Изетæ, — сылгоймаг æм йæ къух радта. — Æз та Сослан дæн. Бузныг, Изетæ, куыд дын раарфæ кæнон, уый иæ зонын, дæу аккаг ныхæстæ зын ссарæн сты. Æз цæрæнбонты дæу æмæ Еленайы хорздзинад никуы ферох кæн- дзынæн,— Сосланæн йæ цæстытæ доны разылдысты. — Цæй цомут нæхимæ æмæ Еленаимæ дæр базонгæ у, науæд æнæуидæр царды хорзæй ницы федта æмæ йæм куы нæ бацæ- уæм, уæд та йæхимæ ныхъхъусдзæни, æз никæй хъæуын, зæгъгæ, — Верæ æрхъæцмæ нæ хъæцыди йæ фыды Еленайæн равдисынмæ. Кæртмæ куыддæр бакъахдзæф кодтой, афтæ Верæ фырци- нæй Еленайыл ныттыхстис. Елена Сосланæн йæ къух райста, фæлæ йæ Сослан фырцинæй йæ хъæбысы иыккодта. — Æз куыддæр æрыхъуыстон уæ сæмбæлды хабар, афтæ фынг цæттæ кæнынмæ фæдæн,— Елена йæ уазджытæ мидæмæ хоныныл схæцыди. — Æмæ мах куы нæ æрбацыдаиккам, уæд та? — фæрсы Верæ. — Нæ, мæ хур, æз цы Верæйы зонын, уый йæ цин мæнæн ма фехъусын кæна, уый мæн нæ уырныдта, фæлæ мæхинымæр уымæ дæр цæттæ уыдтæн, ома, кæд нæ фæзынат, уæд мæ сыхбæстимæ æз дæр уæ циныл цин кодтаин. Дзаг фынгыл цыппарæй фæбадтысты, бирæ ныхæстæ фæкод- той. Сосланы Еленайы хæдзарæй рацæуын дæр нал фæндыдис. «Цымæ мын афтæ адджын цæмæн фæцис ацы хæдзар? Верæ дзы кæй цардис, уымæн? — хъуыды кодта Сослан. — Фæлæ та-иу йæхицæй фефсæрмы, Изетæмæ-иу куы бакасти, уæд.— Ау, нырмæ ахæм уавæры куы никуы бахаудтæн, уæд мыл ныр цы ’рцыдис?» Верæ хатыдта, йæ фыд Йзетæмæ йæ каст кæй скодта, уый, фæлæ, цыма ницы бамбæрста, йæхи афтæ дардта. Цымæ цы хуы- зæн уыдис мæ мад та, уымæй дæр æй нæма бафарстон, мыййаг ын йæ зæрдæйы хъæдгæмттæ куы фæцагайон, — хъуыды кодта чызг. — Цæуын афон у. — Верæ йæ фыдмæ бакаст. — Афонмæ нæм Минтæ æнхъæлмæ кæсы. — Мах уый фæстæ ныццæудзыстæм Еленаимæ, сывæллоны дæр ныр æртыккаг бон нæ федтам, — дзуапп радта Изетæ æмæ фынг æфснайынмæ фæци. Сослан æмæ Верæ æнæдзургæйæ цæуыиц, цыма дзы алчи- дæр йæ хъуыдытæй фæивгъуыйынæй тæрсы, уыйау. Уалынмæ Верæ райдыдта Изетæ æмæ Еленайы кой кæнын. 157
— Ацы заууаты хæст адæмæн цы хъизæмæрттæ бавзарын код- та, уый æгæр уыдис. Иу бон мæ Изетæ æнкъардæй æрбаййæфта хæдзары æмæ мæ æфхæрыныл фæцис, цæмæй мæхи ма хæрон, уый тыххæй мын ракодта йæ царды хабæрттæ. Хъуыддаг афтæ рауад, æмæ Изетæйы мад æмæ йæ лæджы мад арæндоны иумæ уыдысты. Кæрæдзийы зæрдæмæ фæцыдысты æмæ баныхас код- той: кæд сæ иуæн лæппу уа, иннæмæн чызг, уæд сæ куыд баиу кæной. 1940 азы институт каст фесты æмæ сæ мадæлты уынаф- фæмæ гæсгæ сæ цард баиу кодтой. Кусын райдыдтой Мæздæ- джы. Æртæ мæйы ацардысты æмæ хæст райдыдта. Лæджы акод- той хæстмæ. Изетæйы ныууагътой, йæ хицау æмæ йе ’фсин ацæргæ уæвгæйæ иунæг кæй уыдысты, уымæ гæсгæ. Елена та Изетæйы хицауæн йæ иунæг хо у, æмæ йæ йæхимæ æрбакодта, хицау æмæ æфсин куы фæзиан сты, уæд. Бирæ фенхъæлмæ кас- тысты уыдон сæ фыртмæ ссæуынмæ, фæлæ... Уæдæ ма йæм Изетæ нырмæ дæр æнхъæлмæ кæсы. Йæ фæ- дыл, дам, иу цъæхдзаст чызг уæддæр куы уыдаид, уæд мæхи ууыл ирхæфсин, йæ уæзæг та афтид нæ уаид. — Адæмы хорзæхæй хайджын адæймаг у Изетæ, мæнæн мæ мады бæсты уыд, уæдæ мыл Елена дæр æрхъæцмæ нæ хъæцыд, мæ цæрайæ цард. Сывæллоныл дæр тынг æнувыд сты. Ме ’фсин сæм æй алы бон кæд нæ, уæддæр бонцухæй хæссы, цæмæй йыл сæхи ирхæфсой. Хæдзармæ куы ’рбахæццæ сты, уæд Дрис сæ размæ рауадис, ныр уæм кæдæй нырмæ æнхъæлмæ кæсæм, зæгъгæ Бинонтæ æмæ сыхбæстæ æмхуызонæй цин кодтой, фыд æмæ чызг кæй сæмбæлдысты, уый тыххæй, бирæ арфæйы ныхæстæ сын фæкодтой. Сослан сæм хъусгæ кодта, уæдæ цин дæр куыннæ кодта, йæ чызджы кæй ссардта, ууыл, фæлæ уæддæр йæ зæрдæйы кæцы- дæр хай ам нæ уыдис. Хъуыды кодта, йæ зæрдæйыуаг Изетæ- йæн куыд бамбарын кæна, мыййаг æй исты рог адæймаг куы фæхона: нырма дыууæ боны йеддæмæ зонгæ не сты. Кæцæй рай- дайон, кæмæн зæгъон мæ хъуыдытæ, зæгъгæ, афтæмæй æхсæв- бонмæ æппындæр нæ бафынæй. Райсомæй сфæнд кодта комкоммæ Изетæмæ бацæуын йæ куыстмæ. — Дæ бон хорз, Изетæ, æмæ фæрнæй кус, — загъта лæг, мидæмæ куы бахызт, уæд. — Æгас цу, Сослан. Цыдæр фæлмастхуыз дæ. Исты дæ риссы? — Нæ, рисгæ мæ бæргæ ницы кæны, æрмæст мæ зæрдæ ныр- хæндæг. Знонæй нырмæ мæ мæ къах ардыгæй нал хæссы... — Æндæр низ дæм ма ’рцæуæд, Сослан. Уый тæссаг низ нæу æмæ йын хос ис æрмæстдæр дæхимæ, — фæлмæи бахудти сылгоймаг. 158
— Изетæ, æргом ныхасы къæм нæй, фæзæгъынц. Ныххатыр мын кæн, мыййаг, дæм мæ ныхæстæ хъыг куы фæкæсой, уæд, фæлæ дын хъуамæ æргомæй зæгъон мæ хъуыды. Нæ чызг Верæ мады ад дæуæй базыдта, æмæ мæ фæнды, цы ма нын баззад, уыцы бонтæ иумæ куы арвитиккам, уый. Æгæр тагъд кæнын, уый æмбарын, фæлæ мæ хъуыды бæлвырд у, фæстиатгæнæн та мын нæй мæ куысты тыххæй. Ахъуыды кæн, Изетæ, æмæ дæ курын, райсоммæ мын дæ хъуыды зæгъ. Сослан Изетæйæн йæ фæндон куы бамбарын кодта, уæд фæстæмæ раздæхтис. Фæстæмæ фæкæсынмæ йæ фæндыди цы ми кæны цыма Изетæ? Фæлæ йæм куыд фæкастаид! — Цæй аходæн скæнæм, науæд æз дæр дæумæ æнхъæлмæ кæсгæйæ æххормагæй баззадтæн. — Бексолтан, стъолы уæлхъус æрбадгæйæ, дзуры Сосланмæ: — Не ’фсин, цыдæриддæр дæм ис, ардæм сæ рахæсс. Уыдон цалынмæ аходæн кодтой, уæдмæ æфсин систа сывæл- лоны авдæнæй æмæ йæ Верæмæ рахаста. — Ацы сывæллон кæд дзурын нæма зоны, уæддæр ын ахо- дæн афон у, уый дæ ферох? — Рох мæ бæргæ нæу, фæлæ, зæгъын, цалынмæ хур кæсы, уæдмæ дзаумæттæ айтауон... — Ныр æртæ боны уæхионты дæр нæ абæрæг кодтай, æмæ сывæллоны дæр мысдзысты Елена æмæ Изетæ. — О, уыдон дæр мæ рох не сты бæргæ, фæлæ мын ницыуал æнтысы... — Тыхсгæ ма кæн, цыдæрридæр дæ зæрды ис, уый кæн, æз дæр куыстытæй мæхимæ райсдзынæн. Мæ гыццыл хуры та уал уартæ йæ бабамæ ратдзынæн, — æмæ сывæллоны бахаста, Сослан æмæ Бексолтан кæрты иуварс аууоны кæм æрбадтысты, уырдæм. — Мæнæ уын æртыккаг æмбал ныхасы бадынæн. — Æри-ма йæ мæ хъæбысмæ мæ хæдзары цæджындзы, мæ зæрдæйы рухсы, уæвгæ йæм мæнæ Сослан дарддæр, мыййаг, у? Уадз æмæ йыл ацинтæ кæна. Бирæ фæныхæстæ кодтой дыууæ лæджы, стæй Сослан сыс- тад, Дрисы, дам, мæ цыдæр хъуыддаджы тыххæй фенын хъæуы. Дрисы дуар куы бахоста æмæ йын йæ хъæлæс куы фехъуыста, мидæмæ, зæгъгæ, уæд цинæй амардис. Дрис йæ размæ рацыд æмæ йæ фæрсы, куыд æм кæсы хъæуы цардыуаг, уымæй. — Хъæуы цардыуаг хорз бæргæ у, фæлæ мæ демæ ныхасаг ис, — æмæ йын хъуыддæгтæ бамбарын кодта. — Фæндагыл мын дæ царды хабæрттæ куы кодтай, уæд æз цæмæдæр гæсгæ Изетæйыл ахъуыды кодтон... Ме ’фсинæн, зæ- 159
гъын, зæгъдзынæн. Уый алцыдæр сæвæрдзæн йæ бынаты, уымæн æмæ сылгоймæгтæ кæрæдзи хуыздæр æмбарынц. Мыййаг, исты загътай Изетæйæн? — Знон ын загътон мæ фæндон, фæлæ мын цы дзуапп рат- дзæнис, нæ зонын. — Багæдзæ кæнæм, изæры не ’фсины ардæм хъæуы, æмæ уый руаджы базондзыстæм Изетæйы зæрдæйыуаг. Науæд топп дзæгъæл гæрах куы фæкæна, уыйау куы фæуа нæ фæнд. Бан- хъæлмæ кæсæм. Диссаг мæм цы кæсы, уый зоныс? Æппæты фыц- цаг æз ахъуыды кодтон дæу æмæ Изетæйы тыххæй, уый фæстæ дæ чызг Верæйы зæрдæ фехсайдта ацы хъуыддагмæ, стæй та дæхæдæг... Ахæм хъуыддагæн æнæ сырæзгæ нæй, æмæ дæ уæд афæстиат кæнын бахъæудзæн ам. — Мæнæ куы бамбарон Изетæйы зæрдæйыуаг, уæд исты æрхъуыды кæндзынæн. Дуары уынæр æмæ сæ куыдзы цины хъыллистмæ Дрис кæртмæ ракасти. — Æгайтма æгас хæдзар ссардтай! — дзуры Дрис йæ биной- нагмæ. — Дæ дзаумæттæ ма ма раив, афтæ бауай Изетæмæ. Знон мыл амбæлд æмæ бафæдзæхста, куыддæр, дам, уæ хæдзары къæ- сæрæй æрбахиза, афтæ æвæстиатæй мæн куыд ссара... — Фæлæуу-ма, нæ лæг, ай нæм æнахуыр уазæг куы сæмбæл- дис, уæд уый разæй сыхæгтæм куыд батагъд кæнон? Куыд бам- бæрстон, афтæмæй Верæйы фыд дæ? — О, уый дæн. Мæ ном Сослан. — Мæн ном та Дзерассæ. — Ауай, ауай, уый фæстæ хæстæгдæр базонгæ уыдзыстут, — Дрис рахæцыд Дзерассæйы цонгыл æмæ йæ дуары ’рдæм аздæхта. Изетæйæн æхсызгон уыдис, Дзерассæ йæ хæдзары иунæгæй кæй æрбаййæфта, уый. — Дзерассæ, мæ дуне! Цы хорз у, кæй æрбауадтæ, уый! Ныр дыккаг бон, æхсæв хуыссæг нæ зонгæйæ, хъуыдыты бахаудтæн æмæ, кæимæ бауынаффæ кæнон, уый мын нæ уыдис. Цæвиттон мын Верæйы фыд æргомæй бамбарын кодта, цæмæй нæ цард баиу кæнæм. Дзуапп раттын та хъæуы æппын фæстæдæр, изæры кæд нæ, уæд райсом. — Мæнæ диссæгтæ! — æрцагъта йæ къухтæ Дзерассæ. — Æз куы фехъуыстон, Верæйы фыд фæзындис, зæгъгæ, уæд мæ фыц- цаг фарст уыди: бинойнаг ын ис æви нæ. Нæй, зæгъгæ, мын куы загътой, уæд ахъуыды кодтон, цы хорз уаид, Изетæимæ сæ цард куы баиу кæниккой, уæд. Ныр дæр махмæ бады Сослан нæ лæ- гимæ. Тынг хорз хъуыддаг у, Изетæ, уымæн æнæ рауайгæ нæй. — Уый бæргæ, фæлæ цы цæсгомæй зæгъон æз Еленайæн, мой 160
кæнын, кæд æмæ йæ баныгæнынмæ дæр мæнмæ æнхъæлмæ кæсы! Уæвгæ, чи фæразæй уыдзæнис, уый бæрæг нæй. Ахъуыды кæн- гæйæ, Дзерассæ, уымæн ма æз дæн зæрондæй, фæлæ мæнæн та чи уыдзæнис, афтæ куы цæрон, уæд? Иуныхасæй, Дзерассæ, ды куыд бауынаффæ кæнай, афтæ бакæндзынæн, уымæн æмæ ныр дыккаг бон мæ сæрымагъз сдон ис фырмæтæй. Ноджы ма Верæ дæр никуыцæй зыны, æмæ бынтондæр мæ зæрдæ нырхæндæг. — Зæгъ-ма, Изетæ, æргомæй: дæ зæрдæмæ цæуы? — Раст зæгъгæйæ, куы йæ федтон, уæдæй нырмæ мæ зæр- дæйæ нæ хицæн кæны. — Гъе уый у уæдæ æппæты рахæцæн. Иннæ хъуыддæгтæ иууылдæр мæхи бар уадз. Елена дуарæй куыд бахызтис, афтæ Дзерассæ йæ размæ фæци. — Цы хорз у, Елена, кæй æрбацыдтæ, уый! Æз ма мæхины- мæр хъуыды кодтон, дзæгъæл цыд фæдæн, зæгъгæ. Елена, демæ мæ аныхас кæнын хъæуы, Изетæ нæ цуры куыд нæ уа, афтæмæй. — Цом-ма мидæмæ. Цымæ зæххыл ахæм хъуыддаг ис, Дзе- рассæ, ды кæй не слæууын кæнай йæ къахыл?! — Бæргæ-бæргæ, фæлæ мæнæ ныр цы хъуыддаджы фæдыл æрбацыдтæн, уымæй исты рауайа, нæ зонын. Нырма абон æрцыд- тæн горæтæй æмæ нæхимæ æрбаййæфтон Верæйы фыды. Сæ зæрды ис, цæмæй Верæйы фыд Сослан æмæ Изетæ сæ цард баиу кæной, фæлæ дæумæ сæ ныфс нæ хæссынц уый бакой кæнынмæ. — Адæм цы сфæнд кæной, ууыл æз дыууæ нæ зæгъдзынæн, уымæн æмæ бирæ ныййарæг мад ахæм хорздзинад нæ бавзæрста йæ чызгæй, æз Изетæйæ кæй федтон, æмæ уый амонд мæнæн дæр амонды хъуыддаг у. Æрмæст, Дзерассæ, æппæтдæр дæхæ- дæг бамбарын кæн Изетæйæн. Мæнмæ йæ зæрдæ ма ’хсайæд, исты амæлттæй цæрдзынæн, стæй мæ Хъазыбег æмæ Верæ дæр рохуаты нæ ныууадздзысты. Æмæ куыд æнхъæл дæ, Дрис Верæйы фыдимæ куы ныхас кодтой, уæд дæуыл нæ ахъуыды кодтой? Верæйы фыд загъта: «Иугæр хъуыддаг уымæ куы ’рхæццæ уа, уæд æз, мæ иунæг чыз- джы мын цы ус барæвдыдта, уый ам уадзын? Изетæ кæд сразы уа мæ фæндыл, уæд, уый кæм уа, Елена дæр уым уыдзæнис». Уыцы ныхæстæм сусæгæй хъуыста Изетæ дæр æмæ дисæй мардис, Нырма Сосланимæ ныхас дæр нæма акодта, афтæмæй йæ ныфс уыйас уынаффæтæм куыд бахаста? — Цон ныр та Изетæйæн бакой кæнон, — рацыдис Дзерассæ хæдзарæй. — Цæугæ кæныс, Дзерассæ? — Изетæ йæ размæ рауади, — истæмæй дæ уæддæр хорз фенæм. 11 Сансиы Еленæ 161
— Нæ, мæ хур, нырма мæ демæ ныхасаг ис, Изетæ, кæд мæ æвдæлгæ нæ кæны, уæддæр. — Уагæры цытæ кусыс изæрыгон? — Нæ хæдзары æхсызгон уазæг ныууагътон æмæ йын исты арæвдз кæнын нæ хъæуы! Елена сæ куыд нæ хъуса, афтæмæй ма цыдæр ныхæстыл бафæстиат сты, æмæ рацыдис Дзерассæ. Хъуыды кодта, кæд истæмæй фæрæдыди, мыййаг. Сосланы зæрды куы нæ уа Еле- найы акæнын, уæд куыд... — Уæ хæрзæггурæггаг мæн, — загъта, къæсæрæй бахизгæйæ, Дзерассæ. — Æрмæст ма фидауджытæ хъæуы, æндæр хъуыддаг конд у. Сослан фестади йæ бадæнæй. — Æцæг зæгъыс, Дзерассæ? Куыд дын бантысти, дæ хорзæ- хæй? Дзерассæ дзурын куы байдыдта хабæрттæ, уæд Сослан æмæ Дрис худæгæй мардысты, Дзерассæйы дзырдарæхстыл. — Худын дæр хорз у, фæлæ хъуыддаг куыд æгъдауæй æрцæу- дзæн æххæстгонд, ууыл ахъуыды кæнут, — загъта Дзерассæ æмæ рацæйцыдис æхсæвæр кæнынмæ, фæлæ йæ Дрис фæурæдта: — Фæлæуу-ма, не ’фсин, ацы хъуыддаг дæр мах æнæ дæу нæ алыг кæндзыстæм. Кæд уынаффæ, уæд — иумæ. Фидауджытæ уыдзысты Бексолтан æмæ Дзамболат, — дзуры Дрис. — Зæгъæм, разыйы дзуаппимæ рацыдысты, уæд дыккаг бон — Мæскуымæ? — Нæ, уый гæнæн нæй! Уый йæ сæрмæ не ’рхæсдзæнис Изетæ, стæй Еленайæн дæр хъыг уыдзæнис. — Мæнæ йæ, нæ лæг, нæхимæ æрхæссæм, куыд æмбæлы, афтæ, стæй, иуцалдæр боны фæстæ, сæ уынаффæтæ — сæхи бар, æндæр гæнæн нæй. — Ехх, не ’фсин, ды мын куы нæ уай, уæд мын цард дæр нæй. Сосланæн дæр мæнау нæ хо ис, нæ ’фсымæр, æмæ, зæ- гъын, нæ мæгуыртæ баиу кæнæм —æфсымæртæ уыдзыстæм. — Уыцы хъуыддаг дæр æгъдауыл бакæнын хъæуы, æндæр, æфсымæртæ уыдзыстæм, зæгъынæй нæ ахицæн уыдзæнис, уымæн æмæ дзы мæнмæ дæр хауы, тиуæн цы æгъдау кæнын хъæуы, уый. Сосланæн ма рæстæг къуыри æмгъуыдмæ куы радтой йæ куы- стæй, уæд дыккаг бон Бексолтан æмæ Дзамболат Еленайы дуар бахостой. — Уазджытæ нæ уадзут, хæдзаронтæ?! — Уæууа, уый та куыд? Кæдæй-уæдæй ма нæ абæрæг кодтай, Бецсолтан, — Елена сæ размæ рауад. — Куыд у уæ гыццыл? Ныр цалдæр боны Верæ дæр нæ зыны, æмæ йæм мæ зæрдæ ’хсайы. — Уыдонæн ницы у, фæлæ мах дыууæйæ абон ам хъуыдда- джы фæдыл сæмбæлдыстæм. Дардыл нæ дзурдзыстæм, уымæн 162
æмæ, кæй тыххæй æрбацыдыстæм, уымæн бирæ рæстæг нæ рад- той ам афæстиат кæнынæн. Елена, Изетæ хæдзары ис? — Нæй. Ныртæккæ йæ ардæм хъæуы. Æрбадут уал, — Уый та — хуыздæр, — дзуры Бексолтан. — Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ Верæйы фыд Сосланæн хæсты рæстæг йæ биной- наг куы бабын, уæдæй нырмæ фыццаг хатт фехсайдта йæ зæрдæ сылгоймагмæ, цардæмбалæн мæ куы уаид, зæгъгæ. Æмæ уыцы сылгоймаг у Изетæ. Махмæ афтæ кæсы, уыдон кæрæдзийы зæр- дæмæ куы нæ фæцыдаиккой, уæд дунейы царды цыдæр раст арæзт нæ рауадаид, æмæ нæ фæнды, дæумæ куыд кæсы ацы хъуыддаг, уый базонын. Мах хорз æмбарæм — Изетæ дæ ныха- сы сæрты нæ ахиздзæнис, уый. Уæдмæ Изетæ дæр фæзындис, æмæ Еленайæн дзуапп дæт- тын фенцондæр. — Мæнæ йын йæхи бафæрсут, уымæ цы уынаффæ уа, уымæй аразгæ уыдзысты мах уынаффæтæ дæр. — Изетæ, раст зæгъы Елена, уынаффæйы сæр ды дæ, æмæ ам аиппæй ницы ис. Де ’гъдау, дæ кæстæриуæг, дæ ахаст нæ хъæуы адæм æмбисондæн мысдзысты, фæлæ дыл бонтæ иунæгæй куы ныддаргъ уой, уæд дын зын уыдзæнис, дæ мойæн та, рухс дзæнæ- ты бадæд, ницыуал пайда у, — загъта Дзамболат æмæ æрлæууыдис. — Мæнæн мады хуызæн чи у, æмæ æвæгæсæгæй кæй нæ ныууадздзынæн, уый цы зæгъа, ууыл æз дæр разы дæн. — Гъе уый дын уæздан æмæ зондджын дзуапп. Ныр мах нæ уынаффæ кæндзыстæм дарддæр, ды та дæхи хъуыддæгтæм аздæх. Бексолтан æмæ Дзамболат бинонты цæрæнбоны тыххæй ба- нызтой, хатыр ракуырдтой, ацы хæдзарвæндагæй чи ацыдис се ’цæг дунемæ, уыдонæй. Уый фæстæ Елена рахаста æртæ чъи- рийы æмæ карк. — Ау, æмæ дæм кæд адæттæ цæттæ уыдысты, уæд уал нын цыхт æмæ дзул цæмæн æрæвæрдтай?— фæрсы Бексолтан худгæйæ. — Афтæ ницы зонынæнхъæл мын дæ, Бексолтан? Абон мын Дзерассæ куы фехъусын кодта, изæры уæм минæвæрттæ уыдзæ- нис, зæгъгæ, уæд мæхи барæвдз кодтон. Ныртæккæ нæ сыхы лæг- тæй искæмæты фæдзурдзынæн, æмæ уæ хъуыддаг кæндзыстут. Уайтагъд сыхы лæгтæ æртæйæ дуарыл бахæцыдысты. Ску- ывтой лæгтæ, Сослан æмæ Изетæйæн сæ цард нырмæ куыд уыд, уымæй амондджындæр куыд уа, кæрæдзийы æмбаргæйæ, кæрæ- дзиуыл аудгæйæ зæронды бонмæ сæхи фæндиаг куыд цæрой, Еле- найы зæрдæ дæр сæ рухс куыд кæна, уыцы сидтытæ фæкодтой. Еленæйæн бамбарын кодтой, — хъуыддаг Дрис йæхимæ кæй райста, уый. Елена, мацæуыл тыхсæд, æрмæст, кæмæн æй фæн- ды, уыдонæн фехъусын кæнæд: афтæмæй иннæбон, хуыцаубон 163
— чындзæхсæв, — сæ ныхас балхынцъ кодтой фидауджытæ. Стæй хæрзизæр загътой фысымтæн æмæ араст сты Дрисы хæдзармæ. — Кæд уæ нæ фæндыдис, уæддæр нæ цæмæй дзæгъæл рацу-бацу кæнын мауал хъæуа, уый тыххæй баныхас кодтам: дыууæ боны фæстæ, раст хуыцаубон, — чындзæхсæв, — загьтой фидауджытæ. Уый куы фехъуыста Дзерассæ, уæд бакатай кодта: — Ау, æмæ мæ æфснайын дæр нæ хъæуы, стæй куыд ацæттæ уыдзыстæм хуыцаубонмæ? — Тыхсгæ ма ма кæн, не ’фсин, адæм хорз сты æмæ нæм фæкæсдзысты. Тынг хорз дзуаппимæ æрбацыдыстут, Бексолтан æмæ Дзамболат. Стыр бузныг. Уыцы ныхæстæм Сослан дæр фæныфсджындæр. — Æхцайæ мацæуыл ауæрд. Æз мæхæдæг нæ зонын, цы кæ- нын хъæуы, уый, фæлæ, Дзерассæ, цыдæриддæр æмбæлы, дæумæ гæсгæ, цæмæй хъуыддаг æнæзæрдæхудтæй ацæуа, уый мын дзур, æмæ æххæст кæнын мæ бар уадз. — Сослан, ды ма мæ бамбарыс, кæннод нæ лæгæй пайда нæй. — Бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. Ныр æнафон у, æмæ нæ фæллад суадзæм, — загъта Дрис, — Ды та Сослан, хорз бафы- нæй кæн, науæд хуыздзыд æмæ фæллад сиахс кæй хъæуы? Райсомæй адæмыл айхъуыстис, Изетæ Верæйы фыдмæ кæй мой кæны, сæ чындзæхсæв та Дрисы хæдзары кæй уыдзæнис хуыцаубоны. Верæ куы фехъуыста, хъуыддæгтæ афтæ рæвдз ацыдысты, уæд ыл кæуылты сбон ис, уый нал зыдта. Райсомæй раджы балæууыд Еленæтæм. Изетæимæ сæ иумæ бадгæ баййæф- та. Йæхи сыл баппæрста æмæ йæ кæуынæй нал æнцадис. — Сымах дыууæйæ, æвæццæгæн, мæ зæдыхæйттæ уыдыс- тут, æндæр уыцы æнахъомæй дæр куыд скарстон, сидзæрты хæ- дзарæй мæ исчи куы иса, уæддæр никæмæ ацæудзынæн цæрынмæ. Уый æз сымахмæ æнхъæлмæ кастæн, æвæццæгæн. Басабыр кодтой Верæйы, æмæ сын ныр та фырцинæй зæр- дæтæ æвæрынмæ фæци, тынг хорз уыдзæнис алцыдæр, тыхсгæ ма кæнут, зæгъгæ. Райсомæй Дзерассæ йæ хæдзары куыстытæ конд куы фæ- цис, уæд æм Дрис дзуры: — Цæй, цы кæнæм абон? — Ды дæ куыстмæ ацæудзынæ, Сослан та Изетæмæ бауай- дзæн, бауынаффæ кæнын сæ уæддæр хъæуы. Æз та хъæуыл æрзилдзынæн. Изетæ афонæй-æнафонæй кæй хæдзарæй нæ ба- каст ныр ссæдз азы дæргъы, уый куынæ ис, уæд ын йæхи ма ’рх^уыды кæной ахæм бон, уый гæнæн куыд ис?! Стæй иумæ изæры аныхас кæндзыстæм. — Дæ райсом хорз, Изетæ, — Сослан Изетæйы кабинеты дуарæй бахызт. 164
— Кæй райсом у, уый хорзæх дæ уæд, — сыстад йæ бынатæй сылгоймаг. — Афтæ рæвдз уайдзысты хъуыддæгтæ, уый æнхъæл нæ уыд- тæн, кæд мын тынг æхсызгон у, уæддæр. Æфсæрмытæ ма кæнæм, ныр æз мæхицæй амондджындæр никæй хонын, æрмæст нæ зонын, цы кæнын хъæуы дарддæр, уый, æмæ дæуимæ ауынаффæ кæнынмæ æрбацыдтæн, кæд мын, мыййаг, æмбæлгæ нæ кодта, уæддæр. — Ацы хъæуы нæ, фæлæ Ирыстоны дæр зын ссарæн уыдзæ- нис уынаффæ бакæнынмæ Дзерассæйы хуызæн. Уый дæ ардæм барæй æрбарвыста, æндæр ын алцыдæр хъуыдыгонд у. Аныхæстæ ма кодтой иуцасдæр, стæй Сослан, Верæйы абæ- рæг кæнон, зæгъгæ, рацыд. Изæрæй йын Дрис загъта: Дыууæ кусæрттаджы рахицæн кæндзысты колхозы фосæй. Бæ- гæнытæ æмæ нозты тыххæй Дзерассæ баныхас кодта сыхæгтимæ. — Гъе æрмæст лæвæрттæм районмæ ацæуын бахъæудзæнис мæн Сосланимæ кæнæ Изетæимæ æмæ нын бидаркæ ратт, — загъта Дзерассæ. — Мæ бар уадз бидаркæ. — Уæдæ хардзыл ма тыхсут, цы мæм ис, уыдон лæвæрттыл бахардз кæндзынæ, Дзерассæ. Кусæрттæгты æхца та æз дыккаг бон рарвитдзынæн. — Цытæ дзурыс? Иу кусæрттаг мæнæй у, иннæ та æхсæны хардзæй. Изетæ, дам, нын бирæ фæлæггад кодта æмæ иу кусæрт- таг æхсæны хардзæй барвитдзысты Еленайы хæдзармæ. Сабаты Дзерассæ æмæ Сослан бидаркæмæ куыд æнхъæлмæ кастысты, афтæ чидæр кулдуар барджын хост æрбакодта. Дуа- ры æрбахост æмæ Дрисы æрбахæццæ баиу сты. Уæдмæ Сослан æмæ Дзерассæ дæр уынгмæ рацыдысты. Дрис Сосланмæ бакæсы, Сослан — Дрисмæ, фæлæ бæлццæтты — æртæ æрыгон лæппуйы — ничи зоны. — Куыд æмбарын, афтæмæй ды Сослан дæ, — зæгъгæ, æртæ лæппуйæ хистæр хæстæгдæр бацыдис Сосланмæ æмæ йæ йæ хъæ- бысы ныккодта. — Хатыр бакæнут, фæлæ мæ кæцæй зонут, æмæ уæ цы Хуы- цау æрхаста абон ардæм? — Уазджыты уал мидæмæ бахонæм, стæй ныхас дæр кæн- дзыстæм. Мидæмæ, лæппутæ! — дуар байгом кодта Дрис. Уазджыты кæрты æнгуз бæласы бын æрбадын кодтой, æмæ сæ хистæр дзурын райдыдта: — Иу рæстæг хæхбæстæй адæм быдырмæ лидзын куы бай- дыдтой, уæд нæ хъæуы махæй дарддæр цæрæг нал баззад. Нæ мад, идæдз сылгоймаг, нал уæндыдис йæ цыппар æнахъом сы- 165
вæллонимæ иунæгæй. Иу райсомраджы нæ иунæг хъуджы сæрбо- сыл хæцгæйæ рараст, мах йæ фæдыл, афтæмæй быдырмæ. Цас сагъæс уыдис уыцы рæстæг нæ мады, уый мах, æнахъом сабитæ, не ’мбæрстам. Мæныл уæд цыдис фараст азы, не ’ппæты кæстæр та — æртыккаг азы уыд. Куырттаты комæй куы рахызтыстæм, уæд нæ мад æрлæууыдис æмæ нæ кæстæрмæ дзуры: «Зæгъ-ма, кæдæм аздæхæм рахизырдæм æви галиуырдæм?» Уый бацамыдта галиуырдæм (ома Уæлладжыры комы ’рдæм). Мæнæн хъыг уыди, уый цæмæн бафарста, æз хистæр куы дæн? Æмæ мын уæд мад бамбарын кодта, фыдæлтæй кæй баззадис ныхас, æнахъом сы- вæллон кæй зæгъа, уый хуыздæр вæййы, зæгъгæ. Иу хъæугæ- ронмæ бахæццæ стæм. Кæсæм, æмæ уынджы иу лæппу сæ дуармæ сагъæсхуызæй бады. Нæ мад хъуджы бæласмæ абаста, мæныл мæ кæстæрты бафæдзæхста, ам афæстиат ут, мæн ныртæккæ ардæм хъæуы, зæгъгæ. Уый фæстæ куыд дзырдта, афтæмæй уыцы лæп- пуйы бафарста, ахсæв мæ мæ цыппар сывæллонимæ чи бауазæг кæна, ахæм искæй кæд зоныс, цæмæй уынджы ма баззайæм. Ууыл та цæуыл тыхсут, зæгъгæ, не ’ппæты кæстæр æфсымæры йæ хъæ- бысы фелвæста æмæ нæ сæхимæ бакодта, уым нæ сарайы стыр стъолы алыварс рабадын кодта, нæ мадæн бацамыдта, кæм цы æвæрд ис, уый æмæ нæ хорз федта, уæларт цы хæринаг уыд, уымæй. Уыцы хъæрмхуыппы ад нырма дæр нæ комы ис. Изæрæй лæппу йæ хæдзарæй рацыдис. Нæ мадæн бафæдзæхста: — Мæнæ дын хæдзар, цыдæриддæр дзы ис, уыдон дæр дæу. Æз ам цæрынмæ нал хъавын. Уый фæстæ куыд базыдтам, афтæмæй йæ мады бынтæ та ныууагъта, йæ фыд Дзабоимæ фыййау цы æрыгон лæппу цыдис, уымæн. Уый дæр ам уаид, фæлæ балцы ацыдис æмæ ацы хаба- рæн ницы зоны. Уымæн рацыдис æртæ чызджы æмæ лæппу. Чызджыты хистæр, уæ фарн бирæ, у мæ бинойнаг. Уазæг исдуг хъусæй алæууыд, стæй аздæхт Сосланмæ. — Гъеныр æппæт дæр зоныс, нæ зынаргъ Сослан. Мах зыд- там, Ирыстоны куы вæййыс, уæд дæ ныййарджыты ингæн æнæ бабæрæг никуы ныууадзыс, фæлæ дæ хæдзармæ никуы ’рба- цыдтæ, мыййаг нæ куы бахъуыгдарай, уымæй тарстæ. Мах æртæйæ фестæм арæзтадон техникум. Мæнæ мæ дыууæ кæстæ- ры ма фæсаууонмæ ахуыр кæнынц Ростовы. Хæдзар нæ алкæ- мæн дæр ис, фæлæ дæ хæдзар дæр нæ уæгъд кæнæм, уымæн æмæ де ’ссыдмæ æнхъæлмæ кæсæм. Кæддæр дæ хъæбысы цы гыццыл лæппуйы фелвæстай, уый ахуыр кæны Мæскуыйы, Æфсæддон академийы æмæ кæмдæр сæмбæлдис ацы хъæуккаг лæппу, Коляйыл æмæ нын уый хабæрттæ фæкодта. Мах уыдæттæ куы фехъустæм, уæд загътам, хъуамæ дæ циндзинадыл бацин кæнæм, æмæ мæнæ уыныс, дæ цуры стæм. 166
— Ай нæм диссаджы уазджытæ куы сæмбæлдис! — дзуры Дзерассæ: — Марадз, Сослан, дæ хъару æмæ дæхæдæг. Къæр- чытæ иуцалдæр рацахс. Цалынмæ Дзерассæ фынджы кой кодта, уæдмæ уазджытæ та, сæ бричкæйы цы æвæрд уыдис, уыдон хæдзармæ хастой. Утæппæт лæвæрттæ куы федта Дзерассæ, уæд Дрисмæ дзуры: — Арвит дæ бидаркæ, мах никæдæмуал цæуæм. Гъа, дыууæ тохъхъылы æмæ нозт фæуæнт, фæлæ утæппæт лæвæрттæ цы фæкæндзыстæм ? Æнæ радзургæ кæм фæци Дзерассæ Изетæйæн нæ, фæлæ сыхæг- тæн дæр, афтæмæй уазджыты кой æнæхъæн хъæуыл айхъуыстис. — Афтæ у, хорздзинадæн сæфæн нæй, — дзырдтой устытæ. — Абон уа-райсом уа, искуы йын æнæ разынгæ нæй. Дæуæн æй куынæ бафидой, уæддæр дæ кæстæртæ хайджын уыдзысты уыцы хорздзинадæй. Æвæдза, фыдракондæн дæр йæ фæстиуджытæ афтæ ахадынц. Фæссихорафон Сослан æртæ æфсымæримæ ныхæстæ кæн- гæйæ рацыдысты доны былмæ. Нæртон куывды бадæгау æрбад- тысты егъаугомау дуртыл æмæ сыл, хæххон тыхамал цæрдты- тæй алы хъуыддæгтæ мысгæйæ, баизæр. — Цæй, уый фæстæ мысдзыстут рагон царды хабæрттæ, фæлтау цомут, кæд истæмæ, мыййаг, фæкæсын дæр хъæуы би- нонтæм, — зæгъгæ, — сыстадис æфсымæрты кæстæр. Дзерассæйы баййæфтой хæдзар æфснайгæ. — Дзерассæ, бахатыр кæн, — Сослан бузныггадæй æрхæцæ- гау кодта сылгоймаджы уæхскыл, — мæн тыххæй дæхи куысты- ты бын фæкодтай... — Тæрсгæ ма кæн, искуы дын сæ бафидын кæндзыстæм, мæнæ нæ кæстæртæн чындзæхсæвтæ кæнын куы райдайæм, уæд дæ сæр бахъуыди... — Ахæм алæмæты ран цæрут, Дзерассæ, æмæ мæнæ нæ кæс- тæр æфсымæр сфæнд кодта ам хæдзар саразын æмæ ам æрцæ- рын, — дзуры хистæр æфсымæр. —Ноджы ардыгон чызджытæ йæ зæрдæмæ фæцыдысты æмæ... — Æмæ афтæ куы загътат, уе ’ппæт дæр хæдзæрттæ стут. — Хæдзæрттæ стæм, фæлæ нæ кæстæр афæстиат. Ростовы ахуыр кодта, æмæ йæ нæ равдæлдис. — Хуыздæрæй хуыздæртæ бирæ ис. Кæй зæрдæмæ чи фæ- цæудзæнис, уымæн чи цы зоны! — йæ ныхасы хай баппæрста кæстæр æфсымæр Валодя. — Амæ ничи кæсы?! Мах æнхъæлдтам, æмæ йæ зæрды ус ракурын никуы æрæфтдзæнис, уый та хуыздæртæй хуыздæры æвзары. 167
— Тынг раст зæгъы, сылгоймаг æрмæст бакастæй нæу. Мæнæ ды, Сослан, æнæ Изетæ ацæуинаг нал дæн, зæгъыс, æмæ цæмæн афтæ ныхъхъуыды кодтай? — аздæхти Дзерассæ Сосланмæ. — Верæйæн йæ сидзæры бонтæ чи ферох кæнын кодта æмæ йæ ахæм æгъдауимæ моймæ чи радта, уыцы сылгоймаг ма исты гуырысхойаг уыдис? Ссæдз азы дæргъы йæ хицау æмæ æфсинмæ фæкасти, хæдзар сын сарæзта, мой кæнын дæр нæ бакуымдта. Уый æнцон нæу. Стæй бирæтæм ахæм хъару нæ разындзæн. — Цомут мидæмæ, æхсæвæр хæрын афон дæр æрцыдис, ныр- тæккæ нæ хæдзары хицауы дæр ардæм хъæуы æмæ иумæ ны- хæстæ кæндзыстут, — ныхас иннæрдæм фездæхта Дзерассæ. Уæдмæ фæзынди Дрис дæр æмæ фынгыл рабадтысты. — Уæуу, мæнæ цы хъæздыг у мæ хæдзар ацы æхсæв нæлгоймагæй! Æвæдза, цæй амондджын у, бирæ æфсымæртæ æмæ хотæ кæмæн вæййы! Мæнæн та мæ фыд, иуæй, бинонты хъуыддаг æрæгмæ бакодта, стæй та хæст райдыдта, æмæ зыбыты иунæгæй схъомыл дæн. Бирæ ма фæныхæстæ кодтой фондз нæлгоймаджы, стæй зæр- диаг фынæй аисты, — райсом сæм ахсджиаг хъуыддæгтæ æнхъæлмæ каст. Сихормæ хæстæг адæм æмбырд кæнын байдыдтой Елена æмæ Изетæйы хæдзармæ. Алкæй дæр фæндыдис зæрдæбын арфæтæ ракæнын Изетæйæн. Æмæ куыд нæ, кæд æмæ ссæдз азæй фыл- дæр, рынчынæн феххуыс кæныны охыл кæй къæсæрæй нæ ба- хызт, уый дæр иу æмæ дыууæ хатты нæ, фæлæ бирæ хæттыты, ахæм иу хæдзар дæр нæ баззади, уæд! Елена мæты бацыдис, цы сцæттæ кодта, уыдон адæмæн куынæ сфаг уой æмæ зæрдæхудтæй куы ацæуой. Дрис утæппæт адæм куы федта, уæд сæхимæ батагьд кодта. Хæдзары уыдис æрмæст Дзерассæ. — Хъуыддæгтæ хорз цæуынц, куыд бауынаффæ кодтам, афтæ, рагæй дæр адæмы æхсæнмæ чи нал цыдис, нæфæразгæ дæн, зæгъгæ, уыдонæй дæр иу фæсте нæ баззад. Æмæ Елена катай кæны, уыйас адæмы, куыд æй фæнды, афтæ куынæ бауа йæ бон суазæг кæнын. — Æппындæр-ма ма тыхс уый тыххæй. Мах дыууæ хæдза- рæй дæр иу хъуыддагыл цин кæнæм, ууыл у абон хъæубæсты цин дæр æмæ баиу кæнæм чызгæрвыст æмæ чындзхасты хабæрттæ æнæуæлдай митæй. Афтæ хуыздæр уыдзæн. — Уæд Сосланæн дæр зæгъын хъæуы. — Æз дæр дын афтæ нæ зæгъын, æмæ мах уынаффæ æгъгъæд уыдзæнис. Хъæуы хистæртæй дæр искæмæ бадзур. Хъæуы цæрджытæн се ’ппæты зæрдæмæ дæр фæцыдис уыцы хъуыды. Хъæубæстæ зæрдиагæй фæбадтысты дзаджджын фынг- тыл, фæкафыдысты, фæзарыдысты. Дзамболаты фырт Зауыр 168
кафынмæ куы рахызт, уæд афтæ басабыр сты иууылдæр, цыма дзы змæлæг дæр нал уыдис. Лæппу кафт куы фæци, уæд Бек- солтан размæ рацыди. — Мæнæ хорз адæм, мах абон ацы циндзинады нæ бадиккам, Сослан æмæ Изетæйы амондыл цин нæ кæниккам, Дзамболаты цæринаг гуырд ахæм зæрдæджын, куы нæ разындаид, Верæйы зын цæрдтытæ йæ зæрдæмæ хæстæг куы нæ айстаид, йæ гыццыл зæрдæ куы нæ фæрыстаид мæ уæздан чындзы хъысмæтыл, уæд. Æз бирæ нæ дзурдзынæн, фæлæ Хуыцауæй уыцы хорздзинад курын, цæмæй нæм Зауырбеджы хуызæн фæсивæд фылдæр уа, уæд нæ фидæн уыдзæн рухсдæр, амондджындæр. Дæ цæрæнбон бирæ уæд, Зауырбег, дæ мад æмæ дæ фыды фæндиаг дæ Хуыцау скæнæд! — Бексолтан лæппуйы йæ хъæбысы æрбакодта, стæй фæндырдзæгъдæджы ’рдæм ацамыдта: — Фæндыр! Æмдзæгъд, фæсивæд! Ныр та мæ рад у! — æмæ хъазтмæ рахызти. Хорз фæцин кодтой хъæубæстæ Изетæ æмæ Сосланы амон- дыл, фæлæ алцæмæн дæр кæрон вæййы, афтæ бонырдæм адæм, Изетæйæн фæндараст зæгъгæйæ, ацыдысты сæ хæдзæрттæм. Райсомæй Сослан æмæ Изетæ араст сты хъæуæй. Изетæйæн зын уыдис йæ уарзон хъæу, йе ’рыгон бонтæ кæм æрвыста, уырдыгæй фæхицæн уа, уый. Фæлæ та-иу йæхицæн зæрдæтæ авæрдта: «Цæй, ныр мæм Верæ, цы уыдис, уымæй хæ- стæгдæр уыдзæнис. Уæдæ Еленайы дæр мæхимæ акæндзынæн». Æмæ та йын-иу ын фенцондæр. Бæхтæрæг ын цыма йæ хъуы- дытæ бамбæрста, уыйау, Сосланмæ бакæсгæйæ, загъта: — Изетæ æнæхъæн хъæуæн дæр сæ зæрдæдарæн, сæ ныфс уыдис бахъуыды сахат, фæлæ цардæн йæ кæнонтæ æнæ кæнгæ нæй. Исты Амырыкмæ, мыййаг, куынæ цæуыс. Æрцæудзынæ та- иу нæм, абæрæг та-иу нæ кæндзынæ! Вагоны сæ бынæтты куы бацахстой, уæд æнхъæл уыдысты, ноджы ма дзы исчи уыдзæнис, зæгъгæ, фæлæ, сæ амондæн, ку- пейы дыууæйæ фæцыдысты суанг Мæскуымæ. — Изетæ, æз дæу тыххæй бирæ хабæрттæ базыдтон ацы бон- ты æмæ мæм ницы фарст ис, фæлæ дæуæн зындæр у, уымæн æмæ дæуæн мæ хабæрттæ, мæ кой чи ракодтаид, ахæм нæ уыдис. Æгæр-мæгуыр мæ иунæг чызг дæр ницы зоны мæ цардæн, фæлæ дын ард хæрын, цы цæрæн бонтæ ма мын баззадис, уыдон дын нывондæн æрхæсдзынæн... — Æз дæр мæ зæрдæ дарын мæхиуыл, кæй бацархайдзынæн, цæмæй мацæуыл фæфæсмон кæнай, фæлæ мын истытæ куы ра- дзурис, уый мæ тынг фæнды, куыд цардтæ хæсты фæстæ, Зау- рик дæ цы къамы базыдта, уый хабæрттæ. Сослан уыцы ны- хæстæ куы фехъуыста, уæд Изетæйы йæ хъæбысы ныккодта, æмæ йæ кæуынмæ бирæ нал хъуыд, афтæмæй загъта: 169
— Ехх, Изетæ, æз ссæдз азы дæргъы куыд æнхъæлмæ кас- тæн ахæм ныхасмæ, уый куы зонис. — Кæд дын, мыййаг, зын у, уыцы койтæ кæнын, уæд мæ фæлтау ницы хъæуы. — Нæ, мæ зæдыхай. Мæн-иу арæх æрфæндыд искæмæн мæ царды хабæрттæ фæкæнын, фæлæ æддагоны уыдон ницæмæн хъуыдысты, хион та мæнæн нæ уыдис. Хæхбæстæй куы рацыд- тæн, уæд уырыссагау иунæг ныхас дæр нæ зыдтон, æмæ мæ куыстмæ райстой иу хуыцауыуарзон лæппу Саламбеджы руа- джы. Уый заводмæ бацыдис мемæ, æмæ балæгъста кодта хица- уæн, цæмæй мæ куыстмæ райсой. Уыцы лæппуйы æмхæрæфырт Аминæт фæстæдæр ссис мæ бинойнаг — Верæйы мад. Хæстмæ мæ куы кодтой, уæд мын загъта, тагъд нæ бинонтыл бафтдзæ- нис, зæгъгæ. Мæ цинæн кæрон нæ уыдис, фæлæ хæст ракъах- джытæн цы загъдæуа!.. Иунæг хатт дзы райстон фыстæг... — Сосланæн йæ цæстытæ доны разылдысты æмæ сæ аивæй асæрф- та. — Севастополы куы фæцæф дæн, уæд мын операци скодта, мæнæ уæ хъæуккаг лæппу Хъасболат. Дыккаг бон мæм бæрæг- гæнæг бацыдис, æркæстытæ мæм кодта, æмæ мын куы загъта, æвæстиатæй йæ уæззау цæфтимæ æндæр ранмæ æрвитынц, уæд æм радтон, мæ бинойнагимæ ист кæм уыдтæн, уыцы къамтæй иу æмæ йын бафæдзæхстон, цæмæй йæ бахъахъхъæна. Йæ мыгга- гæй йæ нæ бафарстон, уый дæр — афтæ, кæрæдзийы æрмæст номæй базыдтам, афтæмæй фæхицæн стæм. Адæмæн æмбисондæн баззадис, Севастополы бынмæ цы хæст цыдис, уый. Фæлæ кæд хъæбатырæй хæцыдыстæм, уæддæр знаг тыхджындæр разынд. Июны уыйас тыхтæ æрбаппæрста, æмæ зæххыл уæз кодтой. Мах нæхионтæй — иппæрд, афтæмæй мард салдæттæй æмбырд кодтам хæцæнгарз æмæ уымæй архайдтам. Уалынмæ фæстаг хæдтæхæг атахтис нæ хицæуттимæ, уæд ма нын цы бамбарын хъуыдис, нæ уавæр сæ хæрзтæй кæй нæу. Иуырдæм акæс — æмæ денджыз, иннæрдæм акæс — уым дæр афтæ, ацæуæны знаджы æнæкæрон тыхтæ. Бæрæг нал уыд, мæрд- тæй æгæстæй фылдæр чи уыдис, уый. Цæмæй знаджы къухмæ ма бахауа, уый тыххæй йæ ныхыл топп чи ныццавта, ахæмтæ дæр бирæ уыдис. Мæнмæ дæр æрцыд уыцы хъуыды, стæй загъ- тон: «Цæмæн дзæгъæлы дæттон мæ цард, кæд ма хæцын мæ бон у, уæд?! Иуныхасæй нæ уацары райстой æмæ нæ æгомыг фосау атардтой ныгуылæнырдæм. Иу ран нæ æфсæн телбыдты бакод- той, æрхуыссæн нæ, фæлæ дзы æрбадæн дæр нæ уыдис, афтæ æнгом лæууыдыстæм. Кæсæм, æмæ бруйы æдде фæзындис цал- дæр сылгоймаджы. Ракæс-бакæс кæнынц, цыма æргæвдинаг æвзæрстой, уыйау. Уæд сæ иу уырыссагау тыхамæлттæй дзур- 170
гæйæ мæнмæ амоны: «Кæд дæ цæрын фæнды, уæд мемæ цом. Хи бинойнаджы цард кæндзынæ мемæ». Æз бирæ нæма ацардтæн нырма, фæлæ ме ’ууæнкыл æмæ мæ бинойнагыл гадзрахатæй рацæуон, уымæ нæма æрхаудтæн, æмæ цæхгæрæй загътон: «уымæн гæнæн нæй». Мæ фарсмæ лæуджытæй мын иу мæ цонг нылхъывта, дзуры: «Æдылы ма у. Сразы у, царв æмæ дæ мыдæй хæсдзæнис». «Нæ, æз ирон лæг дæн æмæ, атæппæт фæсивæд цы кæной,- æз дæр уый кæндзынæн». Стæй хъахъхъæнæгимæ цыдæртæ адзырдта сылгоймаг. Уый мæм æрбацыд æмæ фæрсы: «Ды, æвæццæгæн, коммунист дæ?» «Æз хæхбæсты райгуырдтæн, æстдæс азмæ фыййауæй фæ- цыдтæн. Уый фæстæ мæ æфсадмæ акодтой, хæст райдыдта, æмæ мæнæ уæ разы лæууы хуымæтæг хæххон лæг». Афтæмæй бахаудтæн, фæндæгтæ чи цалцæг кодта, уыцы къордмæ. Цынæ куыст нын кæнын кодтой, æвæдза! Æрвыстой нæ халсартæ æмбырд кæнынмæ дæр æмæ-иу уым нæхиуыл фæхæцы- дыстæм, сусæгæй дзы-иу ахордтам. Иуныхасæй, фæндзай адæй- магæй ма æгасæй баззадыстæм иуæндæсæй. Хъахъхъæнджытæ та уыди алы дæс адæймагæн дæр дыууæ. Лидзын дæр никуы афæл- вæрдтам, уымæн æмæ алидзынæн ницы амал уыди. Цы хæринаг нын лæвæрдтой, уый хæринагыл банымайæн нæ уыди, фæлæ нæ- хицæн ныфсытæ æвæрдтам. Ныфс адæймагæн тынг бирæ æххуыс у. Нæхи æфсад нæ куы суæгъд кодтой, уæд нæ иугай фарстой, чи кæм хæцыдис, цæуыл хæст уыд, кæм æмæ куыд бахауд уацары. Фарстой ма, немыцаг æвзаг исчи зоны æви нæ, уымæй дæр. Уый фæстæ алкæй дæр йæ уавæрмæ гæсгæ æрвыстой: кæй хæдзармæ, кæй æфсадæн исты баххуыс кæнынмæ. Бирæтæ дзы æрвыст æрцы- дис дарддæр йæ хæстон хæстæ æххæст кæнынмæ. Хæст куы бан- цадис, уæд июны мæй æз дæр схæццæ дæн Мæскуымæ. Фæлæ...— Сослан йæ ныхас фæурæдта, Изетæмæ бакаст, — нæма бафæл- ладтæ, Изетæ, мæ таурæгътæм хъусынæй? — Дзур, дзур, Сослан, мæн алцы зонын дæр фæнды. Сосланæн Изетæйы ныхас æхсызгон куыд нæ уыди, æмæ дарддæр дзырдта: Бынтон лæмбынæг ма цы дзурон, фæлæ нæ фатеры стъолыл баййæфтон фыстæг, Аминæт Ирыстонмæ кæй ацыд, æмæ куыддæр сæмбæлон, афтæ йæм куыд фæхабар кæнон. Æз тел арвыстон Са- ламбегмæ, уый йæ æмхæрæфырт Саламбегмæ, уый мын фехъусын кодта Аминæйы зианы хабар. Мæхи цы фæкодтаин, уый мæ сæр нал ахста, уымæн æмæ йæ Ирыстонæй куы нæ фæхицæн кодтаин, уæд, чи зоны, æгас уыдаид иннæ бинонты хуызæн. Уæддæр та 171
цæрæг удæн цы гæнæн уыдис, æмæ цæмæй мæхи бынтондæр ма хæрон, уый тыххæй райдыдтон кусын, хæсты размæ цы заводы куыстон, уым. Æрмæст куысты ме ’мкусджыты астæу ардтон мæ- хицæн фæрæз. Фатермæ æрбацæугæйæ æппæт дæр мæ цæстытæй куы нæ хицæн кодта, уæд иу бон бацыдтæн директоры хæдивæгмæ, царды уавæртæ чи æвзæрста, уымæ æмæ йын загътон: — Æз мæ фатеры æрмæстдæр хуысгæ кæнын, бон дзы никуы вæййын. Нæ цехы иу кусæджы бинойнагæн сывæллон райгуырд æмæ цæрынц æмдзæрæны. Уымæн раттут мæ фатер, цалынмæ йын ног фатер рахицæн кæныны фадат фæуа, уæдмæ. Æз та уал æмдзæрæны цæрдзынæн. Хæдивæг цинæй амардис, иу ахсджиаг хъуыддагæй мæ фер- вæзын кодтай, зæгъгæ. Иæ ныхасмæ ма бафтыдта: — Хæдзар арæзт куы фæуа, уæд дын ног фатер ратдзыстæм. Фатеры дæгъæлтæ радтон лæппумæ æмæ йын загътон: — Цыдæриддæр ис агъуысты, уыдон иууылдæр сты дæу. Афтæ куыстон, æмæ алы фæлладуадзæн рæстæг цыдтæн Ирыстонмæ — хæхбæстæм. Фæцис мын бирæ ног зонгæ фыййæ- уттæ æмæ мæм-иу æнхъæлмæ дæр кастысты. Æз дæр-иу сæм фæзындтæн, мæ фадат цас уыдис, уыйас лæвæрттимæ. Иухатт та куы фæнд кодтон Ирыстонмæ ацæуын, афтæ мæм æхсæвыгон æмдзæрæнмæ æрбацыди дыууæ лæджы æмæ мæ семæ акодтой. Æмæ, куыд мингæйтты, афтæ мæ адæмы знагыл баны- мадтой æмæ мын стæрхон кодтой фынддæс азы ахæстоны фæба- дон. Цы уыдис мæ бон! Ам дæр та, уацары куыд уыдтæн, афтæ æгомыгæй фæкуыстон æхсæз азы бæрц, стæй мын мæ хъуыд- дæгтæ куы равзæрстой, уæд мæ суæгъд кодтой. Куы мæ æрцах- стой, уæд бирæ рæстæг агуырдтой, хæстæгæй мын чи ис, фæлæ кæй ссардтаиккой! Аминæйы амард сбæрæг кодтой, фæлæ Ве- рæйæн йæ амонд уыдис, æвæццæгæн, кæй ничи йæ зыдта, уый. Уæдæй нырмæ, цалынмæ дæ уарзон хъæумæ не ссыдтæн, уæдмæ мæ зæрдæйы кæрон дæр никуы æрæфтыд, хъуыддаг ба- кæнон, ахæм фæнд. Æвæццæгæн, ды дæр ныронг, мæ амондæн, не фæцыдтæ чындзы. Иннæ хабæрттæ зоныс, мæ зæрдæйы рухс, æмæ, кæд Хуы- цауы фæнда, уæд ма цардæй исты фендзыстæм. Мæскуымæ куыд хæстæгдæр кодтой, афтæ Сосланæн йæ зæрдæ æхсайын байдыдта — æмдзæрæны цæргæйæ кæй райдай- дзæн сæ иумæйаг цард, уый Изетæйы зæрдæмæ куынæ фæцæуа. Æмæ, йын зæрдæтæ æвæрдта, бирæ кæй нæ бафæстиат уыдзыс- ты уым, уымæй. — Сослан, ды кæм фæразай, уым æз дæр бафæраздзынæн. Цас зындæр æмæ æвадатдæр уавæртæй райдайæм нæ иумæйаг цард, 172
уыйас фæстæдæр нæ хорз фадæттæн хуыздæр аргъ кæндзыстæм, стæй кæд зæрондмæ фæцæрæм, уæд-иу æхсæвыгæтты цы æрхъуы- ды кæнæм, уый дæр нын уыдзæнис, уыцы мысинæгтæ та уыдзыс- ты не ’рыгон цардимæ баст, æмæ ма уымæй хуыздæр цы уа! Æмдзæрæнмæ куы бацыдысты, уæд комендант сæ размæ ра- уад — Мæнæ дæ ног фатеры дæгъæлтæ. Ныртæккæ дæ сæйраг инженеры шофыр бахæццæ кæндзæн уæ хæдзармæ. Цæсты фæныкъуылдмæ сæйраг инженеры шофыр фæндаг- гæттæн сæ дзаумæттæ афснайдта хæдтулгæйы æмæ сæ аскъæфта сæ ног фатермæ. Йæ дуар куы бакодта Сослан, уæд йæ цæстытæ цæхæртæ акалдтой! Уаты æвæрд дыууæ ног хъæдын сынтæджы, стъолыл дидинджытæ зынаргъ вазæйы, шампайнаг нозты авг, къафетты къопп, стæй фыстæг: «Адон дын хæрзудæй — мæ лæвар «сæйраг инженер». Сæ фарсмæ цы æхцайы къонверт уыди, ууыл та фыст разынд: «Де ’мкусджытæй». Куыд нæ уыдаид Сосланæн æхсызгон, ахæм стыр аргъ ын кæй скодтой, уый! Æмæ æрмæст уæд радзырдта, сæйраг инже- нер кæддæр йæ бинойнаг æмæ ноггуырд сывæллонимæ æмдзæ- рæны кæй æрцардысты æмæ сын Сослан йæ фатер æд хæдзары дзаумæттæ кæй балæвар кодта, уый — Ехх, Изетæ, ахæм фæллойгæнæг адæмтимæ махæн фесæ- фынæй тас нæу! — загъта Сослан, æмæ Изетæйы уæнгтæ йæ- химæ куыд æрбалвæста, уый йæхæдæг дæр нæ бамбæрста. Ха- тыр дзы курынмæ рахъавыд, стæй Изетæйы уарзæгой цæстæн- гас куы бамбæрста, уæд йе уæнгтæ æрызгъæлдысты. Фæлладæй уайтагъд бафынæй сты, фæлæ бонырдæм Изе- тæйы сæры бирæ мæт æмæ хъуыдытæ кæй æвзæрдис, уымæ гæсгæ раджы рабадтис. Ног фатеры цинæй къуымты арацу-бацу кодта, стæй æфснайын байдыдта. Сослан куы райхъал, уæдмæ хæринаг дæр уыдис цæттæ. — Æз райсомæй нырмæ хъуыды кæнын, утæппæт æхца чи æрæмбырд кодта, уыцы адæм ам куыд бацæудзысты, стæй цæ- уыл æрбаддзысты, ууыл. — Уый, Изетæ, дæ сагъæс нæу, уымæн æмæ заводы ис хæ- рæндон æмæ уым фæкæнæм ахæм хъуыддæгтæ. Фæлтау ахъуы- ды кæн, ирон чъиритæ куыд æгъдауæй счындæуыдзæн, ууыл. — Ууыл æз æппæты разæй ахъуыды кодтон, Хъасболаты би- нойнаг Заретæимæ æз тынг лымæн рахастон, æмæ мæн тыххæй уый нæ базивæг^кæндзæнис, стæй амы хабæрттæм уый æвзыгъд- дæр у мæнæй. Йæ арæхстдзинад нæ хъæуы æмбисондæн базза- дис. Гъе æрмæст æм арвитын хъæудзæнис. — Æз цæуын заводмæ æмæ дын уыцы хæс баххæст кæндзы- 173
нæн. Коляйы мæ фенын хъæуы, цæмæй Заретæ æмæ мæ хæрзгæ- нæг Хъасболатæн фехъусын кæна, афоныл куыд сæмбæлой, афтæ. Цехы дуарæй куыддæр бахызти Сослан, афтæ Коля йæ размæ рауадис: — Мæ зæрдæ дын зæгъы, дæ цардæй дæ зæрдæ куыд рухс кæна! Изетæйæн стыр кад уыди нæ хъæуы, æмæ æгайтма уыимæ сбастай дæ цард. — Цæй, куыд сты Хъасболат æмæ Заретæ? — Ницы сын у, фæлæ æз Хъасболатæн бауайдзæф кодтон дæу тыххæй. Уæдæ уыйас зон адæймаджы, йæ цард, йæ фыдæ- бæттæ, æмæ хъусæй бад! Цыма дын дæ кой дæр никуы фехъуы- ста, уыйау. — Коля, ма ’фхæр дзæгъæлы де ’фсымæры. Уый мæнæн у мæ хæрзгæнæг, мæ алы хъуыддаг дæр ныртæккæ баст у æрмæст- дæр Хъасболатимæ. Кæд гæнæн æмæ амал ис, уæд, дæ хорзæ- хæй бацархай, цæмæй райсом уа-иннæбон сæмбæлæм. Заретæйы Изетæ тынг хорз зоны, æмæ йын бамбарын кæн, хуыцаубоны кæнæм куывд æмæ нæ хъæуы Заретæйы æххуыс. — Мæ бар уадз, Сослан, æз сæм аизæр бауайдзынæн. Ме ’ххуыс цæмæйдæриддæр хъæуа — дæ фарсмæ уыдзынæн. Коляйы кæд райсом раджы кусынмæ цæуын хъуыдис, уæд- дæр нæ фæзивæг кодта æмæ æвæстиатæй балæууыд Хъасболат- тæм. Хабæрттæ конд нæма фæцис Хъасболатæн, афтæ дуарæй æрбахызт Заретæ. — Мæнæ ма Коляйы федтон! Цæуылнæ нæм æрбацыдтæ са- баты кæнæ хуыцаубоны? Æз де ’рцыдмæ дуне ирон хæринæгтæ скодтон... Мæ зæрдæ дæм ахсайдта, кæд, мыййаг, нæфæразгæ дæ, зæгъгæ. Хабæрттæй дæ фæрсын ма бахъæуæд, къаты бон нæм хуымæтæджы не ’рцыдтæ. — Уый афтæ у, Заретæ, хонæг дæн æз: дыккаг чындзæхсæв кæны Сослан æмæ мын бафæдзæхста, цæмæй уын фехъусын кæнон. — Сослан ус ракуырдта? — О, нæ хъæуы дохтыр Изетæйы, ды йæ хорз куы зоныс. — Æхсызгон хабар! Радзур ма мын хабæрттæ! — Йæ чызг Верæйы Изетæ æмæ Елена сæхи хъæбулау суа- зæг кодтой, ахуыргæнæгæй йæ куы æрæрвыстой нæ хъæумæ, уæд. Ныр баиу кодтой сæ цард, æндæр сын æз дæр ницыма зонын. Радтой сын дыууæуатон фатер ног хæдзары æмæ уым цæрынц. Сослан мын бафæдзæхста сымахæн зæгъын, уымæн æмæ сæм фæкæсын дæр хъæуы, стæй, йæхи загъдау, цыдæриддæр ыл хорзæй æрцыдис царды, уыдон сымах хæдзарвæндагимæ баст сты æмæ ма фæзивæг кæнут. Коля куы ацыди, уæд Заретæ Хъасболатмæ дзуры: 174
— Кæсыс, æз дын куыд дзырдтон, афтæ нæ рауадысты Со- сланы хъуыддæгтæ? Ды къам куы нæ бахъахъхъæдтаис, кæнæ йæ раздæр куы радтаис Сосланмæ, уæд йæ чызг æмæ Изетæимæ Зауричы руаджы нæ сæмбæлдаиккой. — Райсом сæ абæрæг кæнæм. Ахæм рæстæг адæймаг куыд тыхст вæййы, уый мæхицæй хорз зонын. — Райсом мæн нæ равдæлдзæн, фæлæ уал сæ дæхæдæг абæ- рæг кæн. — Æмæ кæдæм фæцæуон, Коля нын фыртагъдæй адрис дæр куынæ ныууагъта? — Цæй, заводмæ бацæудзынæн æмæ сын сæ адрис уым базондзынæн, æз Изетæйæ бирæ хорздзинæдтæ зо- нын. Дохтыр суон, уымæ дæр мæ уый сразæнгард кодта. Æгайт- ма йæ амонд ссардта, æндæр ссæдз азы дæргъы æнхъæлмæ фæ- кæс, кæд Амырхан зынæг уаид, зæгъгæ. Иæ фыдæбæттæ æмæ йын йæ лæггад æнæхъæн мыггаг дæр нæ бафиддзысты. Дыккаг бон Заретæ куыстæй йæ фæндаг заводыл ракодта. Бацæуæны фыццагдæр фембæлæджы бафарста, æрæджы цы ног хæдзар сарæзтой заводы кусджытæн, уый адрис нæ зоны? Уæд æм нæлгоймаг иронау сдзырдта: — Ды Заретæ ма у? — Уый бæргæ дæн, — бадис кодта Заретæ. — Ды та, æвæццæгæн, Сослан дæ? Уæвгæ дæ æз уайтагъд- дæр базыдтон дæ хуызæй. — Цом уæдæ нæхимæ, Заретæ. Изетæ дæ кой йеддæмæ ни- цуал кæны, рæвдздæр, дам, æй куы фенин... Мæнæ ма кæй федтон, зæгъгæ, кæрæдзиуыл ныттыхстысты дыууæ сылгоймаджы. — Хабæрттæй дæ фæрсын ма бахъæуæд, Заретæ. Цал сы- вæллоны уын ис?— фæрсы Изетæ, цæлгæнæны фынджы уæл- хъус куы ’рбадтысты, уæд. — Ис нæм чызг æмæ дыууæ лæппуйы. Ныр Ирыстоны сты. — Нагъомæ сæ арвыстай? — Уæдæ, сæ фыды мад сыл æрхъæцмæ нæ хъæцы. Кæрæдзийæн куы фæхабæрттæ кодтой, уæд Заретæ афтæ зæгъы: — Ныхæстæ дардыл цæуынц, Изетæ, фæлæ цы кæнынмæ хъавут, иу хъуыддагæй уе ’муд куы нæма æрцыдыстут? — Раст дын куы зæгъон, уæд æй нæхæдæг дæр нæма зонæм. Фæлæ-ма акæс — мæнæ ацы фатеры цы уыныс, уыдон иууыл- дæр ам æрæййæфтам. Уымæй уæлдай ма арфæйы гæххæтт, йæ быны æхца, заводы кусджытæ кæй æрæмбырд кодтой, уыдон. — Цал адæймаджы бæрц уыдзæнис уæ куывды? — Сослан куыд зæгъы, афтæмæй фæндзайæ уæлæмæ. — Бадгæ та кæм кæндзысты? — хынцфарст кæны Заретæ. 175
— Заводы хæрæндоны. — Уæдæ ма цæуыл тыхсæм? Алцы дæр нывыл сараздзыс- тæм. Мах уæм Хъасболатимæ фæкæсдзыстæм. Заретæйы ацыды фæстæ фæхъæлдзæгдæр сты Сослан æмæ Изетæ. Дыууæ бонмæ сцæттæ кодтой, цыдæриддæр сæ бахъæу- дзæнис адæмы бахынцынæн, уыдон. Хуыцаубоны дыууæ сахатмæ заводы хæрæндоны æмбырд кæнын байдыдтой. Хæрæндоны кусджытæ райсомæй раджы æрцы- дысты æмæ фынгтæ æвæрын байдыдтой. Уыцы рæстæг Заретæ æмæ Изетæ та чъиритæ æмæ лывзæ кодтой. — Сослан, мах дын ардæм дæ къайы базонынмæ æрцыдыс- тæм, — дзырдтой Сосланмæ фæйнæрдыгæй. — Ныртæккæ йæ фендзыстут, гыццыл ма багæдзæ кæнут. Уалынмæ Заретæ æмæ Изетæ рацыдысты чъиритимæ æмæ сæ хистæрæй райдайгæйæ фынгыл авæрдтой æртыгæйттæй. Хъас- болат сæ ирон æгъдаумæ гæсгæ скуывта. Рабадтысты фынгыл. Уазджыты зæрдæмæ тынг фæцыдысты ирон чъиритæ æмæ ирон лывзæ. Хорз фæзарыдысты, фæкафыдысты. Фæстагмæ ма ра- куывтой, афæдзы фæстæ та куыд æрæмбырд уой ноггуырды тых- хæй æмæ та ногæй æртæ чъирийæ куыд скувой. Сæхимæ иумæ ’рбаздæхтысты. Заретæ хызынæй систа чъи- ритæ, физонæг æмæ лывзæйы аг. Уый цы бакуыстай, зæгъгæ, йæм Сослан куыд сдзырдта, афтæ Коля фæзынд иу æфсæддон хæрзконд, хæрзуынд лæппуимæ. Æфсæддон Сосланы куыддæр федта, афтæ йыл ныттыхстис. — Ацы лæппу у, дæ хæдзар кæмæн ныууагътай, уыцы æфсы- мæрты кæстæр, æмæ йыл кæд æртæ азы йеддæмæ нæ цыдис, уæддæр тынг хорз лæууынц йæ зæрдыл уыцы бонтæ. — Уæ, дæ цæрæнбон бирæ уа æмæ дын бирæ бантыса. Агуы- бе хуынд дæ ном, æнхъæлдæн? — Сосланæн æхсызгон уыд лæп- пуйы фенд. — Нæ фыд дæр афтæ хуындис. Ды махæн цы хорздзинад ракодтай... — Цæй, мауал мæ æппæлут. Мæ бынаты, чи зоны, ды дæр афтæ бакодтаис. Изетæ, ацы лæппуйы хистæр æфсымæртæ æрцы- дысты хъæумæ нæ чындзæхсæвмæ, хъуыды ма сæ кæныс? Уыдон цалынмæ кæрæдзиуыл цинтæ кодтой, уæдмæ Заретæ фынг ацарæзта æмæ сæм мидæмæ фæдзырдта. — Сбадут æмæ ацы ног бынатæн фæйнæ цæстуарзон ныхасы зæгъут. Хъасболат ракуывта: — Ацы бынат уын амондджын уæд. Кæрæдзийæн аргъ кæн- гæйæ, кæрæдзиуыл ауæрдгæйæ дзы уарзонæй куыд цæрат, Со- 176
слан æмæ Изетæ. Бирæ зæрдæриссæн хъуыддæгтæ æрцыдис уæ дыууæйыл дæр хæсты азарæй æмæ сæ уæ ног царды куыд ферох кæнат, ахæм амонд уæ уæд. Иннæ ацафон ам лæппуйы куывдмæ куыд æрæмбырд уæм. — Хъасболат, Хуыцау дын мах бæсты раарфæ кæнæд, — загъта Сослан.— Дæ зæрдæ куыд зæгъы, афтæ куыд хъомыл кæной дæ кæстæртæ æмæ ма дæ хъæбулы хъæбулты дæр куыд барæвдауай. Хуымæтæджы нæ фæзæгъынц, дыууæ хохы нæ фембæлынц, фæлæ дыууæ адæймагæн æнæ фембæлгæ нæй, зæгъгæ. Мæнæ Коляйы руаджы Агуыбечыры дæр базыдтам, æмæ сæ цæрæнбон бирæ уæд! Сымахæн, фæсивæд, Хуыцауы цæст уый бауарзæд, æмæ уæ адæм куыд æмбарой царды, искæй зын уæм зын куыд кæса æмæ æх- хуысхъом куыд уат, адæмæй дæлдæр куыд нæ лæууат! Адæмы хорзæхæй зынагъдæр ницы ис, æмæ уымæй хайджын ут. Нæлгоймæгтæ фынгыл гаджидæуттæ уагътой, сылгоймæгтæ та иуварс сабыр ныхæстæ кодтой. — Куысты куыддæр ныллæууай, Изетæ, афтæ дæм цард æндæрхуызон фæкæсдзæн. Мах дæм нæ хъус фæдардзыстæм, кæд рынчындоны уаид бынат, — зæрдæ йын бавæрдта Заретæ. Æмбисæхсæв уазджытæй алчи йæ фæрныг хæдзармæ ацыдис. Райсомæй Сослан заводмæ куы бацыдис, уæд цехы кусджытæ зноны бадты кой йеддæмæ ницы кодтой. Уалынмæ Сосланмæ дзу- рынц, директор дæ агуры, зæгъгæ. Йæхинымæр ахъуыды кодта, цымæ мæ цы кæны, кæд, мыййаг, йæ зæрдæмæ исты нæ фæцыдис? Директор ыл худгæйæ сæмбæлд. — Диссаджы хъуыддæгтæ æрцыдис фæстаг рæстæджы дæ царды, æмæ ма сæм æз дæр бафтауынмæ хъавын. Куыд бамбæр- стон, афтæмæй дæ бинойнаг дохтырæй куыста. — О, уый раст у. Ссæдз азы хъæуы дохтырæй фæкуыста. — Æмæ дæм куыд кæсы, мæнæ нæ дохтыр пенсийы цæуы, æмæ йæ бæсты куы кусид, уæд? — Тынг хорз уаид. Æз æй райсом мемæ æрбакæндзынæн, æмæ баныхас кæндзыстут. Райсомæй Изетæ бацыдис директормæ. — Дæ ном куыд хуыйны? — бафарста йæ директор. — Изетæ, махмæ фыды номæй нæ дзурынц. — Иуныхасæй, нæ заводы дохтыр хъæуы, æмæ дæ курæм, цæмæй уыцы куысты ныллæууай. Заводы кусджытæ Изетæйы тынг бауарзтой. Дзырдтой, зæгъгæ, æрмæст йæ фæлмаен дзыхы ныхасæй дæр адæймаг йæхимæ æнæ- низдæр фæкæсы. Йæхи зæрдæмæ дæр цыдысты — цы йæ кусæн бынат, цы, кæимæ куыста, уыцы адæм. Фондз мæйы куы рацыд, уæд сагъæсы бацыдис: ныр куыд зæгьа, декреты цæуын æй хъæуы, 12 Санагы Елепæ 177
уый? Изетæйы уавæр Заретæйы йеддæмæ ничи зыдга. Еленамæ ныффыста, ацы сæрд æй йæ куыстæй нæ ауадздзысты, фæлæ, кæд амал æмæ гæнæн уа, уæд сæм йæхæдæг куы ’рцæуид. Сосланы цинæн кæрон кæм уыдис, фæлæ рагацау дзурын ницы уæндыдис. — Ахæм амонд дæр ма мæм кæсдзæнис, уый æнхъæл никуы уыдтæн, — дзырдта-иу Изетæйæн. — Дæуæн цы у, фæлæ мæныл ныр цыппор цыппар азы цæуы æмæ æфсæрмы кæнын... — Æмæ дæ дæ азтæй фæрсдзысты? Æз рагацау, куы мын загътай, уæд Хъасболат æмæ Заретæйæн бафæдзæхстон, цæмæй алцыдæр сбæрæг кæной, æмæ кæд дæ цард, де ’нæниздзинадæн истæмæй тас у, уæд мæ ницы хъæуы. Раст дæс мæйы куы рацыд сæ чындзæхсæвыл, уæд сын цардмæ фæзындис чызг æмæ лæппу — фаззæттæ. Изетæ кæд йæ кары бацыдис, уæддæр фырцинæй æрыгон чызг фестадис, фæл- лад цы у, уый нал зыдта. Рæзыдысты дыууæ фаззоны, æмæ та сын кæхцгæнæн дæр скодтой. * * * Изетæйы мой скондыл, афæдз дæр нæма рацыдис, афтæ хъæу- мæ æрцыдис æнахуыр бæлццон дыууæ хъомыл лæппуимæ. Ус- тытæй чидæр афтæ куы бакæнид: — Кæд ма исты зонын, уæд уæртæ уыцы лæг Амырхан у, Изетæйы лæг. — Бастъæлай! Кæд мæрдтæй дæр фæстæмæ не ’здæхынц, — йæ дзыхы йын батутæ кодта иннæ. — Нæ, мæ ингæны иыккæсут, кæд рæдийын. — Тагъд згъоргæ Еленамæ хæрзæггурæггаг, Амырхан дын, зæгъ, сæрæгасæй æрбацæуы. Сывæллон бæргæ батагъд кодта Еленатæм, фæлæ йæм хъæуы цы ног дохтыр сылгоймаг куыста, уый ракаст æмæ загъта, Еле- найы знон Верæйы фыд Мæскуымæ кæй акодта йемæ, уый. Афтæ Амырхан сæмбæлд йæ фæрныг хæдзарыл, фæлæ йыл цингæнæг нæ разынд. Елена уым нæй, уый куы базыдта, уæд араст йæ дыууæ фыртимæ хъæуыбынмæ. Æнхъæлдта, уым æй йе ’рвадæлтæ зæрдиагæй суазæг кæндзысты уал азы фæстæ, бацин ыл кæндзысты, фæлæ йын æнæбары фысымтæ кæй уыдысты, уый уайтагъддæр бамбæрста. Æндæр кой нал уыдис æнæхъæн хъæуы. Чи загъта, фæлтау куы нал сыздæхтаид, чи загъта, æвæццæгæн, искуыдæм фæса- 178
рæнтæм ахаудис æмæ йын æрцæуыны амал нал уыдис. Йæ сыхаг зæронд Боба та афтæ загъта: — Нæ, мæ хуртæ, уымæн йæ цæсгом нæ хъæцыдис, æндæр адæм рагæй куы цыдысты алы бæстæтæй, уый та, æвæццæгæн, Изетæ мой скодта, уый куы базыдта, уæд ссыдис. — Мæн нæ уырны, — Амырхан Изетæйы барвæндонæй искæ- мæй баива, — загъта уыцы ныхасмæ сылгоймæгтæй чидæр. — Цæуылнæ дæ уырны, исты хъæздыг адæймагыл кæд сæм- бæлдис, уæд цæмæ тагъд кодтаид йæ зæронд ныййарджытæм? — Ноджы йæ хæдзар аразын дæр хъуыдис. Æмæ цынæ дзырдтой адæм! Дыккаг бон Амырхан райсомæй раджы бахоста Дрисы куыс- ты дуар. Куыд нæ бацин кодтой кæддæры дыууæ æрдхорды кæ- рæдзиуыл! — Цæй, цы зæд-цы дуаг дæ æрхаста фæстæмæ, æви дын дæ ныййарджытæ сæ астæу цы цырт ныссадзын кодтой, уымæ сыз- дæхтæ? Адæм бирæ цыдæртæ дзурынц, фæлæ-ма мын дæхæдæг хъуыддæгтæ радзур. Амырхан уæззаугай дзырдта: — Ардыгæй бахаудтæн Дербентмæ. Уым нæ цасдæр рæстæг ацахуыр кодтой æмæ нæ Севастопольмæ арвыстой. Ахæм ныб- бырсты бахаудыстæм, æмæ бæстæ дæлгом-уæлгом кодта. Нæ командæгæнджытæн сæ фылдæр фыццаг дыууæ боны цагъды фесты. Иуныхасæй, цæмæй хæцыдаиккам, уый дæр нæм нал уыд æмæ знагæн йæхи хæцæнгæрзтæй архайдтам, афтæмæй уацары бахаудыстæм. Цы хъизæмæрттæ бавзæрстон, уыдон куы дзу- рон, уæд нæ иу-æртæ боны бадын хъæуы, фæлæ иу ран лагеры къуымы æртæ ирон лæппуйæ иумæ лæуд фестæм. Кæсæм, æмæ немыцаг дыууæ сылгоймаджы бруйы алыварс зилынц. Махмæ куы æрбахæстæг сты, уæд дзурынц ме ’мбæлттæй иумæ, хæс- тæгдæр-ма ’рбалæуу, зæгъгæ. Уый семæ аныхæстæ кодта æмæ радзырдта, сылгомаг æххуысгæнæг кæй агуры. Цалынмæ, дам, хæст цæуа, уæдмæ мемæ цæрдзæни. Йæхæдæг не сразы. Мах уымæ куыд хъуыстам, афтæ сылгоймæгтæ махмæ дæр дзурынц уыцы ныхæстæ. — Зын куыст нæ кæндзыстут, хæсты фæстæ уæ кæд фæнда, уæд ацæудзыстут. Мах сразы стæм. Хæст ма цыди, афтæ нын фæзындис чызг, уый фæстæ та — дыууæ фаззон лæппуйы, мæнæ ныр дæр мемæ сты. Куыд ма рацыдаин, кæугæ, дзыназгæйæ куыд ныууагътаин æртæ сывæллонимæ сылгоймаджы? Ноджы ма уыйбæрц фæл- лæйтты хицау уæвгæйæ... Иуныхасæй баззадтæн. Гъе уыдон дын мæ хабæрттæ. Ныр ардæм ссыдтæн, цæмæй мæ мыггаг фæстæмæ 179
раивон мæ фыды мыггагæй, науæд кæдмæ цæрдзыстæм кæйдæр мыггагыл хæстæй мæхæдæг дæр æмæ цот дæр. — Гъе, уæууæй, ме ’рдхорд, уый бæсты куынæуал сыздæхта- ис нæ хъæумæ, уæд ма дæ истæуыл нымадтаиккой, фæлæ ныр чи дæ: дæ мыггаг дæхи нæу, дæ ном дæр уæдæ, уырны мæ, Амыр- хан нал хуыйны. Æз дын зæгъын, æвæстиатæй фæстæмæ аз- дæх... Изетæйы хуызæн сылгоймагыл гадзрахатæй рацу! Дыууа- дæс азы, дæ ныййарджытæн сæ зæрдæтæ истæмæй рухс кæной, зæгъгæ, хæдзар фæцарæзта, цæмæй адæммæ ма хæлæг кæной. Уæдæ се ’нæниздзинад куы фæцудыдта, уæд сæм куыд зылдис, ууыл адæм дис кодтой. Æххæсгæ та куыд кодта алцæуыл?! Ды та кæмдæр дæхицæн хъаны цард кодтай. Хъуыды дæр нал акодтай, дæ зæронд мад æмæ фыды рæстæгмæ арæзт къуым- ты цæргæйæ кæй ныууагътай, цы муртæ сæм уыдис, уыдон та дæуыл кæй хардз кодтой, кæд сын дохтыр суаис. Хæдæгай, дох- тырæй уæддæр кусыс? — Цæй дохтыр æмæ куысты кой кæныс, кæд æмæ хæдзар хъуаг ницæмæй æййæфта. Æххуырсты нæм чи уыдис, уыдонæн уынаффæ кæнгæйæ мыл цыдысты азтæ. — Мæнæ дын æвдисæндар, ам кæй райгуырдтæ æмæ дæм Фыдыбæстæйы хæстмæ дæр ардыгæй кæй фæсидтысты, уый тыххæй. Æндæр дын мæ бон ницæмæй баххуыс кæнын у. Амырхан йе ’рвадæлтæм фæстæмæ куы æрбаздæхтис, уæд сæ цæстæнгасæй бамбæрста, ам ын фæстиатгæнгæ кæй нал у, уый æмæ йæ дыууæ лæппумæ дзуры, райсом раджы фæстæмæ цæуын хъæуы, зæгъгæ. Фæсмон бæргæ кодта Амырхан, фæлæ фæстæмæ раздæхæн ницæмæн ис. Æвæццæгæн, мæ ныййарджытæ æмæ Изетæйы тæ- ригъæдæй фæсмонгондæй арвитдзынæн мæ дарддæры цард, хъуы- ды кодта æппынæдзухæй... Ныффыста фыстæг. — Дæ бон хорз, Хъуыдæберд! Чи у? Ахæм уавæры дæн, æмæ, цы кæнон — нæ зонын. Кæд дæуæн фæкæнон мæ царды хабæрттæ. Цыдтæн Ирыстонмæ мæ дыууæ лæппуимæ. Æнхъæлдтон ме ’рвадæлтæ мыл цинæй амæлдзысты, ахæм фырыхъулы хуызæн дыууæ лæппуйы куы феной, уæд. Лæппуты рацæуын нал фæндыдис, сæхи æмгæрттимæ куы сæм- бæлдысты, уæд, фæлæ, мæныл хъодыгонд кæй æрцыдис, ууыл гуырысхо нæ кæнын. Мæ цард мæм ницыуал кæсы, мæхи ама- рынмæ дæр рахъавын, фæлæ ахъуыды кæнын, тæригъæдджын куы фæуон ноджыдæр, стæй ма мæ фæнды, Изетæйы куы фенин æмæ йын мæ уæрджытыл лæугæйæ бузныг куы зæгъин. Хæ- дзармæ æрбацæуын мæм нал цæуы. Кæддæр бузныг цы сылгой- магæй уыдтæн, зындзинæдтæй кæй руаджы фервæзтæн, уымæ 180
дæр мæ бон бакæсын нал у. Ныр мæ мыггаг æмæ мæ ном мæхи не сты, хæстæг, хион мын нæй. Райсом куы ахицæн уон цардæй, уæд фæрсгæ дæр ничи бакæндзæнис — цы фæци? Ацархайдтон мæхи мыггаг æмæ номыл фæстæмæ мæхи ныффыссыныл, фæлæ мæ уыйас æвдисæн гæххæттытæ ссарын хъæуы, æмæ мæ цард дæр не сфаг уыдзæни. Ды цы бон цыдтæ Ирыстонмæ, уæд мæн дæр куы акодтаис, фæлтау ахæстоны фæбадтаин æмæ ныр уæгъд- гонд æрцыдаин. Уæддæр сывæллæттæн мæн йеддæмæ æндæр фыд нæ уыдаид, æз та мæ ныййарджытæ æмæ Изетæйы тæригъæд нæ райстаин. Нæ зонын, Хъуыдæберд, цы æрхъуыды кæнон хуыз- дæр мæ цардæн. Кæд дæумæ исты хорз уынаффæ ис, уæд мæм ныффысс — æз дæм байхъусдзынæн. Дæхи æнамонд Амырхан. «Мæ хæлар Амырхан, райстон дын дæ фыстæг æмæ дын æвæ- стиатæй дзуапп дæттын: Зын уавæры дæ, уый бамбæрстон, фæлæ дæ цыдæриддæр æвдисæндар агурынц, уыдоныл бацархай, цæмæй дæ ном æмæ дæ мыггаг фæстæмæ дæхи бауой, æндæр афтæмæй цæргæ нæ кæныс, фæлæ удæгасæй мардыл нымад дæ, уый дæ бауырнæд. Дæу дæ ныййарджытæ буцæй схъомыл кодтой — Амырхан адара, уый нын ахæра, ды та æрмæст дæхи уды кой кæныс. Æндæр ссæдз азæй фылдæр цы сылгоймагимæ фæцардтæ, уый æндæр- хуызон фæци? Дæ бинойнагæн йæ бон у дæ гæххæттытыл æрзи- лын, уый у фыццагдæр æвдисæн æмæ уымæй райдай. Æндæр дын мæ бон бауынаффæ кæнын ницы у. Хæрзбон. Дæхи Хъуыдæберд». * * * Хъæуы адæм дис кодтой, Изетæ Еленайы кæй нæ рох кодта, ууыл. — Афтæ у, иуæй-иутæ сывæллоныл фæтухæн кæнынц æмæ дзы ницы хорздзинад фенынц, иннæмæн та гыццыл хорзы ба- цæуы æмæ йын бирæ сахады. — Дардыл цы дзурæм! Мæнæ-ма æркæсут, Амырханы ный- йарджытæ куыд фу-фу фæкодтой сæ иунæг хъæбулыл æмæ сын сæ хистытæм дæр не ссыдис. — Мæгуырæг Изетæ, цас фæтухæн кодта! Иуæй хæдзар ара- зыныл, иннæмæй, куы æрсадысты йæ хицау æмæ æфсин, уæд! — Уæдæ Еленайæн дæр йæ хъул сах абадт: Изетæ йын куы нæ уыдаид, уæд Мæскуыйы кæд бамидæг уыдаид! — Фендзыстæм, цы хабæрттимæ нæм фæзына, уый. Ахæм ныхæстæ цыдис, дыууæ-æртæ сылгоймаджы кæм иу кодта, уым. 181
Еленайæн йæхи дæр нæ уырныдта, Сослан æм афтæ æнæнхъæ- лæджы æрбалæудзæн, уый. Фæлæ йын, Изетæ æнæ дæу нал лæууы, куы загъта, уæд, фæраст и. Куы ныххæццæ Мæскуымæ æмæ хæдза- ры куы бауыдта Изетæйы дыууæ фаззон сывæллонимæ, уæд æй йæ хъæбысы ныккодта æмæ уынгæггомау хъæлæсыуагæй загъта: — Цæй амондджын дæн, нырмæ кæй фæцардтæн, уымæй! Цас æнхъæлмæ кæсын мæ бахъуыд, цæмæй дæу амондджынæй фенон! Арæх-иу хъуыды кодтон: мæнæн ды дæ, фæлæ дæуæн кæм уыдзæнис дæ хуызæн æмбал?! — Елена, бауырнæд, дæ æз Сосланы хуызæн адæймагыл сæмбæл- дзынæн, уый куы зыдтаин, уæд ма иу уыйбæрц дæр фенхъæлмæ кастаин. Мæнæ ацы дыууæ сабийы та ма мын уæлæмхасæнæн радта иунæг кадджын Хуыцау. Фарон уый тыххæй не ссыдтæн дæу æмæ Верæйы абæрæг кæнынмæ. Хæрзаг, хъæуы дзырдтой: зæрондæй сæрра æмæ зæнæг рауагъта... — Цытæ дзурыс, Изетæ, адæм дын уымæ куы куывтой! Уый стыр амонд у! — Нал дæ ауадздзынæн, Елена, ардыгæй. Æнæ дæу мын тынг æнкъард уыди. — Æмæ худинаг нæу Сосланæй? — Цытæ дзурыс, уый мæнæн цы æхсызгондæр уыдзæн, ууыл архайы. Мæнæ ныр дæр æз дæуæн æрцæуыны æнхъæл нæ уыд- тæн, фæлæ, командировкæйы цæуын, зæгъгæ, дæумæ балæууыди. Цыдысты бонтæ, æмæ, ног хæдзар арæзт куы фæцис, уæд заводы разамонд рахаста, Сосланæн йæ бинонтæ кæй бабирæ сты, уымæ гæсгæ æртæуатон фатер раттыны уынаффæ. — Цомут фенæм нæ ног фатер, — загъта Сослан иубон, рага- цау куыстæй æрбаздæхгæйæ. — Цавæр фатер? — сонт фарст акодта Изетæ. — Цавæр, куы зæгъай, уæд нын стырдæр фатер радтой, уымæн æмæ ныр фондз бинойнаджы баистæм. Изетæ æмæ Елена нæ фæзивæг кодтой æмæ æд сывæллæттæ араст сты Сосланы фæдыл. — Мæнæ цы парахат бынæттæ сты! — йæ цæнгтæ хæрдмæ фæхаста Елена. — Ныр дын, Елена, ардыгæй ауадзæн нал ис, мæнæ ацы уат уыдзæнис дæу — загъта хъæрæй Сослан. — Мæ ныхас дæ нæ уырныдта, æфсæрмы кæнын, загътай, фæлæ ма ныр та цæй æфсон кæндзынæ? — Еленæйы раз балæу- уыд Изетæ. — Кæд уын исты пайда дæн, уæд мæнæн сымахæй хæстæг- дæр бинонтæ нæй. Верæ ма уыдис, æмæ уымæн дæр бинонтæ ис ныр. Мæ сæр æй ницæмæн хъæуы афтæ тынг. 182
Æхсæв-бон нæ хынцгæйæ, Изетæ æмæ Сослан сæ ног фатеры дзаумæттæ æфснайд фесты, афтæ Изетæйы куыстмæ цæуы-ны афон æрхæццæ. Куыд нæ бакатай кодтаид, куыд ныууадздзæнис Еленайы æнахъом дыууæ сывæллонимæ! Фæлæ йын уый зæрдæ бавæрдта, æппындæр куыд нæ тыхса, нырма йæм уыйас хъару ис. Отпуск куы райса, уæд та иумæ ацæудзысты Ирыстонмæ. Цалынмæ Елена Мæскуыйы уыди, уæдмæ, Сослан йæ хæ- дзар кæмæн радта кæддæр, уыцы æфсымæртæй иуæн Дрис хъæуы цæрджыты фæндонмæ гæсгæ зæххы хай рахицæн кодта, æмæ, аразæн æрмæгæй цыдæриддæр хъуыдис, уыдон æрæвæрдта, уый фæстæ цыбыр рæстæгмæ æртæ æфсымæрæн бантыстис хæдза- рæн йæ сæр æрæмбæрзын. Хъæуы цæрджытæн дæр æнцондæр уыдис, Изетæйы бæсты дохтырæй ног хæдзаргæнæджы биной- наг кæй кусы æмæ уал Еленайы хæдзары кæй цæры. Сона ахæм хорз дохтыр æмæ фæлмæн адæймаг разынд æмæ, хъæуæн Изе- тæйы мысын нæ бауагъта. Елена дзы хуымæтæджы не ’ппæлы- дис, йæ хæдзармæ фæкæсын дæр уымæн бафæдзæхста, уымæн æмæ зыдта, Сона йæ сæрыхицау Валодяимæ æгуыдзæгæй кæй нæ ныууадздзысты йæ фæллæйттæ, уый. Сæрдмæ сæ хæдзары бирæ кусинаг нал уыдис, фæлæ цалынмæ Елена ссæуа, уæдмæ уырдæм алидзынмæ тагъд нæ кодтой, уымæн æмæ фосæн нæ уыдис дзæгъæлæй ныууадзæн. Коля Ирыстонæй куы сыздæхт, Заретæйæн Амырханы хабар, куы ракодта, уæд куыд нæ фæдис кодтаиккой! Хъасболат загъта: — Изетæйæн ацы хабар нæй зæгъæн, йæ зæрдæ куы рисса... Дыккаг бон Заретæ куыстæй йæ фæндаг уыдоныл ракодта. — Нал фæлæууыдтæн æмæ ауылты рацыдтæн, Еленайы, зæ- гъын, абæрæг кæнон. — Заретæ йæ хызынæй къафетты къопп систа æмæ йæ Еленæйы раз æрæвæрдта. — Дæ цæрæнбон бирæ æмæ дæ хъæбулты цинæй æфсæст у, Заретæ, махмæ чи фездæхт, — æрбахъæбыс æй кодта зæронд ус. — Цон æз уал, цалынмæ сывæллæттæ фынæй сты, уæдмæ Изетæимæ аныхæстæ кæнон, — Заретæ цæлгæнæнмæ бацыд. — Куыд кæсын, афтæмæй, Изетæ, дæ хъуыддæгтæ æнæн- хъæлæджы хорз цæуынц, — уый, зæгъай, сывæллæттæ, уый ху- ызæн ног фатер. Уæдæ дыл Елена дæр æрхъæцмæ нæ хъæцы. Диссаг у, куыд сразы, уый! — Сослан цы сфæнд кæна, æмæ цы нæ бафтдзæнис йæ къу- хы! Арæх мысыдтæн Еленайы, уый уыдта, æмæ, дам, команди- ровкæйы цæуын. Йæхæдæг ныхæццæ Ирыстонмæ æмæ йæ ам æрбалæууын кодта. — Уый — хорз. Дæхæдæг, мыййаг, истæуыл фæсмойнаг дæ? — Цытæ дзурыс, Заретæ, æз æнхъæл дæр нæ уыдтæн, иæл- 183
гоймæгтæй, ахæм дзæбæхтæ вæййы, уый. Æз æппындæр, уый- бæрц кæй фæбадтæн, ууыл фæсмон нæ кæнын. Мæ сагъæстæ мын байрох кæнын кодта Сослан, уый дæ бауырнæд. Бахатыр кæн, Заретæ, æргом ныхæстæ дын кæй кæнын. — Мæнæн тынг æхсызгон у, Изетæ, Сосланимæ кæрæдзи кæй бамбæрстат, уый. Сослан дæр, дам, Хъасболат мын æй куыд фæзмыдта, афтæмæй тынг разы у йæ цардæй. Цæй, дæ минас бирæ, Изетæ. Æз ма Еленаимæ аныхæстæ кæнон, кæннод йæ зæрдæ фæхуддзæнис. — Æрмæст æй Ирыстонмæ цæуынмæ ма сцыбæл кæн. — Ууыл ма тыхс. Елена дынджыр уаты телевизормæ касти æмæ йæм уырдæм бацыд Заретæ. — Заретæ, мæ къона, куыд у Нагъо? — Ардæм нæ комы, цынæ йын кæнæм, къахсæттæгау ныллæ- уыдис: кæй тыххæй, дам, ацæуин, уыцы хъæбулы мын мемæ кæй уадзут, мæн уымæй хуыздæр хорздзинад нæ хъæуы. Мæнæ йæ ды куы фенай, уæд ма йын зæгъ, уымæн æмæ лæппу ацы аз хъуамæ скъоламæ бацæуа, чызг та æнæ уый нæ ныллæудзæн. Заретæ хæстæгдæр бабадтис Еленамæ æмæ йын йæ хъусы дзурæгау бамбарын ко,дта, Амырхан дыууæ хъомыл лæппуимæ хъæумæ кæй фæзынд. Йæ мыггаг усы мыггагыл кæй ныффыста кæддæр æмæ йæ ивынмæ кæй ссыдис. Мыггаг, дам, ыл, цыма, хъодыгонд уыди, афтæ сæмбæлдысты. Стæй Изетæйы хуызæн адæймаджы зæрдæхудт чи райста, уый мах æфсымæрæн^нæ, фæлæ зонгæйæн дæр нæ хъæуы. Æниу цы цæсгомæй ссыди? Йæ сæрмæ йæ усы мыггаг райсынмæ куыд æгъдауæй æрхаста?! Цалынмæ Заретæ хабæрттæ кодта, уæдмæ та-иу Елена ба- каст цæлгæнæнмæ, мыййаг, Изетæ исты куы фехъуса, зæгъгæ. Фæстагмæ ма Елена, йæ цæстытæ доны разилгæйæ, загъта: — Фæлтау куынæуал ссыдаид, уæд ма йæ адæймагыл нымад- таиккой хъæубæстæ. Æз та æгайтма нæхимæ нæ разындтæн... Заретæ йыл дис дæр фæкодта: уæддæр та хион, æфсымæры лæппу... Уæвгæ йыл йæ зæрдæ куыннæ рыстаид, фæлæ... Стæй Заретæ ацыдис сæхимæ. * * * Цыдысты бонтæ. Æрхæццæ уалдзæг. Валодя æмæ Сона зыд- той, Елена йæ бинонтимæ тагъд кæй зындзæн, æмæ архайдтой, сæ хæдзары уал иу уат куы ацæттæ кæниккой, ууыл. Елена æмæ Изетæ бричкæйæ нæма æрхызтысты, афтæ сæм адæм уынæг цыдысты. Цин кодтой Еленайыл, ахæм амондджын 184
æмæ хъæлдзæг кæй у, ууыл. Изетæйæн арфæтæ кодтой, цыкурайы фæрдгуыты хуызæн дыууæ хъæбулы мад кæй сси, уый тыххæц. — Цæй, мидæмæ уал ацæут, уæ фæллад суадзут, уый фæстæ фендзыстæм, — загътой сыхæгтæ, сывæллæттæ æмæ Еленайæн тæригъæд кæнгæйæ. Елена æмæ Изетæ сæ хæдзарыл сæ цæст куы æрхастой, уæд дис дæр фæкодтой, æхсызгон дæр сын уыд — куыд рæвдзæй сæййæфтой æппæт дæр. Æфснайд цæхæрадон, кæрты дидинджытæ сагъд, стуртæн хицæн бацæуæн сæ бынатмæ, уæттæ чъырæйцагъд æмæ ахуырст... Иуныхасæй, сæхицæн куыд нæ бан- тыстаид, афтæ бæлвырдгондæй сæмбæлдысты хæдзарыл. Уалынмæ йæ куыстæй схæццæ Сона æмæ, кæд Изетæимæ фыццаг хатт сæм- бæлдысты, уæддæр сæм афтæ кастис, цыма рагæй зонгæ сты. — Махæн дæр тагъд нæ хæдзары уæттæй иу рæвдз уыдзæн, æмæ уæ бирæ нæ батыхсын кæндзыстæм. — Æмæ цæуыл тагъд кæнут? Мах ам иу мæйæ фылдæр нæ фæуыдзыстæм Изетæ фæрсæгау бакаст Еленамæ, фæлæ уый ницы дзуапп радта, уымæн æмæ, ам куы цæра, уæддæр æй айхуызæн ус æмæ лæг цы хъыгдардзысты! Уæдмæ Валодя дæр фæзынд. Елена йæ размæ рауад, йæ хъæ- бысы йæ акодта. — Уæ, дæ къухтæ фæрнæй фæдарай, нæ мæгуыр бынтæ нын афтæ чи бадзæбæхтæ кодта! — арфæтæ йын кæны зæронд ус. — Ехх, Елена, дæ фаг хорздзинæдтæ адæймагæн йæ къухы куы бафтид, бæргæ! Фæлæ, дам, хæдзаргæнæгæй калм дæр йæ хуынкъмæ лидзы. — Æгæр уæхи ма тыхсын кæнут, мæнæн фаг цы бынат у, уым сымах дæр фæразут, цалынмæ уæ хæдзар не срæвдз уа, уæдмæ. Æрмæст мын мæ сывæллæттæй ма батыхсут... — Дæ уæздан ныхасæй бузныг, Елена, — Валодя дыууæ сывæл- лоны йæ хъæбысмæ фелвæстæ æмæ сыл æнгом æрбахæцыд йæхимæ. — Дæ хъæбысы хорз фидауынц нæ сывæллæттæ, æмæ иннæ ацафонмæ лæппуйы куывд куыд кæнат, уыцы амонд уæ уæд! Уыцы рæстæджы сæм Сона радзырдта: — Мидæмæ рацæут, мæнæн мæ фынг ацæттæ. Хæрзад лывзæйæ иууылдæр сæхи хорз куы федтой, уæд фæс- тæмæ рацыдысты кæртмæ æмæ аив даргъ бандоныл сæхи æруагътой. Дуарæй æрбахызт Дзерассæ, Елена æмæ Изетæйы йæ хъæ- бысы ныккодта æмæ сæ нал уагъта. Стæй аздæхти Изетæмæ. — Алы бон нæ лæгмæ загъд фæкæнын, дæу чи ауагъта ардыгæй, фæлæ та мæнæ ацы дыууæ гыццыл хуры куы æрæмысын, уæд мæ- хиуыл æрхудын, — Дзерассæ сывæллæтты йæ хъæбысы ’рбакодта. Иучысыл хъусæй алæууыны фæстæ Изетæмæ разылди: — Уæдæ нын, Изетæ, Амырхан дæр цытæ бакодта... 185
— Цы загътай, Дзерассæ? Амырханы кой та дæм кæцæй æрцы- дис? — Изетæйы нæ фæндыдис, йæ фыццаг мойы кой кæнын. — Ды йæ, æвæццæгæн, нæма зоныс, фæлæ Елена куы ацы- дис Мæскуымæ, уый хæдфæстæ Амырхан дыууæ фыртимæ схæццæ, мæ чызг та, дам, чындзы цыд у. Уæд исчи афтæ кæны? — Æмæ уæм уый цы диссаг кæсы? Амырхан йæхицæй фыл- дæр никæй уарзгæ кодта, никæй мæт æй уыд. Ахæм куыдфæндыйы дзуапп бæргæ радта Изетæ, фæлæ йыл цыма фыцгæ дон бакалдæуыд, уыйау æм ныхъхъæр кæнын цы- дис: «Ау, æмæ кæд æгас уыдис, уæд йæ ныййарджытæм та ку- ыннæ ссыди! Уыдоны тæригъæдæй зæхх куы скъуыди... Уыдоны тæригъæд ын Хуыцау ныббара...» Хъæрæй та загъта: — Цæй, уый йæ кой кæныны аккаг дæр нæу, фæлæ уæхимæ цы хабæрттæ ис? Куыд у йе ’нæниздзинад Дрисæн, куыд сты æмæ кæм сты сывæллæттæ? — Лæппу горæты техникумы ахуыр кæны, чызг та фарæс- тæм къласмæ бацыдис æмæ мæ цæгаты вæййы. Мах дыууæйæ — хæдзары. Мæнæ нæ Сона æмæ Валодя арæх абæрæг кæнынц æмæ уыдоны руаджы бахъæлдзæг вæййæм. — Хъуамæ мын арфæтæ кæнай, ахæм хорз адæмимæ уæ кæй ныууагътон, уый тыххæй, — бахудти Елена. Дзерассæ та Еленайы æрбахъæбыс кодта: — Раст дын куы зæгъон, Елена, уæд раст цыма курорты уыдтæ, афтæ иу-дæс азы ферыгондæр дæ. Иуныхасæй, дæ хуыз скалдтай. — Уымæй раст зæгъыс. Ахæм цардæмбал фæцис Изетæйæн! Сослан æй, мæнæ куыд фæзæгъынц, йæ цæнгтыл хæссы. Æниу, цы фадæтты цæрынц, уый та! Æмæ мæн дæр, кæстæртæ дзæбæх уæнт, æндæр цы хъæуы! Уалынмæ Верæ фæзындис, æмæ та цинтæ, хъæбыстæ сног сты. — Мæхи ма цы фæкодтаин, уымæн ницыуал зыдтон. Ноджы сахуыр дæн скъолайæ рацæугæйæ мæ фæндаг ауылты кæнын æмæ-иу хатгай рæдигæ дæр фæкодтон, — дзырдта Верæ, йæ цæс- сыгтæ сæрфгæйæ. Мæнæй амондджындæр нæй, æвæдза! Ахæм хо æмæ ма мын æфсымæр фæзындзæн цардмæ, уый æнхъæл чи уыди! О, фæлæ папæ та? Уый ссæуынмæ нæ хъавы? Куыд у? — Верæ дзуапмæ дæр не ’нхъæлмæ касти йæ фырцинæй, афтæмæй дзырдта: — Тæхуды, йемæ бадынæй бафсæд! Æз æй зонын, Изетæ, йæ цард дæуимæ чи сбаста, уый фæсмонгонд никуы уыдзæнис, — Верæ та йæ цæссыгтæ асæрфта. —’ Верæ, мæ къона, — Изетæ чызджы æрбахъæбыс кодта, — ныр нын æртæуатон фатер радтой, æмæ дын куыддæр гæнæн фæуа, афтæ Хъазыбег æмæ сывæллонимæ æрцу æмæ дæ бæллиц 186
сæххæст уа, — дæ фыдимæ уæ ныхæстæ кæрæдзийæн фæкæн- дзыстут. Нæ дыууæйæ дæ тынгдæр чи фæмысы, уый зын равза- рæн у. Мæнæн, цалынмæ Еленайы не ’ркодта Мæскуымæ, уæдмæ мæ зæрдæ ам уыди. — Ехх, Изетæ, ды æмæ мын Елена куы нæ уыдаиккат, уæд абон мæ цард куыд уаид, — Хуыцау зоны. Еленайæн та йæ зæрдæ суынгæг, Верæмæ кæсгæйæ. — Верæ, мæ къона, кæд ныл, мыййаг, дæ зæрдæ искуы фæ- худт, уæд нын ныххатыр кæн Изетæимæ. Æз амæй хуыздæр цардмæ нал æнхъæлмæ кæсын, фæлæ ма уæ дыууæйæн исты æххуыс куы фæуин, цæмæй уын царды æнцондæр уа, æндæр мæн ницы хъæуы. — Нæхимæ мын бафæдзæхстой, цæмæй райсом æнæ ’рцæугæ ма фæуат, науæд, дам, æппæт бинонтæй уырдæм куыд ссæуæм Елена æмæ Изетæйы сывæллæтты уынæг! Бексолтан дыууæ сывæллоныл куы фæцинтæ кодта, уæд Минтæмæ дзуры: — Не ’фсин, кæсыс, куыд бирæ баисты нæ хæстæджытæ, Верæ нæ къæсæрæй куы æрбахызтис, уæдæй нырмæ! Кæд уыда- ис æнхъæл, æмæ искуы Изетæимæ бахæстæг кæндзыстæм. Цард афтæ у: бон цæуы æмæ фарн хæссы. Сæхимæ куы ’рбацыдысты, уæд Елена афтæ бакодта: — Изетæ, дысон мæ фыны цыма Сослан схæццæ... Изетæ йæ мидбылты бахудти: тел райста Сосланæй, фæнда- гыл дæн, зæгъгæ. — Уæдæ йæ ардæм хъæуы, Елена. Уый йæ ныхасæн кæддæ- риддæр хицау у, æмæ рагацау дæхи бацæттæ кæн. — Ома? — Карк аргæвдын хъæуы, — худы Изетæ. — Æндæр зындзинад ныл ма ’рцæуæд царды! — Ма зæгъ, Елена, абон нæлгоймæгтæ иууылдæр дæлæсыхы кæмæндæр йæ хæдзары сæр æмбæрзынмæ ацыдысты Валодяимæ. — Цымæ сын лæвар кæны Валодя утæппæт хорздзинæдтæ нæ хъæуы цæрджытæн, Сона? — Лæвар, уæдæ куыд! Йæхи хæдзар дæр-иу ныууагъта. Стæй тыллæг æфснайыны рæстæг куы æрцыдис, уæд нæ кæртмæ хар- бызæй, джитърийæ, æрыскъæфæй..., стæй та мæнæу... æмæ цы нæ ластой. Уый та Дрисы уынаффæ уыди: хъуамæ, дам, Вало- дяйæн иннæ колхозонты æмхуызон кусгæ бонтæ нымад цæуа, — афтæ банымадтой хъæусоветы æмбырды. Уæлæ-ма цармæ скæс, нæ хортæ цы фæкæнæм, уый нæ зонæм. Сонайы ныхæстæм куыд хъуыстой Изетæ æмæ Елена, афтæ дуарæй æрбахызтис Сослан. 187
— Æз дын нæ загътон, Елена! Уый та дын — дæ фын! Сослан æппæты фыццаг йæ хъæбысы фелвæста Еленайы, стæй та райста Сонайы къух. — Ды, куыд мæм кæсы, афтæмæй Валодяйы бинойнаг дæ. Тынг æхсызгон мын у дæ уынд. — Æгайтма дзæбæхæй сæмбæлдтæ, Сослан. — Раст дын куы зæгъон, уæд мын отпуск афон бæргæ уыдис, фæлæ мæ æрмæст фондз боны æмгъуыдмæ рауагътой. Денджы- зы былгæрон цы фæлладуадзæн хæдзар аразынц заводæн, уымæ, дам, ды куы нæ фæдарай дæ цæст, уæд уавæр хорз нæу. — Афтæмæй цасы фаг кæны адæймаг! Фарон дæр дæ фæл- лад, куыд æмбæлы, афтæ не суагътай. — Тыхсгæ ма кæн, Изетæ. Иннæ аз Сау денджызы был фон- дзæй иумæ суадздзыстæм нæ фæллад. — Фæндзæймаг дæр уæм уыдзæнис? — бадис кодта Елена. — Уыдзæнис нæ, фæлæ, Елена, ис. Æз æнæ дæу никуыдæм- уал цæуинаг дæн, уымæн æмæ Изетæ, дæу куы нæ уына, уæд æнкъард кæны. Мæнæн та уый зæрдæрухсæй мæ зæрдæ рухс кæны. Уымæй уæлдай ма Верæйы бинонты дæр акæндзыстæм немæ. — Елена немæ цæуынвæнд нал кæны, Сослан. — Æмæ йæ уымæй чи фæрсы? Йæ дзаумæттæ йын амбырд кæн — æмæ хъуыддаг ахицæн. — Сослан Еленамæ разылд. — Кæд, Елена, сывæллæтты тыххæй нал фæнд кæныс, уæд ма тыхс. Æз баныхас кодтон рæвдауæндоны хицауимæ, æмæ куыддæр ных- хæццæ уæм, афтæ дыккаг бонæй фæстæмæ сывæллæттæ уыдзы- сты уым. Мæ мад, цыппар азы мыл куы цыдис, уæд амард, æмæ нырма ныр бамбæрстон бинонты ад. Ау, куыд мын бахæлæг кæн- дзынæ, куыстæй куы ’рбацæуон, уæд дуар бакæнай, уыцы æхсыз- гондзинад? Иуныхасæй, ацы хъуыддагыл дзурын дæр нæ хъæуы. Изетæ ныхæстæм йæ хъус дардта, афтæмæй архайдта Сонаимæ хæринаг кæныныл. Уалынмæ сихор хæрынмæ схæццæ Валодя дæр. — Уæуу, мæнæ ма кæй уынын! — фæхъæр кодта æмæ Сосла- ныл йæхи баппæрста. Фæбадтысты иумæ. Хабæрттæй фæрсын никæй хъуыдис, афтæмæй сæ кæрæдзийы фæндтæ бамбæрстой иннæ ацафоны фембæлдмæ. Сослан Валодяимæ ацыд, цæмæй йын йæ хæдзар фена. Бирæ æныхæстæ кодтой, æмæ Валодя Амырханы кой куы ракæнид. æхæдæг æй нæ федта, фæлæ, Дрис æмæ адæмы ныхæстæм гæсгæ цы базыдта, уый радзырдта. Изæрæй, Изетæ сывæллæтты кой куы бакодта, уæд Со- сланмæ дзуры: — Цыдæр æнкъард мæм кæсыс, æвæццæгæн, бафæлладтæ... 188
— Куыд нæ уон æнкъард? Ау, кæд Амырханы фæзынды хабар зыдтай, уæд мын æнæхъæн афæдзы бæрц куыд ницы загътай? — Бауырнæд дæ, Сослан, æз дæр æй ам фехъуыстон, Дрисы бинойнаг Дзерассæ мын æй загъта. Стæй йæ кой куынæ уа, уæд — хуыздæр. Æз мæхи амондджын куы хонын, хæст куы фæцис, уæд афоныл кæй нæ сæмбæлдис уый тыххæй, уымæн æмæ уæд дæу нæ базыдтаин. Амырханимæ та адæмы æфсæрмæй цардаин.... — Еленæ та цы зæгъы? — Цы зæгъа? Йæхи, дам, куы нæуал схъæр кодтаид, уæд ма, дам, æй адæм нымадтаиккой... æппæт хабæрттæ дæр фехъуыста æмæ зыдта. Уацары йемæ чи бахаудис, уый йæм сæ фæфыста. Сосланæн Изетæйы ныхæсты фæстæ йæ зæрдæйы æрхæн- дæг сындæггай сысты. — Æз дын, Сослан, нæ сывæллæттæй сомы кæнын, дæу куы базыдтон, уæд райдыдтон цæрын. Дæуæй исты басусæг кæнын мæнæн мæ хъуыдыйы дæр нæ уыдис, — Изетæ Сосланы уæхс- кыл йæ сæр æрæвæрдта... Райсомæй Елена бинонтæй раздæр рабадтис, фосы кой ба- кодта æмæ цæхæрадоны бандоныл йæхи уæззау уагъд æркодта. Уыцы рæстæджы Сона æддæмæ рауад. — Мæнæй афтæ, искуыдæм ацыдтæ, Елена! — Нæ, мæ къона Сона, кæдæм хъуамæ ацæуон?! Уæвгæ не ’рвадæлтæм ныууайынвæнд кæнын. Мæ цæсгом дæр сæм нæ хъæ- цы Амырханы тыххæй, фæлæ уæддæр... — Уæдæ фынгмæ рацæут, аходæн цæттæ у. Фæсхæрд Изетæ бадзырдта Сосланмæ: — Верæйы дзæбæх нæма федтай, æмæ дæ кæд фæнды йæ фенын, уæд æм æз сыхаг лæппуйы барвитдзынæн йæ куыстмæ, цæмæй махыл ракæна йæ фæндаг, — Изетæ йæ сæрыхицаумæ фæрсæгау бакаст. — Ды мын куы нæ уаис, Изетæ, уæд цы кæнин? Мæ хъуыдытæ мын бамбæрстай. Мæхинымæр хъуыдытæ кодтон, аив куы нæ уа Бексолтаны хуызæн ацæргæ лæджы хæдзармæ арæх цæуын! Верæ йæ куыстæй куы рацыд, уæд æцæгдæр йæ фæндаг ра- кодта Еленатыл. — Фæстаг урочы мæм сымах фенын афтæ æрцыдис, æмæ мæ урок нал æмæ нал фæуд кодта, — загьта Верæ, Изетæйæн хъæбыс кæнгæйæ. — Æвæццæгæн дæм дæ фыды хъуыдытæ бахæццæ сты, уый дæр афтæ фæндыдис дæу фенын. — Изетæ, дæу Хуыцау мæ фыд æмæ мæн тыххæй сфæлдыс- та, уый æз хорз зонын. Мах тæригъæдмæ кæсын йæ бон нал уыдис Хуыцауæн æмæ нын дæу нæ размæ рарвыста. Сосланæн чызджы ныхæстæ йæ зæрдæмæ фæцыдысты æмæ йæ æрбахъæбыс кодта. 189
Изетæ йæхи айста иуварс сæ разæй æмæ сывæллæттимæ хъа- зыныл схæцыд. — Сывæллæттæ куыд рæзынц, уымæ кæсын æхсызгон куыд нæ у! Фæлæ мæ зæрдыл куы æрбалæууы, ды, мад-фыды рæв- дыд нæ зонгæйæ, куыд хъомыл кодтай, уый, уæд, мæ цæстысыг бауромын мæ бон нал вæййы. Бинонтæ дын куынæ уаид, уæд дæ ам нæ ныууадзин. — Кæд уыдтæн уый æнхъæл, æмæ ма мын ахæм хо æмæ æфсымæр уыдзæн! Сослан Верæйы фæдыл рацыди. Йæ хызыны йын æхцайы гуцъула атъыста, сывæллонæн дзы истытæ балхæндзынæ, зæгъгæ. Стæй Верæ ацыд, Сослан ма лæууыд æмæ йæ фæдыл касти. — Цас мын фенцондæр ис, Верæйы куы федтон, уæд... Ехх, æвæдза, цæй амондджын дæн, Изетæ!.. Уæдмæ Елена та уынджы устытимæ бадти. Дуарæй куыддæр бахызт, афтæ йæ Сослан фæрсы: — Цæттæ дæ, Елена? — Дæ цæрæнбон бирæ уа, Сослан, æз уемæ дыууæ азы кæй ацардтæн, уый мæрдты дæр мемæ уæд. Иæхи хъæбулæй дæр уыйас рæвдыд ничи федта, дæуæй æз цы рæвдыд федтон, фæлæ мæнæн цæуæн нал ис. — Дæ ныхасы ныхмæ мæ бон зæгъын ницы у, кæд мæ тынг фæнды, куы рацæуис, уый, уæддæр. Зон æй, Елена, мах дыл нæ зæрдæ не сивдзыстæм, кæд дæ нæ сæр истæмæн бахъæуа, уæд нæм бæрæг кæндзынæ. Верæ дæр дæ рохуаты нæ ныууадздзæн. * * * ...Цыдысты бонтæ, азтæ кæрæдзи ивтой. Елена иу бонæй иннæ бонмæ æнхъæлмæ кастис Амырханмæ, фæлæ — никуы æмæ ницы. Верæ Еленæйы рохуаты нæ уагъта. Верæ нæ, фæлæ ма-иу æй Верæйы æфсин Минтæ дæр абæрæг кодта. Елена Изетæ æмæ Верæйы хъæбултæн ахæм уарзон нана уыдис, æмæ-иу уый цурæй сæ ныййарджытæм дæр нæ куымдтой. — Елена, уагæры сын цытæ фæдзурыс? — бафарста йæ иухатт Верæ. — Цардæй ист хабæрттæй исты куы ’рлæууы мæ зæрдыл, уæд сын уый ракæнын. Цардæй хуыздæр сывæллоны цæуыл хъуа- мæ сахуыр кæна хистæр! Иубон Елена изæрыгон дуармæ куыд бадтис, афтæ Верæ æрбацыдис æмæ йæ æрбахъæбыс кодта, стæй йын бамбарын код- та, Минæтæн йæ хæстæг фæзиан æмæ бинонтæ уырдæм ацыдыс- ты, сывæллæтты та сыхæгты бар ныууагътой. 190
— Ацу уæд тагъд дæ хæдзармæ. — Нæ! Мæ зæрдæ дæм æхсайдзæнис. Æххæст мæнæ фос æрбаздæхой хизæнæй, æмæ сæм базилон. Тæхуды, Елена, ма- химæ куы цæрис, уæд не ’ппæтæн дæр цас æнцондæр уаид... — Уый гæнæн нæй, мæ къона, уымæн æмæ иикæй хæдзармæ æрæмбырд уыдзысты мæ бинонтæ сæрды, мæнмæ куыд æрбам- бырд вæййынц, афтæ. Верæ, мæнмæ нырма хъару ис, дæ зæрдæ мæм ма ’хсайæд. Верæ ацыди, фæстæмæ фæкæс-фæкæсгæнгæйæ. Йæ цæсты- тыл уадис дысоны фын: Елена йæ хъуджы фæдыл талынг уын- джы кæдæмдæр куыд згъордта, уый. Верæ сыхæгтæй йæ дыууæ сывæллоны ракодта æмæ фæс- тæмæ сыздæхтис Еленамæ. Мидæмæ бацыдис, фæлæ Елена зы- лæг нæй. Скъæтмæ бакаст, æмæ Елена уæлгоммæ хаудæй лæууы, æхсыры ведрайыл хæцгæйæ, хъуг та йæм дисгæнæгау кæсы. Сыхæгтæм фæдзырдта, æмæ йæ мидæмæ бахастой. Хæдзары куы æрчъицыдта Елена, уæд бамбарын кодта, хъуг, æвæццæгæн, цæ- мæйдæр фæтарстис æмæ йæ иуварс асхуыста. Сона æмæ Верæ Еленайы цурæй бæргæ нæ цыдысты, фæлæ, куыд фæзæгъынц, адзалæн мадзал нæй. Æгæр куы ’ртыхстис, уæд загъта, Изетæйы ма куы фенин, æндæр мæ ницы хъæуы, зæгъгæ. Афтæ, Изетæйы номимæ, Верæйы къухыл хæцгæйæ, ахицæн йæ цардæй Елена. Куыд нæ фæхъыг кодта Изетæ, йæ царды фылдæр рæстæг кæимæ арвыста, уыцы адæймагыл, æмæ дыккаг бон схæццæ хъæумæ. — Сослан нæ сæмбæлдзæнис зианмæ? — тæфæрфæс ракæны- ны фæстæ йæ бафарста Валодя. — Æз æм тел арвыстон, — къуырийы размæ командировкæйы ацыд, æмæ хъуамæ райсом сæмбæла. — Валодя, райсом раджы Даргъ-Къохы станцæмæ цæугæ Со- сланы размæ. Иннæ хабæрттæ ам нæхи бар уадз, — загъта Дрис. Валодяйы Даргъ-Къохы станцæйы лæууын бирæ нæ бахъу- ыд, æмæ тæфæрфæс ракæнгæйæ, сбадын кодта Сосланы бидар- кæйы. Иудзæвгар куы рауадысты, уæд сæмбæлдысты иу бæлц- цоныл, уый сæм курæгау бакаст, æмæ йæм Валодя дзуры: — Кæд не ’мбæлццон дæ, уæд немæ сбад. — Мæ фыды хо тыхст рынчын у, зæгъгæ, фехъуыстон æмæ уымæ тагъд кæнын. Валодя йæ фæрсы: — Елена ма уæд дæ фыды хо? — Уый бæргæ у. Æмæ йæ цæмæй зоныс? Æз йæ хæдзары фæцардтæн цалдæр азы. Рухсаг уæд, фæлæ зиои æмбисæхсæв ахицæн йæ цардæй. 191
Лæг фæуыргъуыйау. Бæрæг уыди, йæ кæуын тыххæй кæй уромы. Еленайы бавæрдтой йе ’фсымæры фарсмæ. Амырханы фæндыдис исты амæлттæй Изетæйы ныхасмæ фенын, цæмæй йын арфæ уæддæр ракодтаид йæ ныййарджыты тыххæй æмæ йæ фæнд бамбарын кодта Валодяйæн. — Изетæ, Амырханы дæуимæ аныхас кæнын фæнды, рæстæг дын куы фæуа, уæд. — Валодя, мæ зынаргъ тиу, æз мæ зæгъинæгтæ иууылдæр фæдæн конд æмæ мын йемæ æппындæр ницыуал ныхасаг ис. Кæд æм мæнæ йæ фыды хæдзары тыххæй исты хъуыды ис, уæд бауынаффæ кæнæд Дрисимæ. Нагъойы фыды ’фсымæры лæппу Дзæрæхмæт цæстæй рæвдз нал уыдис. Адæймагæн ма æрмæст йæ æндæрг хатыдта æмæ фыл- дæр йæ рæстæг æрвыста дуармæ бадгæйæ. Амырханы зианы койтæ куы бакодтой дыууæ æфсымæры, уæд сын сæ фыд куыд амыд- та, афтæ уæлмæрдæй цæхгæрмæ уынгтыл бацыдысты Дзæрæх- мæттæм. Дыууæ лæппуйы иронау нæ зыдтой, Дзæрæхмæт та уырыс- сагау нæ зыдта. Афтæмæй, уынджы цы сывæллæттæ хъазыдис, уыдонмæ фæдзырдта Дзæрæхмæт: — Ауайут , мæ хуртæ, æмæ кæд Верæ сæхимæ ис, уæд æм ардæм фæдзурут. Верæ æд сывæллон лæфлæфгæнгæ Дзæрæхмæты размæ æрхæццæ. Лæппутæ йæм фыстæг радтой, æмæ йæ уый бакаст: Мæ зы- наргъ хъæубæстæ, мæ хæстæджытæ! ацы фыстæг куы кæсат, уæд æз уæлæуыл нал уыдзынæн. Æз, æвæццæгæн, мæ ныййар- джыты тæригъæдæй, Изетæйы сæр нывондæн кæй æрхастон, уый мын Хуыцау нæ ныххатыр кодта, æмæ зæрдæнизæй мæ афонæй раздæр фæцæуын мæ цардæй. Æз, сраст кæнæн кæмæн нал уыдис царды, ахæм рæдыдтытæ фæкодтон, æмæ фæлтау ацы дунемæ куынæ равзæрдаин, уæд алкæмæн дæр хуыздæр уаид. Ныхха- тыр мын кæнут. Амырхан. Дзæрæхмæт цы загътаид! Æмæ дыккаг бон Амырханæн фын- джы дзаг скодтой. Хъæу ацæргæ лæгтæй хъуаг нæ уыдис, æмæ рухсаг зæгъынæй дарддæр бирæ арфæтæ фæкодтой дыууæ æфсы- мæрæн, сæ фыды фæдзæхст афтæ лæмбынæгæй кæй сæххæст кодтой, уый тыххæй. 192