Æхсар æмæ Дзерассæ
Таймураз
Хадзымурат
Мады зæрдæ
Чызгайы куы хастой...
Текст
                    Сергей Кайтов
П Ь Е С Ы
@
На осетинском языке
Ш
Издательство „Ир"
Орджоникидзе * 1968


ЗÆРДÆ УЫДОНЫЛ НЫШШЫССЫН ДОМДТА... Хъæриуы хохы рæбынмæ хæстæг, цæргæсы тыгъд базырты хуызæн, айнæгыл æрæнцад Цъамад. Раст ын цыма знæт дымгæтæй тарсты- сты уыйау æй хæхтæ сæ хъæбысы бакодтой. Дардæй зынынц Урс хох æмæ Сау хох, Богазоны цъупп, Æхсæрты рагъ, æввахсдæрæй та — Дзуар- зæнг, Габейы мæсыг... Уый у мæ райгуырæн хъæу. 1937 азы каст фæ- дæн Уналы авдазон скъола. 1939 азы онг ахуыр кодтон Цæгирпедтехникумы. Фыдыбæстæйы хæсты хæдразмæ каст фæдæн Орджоникидзейы æфсæд- дон скъола. Ахуыр кодтон Мæскуыйы Фрунзейы номыл академийы цыбыр курсыты. 1941—44 азты уыдтæн Украины, Ленинграды цур æмæ Сталинграды тохты. ...Ныссабыр хотыхты нæрын, фæлæ мæн ивгъуыд зынджы тымыгътæ æнцой нæ уагътой, цалынмæ сæ гæххæтмæ рафыстон, уæдмæ. Цæвиттон, нæ батальоны иу æрыгон лейтенант уæззау цæфæй тыгъд быдыры марди, уæддæр ма йæ уарзонæй ’хабармæ æнхъæлмæ каст. Мæ къу- хы æцæгдæр уыдис писмо, йæ уарзонæй нæ, фæ- лæ йæ хорз æмбалæй,- Уый фыста леи- тенантмæ, чызг йæ аккаг нæу, рæузонд разынд æмæ а дыууæ боны мой кæны, зæгъгæ. Лæппуйæн мах та кастыстæм æндæр ныхæстæ:
«йæ зынаргъ» æй фыццагау бирæ кæй уарзы. Сахъ хæстон йæ уд систа. Æз афтæ æнхъæлд- тон, цыма йæ мæрдон цæсгомыл зынд æхсызгон мидбылты худт. Уыцы нывтæ æз равдыстон мæ повест «Æнæ- ном обауы», мыхуыры рацыд 1949 азы. Иуахæмы та нæ хъæуы ныхасы бадтысты зæронд лæгтæ æмæ таурæгътæ кодтой. Æрæ- мысыдысты Хазбийы, Бæтæйы фыртты... Чысыл фæстæдæр сæ чидæр Таймуразы зарæг сабыргай базарыд æмæ йын иннæтæ ныллæг бахъырныд1- той. Куыдфæстæмæ йæ бæрзондæй-бæрзонддæр систой, стæй дардыл айхъуыст. Уалынмæ скаст мæй дæр æмæ Хъæриуы хох айдæнау ныйирд, сзындысты æфцæджы уæлвæзтæ. Мæнмæ афтæ фæкаст, цыма Кодзырты гыццыл Таймураз уыцы ран цуан кодта. Уым ыл æртыхстысты æнæхуынд уазджытæ. Уырдæм æм згъордта йæ мад, фæлæ йæ нал сæййæфта... Зарæджы ныхæстæ зæрдæйы иннæрдæм хызты- сты. Раст уыцы æхсæв Таймуразыл пьесæ фыссын райдыдтон. Уый фæстæ, 1953 азы, æвæрд æрцыд Ирон театрьи Стæй та райгуырд æрыгон адæй- мæгты æнусон уарзондзинады кадæг «Æхсар æмæ Дзерассæ». ... Æдзæрæг хъæу. Дыууæ бæласы кæрæдзиуыл бæндæнбыдæй арвмæ фæцыдысты. Уыдоны кæд- дæр ныссагътой Æхсар æмæ Дзерассæ. Æдзæ- рæг хъæуæн раджы йæ хæдзæртты тохынатæй фæздæг пиллон уагъта. Фыдæлты мæлинаг æгъ- дæутты азарæй басыгъдысты дыууæ ’рæсугъд хæх- хон дидинæджы. Цæйбæрц уарзтой цард æмæ куыд байсæфтысты æдзардæй! Æрæгмæ-иу куы 6
æмбæлдысты, уæд-иу сæм цыфæнды хурбон дæр каст асæст, фæлæ-иу цæй амондджын уыдысты, кæрæдзи фенгæйæ! Сæ хъазтмæ-иу фæсындæгдæр кодтой мæргътæ сæ тахт, фæхъус-иу булæмаргъ йæ зардæй,.. Пьесæ «Мады зæрдæ» æвæрд æрцыд Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны, Кæсæджы, Дагъистаны, Псковы, Иошкар-Олайы, Тæтæры театрты... Уы- мæ гæсгæ мæн фæнды сæрмагондæй цалдæр ны- хасы зæгъын уыцы уацмысы тыххæй. ... Изæрæй Ирыхъæуы уынгты æрцæйцыдтæн æмæ кæд тагъд кодтон, уæддæр, мæнæ ахæм ныв ауынгæйæ, мæ мидбынаты фæлæууыдтæн. Иу ацæр- гæ сылгоймаг дын кулдуары разæй кæсы фæзилæн- мæ. Уалынмæ кæмæдæр фæкомкоммæ, фæцудыдта, фæлæ не ’рхауд. Иу æрыгон лæппу йæ къаимæ хъазгæ-худгæ здæхтысты сæ куыстæй æмæ фæау- уон сты. Сылгоймаг æнцадгай мидæмæ бахызт. Уыдон уыдысты йæ фырт æмæ йæ чындз. Мад йæ комы комдзæгтæй фæхаста йæ хъæбулы, стæй йæ уый ихы къæйыл ныууагъта, Мæнмæ гæсгæ, уый тыххæй нæ ныффыссын зын уыдаид. Чи нæ фехъуыста Иры дзыллæтæй хæххон цæр- гæс Дзæрæхохты Хадзымураты ном! Æмæ канд Иры нæ. Уый сгуыхтдзинæттыл дард Цæгаты цæрджытæ абон дæр ма зарджытæ кæнынц. Ле- нинграды революцийы музейы йын ис- сæрмагонд бынат. Ныр та уыцы хъæбæтыры сурæт цæры Ирон театры сценæйы. ...Фурдыфалейаг хъæрццыгъатæ, дам, сæхи ныццавтой Уæрæсейы цæгатаг хайыл. Сæ салдат кæуылты ацыд, уым зæхх сыгъди. Адæм фæ- лыгъдысты хъæдмæ, хъæдæй лыгъдысты сырдтæ.
Дæтты кæсаг нал баззад. Мæргътæ уæлæрвты зилдух кодтой: зæххыл кæм æрбадтаиккой, уый нал уыд. Уæд, дам, сæм æххуысагур сдзынæзта урсдадали ус. Бамбæрста, дам, ын йæ сагъæс урс- дæллагхъуыр бæлон æмæ Мæскуымæ фæтахт. Иæ хуыздæр æфсæддонты рарвыста фæтæг Цæ- гатмæ. Уыдон æхсæн, дам, уыдис иу ацæргæ сау нымæтджын хæстон. «Чызгайы куы хастой»-йы сæйраг мидис та у, цæмæй лæг царды исты пайда хæсса, уый тых- хæй. ...Хъуысы фæндыры цагъд, къæрццæмдзæгъд,— афтæ райдайы пьесæ. Мæнæ кæрты фæзыид Дзирæт, йæ уæлæ — чындздзон дарæс. Йæ тæнæг кæлмæрзæн уæхсчытыл æрхауд. У са- гъæсхуыз. Кæд абон йæ чындзæхсæв у, уæддæр цин нæ кæны, цавæрдæр уæззау мæт ын йæ зæрдæ калмау æууилы: «0, чызгон бонтæ, чызгон бонтæ, уалдзæгæй уæлдай не ’стут! Ди- динæг рафтаут, дунемæ мидбылты бахудут, стæй фæтар вæййут. Уæддæр цас цин бавзары зæрдæ! А фæстаг азты ма ныффыстон пьесæтæ: «Фырт», «Æртæ æвдисæны», «Ханты цагъд», «Саударæг усы маст», «Хъалæгаты фондз æфсы- мæры», повест «Мæ лæппу уыд уый», радзырдты æмбырдгонд «Хърупсаг цагъд» æмæ æндæртæ. Уæлдæр цы пьесæты кой скодтон, уыдон адæммæ рацыдысты нæ Ирон театры курдиат- джын артистты æнувыд куысты фæрцы æмæ сын ацы чиныгæй арын сæ ном. Хъайтптатпы Сергей.
ÆХСАР ÆМÆ ДЗЕРАССÆ ЦЫППАР АРХАЙДЫ ©
АРХАЙДЖЫТÆ: Тамби- 60-аздзыд. Г о с г а — йæ ус, 50-аздзыд. Дзерассæ—-сæ чызг, 18-аздзыд. Сæниат—сыхагус, 50-аздзыд. Æ х с а р — йæ фырт, 18-аздзыд. М а м с ы р — хъæздыг лæппу, 18-аздзыд. Хъæрæу — йе ’мбал, 25-аздзыд. А й т е г — Тамбийы æфсымæры фырт, 20-аздзыд. Джеуæрджи — Мамсыры фыды æфсымæр, хъæздыг лæг, 80-аздзыд. Солтан — хъæуы уæлыгæс, 12-аздзыд. С а ф и а т — йæ хо, 19-аздзыд. Б и б о ] X а т у 1 фыййæуттæ. С а л а м ] X ъ æ у ы ц æ р д ж ы т æ. Лролоджы архайынц: Солтан-куырм лæг, 60-аздзыд. Д а д о — колхозы сæрдар, Солтаны хæрæфырт, 30-аздзыд. Т а м а р æ — дохтыр, 22-аздзыд. Н и н æ — рынчындоны кусæг, 25-аздзыд. _ ^ 1Солтаны хæрæфырттæ. Ва лодя ] ^ 10
Рынчындоны кæрт. Дидинджыты æхсæн — Л е н и н ы бюст. Дыууæ рынчыны хъазынц шахмæттæй. Чысыл дарддæр даргъ бан- доныл бадынц К л а р æ æмæ В а л о д я дидинджыты пуцæлтти- мæ. Дардæй зыны æдзæрæг хъæу. Хъæугæрон цъæх фæзы — стыр кæрдо æмæ фæткъуыбæлæстæ уалдзыгон фæлысты. Радиойæ хъуы- сы ирон музыкæйы концерт. Рацæуы Т а м а р æ. Валодя æмæ йæм Кларæ базгъордтой. Кларæ. Тамарæ Сергеевнæ, дада нæма ракаст? Тамарæ (рæвдауы йæ). Нæма, Кларæ, нæма. //
В а л о д я. Æмæ кæд ракæсдзæн? Тамарæ (хъуыдыгæнгæ). Ракæсдзæн... Абон хъуа- мæ ракæса. (Кларæ æмæ Валодя сцин кодтой, уынг- мæ азгъордтой.) Фæлæуут-ма, æмæ лагертæм та цæ- уылнæ ацыдыстут? К л а р æ. Дадайы æнæ фенгæ? В а л о д я. Пионерты иннæ къордимæ ацæудзыстæм, Тамарæ Сергеевнæ. Нинæ (рахызт). Тамарæ СергеевнæГ Цавæрдæр «Победæ», йæ рыг йæ сæрыл сисгæйæ, стындзы: кæд ма исты зонын, уæд Дадойы машинæ у. Т а м а р æ (фефсæрмы). Ссæуы та? Нинæ (хин худт бакодта). Дæлæ æрба- хæццæ! Æдде хъуысы машинæйы хъæр, Тамарæ ацыдис. Фæлидзыс та?.. Уый дæр йæ фæстæ ацыд. Æрбахызт Дадо сывæллæт- т и м æ, йæ къухы—хъисфæндыр. Л^Ао(пионертæм). Уæдæ, зæгъут, дадамæ рынчын- фæрсæг æрбауадыстут, гъи? Валодя. Абон дадайы цæстытæн операци кæ- нынц... Дадо. Операци нæ. Дадайæн операци раджы скод- той. К л а р æ. Уæдæ? Дадо. Уæдæмæ йын абон фыццаг хатт райхал- дзысты йæ цæстыты бæттæн операцийы фæстæ. В а л о д я. Æцæг? Дадо. О. Кларæ (лæппумæ). А-гъа, æз цы загътон? 12
Ла&о(æркаст сахатмæ). Кæцы у йæ рудзынг? К л а р æ. Уæртæ. Дадо фæцæуы рудзынгмæ, Кларæ æмæ Валодя хъазынц иуварс. Кæрты фæзынд Т а м а р æ. Д а д о. Дæ бон хорз... Т а м а р æ. Æгас цу... Д адо (стыхст). Куыд стут? Тамарæ. Бузныг. Куыд дæ равдæлд ахæм кус- гæ бон? Д а д о. Мæнæ МТС-мæ суадтæн æмæ, зæгъын, æх- хæст Солтаны абæрæг кæнон. Цы хуызæн у мæ мады æфсымæр? Т а м а р æ. Дзæбæх у. Д а д о. Операци фæрæстмæ? Ракаст Солтан? Т а м а р æ. Ракаст, зæгъгæ, дын нæ загътон!.. Куы ракæса, уæд дæм Нинæ ныдздзурдзæн. Дадо. Тамарæ! Абоны хуызæн фæлурсæй дæ ни- куы ма федтон, тæрсыс? Т а м а р æ. Мæ-гъа... Чи зоны, тæрсгæ дæр кæнын. Уый мæ фыццаг операци у Филатовы методмæ гæсгæ... Æппæты фыццаг ын кард йæ цæстытæм куы систон, уæд мæм афтæ фæкаст, цыма йæ цæстытыл цæссыгтæ фæзынд. Стæй йæ бафарстон, кард уыныс æви нæ, зæгъ- гæ, æмæ, дам, нæ. Æртиссæдз азæй æхсæз æмæ дыу- уиссæдзы куырмæй фæцæр? Дадо. О, цыппæрдæсаздзыдæй бакурым. Фæзынд Н и н æ, бахудт, фæстæмæ аздæхт. Тамарæ (хъисфæндырмæ амоны). Ай та дын циу? 13
Д а д о. Хъисфæндыр. Бирæ зарджытæ нын фæкод- та зæронд хъисфæндырæй... Кæд æй фена, уæд ын æй балæвар кæндзынæн. Тамарæ. О, хæдæгай, хъисфæндырæй дæсны куы у. Æм’æ йæ куынæ фена, уæд та? Д а д о (ныуулæфыд). Уæддæр... Тамарæ (æркаст сахатмæ). О, афон у. (Фæцæй- цыд, æрлæууыд.) Уый мæ сæр не ’рцахста, исты лæвар ын бацæттæ хъуыд. Дадо. Куырм адæймаджы йæ цæстæй ракæсын кæн, уымæй ма хуыздæр лæвар цы уа? Т а м а р æ. Нæ фыдæлты загъдау, дæ ныхас сæ- дæйы фыццаг фæуæд. Телефоны хъæр фæцыд, ракæнынц С о л т а н ы, йæ цæстытæ баст, æрбадын æй кодтой. Кл а рæ. Дада! Т а м а р æ. Цæй, куыд у, нæ фыды хай? Солтан. Нæ зонын, мæ хур, Тамарæ. Д а д о. Æнæниз у, Солтан. Солтан. Ды дæр ам дæ, агитатор? (Уынгты ног- дзаутæ машинæйы заргæ фæцæуынц.) Дадо! Акæс-ма, мæ пионертæ уыдонимæ не ’сты? Дадо. Дæ пионертæ дæ разы лæууынц, Солтан. Солтан. Ау! Æмæ мæ хъæбысмæ куыд нæ згъо- рынц? Рауайут-ма мæм. Сывæллæттæ базгъордтой. К л ар æ. Дада! С о л т а н. Мæ чысыл Кларæ, Валодя... Мидæгæй телефоны хъæр цæуы. 14
Т а м а р æ (æркаст сахатмæ). Цæй, цом, Солтан, афон у, райхалæм дын дæ цæстыты бæттæн. С о л т а н. Райхал, райхал, мæ хур, цом. Нинæ (рахызт). Тамарæ Сергеевнæ! Горæтæй дзурынц, фæрсынц Солтаны операцийы тыххæй. С о л т а н. Горæтæй? Т а м а р æ (тыхстæй). Ныртæккæ. С о л т а н. Æхсæз æмæ дыууиссæдз азы æз нал уынын цæстæй, æхсæз æмæ дыууиссæдз азы мæ ра&вæн- даг агуырдтон уырзæй. Цал хатты фæндыд мæн уал- дзæг фенын! Цал æмæ цал хатты фæндыд мæн æдæр- сгæ азгъорын ме ’взонг бонты! (Валодяйырдæм.) АуГ Ныртæккæ фендзынæн сымах, дадайы хуртæ! (Рацыд раздæр.) Æви тар мигъ сбаддзæн мæ цæстыты раз фыццагау: цæй, цы уа, уый уæд. (Бацыд мидæмæ Та- марæ æмæ Нинæимæ.) В ал о д я. Дада ракæсдзæн? Д а д о. Ракæсдзæн... Хъуамæ ракæса. Валодя. (Кларæмæ). Дада куы базона, мах ын цы лæвар бацæттæ кодтам, уый, уæд ын куыд æхсыз- гон уыдзæн!.. Дадо. Цы лæвар ын бацæттæ кодтат уагæр? В а л о д я. Нæ лæвар ын æз дæ хъисфæндырæй зæгъдзынæн. К л а р æ. Иæ цагъд ын сахуыр кодта. Д а до. Сс... рацæуынц. С о л т а н рахызт, йæ цæстыты бæттæн — йæ къухы, йæ фæйнæ- фарс — Т а м а р æ, Н и ч æ, а д æ м æрбамбырд сты. Кларæ. Ьакаст... В а л о д я. ) Солтан. Уалдзæг! Уалдзæг! Бæлас! Дур! Кæр- дæг! Зæхх! Арв! Адæм! Дуне! Кларæ! Валодя! (Цины 15
цæссыгтæ.) Куыд æхсызгон у адæмы уынын!.. (Ауыдта дидинджыты æхсæн Ленины бюст, бацыд æм хæстæг.) Ленин! Цас адæмæн фенын кодтай рухс? Дадо. Солтан! Дæ рæсугъд зарджытæм дын арæх чи хъуыста, уыцы колхозонты лæвар. (Дæтты йæм хъисфæндыр.) Солтан арæхстгай авæрдта хъисфæндыр Валодямæ æмæ дидин- джыты баст дыууæ дихы акодта. Солтан. Сымах амондджынæй цы зæххыл цæ- рут, уый æнамонд уыд кæддæр. (Дидинджытæ байуæр- ста Тамарæ æмæ Дадойæн.) Дадо. Солтан! Мæнæн та цæмæн? Операци Та- марæ... С о л т а н. Нæ, рæдигæ нæ фæкодтон. Цæстуын- гæйæ рæдийæн нæй. Æз куырм уыдтæн, саугуырм, фæ- лæ мæнæн дæр мæ риуы зæрдæ ис, æмæ уый æппæт дæр æмбæрста. Æз уыдтон уарзондзинад уе ’хсæн..: Сыгъдæг уарзондзинад. Бахъахъхъæнут æй кæронмæ, макуы йæ фесафут. Бамбийы тулдзбæлас æд уидæгтæ, ныххуыскъ вæййы æнæкæрон денджыз, сау фæнык ныв- вæййынц фыдæлтыккон хæхтæ, æрмæстдæр уарзондзи- надæн амæлæн нæй. (Ныджджих, фахсыл цы дыууæ бæласы æрзад, уыдонмæ. Валодя хъисфæндырæй цæгъ- ды «Æхсар æмæ Дзерассæйы» цагъд.) О, цæргæ мын кæнай, сахуыр кодта, кæй йын амыдтон, уыцы кадæг. (Фæкомкоммæ фахсыл æдзæрæг хъæумæ.) Мæ чысыл кæрдобæлас æмæ фæткъуыбæлас, цæй бæрзонд фæцы- дыстут — Æхсарæмæ Дзерассæ! (Иу-цалдæрæй афар- стой: Цы? Чи?.) Фыдæлты мæлинаг æгъдæутты азарæй басыгъдысты дыууæ рæсугъд хæххон дидинæджы. Цæй- бæрц уарзтат цард æмæ куыд байсæфтыстут æдзардæй! Д а д о. Цы сыл æрцыд. Солтан, радзур-ма нын æй? 16
Солтан. Цæгъд, цæгъд, Валодя, мæ хур. Уы- доныл цы æрцыд, уый макуы æрцæуæд сымахыл, мæ хъæбултæ! Уыцы æдзаерæг хъæуæн кæддæр йæ хæ- дзæртты тохынатæй фæздæг пиллон уагъта, царды цалх дзы æнæрæнцойæ зылди. Уый раджы уыдис, ’мæныл цы- дис уæд æрмæст цыппæрдæс азы... Цыппæрдæс азы... Сценæйы рухс сыпдæггай ахуыссыд; стæй та срухс æмæ разынд ног нып. Æ м б æ р з ;с п 2 Пьесæтæ
ФЫЦЦАГ АРХАЙД ФЫЦЦАГ НЫВ Ирои хæххон хъæу Цъамад — сæрдыгон фæлысты. Дардæй зы- нынц хæхтæ. Тамбиты кæрт, астæуæй бæхбæттæн, чысыл дарддæр стыр дуры раз—бæлас. Уынгæн нннæрдыгæй зыны Æхсарты кæрт. Кæрты — ног сагъд фæткъуы æмæ кæрдобæлæстæ. С о л т а н бады сæ цуры, цыдæртæ архайы. Чысылгай æрныгуылы хур. Сæниат (æрбахызт æд æхсырф). Солтан! Мæ хур! С о л т а н. Цы кæныс, Гыцца? С æ н и а т. Уыцы лæппу нæма æрцыд? Солтан. Æхсарæй зæгъыс? Нæма. Зноны барæг чысыл раздæр ам уыд. С æ н и а т. Схæццæ? С о л т а н. Чи у, чи, Гыцца? С æ н и а т. Фæсхохаг. (Ацыд.) С о л т а н. Фæсхохаг? Æмæ ам цы агуры? Лу! Æхса- ры æххуырсты дæтты Гыцца? (Кæйдæр ауыдта, сыстад.) Джеуæрджи (æрбахызт). Лæппу! Дæ уæрыч- чытæ æндæр кæм хизай, уый дын нæй, мæ хуымтæм дзы исчи куы æрбаирвæзтаид, уæд та? Нæма æрцыд Сæниаты фырт? Солтан. Нæма. 18
Джеу&рДжй (аздæхт Тамбитырдæм). Ам уæ исчи ис? Иæ, Тамби! Солтан. Нæма ссыдысты уыдон дæр хуымæй. (Ацыд.) Джеуæрджи. Дысон-бонмæ хуыссæджы цъыртт нæ федтон. Тæрсын, нæ тæнзæрдæ кайысаг зноны уынаффæ кæронмæ куы нæ ахæццæ кæна; уæд дыууæ мыггагæй дæр зарæггаг фæуыдзыстæм. Хъуамæ Сæниаты фырт тæккæ абон мауал уа ам. Сæфтмæ цæ- уынц адæм, сæфтмæ. Къулбадджытæ сæ цæсгæмттæ суагътой, æгъдау сын æгъдау нал у, æфсарм — æфсарм (Ацыд, паузæ.) Æрбацыдысты Тамби, Солтан æмæ Г о ст а, æрæвæрдтой æхсырф, цæвæг, кæрдæг. Госга. Охх, охх, цы тæвд бон скодта, ма та ра- уара! Т а м б и. Цæй раджы æртардтай ацы изæр дæ уæрыччытæ, Солтан? С о л т а н. Раджы ма у, Бæппу? Т а м б и. Нæу, нæу, цу хъаз, цу. (Радта йын сæн- чытæ.) С о л т а н. Уæ уæрыччыты уын донмæ ныскъæрд- тон, Бæппу. Госга. Стыр лæг ау. (Солтан азгъордта.) Т а м б и. Æхгæд та куы у дуар. Оу, адонæй хæ- дзары куыд ничи лæууы! Кæм ис уыцы чызг? Дзела! Г о с г а. Æрыскъæфмæ цæуинаг уыдис, æнхъæл- дæн, чызджытимæ. Т а м б и. О, уæдæ та афонмæ Богазоны цъуппы- тыл разгъор-базгъор кæнынц. Нæ чындздзон чызг æры- скъæфдзуан... Госга. Æ, уайых æрбауай, куынæ мын æй 19
ачындз кæнай, уæд! Дæу бауадз, уæд æй уайтагъддæр æрбауæй кæнис. Т а м б и. Цæй, уагæр ма мын фырт куы ныййард- таис? (Бахызтысты мидæмæ.) Æрбацæуынц М а м с ы р æмæ X ъ æ р æ у чысыл нозтджынæй. М а м с ы р. Гъемæ дын уый дзырдтон, бæхæй ра- хаудтæн æмæ чысыл ма бахъæуа мæ зæнг мæ быны ма фæуа... (Дзыхълæуд фæкодта.) Гъей, Хъæрæу!.. Хъæрæу (рог къæзæнæг ныхас). Цъамады хъæу- зæдыстæн, Мамсыр, нæ та уæндыс цæуын ацы уынгты. М ам с ыр. Цы? Хъæрæу (иуырдæм). Дзортт... дзортт-дзорттьн стæн, æппындæр нал хъусы фыруарзтæй. Дæуæй йæ, зæгъын, хæздыгдæр лæппу ахæсдзæн. М а м с ы р (гуымиры уæзбын ныхас). Баздæх, бавдæл... Нынцъыхтай та дзы. Хъæрæу (иуварсмæ). О, о, фехъуыста мæ. Ахиз мидæмæ. М.амсыр. Габанты хардзæй та дзы ануазынмæ хъавыс, æвæццæгæн. Хъæрæу. Хур кæцырдыгæй тава, уыцырдæм ба- дын хъæуы. Мæн аххос нæу. Дзортт... дзортт... дзортты- стæн, зæгъгæ, дын зæгъын, Мамсыр, куыддæр фындзыл арахъхъы тæф сæмбæлы, афтæ мæ къæхтæ мæ быны нал фæцæуынц, мæ хъустыл ауайы сыкъаты алыхуы- зон хъæлæс: «Хъæрæу, мидæмæ, Хъæрæу, мидæмæ». Гъемæ цæсгом армы дзаг йедтæмæ нæу, æмæ та æз дæр... М а м с ы р. Уым смидæг вæййыс? Цæй хиуар- зон дæ!.. Хъæрæу. Амæлæд, йæхи чи нæ уарзы, уый... 20
0, о, уæд адæмæй иу дæр уæлæуыл нал баззаид, æмæ ма Госгайы арахъхъ чи нуазид? Мамсыр. Цæйбæрц ныхæстæ дæм ис! Госгатæ... Хъæрæу. Дæуæн уый загъдæуа, бирæ. ма дзур, мидæмæ ахиз æмæ та æз дæр сиахсы руаджы иу арахъхъ бануазон Габанты хардзæй. М а м с ы р. Хъæрæу! Бавдæл æмæ иннæ уынгты цом. (Аздæхт фæстæмæ.) Хъæрæу (уромы йæ). Кæдæм? Кæдæм хæссыс пыхс дæ сæрыл? Æмæ дæ уæд исчи тыхæй, даргъ са- гойæ æрбаппæрста? Худинаг у. Мамсыр. Цæй, ды та дзы де ’стыр кадæн тæр- сыс? Хъæрæу. Гъæ-гъа, уæдæ, уый та дзы мæнæн! Æз та дын цы зæгъын, уый зоныс? Æгæр стырзæрдæ дæ. Абоы æрыскъæфмæ цæуыннæ ацыдтæ семæ? Мамсыр. Омæ мæм, Хъæрæу, нæ цыд æрыскъæф хæрын. Хъæрæу. Æрыскъæф дарæг дæ ма уæд, Дзе- рассæитимæ цæуылнæ ацыдтæ? Мамсыр. Ды мын куы загътай, уæд ацыдтæн, фæлæ Æхсар цыдæр дугъ æрхъуыды кодта æмæ... Хъæрæу. Æмæ та фæсте баззадтæ. Ибон дæм Джеуæрджи к\ы хæцыд, уыцы чызджы Сæниаты фырт- нмæ хъазын ма уадз, зæгъгæ. Хъуыды ма кæныс, уый фæстæ дын Æхсар куыд загъта. (фæзмæгау): «Дзерас- сæйы ды пæ, фæлæ Джеуæрджи дæр нæ балхæндзæн». Уæдæй нырмæ дæ фыды æфсымæр артау судзы. Ды та, æрыскъæф дæ хъæуы æви нæ, ууыл хъуыды кæныс. Бамбар, ныхас дæ мыггаджы сæрыл у. (Фæзмы.) «Æрыскъæфтæ хæрын мæм нæ цæуы». Уымæй уæлдай куы ницы змæлай, уæд дын Сæниаты фьгрт дæ бæлоны йæ ахстонæй аскъæфдзæн. Ма м сыр. Чи, кæй? 21
Хъæрæу. Æхсар Дзерассæйы. Æз сæ мæхæдæг цалдæр хатты иумæ сусу-бусугæнгæ федтон. М а м с ы р. Райдыдтай та. Хъæрæу. Иу хатт ма дын æй зæгъын: кæрæдзи уарзынц, куыд нæ дæ уырны? М а м с ы р. Хъæрæу... X ъ æ р æ у. Джеуæрджийы хъустыл та цыдæртæ æрцыд, ибон сæ иумæ лæугæ дæр федта æмæ йæ хъæ- лæсæй æхсидæвтæ хауд. Тамбиимæ дæр хæцыд, акса, абон дæр та æрыскъæфмæ куы сты. Цон Джеуæрджи- мæ. (Азгъордта.) 'Мамсыр. Хъæрæу! Хъæрæу! йæ фæстæ фæцæуы, Г о с г а рахызт, цыдæртæ архайы. Тамби (рахызт). Арв та хъулæттæ кæны, тæс- саг у, куы рауара, уымæй... Нæ сиахсаг, цыма, на> дуармæ лæууыд. Уæртæ. Æвæццæгæн, фефсæрмы. Хъæз- дыг хæдзары фырт... Госга. Гормон! Дыууæ хъусы кæуыл ис, иу ахæм дæр ын хæлæг кæныс дæ иунæг чызгæн? Т а м б и. Æмæ цæмæн у иунæг, бæргæ, куы йын уаид авд æфсымæры, уæвгæ сылгоймагимæ дзурын — хърихъупп фистæгæй куы сурай, уымæй уæлдай нæу... Госга (кæсы). Цæй, ма та райдай, уæртæ дæ сиахсаджы фыды æфсымæр комкоммæ махырдæм æр- бацæуы. Т а м б и. Джеуæрджи? Уый, æвæццæгæн, йæ уа- зæджы тыххæй æрбацæуы. Госга. М ’арт бауазал, сразы Сæниат йæ иу- нæджы æххуырсты арвитиныл? Т а м б и. Уæдæ сæ цæмæй цæрын кæныс? Г о с г а. Цавæр зæрдæ дын ис? Æппын ницы, фæ- лæ йыл ном уæддæр сæвæрдтай. 22
Тамби. -Цæй,- Æхсары мæнæй фылдæр нæ уар-* зыс. Лæг у ныр, стдæсаздзыд" лæг, уадз æмæ хæдзар дара. Ауай хъæмæ, сæ мыггаджы хистæр æрбацæуы. Госга. Фæсхох... Т а м б и. Цу, цу Сæниатмæ, дзæгъæл дзырд ма кæн. (Госга ацыд.) А фæстаг’бонты мын Джеуæрджи мæ зæрдæйы цыдæр дызæрдыгдзинад бауагъта, æмæ дзы рагацау ме ’уæнгтæ ризынц. Нæ ^мæ фæнды бау- уæндын нæдæр мæ хъустыл, нæдæр Джеуæрджийыл, фæ- лæ тасдзинад тынгæй-тынгдæр кæны. Чысылæй нырмæ иумæ схъомыл сты Æхсар æмæ мæ чызг, æнæ кæрæдзи цъусдуг нæ лæууынц. Цы ракодтон хуыцауæн, цæмæй мыл ахæм æнамонддзинад æруадза?! Джеуæрджи (æрбахызт). Фæдæ дæ гæппæл карст? Т а м б и. О!.. Мидæмæ, Джеуæрджи! Джеуæрджи. Мидæмæ мæ не’вдæлы, Æхсарæн зæгъ æмæ йæхи ацæттæ кæна, худинаг у уазæ- гæй. Т а м б и. Мидæмæ рахиз, Джеуæрджи, иу арахъхъ... Д ж е у æ р д ж и. Бузныг, цыдæр хъуыддæгтæ ма мæ ис æмæ сæ акæнон, стæй æгæр байрæджы уы- дзæн. Дженардыхъойæн, рарвит-иу уыцы лæппуйы. О, æртæ фысы æмæ хоры голлаг æрласта Дженардыхъо Сæниатæн йæ фырты мызды ныхмæ, изæры-иу сæм суайæд... Чъынды1 лæг нæу... (Араст, æрбаздæхт.) Дæ цæстæнгас мæ зæрдæмæ нæ цæуы, ма та аив дæ фæнд, æгæр тæнзæрдæ вæййыс хатгай. Т а м б и. Джеуæрджи!.. Джеуæрджи. Цы у уый? Иу зарæг æнæ хъырнæгæй дыккаг хатт нæ фæчындæуы. Т а м б и. Зын мын у йæ ацыд, лæг ма куыдзыл дæр куы сахуыр вæййы. 2$
Джеуæрджи. Куыдз хи фосмæ куы фæлæбуры, уæд куыдзæппарæн был йæ хос. Т а м б и. Ныххатыр кæн, фæлæ... Д ж е у æ р д ж и. Нæ дыууæ мыггагæй Сæниаты фыртæй дын зынаргъдæр чи у? Кæй кад хъуамæ хъахъг хъæнай? Искуыдæр ма уый æрцыд? Кæд мæ æнæ дзургæ нал уадзыс, уæд дæ чызг фидыд у махимæ, æмæ худинаг у Æхсарæн искæйы фидыд чызгимæ гæды æмæ мыстæй хъазын. Дæуæн дæхи аххос у, дæ зæрдыл ма лæудзæн, цыппар азы размæ уыгæрдæны, дуры сæр кæ- рæдзиуыл куыд ныттыхстысты, уый.Уæддæр дындзырд- тон, ды та: «Сывæллæттæ сты». Сывæллоны зынгимæ хъазын бауадз æмæ дын дæ, хæдзар басудза. Куыд дæ бамбæрстæуа? Мыггагыл нæ нæ нымайыс? Æви дын дæ ирæд кæй нæма бафыстам, уый тыххæй дызæрдыг кæныс? Кæд афтæ у, уæд тæккæ райсом дæ ирæд дæ хæдзары уыдзæн. Т а м б и. Хорз. Æппæт дæр сараздзынæн, знон мын куыд загътай, афтæ. Джеуæрджи. Табу хуыцауæн, ахсæв æнæмæтæй бафынæй уыдзынæн. (Ацыд.) Тамби. Æхсар ницыма зоны, мæгуыр. Зын уы- дзæн мæнæн дæр, хи хъæбулы хуызæн зæрдæ йæм да- рын. Фæлæ сæ фæлтау рагацау фæхицæн кæнæм. Рацыдысты Г о с г а æмæ С æ н и а т. Госга бахызт сæхимæ Зноны уазæг сыздæхт, Сæниат. Уæууа, уый быитон- дæр де ’уæнгтæ куы æруагътай, Черчесон... Ахæм фа- дат арæх нæ вæййы... Сæниат. Риуæй зæрдæ сисыны фадат арæх нæ вæййы, Бæппу. Ды раст зæгъыс. Т а м б и. Кæд дæм мæ фæндон раст нæ фæкаст, Сæпиат, уæд аххос мæхимæ исын, фæлæ хуыцау ме 24
’вдисæн, кæд сымахæн хуыздæр цæмæй уа, ууыл нæ архайдтон. Æз та афтæ æнхъæлдтон, знон сразы дæ Æхсары æххуырсты арвитыныл. Иу-дыууæ азы цы сты? Ас лæгæй нæм æрыздæхдзæн. Стæй йын рæхджы хъуыд- даг кæнын хъæуы, хъуыддаг, æмæ афтид армæй... О, хæдæгай, æртæ фысы æмæ уал уын хоры голлаг æрла* ста. Цу, ацæттæ йæ кæн. Дженардыхъойы не ’вдæлы, Джеуæрджитæм æм æнхъæлмæ кæсы. Цон, æз дæр дæм фæкæсон. С а ф и а т (æрбазынд, айхъуыста Тамбийы фæстаг ныхæстæ). Цы? Æхсары æххуырсты дæттынц? Кæд мæ хъустыл ауад? Нæ, нæ ауад мæ хъустыл. Сæниат. Цы сты иу-дыууæ азы? Мæ цæссыг- имæ йын дзидзи фæдардтон. Цума кæнынхъом куы фæ- ци, уæдæй нырмæ æнцад никуы æрбадт. Хосгæрдæн- ты—хосдзау, хуымгæрдæнты—мæкъуыл амайæг. Сугмæ адæ никуы ауагъта, хуыммæ иннæ ахæм! Цы уыдзы- нæн æнæ дæу, мæ иунæг! Цы уыдзынæ дæхæдæг та æнæ Гыцца фæсхох, чи дын кæндзæн зымæгон даргъ æхсæв- ты дæ уарзон аргъæуттæ? Сафиат. Гыцца! Æхсар фæсхохмæ цæуы? С æ н и а т. Фæлтау мæхæдæг мæрдтæм куы ацы- данн... Æхсæвыцæстæп йе ’ссивинагмæ ауад. Цы афон ма ацæудзысты? Цом, мæ хур,. Сафиат, фæкæс мæм. Цæмæндæр æрæджы кæны ацы хатт. (Бахызт.) С а ф и а т. Мады зæрдæ риссаг у, фæлæ дæуæн дæ бон у, æмæ хъæрæй кæуай... Æдде сыхъуыст лæппуты ныхас. Æрбацыдысты нукъорд ч ы з - д ж ы æмæ л æ п п у й ы æрыскъæфтимæ. Ч ы з г. Тагъддæр, къæвда нæ æрæййафдзæн. Л æ п п у. Кæсыс? Æрæййæфтой нæ Æхсаритæ. Фæстейы чи баззайа, ууыл чъиппа. (Фезгъорынц.) 25
С а ф и а т (кæсы). Æрызгъорынц Дзерассæимæ. Цас араэхдæр уынын Æхсары, -уыГгас мæ зæрдæ тынг* дæр риссы. Тæрсын, фæлæ цæмæй, уый мæхæдæг дæр кæ зонын. Ау! Мæнæй амондджындæр разындзæн Дзе- рассæ? Æнæ кæрæдзи хъазгæ дæр нæ кæнынц. Фæлæ нæ, Дзерассæ, цыфæнды уарзт æй куы кæнай, уæддæр дæ Тамби уымæн нæ ратдзæн. Дæ фыд Мамсыры фыд- имæ," цы бон райгуырдыстут, уыцы болæй фæстæмæ фидыд у. Хуыцау, ныххатыр мын кæн, цытæ дзурын Æхсарæй, мæ удæй йæ фылдæр куы уарзын. Æрба-, згъорынц... Нæ, нæ, тæригъæд у ахæм амондмæ къух бакæнын, Ныххатыр мын кæн, ме ’взонг бонты æмбал Дзерассæ, ды дæр, ард дын хæрын: никуы ничи бам- бардзæн мæ уарзондзинад. (Бацыд Сæниаттæм.) Лрв ферттывта, цалдæр хатты ныннæрыд, æрбазгъордтой хъæл- дзæгæй Æ х с а р æмæ Дзерассæ. Æхсары къухты—халамæр- зæн æмæ чыргъæдтæ, Дзерассæйы къухы—сæрбæттæн. Дзерассæ. Йæ бæласмæ чи фæраздæр уа? Æхсар. Цæй-ма. (Æрбазгъордтой. Æхсар барæй фæраздæр кодта Дзерассæйы; уый йæ бамбæрста, æмæ йæ циндзинад æмбæхсы.) Дзерассæ (зары): Сæууон хуры тынтæм Райсомæй раджы, гъей; Сæхи фæивазынц дыууæ бæласы, Дыууæ бæласы, гъен. Уалдзæджы уддзæф семæ фæхъазы, Семæ фæхъазы, гъей. Æхсар. Азар! Мацы ферох кæн дæ зарæджы ны- хæстæй, æз дын кæсдзынæн дæ цæстытæм. Уадз, æрцæ- уæд сау тымыгъ нæ фæндагыл, мах ыл æмбæлдзыстæм иыфсджынæц. т
Дзерассæ (зары):■ • Кæрæдзи уындæй, дидинæг калгæйæ, Дидинæг калгæйæ, гъей, Мæйы чызджытимæ арæх фæхъазынц, Арæх фæхъазынц, гъей. Æхсар (иуварсмæ). Булæмаргъ бахæлæг кæнид дæ зардмæ, фефсæрмы уаиккой мæйы чызджытæ дæ цуры, ныллæууид дын æхсæвгæс мæ зæрдæ. Дзерассæ (зары): Цъæх-цъæхид куы дарынц уалдзыгон бæлæстæ, Уалдзыгон бæлæстæ, гъей. Сæ нæуæг сыфтæртæй сæхи рæвдауынц, Сæхи рæвдауынц, гъей. Æхсар. Ацы хатт ды фæраздæр дæ фæткъуыбæ- ласмæ, фæлæ мæнæн та мæ кæрдобæлас бæрзонддæр у. Дзерассæ. Æмæ дæхæдæг дæр, æвæццæгæн, фылдæр фæцæрдзынæ мæнæй. Æ х с а р. Нæгъ, ды... Дзерассæ. Нæгъ, ды. Æхсар. Æмæ бæлæстæ иу бон куы ныссагътам. Дзерассæ. Гъемæ бæлæсты æмбæрц фæцæр- дзыстæм мах дæр. Æ х с а р. Æндæр нæ? (Дзерассæ йæм бакаст, Æх- сар фефсæрмы.) Гъеныр дæр ма тæрсыс арвы нæрдæй? Д з е р а с с æ. Нал. (Фæцæуы.) Æхсар (иуырдæм). О, куыд тагъд фæдæ, дис- саджы бон? Дзерассæ (æрлæууыд). Тагъд, зæгъыс? Æхсар (фефсæрмы). Тагъд, тынг’тагъд, Дзерассæ. Дзерассæ. Чи зоны, раст дæ ды. Æ х с а р. Фæцыд дæ зæрдæмæ дæр ацы сæрдыгон боц? 27
Дзерассæ. Фæцыд. Сæниат... Фæцæй-йæм-згъордта фыццагау хъæлдзæгæй, фæлæ- тынг феф- сæрмы, нннæрдæм алыгъд. Æхсар йæ фæдыл кæсы. Æхсар. «Фæцыд»... Дзерассæйы цур вæййын хъæлдзæг, зæрдæмæ ныккæсынц хуры тынтæ, æхсæв æй мæ фыны фæуынын, райсомæй хуры скастимæ æнхъæл- мæ фæкæсын йæ уындмæ. Цы сирвæзт мæ дзыхæй? Ау’, уыйгæнæндæр ис?Дзерассæ чысылæй нырмæ Мамсыр- имæ фидыд у, æмæ чи атондзæн уыцы болат рæхыс^ Тамби (рахызт). Кæм и, кæ? Æрхæццæ дæ, Æхсар? Æрæвæр ма дæ халамæрзæн. Дзела! Радав-ма, къулыл цы гæрзтæ ис, уыдон. (Дзерассæ ацыд.) Афон у. Де ’схъомылмæ дын фенхъæлмæ кастæн, гъеныр æр- хæццæ уыцы амондджын бон. (Рахызт Дзерассæ æхсар-. гард æмæ дамбацаимæ.) Айс сæ! Æмæ сæ мæ номыл фæдар. Æ х с а р. Бузныг, Бæппу, сæ дыууæйыл дæр мæ сахуыр кодтай ды, цæсты гагуыйау сæ хъахъхъæндзы- нæн. Тамби. Слас-ма, уæдæ, дæ дамбаца æмæ кæс. (Ныхъхъавыд, фехста, æрхауди маргъ.) Кæсыс? Фехс ма дыккаг цъиахы ды. Рахызтысты С æ н и а т, С а ф и а т. Æхсар. Хатыр бакæн, Бæппу, фыццаг хатт хи- зын дæ ныхасы сæрты. Чи зоны, уыцы цъиахмæ æн- хъæлмæ кæсынц йæ ахстоны йæ чысыл лæппынтæ, зын сын уыдзæн, æххормаг æмæ сидзæрæй куы баззайой, уæд. Æз фехсдзынæн цъæхснаг уис, кæд мын бар дæт- тыс, уæд. , Т а м б и. Фехс, фæлæ зон, лыстæг уисæн акъуырæн нæй, нæ мæ фæндыд дæ дзæгъæдæхст фенын... т
Тамби йæ ныхас кæронмæ нæма фæци. Æхсар фехста, уисы æрдæг æрхауд, Тамби цин кæньт. Æ х с а р. Гыцца! Уый дæхи кæдæмдæр куы рарæвдз кодтай. Ибонау та’ мæ иунæгæй ма ныу- уадз! С æ н и а т. Æрхæццæ дæ, мæ къона. Æз та ма дыл мæт кодтон.., Госга, Дзерассæ æмæ Сафиат ацыдысты. Тамби (иуварсмæ). Нæ, нæ, тæригъæд ныхас дзы загътон. Сæхи бар сæ бауадзон. Æхсар (хъæлдзæгæй дæтты чыргъæд). Тыдца! Ацы хатт дзы куы нæ бахæрай, уæд дæ нæ ныууадз- дзынæн. Сæниат. Хорз, хорз, Гыццайы хур. Æз дæр дын замманайы лæвар сцæттæ кодтон. Æхсар. Æцæг? Цы у, цымæ, базонæн ын нæй? Сæниат. Æххуырсты дæ дæттын, мæ хур, фæс- хохмæ. Æ х с а р. Æххуырсты?.. С æ н и а т. Дæ цæсгом цикъæйæ фæлурсдæр куы аци, мæ хъæбул... Цы гæнæн ис, адæймаг фыдæбонæн равзæрд. Де ’ххуырсты мыздæн дын йе ’мбис рагацау æрластой. Æ х с а р. Æмæ Бæппу та цы зæгъы? С æн и а т. Бæппуйы фæнды афтæ, мæ хур. Æх са р. Бæппуйы? Сæниат. Худæн ыл нæй. Чи зоны, стыхсти æдзух махæн æххуыс кæнынæй... О, нæ фенамондгæнæг хуыцау! Дæ фыд дæ авдæнæй рахизгæ нæ федта, демæ хъазынæй нæ бафсæст, цæмæй зыдта, æмæ искуы йæ иунæджы æнахъомæй хæдзардарын хъæудзæн. Фæлæ, 29
Маб хур, мæгуырæн йæ род —гал, йæ лæйпу — х&Дзар- дар! Цалынмæ ныхас афтид кæрдзын æмæ дон амал кæныныл цыди, уæдмæ æз дæр ницæуыл хъуыды код- тон... Фæлæ афтæмæй дæр куыд цардæуа, дæ рын ба- хæрон? Бæппуйы загъдау, мæгуыры æвджид чи бакæн- дзæн йæ чызджы! Æхсар. Кæугæ нæ, Гыцца, ингæнмæ мæ куынæ æрвитыс, мыййаг. Иу-дыууæ азы цы сты! Æгайтма мæ бон исты феххуыс кæнын у нæ хæдзарæн. (Сæниат æнæ иу сныхасæй Щыд.) Гыцца!.. Дзерассæ (рахызт). Æхсар! Кæдæм цæуыс? Цытæ дзуры Сæниат? Фæлæуу! Ма батагъд кæн дзуап- пыл. Æхсар (хъазæгау). Кæдæм? Фæсхохмæ. Дзерассæ. Цы сфæнд кодтай? Æхсар. Цы сфæнд кодтон? (Сусæгæй.) Дæу ас- къæфын... Тамби æрбахызт, фæкаст сæм. Дзерассæ. Бæппу! Æххуырсты цæмæн æрви- тут Æхсары? Т а м б и. О, æз та дæ æмбаргæ чызг хуыдтон, аф- тæмæй æххуырсты цæмæн фæцæуынц, уый дæр нæ зо- ныс. Цæрын хъæуы, мæ хур, цæрын. Цæрынæн та — кусын. С æ н и а т рахаста Æхсары дзаумæттæ. С æ н и а т. Цу, исты уал ахæр. Æ х с а р. Хæрын мæм нæ цæуы, Гыцца. (Дзерас- сæ азгъордта.) Сæниат. Цу, уæдæ, мæ хур. (Дзаумæттæ йæм радта.) 30
Æхсар. Афтæ Тагъд цæуын хъаеуы, Гыцца? Т а м б и. Дженардыхъо Джеуæрджиатæм ис, Æх- сар, дæумæ æнхъæлмæ кæсы, уартæ дын саргъыбæх ныууагъта. Зын у, Æхсар... Æхсар. О, Бæппу, ме ’схъомылгæнæг, дыууæ азы æххуырсты фæцæуын зын нæу; зын, æрмæстдæр сымах кæн нæ уындзынæн, уый у. Тамби (иуварсмæ). Хуыцау, ныххатыр мын кæн ацы хъуыддаг. Дзерассæ (рахаста кæрдзын). Æхсар! Фæн- дагыл сæххормаг уыдзынæ. Æхсар. Бузныг... Дæ зæрдæ мæм ма ’хсайæд. Дзерассæ. Кæд æрцæудзынæ? Æхсар. Нæ зонын, æз цæуын, фæлæ мæ зæрдæ ам уыдзæн... Къæвда тынгæй-тынгдæр уары, хъуысы арвы нæрд. Дзерассæ. Бæппу, къæвда куы уары, райсом ацæудзæн. Т а м б п (фæдызæрдыг йæ чызгыл). Цæй къæвда у, иугай æртæхтæ. Æхсар (æрæджиау). Цæй, Бæппу! Т а м б н. Фæндараст, Æхсар! Æхсар (Сæниатмæ). Цæй, Гыцца. Уæууа, кæугæ та куы кæныс! Сæниат. Бынтон иунæгæй мæ ма ныууадз, мæ хъæбул. Æ х с а р. Цытæ дзурыс, Гыцца! С æ н и а т. Лæгты дзуары уазæг у. Джеуæрджи (æрбахызт). Рæвдз у? Мæнæ уæ хор æмæ уæ фыстæ дæр. (Æддæмæ.) Лæппу! Æр- байс голджытæ мидæмæ, фыстыл дуар бахгæн. Æ х с а р. Цæй... (Ацыд стыр зæрдæхсайгæйæ.) 31
Æдде бæхты к’ьæхты хъæр. Адæм Иууылдæр каертмæ рауады- сты, кæсынц Æхсары фæстæ. Арв тынгæн-тынгдæр ’нæры. Дзерассæ (фезгъоры). Æхсар! Т а м б и. Кæдæм ды та? (Дзерассæ æрлæууыд, Тамби тынг фæдызæрдыг.) Уый циу? Ау, цæмæй тар- стæн, уый мыл æрцыд? Кæрæдзи уарзынц? С а ф и а т (арвы нæрдмæ). Æркæл, æркæл, сау хох, цæмæ-ма кæсыс, сæхгæн æфцæг, фæндæгты ’ дæ сау къæйты бын фæкæн!.. (Кæуы.) Æмбæрзæн ДЫККАГ НЫВ Уалдзæг. Фæсхох. Изæр. Æдде хъуысы фыййауы зарын. Æрба-' зынд Æ х с а р æд нымæт, æд лæдзæг, æд хызын. Æрлæууыд. Би- рæ фæкаст Уæлладжыры комырдæм. Æхсар. Цалынмæ мæ фос ацы рагъмæ фæтæ- рын, уалынмæ мæ цæстытæ ныйирд вæййынц. Цъамад... Хур хæхты аууон фæци. Гыцца, цымæ цы ми кæныс афонмæ, хуыцау зоны. Хъуамæ та искæйы хуымы æвæл- лайгæ кусыс. Афонмæ хуымæй сыздæхы Бæппу, Дзе- рассæ цыхцырæгæй схæссы дон. Дзерассæ! Цæмæн дæм афтæ тынг æхсайы мæ зæрдæ? (Æрбадт, æрбайхъуыст бæхты къæхты хъæр.) Цымæ уыцы бæлццон та чи у? Мамсыр? (Иннæрдæм аздæхт.) М а м с ы р (æдде). Дырр! (Æрбахызт къуылых нозтджынæй.) Дæ фос бирæ, фыййау! (Базыдта Æхса- ры.) А, уый ды куы дæ! Бирæ азты фæцæуай фыййау! (Æхсар æм æнæуынон цæстæй бакаст.) Æгæр фыдуаг ахуыр дæ кæны, æнхъæлдæн, мæ мады ’фсымæр Дже- 32
нардыхъо. Æххуырст-йу афтæ нæ фæдары йæхи. О, о, уый мæсты кæнын дæр куы зоныс, дæ цæстытæ фаттæ куы фестиккой, уæд мæ иннæрдæм ахизиккой! Цæй, æм- гармæ мæсты нæ фæкæнынц. Кæд искæмæн салам æр- внтыс. Райсом фæстæмæ цæудзынæн. Æх с а р. Бузныг. М а м с ы р. Амонд дæ нæ фæцн. Æ х с а р. Ома? М а м с ы р. Ома, зæгъын, дзæгъæлы райгуырдтæ æз æмæ Дзерассæимæ йу бон; нæ зæрдæтæ иу тугда- дзинæй кусынц Дзерассæимæ. Æхсар (худы йыл). Ды, зæрдæ цы у, уый зо- иыс? Мамсыр. Цы зæгъынмæ хъавыс уымæй? Уæв- гæ, йæ зæрдæ дæу фæуæд. Цæй, мæн не ’вдæлы. (Фæ- цæущ, æдде.) Дырр... Гъей, Хъауырбеджы фырт, мый- йаг, дымгæ хæхтæм хъæуæй фæндыры цагъд куы схæсса, уæд-иу фæзын нæ чындзæхсæвмæ, Дженардыхъоимæ-иу рацу. (Ныххудт.) Æ х с а р (фæджих.) Цымæ цы зæгъынмæ хъавыд уымæй? Æцæг кæд исты’ хъуыддаг кæнынц... Ау! Мæн барæй рарвыстой æххуырсты? Нæ, нæ, Бæппу афтæ нæ бакæндзæн... Нæ, æгæр раджы цин кæнут... (Фæцæуы Уæлладжыры комырдæм, æрлæууыд.) Ме ’ххуырсты мыздæн пе ’мбис фыст у, æмæ куыд ныххæссон маст ме ’фхæрд иыййарæгмæ! Ехх! (Ныджджих*) С а л а м (æрбахызт заргæ): . Гæкку мæ Макъарæн нал дæтты, Æрæджиау мæхи дæр нал фæнды. Æхсар, цы джихтæ кæныс, дæ фос дзæгъæл куы ныууагътай... Æхсар (фæлыгъдысты йæ хъуыдытæ). Цы? Фос? О. (Ацыд.) 3 Пьесæтæ зз
С а л а м (зары): Гæкку мæ Макъарæн нал дæтты... Æрæджиау мæхи дæр нал фæнды. (Лыстæн кæны, æрбахызт Хату Хату. Æрæджиау мæхи дæр С а л а м: Агуат дурынæн нал бæззы. Гагуат курынæн нал бæззы, О, рæсугъд Аминæт Ацы лыстæныл дæр барвæсдзæн. Æрбахызтысты Б п б о æмæ Æ х с а р. Б и б о. Æнхъæлмæ кæс... Салам. Бибо, бахатыр кæи, суанг ма йæ дысон мæ фыны дæр федтон. X а т у. Стæй фехъал дæ æмæ дæ фарсмæ — мæ къах æд къогъодзй, æд фæсал. Салам. Фæлтау куы нæ райхъал уыдаии, куыд- дæр мæ зæрдиаг ныхасмæ бахæццæ дæн... Б н б о. Афтæ Хатуйы къогъодзийы фæсалмæ æр- æхснырстай æмæ фехъал дæ. Худынц. Арт тыпгдæр ссыгъд æмæ ныррухс кодта фьшйæуин цæсгæмттæ. Æхсар бады сагъæсгæпгæ, Салам ныззарыд æмæ йын ипнæтæ бахъырныдтой. X а т у. Æвæццæгæн та дæ уарзоныл амбæлдтæ, æгæр хъæлдзæг дæ абон, Салам... С а л а м. Фæрæдыдтæ, Хату. Бибо бахатыр кæнæд, фæлæ Аминæты æз æнæхъæн къуыри дæр нæма федтоп. Б и б о. Уæдæ цæуыл хъæлдзæг дæ? 34 сугтимæ). нал фæнды, гъи.
Салам (систа чыссæ). Мæнæ ацы ран ис Ами- нæт, абон мæ ирæд сæххæст. Хату. Уæдæ Аминæты фыдмæ хæрзæггурæггаг цæуын æз. (Худы.) Салам. Æртæ азы фæллой... (Зары): Уæ, сау рæсугъд Аминæт, Дæ тызмæг фыд мæм нал хæцдзæн. Б и б о. Иу къухылхæцæг æз. Хату. Иннæ та æз. С а л а м. Дыууæ къухылхæцæджы— дыууæ фый- йауы. Иу дзы хъæуæй уæддæр фæкæнут. X а т у. Аминæт хъæумæ не ’нтысы, фæлæуу, хыз- исæг та? Бибо. Хызисæг та Уæлладжырæй—Æхсар. Салам. Æхсар? Разы дæн. Цæуылщæнкъард дæ, цæ, Æхсар? Æви дæ нæ фæнды?.. Æхсар (фæцух йæ хъуыдыйæ). Цы? Хызисæг? Разы дæн, Салам. Кæд æй хæссæм? С а л а м. Æхсар! Ныббар мын, фæлæ æз не ’мба- рын, абон дыл цы æрцыд, уый. Мах зарæм, ды — нæ, мах худæм, ды — нæ. Дæхи афтæ цæмæн дарыс? Цавæр сагъæс ис уагæр дæ зæрдæйы? Æхсар. Мæ сагъæстæ уе ’сныхасы аргъ дæр не ’сты. Цы хъуамæ уа мæ зæрдæйы, цы нæ ацардтæн, уый? Ехх, куы зонис, Салам, куыд æхсызгон мын у дæ цин! Æз дæр кæддæр афтæ цин кодтон. Ныббар, Бибо, ды не ’ппæтæй хистæр дæ,.фæлæ мæ кæм фæрсут, уым уын зæгъын... Авдæнæй’ нæма рахыз- тæн, афтæ мæ фыд амард. Иунæгæй баззадтæн мæ ма- дæн; зынтæй схъомыл вæййы иунæг... Уыдис мæ фыдæн иу хæлар — Бæппу, æмæ дзы фыды рæвдыд зонын... Фæлæ йын, æвæццæгæн, ме ’схъомыл йæ хæдзармæ фыдбылыз æрхаста. 35
Салам, Цæмæн? Æхсар. Цæмæн? Фыдбылыз фæрсгæ нæ фæкæ- ны. Бæппуйæн ис чызг — Дзерассæ... С а л а м. Кæрæдзи уарзут? Б и б о. Салам, чысыл фæлæуу. Æхсар. Уарзондзинад æдых у ам. Æз æмæ Дзе- рассæ цы бон райгуырдыстæм, уыцы бон ма иу амонд- джын райгуырд. Хату. Кæй зæгъын æй хъæуы, хъæздыг хæдзары. Æхсар. О! Фыдæй йын баззад хъæздыгдзинад æмæ сæ мулк гуыбынмæ бафидауын кодта. Уыдон фидыд уыдысты, рæзгæ та мемæ скодта Дзерассæ. Мах никуы ахъуыды кодтам сæ фидыдыл. Бæппу мæ йæхи хъæбу- лау уарзта, фæлæ, æвæццæгæн, фыдбылызæй тæрсгæйæ, мæн æххуырсты рарвыста. Хату. Ау!^ Æхса,р. 'Афтæ мæм дзуры мæ зæрдæ. Цы амонд- джын гуырды кой кодтон, уый та, æрдæбон, комы тæр- гæ бæхæй чи сцæйцыди, уый у. Б и б о. Мамсыр? Æ х с а р. Чи зоны, йæ чындзæхсæвмæ йæ мады æфсымæры хуыдта. (Паузæйы фæстæ.) Гъе уый уын мæ сагъæстæ, мæ цард. Ныххатыр кæнут, мæ хъуыдытæй мæ фарстат æмæ уын зæрдæйы дуар йæхæдæг байгом. Салам. Цæугæ у дæуæн тæккæ абон хъæумæ. X а т у. Раст зæгъы Салам. Æ х с а р. Хъæумæ... Нæ, уырдæм мын цæуæн нæй. Мæ афæдзы мызд ист у, ахæм маст Гыццамæ ныххæс- сын мæ бон нæ бауыдзæн. С а л а м. Бафид æй фæстæмæ. Æхсар (бахудт). Бафид? Цæмæй? С а л ачм. Мах дын феххуыс кæндзыстæм. Æхсар. Нæ, нæ... Æгæр дард ацыд мæ таурæгъ. Бибо, æз фос абæрæг кæнон. 36
Бибо. Фæлæуу. Фосæн ницы у, адæймагыл’ цæуы ныхас, сбад-ма. Кæстæртæ рæдыд ныхас нæ зæгъынц, мæнæн сæ мæ зæрдæ барухс. Салам. Мæнæн мад дæр æмæ фыд дæр ис. Хæ- рын дын ард, цы уарзондзинад сæм дарын, уымæй — дæ таурæгъ кæронмæ нæма фæдæ... Æз мæ ирæды аргъ дæуæн дæттын. Æ х с а р. Салам, иунæг ныхас дæр нал! С а л а м. Æфхæрдмæ мын æй ма бамбар, Æхсар, сомы дын кæнын. (Систа чыссæ.) Хату. Салам! Абонæй фæстæмæ дæ уæлдай фыл- дæр уарздзынæн. (Систа уый дæр æхца.) Æхсар! Æз мæхи амондджын хонин, не ’ххуыс дын куы нæ фæхъыг уаид, уæд. Бибо (æрæвæрдта æхца). Æтт! Сидзæр фидар вæййы, Æхсар! Дæхимæ уый бæрц тых ссар, галиумæ нæ ма бамбар— нæ лæвар нын айс! Æхсар (бынтон æрæджиау). Мæнæн мæ бон сы- махæн дзуапп раттын нæу. Бибо! Дæ бирæ даринæгтæ цæстытыл куы ауайынц, уæд зæрдæ куы суынгæг вæй- йы... Кæнæ Хату, дæ рынчын мад, æхсæвæй-бонæй дæм чи æнхъæлмæ кæсы, уыцы мады фæллой... Бузныг дæн уе ’ппæтæй дæр, фæлæ уын хъыг ма уæд: уæ фæндоныл сразы уæвын мæ бон нæу. Салам. Карздæр æфхæрд мæ ничима бакодта. X а т у. Æз дæр ахæм дзуапмæ не ’нхъæлмæ кастæн, Æхсар. Æхсар. Нæ, нæ, цыфæнды худт мыл фæкæнæд уæ зæрдæ... С а л а м. Æхсар! 'Фæйнæ чысылы нæ уæд та айс. Бибо, цæуылнæ йын зæгъыс исты? Бибо (чысыл ахъуыдыйы фæстæ). Æхсар! Афтид дæхи уды кой ма кæн. Дæуыл ныффæдзæхста йæхи æвзонг сылгоймаг. Уый де ’ххуысмæ æнхъæлмæ кæсы 37
æмæ хъуамæ йæ уæлхъус уай. Кæд ма хистæр æмæ æм- гары ныхас ныхас у, уæд нæ лæварыл сразы у æмæ тæккæ райсом ацу, æнхъæлмæ дæм кæм кæсынц^ уыр- дæм. С а л а м. Æхсар! X ату. Æхсар! Æхсар (æрæджиау). Бузныг. Стыр ныфс сæвзæр- дис сымах руаджы мæ риуы; ард уын хæрын, æз никуы ферох кæндзынæн ацы бон! Æм бæрзæн
ДЫККАГ АРХАЙД ÆРТЫККАГ НЫВ Тамбийы кæрт куыд уыдис, афтæ. Мæйрухс нзæр. Хæдзарæй хъуысы лæгты ныхас. Мамсыры фндауджытæ бадынц мидæгæй. Тамби (рахызт). Хъуыддæгтæ иууылдæр хорз цæ- уынц, тынг хорз... Ныртæккæ бафидаудзыстæм. Бузныг, Джеуæрджи, фервæзт худинагæй нæ мыггаг. Æрбацæуы С æ п и а т, йæ дæларм — тыхтон. Т а м б и. Де ’зæр хорз, Черчесон. С æ н и а т. Кæй изæр у, уый хорзæх дæ уæд, Бæппу. Т а м б и. Кæм уыдтæ ацафон дзаг дæлармимæ? С æ н и а т. Уæртæ Косертæм бауадтæн, Æхсарæн цъухъхъа хуыйын æмæ йæ, зæгъын, Косеры лæппуйыл абарон. Тамби. Равдис-ма йæ. (Райхæлдта тыхтон.) Уæ, амондджын дарæс ын фæуа! Дæ къухтæ фæрнæй фæ- дар, хорз лæвар ын бацæттæ кодтай. Сæннат. Кæимæ сæ арвыстæуа, афонмæ-нæ уас- лæ скæнинаг нал ис. Т а м б и. Хъуыдайнат уырдæм цæуы, сомизæр-иу æм сæ сдав. Сæниат. Хуыздæр фæу, æз та ма мæг кодтон. (Бацыд сæхимæ.) 39
Цæхæрадонæй уатмæ бараст С а ф и а т. Тамби (йæ фæдыл). Сафиат... Уæздандæр чызгæн скæнæн нæй. Мæ хæлар Хъауырбег! Ингæнмæ дын дзырд дæттын, дæ фырт Æхсарæн дын къайаг ссард- тон ’—Сафиат... Айтег (ракаст). Бæппу,. Джеуæрджн дæм дзуры. • Тамби. Фæцæуын. (Айтег ацыд. Æрбацæуы йæ фæдыл Дзерассæ.) Цон, кæннод та кæудзæн. Дзерассæ (рауад цæхæрадонæй). Цæст сын нал хæцы сæ митыл, тæхуды-тæхуды!.. Бæгшу æндæрæбон Дзыццайы йæ цæгатмæ арвыста, уæй мæ кæны фосау.. Уæд ма Гыцца куы фæзынид æмæ нæм уый дæр-æв-- вахс нал цæуы. (Ауыдта Сæниаты.) Гыцца? Хуыцау, ныфс мып ратт. Цы кæнон? Æгъдауы сæрты ахизон? Цæй, кæд мын æй пыббарнд. Гыцца! Сæнггат фæкаст. Дзерассæ цыдæр сцæндзырдта, стæй ныккуыд- та æмæ йæ уатмæ балыгъд. Сæннат сагъæсхуызæй бахызт Дзерас- сæйы фæстæ. Фæзындысты М а м с ы р æмæ X ъ æ р æ у позтджы- нæй. X ъ æ р æ у (зары). Цæуылнæ зарæм; цæуылнæ ка- фæм? Кæмæй цы дарæм? Кæй цы хъыгдарæм? Йæ Мамсыр дæр Мамсыры хуызæн кæмæн вæййы... Цы фæдæ? (Йæ тæрттыл ын хæцы.) Мамсыр. Суадз! Къæдзæхыл дæхи цы хойыс. Хъæрæу. Уæдæ цы ныхъхъус дæ? Æви та къабус- кайы хъæд аныхъуырдтай? Мамсыр. Афтæ æнхъæлыс, æмæ дæм смæсты уы- дзыыæн? Абон æз æппындæр никæмæ мæсты кæнын, цыфæнды фидис дæр кæн. Хъæрæу. Дзортт... дзортт. Дзорттыстæн, уæ уæл- лаг уыгæрдæн мæн бацис, дæ дзырд дæ ферох? 40
М а м с ы р. Цы, уый зоныс? Бавдæл æмæ цом тагъддæр,. Хъæрæу. Æфсæрмы кæнын дæр куы базыдтай. Мамсыр. Мах сæр дзы ницæмæнуал хъæуы. Хъæрæу. Ма зæгъ, нырма нæма бафидыдтой. Уæвгæ, хæдæгай, гуыбынмæ фидыд куы стут... (Иуыр- дæм.) Цыма йын халон йæ хъусы ныууасыд, уый каст та кæны. Уæд та азæрдтытæ кæниккам. (Зарынц): Дагомы сæрмæ мын кæрдæг куы уаид, гъей! • Кæрдæг куы уаид, гъей! Габойькбæсты мæ Гæндзæг куы уаид, гъей! Гæндзæг куы уаид, гъей! М а м с ы р. Сс... Хъусынц нæ. Хъ æр æ у. Чи? Мамсыр. Хъæуы сæр куы æрæхснырсай, уæд дын хъæуы бын «хайыр» зæгъдзысты. Хъæрæу. Сс... Ам тæрсын нæ хъæуы. Фæсхох Æх- сары цур уæлдай ныхас загътай æмæ йæм æнхъæлмæ кæс, рæхджы ам уыдзæн. Мамсыр. Акса, цом, дадайæн æй зæгъæм, хæц- дзæн та. Ацыдысты. С æ н и а т уатæй рацыд, Дзерассæ рахызт йæ фæстæ кæуындзастæй. Дзерассæ. Гыцца! Ныббар мын, рагæй мæ риуы æмбæхстæй цы фæдардтон, уый схъæр’ кодтон дæуæн. Йæ койæ дæр дæ цæсгом куы ныффæлура. Сæниат (тарстæй). Цытæ фæдзырдтай? Куыд ба- уæндыдыстут ахæм хъуыддагыл хъуыды акæнын. та? Дзерассæ. Гыцца! Æз ма дæуыл мæ зæрдæ куы дардтон æмæ мæм æцæгæлоны каст куы кæныс, цавд- дурау куы фæдæ. 41
■Сæни’а т. Цавддур -куы фестадаин фæлтау. Цы •зæгъдзæн дæ фыд! „ - Дзерассæ. Бæппу фыд-зæрдæ’ нæу, иæ маст бирæ кæ .хæссы, чи зоны, йæ хорз зæрдæйыл фæуа. Уыйбæрц фæцардтæн æмæ дзы нæ зонын схуыст ныхас. С æ н и а т. Джеуæрджитæ сæ ирæд æрбарвыстой, ды та Мамсыримæ гуыбынмæ фидыд дæ, дæ фыд та номæвæрæг у Æхсарæн. Уыныс, цы æфсæн рæхыстæй баст сты уе ’уæнгтæ, уый? Дзерассæ. Гыцца! Сæниат. Сразы ут уæ хъысмæтыл, мæ хуртæ. Уый махæй аразгæ нæу. Кæд мын ницы хъæр кодтат, уæд- дæр æмбæрстон æппæт дæр, мады зæрдæ зонаг у. Фæ- лæ цы зæгъдзæн дæ фыд? Сразы уыдзæн йемæ Æгкар йæхæдæг дæр, уый дыууæ никуыма загъта Бæппуйы ныхасыл. Ахъуыды кæнут, мæ хуртæ, сывæллæттæ нал стут. . Дзерассæ. Гыцца! Сæниат. Уыдон тыхджын мыггаг сты æмæ мын мæ иунæгæн исты кæндзысты. Дзерассæ. Нæ, нæ... Фæлтау цыфæиды баййафæд мæ сæр. Сæниат. Гъе уæдæ, мæ хур, баууæндут уе ’на- мондыл. Т а м б и (мидæгæй). АйтегЬУæ, Айтег! С æ н и а т. Дæ фыд рацæуы. Дзерассæ. Фыццаг хатт бафæндыд мæн Бæппуйы разæй алидзын. Ау! Афтæ уыдзæн цæрæнбонты дæр, Бæппу... (Азгъордта цæхæрадонмæ.) С æ н и а т. Ацы æнамонддзинад та мæм кæцæй каст?. Бæппу... Цы зæгъдз^ен Бæппу? Йæ дзæбæхдзи- нæдтæн ын мастæй радтæм дзуапп? Æгкар?! Æнæ Бæп- пу иу цъусдуг куынæ лæууыдтæ! Уæд ын йæ зæрдæйы кард куыд ныссадздзынæ? Къуыбылой æгæр ныссуйтæ, 42г
тæрсын,- æнæ аскъуынгæ куынæуал ’райхæла, уымæй. . * - '•':".-'-''• Т а м б и (рахызт хъæлдзæгæй). Арвы дуар-" фегом, Черчесон. Гъер ма Æхсары куы фенин,.уæд мæ æндæр ницыуал хъæуы. Мæ царды амондджындæр бонтæй иу у, Дзела æмæ Мамсыр цы бон райгуырдысты, уый. Цæ- уыл кæуыс, цæ, Сæниат? Сæниат (æрæджиау). Мамсыр æмæ Дзела цы бон райгуырдысты, уыцы бон ма иу æнамонд райгуырд. (Ацыд.) Тамби (фæджих). Цы зæгъынмæ хъавыд, цымæ? (Цавддурау фæци.) Ау! Мæ дзæбæхдзинæдтæн мын æн- дæр аргъ не ’скодта Æхсар, мæ фæхудинаг æй фæнды? Нæ, нæ мæ уырны. Марæн кард нæ цыргъ кодтон ацал- ауал азы мæхицæн. Уый та цы хъуамæ уа? (Хъусы.) Кæуы Дзела, кæуы! Æрбацыд А й т е г. - Д й т е г. Кæцæйдæр Джеуæрджийы хъустыл хабар æрцыд, Æхсар фæсхохæй рацыд, зæгъгæ, æмæ мæ ар- дæм æрбарвыста, фæлæ куыд райдайон дзурын? Цæй, цы уа, уый уæд. (Йæ размæ фæци.) Ныббар мын, Бæп- пу, æз зонын, дæ масты сæр цæуыл у, уый æмæ мæ ных æрбатардтон дыууæ ныхасы зæгъынмæ, кæд мын бар радтай, уæд. Та м б и. Дзур! А й т е г. Мæ ныхасæй нæ фенцондæр уыдзæн дæ маст. Æхсар, дам, æрыздæхт, дзурынц... Т а м б и (тарстæй). Чи зæгъы? А й т е г. Джеуæрджи. Т а м б и. О хуыцау, цæуыл мæм сфыдæ^ дæ? Куыд никуы скастæн хæрдмæ! Ацал-ауал азы дур ауыгъд уыд мæ сæрмæ æмæ йæ бæттæн бонæй-бон лыстæгдæр 43
кæй сси, уый нæ уыдтон. Къулбадджытæ! Кæрæдзиуыл æгæр фæцахуыр сты, рагацау сæ кæрæдзийæ фæхицæн кæнын хъуыд. Айтег. Мæхи.дæ разы аххосджын хонын, æз уыд- тæн Æхсар æмæ Дзелайы уарзондзинадæн æвдисæн. Никуы дæм бауæндыдтæн, мæнæй къаддæр нæ уарзтай Æхсары æмæ мæ нæ фæндыди дæуæн маст скæнын. Т а м б и. Дæу нæ бафæндыд мæнæн маст скæнын æмæ ныр ме ’намондæн æвдисæн дæ, фæхудинаг дæ фыды æфсымæр, фæхудинаг æгас мыггаг дæр! Адæм- мæ ма мæ цæсгом куыд равдисдзынæн? Айтег. Ныббар мын, Бæппу, æгæр дзурын, фæлæ худинагæй хуыцау бахизæд..., Дзела, Бæппуйы коммæ чи нæ бакæса, ахæм чызг нæу. Æхсар та ам нæма ис... Тамби. Фæлæуу! Мæ хъуыдытæ мын ма ’змæнт. Айтег. Ныббар, Бæппу! Дæумæ афтæ дзурын нæ бауæндыдаин, мастæй тас куы нæ уаид, уæд. Æхсар дæр дæ ныхасыл дыууæ нæ зæгъдзæн, кæд æм Дзела- йы тыххæй цыфæнды хæрам дæн, уæддæр. Дæ фæндо- ны сæрты никуы ахиздзæн. Тамби. Раст дæ ды, Айтег: Æхсар мæ ныхасыл дыууæ нæ зæгъдзæн, исчи мыи нæу. Цом, ныр та уал Дзелаимæ аныхас кæнон. Мæхи фæхудинаг кæнын нæ бауадздзынæн. Айтег. Бар ратт, Бæппу... Æз ацæудзынæн Æхса- ры размæ. Дæ зындзинад феныны бæсты алцы дæр са- раздзынæн. Кæд дæ фæнды, уæд Æхсар æппындæр иал æрбаздæхдзæн хъæумæ. Тамби (фæджих). Цу, мæ хур, Айтег, цу. (Айтег фæцæуы.) Фæлæуу, æцæг æй ма амар, бафæстиат æй кæн иу-дыууæ боны. Айтег. Хорз. (Иуырдæм.) Нæ, дæ зындзинадмæкæ- сын мæ бон нæу, мæ уарзон фыды æфсымæр! Маргæ æрмæст, маргæ. (Азгъордта.) 44
Та м б и. Айтег! Ацыд. Мацы йын кæнæд. Æгæр ф#- лурс уыд йæ цæсгом, æгæр фæлурс. (Бахызт мидæмæ.) Дзерассæ (цæхæрадонæй рацыд). Цымæ цы загъта Бæппу? Сафиат (рахызт). Бынтондæр дæ хуызы цъыртт куы нал ис, дæ фыдæй худинаг у, ацу мидæмæ, фæр- сынц дæ. Дзерассæ. Цавæр зæрдæ дын ис, Сафиат? Уæй мæ кæм кæнынц, ды та мæ уырдæм æрвитыс. С а ф и а т. Кæсыс? Сæ хъæлдзæгдзинад уæларвмæ хъуысы. Дзерассæ. Кæм ис хъæлдзæгдзинад? Ау, ацы митæ иууылдæр æцæг сты? (Бацыд хæстæгдæр Æхсарты кæртырдæм, йæ цæссыгтæ сæрфы.) Сафиат (иуварсмæ). Цин кæнон æви хъыг, нæ зонын. Дзерассæйы Мамсырæн дæттынц, амонд мæм комкоммæ кæсы. Дæ-дæ-дæй, хуыцау, ныббар мын, ис- кæй æнамонддзинадыл хи амонд саразын!.. Стæй кæй амондыл? Æхсар æмæ Дзерассæйы? Нæ, нæ! Фæлтау æз цыфæнды уон: уæнт амондджын Æхсар æмæ Дзе- рассæ, æндæр амондмæ нæ бæллын. Дзерассæ. Базыртæ сьтл базад. Рахызт Т а м б и, Дзерассæитæ йæ нæ уынынц. Бæппу мыл æрхъæцмæ дæр нæ хъæцыд, ныр та... Фæлмæн хъуыиайы бын — къæйдур... Т а м б и. Фæлмæн хъуынайы бын къæйдур арæх вæййы, мæ чызг, раст дæ, фæлæ мыл дæ зæрдæ цæмæй худы? Уагæр цы ракодтон æмæ мыл Дзела йæ къух сиса? С а ф и а т ацыд. Дзерассæ (скуыдта). Бæппу! Дæхæдæг мыл сис- 45
тай дæ къух. Æвæндонæй мæ дæттыс, фæрсгæ д&р мæ нæ бакодтай. Т а м б и. Чи загъта уый æмæ æз мæ уарзон чыз- джы ма бафæрсон? Уæдæ ма бакæнæд исчи мæ хæдза- ры тыхми! Дзерассæ. Бæппу!.. (Кæуы фырцинæй.) Тамби. Хъуамæ ахсæвæй фæстæмæ амондджын уай. Дæ амондыл ныхас кæнынц уæртæ уым фида’у- джытæ. Дзерассæ. Ахæм амонд нæ хъæуы мæн. Тамби. Ахæм амонд æндæр ран кæй не ’ссар- дзынæ, уый бамбар. Дзерассæ. Æз амондджын уыдтæн æрмæст або- ны онг. , Тамби. Мæгуырæй адæм дардмæ лидзынц, амонд та йæм хæстæг нæ цæуы, мæ хур. Дзерассæ. Бæппу! Ма мæ ауæй кæн мулкыл, фæлтау æххуырсты бацæудзынæн æмæ дын кусдзынæн. Т а м б и. Банцай! Дзерассæ (иуварсмæ). Ай сæфгæ куы кæнын æмæ мæ куынæма уырны... Æрæмбар, дам, дæхи æмæ де ’намонддзинадыл баууæнд. О, цæй зын мын у, Бæп- пу, дæуæй ахæм ныхас хъусын... Рахызт Д ж е у æ р д ж и, Дэерассæ йæм тарст каст бакодта æмæ алыгъди. Джеуæрджи (Тамбимæ). Куы та ’руагътай дæ- хи! Æххæст кæугæ скæн, кæд лæдзæг райсын дæ бон нæу, уæд. Нæ фос дæ кулдуары мидæгæй фесты. Сæ- ниаты фырт куы æрцæуа, уæд сын кулдуар байгом уы- дзæн фæстæмæ. Æз æмæ дæуыл та зарджытæ скæндзы- сты.., Афон у, æрхъуыды кæн исты, гормон, худ куы хæссыс... . 46
Т а м 6 и æнæ дзургæйæ ацыд. Гъы? Цыфæнды фæуæд, фидыдæн фехалæн нæй. Æрбазыпдысты X ъ æ р æ у æмæ М а м с ы р. Цы ма агурут ам? М а м с ы р. Хæхтæм цæуæм, дада. Джеуæрджи. Зонут, сымах куы фæивгъуыйат, уæд уый кæй нæ фæивгъуыйдзæн. Цъиуы цæст уæларв- мæ къахы, йæхи марæг фæуа. Цæут, хур сымахмæ не ’нхъæлмæ кæсдзæн. Мамсыр æмæ Хъæрæу азгъордтой, Джеуæрджи йæ мидбылты бахудт, йæ зачъе дауы. Æ м б æ р з æ н ЦЫППÆРÆМ НЫВ Уæлхох быдыр, тæрхæг-дуры раз. Дардæй зыны æфцæг, карст уыгæрдæнтæ, амад мæкъуылтæ. Изæрырдæм. Солтан (æдде). Фырры!.. Фырры!.. Дзæгъæс! (Æрбазынд, йæ уæлæ — нымæт, хызын, йæ къухы — лæ- дзæг). Фрр!.. Изæр дæр нал кæны, изæр! (Æрхуыссыд уæлгоммæ. Æрфынæй.) Æрбазындысты М а м с ы р æмæ X ъ æ р æ у. М а м с ы р. Цымæ цæмæн æрæгмæ зыной Айте- джитæ? 47
Хъæрæу. Айтег, йæ фæнд чй айва, ахæм лæппу нæу. Мамсыр. Хуыцау, Хъауырбеджы фырты тагъддæр рауадз, цалынмæ тугмондаг дæн, уæдмæ. Хъæрæу. Мамсыр, æз иу хъуыддаг не ’мбарын. Дысон Дзерассæимæ бафидыдтат. Цæмæн ма хъæуы Хъауырбеджы фырты марын? Мамсыр. Æхсар æмæ Дзерассæ кæрæдзийы уар- зынц. Уый чн нæ зоны, ахæм нæй. Иу хъæуы цæргæ- йæ, æдзух мæ усы зæрдæ уымæ æхсайа? Уый цалынмæ уæлæуыл уа, уæдмæ мæнæн худинаг уыдзæн адæмы астæумæ рацæуын, ныридæгæн мын æй алчи мæ цæст- мæ куы дары. Хъæр æу. Кæс-ма. (Амоны Солтанмæ.) М а м с ы р. Ацы къулбадæг ам куы баззайа, уæд мын мæ хъуыддаг халы. Хъуамæ мачи уа нæ цуры. Фæцæуы йæм, куыд æм фæцæйæвнæлдта, афтæ сыхъуыст Са- ф и а т ы хъæр. С а ф и а т (æдде). Солтан! М а м с ы р. Йæ хо схæццæ. Алыгъдысты. Сафиат (æрхызт). Солтан! (Агуры.) Уæдæ кæм уа, йæ уæрыччытæ ам куы сты. Мæ къæхтæ мæ быны нал цæуынц. Цæмæн æрæгмæ зыны ацы изæр? Мæгуы- ры бонтæ, мацы йыл æрцæуæд, ацафон нæхимæ куы вæййы. (Солтаны ауыдта, цин кæны ) Солтан, мæ удæй мæ мидæг ницыуал аззад. Фынæй у. (Æрбадт йæ уæл- хъус.) О сидзæр, цæй мæгуыр дæ; уæрæх быдыры дæр уыцы тымбылæй куы хуыссыс. 48
Фæзынди Т а м б и. Т а м б и. Мæ зæрдæ хæлд мæсыгау ныууæззау. Ды- сон-бонмæ хуыссæджы цъыртт нæ федтон. Тæрсын... Мæ сæры дыууæ хъуыдыйы нæма банцадысты сæ то- хæй. Мæ зæрдæ цæмæдæр æхсайы æмæ ардæм дæр уы- мæн ссыдтæн. С а ф и ат. Солтан! Тамби йæ ауыдта. Тамби (иуварсмæ). Сафиат, æз ма мæхинымæр дæу æмæ Æхсары хъысмæтыл куы хъуыды кодтон. Аныхасæн хуыздæр фадат нæй. Джеуæрджийы загъдау, мæ амонд мæ разæй цæуы. Сафиат (нæ йæ уыны). Солтан! Цом, байрæджы. Солтан базмæлыд. Там би. Сафиат! С а ф и а т (фыццаг фæтарст, стæй). Гъа, Бæппу дæ, фæтарстæн дæ. Т а м б и. Ссывд абон раджы куы фæдæ... Сафиат. Солтан æрæгмæ зынд æмæ... Мæнæ йæ тарфынæйæ ссардтой ам. Т а м б и. Уæууа, уый нын нæ уæрыччыты куы сæфта! С а ф и а т. Адæм хъæумæ цæуынц, Бæппу, ды та уыгæрдæнмæ. Тамби. Изæры уазалы мæ гæппæл ракæрдон æх- хæст. (Æрбадт.) Сафиат, цæмæйдæр дæ афæрсынмæ хъавыдтæн, нæ зонын, куыд дæм фæкæсдзæн... Хæстæг- дæр ма мæм рацу... Иу цыбыр дзырдæй, Сафиат, мæ хур, мæ иунæг чызджы бæрц дæ уарзын... С а ф и ат. Бæппу... 4 Пьесæтæ 49
Тамби. Байхъус, мæ хур, кæронмæ. Арвæй зæхмæ Æхсарæн лæууын мæ къæхтыл. Æз зæронд дæн, мыг- гагмæ нæ цæрдзынæн, цалынмæ æгас дæн, уæдмæ уæ дыууæ дæр амонд куы ссариккат, уый мæ фæнды. Абон ардæм хъæуы Æхсары. С а ф и а т. Æрцæуы Æхсар... Цæуон Дзерассæмæ! Азгъордта. Т а м б и. Сафиат! Цы кодтай? Солтан (фехъал). Бæппу! (Йæ цæстытæ аууæрс- та.) Баизæр? Т а м б и. Баизæр, мæ хур, баизæр. Цу, аскъæр дæ уæрыччытæ хъæумæ. (Дæтты йын къæбæр.) Солтан. Фырры!.. Фырры!.. Дзæгъæс!.. (Фæаууон.) Тамби. Цæмæн алыгъд Сафиат? Мæ ныхæстæй йæм исты хъыг фæкаст? Ахæмæй куы ницы загътон. Нæ, нæ, хъуамæ сразы уа, æндæр гæнæн нæй... Чи зо- ны, æз раст нæ дæн, чи зоны, не ’сты раст Джеуæрджи- итæ дæр. Фæлæ сыл мæ кух куыд сисон? Нæ, нæ! Нæу афтæ бакæнын мæ бон! (Сивгъуыдта.) Айтег (æрбахызт, хъахъхъæнгæ). Æхсар! Ардæм! Мæнæ дæ уарзон бынат. Æхсар (æрбахызт). Тæрхæг-дур. Куыд æхсызгон у ногæй дæ быны абадын! Айтег (иуварсмæ). Цæмæй зоныс, ацы тæрхæг-ду- ры бын æнусмæ кæй бацъынд уыдзынæ, уый. Æ х с а р. Цы зæгъыс, Айтег? А й т е г. Куы ницы, Æхсар. Æ х с а р. Кæд, зæгъын, исты загътай. Хъуыды ма кæныс, Айтег, иу хатт нæ къæвда куы ’рцахста æмæ ам куы бафынæй стæм? Ай т е г. Куыд нæ? Дæс азæй къаддæр нæ рацыд уæ- дæй нырмæ. Цæй хорз ма лæууы дæ зæрдыл? 50
Æхсар. Ахæм бонтæн рох гæнæн нæй, Айтег. Мæ зæрдыл лæууы: æрыхъал стæм, æмæ мæй уæлиау ссыд. А й т е г. Æмæ, кæрæдзийы къухтыл хæцгæ, хъæуы балæууыдыстæм. Æ х с а р. Ды дæр ма йæ хорз хъуыды кæныс. (Ар- хайы цæуыныл.) Айтег. Уæд та уал нæ фæллад суадзиккам иучы- сыл? Æхсар. Æмæ та нæ бафынæй уыдзыстæм иухат- тау, Айтег? А йт ег. Цавæр у, сабитæ куынæуал стæм. Æхсар. Абадæм. (Æрбадт.) Гъе, тæрхæг-дур, кæд- дæраута дыл фæдзæхсын мæхи. (Æрхуыссыд уæлгоммæ.) Айтег (иуварсмæ). Раст зæгъыс, дæс азы размæ уыдыстæм дыууæйæ ам, æцæг уæд хъæумæ дæр дыууæ- йæ ныццыдыстæм. (Дызæрдыг кæны.) Æхсар. Цæуылнæ уадзыс дæ фæллад, Айтег? Цы- дæр тыхстхуыз дæ. Цы кæныс? А й т е г. Куы ницы. Æ х с а р. Нæ, нæ. Цыдæр мæ æмбæхсыс. А й т е г. Сомы дын кæнын, ницы дæ æмбæхсын. (Иуырдæм.) Дысон-бонмæ фыдфынты хай фæдæн... Æ х с а р. Айтег, абондæргъы мæм иу хатт дæр ком- коммæ нæма æрбакастæ. Цæмæн мæ æмбæхсыс дæ цæстæнгас. Кæд мын раст нæ радзырдтай хъæуы ха- бæрттæ? Кæд, мыййаг, Мамсыр æмæ Дзерассæ бафи- дыдтой? Айтег (хъазæгау). Æмæ, Æхсар, бафидыдтой, зæгъгæ, уæд цы бакæнис? Æ х с а р (тарстæй). Нæ, нæ, Айтег! Айтег йæ сæр æруагъта. Бафидыдтой? 51
А йте г. О. Æхсар. Ау, уый æцæг у? Уæдæ мæн барæй арвыс- той æххуырсты? Бæппу! Лæгмар куынæ бакодтаид аф- тæ, уæд куыд сразы дæ ды ахæм фæндыл? Нæ мæ уыр- ны, нæ мæ уырны... Фæцæуы, Айтег æй уромы. Айтег. Æхсар, фæлæуу! Фæхæц дæхиуыл. Æз ни- куы æнхъæлдтон, ды искуы Бæппуйы фæндоны сæрты ахиздзынæ, уый. Æхсар. Бæппу, фыды ад куы кодтай мæнæн. Куыд æхсызгон-иу мын уыди дæ къух райсын! Æз æууæндыд- тæн, уыцы къух мæн кæй никуы асхойдзæн, ууыл. Мæ хъыджы бон-иу дæ цæсгомыл цæссыгтæ куы федтон... Айтег. Цæмæн дын афтæ хъыг у дæ хойы амонд? Æхсар. Дзерассæ мæ, хо нæу, уый хорз куы зо- ныс, Айтег. Мæ рагбонты дын куы схъæр кодтон мæ сусæг фæнд... Уарзондзинад циу, уый нæма æмбæрс- тон, фæлæ-иу мын афтид йæ фенд дæр уыди стыр амонд. Мæхи никуы хуыдтон сидзæр, мæ зæрдæ æдзух йедзаг уыд ныфс æмæ цинæй. Мах уарзтам кæрæдзи- йы, суанг зонынхъом куы фестæм, уæдæй фæстæмæ. Æрæгмæ-иу ыл куы æмбæлдтæн, уæд-иу мæм цыфæнды хур бон дæр каст асæст æмæ-иу мæхицæн бынат нал ардтон. Айтег! Хистæр дæ, ныббар мын, фæлæ уый вæй- йы царды иунæг хатт! Айтег зæрдиагæй хъусы, йæ цæсгомыл зыны разыдзинад, стæй æрæджиау сдзуры. Айтег. Æз зыдтон æмæ зонын, Æхсар, Дзерассæ- имæ кæрæдзийы кæй уарзут, уый. Фæлæ Бæппуйы фæндон æндæр у. Дыууæ мыггаджы бафидыдтой, хис- тæртæ кæрæдзимæ радтой сæ къухтæ. Сразы, æвæццæ- 52
гæн, йæ хъысмæтимæ мæ хо дæр. Ахъуыды-ма кæн, куыд уыдзæн дæ фæзынд? Дæ масты фæдыл ма ацу... Кæд æцæг уарзыс Дзерассæйы, уæд ын нæ фехалдзы- нæ йæ амонд. Æхсар. Амонд... Бæлас бæласыл сыздыхсы æмæ арвмæ бæрзонд фæцæуынц. Дидинджытæ кæрæдзийæн сæ буц сæртæй фæкувынц. Уыцы бар нæй дыууæ уар- заг зæрдæйæн. Айтег. Æхсар! Ды кæддæриддæр хæларзæрдæ уыд- тæ. Бауарзæд ацы хатт дæр дæ цæст... Фæлæуу! Мацы ма сдзур, зонын, дæ алы ныхас дæр раст у, фæлæ мæм байхъус уæддæр. Дзерассæ дæу уарзы æнæкæрон уарз- тæй, фæлæ йæ рæдийын ма бауадз. Уыйбæрц тых ссар дæхимæ. Æ х с а р. Айтег, ме ’знаг куынæ дæ. Айтег. Сразы у мемæ, æрмæстдæр Дзерассæйы тыххæй. Чызг уайтагъддæр ферох кæндзæн йæ рагбон- тæ æмæ амондджын царды бахаудзæн. Æхсар (бынтон æрæджиау). Чи зоны, æмæ раст дæ... Фæлæ мæ зæрдæ мæ коммæ куынæ кæсы, уæд цы кæнон? Айтег. Нырма лæппу дæ. Бауарздзынæ та ногæй æмæ дын уæд къухылхæцæг чи .ныллæудзæн, уый æз. Æ х с а р. Æз та æнæмæтæй схуыссыдтæн дысон... Айтег (иуварсмæ). Нæ, нæу йæ амарын мæ бон. Хуыцаумæ дæр раст нæ фæкæсдзæн уыцы хъуыддаг. Мæ цæстытæ бакуырм уыдзысты; Æхсары уæлсынт куы фенон, уæд. Æрбазындысты М а м с ы р æмæ X ъ æ р æ у. Айтег сæм иуцъусдуг фæджих, стæй Æхсары йæ аууон. бакодта, æмæ сæм мæ- стыйæ йæ къухæй ацамыдта: «Тагъд ардыгæй цæугæут». Мамсыр- итæ аивгъуыдтой. Цæуон сæ фæстæ, куыд вæййы, цы вæййы... 53
Æхсар. Кæдæм цæуыс, Айтег? Куынæуал лæууыс мæнмæ дæр. Айтег. Æхсар! (Тыхстæй.) Мæрдырох мыл бахæ- цыд. Дагоммæ мæ ныууайын хъæуы. Æ х с а р. Дагоммæ? Айтег. О, хъæуы сæрмæ^дæ аййафдзынæн æз дæр. (Ацыд.) Æ х с а р. Ницы æмбарын. Бафидыдтой. Сабырдæр, мæнæй уый, дæхиуыл хæц, тагъд фæуыдзæн тымыгъ, ныйирд та уыдзæн бон. Фæзынд С а ф и а т. Сафиат (иуварсмæ). Æхсар, мæ зæрдæйы мын ахстон сбыдтай æмæ йæм иу хатт дæр никуы æртахтæ... Æрхæццæ дæ, Æхсар? Æхс а р. Сафиат? Сафиат. Æз æмæ Дзерассæ ам бафæстиат стæм. Æ х с а р. Ам ис уый дæр? (Фæцæуы.) С а ф и а т. Æхсар! Ма ацу! Æхсар. Ехх, Сафиат, куы зонис ды... Уæвгæ... амондджын дæ, уарзондзинад кæй нæма æмбарыс, уы- мæй. Сафиат (рог, æнæбаст ныхас). О, амондджын дæн æз, тынг амондджын. (Кæуы, худы.) Цæмæн уон хъуа- мæ æнамонд? Ау, мæнмæ амонды бар нæ хауы? Æ хс а р. Сафиат? Худыс, кæуыс... цæуыл? С а ф и а т. Æз амондджын дæн, уарзондзинад кæй нæма зонын, уымæй. Нæу амондджын Дзерассæ... Дзерассæ (æрбазынд). Æхсар! Æхсар (иуырдæм). Нæ, Айтег, æнхъæлдæн æмæ мæ дзырд сæххæст кæнын нæ бауыдзæн мæ бон. Хъæрæу (æрбазыид). Уый та куыд? Згъоргæ Мамсырмæ, мæнæй уый! 54
Азгъордта. Сафиат æй ауыдта æмæ йæ фæдыл ахызт. Дзерассæ. Æхсар! Ды дæ уый? Æ х с а р. Æз, æз, Дзерассæ. Дзерассæ. Нæ, уый нæ дæ... Ныббар мын, мæ цæсгом бахордтон, æфсарм ферох кодтон... Æз дæ æдзухдæр уыдтон, æрыскъæфтæй цы бон æрцыдыстæм. уыцы бон цы хуызæн уыдтæ, ахæмæй. Æхсар. Уыцы бонæй амондджындæр бон нæ уыд мæнæн мæ царды. Дзерассæ. О, уый диссаджы бон уыдис, фæлæ нын æй цæссыгæй ныхсын кодтой. Дзуарзæнджы фæн- дагмæ-иу ссыдтæн æмæ, æфцæгмæ кæсгæйæ, мæ рæстæг æрвыстон, фæлæ дзы ды никуыуал æрхызтæ. Æхсар. Амал нæ уыд, кæд мæ зæрдæ æппынæдзух ам уыд, уæддæр. Мæ фос-иу дзæгъæл ныууагътон, схыз- тæн-иу Сау хохы сæрмæ æмæ-иу ацырдæм бирæ фæ- кастæи. О, куыд фæндыд мæн маргъ фестын æмæ ардæм тæхын! Ныр дæр уыгæрдæнты сæрты, зæрватык- кау цингæнгæ, тахтæн. Цæмæй зыдтон, æмæ мæ ба- зыртæ æваст æрхаудзысты. Амондджын дæ, зæгъгæ, зæгъынц... Фыццаг хатт мæ асайдтай æмæ дын хатыр фæуæд. Дзерассæ. Дæуæй æрмæст æфхæрд уæвыныл нæ, фæлæ дæ къухæй мæлæт ссарыныл дæр разы дæн. Амонд мæнмæ нæ хауы, чи зоны, макуыуал фембæлæм. Ныббар мын, æз дæ асайдтон, сæттын ыл æмæ цин кæ- нын, уымæн æмæ дæуæн тас нал у... Æх с ар. Цы? Дзерассæ. Ныр дæу ничиуал амардзæн. Æз цы уинаг уыдтæн, уый бадæн, чи зоны, кæд ды амонд- джындæр разынцс. Æхсар. Цыдæр æмбæхсыс мæнæй, Дзерассæ! Дзерассæ. Мауал мæ фæрс. Чи зоны, хуыцау 55
загъта афтæ. (Кæуы.) Æз сразы дæн мæ хъысмæтимæ. Бæппуимæ... Афтæ фæндыд Гыццайы дæр. Æ х с а р. Ау! Гыцца?.. Дзерассæ. Гыцца аххосджын нæу. Дыууæ мыгга- джы æртхъирæн кодтой дæумæ æмæ мæм дысон, йæ цæссыг калгæ, æрбацыд: «Мæ иунæг хъæбул — де уа- зæг»... Æ х с а р. Гъей, Бæппу, Гыцца, фæхудæд мыл ацы хаттуæ зæрдæ! Дзерассæ. Цы сфæнд кодтай, Æхсар? Æхсар. Уираг дур фестын хосдзауы цæвæджы раз æмæ дидинæг бахъахъхъæнын. Д з е р а с сæ. Цыдæр æнахуыр тас ме ’уæнгты ба- цыд, Æхсар. Нæ нын ныббардзæн Бæппу. Æхсар, Ныббардзæн, Дзерассæ, кæд нæ æцæг уарзта, уæд. Дзерассæ. Нæ, нæ. Дæуыл исты æрцæуыны бæс- ты, фæлтау цыфæнды баййафæд мæ сæр. Æхсар. Ард хæрын нæ уарзон хъазæн бынаты, æз дæу æфхæрын кæй нæ бауадздзынæн... æмæ кæй никæ- мæн ратдзынæн мæ амонд. Дзерассæ. Æз дæр ма мæ амондыл æууæндон?! Æ х с а р. Æууæнд, æууæнд, Дзерассæ! Æрбазындысты М а м с ы р æмæ X ъ æ р æ у. Дзерассæ. Хæрын дын ард, æз æнæ дæу никуы бацагурдзынæн амонд. Мæнæ сæ фидыды рæхыс. (Фех- ста йæ къухдарæн.) Мамсыр йæ гæрзтæм февнæлдта, Хъæрæу æй уромы. Хъæрæу. Фæлæуу! Сылгоймаджы уал ауадз... Æ х с а р. Дывыдон арты куы судзон, уæддæр нæ 56
ферох кæндзынæн де ’ууæнк. (Систа зæлдаджы тыхтæй къухдарæн, дæтты йæ чызгмæ.) Дзерассæ. Цы митæ нын не ’мбæлы, ахæмтæ кæнæм. Æ х с а р. Ау, нæ бæлæстæн куы ис фæрсæй-фæрс- тæм рæзыны бар, уæд махæн нæй? Дзерассæ. Ис. Цæй, нæ бæлæстæм та фæраздæр уон æз. Æ х с а р. Хорз, хорз, Дзерассæ! Дзерассæ азгъордта, Æхсар хъæлдзæгæй кæсы йæ фæстæ. Мамсыр (æд гæрзтæ æрбахызт Æхсары размæ). Ды кæй куырдусимæ лæуыдтæ ацы ран ныртæккæ, кæй худинаг кæныс? Æхсар. Нæ мæ фæнды маст агурын, мæ зæрдæ хъæлдзæг у циндзинадæй. (Фæцæуы.) Мамсыр. Æз дын дæ цин дæ хъуыры хуынкъæй сласдзынæн ныртæккæ. (Йæ фæндагыл ын æрлæууыд.) Æ х с а р. Зон, дæ ныхæстæ нæ фæуыдаис кæронмæ дзырд, хатыр дын фæуæд ацы хатт. Нæ мæ фæнды туг ныккалын абон. Аиуварс кодта Мамсыры, фæцæуы. Мамсыр фæстæты Æхсармæ хъамаимæ фæлæбуры. X ъ æ р æ у. Ц-цæв æй! Мамсыр æй куыд фæцæйцавта, афтæ Æхсар фæцарæхст, стыд- та йын йæ къухæй хъама. Æхсар. Æнцад! Хæцынц та. Уымæ — хъама, Мамсырмæ — æхсаргард. 57
X ъ æ р æ у. Ц-цон Тамбимæ. (Азгъордта.) Тамби, Тамби, фæдис! Хъауырбеджы фырт дын де ’сиахсы амардта. Мамсыр. Æз дæ æрцахуыр кæндзынæн. Мамсыр йæ тых-йæ бонæй Æхсары гуымиры риуыгъд ныккод- та, Æхсар йæхи фæсайдта, Мамсыр йæхи уæзæй æрхауд, Æхсар ын ныллæууыд йе ’хсаргардыл. Æхсар. Иу бон райгуырдыстæм æмæ мæ нæ фæн- ды, мæ къухæй мæрдтæм куы бацæуис, уый. Мамсыр та лæбуры. Кардæй хæст. Сæ дыууæ дæр нæ базыд- той, былмæ куыд схæццæ сты, уый. Мамсыр фæкалд, фæхауы, Æхсар йæ хæцын ныууагъта. Æхсар. Нæ хыл ныууадзæм. Хауыс! Æри дæ къух!! М а м о ы р. Иуварс дæ дæрзæг къухтæ! Æ х с а р. Куыстдомд къух райсын худинаг нæу. Мамсыр. Иуварс! (Февзыста, ахауд, дæле хъуысы йæ хъæр.) Тамби (æрбазынд). Цæй фæдис у уый? Цы код- тай, Мамсыр? (Фæаууои.) Æхсар (æркаст хъамамæ). О фыдбылызы хотых, цæмæн февзæрдтæ мæ къухы? Цæй уазал дæ цыфæнды хъарм бон дæр! Мæнæн ныр ам фæцæрæн нал ис — Дзерассæ дæр мæ лæгмар схондзæн. (Хъамамæ.) Хъу- сыс? Æз кувдзынæн хуыцаумæ, цæмæй уæлæуыл баз- зайа дæ хицау, ды та дæлдзæх фæу. (Фехста йæ.) Тамби (æрбазынд æд хъримаг). Хи хъæбулау дæ схастон, фæлæ мæ фенамонд кодтай æмæ хъахъхъæн дæхи!.. Æхс а р. Бæппу!.. Т а м б и. Дæуæн Бæппу нал ис, дæ гæрзтæ сис! Æ х с а р Канд хистæр нæ дæ, Бæппу. Ном дæр мыл 58
ды сæвæрдтай. Кæд æнæ æхсгæ нæй, уæд фыццаг æхс- ты бар дæуæн. Тамби. Мæ царды амондджындæр бонтыл нымад- тон æз, дæ сывæллонæй мемæ цы ацардтæ, уыдоны. Фæлæ мын мæ хæдзармæ фыдбылыз æрхастай, мæ ху- динаджы хъæр айхъуысти. Лæджы дзуапп радтай, фæ- лæ хъуамæ нæ дыууæйæ хъæумæ иу мауал ныццæуа. Æ х с а р. Фехс, мæ номæвæрæг! Т а м б и. Ном дын радтон æмæ дын æй фæстæмæ исын дæ цардимæ. (Фехста, Æхсар фæцæф.) Æхсар! Хуыцау, нæ амард... Æхсар. Мæ рахиз къух лыгмæ радтаин, цæйнæ- фæлтау дæумæ мæ гæрзтæ систаин. (Сласта дамбаца.) Топпæй æхсын мæ сахуыр кодтай, афтæмæй та дын дæхи бахъуаджы сахат дæ хъримаг фæсайдта. Тамби. Зонын æй, æхсынмæ дæсны дæ, фæлæ дын фæдзæхсын. Ды искуы мæ чызгмæ дæ усы номæй куы сдзурай, уæд мæрдты дыккаг мард кæндзынæн. Дæуæн та-иу мæ дзæбæхдзинæдтæ хæрам фæуæнт. Æхсар. Цин кæн, дæ хæдфæстæ сау мæрмæ хи- зын мæхи къахæй æз дæр. Дæ фæндон сæххæст уы- дзæн. Т а м б и. Æууæндын дыл... Нæ, нæ, мæ фыдæбæттæ дзæгъæлы нæ фесты, фехс, мæ хъæбул. Æхсар. Туг тугæй нæ фехсадæуы, Бæппу, фæлæ æз дæр мæ мадæн лæппуйæн райгуырдтæн. Мæ тугæй ахуырст у дæ нæмыг. Фæкæс-ма уæдæ, мæ номисæг, дæхимæ. (Хъавы, æруагъта дамбаца.) Мæ бон нæу, ацы ран бирæ фæхастай мæн мæ сабийæ де ’ккой. Т а м б и. Фехс! Æхсар. Нæу мæ бон, бахуыскъ уыдзæн мæ цонг, Бæппу! Мæ гæрзтæ дæм систон, ныббар мын. Æрбазгъордта Дзерассæ. 59
Дзерассæ. Æхсар! Бæппумæ дæ дамбаца слас- тай? Тамби. Иуварс лæуу! Æхсты бар уымæн ис. Æ х с а р. Æз дзы спайда кæндзынæн æндæр хатт. Цæй æхсызгон сахат фæзындтæ, Дзерассæ?! Чи зоны, чысыл фæстæдæр нæ дыууæйæ иуы дæр нал æрбаййæф- таис. Дзерассæ. Цы сарæзтай, Æхсар? Ахæм цины бон дæ цы фыдбылыз фæрæдийын кодта? Æхсар. Ард дын хæрын дæ фыды раз: нæ дæн ах- хосджын, топпы дзыхимæ мыл сæмбæлд дæ фыд. Æдде хъæр. Дзерассæ. Фæдисæттæ æрцæуынц. Дæхи айс! Т а м б и (чызгмæ). Хæстæг æм ма цу! Дзерассæ (ауыдта Æхсары туг). Цæф дæ? Чи дын уыди? Т’амби. Æз! (Фæкæны йæ чызджы.) Æ х с а р. Абонæй фæстæмæ мæ сабыр цард фæцис. Дуртæ мыл хæрдмæ тулын байдыдтой, кæд æппындæр ницы аххосджын дæн, уæддæр... Ехх, Гыцца, иунæгæй та куы баззадтæ! Фæраз. Быхсын ахуыр куы дæ, æр- тæ куы бавæрдтай дæ бинонты хуыздæртæй, уæд иу зындзинадæн нал бафæраздзынæ? Æрбатахтысты С а ф и а т æмæ С о л т а н. С а ф и а т. Æхсар! Фæдисæттæ... Солтан. Æрцæуынц дæм, Æгкар... Удæгас у Мам- сыр, фæлæ сæ мыггаг фæфæдис сты. Æхсар. Солтан! Гыццайæн-иу зæгъ, Хъæриуы хо- хы рæбынмæ, зæгъ, цæуын. Аххосджын нæ дæн... Са- фиат, Дзерассæйæ мын хатыр ракур. Чи зоны, кæд 60
амондджындæр разынид уый. Хæрзбон, мæ райгуырæн хъæу, хæрзбон, æз афтæ бирæ цы цъæх фæзтæ уарзтон, уыдон дæр. (Ацыд.) Æдде гæрæхтæ, фæдисы хъæр, æрбауадысты ч ы з д ж ы т æ дæр, се ’хсæнæй зыны Дзерассæ. Айтег (æрбазынд). Фæцæуы уæлæ! (Хъавы.) Дзерассæ. Мары йæ!.. Фæцæуы, уромынц æй, А й т е г сæ нæ уыны, арвмæ фехсТа æмæ æнцад æрлæууыд, æрбазгъордтой фæдисæттæ. Джеуæрджи (Айтегмæ). Цы лæууыс ам? Цы фæци? Айтег (амоны иннæрдæм). Æнхъæлдæн, ацырдæм алыгъд. Джеуæрджи. Йæ фæдыл!.. Уæлæты йæ размæ. Айтег кæдæм бацамыдта, фæдисæттæ уыцырдæм азгъордтой. Дзерассæ. Айтег!.. (Ныттыхст ыл, Айтег æй са- быргай аиуварс кодта æмæ хъæуырдæм ацыд.) Æдде хъæртæ: «Рагъæй фæхизы! Тагъддæр, тагъддæр!» С а ф и а т. Хуыцау дæ фæндараст фæкæнæд! Дзерассæ. Æхсар! Сæниат (æрбазынд). М’ арт бауазал, цы кодтай, мæ иунæг? Нæмгуытæ дыл ихуарæгау куы кæнынц!.. С о л т а н. Æрхауд! (Ныккуыдта.) Сæниат. Мæ бон куыд бакалд. (Фезгъоры.) Айтег (фæзынд). Уырдæм цæуæн нæй. Нæмгуытæ дзы ихуарæгау кæнынц. (Уромы йæ.) С о л т а н. Аирвæзт! Аирвæзт! 61
Джеуæрджи (фæзынд). Нæ аирвæзт, нæма аир- вæзт! (Сæниатырдæм.) Хæйрæг ныййардтай. Иæ къух нæм систа, кæйдæр куырдусы тыххæй иста. Абонæй фæстæмæ... А й т е г. Баба! Сæниат (æрхауд йæ уæрджытыл). М’арт бауазал, хъоды нæ, æз — уæ мад, уæ фыды уазæг, ма мын баца- рæфтыд кæнут мæ иунæджы... Джеуæрджи. Хъоды, æрмæстдæр хъоды... Або- нæй фæстæмæ ма йын йæ хæдзары дуар чи байгом кæ- на, цæхх-кæрдзын ын чи радта... Т а м б и. Джеуæрджи!.. Джеуæрджи. Хъоды йыл кæнæм. (Дзерассæ æр- хауд.) С æ н и а т. Æгкар! (Ныккуыдта.) Æмбæрзæн
ÆРТЫККАГ АРХАЙД ШÆНДЗÆМ1НЫВ Тамбиты кæрт. Уалдзæг. Мæйрухс изæр, хæдзæрттæй зыны мы- нæг рухс. Æрбазынд С о л т а н. Кæсы Сæниаттæм, стæй та Дзе- рассæйы уаты рудзгуытæм. С о л т а н. Изæрсарæй сæм чидæртæ бады, кæй фи- дауджытæ сты, хуыцау зоны. Æфцæгмæ æнæ уый ба- зонгæйæ цæуæн нæй. (Æрæмбæхст.) Дзерассæ (ракаст фæлурс, рынчынхуызæй). Кæ- цы дæ? Чи дæ?.. Цалдæр боны нæ цæхæрадонмæ чи- дæртæ цæуы. Кæд Æхсар искуыцæи фæзынд æмæ ам æмбæхстæй цæры. Æви та мæ хъустыл ауад? Цытæ дзурын, уый цыфæндыйæ дæр ссарид мæн. Кæд мæ- нæн тæрсы, хъодыгондимæ ныхасгæнæн нæй, зæгъгæ. Уæд рæдыйыс, Æхсар. Хъоды нæ бауромдзæн мæн, цы у æнæ дæу мæ цард! (Кэеуы.) Кæмдæр, дам, хохы рæ- бын йæ цæфтæ дзæбæх кæны. Кæм дæ, Æхсар, кæдæм дæм фæцæуон? С о л т а н (иуварсмæ). Цытæ уын бавзарын код- той! Дзерассæ. Солтан æнафон нæ" кæрты фæзыны, бирæ фæкæсы Гыццатæм, махмæ. Кæд ын исты фæ- дзæхст ис, кæд уый исты зоны Æхсарæн. Фæлæ ны- хасмæ нæ лæууы, дуар нæма бакæнын, афтæ фæдæл- дзæх вæййы. Ау! Æхсарæй æрвыст куы уаид, уæд мæ- 63
нæй лидзид? Кæд ыл исты æрцыд æмæ мын æй зæгъын нæ уæнды. Солтан (иуварсмæ). Куыд мæ фæнды дæ размæ базгъорын æмæ мæ хъæлæсы дзаг зæгъын, «Æхсары федтон», зæгъгæ, фæлæ мын уый бар нæй. Дзерассæ. Адæмæй æнамонддæр цæ’мæн фестæм? Нæ мидбылты худгæйæ, æмбæлдыстæм цардыл, уый та ныл йæхи атигъ кодта. С о л т а н. Æхсар, мæ ирвæзынгæнæг,' бар мын ратт, дæ ныхасы сæрты хизын. (Хъæрæй.) Дзера!.. (Ахгæдта йæ дзых.) Фæраз! Фæраз, мæнæй уый. Ау, кæддæр мæ зæйы дурты бынæй чи скъахта, уый дзырд куыд нæ сæххæст кæндзынæн? (Бамбæхст та.) Дзерассæ. Нæ, нæ, кæд нæ сæрра дæн, уæд мæ ном фехъуыстон. Солтан (иуварсмæ). Дзæгъæлы æнхъæлмæ кæсыс Æхсармæ. Цæмæй зоныс, уый йæ хъарм хуыссæн къæй- дурæй кæй раивта, Хъæриуы хохы бын кæй рахау-ба- хау кæны. Дзерассæ. О уæлæ мæй, цæй ирд дæ, афтæмæй куыд уазал цæстæй кæсыс. Бацыд, æвналы дыууæ бæласы къалиуæй иумæ, стæй ахизы уатмæ. Солтан. Фæраз, Дзерассæ. Уæдæ Гыцца куыд фæ- разы, уый йæ сабыр ныхас хæкъуырццæг куыдæй куы аивта. Æрбацæуы А й т е г, Солтан амбæхст. С о л т а н. Айтег ам дзæгъæл-хуымæтæджы нæй. Айтег (æрбазынд). Цы мæ кæны Бæппу, хуыцау зоны. (Мидзгмæ дзуры.) Ам стут? (Бацыд.) 64
С о л т а н. Диссаг у. Джеуæрджи ардыгæй нал цæ- уы, цалдæр боны цæуылдæр сусæг ныхас кæнынц... Æрбахызт X ъ æ р æ у, Солтан та амбæхсти. Хъæрæу. Мамсыр мæ æрбарвыста ардæм. Фæцу, дам, Дзерассæмæ мæ номæй, нæ, дам, мæ фæнды йæ аскъæфын, уарзгæ, дам, æй кæнын. Мæгуырæг, уарзон- дзинады йæ дыууæ хъусмæ аныгъуылд. Йæхæдæг нæ уæнды, дзырддзæугæдæр хоны мæн. Кæд, дам, сарæх- сай, уæд нæ уæллаг уыгæрдæн дæу. Цæй, зæгъæм, хуыцау ныддæлæ-уæлæ кодта, æмæ Дзерассæ йæхæдæг ардæм рацыд, цы йын зæгъин, цымæ? Афæлварон... (Кауимæ ныхас кæны.) Дæ... дæ... дæ тæккæ изæр хорз! Бузныг, бузныг, алæудзынæн. Дзерассæ, æз æр- бацыдтæн... Мæн æрбарвыста... Цæвиттон... (Иуварс- мæ.) Фесæфт мæ дзырдарæхстдзинад, ныппырх сты мæ хъуыдытæ. Иу цыбыр дзырдæй, æз мæнæ дæн. (Стыхс- ти.) Ныр мæ цæй гуыбынниз тылдта! Исчи мæ ам уар- зон ныхæстæ кæнгæ куы фена, уæд цы зæгъдзæн? Нуа- зын мæ нæ бауагъта Мамсыр, цæмæй зоны, æнæуи ме ’взаг мæ коммæ кæй нæ фæкæсы. (Уымæ.) Дзерассæ! Ды ныббар, æгæр дæ лæууын кæнын. Дзортт... Дзортт... Дзорттыстæн. (Систа авджы дзаг.) Цæй, дæ нуазæн бирæ. («Иуазы».) Уф! Уф! Хуыцау! Мацы мын кæн æмæ дын мацы кæнон. (Ныфсджынæй.) Амондджын дæ, Дзерассæ, Мамсыр дын йæ мæлæтдзаг цæфæй ферв... ферв...— Хуыцау дæ мауал суадзæд! — фервæзт. Уарзы дæ мæнæй фылдæр, дæ коймæ ^ныфсæрмы вæй- йы. (Иуварсмæ.) Ау! Гъер ацы ныхас иу уыгæрдæны аргъ нæу? Цæуыл кæуыс, цæ? Фырцинæй? Ма ку. Сом- изæр ам уыдзыстæм скъæфджытимæ. Кæуылты дæ афардæг • кæндзыстæм? Мæнæ ауылты... Мæ уд, мæ дзæцц — хъазты чегъре алæууын. Дзерассæимæ «лæгæй 5 Пьесæтæ 65
лæгмæ» аныхас кодтон. Цон Мамсырмæ хæрзæггурæг- гаг. (Азгъордта.)' Рахызтысты Джеуæрджи æмæ Т а м б и. Д ж е у æ р д ж и. Гъе, уæдæ куыд баныхас кодтам, афтæ. Куыддæр адзæбæх уа нæ чындз, афтæ хæсгæ нал, фæлæ скъæфгæ. Уыцы хъуыддаджы сылгоймаджы фæрсын нæ хъæуы... Т а м б и. Бæргæ нæ бакодтаин афтæ, фæлæ æндæр мадзал нæй, фæсфидыд «нæгъгъыл» ныллæууыд æмæ йын йæ хурхыл кард куыд сæвæрон? Джеуæрджи. Худинагæй фервæзтыстæм, табу йæхицæн, ис хуыцау, уый æппæт дæр уыны. Цæй, хæрз- æхсæв. Мауал цу, арвы кæрон нæ цæрын. Разыйæ ацыд, ахызт йæ фæдыл Тамби дæр, джихтæгæнгæ. Тамби (æрбахызт). О хуыцау, мæ чызджы мын цæстуынгæйæ скъæфдзысты, хъæр мæм кæндзæн æмæ йын мæ бон баххуыс нæ уыдзæн. Хъауырбеджы фырты мæ зæрдæйы тугдадзинтимæ чи сбаста, уыцы бон æл- гъыст фæуæд. Уый фынддæс азы размæ уыд. Фондз азы сæххæст уæд Æхсарыл: быдырæй æрбаздæхтæн, уый та уæлæ уыцы уæлхæдзары хъазыд. Мæ размæ «Бæппу», «Бæппу» кæнгæ разгъордта, стæйбынмææр- хаудта. Дæ фыдгул мæ бынаты куы уыдаид уыцы са- хат. Мæ цæстытæ атартæ сты... Куы ’рчъицыдтон, уæд кæсын æмæ Æхсар мæ хъæбысы худы. Йæ цард мæ къухы уыдис æмæ йæ не ’руагътон зæхмæ. Ныр мæ ныхмæ йæ гæрзтæ систа. (Бацыд хæдзармæ.) Солтан (разынд йе ’мбæхст ранæй). Мæ бон нал у ацы кæртмæ æдзух хъуызын. Уæлæ Гыцца, æвæццæ- гæн, Æхсары агуырдта. 66
Фæцæуы æнкъæрдæй, Дзерассæ рахызт, ауыдта йæ. Дзерасхæ. Цыфæнды куы фæуа, уæддæр æй ацы хатт нал ауадздзынæн. Солтан фестъæлфыд, архайы лидзыныл, фæлæ йæ Дзерассæ нæ уадзы. С о л т а н. Ауадз мæ! Дзерассæ. Нæ, нæ! (Хæцы йыл.) Æз зонын, Сол- тан, цыдæр мæ æмбæхсыс. Солтан (иуварсмæ): Фæхудæд мыл дæ зæрдæ, Æхсар, дæ ныхасы сæрты хизын. Дзерассæ. О хуыцау! Цыдæр сдзырдта Солтан. С о л т а н (æрæджиау). Æхсар... Байгом хæдзары дуар, рлхызт Айтег, Солтан æй ауыдта, æрæмбæхст. Айтег (ныггуыпп ласта дуар). Нæ! Цы кæнут, уый уæхæдæг кæнут! Уæхæдæг! (Фæцæуы тагъд-тагъд.) Дзерассæ. Айтег! Айтег! (Разгъордта.) Айтег! Цы ’рцыд? Комкоммæ ма мæм æрбакæс. Цæмæн æм- бæхсыс мæнæй дæ цæстæнгас? А й т е г. Нæ зонын, цы дын зæгъон, ме ’фхæрд хо, нæ дзы барухс уыдзæн дæ зæрдæ. Дзерассæ. Айтег... Айтег. Уым цæуыл ныхас кодтой, уый базонынмæ ма бæлл. Ма мæ фæрс, фæлтау цæугæ-дæ уатмæ, æмæ бафынæй у ахсæв. Рæхджы дæ нал равдæлдзæн уымæ. Фæцæуы. С о л т а н. Цæуын Æхсармæ. 67
Азгъордта. Дзерассæ. Айтег! Ау, куыд сæ бауадздзынæ? Айтег. Нæ хистæртæ ахæм уынаффæ кæм рахас- той, уым мæ бон циу? Ехх! (Ацыд.) Дзерассæ. Айтег! Айтег... ’Солтан! Рахиз, Солтан. Уый Айтег уыди. Солтан, Æхсар кæм ис? Æрбазынд С æ н и а т. С æ н и а т. Æгъгъæд у цæссыгтæн, мæ хъæбул. Дзерассæ. Гыцца, иунæгæй та куы раз- дæхтæ. С æ н и а т. Ма ку. Кæуынæй исты куы уаид, уæд æй æз зонин. Дзерассæ. Цас фыдæбæттæ бавзæрстай мах тых- хæй. Сæниат. Хъысмæт махæй аразгæ нæу, мæ къона. Мæхи хъæбулау дæ уарзтон, фæлæ ацы хъуыддаджы, æвæццæгæн, хуыцау нæ фарс нæу. Дзерассæ. Гыцца! Сæниат. Ма ку, Гыццайы хур, махæй ма æна- монддæртæ ис. (Бацыд сæхимæ.) Д з е р а сс æ. Ис ма æнамонддæртæ, Гыцца. Раст зæгъыс, Æхсар æнамонддæр у. Дидинæгау сыгъдæг зæрдæимæ схъомыл æмæ йыл бахъоды кодтой. Нæ, æгъатыр хъысмæт! Дæуæн нæ бантысдзæн мах фæхи- цæн кæнын. Зарджытæ дæр мыл- скæнæнт, уæддæр цæ- уын Æхсары агурæг. (Фæуайы.) Т а м б и (йæ размæ срæци). Кæдæм? Дзерассæ тыыг ныккуыдта. Æ м б æ р з æ п . 68
ÆХСÆЗÆМ НЫВ Сæпиаты хз?д?ар. Пец. Хъæдыи сынтæг, йæ сæрмæ гауызыл— топп, æхсаргард, хъама. Рудзынджы æдде дыууæ бæласы дзæбæ:: зьшынц. Æрбахызт С æ н и а т бæпдæн æмæ фæрæтимæ. С æ н и а т. Кæдмæ фæраздзынæм афтæмæй? Уæ, нæ удты тæригъæд сæ фæдыл æфтыд фæуа! (Скаст къу- лыл хуызистмæ, райста йæ. Æрбадт Æхсары сынтæ- гыл.) Дæ фыд дæ уындæй нæ бафсæст, дæ авдæны раз- иу йæ зонгуытыл лæугæйæ, дæ бахудтмæ бирæ фен- хъæлмæ каст. Куы мардис, уæд дæ, цæссыг калгæ, йæ хæларыл фæдзæхста... Бæппу дын цы кæнинаг уыд, уый бакодта, Æгкар! Кæм дæ? Кæдмæ ныхас кæндзы- нæн хуызистимæ? Цы хъомыс стæм хуыцауæн? Цæмæн кæм сфыдæх? (Æдде къæхты хъæр ссыд. Сæниат ру- дзынгæй акаст.) Мачи мын фенæд мæ сагъæс, мæ ’цæс- сыг. (Архайы хъæлдзæгæй базарыныл, фæлæ йæ зард хъуысы хъарæггæнæгау.) Æрбахызт Æ х с а р. Æх сар. Гыцца!.. Сæниат. Мæ хъæбул! (Кæрæдзиуыл ныттыхсты- сты.) Æхсар. Гыцца... Сæниат. Æгкар, мæ зæрдæдарæн! Уый ды дæ? Кæм рахау-бахау кодтай æххормагæй? Куыд никуы равдыстай дæхи, кæрдзын дын уæддæр хастаин, уыцы зындзинад та ма мын цæмæн бавзарЬш кодтай? Æхсар. Куыд æнцон мын у дæ цуры, Гыцца. Бæргæ дæм-иу æрызгъордтаин, Гыцца, фæлæ тарстæн, цæрæнбонты цырагъдар кæмæн фæлæууыдтæ, уыдон дыл куы бахъоды кæной, уымæй. Ныр мауал тæрс, Гыц- 69.
ца, фыццаг кæркуасæнты ацæудзынæн, стæй та дæм иуахæмы æруайдзынæн. Сæниат. Хъоды мыл бакæндзысты, уый æз ницæ- мæ дардтон, фæлæ æнæ дæу фенгæ куы амæлон, уымæй тарстæн. Ныр мæрдтæм бацæуыныл дæр разы дæн, мæ иунæг... Æххормаг уыдзынæ, хæринаг дын акæнон. Æхсар. Гыцца! Чысыл уал мæ цуры абад, хæри- наг дæр баййафдзыстæм. С æ н и а т. Абаддзынæн, мæ хур, абаддзынæн, ныр- тæккæ. (Ауад.) Æхсар (рудзынгæй æддæмæ кæсы). Нæ чысыл бæлæстæ цæййас сысты! Цас фæхъазыдыстæм уæ разы! Уыцы бонты зæрдæ цардæй куыд ради! Нæ хъазынмæ- иу мæргътæ фæсындæгдæр кодтой сæ тахт, фæуагъта- иу булæмаргъ йæ зарын. С æ н и а т æрбахызт сугтимæ. Æхсар раздæхт йæ мадмæ. Æнæ мæн куыд цардтæ, Гыцца? Сæниат. Бонæддæдæр кодтон, Гыццайы хур. (Æр- бадтысты.) Æ х с а р. Цæй, цæуыл та æрæнкъард дæ? Сæниат. Æгкар! Æгъдаумæ гæсгæ, ныхасмæ дæ зонгуытыл бацу... Æхсар. Гыцца... Сæниат. О, о, Гыццайы хур, хистæрты размæ дæ зонгуытыл бацу æмæ дын ныххатыр кæндзысты. Æхсар (фидарæй). Кæд нæ хистæрты мæ цард хъæуы, уæд сын æй дæттын, фæлæ мын хæрам фестæд дæ фæллой, дæ фырт искæй раз рæстæй йæ зонгуытыл куы æрлæууа, уæд. С æ н и а т. Цытæ дзурыс, Гыццайы хур?! Æхсар. Ныббар мын, Гыцца, быхс! Зынтыл ахуыр куы дæ. (Æрæвæрдта йæ мады уæрджытыл йæ сæр.) 70
Гыцца! Дæ къухтæ ма мæм авæр. Афтæ дæм нæ кæсы, цыма апы хатт уалдзæг æгæр æрæгмæ цагуы? Сæниат. Фендзыстæм та уалдзæг дæр, Гыццайы хур, фендзыстæм. Æхсар. Фендзыстæм, Гыцца, фендзыстæм. (Æр- фынæй йæ мады хъæбысы.) Сæниат. Æгкар! Афынæй. Цæмæн афтæ хæст- улæфт кæныс де ’рыгон рæуджытæй, мæ фæрстæ дын айхæлой? (Систа йын йæ къух.) Куыд тагъд айрæзты- сты дæ чысыл хæмпус гуккытæ! (Куыд нæ райхъал уа, афтæ арæхстгай йæ кæлмæрзæн йæ сæрæй сыста æмæ дзы Æхсары æмбæрзы. Лæппу фынæй кæны. Æддейы цы- дæр уынæр цæуы. Сæниат арæхстгай сыстад. Рудзынг- мæ бацыд æмæ кæсы æддæмæ.) Дæ-дæ-дæй, мачи йæ фенæд. Æрбахызт тагъд-тагьд Дзерассæ. Уый Дзерассæ куы дæ! Дзераосæ. Гыцца! Ныххатыр кæн, цы кæнон?! Нæ фæскъул чидæртæ зилы... Бынат нал арын мæхи- цæн. Айтег дæр хæстæг нал цæуы... Цы ма фæуон!.. Ныббар мын... Сæниат бакаст, Æхсар кæм фынæй кæны, уырдæм, уыцыр- дæм фæкаст Дзерассæ дæр. Æхсар? (Фæцæуы йæм.) С æ н и а т. Ма йæ райхъал кæн, мæ хур, фæллад у, тынг фæллад... (Дзерассæ фефсæрмы.) Чи зилы уæ фæскъул ацафон? Акæсон сæм. (Сæниат ауад.) Дзерассæ. Хуыцау, Гыццайы дзырд сæххæст кæ- нынæн мын хъару радт. Куыд зæрдиаг фынæй кæны. (Кæсы йæм.) Йæ сæры æнафоны урсытæ фæзынди. 71
Куыд æрæгмæ цыдтæ? О, о, зонын æй, амал нæ уыд. Æгъатыр хъысмæт. Куыд сфыдхуыз кодтай, дæу афтæ бирæ чи уарзта, уый? Кæрчытæ фыццаг уаст ныккодтой. Æхсар базмæлыд. Дзерассæ акаст, фæцæуы. Фæндараст-иу фæу! Дзерассæ дуармæ куыддæр бавнæлдта, афтæ та уасæг ныууа- сыд æмæ Æхсар фехъал. Æ х с а р. Гыцца! Байрæджы? (Ауыдта Дзерассæйы.) Дзерассæ!? (Фæцæуынц дыууæйæ дæр кæрæдзимæ нæ- дзургæйæ.) Æхсар. Хуыцау, кæд фынæй дæн, уæд мæ мауал райхъал кæн! Дзерассæ. Æхсар! Æхсар. Дзерассæ! Тагъд-тагъд æрба’хызт А й т е г. Айтег! Айтег. Аипп ма уæд: æнæ бафæрсгæйæ æрбацыд- тæн, æндæр гæнæн нæй. Сæниат (æрбахызт тарстхуызæй). М’ арт бауа- зал!.. Айтег. Мамсыр фæфæдис Джеуæрджимæ, Сæни- ат, дам, йæ фырты йæ хæдзармæ бауагъта. Æхсар, дæ- хи уал айс, тæссаг у, Сæниатыл дæр куы бахъоды кæ- ной, уымæй. Сæниат. Бузныг, мæ хур, Айтег. Сæниат хъоды- гондæй фыддæр у. А й т е г (акаст рудзынгæй). Уæлæсыхы цыдæр змæлд ис, Æхсар. Цом. 72
Æхсар. Айтег. Дæ риуы ахæм диссаджы зæрдæ ис, уый æз нæ зыдтон. Æхсар æрæнцой кодта Айтегыл, рацæуы, Сæннат йæ размæ æрлæууыд, Дзерассæ тарстхуызæй лæууы. Сæниат. Бакæнæнт мыл хъоды, уæддæр дæ мæ- нæй нал атондзысты. Æхоар. О Гыцца, дæуыл хъоды? Уыцы зындзи- надæн нал бафæраздзынæн æз. Айтег хъахъхъæны. С æ н и а т (æддæмæ). О æгъатыр хъодыгæнджытæ! Сымах зонут, хъоды цы у, уый? Искуы уæ искæйы лæп- пу уазал хохы сæр æххормагæй баззад! Искуы уæ ис- чи йæ цардыл куыдта? Цы аххосджын вæййы, йе ’взонг бонтæ сидзæрæй чи арвиты æмæ йæ мад йæ дзидзи цæссыгтимæ кæмæн фæдары, уый? Уæ цæстытæм уын комкоммæ куы бакæсы, уæд ыл уайтагъд хъоды куы бакæнут. Фæсурут æй, цы хæдзары райгуырд, уырды- гæй, æмæ ныффæдзæхсут: йæхимæ йæ хæстæг мачи ба- уадзæд! Суанг ма йæ мады бон дæр нæу йæ хъæбулы барæвдауын. (Йæ хъæбысы йæ æрбакодта.) Фæлæ сы- мах зонут, уыцы ныййарæг, йæ хъæбулы мысгæйæ, цы хъарджытæ фæкæны, уый? Æхсар. Гыцца! А й т е г. Æхсар, бар мын ратт æмæ дæ нымайон мæхицæн æфсымæрыл. Æхсар. Гыцца! Дыккаг лæппу дын мæнæ. (Йæ хъæбысы ныккодта Айтеджы.) Дзерассæ (кæсы рудзынгæй). ,Сэе цырæгъты рухс зыны уынгты... Æ х с а р. Цæй, Гыцца! Цас зындзинæдтæ дын бав- зарын кодтон! Ныббар. (Йæ хъæбысы йæ ныккодта.) 73
С æ н и а т. Ныббар мын, Æгкар, мæ хур, ды дæр. Æвæццæгæн, дæ хъизæмæрттæ бавзарынæн ныййард- тон. Æхсар (Айтеджырдæм фидарæй). Цом, ме ’фсы- мæр. Айтег. Цом. (Ацыдысты.) Дзерассæ. Æхсар... Æмбæрзæн
ЦЫППÆРÆМ АРХАЙД ÆВДÆМ НЫВ Ногæй та уæлхох быдыр, тæрхæг-дуры раз. Уалдзыгон изæр. Арв у уарынхуыз. Æрбахызт фæлмæстæй С æ н и а т, йæ къухы— лæдзæг. С æ н и а т. Хуыцау! Цавæр зындзинæдтæ ма мын бавзарын кæнынмæ хъавыс, цæуылнæ мæ марыс? Æг- кар! Кæм дæ, мæ хур? Дæ мады дын куы расырдтой хъæуæй, уæд мæм цæуылнæ искуыцæй фæзыныс?.. Дзерассæ фесæфт, агурынц æй æмæ йæ нæ арынц. Нæ чындзыл, дам, цы ’рцыд, уый сымах тыххæй. Ссар, дам, æй, кæннод, дам, дæ æд хæдзар судзæм... Абондæргъы хæхты къахихсыд бадæн æмæ йæ куынæ арын, уæд цы кæнон, куыд ныццæуон хъæумæ? Куыд баззайон ам дæр. (Хъæр кæны.) Дзерассæ! Дзерассæ! Хъуысы дымгæимæ бирæгъы уаст. Паузæ. Æрбазынд X ъ æ * р æ у, лæгæтмæ бакаст, стæй рахызт. Хъæрæу. Нæй ам дæр. (Æддæмæ.) Мамсыр! Аф- тид у лæгæт. Кæд, мыййаг, нæ чындз хохы цъассы бам- бæхсти. Мамсыр (æрбахызт). Нæй? (Агуры лæгæты, ра- хызт.) Цом, басудзæм сын сæ хæдзар. Хъæрæу. Фæлæуу! Сæниаты хæдзар нын никуы- дæм аирвæздзæн, 75
М а м с ы р. Уадз, йæ хæдзары арты рухсмæ агура йæ «чындзаджы». Кæд баиу сты искуы йæ фыртимæ. Цы лæгæты сын æнхъæлдтон, уырдæм фондз æхсты фæкодтон, фæлæ дзы ничи разынд. Хъæрæу. Ды ма лæгæтмæ æхстай, фæлæ æз мæ нæмгуытæ уыдоны æфсонæй иу æхсæлыйы къудзийыл куы фезгъæлдтон... Ницы кæны, мах нæ чындзы ссар- дзыстæм. Æхсарæй рагæй дæр ницы хабар ис, æнæ уый дардмæ нæ ацæудзæн дæ Дзерассæ дæр. (Зæххы ауыд- та хъама.) Кæс-ма, мæнæ хъама! М а м с ы р (уыны йæ). Мæ хъама. Хъæрæу. Кæдæй фæлæууыд ам!.. Сау згæ сси. М а м с ы р. Æри-ма йæ ардæм, æз æй мæ марæджы тугæй ныхсдзынæн. Хъæр æу. Æмæ ма дзы цæй туг ис, уæдæй нырмæ хæхты чи рахау-бахау кæны, уый мидæг? Ды сæрæгас, æнæнизæй баззадтæ. Мамсыр. Цæмæн æй уарзы Дзерассæ мæнæй фыл- дæр, цæмæн? X ъ æ р æ у. Цæмæн? Æз ын цы зонын? Мамсыр. Фыдæлтæй нын цы æгъдæуттæ баззад, уыдон кæй халы, уый тыххæй? Хъæрæу. Дæ зæрдæ мыл фæхудæд, фæлæ дзортт... дзорттыстæн, æз ахæм хъуыддæгты фæстæ Дзерассæйы нал ракурин. Мамсыр. Цыфæнды фæуæд, мардæй йæ куы сса- рон, уæддæр æй хъуамæ æз баныгæнон, æз, æмбарыс? Уый нæ, фæлæ æз! Хъæрæу, цом! X ъ æ р æ у. Цом! (Ацыдысты.) Сæниат (æрбахызт). Уыст! Бирæгътæ æрбацæ- уынц? О ме ’намонд скæнæг! Мæ къæхтæ мæ быны нал цæуынц. (Хъуысы уаст, систа фæрæт.) Уыст! Фæдис! Фæдис! (Сыхъуыст гæрах. Сыхъуыст дыккаг гæрах.) Фæлидзы! (Тасдзинад фæци, Сæниат æрсабыр, æрбадт 76 .
æмæ «охх!», зæгъгæ, ныдздзынæзта.) Чи у мæ ирвæ- зынгæнæг? Цуанæттæ сты, æвæццæгæн. Чидæриддæр дæ, дæ цæрæнбон бирæ, дæ ныййарджытæ дæ уындæй бафсæдæнт. (Ацыд.) Æхсар (æдде). Чи ис ам? (Æрбахызт, йæ къухы— топп.) Сылгоймаджы хъæлæс... Чи уыдзæн, цымæ, уы- цы балбирæгътæ кæуыл^æртыхстысты? Цы фæуыдаид уæдæ Солтан, цæй æрæгмæ зыны? Кæд хъæуы исты æрцыд? Фæзынди" С о л т а н. Солтан! Ардæм! (Æрбахызт.) Цæй æрæгмæцыдтæ ацы хатт, Солтан, мæ цæстытæ дæм куы ныуурс сты. Солтан. Амал нæ уыд, Æгкар, ныр дæр сусæгæй рацыдтæн. Æхсар. Цæуылдæр æнкъард дæ, исты æвзæр ха- бар?.. Солтан (дæтты хызын). Исты уал ахæр. (Сбад- тысты.) Æхсар. Хæрын мæм нæ цæуы. Цы ми кæны Бæппу? С о л т а н. Уæддæр та «Бæппу». Æндæр исчи дæ бынаты афонмæ Бæппуйы... Æхсар (йæ былтæ йыи ахгæдта). Солтан! Макуы- уал схауæд уыцы ныхас дæ дзыхæй. Солтан. Ныббар мын^Æгкар, хистæр дæ, фæлæ номæвæрæг ничи никæмæн уыд? Ард дын хæрын, æз æй раджы багæрах кодтаин. Æ х с а р. Мæн дæр багæрах кæнис? Солтан (фæкуыддæр). Дæу? Ды мæн зæйы бы- нæй скъахтай. Æ х с а р. Мæн та, Бæппу... С о л т а н. Цы?.. 77
Æхсар. Æрыгон дæ ахæм ныхæстæн нырма, фæл- тау-ма зæгъ — федтай Дзерассæйы? Цы хуызæн у Гыц- ца та? С о л т а н. Дзæбæх у Гыцца. (Сыстад, кæсы.) Ныр- тæккæ ам-дæлæмæ фæцæуы. Æ х с а р. Гыцца? (Фестад, фæуайы.) Солтан (уромы йæ). Сабыр у, Мамсыр æмæ Хъæ- рæу уыцырдæм фæцæуынц. Æгкар! (Нæ хъусы.) Æгкар! Æ-х с а р. Гъы? С о л т а н. Дзерассæ фесæфт... Æхсар (тарст каст æм бакодта). Цы? Куыд фе- сæфт? С о л т а н. Абонрайсом, дам, хæхтæм алыгъд. Æ х с а р. Куыд хæхтæм. (Акаст алырдæм.) Солтан (æрдæгхъæлæсæй). Гыцца дæр алыгъд. Дзерассæ, дам, дæ фыртмæ фæцыд æмæ, дам, æй ссар... Кæннод, дам... (Ныккуыдта.) Æхсар. Цъаммартæ! Цы стут сымах? Тæрсынгæн- джытæ? Уæ риуы зæрдæтæ куынæ ис, уæд адæймæгты хуызæн цæмæн цæут? Солтан. Æгкар!.. Æ х с а р. Солтан, цæугæ уæллаг лæгæтмæ, мæ дзаумæттæ уым сты, фæстаг хатт ма сзын кæн дæхицæг æмæ сæ æрхæсс. С о л т а н. Æз ныртæккæ ам уыдзынæн, Æгкар. (Азгъордта.) Æ х с а р. Æз дæм банхъæлмæ кæсдзынæн ам. Æгъ- гъæд, æгъгъæд! Мæнæй уый, утæппæт зындзинæдтæ иу бинонтæн æгæр сты, скæн сын кæрон. (Ацыд, лæгæты размæ æрлæууыд.) Арв — уæрæх, зæхх — стыр. Ау, уæд æз æмæ Дзерассæйы амонд баиу кæнынæн ахæм чысыл цæмæн разындысты? Кæм уа, цымæ, кæд хъæдмæ ба- цыд, мыййаг... Уым бирæгътæ дыууæрдæм куы кæнынц. (Фæаууон.) 78
Паузæ. Æрбахызтысты Дзерассæ æмæ С а ф и а т. Дзерассæ. Æфцæг дард нал у. Цæй, амæй уæл- дæр мауал цу, Сафиат! Бузныг дæ фыдæбонæй. Хи ма- ды зæнæгæй мыл æнувыддæр дæ, чи дын бафиддзæн дæ дзæбæхтæ! Згъоргæ фæстæмæ, Сафиат, кæннод мæн тыххæй ды дæр масты хауыс. Мæ зæрдæ дын зæгъы, æз зынтæ цас федтон, уыййас ды та цин æмæ амонд фен. Сафиат (иуварсмæ). Æхсар уарзы ^дæу æмæ амондджын у — æндæр амондмæ нæ бæллын æз дæр. Фæлæ дæхи æрæмбар. Дзераосæ. Мæнæн æндæр фæндаг нæй, Сафиат. (Фæцæуы.) Сафиат (уромы йæ). Кæдæм, Дзерассæ?! Дзерассæ. Мæ зæрдæ мæ æнæбын цъасмæ фæ- хæссы, фæлæ йæм цæуын, цæуын ныфсджынæй. С а ф и а т. Цы дæ зæгъдзысты?.. Дзерассæ. Цыфæнды зæгъæнт. Æз цæуын Æх- сармæ. С а ф и а т. Бæппу дæ ацыд куы базона, уæд фæ- фæдис кæндзæн. Дзерассæ. Мæнæн уæлдай нал у. Цæй, бата- лынг уыдзæн. Аздæх хъæумæ, Сафиат. Сзындысты А й т е г æмæ ма иу ф æ д и с о н. Ф æ д и с о н. Мæнæ сты, Айтег. Айтег. Кæм? Фæдисон. Мæнæ. Ам лæуу! Æз цæуын адагмæ, Тамбимæ. (Азгъордта.) Дзерассæ (нæ сæ уынынц)-. Цæй... С а ф и а т. Фæндараст фæу, фæндараст. Саламтæ- иу ратт Æхсарæн... Дзерассæ. Бузныг, Сафиат. Цæмæн афтæ фæ- лурс дæ? Цæмæн кæлынц дæ цæссыгтæ донау? 79
Фæдисон (æддæдæрæй). Тамби, ардæм, мæнæ сты... (Нæ зыны.) С а ф и а т. Сæййæфтой нæ. Ауыдтой фæдисæтты. Сзынд А й т е г^дæр. Айтег (æргæпп кодта йæ размæ). Бахатыр кæн, Дзерассæ: Бæппуйæ ахæм дзырд ис æмæ хъуамæ йе ’ссыдмæ ам баззайай. Дзерассæ. Нæ мæ уырны: ды афтæ нæ бакæн- дзынæ. Ды дзы æфсымæр загътай. А й т е г. Дзерассæ! (Уромы йæ.) Хуыцауы хатыр бакæн. Дзерассæ. О, цавæр адæм стут? Айтег. Бафхæр мæ, чи зоны, раст дæ ды, фæлæ Бæппуйæ хистæр нæ мыггаджы нæй, уый ныхасы сæрты ахизын зын у, Æхсары дæр фыдбылызы мауал æфтау. Дзерассæ. Курын дæ, ауадз мæ. Айтег. Дзерассæ, бамбар, æнафон у ныр, искуы дæ бирæгътæ бахæрдзысты. Дзерассæ. Никуы дын ферох кæндзынæн дæ хорз- дзинад, Айтег; мæ амæлæты бонмæ йæ мæ зæрдыл дардзынæн. Айтег (чысыл ахъуыдыйы фæстæ). Цу! Цыфæн- ды мын кæнæнт, цæугæ! Талынджы мацæмæй тæрс, æз дæ иунæгæй нæ ныууадздзынæн. Дзерассæ. Бузныг, Айтег! Ма мыл фæхудæд дæ зæрдæ. (Фезгъоры.) Тамби (рагъæй, нæ зыны Дзерассæитæм). Кæм ис нæ худинаггæнæг? (Фæаууои.) С а ф и а т. Бæппуитæ!.. Айтег. Лидзгæ, æз æй бауромдзынæн. (Айтег ахызт йæ размæ). Дзерассæ. Нæ, уырдæм — нал, сæййафдзысты 80
мæ. Уæдæ хъæумæ дæр — нал, фæлтау мæхи былæй ап- пардзынæн. (Былмæ фезгъоры.) С а ф и а т (хъæрæй). Дзерассæ! Дзерассæ! Дзерассæ былмæ куыд фæцæйхæццæ кодта, афтæ йæ размæ фæци Æ х с а р. Æхса р. Дзерассæ! Дзерассæ. Æхсар! Сафиат иуварс лæууы, фæднсæттæ рагъæй нæ зынынц. Æ х с а р. Цытæ цæуы ам? Дзерассæ. Цавæр зæдмæ кувон, дæу мæ размæ чи рарвыста? Æ х с а р. Чидæр ныхъхъæр кодта дæ ном... Дзе- рассæ! Æз æхсæвæй-бонæй кувдзынæн, дæу ардæм цы æхсидгæ зæрдæ схаста, уымæн æмæ йын цæрæнбонты цырагъдар уыдзынæн. Кæцæйдæр хъуысы хъæр’тæ, змæлд. Дзерассæ. Схæццæ кæнынц... Æхсар! Æз—де ’уазæг, байс мæ бирæгъты дзыхæй. Æхсар. Тæрсгæ М’а кæн, Дзерассæ. Æз сын б’ирæ фæбарстон, фæлæ алцæмæн дæр кæрон ис. Фæдисæттæ сзындысты. Æрлæуут! Æгъатыр хъодыгæнджытæ! Цæуылнæ-иу бакæнут хъоды тыхмийыл? Цæуылнæ-иу фæсурут, би- рæгъау чызг чи аскъæфы, уыдоны тар хъæдмæ, сырд- тæм? Цæмæн калут уæ маст уарзондзинадыл? Æгъгъæд фæуæд! Лæгдæр уæ чи у, уый ма нæ ныхмæ рацæуæд. 6 Пьесæтæ 01
Æз дæн рæстæй хъодыгонд. Мæнæ уый та æнаххос Дзерассæ. Фæдисæттæ цавддуртау фесты. Æхсар Дзерассæйы къухыл ахæ- цыд æмæ ныфсджынæй фæцæуынц. Тамби топп аифтыгъта æмæ ныхъхъавыд Æхсармæ. Солтан (топпы хæтæл иуварс кæны). Бæппу! Æг- кары марыс!.. Сыхъуыст гæрах, Æхсар фæцудыдта. Солтаны цæстытæ басыгъ- дысты топхосæй, æрхауд. Дзерассæ. Æхсар! С а ф и а т. Солтан! (Базгъордта йæм.) Æхсар (сыстад тыххæй). Цы кодтай ды та, Сол- тан? Солтан. Цæф нæ дæн, Æгкар! (Архайы ракæсы- ныл, нал ракаст.) Чысыл мæ цæстыты топхос бакалд. Акодтой йæ, Тамби та ногæй ифтындзы топп. Æ х с а р (цæстыфæныкъуылдмæ дамбаца фелвæ- ста). Æгæр фæтагъд кодтай, мæ номæвæрæг, дыккаг æхст дæу нæ уыди, æгъдауджын лæг куы уыдтæ. Тамби æруагъта йæ хъримаг. Бæппу! Куыд бирæ дæ уарзтон!.. Дæумæ æз хæцæн- гарз никуы систаин, фæлæ йæ кæм систон, уым та йæ уадзгæ нал æркæндзынæн... мæ зæрдæ нал кæсы мæ коммæ... (Сарæзта йæм дамбаца.) Тамби. Æхсар!.. Æхсар. Дæуæн Æхсар нал ис. Дæ рахиз къух хуыскъыл нымай. (Фехста æнæ хъавгæйæ, Тамбийы ра- 82
хиз къухæй топп æрхауд, хъавы та.) Мæ номæвæраёг, ныр та дæхимæ фæкæс! Дзерассæ (Тамбийы йæ аууон бакодта). Амар фæлтау мæн. Æхсар. Дзерассæ, уæддæр нæ фæлæууыдтæ! Цæй лæмæгъ дæ, сылгоймаджы зæрдæ! (Тамбимæ.) Дæ удыл мæ бар нæ цæуы, дæ цæсгомы бар дын æй кæнын. Хъус Джеуæрджимæ, бафсæдут мулкæй! Т а м б и. Æгъгъæд! Æгъгъæд! Фехс! Дыккаг æхсты бар дæу у! Фæци нæ ныхас! Æхсар (йæ цæфыл хæцгæ). Цæмæн? Нæма фæци кæронмæ нæ тох: уадз, иучысыл базоной адæм нæ рæст- дзинад. Чызг æмæ лæппу кæрæдзийы нæ фæзонынц,— сымах уæ мулк гуыбынмæ бафидауын кæны. Дыууæ адæймаджы кæрæдзийы уарзынц,— уый сымах хъуыд- даг нæу. Кæнæ ирæд. Цы аххосджын у, чызджы чи ба- уарзы æмæ йæ бон ирæд бафидын кæмæн нæ вæййы, уый? Цæуылнæ йын фæкæсут йæ зæрдæйы хъæздыгдзи- надмæ? А й т е г. Бæппу! Ныббар мын, фæлæ æз зæгъин мæ дзыхы дзаг: «Марынмæ кæй агуырдтам, уый цæрын ак- каг у!» Тамби. Дæу ничи фæрсы æмæ банцай! Айтег мæсты зылд фæкодта, ацыд, Дзерассæ. Бæппу! Ныххатыр нын кæн. Бирæ нæ куы уарзтай. Барæвдау та нæ фыццагау, курæм дæ дыу- уæйæ дæр. Афтæ-иу куы дзырдтай: «Ахæм заман никуы æрцæудзæн æмæ æз мæ иунæг чызджы ^фæндон ма сæх- хæст кæнон...» Тамби. Мæнæн чызг нал ис, йæ бæсты ма мын баззади маст, ничиуал ис мæнæн, ничи! Дзерассæ (æрхауд йæ уæрджытыл). Курæм дæ дыууæйæ дæр, Бæппу, фыд куы хуыиныс. 83
Æрбазынд С о л т а н, йæ цæст’ытæ æууæрдгæ, ничи йæ уыны. Тамби. Ингæн — хуыздæр, сымах фæндон сæххæст кæнынæй (Æхсармæ.) Залиаг калм мæ роны’куы фæ- дардтаин фæлтау, дæу схъомылы бæсты. (Дзерассæмæ ? амоны.) Акæнут æй тагъд фæсхохмæ Дженардыхъотæм. Æхсар æмæ Дзерассæ фæхизынц айнæгæн йæ цъупмæ. Алидзæнтæ æрцахсут, сæрра сты! М а м с ы р сæм фелвæста дамбаца. Цæстыфæныкъуылдмæ Ай- теджы æхсаргард ферттывта йæ сæрмæ. А й т ег. Дæ дамбаца æруадз, кæннод дын дæ къæх- тæм æртулын кæндзынæн дæ сæр! Мамсыр фæджих. Т а м б и. Лæппу! Нывæр . де ’хсаргард йæ кæрд* дзæмы! Айтег нæ хъусы, йæ цæстытæ цæхæрау æрттивынц. А й т е г (ныкъкъуырдта Мамсыры дамбаца). Æз дын, дæ дамбаца æруадз, куы загътон. Мамсыры дамбаца атахт, сагъдæй лæууы йæ хицау. Æхсаритæ адард сты, нæ уынынц, ам цытæ цæуы, уый. Æхсар! Æхсар ракаст Айтегмæ, схæццæ сты былмæ. Сафиат (тарстæй). Былæй сæхи æппарынц! 84
Æхсар æмæ Дзерассæ, кæрæдзи къухтыл хæцгæ, былмæ фæцæ- уынц. Дард кæцæйдæр фæцыд Сæниаты хъæр: «Æгкар!..» Æхсар æмæ Дзерассæ ма, Сæниаты хъæр кæцæй фехъуыст, уыцырдæм иу каст фæкодтой æмæ сæхи былæй аипæрстой. Цæф арсы богъ нык- кодта Тамби, адæм иууылдæр цавддуртау фесты, æрбахызт мæрдов фæлурсæй С æ н и а т, йæ кæлмæрзæн йæ къухы, афтæмæй. С æни ат. Мæ бон куыд бакалд, кæм дæ, цæй æрæг- мæ мæм зыныс, мæ къона? Фæцæуы йæ размæ Айтег. Айтег. Гыцца... Сæниат тарстæй йе ’ргом фездæхта, йæ фырты номæй йæм чи сдзырдта, уымæ. Чидæртæ азгъордтой, Дзерассæ æмæ Æхсар кæ- дæм ахаудысты, уырдæм. Сæниат, йæ кæлмæрзæн йæ фæдыл лас- гæ, фæцæуы былмæ. Былгæрон ын Айтег æмæ Сафиат йæ цæнгтыл ныххæцыдысты. Уый иу касТ акодта былæй, ныцъцъæхахст ласта æмæ Айтеджы уæхскыл æрхауд, стæй йæ хъæлæсыдзаг ныккуыдта. Сæниат (Тамбийы дзыназынмæ). Ку! Ку! Нал сты уыдон. Нал сын ныхсдзынæ сæ тæригъæд дæ цæссыг- тæй. (Хъуысы æрвнæрæгау йæ хъæлæс.) Нæ, ма ’нхъæл- мæ кæсут, æгъатыртæ! Æз нæ аппардзынæн былæй мæ- хи, не ’рхаудзынæн мæ зонгуытыл уæ размæ, лæгмар- джытæ! Æз цæрдзынæн, цæ^æй уын уæ фыдми уæ цæстмæ дарон!.. Æрбахастой Æхсар æмæ Дзерассæйы, æрæвæрдтой сæ фæрсæй- фæрстæм, Сæниат сыл æрхауд. Мæ хъæбултæ!.. Кæ р о н
ТАЙМУРАЗ ЦЫППАР АРХАЙДЫ
АРХАЙДЖЫТÆ: Т а й м у р а з—25-аздзыд. Д з и ц ц а—йæ мад, 50-аздзыд, Б а т р а д з—Таймура’зы кæнгæ æфсымæр, 25-аздзыд. Г æ с т и—Таймуразы номæвæрæг, 80-аздзыд. Т у г ъ а н—хъæуы хистæртæй иу, 70-аздзыд. Ч а б æх а н— Таймуразы хо^ 20-аздзыд. Агуындæ—- Таймуразы уарзон, 20-аздзыд. Г о с æ д а — Агуындæйы мад, 60-аздзыд. М а р к о в — уырыссаг, географийы ахуыргæнæг, 45-аздзыд. Николаич — йе ’ххуырст, 50-аздзыд. С æ х м æ р з а~ирон æлдар, 55-аздзыд. Хъуыдæберд—- ирон æлдар, 40-аздзыд. Хъазджери — Сæхмæрзайы фырт, 30-аздзыд. С а ф а р —- Сæхмæрзайы æххуырст, 25-аздзыд. Ту з а р — Таймуразты сидзæр лæппу, 12-аздзыд. Ф идиуæ г ) пЖРНЯ } хъæуы цæрджытæ. 99
ФЫЦЦАГ АРХАЙД ФЫЦЦАГ НЫВ Ирон хæххон хъæу Саниба. Нарæг уынг. Иуæрдыгæй -=г Агуьш- дæйы кæрт. Иннæрдыгæй кауын быруйы æдде—Таймуразы кæрт. Уым бады Т у з а р, архайы йæ фатимæ æмæ зары. Æрбахызт Г о с æ д а суджы æргъомимæ. Т у з а р. Æмæ ма Дзцдца кæм’ и, Госæда? Госæда. Æрхæццæ уый дæр, Тузар, мæ хур. Дæ- лæ сисыл банцой кодта. (Бахызт сæ кæртмæ.) Чызг, уæ, чызг! 89
Тузар (фæцæуы Дзиццайы размæ.) Агуындæйы агурыс, Госæда? Г о с æ д а. О, нæ йыл æрхæцыд дæ цæст? Тузар. Донхæссынмæ ацыд. (Азгъордта.) Афон- мæ ссæуы... Госæда. Уыссиу! Хъæрццыгъайы амæттаг фæуат! (Фæаууон.) Æрбахызт Д з и ц ц а суджы æргъомимæ, Тузар ын æххуыс кæны. Дзицца (æрæвæрдта йе ’ргъом). Охх, охх, æна, цæй фæллад бакодтон! Мæ уæрджытæ мæ быны нал цæуынц. Не ’намонд скæнæг хуыцау!.. Хъæд—нæ тæк- кæ раз, афтæмæй авд рагъы фæстейæ та суг хæссæм. Т у з а р. Цæй æрæгмæ цыдыстут, Дзицца? Дзицца. Уæнгæл ын куы фестид, уастæн, Сæх- мæрзайæн, æвналын цы хъæдмæ нæ уадзы, уый! Хуы- цау йæ быны цы сфæлдыста, уыдон сæхи бакодтой Хъуыдæбердимæ Тузар. Сæ мусты цалгай цъынатæ æрцамад- той? Дзицца. Сæхмæрзатæ æмæ Хъуыдæбердтимæ хи барæн нæй, мæ хур, уыдон æлдæрттæ сты. (Кæсы.) Гъæйттæй най кæнынц, сæ бонæй уæнт!.. Кæд фидæны мах дæр фæхъæздыгдæр уаиккам... (Бахызт хæдзар- мæ, ралæвæрдта къæрта.) Цу, Тузар, дæ рын. бахæ- рон, иучысыл дон сдав суадонæй. (Къæрта кæртæй ахизæны æрæвæрдта.) Агуындæ æрбазынд, гогоны дон Дзиццайы къæртайы кæны. Ту- зар æй раййæфта. Т у з а р. Мæхæдæг сдавдзынæн, Агуындæ, 90
Агуындæ. Ницы кæны. Æмæ Чабæхан кæм ис? Тузар. Ацыд хъæдмæ — хуым кæрдынмæ. А г у ы н д æ. Иунæгæй? Тузар. Тайму æмæ Баппиимæ. Мæхæдæг сдав- таин. Д з и ц ц а (рахызт). Бузныг, Агуындæ, мæ хур. Агуындæ аздæхт донмæ. У-у, тæхуды, иу ахæм чындзмæ акæс дæ кæрты!.. Тузар (кæсы). Дзицца! Сæхмæрза æрбацæуы. Д з ицц а. Кæм? Тузар. Цон, лидзон, фæнæмдзæн та мæ. (Ацыд.) Дзицца. Мæ арт бауазал!.. У-у, Лæгты дзуар æй иувæрсты ацæуын кæнæд. (Ацыд.) Сæхмæрза (æрбахызт Хъуыдæбердимæ.) Кæм цы къулбадæджы сæныкк ис, уыдон хъæуы хынджы- лæггагмæ æртардтой. Хъæрццыгъайы ахстон... Алы аз хъалонисджыты масты бафтауы. Хъуыдæберд. Æвæццæгæн та нæ ацы хъа- лонисæг дыууæ боны дæр æвыдæй нæ ныууадздзæн. Сæхмæрза. Судзаг пысыра сæвзæрд нæ хъæуæн йæ тæккæ бæрæг астæу æмæ йе ’стонынæн ницы амал ис. Хъуыдæберд. Судзгæ кæны, судзгæ. Сæхмæрза. Фæлæууæд, æз ын йæ алыварс ба- хуыскъ кæндзынæн, стæй йæ уæд æд уидæгтæ стон- дзынæн. Хъуыдæберд. Æргомæй нæм систа йæ къух, бахуыскъ ын уа! Абон мах уымæн куы ныббарæм, уæд райсом бынтондæр нæ сæрмæ схиздзæн... Сæхмæрза. Галтæн сæ сæрбосыл фидар куы нæ хæцай, уæд фæйнæрдæм хæцынц. Уымæн йæ фæсонæр- хæджы дæр чи нæй, æз ын ахæм æфхæрд бакæндзы- 91
нæн... Уалæ кæмдæр хъæды хуым бакодта æмæ йæ, æн- хъæлдæн, абон кæрдынц, райсом та мæкъуыд мæ мусы уыдзæн. (Худынц.) Хъæугæ дæр мæ ничердæм кæны, фæлæ уадз æмæ зона, æз чи дæн, уый. Хъуыдæберд. Æддæмæ ма уæ исчи ракæсæд! Д з и ц ц а рахызт. Сæхмæрза. Кæм и дæ фырт? Дзицца. Æгас цæут! Сæхмæрза. Дæ фырт йæ фыды кæнон куы кæна, уæд ын йæ хал ахæрдзæн... Иу сем уын сем нæу! Д з и ц ц а. Цы та кодтам? Хъуыдæберд. Цы та кодтат, уый нæ зонут? Йæ хуым ын афæлдæхта дæ фырт. Д з и цц а. Мæ арт бауазал!.. Кæм? Хъ уыдæберд. Хъæды. Д з й ц ц а. Хъæды? Сæхмæрза. Уый йын æгъгъæд нæ фæци, ныр та йæ сау цæсгом батардта æмæ йæм абон кæрдынмæ ацыд. Иæ джиауыр митæй мæм адæмы æркæсын код- та, фæлæууæд!.. Тæккæ а изæр æй æрфæрсдзынæн æз лæгæй-лæгмæ. Акæс-ма уымæ, хуыцауы тыххæй! Дзицца. Загъд ма скæн, дæ рын бахæрон. Сæхмæрза. Къулбадæг у дæ фырт, æмæ йын «макæ» нæ зæгъыс, ды дæр. Чи йын уыди уыцы зонд- амонæг, æмæ нын фыдæлтæй цы рæсугъд æгъдæуттæ баззад, уыдон хала? Искуы дæр-ма уый æрцыд?;. Адæ- мы ардауы, хъалЬн фидын саё нæ уадзы. Æмæ йын уый æгъгъæд нæу, ныр та мын мæ зæхх... Дзицца. Бахатыр ын кæн, дæ рын бахæрон, сы- вæллон сонт у. Сæхмæрза. Цы дзы раласа, уый йæ лæппутæ фендзысты! (Фæзылд æмæ ацыд.) 92
Д з и ц ц а. Дæ фарсæй фæуæд! ХъæДы æрдузтæ дæр йæхи бакодта, бæрц ницæмæйуал зоны. Тæхуды, уый та мæ лæппуйы хъустыл куы ’рцæуа, куы нæ та баурома йæхи, æмæ мын Сæхмæрза мæ иунæгæн исты куы кæна! Уæ, нæ мæгуыр удты тæригъæд фæхæссат, ма- хæн ацы> цæрдтытæ чи æвзарын кæны! Мæ иунæ- гæн мын ныридæгæн сагъæс йæ зæрдæйы бауагътой. Уастæн, цы зæгъон йæ фыдæн, æнæ рæвдыд, æнæ зæрдæрухсæй йæ чи ныууагъта æмæ мæрдтæм чи фæлыгъди! О Мады Майрæм! Куы нйкæмæн ницы кодтам, уæд ахæм æнамонд цæмæн стæм? Госæда (рахызт). Цæмæ та уæм æрбацыди Сæх- мæрза? Дзицца. Не ’намонд-скæнæг хуыцау!.. Сывæлло- нау цин кодта йæ гæппæлыл, уырзæй йын æхсæста йæ хуыр. Афæдзæй-афæдзмæ йын йæ бæлæсты бын- дзæфхæдтæ фæкъахтой Батрадзимæ. Цы та кæндзыс- тæм ныр, Тайму! Мæ дарæг! Фæлтау ма æххуырсты куы цыдаис. Госæда. Цытæ дзурыс! Фæстæмæ та æххуырсты æрвитыс дæ иунæджы? Дзицца. О, æххуырсты, Госæда! Иæ афæдзы мызд нын хъалонваг уæддæр кæнид. Госæда. Æз цы Таймуразы зонын, уый æххуырс- ты нал бацæудзæн. Туз ар (æдде). Цæй-ма, раййаф мæ!.. Г 6 с æ д а (æддæмæ). Тузар! Туз а р. Циу? Госæда. Чызг куы ссæуа, уæд-иу, зæгъ, сугтæ хурмæ рапырх кæн, æз куыройгур ауайон. (Ацыд.) Тузар. Хорз! (Хъуысы Таймуразы зарын.) Д з и ц ц а. Уæртæ æрбацæуы. Мæ фæрстæ йын ай- хæлой, йæхæдæг дæр афтæ куы загъта: «Сыдæй куы мæлон, Дзицца, уæддæр мæ æххуырсты мауал арвйт». 93
йæ цæрынæй-хæрынмæ зындзинадæй цы нæ бавзæрс- та, иу ахæм нал баззад... Таймураз (æдде). Цом уал мидæмæ, Батрадз. Б а т р а д з. Ныртæккæ, мæ цæвæг уал авæрон. Мæнæн дæр хæдзар ис. Таймураз (æрбахызт). Ам дæ, Дзицца? Дзицца. Ам, мæ хур, Таймураз, ам, фестут карст? Таймураз. О, фестæм. Цæуылдæр та æн- къард дæ? Д з и ц ц а. Куынæ дæн. Т а й м у р а з. Æнкъард ма кæн, Дзицца. Райсом мах дæр най кæндзыстæм. Нæ хуымы гæппæлы ахæм хор æрзад, ахæм æмæ тугыл аскъуыд. Дзицца. Æмæ кæй зæхх у, мæ хуртæ, уый та? Таймураз. Куыд кæй зæхх у? Хъæды астæу æр- дуз кæй хъуамæ уа? Цæуылдæр æнкъард дæ, Дзицца? Д з и ц ц а. Куыницæуыл, мæ къона. Таймураз. Уæдæ æнкъард ма кæн, Дзицца. Нæ дыл фидауы... Цæй-ма, схæц де ’уæнгтыл... Афтæ, гъе!.: Д з и ц ц а. Сугмæ уыдтæн æмæ бафæлладтæн. (Райста Таймуразы куырæт, æмпъузы йæ.) Таймураз. Омæ дын цал хатты загътон, сугмæ ма цу, зæгъгæ. Уæртæ нæм зымæгваг куы ис. Стæй уыцы куырæты къæрид мауал рампъуз-бампъуз кæн, цæмæн ма бæззы? (Æрбадт.) Дæхи цы хурхæй ма- рыс? Д з и ц ц а. Бæргæ, исчи мæ куы раивид, мæ хъæбул. Таймураз. Цытæ дзурыс, Дзицца? (Феф* сæрмы.) Д з и ц ц а. Æгъгъæд фæуæд, мæ хур, цуанæн дæр æгъгъæд афон у... Афтæмæй цас фаг суыдзынæ, æз дæр мæ къæхтыл уæ дыууæйы тыххæй цæуын. Ды та хæхтæй дæлæмæ нæ хизыс, ферох нæ кодтай. Таймураз. Нæ, Дзицца, кæмдæриддæр, уон — 94
цæстыфæныкъуылды бæрц дæр мæ зæрдæйæ никуы фæ- цух вæййыс. Дзицца. Дæ фыды æрцыдмæ фæцæр... Таймураз. Мæ фыды æрцыдмæ зæгъыс? Фæцæр- дзынæн, æнæмæнг, фæцæрдзынæн. Гъе, æцæг та йын ахсæв Батрадзимæ уыцы сау бæгæныйæ йæ ном куы ссариккам... Марадз, Дзицца... (Йæ фæстæ.) Гъе стæй цыма уæливыхтæ кæнинаг дæр уыдтæ. (Худынц.) Дзицца (сыстад, фæцæуы). Ныртæккæ, Дзицца- ны хур. (Бацыд мидæмæ.) Таймураз архайы сугтимæ. Тузар (æдде). Агуындæ, Госæда куыроймæ ацыд... Сугтæ, дам-иу хурмæ рапырх кæн... Таймураз. Агуындæ? Кæд схæццæ йæ мады æр- вадæлтæй? Агуындæ. Хорз, Тузар... (Æрбазынд æд къæр- татæ.) Таймураз. Æгас цу, дæ уазал донæй мын куы авæрис. Цæмæн æй ныууагътай иунæгæй? Агуындæ. Кæй? Т а й м у р а з. Госæдайы. Агуындæ. Æмæ сыхбæстæ ам нæ уыдысты? Таймураз. Дæ диссаджы цæстытæ цæмæн æм- бæхсыс мæнæй? А г у ы н д æ. Цæстыты иууылдæр иухызон скодта хуыцау. Таймураз. Нæ, мæ зынаргъ, бирæ æндæр цæс- тыты цур æз уайтагъд раиртасдзынæн уыцы дыууæ бонвæрноны. Арвыл стъалытæ куыд сæрттивой, афтæ сзынынц уыдон дæр дæ даргъ цæстыхауты бынæй. Агуындæ. Ахæм ныхæстæ ма кæн, нæ дыл фи- дауынц... 95
Таймураз. Дзых зæрдæйы дуар у. Чй зоны, мæ- нæн афтæ дзурын дæр ые ’мбæлы... бафхæр мæ. Цæй амондджын уаии! Нæ рацæуид хуыцау дæр нæ ныхмæ ацы хъуыддаджы. Агуындæ. Худинаг у, ам нæ исчи куы фена, уæд. Таймураз. Ау, æмæ-иу æдзух доны был куы хъазыдыстæМ) уæд куы нæ уыд худинаг! А г у ы н д æ. Уæд ма сабйтæ уыдыстæм. Таймураз. Уæд ма сабитæ уыдыстæм... Цæй диссаджы æнæферохгæнгæ бонтæ аззад нæ фæстæ! Уалдзыгон бонау хъаз дæхи фæндиаг, малусæгау рæз æнæмæтæй. Цæй арф фæд ныууадзынц уыцы бонтæ адæймаджы зæрдæйы! Фидиуæг (дардæй). О-о, Саниба, райсом хъа- лонисæн бон у! Нæ фехъуыстон мачи зæгъæд! Таймураз. Гъе, гъе, фыдбоны фидиуæг та нæ къæсæрæй æрбауасыд! А г у ы н д æ. Æз цæуын. (Ацыд.) Ф и д и у æ г (æрбацыд); «Нæ фехъуыстон» мачи зæгъæд, райсом хъалонисæн бон у! Таймураз, «нæ фе- хъуыстон» ма зæгъ! Т а й м у рл з. Дæ хæрзæггурæггаг — мæнмæ. Ахæм цинтæ дыл æмбæлæд. Ф и д и у æг (хъæр кæны). О-о-о!.. Батрадз. Мæнæ ма нæ хъæуы фидауцы федтон! Таймураз, даэ кæртмæ булæмаргъ куы æрбатахт. Цæй, цы æрцыд, цæуыл та æрдиаг кæныс? Фидиуæг йе ’хсаргардмæ февнæлдта. . Æллæх-æллæх, туг ма ныккал, табу — де ’стырдзи- надæн. Ни’чи сæм кæсы, сæ хъалон ист ацы аз куыд фæ- тагъддæр кодтой, нырма нæ хоры муртæ æфснайд дæр нæма фестæм. 96
Таймураз» Афæдзæй-афæдЗмаё д& сау туг кал æмæ дæм цы чысыл фæллой æрбафта, уый та хъало- нæн фид? Сафар (æрбахызт). Таймураз, Батрадз, фехъуыс- тат? Сæхмæрзаитæ сæхи цæттæ кæнынц хъалоч исынмæ. Адæм ныхасмæ æмбырд кæнынц. Т у г ъ а н (заеъд кæны). Хъалонæн æнæ фидгæ нæй. Цæвиттон, хуыцау æмæ æлдæртты фыдæх нæхи- мæ цæмæн здахæм, загъд цæмæн хъæуы? Хъалон нын фыдæлтæй баззад, хуыцау æй сныв кодта. Гæсти. Хъалан махæн фыдæлтæй бæргæ нæ баз- зад, Тугъан, æлдæрттæй нын баззад. Адæймагæн йе ’хсæрфарс куы ныццавдæуа, æмæ йын уый дзуапп куы нæ радта, уæд та йæ дыккаг хатт дæр ныкъкъæрцц лас- тæуыдзæн, стæй фæстагмæ бынтондæр йе ’ккой сбад- дзæн. Цы зæгъдзыстут сымах та, фæсивæд? Фехъуыс- тат хабар? ’Таймураз. Бахатыр кæн, Тугъан, фæлæ Гæсти раст у. Нæ туг нын æхсныфæй нуазынц, сæфтмæ нæ æртардтой. Хынджылæг нæ кæнынц фыдæй-фыртмæ, адæмыл нæ нæ нымайынц. Азым нæм хæссынц, кæй райгуырдыстæм, уымæй æмæ, дам, ирвæзгæ дæр кæнут, цæмæй уæ фæнды, уымæй. Фосыл дæр ма сыкъатæ ис сæхи хъахъхъæнынæн, уæд мах адæм куы стæм. Нæ ны- мæц фылдæр куы у, хъæздыгдзинадæй йедтæмæ тыхæй домбайдæр куы не ’сты махæй, уæд нæ цæмæн хын- джылæг кæнынц Сæхмæрзаитæ? Тугъан. Мæнæ бацæудзыстæм æмæ не ’лдæрт- тæм нæ хъаст’ бахæсдзыстæм, кæд нын фæтæригъæд кæниккой. Б а т р а д з. Цæмæ цæуæм Сæхмæрзаитæм, цы нын 7 Пьесæтæ 97
З&ГъдзЫсТы ногæй? Никæмæй нйцы дарабм æмæ &гъ- гъæд фидæм хъалон! Адæм йæ фарс хæцынц. Тугъан. Гъе, хуыцау, ныббар сын, лæппутæ сты нырм’а! Цы ми кæнут? Цæуылнæ сын исты зæгъыс, Гæсти? Адзурын ницы хъыгдары, Таймураз, Батрадз, мæ хуртæ. Таймураз. Ныххатыр кæн, Тугъан, дæ ныхасы сæрты хизын ацы хатт. Æгъгъæд барæм нæ сæры цæф, худтæ дарæм æмæ нын худинаг у, æгæр нæ ныйиу- гæйттæ кодтой. Тугъан. Æмæ, мæ хуртæ, цы нæ бон у, цы? Таймураз. Куыд цы нæ бон у? Уартæ Уæлла- джыргом сыстадысты æмæ хъалои нал фидынц, мах та сæ нæ сæрмæ схизын кодтам. Тугъан. Ехх, фæсивæд, фæсивæд! Сымах ницы ма федтат царды. Æгæр сонт санчъехтæ ма кæнут! Аны- хас хъæуы семæ. Ау, æппынфæстаг, адæм не ’сты? Нæ нæ бамбардзысты? Таймураз. Ау, ныронг никуыма федтой нæ фæ- сонты хид не ’лдæрттæ? Æви сын нæ куыствæллад къухты тæппæлттæ зындгонд не ’сты? Нæ, Гæсти, Тугъан, æфсæст æххормаджы рис нæ зоны. Чабæхан (кæртæй). Таймураз! Таймураз! (Æр- базгъордта æд æхсы’рфытæ.) Дзицца! Дзицца. Цы кодтай, чызг? Мæ арт бауазал! Таймураз. Цы хабар у, Чабæ? Ч а б æ х а н. Дæ хæдфæстæ Сæхмæрзаитæ уым ба- лæууыдысты æмæ нын нæ хорæй сæхицæн мæкъуыл самадтой. Таймураз. Цы? Ч а б æ х а н. Мæ зæхх, дам, у’ 98
Таймураз. Ау, куыд уый зæхх у? Хъæды цы æр- дузтæ ис, уыдон дæр та уый сты? Б а т р а д з. Æгъгъæд! Алцæмæн дæр барæн ис, фæлæ сæры цæфæн барæн нæй. (Æвналы хæцæнгæрз- тæм, адæм сызмæлыдысты, Батрадз азгъордта.) Таймураз. Уынут? Сымах та нæ худаистæй лæгъстæмæ æрвитут... Нæ, мæ номæвæрæг, бирæгъы дзыхæй стæг æндæр хуызы ласын хъæуы. (Æддæмæ.) Æгæр раджы цин кæныс, Сæхмæрза! (Раскъæфта топп.) Дзицца. Цы сфæнд кодтай, Тайму, мæ хур! Цы фыдбылыз мæм æнхъæлмæ кæсы? Таймураз. Дзицца! Зæрдæ дын бавæрдтон абон дæ кæрты хоры мæкъуыл уыдзæн, зæгъгæ, æмæ æз мæ дзырд нæ фæсайдзынæн. Гæсти. Мацы бæллæх сараз! Мах—дæ мад, дæ фыды уазæг. Таймураз. Ехх, куыд дын амардтæн, Гæсти, сæ- ры цæф барыныл мæ куы никуы ахуыр кодтай! Ма ныл фæхудут, нæ буц хистæртæ! Уæхæдæг — æвдисæн алцæмæн дæр. Дзицца. Мацы сфæнд кæн, Тайму. Иунæгæй мæ ма ныууадз. Таймураз. Ма æфхæр дæхи, Дзицца. Хæрам мын фестæд дæ фæллой, цæйнæфæлтау, ды адæмы астæу дæ урс дадалитимæ æфхæрд æмæ сæргуыбырæй цæуай. Д з ицц а. Тайму!.. Таймураз. Ард дын хæрын, мах нæ хидæйдзаг фæллой не ’знагæн никуыуал ратдзыстæм. Гæсти. Таймураз, ныууадз! Æнæзонд ми нæ ба- кæндзынæ, фæлæ та мæнæ Тугъанмæ дæр байхъусæм. Хуыцауы æмдых сты Сæхмæрзатæ, семæ хъæбысæй хæцæн нæй. 99
Батрадз (æд хъримаг æрбауад). Уæдæ сæ нæ сæрмæ схизын кæнæм? , Гæсти. Уыдон бирæгътæ сты, Батрадз, æмæ сæ хъуыддаг лæбурынæй байдайынц. Фæлæ мах уыдоиы цы фæзмæм? Кад æмæ сæм æгъдауæй бацæуæм, нæ хъаст ракæнæм, чи зоны, Тугъаны загъдау: сæ хорз зæрдæтыл фæуой. Таймураз (йæ хотых æруагъта). Нæ цыд дзæ- гъæлы у, фæлæ хистæртæм кæд нал хъусæм, ахæм дуне ныл ма скæнæд. Бафæлварæм, цомут Сæхмæрза- мæ. (Ацыдысты.) Æмбæрзæн дыккаг ныв Ирон æлдар Сæхмæрзайы уæрæх кæрт, бæрзонд снсын быру. Рæсугъд кулдуар. Зыны хæдзары къул, дуар æмæ рудзгуытæ. Кæрты бæласы бын — бандонгонд. Æрбацыдысты Сæхмæрза, Хъуыдæберд. Хъуыдæберд. Дæхиуыл фæхæц, Сæхмæрза. Иу- дадзыг масты фæдыл цæуын хорз нæу. Сæхмæрза. Куыд мæ хæцын кæныс мæхиуыл, Хъуыдæберд, хъалон куы нæ фидынц? Хъуыдæберд. Йæ бæллæх гъе уый мидæг ис æмæ æгæр бададта дзидзи, стæй иулæг нæу. С æ х м æ р з а. Æмæ ма уыдон цыфæнды кæнæнт, фæлæ а зæрæдтæ та цæуыл сæрра сты? Сывæллоны хъуыст æм кæнынц. Фæлæуут, Таймуразтæ æмæ Бат- радзтæ,- æз уæ æрцахуыр кæндзынæн! Дæ рохтыл дын æрхæцдзынæн, Дзиццайы дзидзидай, æгæр фæхызтæ мæ зæххыл!.. 100
Хъуыдæберд. Сызмæстытæ стæм... Хъуыддæг- тæ ныссуйтæ сты. Сæхмæрза (схызт бандонмæ, кæсы). Цæй .æрæг- мæ зыны лæппу та? Кæд мыл Хамбийы зæрдæ истæ- мæй фæхудт, иу бон фæсивæдæй чидæртæ сæ ныхмæ кæй сдзырдта, уый тыххæй? Ацы Таймуразы тыххæй куы ницы бæллæхты бахауин! Ахиз мидæмæ, Хъуы- дæберд! Сафар (кæрты цыдæртæ архайы). Бон-изæрмæ йын хæрæджы куыст кæнын, уæддæр мын æдзух «лæ- вархор, лæвархор» байдайы Сæхмæрза. Афтæмæй йæхи бинонтæй, фæрæты хъæдыл чердæм ныххæцын хъæуы, уый дæр ничи зоны. Хъæуæй уæлæмæ скаст никæйы уадзы. Мæрддзæст, зыд æмæ кæрæф! Сæхмæрза (рахызт). Кæдæй нырмæ сым-сым кæныс, хуырым? Семæ хъæбысæй куы нæ хæцыс мый< йаг? Нæма ис зынæг? Сафар (æрлæууыд). Нæма. (Бахаста саст сугтæ хæдзармæ.) Сæхмæрза (иунæгæй). Мæ дыууæ æрфыджы астæу мæ æлхысчъытæ кæны. Цы маст та мæм æн- хъæлмæ кæсы, хуыцау йæ зонæг!.. Уæдæ цæмæн æрæг- мæ цæуа лæппу та Биаслантæй? Ницыуал æмба- рын... С а ф а р (рахызт, иуварсæрдæм). Дысонæй нырмæ иу ран нæма æрбадт нæ арс, богътæ кæны, æвæццæ- гæн та кæрдо цæгъдынмæ хъавы. Сæхмæрза (ауыдта йæ). Цы хъуыр-хъуыр кæ- ныс, лæвархор? Ахæсс дæ фæрæт æмæ дæ къодах, стæй хæцаг галы каст кæн. (Кæсы кулдуарæй.) Цы джихтæ кæныс, æфснайд куы иæма фæдæ, уæд? Хæр- гæйæ дæр афтæ куы джихтæ кæнис! С а ф а р (иуоарсæрдæм). Бирæ дæм хæрын!.. С æ х м æ р з а. Уæддæр ма хъуыр-хъуыр кæны! 101
Згъоргæ тагъд мусонгмæ æмæ кæвдæсы хос æрæвæр бæхтæн! С а ф а р. Радтон сын. Сæхмæрза (мæстыйæ). Æз дын уыдоны кой нæ кæнын. Абон Биаслантæн хъалонисæн бон у. Мыййаг нæм дзы исчи куы фæзына, уæд та? Гъы! Ныккæс мæм! Марадз, кæвдæсы сын хос авæр. С а-ф а р. Биаслантæн кæвдæсы хос! (Ацыд.) Сæхмæрза. У-у, хæрæджы сæфтæг, акæс-ма, уымæ. Æдде бæхты къæхты хъæр. А-а, æрбахæццæ дæ, лæппу! Цæй æрæгмæ цыдтæ? Хъазджери (æрбахызт). Афæстиат дæы, баба. Сæхмæрза. Цæй, куыд у? Хъазджери. Табу хуыцауæн... Сæхмæрза. Гъы, æмæ куыд уæддæр? Истæмæй мыл фæхудт сæ зæрдæ Хамбиитæн? Мæ кой сæм уыд? Цы загътой? Хъазджери. Тынг мæсты уыд Хамби. Абон сæ ничи æлбацæудзæн. Æлымбылд, дам, уал кæнут хъа- лон, стæй, дам, уæм мах дæл зындзыстæм. Сæхмæрза. Гъы? Зыдтон æй уайтагъддæр, ай- размæ сыл цы фыд æрцыд, уый фæстæ... Хъазджери. Баба, атæппæт нын иууылдæл уал- тæ Таймулазы аххос сты. Сæхмæрза. Уый у, уый сæ амидин кодта. Æмæ канд Таймураз куы уаид, уæд ма йын лæг бæргæ исты кæнид, фæлæ ма дзы чердæм цы чындæуа? А Гæститæ æмæ Батырадзтæ дæр сæ сæртæ куы систой. Хъаздже’ри. ’ Батладзы кой дæл сæм уы- дис. 102
Сæхмæрза. Цæуылнæ сын загътай, уæхи сау адæмæй дæр сын æххуысгæнджытæ ис, зæгъгæ? Хъазджери. Уый дæл сын загътон, æмæ, дам, сæ нæхи бал уадз. Уыдонæн, дам, сæ удхос мæ алмы дзыхъхъы ис. Сæхмæрза. Биаслантæ мыл сæ арм куынæуал дарой, уæд мын хъæуы цæрджытæ æртасын нал ба- комдзысты. Æгæр мæм уæндын байдыдта уæ Тайму- раз. Иæ цæстыты æрттывдæй йын мæ удхæссæг фед- тон. Бынтондæр йе ’взаг суагъта æмæ ма иннæты дæр ардауы. Сымах дæр дзы лæгтæ стут! Хъазджери. Йæ фенд дæл мын туасы лæхуыс- тæй фыддæл у, баба, ме ’сæфт дзы федтон, фæлæ маст лайсынæн æлæджы никуы у. Сæхмæрза. Кæм и цымæ уыцы дзæгъæлдзых йæхæдæг та? Хъазджери. Таймулаз? С æхм æ р з а. О. Хъазджери. Искуы та цуаны уыдзæн,- æндæл кæм уыдзæн? Уымæн æнæ цуангæнгæ ис? Сыдæй ным- мæлой? Сæхмæрза. Хуыцау æй искуы къæдзæхæй рату- лын кæнæд, йæ мард дæр ын куыднæуал ссарой!.. Нæ мæ фæндыд абон йæ феныы. (Бахызтысты ми- дæмæ). Сафар (фæзынд). Цыдæр тыхстхуыз сты. Цæй, æз цон, Таймуразитæн æй фехъусын кæнон. (Фæцæй- цыд). Æрбахызтысты Гæсти, Тугъан, Таймураз æмæ Бат- радз. Гæсти. Сафар! Фæдзур-ма, мæ хур, Сæхмæр- замæ. 103
С а ф а р бахызт мидæмæ. Тугъан. Хæрзаг æхсызгон ын уыдзæн нæ фенд. Рахызтысты Сæхмæрзаитæ. Сæхмæрза (хын лæгъстæ кæны). О-о, æгас цæут æмæ хуыцауы хорзæхæй хайджын ут! Г æ с т и. Арфæгонд у, Сæхмæрза... Сæхмæрза. Æгайтма æрбацыдыстут, æз та ма уæм æрвитынмæ хъавыдтæн... Сафар, марадз, бандæт- тæ радав Гæстиитæн. Г æ с т и. Нæ хъæуы, бузныг! Батрадз (Таймуразырдæм). Ахæм ма дзы цæс- гом уа! Зæд фестади. Æдде бакæсгæйæ — лæг, мидæ- гæй та—калм. Таймураз. Калмыл — адæймаджы сæр. Сафар æрæвæрдта бандæттæ. Сæхмæрза, Сбадут, Гæсти, Тугъан... Цы ха- бæрттæ ис? Гæсти. Бузныг... Бахатыр кæн, Сæхмæрза, мæ хур, мах хъæубæстæ æрбаминæвар кодтой дæумæ. Тынг зынтæй фидæм хъалон. Хуым бакæнынмæ зæхх махмæ нæй, хос кæрдынмæ — иннæ ахæм. Ам, хохы цъассы, цæмæйдæрты ирвæзæм, нæ бон цы нæу, уый фидæм, нæхи æххормаг ныууадзгæйæ. Мах курæг стæм, Сæхмæрза, æркæсут нын нæ мæгуыр цардмæ, чысыл нын фæкъаддæр кæнут нæ хъалон. Сæхмæрза (хин худт кæны). Табу йæхицæн æр- бауа, хуыцауы æвастæй ницы ис æмæ цы нæ бон у! Фæ- разын ын хæуьц уæллаг кæмæн цы саккаг кодта, уы- мæн. Нæ равзæрдæн куыд не ’стæм хицау, нæ амæлæ- тæн дæр афтæ, æмæ хæссын хъæуы, йе ’ргъомы кæмæн цы баст фæцис, уый. Айфыццаг нæ аудæг Хамби, дуне рафæлдисæг стыр хуыцау ын нæ гыццыл фæллойæ цы 104
хай сныв кодта, уый исынмæ куы ’рбацыд, уæд ын нæ фæсивæдæй чидæртæ смаст кодтой... Хуыцау сæм хуыз- дæр зонд æруадзæд. Гæсти, Тугъан, хистæртæ стут, уæндгæ дæр уæм нæ кæнын, фæлæ уæ æз курæг дæн хуыцауы номæй дæр æмæ мæхи номæй дæр: зæгъут нæ фæсивæдæн, ацы хатт се ’рра зонды фæдыл куыд- нæуал ацæуой, афтæ. Гæсти. Фæсивæд дæр ахæмæй куы ницы загътой. Фæлæ хъалон фидгæ у æмæ йæ фидын хъæуы. Дæхи загъдау, сымах æмæ хуыцау кæй сныв кодтат, уымæн æнæ ’ххæстгæнгæ ис? Фæлæ нын нæ уавæртæм æр- кæсут æмæ нын нæ уаргъ фæрогдæр кæнут, нæ бон æй хæссын куыд уа, афтæ. Т у г ъ а н. Ай-гъай, уæ рын бахæрон. Гъе стæй ца- вæр фæдис у? Фæгæдзæ кæнут, мæнæ нæ фæллойы муртæ æфснайд фæуæм. Сæхмæрза. Хъалонæн нæдæр дарддæрмæ аргъæ-* вæн ис, нæдæр фæкъаддæр кæнæн. Хъалон фиддзыс- тут, ныронг куыд фыстат, афтæ. Т у г ъ а н. Цы гæнæн ис! Тыхы-дон хæрдмæ ласы. Иу- нæг хуыцау ныл йæ бæллæх сæвæрдта æмæ сæвæрдта. Хъуыдæберд. Цæй-ма, Гæсти, мах не ’ппæт дæр фидæм хъалон, истæмæйты сæ фиддзыстæм, амал- джын лæг дæ... Гæсти. Дæумæ ис æмæ ай-гъай фиддзынæ, махи- мæ дæхи барыс? Ничи йæм кæсы? Бафиддзыстæм. Дæуæн дæ рæгъæуттæ æмæ дæ зæххытыл цæст не ’ххæсы æмæ цæуылнæ фидай! Стæй фидгæ та кæд цы кодтат? Далæ Биаслантæ æмæ Тугъанты æлдæрттимæ уæхи сбастат æмæ нын фос фосы бынаты нал уадзут, зæхх—зæххы бынаты. Уæ ратона митæй нал фæразæм. Нæ бон уæ нал у. Иу кусарт дыууæ стыгъды кæнут. Хъуыдæберд (лæбуры). Куыд уæндыс афтæ дзурын? Цы дзæгъ-дзæгъ кæныс? 105
Гæсти. Куыд, куыд з^гътай? Ау! Æз урсзачъе зæронд лæг куы дæн, ды та мæ цуры — сывæллон, уæд мæм цы дзыхы уагæй дзурыс? Сæхмæрза. Зачъе зачъе у, фæлæ хъалон фидын хъæуы! Батрадз. Бахатыр кæнут, Гæсти, Тугъан! Уæ ныхасы сæрты хизын. (Сæхмæрзамæ.) Адæймаг æф- сæрмæй фидауы, сымахæн та уæ цæсгом уæ фыдра- конддзинæдтæй сырх дæр нæ кæны. Мах фыстам сыма- хæн хъалон, кæд уæ æппындæр ницы дардтам, уæд- дæр. Фæлæ сымах æфсис ницæмæйуал зонут æмæ æгæргæнæг та... Хъуыдæберд. Дзеудзæлæй, хистæрмæ дзы аф- тæ куынæ дзырдæуа! Уый та уын уæ хæдæфсарм кæстæртæ! Таймураз. Бахатыр кæнут, мах зонæм аргъ кæ- нын нæ хистæртæн. Ау!.. Гæсти æмæ уын Тугъан уæ райгуырд куы зонынц, хъæуы чъирикувджытæ куы сты, адæмы номæй уæм хатæг куы ’рбацыдысты, уæд сын сæ ныхасæн аргъ куыннæ кæнут? Махæн ис буц хистæртæ æмæ сæ æфхæрын нæ бауадздзыстæм. Сыма- хæн та нæ хистæр ис, нæ — кæстæр. Уæ цæсгом уæ хъæздыгдзинады хуылфы ис. Сæхмæрза. Цæй, æгъгъæд! Мах ма аныхас кæн- дзыстæм. Æз уын уæ зæрдыл æрлæууын кæндзынæн ацы бон. Т а й м у р а з. Æртхъирæн нæм цæмæн кæнут, исты уæ дарæм? Уæ фæллойæ цæрæм, æви цы аххосджын стæм? Сымах дæр — адæм æмæ мах дæр — адæм. Зæх- хытæ уæхи бакодтат, дзыллæйы фосыл нымайут. Ау, æфсæрм нал ис? Сæхмæрза. Мæ хъæубæстыл дæ аудæг ничи скодта, мæнæй сæ фылдæр нæ уарзыс. Т а й м у р а з. Æмæ сæ кæд фылдæр уарзыс, уæд 106
сын сæ фос цæмæн исыс? Цæмæн ниуынц дæ митæй мæгуыр адæм? Цæмæн хъуысы дæ цъæхснаг уисы бын сывæллæтты тарст цъæхахст? Сæхмæрза. Цæй, æгъгъæд! Атæппæт амидин- гæнæг ды дæ, фæлæуу! Таймураз. Иууылдæр дæу аххос сты. Ды ба- кодтай дæхи адæмы зæххытæ. Ды уæй кæныс дæ дзыл- лæйы, дæхæдæг та дæхи хуызæн бирæгътимæ Дай- раны комы алы бон æнаххос адæмы стигъыс æмæ ма- рыс. Фæлæ хæрз дзæгъæлы нæ нымайут адæмы фарн... Лæгдæр уæ чи у, уый-иу рацæуæд хърлон исынмæ. Гæсти. Цомут! (Ацыдысты. Пауза.) Сæхмæрза. Уыдонимæ нæ тæвдæй ницы бакæн- дзыстæм, Хъуыдæберд. Фидиуæг!.. Æз сын ацы хатт æндæр фæнд æрхъуыды кодтон... (Хин худт кæны.) Цин уал кæнæнт, сысджыйы хуыммæ дæр ма боны рад æрхауы. Æрбахызтысты Хъазджери æмæ ф и д и у æ г. Фехъусын кæн Санибайæн, хъалонисæн бон фæстæ- дæрмæ æргъæвд æрцыд, зæгъгæ. Фидиуæг азгъордта. Ха-ха-ха! Зонæнт, æз дæр мæ хъæубæстыл кæй «аудын», уый... Æгæр сдзырдтон Гæстиитæм дæр æрго- мæй. Уадз, ферох кæной хъалон исыны хабар, стæй чи цуаны цæудзæн, чи та — уыгæрдæнмæ, земæ сын афтæ- мæй сæ фосыл ныццæвдзыстæм нæхи. (Худы та.) Хъуыдæберд. Хуыздæр фæндæн æрхъуыды кæ- нæн нæй, Сæхмæрза!.. Фидиуæг (æдде). Гъе, Саниба! Чи хъусы, уый æрбайхъусæд!.. Æмбæрзæн 107
ДЫККАГ АРХАЙД ÆРТЫККАГ НЫВ Уæлхох. Иуырдыгæй зыыы айиæг. Айнæджы сæр—бæлас, бы- нæй — лæгæт. Дардæй зынынц Урс хох æмæ Сау хох. Хъуысы æддозæй зарæг. Батрадз (æдде). Таймураз! (Æрбахызт фæлла- дæй, йæ. къухы—хуыргарчы мард.) Таймураз! Нæй та ам дæр... Кæдæм та йæ асайдтой сырдтæ сæ фæдыл, хуыцау зоны. (Кæсы.) Уæлæ-уæлæ-уæлæ, æрзынд рагъæй!.. О-о-о-о-о-ой! Таймураз (дардæй). О-о-о-ой! Б а т р а д з (ныззарыд): Гъей, гъей, мæ фосы дзугтæ, гъей, Бæрзæндтыл хизут, гъей, гъей, Æмæ уын зарон, гъей... Гъей, гъей, райсом-изæрмæ, гъей, Зилут мæ фæстæ, Гъей, гъей, сойджын кæрдæгыл, гъей. Гъей, гъей, арф комы сæрмæ, гъей, Хæххон сау лæппу, Гъей, гъей, рындзыл æрбады, гъей. Таймураз (хæстæгæй): Гъей, гъей, махæн Батрадз Уæйлаг нымæтыл Гъей, гъей, йæ фос&н зары, гъей. 108
Б а т р а д з. Уый æз? Гъей, гъей, сагæй, сæгуытæй, гъей, Сычъийæ, арсæй, Гъей, гъей, дæ хъавд куы зонынц, гъей. Æрхæссы та Æфсатийы хорзæхæй хай. Æлæ-лæлæ- лæй, хауыс! Кæуылты тæхыс? (Хуыргарк бамбæх- ста.) Æрзынд Таймураз. Т а й м у р а з. Мæ разæй куы фæдæ, Батрадз! Æрæг- мæ кæй цыдтæн, уый тыххæй— хатыр, Иууыл рæдæут- тæй нæ уыд абон Æфсати. (Батрадзмæ æрæппæрста са- джы мард.) Б а т р а д з. Гъе уый номыл фæцыдтæ хохы цъупмæ? Таймураз. Æмæ уагæр дæ цуан та куыд уыди? Батрадз. Арс дын рафæлдæхтон, Таймураз, цъæх арс. Т а й м у р а з. Æцæг? Батрадз. Уæдæ! Иæ дзыхы иунæг дæндаг дæр иал ис, ахæм арс. Таймураз. Кæм и? Б а т р а д з. Уæртæ йæ, куыннæ сæвзæр уа, афтæ дуры аууон æрæвæрдтон. Таймураз (ауыдта хуыргарк). Хуыцауы тых- хæй, æмæ йæ фæразгæ та куыд æркодтай? Батрадз. Зиу æм ракодтон. (Худынц.) Дæлæмæ дæр, уæлæмæ дæр — хуыргарк. (Цæгъды уадын- дзæй.) Таймураз (кæсы). Куыд рæсугъд у ацы ран! Уалæ кæсыс, Батрадз? Бæрзонд хохы цъуппытæ, фы- дæлтыккон бæлæстæ, æмæ ма суанг алы тихалæг дæр æмбарынц мах. (Æрхуыссыд кæрдæгыл.) Ехх, цæй 109
дисСаг Д&, царД, кæД дæм цыфæнДы зынДзйнæдтаё йс, уæддæр цæй хъæздыг дæ циндзинæдтæй дæр! Цæй амондджын скæиыс иуæй-иухатт адæймаджы! Сисыс æй бумбулиау дæ уæлныхты, йæ уæнгты йын бауа- дзыс ахæм ныфс, æмæ цæттæ вæййы уæйгуытимæ ра- хæцынмæ дæр! Б а т р а д з. Дæ ныхæстæ дæ уæлæрвты фæхæс- сынц-, Таймураз. Фæлæуу, фæлæуу, æрдзы æфсон æй ма кæн, ам канд уый нæу аххосджын, схъæргæнæи нæй уыцы сусæг фæндагæн? Чи зоны, æмæ ма искæйы дæр бафæнда уырдæм стæхын. Таймураз. Дысон изæр ыл фембæлдтæн... Б а т р а д з. Кæуыл? / Таймураз. Афтæ мæм касти, цыма нæ алфамбы- лай æрдз фæхъус... Йæ мидбылты бахудтмæ цъæх кæрдæгæй алыхуызон рæсугъд дидинджытæ сæ буц сæртæ сдардтой. Куыд арф ахъардта йæ уарзон мид- былты бахудт ме ’уæнгты!.. Уый уыд æнæкæрон рухс дуне. Батрадз. Мæ рахиз къабаз лыгмæ дæттын æмæ мын йæ ном зæгъ. Т а й м у р а з. Тынг дæ фæнды йæ базонын? Б а т р а д з. Фæмæлын фырцымыдисæй, тагъддæр! Таймураз. Кæд æй ныронг нæма базыдтай, уæд ныр байрæджы. Чи зоны, иу æмæ дыууæ хатты нæ кафыдтæ йæ цагъдмæ, йæ Диссаджы... Батрадз. Æгъгъæд! Агуындæ нæу? Таймураз. О, Агуындæ... Батрадз (йæ рихи йын сивæзта). Ничи йæм кæ- сы, ничи! Раздæр мын куыд^ницы загъта, йæхи куыд ныхъхъус кодта. Æрдз, дам... фæхæссы мын æй уæлæрв- ■ ты. Æз иттæг разы дæн, мæ рахиз къабаз кæй тыххæй лæвæрдтон, уый Агуындæ кæй разынд, уымæй. Таймураз. Æцæг? 110
Б а т р а д 5. Æцæг. Микуы дын æй бауабнДыдтЗёй зæгъын, Таймураз, уымæн æмæ дæ фæнд дæ зæрдæйы æмбæхстæй дардтай. Никуы уæ федтон, нæдæр ныхас- гæнгæ, нæдæр иумæ лæугæ, фæлæ уыл-иу цæмæндæр гуырысхо кодтон. Уыгæрдæнмæ цæугæйæ-иу дыл Агуындæ куы амбæлд, уæд-иу куыд уæнгрогæй карс- тай хос! Уыцы бон йедтæмæ-иу мыл никуы фæуæлахиз дæ. Науæд Агуындæ та? Иунæгæй-иу куы ’рыздæхтæн уыгæрдæнæй, уæд-иу цикъæйæ фæлурсдæр ныцци. Мæнмæ афтæ каст, цыма йæ рæсугъд ’сау цæстытæ æдзухдæр дæу агуырдтой. Таймураз. Ехх, Агуындæ!.. (Батрадзы цонгыл æрхæцыд.) Батр адз. Фæлæуу, фæлæуу, æз Агуындæ нæ дæн Дæ бонæй у!.. Ды дæ амонд ссардтай... Фæлæ... (Фæкъуылшмпы.) Таймураз. Цыдæр зæгъын ма дæ фæндыд. Кæд мын ды дæр дæ цардæмбалы кой кæнынмæ хъавыс, йе та мæ æдылы хоныс ме ’нæрхъуыды ныхæсты тыххæй. Б а т р а д з. Æнæрхъуыды ныхас дæуыл фидаугæ дæр не ’скæнид, æвæдза. Мæ хъуыды та мын раст бам- бæрстай, кæйдæр кой кæнын дын уыд мæ зæрды, фæ- лæ нæ зонын... Таймураз. Æз загътон дæуæй æфсымæр, ма мæ бамбæхс дæ фæндтæ... Б а т р а д з. Æнæнхъæлæджы бахаудтон зын раны, уарзæн кæмæн нæй, ахæмы бауарзтон. Таймураз. Сомы дын кæнын: ахæм нæй, æмæ уарзæн кæмæн нæй, кæд аккаг у, уæд. Б а т р а д з. Уарзын аккаг та куыд нæу, фæлæ ме ’уæнгтæ болат рæхыстæй баст сты... Таймураз. Уарзондзинады болат рæхыстæ нæ уромынц... Мæн иттæг зæрдиагæй фæнды дæ царды ///
д&хицæи æмбал куы ссарис, уый. Фæлæуу, фæлæуу, не ’лдæрттæй макæй хойы бауарз? Б а т р а д з. Æлдары хо куы разындаид -фæлтау, фæлæ уый баст у æрдхорд æмæ æмгары рæхыстæй. Дæу аххос уыди, фæлтау мæ куы нæ акодтаис ибон де- мæ Кæсæгмæ. Таймураз. Мæ кæсгон æфсымæр Барысбийы хо ма уæд? Б а т р а д з. Гъе уый у. Т а й м у р а з. Залихан? Батрадз. Залихан... Ард йæ къонайы, фыдбылы- зы мæ баппæрстай. Таймураз. Ахæм фыдбылызтæ-иу ныл цæуæд æдзухдæр. Ничи йæм кæсы, ничи, раздæр мын кущ ницы загъта, йæхи куыд ныхъхъус кодта! (Хъыдзы йæ кæны. Батрадз къæдзæхмæ сгæпп кодта.) Батрадз. Таймураз, лæгæн йæ лæмæгъ бынатмæ макуы хъав. Мæ царды хъыдзыйæ тынгдæр ницæмæй тæрсын. (Къæдзæхæй кæсы} хъуыдытæ кæны.) Таймураз. Æгæр ма хъуыды кæн, науæд кæм дæ, уый дæр дæ ферох уыдзæн æмæ къæдзæхæй атул- дзынæ... (Худынц.) Батрадз. Гъы, гъы, дæ хъустæ бахъил кæн, ме ’ххуырсты мызд дæуæн куыд баззайа, афтæ! Т а й м у р а з. Бирæ дзы ныууадздзынæ! Б а т р а д з. Цасфæнды уæд, хъалонæн сæ дæттын нал хъæуы, хъуыстай Сæхмæрзайы фидиуæгмæ? Таймураз. Фидиуæг циу? Сæхмæрза Гæстимæ хатыр курæг кæй бацыд, йæхи хъæуыл аудæг кæй скодта, уый дæм диссаг нæ кæсы? Уæллæй, нæ зонын, Батрадз, бирæгъ йæ кæнон зæнгыл дæр ныууадза... Æдде уынæр. Б а т р а д з. Кæс-ма; абоны стай! Таймураз. Стай? //
Азгъордтон. Фæзыид М п р к о в Марков. Николаич, ардæм, ардæм! Дæлæты рацу. Фæндаг амонæгæн зæгъ æмæ-иу нæм æртыццæджы фæ- зына. (Лæгæтмæ бакаст.) Гъе, гъе, ам нæ размæ чи- дæр уыди! Николаич (æрбахызт). 'Цæй бæрзонд у ам! Ге- оргий Александрович, цымæ ацы ран адæймаджы къах искуы уыд? Марков. Алы бон дæр, Ииколаич. Уартæ уыдон та дын хæххон хъæуты уыгæрдæнтæ. Николаич (иуварсæрдæм). Адон та махæй — мæ- гуырдæр. Хуыцау бахизæд, алы аз уæртæ уыцы къæдзæхты сæрты хос тихалæггай æмбырд кæ- нын. Марков. Цы гæнæн ис, мæ хæлар, уыдон дæр се ’ппæтмæ нæ хауынц. Æри-ма картæ. (Райста йæ æмæ йыл цыдæр бæрæггæнæнтæ кæны.) Диссаджы рæсугъд. ран, дзæнæт у æмæ дзæнæт ам нывгæнæгæн! Рæсугъд- дæр ма цæмæ бакæса адæймаг! Уæлæ Хъазыбеджы хох, Хъæриу. Кæс-ма, уæртæ уыцы къæдзæх бæрæггонд нæу картæйыл. (Архайы картæимæ.) Дæлæ Саниба, арды- гæй ныххизæн ис Куырттаты ком æмæ Уæлладжыры коммæ. Арвы ком галиуырдыгæй баззад. Николаич. Диссаджы лæг дæ, Георгий Алексан- дрович... Суанг адæймаджы къах кæдæм нæ хæццæ кæ- ны, уым цавæр маргъы мыггæгтæ, цавæр сырдтæ, бæ- лæстæ, дидинджытæ, зайæгойтæ ис, уыдон .иууылдæр куы зонис, уый дæ фæнды. - Марков. Цы гæнæн ис, Николаич, мах сомбоны сæраппонд кусæм. .Ехх, зæронд, нæ фыдæбæттæ фидæ- ны фæлтæрæн исты пайда фæуыдзысты, зæгъгæ, лæг куы ахъуыды кæны, уæд зæрдæ цинæй байдзаг вæй- йы! Фæлæ уал ныр зындзинæдтæ æмæ фыдæбæттæ 8 Пьесæтæ 113
фæсте аззадысты... Йу-цалдæр боны ма, æйæ —нæ- химæ. Николаич. Нæхимæ зæгъыс? (Фырцинæй кафы.) Ехх, нæхимæ, нæхимæ! Марков. Æнхъæлдæн, стыхстæ хæхты сæрты ме- мæ рацу-бацу кæнынæй. Н и к о л а]и ч. Цытæ дзурыс, Георгий Александро- вич. Æз æхдÆст кæнын мæ хæс. Уымæй уæлдай ма мын æхсызгон у, дæ размæ цы хъуыддаг æрæвæрдтай, уый дæ къухы кæй бафтыд, уый. Топпы гæрах фæцыд. , Фæлæ тагъддæр куы кæниккам, уæд хуыздæр уаид, тæссаг у ам. М а р к о в. Цæмæй тæссаг у? Николаич. Сыхаг хъæуты дзырдтой, зæгъгæ, ацы комы чи фæцæуы, уыдонæй дæр Хъобан æмæ Саниба- йы æлдæрттæ фæагурынц ууылты цæуæггаг æмæ та ибонау искуы нæ размæ исчи куы бабада? Гæрах фехъуыст хæстæгæй. М а р к о в. Ногæй та гæрах? Н и к о л а и ч. Цымæ цæй гæрæхтæ уой? М а р к о в. Цуанæттæ сты, æвæццæгæн. Николаич. Кæс-ма, чидæр стай фæцæф кодта. Марков. Стай? (Райста топп.) Хъыг куы уа цуа- нонтæн... Цæй, уæд та... (Азгъордта, фехста.) Николаич (æдде). Æрхауд, Георгий Александро- вич, рауай, йæ царм ын астигъæм. (Æрбадтысты.) Марков. Нæ хъæуы, Николаич, ардæм. Æнхъæл- дæн, хорз нæ бакодтам, федтай цуанæтты? Сырд уы- доны у, æнæмæнг. 114
Æрбахызтысты Таймуразитæ. Таймураз. Цы нæ фаг кæны цымæ æлдæрттаен та сæ лæгъз быдырты, æви бынтондæр мах дуртæм æр- хаудтой? Марков. Æнæзонгæ адæймагмæ æваст мæсты кæ- нын хорз нæу, сахъгуырд. Таймураз. Хæрзæмбæлæг ут æмæ æгас хæдзар ссарут! Фæнды мæ базонын, чи фæкодта сырды мемæ æмцæф, мæгуыр лæджы бирæ нæ хъæуы, фыдæй йын нæ баззад. Нæ базыд кæндзынæн уæдæ æз дæр, бафи- даудзыстæм. М а р к о в. Бафидаудзыстæм, æнæмæнг бафидаудзы- стæм, фæлæ, дæхи загъдау, нæ хотыхты нæмгуытæ иу сырдыл сæмбæлдысты æмæ уал базонгæ уæм. Георгий Марков. (Йæ къух ын исы.) Таймураз. Таймураз мæ ном. Б а т р а д з (йæ къух ын исы). Бузныг! Таймураз (Марковмæ). Чи стут, уагæр? Цы ’взагыл уын раттæм салам? Марков. Мадæлон æвзагыл. Мах рагæй стæм Кæ- сæг æмæ Ирыстоны. Архайæм Кавказ бæлвырд базо- кыныл, стæм уырыссæгтæ. Та й м у р а з (Батрадзмæ). Уырыссæгтæ? Хуыцау нæ амондджын бон фембæлыи кæнæд. Бар нын радт, цæмæй дæ нæ уазæгыл нымайæм, уымæн. Рæстдзæф дæ, куыд кæсын, афтæмæй ивгъуыйгæ нæ кæныс. Сырд амардтам иумæ æмæ дын фысым’стæм. Марков (æркаст сахатмæ). Стыр бузныг, фæлæ мах æндæр бынат ссардзыстæм. Таймураз. Æнафон у ныр, кæдæм ма фæцæу- дзыстут? Къахвæндæгтæ пыхсыты бын фесты. М а р к о в. Нæ мæ фæндыд искæйы хъыгдарын. Таймураз. Цытæ дзурыс? Уазæг — хуыцауы уа- 115
зæг. Уе ’хсæв арвитдзыстут махимæ. Æхсæвæр æмæ аходæн бахæрдзыстæм иумæ, стæй уæд уæ балцы кой дæр кæндзыстут. М а р к о в. Николаич! Цæй, уæд та... Таймураз. Батрадз, ма фæзивæг кæн, дæ хорзæ- хæй, нæ уазджыты саджы фыдæй хорз фенæм. Батрадз. Ныртæккæ физонджытæ цæттæ уыдзыс- ты. (Ахаста бæлццæтты дзаумæттæ лæгæтмæ.) Николаич. Цæуон, æз та стайы царм астигъон. Таймураз. Æз дæр дæм фæкæсдзынæн. (Ацыды- сты.) М а р к о в. Йæхи бар æй уадз, зæронд цуанон у Ни- колаич, уый йæ^ цæстыфæныкъуылдмæ астигъдзæн. (Зары.) ’ у Æрбацыд Таймураз. А-а, уый ды куы дæ! Мæ хъуыдыты адзæгъæл дæн. Мæ зæрдыл æрбалæууыд Петербург, мæ райгуырæн бæстæ, рагæй дзы нал уыдтæн. Афонмæ мæ, чи зоны, мардыл банымадтой. Таймураз. Бафæрсын ’аипп ма уæд, цы хур, цы къæвда уæ æрбахаста ардæм? М а р к о в. Цæмæн у аипп бафæрсын? (Æрбадтыс- ты.) Æз дæн географийы ахуыргæнæг, æгас дунейы зæххы уæлцъар куыд арæзт у, уый базоныныл арха- йæг. Т а й м у р а з. Ды дæр зæххы уæлцъар ахуыр кæ- ныс? .Æвæдза, уый æлдæрттæй хуыздæр зындгонд ни- кæмæк у, халæттау се уæны кæсынц. Искуы хорз мæ- нæу æрзайæд, уыййедтæмæ йыл уайтагъд мæтыхтау амбырд вæййынц. Хъалон исын афон куы ’рцæуы, уæд хъамылы бын фæндæгтæ дæр ссарынц. Хосгæрдæнты нæ фарсмæ. цæвæгджын никуы æрбалæууыд, ссивæнты 116
халамæрзæнджын — иннæ ахæм, афтæмæй нын фæззæг нæ фæллой æввонгæй астигъынц. Фæлæ дын раст куы зæгъон, уæд уыдон дæ хуызæн фистæгæй нæ хырхынц, стæй сыл топп куы ныццæвай, уæддæр дæуау иунæгæй нæ ацæудзысты. , ^ - М а р к о в. О. Тыхгæнæгæн йæ фæндæгтæ хицæн сты. Тыхми æмæ ахуырадæн иумæйагæй ницы ис. Æл- дар хъæрццыгъайау йæ холымæ зыд кæны æмæ тæр- сы... Æз та цæмæй фæтæрсон, æлдар нæ дæн, æз ахуыр кæнын, æрдзы цы хъæздыгдзинæдтæ ис, уыдон, ссарын сæ æмæ сæ хæццæ кæнын адæммæ — райгуырæн бæс- тæм. Гъеныр мæнæ ацы хох картæйыл бæрæггонд нæу. Чи зоны, уым ис æфсæйнаг. Уый куы ссарай, уæд дзы саразæн ис бирæ кусæндзауматæ æмæ адæмæн фен- цондæр уыдзæн фæллой кæнын, цæрын. Чи зоны, нæ хæдфарсмæ искуы ис, уæрдон кæ’м атулдзæн, ахæм фæндаг, мах æй нæ зонæм æмæ хæхты цъуппытыл уд- харæй мæлæм. Науæд, зæгъæм афтæ: дардæй дæм кæ- цæйдæр зыны, цыма арвгæрон мигъ зæххыл æнгом ныббадт, афтæ. Цæуыс, цæуыс, æмæ йæм куыд хæстæг- дæр кæныс, афтæ уый дæр стырæй-стырдæр кæны. Ба- хæццæ йæм дæ, æмæ мæнæ дæ разы денджыз абухы. Чысыл урс стъæлф фурд фестадис. Чи йæ ссардта, уый йæ адæмæн балæвар кодта йæ бирæ цæрæгойтæ æмæ фæндæгтимæ. Мах бæстæйы та фæндæгтæ бирæ хъæуы иннæ адæмтимæ базарад кæнынæн. Таймураз. Зæгъ-ма, Уæрæсе стыр у? Марков. Чысыл нæу. (Æвдисы картæ.) Мæнæ дыи ай Уæрæсе, далæ дын уый та Ирыстон. Таймураз. Уæд мæнæ ацы хъулæттæ та цы сты? М а р к о в. Адон — денджызтæ, Турк, Перс. - Т а й м у р а з. Æмæ мæнæ уæ алыварс чи ис/ уыдон уæм нæ лæбурынц? Марков. Лæбурынц. Хæрз æрæджы туркæгтæ æр: 117
б&бырстой æмæ сæ хæдзар «сарæзтой», æвæццæгæн, сæ цæргæ-цæрæнбонты дæр никуыуал æрбакæсдзысты нæ арæны сæрты. Таймураз. Цы хорз у адæмы зонын, дунетыл хæ- тын, семæ хæларæй цæрын! Уый у стыр амонд. Мах ам хохы цъассы æлдæртты над. æмæ сырдты йедтæмæ уынгæ дæр ницы кæнæм... Кæд базондзыстæм мах та, амонд циу, уый? Хæстæг нæм æй нæ уадзынц не \лдæрт- тæ, йæ бæсты нын æнауæрдонæй фыдбылыз хæссынц, цагъары къæлæтты бын нæ ныккодтой, фæлæ мах уыр- ны: амонд ис... М а р к о в. Амондыл кæй æууæндут, уый хорз у. / Николаич, заргæ, агайы ц&рм æрбахаста. Замманай царм!.. Таймураз. Ныббар, Георгий, фæлæ æнæзонгæ лæджы нæмыгимæ мæ нæмыг сырдыл фыццаг хатт сæмбæлд, æмæ дын æй лæвар кæнын. Марков æй раздæр нæ куымдта, стæй йæ райста. Марков. Бузныг, уый иттæг хорз лæвар у Уæрæ- сейы географийы ахуыргæнджытæн. (Иуварсæрдæм.) Николаич, ибон нын кæй кой кодтой, уыцы Таймураз ма уæд?.. Сырды мард æмæ мын йæ ном мæ зæрдыл æрлæууын кодтой иу хабар. Ацы хæхты, дам, кæмдæр цæры иу номдзыд цуанон, уымæн дæр йæ ном — Тай- мураз, кæд уын зын нæ уыдзæн, уæд байхъусут. Иу уалдзыгон райсом Таймураз цуаны ацыд. Бон- изæрмæ фæцуан кодта, фæлæ йæ цæст тæрхъусыл дæр не ’рхæцыд. Хуры йæ аныгуылынмæ бирæ нал хъуыд. Таймураз сфæнд кодта йе ’хсæв рындзыл арвитын. Уым 118
баззад, уæдæ цы! Дыккаг бон рафæлдæхта сæрджын саг дæр, фæлæ куыддæр физонджытæ кæныныл .æрбадт, афтæ йыл- дыууæ æлдары æрбафтыдысты. — Бæрст куывд уай, лæппу! — æрдзырдта æлдæрттæй иу.— Дæ- лæмæ æрхизут æмæ уæ саджы физонæгæй хорз фе- нон,—дзуапп радта цуанон.— Дæ саджы мард дæр мах куы у æмæ дæхæдæг дæр,— фæхъыг ис æлдæрттæн, хо- нынмæ сæм йæ ныфс кæй бахаста, уый, æмæ йæ сæ хистæр æрæхста, фæлæ йæ февгъуыдта. Таймураз æм фæцарæхст, æмæ йæ æрфæлдæхта. Иннæ æлдарæн фыр- тæссæй йæ хъримаг йæ къухæй æрхауд æмæ йæ хъæ- лæсы дзаг ныхъхъæр кодта:—Иунæг хуыцау дын æй ма ныббарæд, куы фехсай, уæд! Ныххатыр кæн зæронд сæлхæрæн, уæздан гуырд куы дæ! — Иу ма нæ хъæргæ- нæг уæд та ныууадз! Гъемæ, дам, ын Таймураз фæтæ- ригъæд кодта æмæ йæ ауагъта. Батрадз. Нæ, уый афтæ нæ уыд, тæригъæд ын фæкодта, уый тыххæй йæ нæ ауагъта. Æгæр стыр маст дзы бацыди хъал уазджытæй. Уыцы цуанон æфхæрд кæмæй зоны, уыдонæн тæригъæдгæнаг нæу, уый йæ æндæр цæйдæр тыххæй ауагъта... М а р к о в. Уæдæ цæй тыххæй? Б а т р а д з. Мæнæ йын йæхи бафæрс. Т а й м у р а з. Æз æй уый тыххæй ауагътон, æмæ мæм, фыццаджыдæр, худинаг фæкаст æнæхæцæнгарз адæймагыл фæуæлахиз уæвын. Дыккагæй та, æнхъæлд- тон, кæд æппын бамбариккой æмæ нын алы бон нæ фæллоймæ кардæлвæстæй нал лæбуриккой. Бирæгъ йæ кæнон зæнгыл дæр нæ уадзы, фæлæ мах дæр, знаджы уынгæйæ, нæ кæрдтæ сæ кæрддзæмтьГнæ сызгæ кæн- дзыстæм. Николаич. Таймураз? Марков. Бар мын ратт, дыккаг хатт дæ къух рай- С]ынæн. Саккаг кæн уæдæ ды та ацы лæвар мæнæй, уы- 119
рыссаг хæцæнгарз, нæ дæ фæсайдзæи бахъуаджы са- хат. (Дæтты дамбаца.) Т а Ъ "м у р-а з. * Цæсты гагуыйау~ хъахъхъæндзынæн дæ лæвар æмæ йæ каеддæридд&р мæхицæн нымайдзыг нæнныфсыл... Б а т р а д з (разынд). Цæй, фынджы уæлхъус фæ- уыдзыстут уæ ныхас. Æхсæвæр цæттæ у, физонджытæ уæм æнхъæлмæ кæсынц. Таймураз. Цом, Георгий, ахизут мидæмæ. Бахызтысты. Паузæ. Чысыл фæстæдæр æрбазыидысты X ъ у ы- дæберд, Хъазджери æмæ сæ ф н д и у æ г. Хъуыдæберд. уЦы фæуыдаиккой уæдæ уыцы дыууæ уырыссаджыг Хъазджери. Цыфæнды куы фæуой, уæддæл сæ ссалын хъæуы. Æнæ бастигъгæ сын нæй. Фæстæмæ аф- тидæй нæ аздæхдзыстæм. Фæлæ цымæ цы агулынц ам? Хъуыдæберд. Мæ хъустыл куыд æрцыд, афтæ- мæй хæхты бæрзæндтæ барынц, кæм цы фæндаг ис, уый бæрæг кæнынц. Фæлæ уыдæттимæ мах ницы хъуыд- даг ис. Цы сæ байсæм, уый — нæхи. X ъ а з д ж е р и. Хъуыдæбелд, лæгæты чидæл ис. Хъуыдæберд (бакаст). Ам сты. Æрæмбæхсут, уæртæ йæхæдæг дæр рацæуы. Марков (рахызт, кæсы). Диссаджы æрдз, кавка- заг изæр! X ъ у ы д æ б е р д. Де ’зæр хорз, бæлццон! (Рахыз- тысты Хъуыдæберд, Хъазджери æмæ иу лæг æхстæв* вонгæй.) М а р к о в. Æгас цæут! Мидæмæ! Хъуыдæберд. Бузныг, «мидæмæ» дын хъуамæ мах зæгъæм, зæхх мах у. М а р к о в. Хъусын уæм,., т
Хъуыдæберд. Санибайы æлдæрттæ базыдтой уа- зæджы балц æмæ сын тынг æхсызгон у. Гъе, æцæг ацы "комы цæууæггаг бафидын хъæуы. Марков. Бахатыр кæнут, фæла^ цæмæ гæсгæ? Ацы хæхтæн сæ хицау адæм куы сты! Хъуыдæберд. Ацы хæхтæн сæ хицау мах стæм, æмæ æнæ уæлдай ныхасæй бафид, цы ’мбæлы, уый. Нæ нæ ’вдæлы, æнафон у. Марков. Æз уæ нæ уромын, фæндараст фæут. Ам мæныл чи æмбæла, уыдонæн се ’ппæтæн комы цæуæг- гаг куы фидон, уæд мæ сæрыхъуынтæ дæр куынæ сфаг уыдзысты. Хъуыдæберд. Хъыгаг у, хæцæнгæрзтæм æвна- лын нæ кæй бахъуыдис, уый. Марков. Мæнæ диссаг! Фыццаг хатт уынын Иры- стоны æнæ хæцæнгæрзтæ лæгмæ хæцæнгæрзтæ сисгæ! Худинаг уын фæуæд! Хъуыдæберд. Дзæбæх æм хъавут, æз лæгæтмæ бакæсон. (Фæцæуы.) Т а й м у р а з (йæ размæ фæци). Æгæр фæтагъд кодтат, æнафоны бæлццæттæ, уæ хæцæнгæрзтæм. Мæ уазæджы сæрыхъуынтæй æрду дæр куы фæхъæуа, уæд уæ сæртæ дæр нал ахæсдзыстут ардыгæй. Хъуыдæберд. Нæ фыдбылыз та нæ размæ фæ- цис. Таймураз, уый ’рбацыд æмæ ацæудзæн, фæлæ мах нумæ цæрын хъæуы. Чи-фæнды фестæд, уæддæр мах кæрæдзимæ хæстæгдæр стæм. Хъазджери. Ай-гъай, дон фæцæуы, дул баззайы, ну туг, иу стæг стæм мах. (Хъавы.) Т а й м у р а з. Æнцад! Куыд никуы ’рлæууыдысты уыцы ныхæстæ уæ зæрдыл, уæ зæххытæ куы уæрстат. уæд? Цы нын ис уемæ иумæйагæй! Цæугæут ардыгæй! Ацы хæхтæ сымах нæма сты. Ма нын худинаг кæнут на.* хъæубæстæ! т
Хъуыдæберд. Хъæубæстæн цæуæггаг исын цæ- уылнæ уадзыс? Т а й м у р а з. Сайыс! Хъæу ницы агуры. Хъуыдæ- берд æмæ Сæхмæрза хъæу не ’сты. Хъуыдæберд. Мæ фыдæн фыртæн нæ райгуырд- тæн, "æз дæуæн ацы бон дæ зæрдыл куы нæ ’рлæууын кæнон! Таймураз. Уыцы æртхъирæнтимæ ма дæ зонд æмæ ныфс дæр хъуыди, «хъæбатыр»! Батрадз. Хæрæг, дам, сыкъатæ агурæг фæцыд, æмæ йæ дыууæ хъусы дæр нал æрхаста. Æлдæрттæ ацыдысты. М а р к с в. Бузныг, мæ хæлæрттæ! Æмбæрзæн
ÆРТЫККАГ АРХАЙД ЦЫППÆРÆМ НЫВ Суадоны раз. Рахизæрдыгæй—обаугонд, бæлæстæ. Галиуæрды- гæй—фæз, алыхуызон дидинджытæ, кæрдæг. Дардæй зынынц Урс хох æмæ Сау хох. Æрбацæуы А г у ы н д æ æд гогон, йæ фæ- дыл — Т у з а р, йæ уæхскыл—фат æмæ æрдын. Тузар. Цæй, æрхæццæ дæ кодтон, гъеныр æз цæ- уын. Агуындæ. Фæлæуу, мæ хур, Тузар, ныртæккæ мæ гогон куы айдзаг уа, уæд иумæ ацæудзыстæм. Тузар. Хуыцауыстæн, ды боныгон дæр иунæгæй нæ уæндыс æмæ мæ уымæн ракодтай. Агуындæ. Æнæнтыст мæкуы фæуай! Цæмæй йæ базыдтай? Тузар. Æмæ дын ныр æз цы пайда дæн, Агуын- дæ, скъæфгæ дæ куы чындæуа, уæддæр? (Архайы æр- дынимæ.) Агуындæ. Куыд цы пайда дæ? Дæ фат æмæ де ’рдынмæ цыфæнды скъæфæг дæр хæстæг не ’рбауæнд- дзæн. Тузар (хъавы). Фæкæс-ма уæдæ ныртæккæ дæ го- гонмæ! Агуындæ. Цæй-ма, уæдæ, кæддæра йæ акъуырис. Таймураз (æрбахызт Батрадзимæ, йе уæхскыл — сæгуыты мард). Хуыцауы тыххæй, адон цы ми кæнынц? №
Батрадз. Дондзау æмæ æнахъом цуанан. Тузар (суагъта æрдын, нæ акъуырдта). Æллæх! Агуындæ (худы йыл). Мæхинымæр загътон: ныр* тæккæ мын мæ гогон фæхуынкъ кæндзæн æмæ ма нæ- химæ дон цæм ахæсдзынæн? Тузар. Фæлæуу-фæлæуу, ну æхст .ма, иу æхст. (Фат ногæй æвæры.) Æниу мæнмæ куы уаид Тайму- разы хъримаджы хуызæн... Агуындæ. Æмæ йæ, дæумæ гæсгæ, Таймураз акъуырид? Тузар. Уастырджийыстæн, Таймураз æй хурыхуы- фийы хуызæн акæнид. (Хъавы.) ^ Агуындæ. Цæй, уый Таймураз никуы акъуыр- дзæн, фæлæ фехс æмæ цом. Батрадз (дæтты дур). Сæр дæ бахъуыд. Т а й м у р а з. Афтæ" у? Фæкæс-ма’ йæм уæдæ. (Бахс- та дур, акъуырдта йæ.) Агуындæитæ сагъдауæй аззадысты. Ма фæтæрсут! Т у з а р. Æз æппындæр нæ тæрсын, уый мæ мæнæ донмæ йемæ нæуæндаг ракодта. Б а т р а д з. Æццæй, афтæ у, ’Агуындæ? А г у ы н д æ. Æмæ цы диссаг у нæ уæндын? Б атр адз. Цæй, æз сæгуыты мард Дзиццамæ схæц- цæ кæнон... (Бахудт, фæцæуы.) ’ Тузар. Йæ сыкъатæ æмæ йæ хъултæ мæн уыдзыс- ты. (Азгъордта йæ фæстæ.) Агуындæ. Тузар, фæлæуу. (Исы йæ гогон.) Таймураз. Кæдæм тагъд кæныс? Агуындæ. Ныртæккæ чындзыты донмæ ракæн- дзысты. Таймураз (айста афтид гргон). Донмæ, зæгъыс? 124
Афтид .гогонимæ куы, сыздæхай, уæд дыл чыЗджыт& фæхуддзысты. (Æвæры йæ цыхцырæджы раз.) А г у ы н д æ. Бузныг! Таймураз. Агуындæ, æрдæбон ам Тузаримæ куы хъазыдыстут æмæ уæм уæлæ уырдыгæй куы ’ркастæн, уæд нæ сабийы бонтæ мæ цæстытыл ауадысты. Хæрз æрæджы дæр ма-иу бон-сихорафрн иумæ хъазыдыстæм. Балгæйттæй цыдыстæм мæнæргъы æмæ саунæмыгмæ. Диссаг -куыд нæу, æвæдза, æнæ кæрæдзи-иу цъусдуг нæ фæрæзтам. Агуындæ. Ибон дæр дæ, æвæццæгæн, уымæн фæн- дыд, ногæй та сабитæ куы фестиккам, уый? Т а й м у р а з. Чи зоны, зæрдæмæ ныккæсæн нæй, фæзæгъынц, фæлæ мæн фæнды æууæндын мæ амондыл. А г у ы н д æ. Æмæ йыл не ’ууæндыс? Т а й м у р а з. Æууæндын, фæлæ арæх дæ цæсгомыл цавæрдæр тасдзинад фæзыны æмæ ма мæн дæр сагъæс- саг кæны. Цæуылнæ исты дзурыс? Агуындæ. Курын дæ, Таимураз, цуаны мауал цу. Таймураз. Цæуылнæ? Зæгъ мын, цæуыл гуырыс- хо кæныс, уый? ; Аг.уындæ. Мæхæдæг дæр æй бæлвырд не ’мбарын, фæлæ зонын уый, æмæ дын тас’кæй у. Таймураз. Бæргæ, дæ зæрдæйы фæндон дæхи- цæн æнцад-æнцойæ цæр. Фæлæ сæ бон ныккалæнт не ’лдæрттæ! Уыдонмæ æндæр уынаффæтæ ис. ^Лæг сæ цуаны нæ, фæлæ зæххы кæронмæ куыннæ фæлидзы! Агуындæ. О хуыцау, цæмæн афтæ арæзт у цард! Цы чындæуа! Т а й м у р а з. Æфхæрджытимæ тох , кæнын хъæуы, Агуындæ, фæлæ уыцы тохы тасдзинад куы уа, уæд уæнгтæ мары. , А г у ы н д æ. О, фæлæ хи хъахъхъæнын тæппуддзи- иад нæу. Рох дæ ма уæд, дæуæн ис мад, хо... 125
Т а й м у р а з. Стæй... Цас фенхъæлмæ каст&н &з ацы ныхæстæм! Ногæй та мæ зæрдыл æрлæууыдысты, æз афтæ бирæ кæй уарзтон, уыцы рагбонтæ. Хорз, мæ- хи хъахъхъæндзынæн мæ мад, мæ хо æмæ Агуындæйы сæраппонд... Л;дде фæндырыдзагъд хъуысы. А г у ы н д æ (Таймуразырдæм). Чындзы æрхонынц! Цæй, æз згъорон... Т а й м у р а з. Цæй, æз дæ Тузары бæсты чысыл уæл- дæр схæццæ кæнон. ^ А г у ы н д æ. Нæ хъæуы. Таймураз. Бон-сихорафон дæ исчи куы аскъæфа, уæд... Агуындæ. Æмæ исты ды ам нæ уыдзынæ?.. (Ацыд.) Таймураз (ахъуыды кодта, хъæлдзæгæй). Мæнæ йæм цытæ бауæндыдтæн, мæнæ! Куыддæр мæхи нал фембарын æмæ йын сæнттæ цæгъдæгау мæ ныхæстæ фæкæнын. Цыфæнды маст мæ куы вæййы, уæддæр Агуындæйы куы фенын, уæд мæ зæрдæмæ цавæрдæр æхсызгон рухс ныккæсыХТДас уарзондзинад уыд йæ цæстæнгасы, цæй арф ахъардта йæ мидбылты бахудт ме ’уæнгты! Кæд ралæудзæн нæ цины бон, цæй амонд- джын уыдзы’стæм, Агуындæ! (Фæаууон.) Æрбацыдысты ч ы з г-ф æсивæд, фæндырæй цæгъдгæ, заргæ Ч ы н д з ь! æрлæууын кодтой. Ч ы з г. Чызджытæ, мæнæ Дзицца донмæ рацыд. Балæгъстæ йын кæнæм, æмæ нын нæ чъиритæ акува. Д з и ц ц а й ы æрбакодтой, нуазæн æм авæрдтой. 126
Дзицца. Абон стыр Уациллайы бон у æмæ хуыЗ- дæр хæрзтæ кæмæн ракодта, уый æмбал мах дæр фæ- кæнæд. Гъе, Уацилла! Хоры Уацилла дæ, æмæ нæ дæ бæркады бын фæкæн... Уациллайы бонты доны былмæ амондджындæр цы сылгоймаг æрцыд, уый æмбал ацы чындзы дæр фæкæн. Доиы чызджытæ, ацы чындз-иу уæ разы куы ’рбалæууа, уæд æм дзаг армæй куыд цæ- уат, йæ рæсугъддзинадмæ йын куыд бæллат, йæ къæр- татæм ын цы сыгъдæг дон уадзат, афтæ сыгъдæг куыд уа йæ цард. Хуыцау, æз кувын нæ зонын, фæлæ йæ куывдтытæ кæмæн айстай, уый æмбал сæ фæкæн. У-у, иу кæстæр! Ацахуыста кæстæр, пуазыны цагъд. Чызджытæ. Дзиццайæн ну кафт, иу кафт! Схор-хор кодтоп, фæндыр сцагъта. Дзицца ну у с и м æ рахызт æмæ æркафыди. Фæци æмæ йып хъæбыстæ кæнынц. Æрбацыд лæппу-фæсивæдæй ч и д æ р. Ч е г ъ р е. Уæ циндзинадмæ лæппутæн æрбацæуæн ис, кæннод иунæгæй æз дæр цы кæнон? Дзицца. Ис, ис, дæ рын бахæрон, ракæн сæ! Лæппу ацыд. Гъеныр ма мын чындз йæхи къухтæй дон куы бада- рид, уæд хорз уаид. Ч ы и д з æд гогон ракафыд, дон систа æмæ йæ радта Дзиц- цамæ. Æрбацыдысты X ъ у ы д æ б е р д, Хъ’азджери æмæ ч н д æ р тæ. Хъуыдæберд. Цæй, цы хабар у? Бæстæ уæ сæ- рыл куы систат! 127
Дзицца. Мæнæ Темболтæ саб чындзы донмæ ра- кодтой. Хъуыдæберд. Æмæ æндæр кæм æрлæууа, уын нал ис. Ныртæккæ ардæм Елберды чындзы ракæндзыс- тæм. Тугъантæй дæр дзы чидæртæ уыдзæн. Цæугæут ардыгæй! Таймураз (фæсивæдимæ фæзынд). Фррн уæхъаз-’ ты! Дæ хорзæхæй, Хъуыдæберд; нæ циндзинад нын цæ- мæн халут? Хъуыдæберд. Ныртæккæ Мысыкаты Елберды чындзы ардæм ракæндзыстæм. Кафынмæ амæй хуыз- дæр никуы у.Уазджытæ дæр нæм ис. Таймураз. Æмæ Мысыкаты Елберды чындзы æн- дæр ран зæхх нал уромы? Хъуыдæберд, кæд дæ масг ссарын нæ фæнды, уæд дæхи айс дзæбæхæй, нæ бæ- рæгбон нын ма хал. Хъуыдæберд. Бæрæгбоны хатыр уал дын "фод, æндæр ницы зæгъын. (Фæцæуы.) Ч е г ъ р е. Хъуыдæберд, дæ хорзæхæй, иу кафт. Хъуыдæберд. Бузныг! Чегъре. Цæй, уæдæ, фæсивæд, чындзимæ чи ,ра- кафдзæн, йæ ныфс чи бахæсдзæн? Хъуыдæберд (фæлæууыд). Чындзимæ ракафы- нæн дзы æгъдау раттын хъæуы, исты балæвар кæнын. Æмæ сымахмæ та цы ис? Дæ разы йын кæд Таймураз йæ сафайы рæхыс балæвар кæна. Агуындæ фæндырæй æрцагъта, Таймураз рахызти. Таймураз. Батрадз, ме ’рдхорд! Бацæттæ-ма мын кæн ахæм лæвар, нæ буц хистæрты раз æрæвæрын аккаг куыд уа, ног чындзы къæхты бын аив чи уа. Батрадз азгъордта. Таймураз кафы чындзимæ* фыццаг — «хон- гæ кафт», стæй — «зилгæ кафт». Адæм сæрыстыр сты Таймур^- 128
№и. Хъуыдæберд, Хъазджерй æмæ ма чйдæртæ та мæсты каЗ* ИЫнц, Кафты кæронмæ Б а т р а д з æрбахаста сæгуыты мард. Гьæтт, Батрадз, нæх’М цуайоНы кафт-ма æркæн! Батрадз фæндыры рог цагъдмæ кафы, Хъуыдæбердлтæ ацыды- сты. Батрадз кафт фæци æмæ сæгуыты мард чындзы къæхты раз æрæпæрдта. Чегърс. Пыр та—симгæ, фæсивæд, ардыгæй суанг уæртæ фаллаг фæзмæ. Фæсивæд симгæ ацыдысты, чындзы дæр акодтоп, сцепæ саф- тнд. Æрбацыдысты Сæхмæрза, Хъуыдæберд. С æ х м æ р з а. Цал хатты дын загътон семæ тызмæ.- гæй ма дзур, зæгъгæ. Хъуыдæберд. Омæ йæм баст куыдз’куы нæ ба- уромдзæн йæхи! Сæхмæрза. Æз хъуыддаг аразын, ды та — халгæ. Хъуыдæберд. Æмæ сын уæдæ бытъу-бытъу кæ- нæм? Нæ сæрмæ сæ хизын суадзæм? Сæхмæрза. Кæд ма дын дæ мукъутыл цъутта сæвæрон. Æрæууæндын сæ кæнæм нæхиуыл, зæгъгæ, архайдтон, ды та... Чындзы кæдæм рахондзысты, уый сæйраг хъуыддаг нæу, ахсджиагдæр хъалон у. Хъуыдæберд. Аргæвд мæ, уæддæр æм мæхи уромын нæ фæразын. Сæхмæрза. Æз дын афтæ куы загътон: йемæ са- быргай баныхас кæн, ды та загъд самадтай.. Ныр ма уый дæумæ байхъусдзæн? Гъеныр æм де *нæсæрфат ми- ты тыххæй хъуамæ лæгъстæмæ бацæуон... Марадз, ис- кæй йæм барвит, æз мæхæдæг аныхас ’кæндзынæн йе- мæ. Дард ма ацу, хъæудзынæ мæ. Хъуыдæберд ацыд. 9 Пы.саетæ 10й
Фæхицæн æй кæнын хъæуы адæмæи... Фæлæ куыд?.. Мулк! Уый ныхмæ ничи фæлæудзæн... Æмæ иугæр бындз мыды куы ныххауа... Æрбацæуы... Уый Батрадз дæр йемæ куы ис. (Ацыд.) Б а т р а д з æрбазгъордта, суадоыы дон пуазы. Таймураз (дардæй). Батрадз, цы фæдæ? Б ат р а д з. Мæнæ! Таймураз (æрбахызт). Батрадз, байхъус-ма, бан- хъус, Агуындæ цы рæсугъд цæгъды! Батрадз (йæ цурмæ бауад). Нæ хъæуы чындзы- ты иууылдæр куыд ракодтой донмæ! Фæлæ дæм диссаг нæ кæсы, Елберд та ма кæдæм рарвыста йæ чындзы, йæхи айсын дæр куынæуал фæразы, уæд? Таймураз. Абон Уациллайы бон у, Уациллайы. Батрадз. Табу йæхицæн Уациллайæн,, фæлæ цы- мæ йемæ афтæ баныхас кæнæн нæй, йæ иннæ абон Агуындæйы дæр ардæм куыд ракæнæм? Таймураз. Æмæ уымæй Уациллайы цы фæрсыс? Уыцы хъуыддаджы Уациллатæ мах — нæхæдæг... Сæхмæрза (æрбацыд). Таймураз, ныхасæн мæ хъæуыс. Батрадз, ды бахатыр кæн. Батрадз. Æз уал кафгæ дæр акæндзыпæп. (Ацыд.) Т а й м у р а з. Табуафси! Сæхмæрза. Диссаг д^Гхма фæкæсæд нæ сæм- бæлд. Фæлæ зонд кæстæрæй хистæры сæрыд нæу... Лæ- гæн йæ фарсмæ чи æрбалæууа, ахæм фидар кæстæртæ куы нæ уа... Таймураз! Санибагом дыууæ æндон цæ- джындзыл æнцайы, уыдонæй иу ды дæ æмæ кæрæдзийы бамбарæм. Таймураз. Мæнмæ-гæсгæ, мах кæрæдзийы раджы бамбæрстам. Сæхмæрза. Нæма... Æз мæ сæрмæ хæссын мæ 130
рæдыдыл басæттын... Æз бирæ фæсагъæс кодтон... Даё лæгдзинад, дæ тых, мæ уæздандзинады фарсмæ æрæ- вæрын аккаг сты. Хъуамæ ды дæр мауал фидай х’ьа- лон. Таймураз. Хъалонæй мæ суæгъд кæнынмæ хъа- выс? Сæхмæрза. Канд хъалонæй нæ... Дуне мулкыл лæууы... æмæ, зæгъын, мæ фарс куы рахæцис, уæд мах... Таймураз. Фæлæуу, фæлæуу, Сæхмæрза, æмæ уæд иннæтæ та? Сæхмæрза. Дæуæн уыдонимэе иумæйагæй ницы ис... Адæмæн се ’ппæтыл хур дæр не ’ххæссы. Таймураз. Æмæ мæ уæдæ хъалонæй ссæрибар кодтат, нæ? Сæхмæрза. Раст афтæ. Таймураз. Гъемæ стыр бузныг, фæлæ ма уæхи- цæн уæлдай фыдæбон цы кодтат, æз уын æнæуи дæр хъалон фидинаг куы нæ уыдтæн. Стæй канд æз нæ. Уый тыххæй дын мæ хъуыдытæ дæхи кæрты куы загъ- тон. Балхæнынмæ мæ хъавут? Хæрз дзæгъæлы! Тайму- раз сымахау уæйгæнæг нæу! Цæй, уæгъд ныхæстæм мæ не ’вдæлы. Æз ма иу симд акæнон. (Ацыд.) Хъуыдæберд (йæ дамбацамæ’ фæлæбурдта). Гъы, хæрæджы сæфтæг! Сæхмæрза. Ма фехс! Афтæмæй ницы. Æвæстиа- тæй Тугъантæм æмæ Биаслантæм цæуын хъæуы. Æнæ уыдоны æххуысæй йын нæхæдæг ницы бакæндзыстæм! Хъуыдæберд, дæхи бахъæудзæн цæуын. Зæгъ сын: уе ’ххуысы сæр, зæгъ, нæ бахъуыдис æмæ нæм тагъд гæрз- ивтонгæй фæзынут! Хъуыдæберд. Хорз! Æмбæрзæн 131
ШÆНДЗÆМ НЫВ Таймуразы кæрт, фыццаг иывы куыд уыдис, афтæ. Д з и ц ц п сырдты цæрмттæ хурмæ рахаста. Батрадз (æрбахызт). Дæ райсом хорз, Дзицца! Дзицца. Кæй райсом у, уый хорзæх дæ уæд. Б а т р а д з. Æмæ Таймураз кæм ис? Д з и ц ц а. Уæртæ Гæститырдæм бауад. Сбад уал. Батрадз. Бузныг, Дзицца, нæ мæ ’вдæлы. Дзицца. Иучысыл абад, ныртæккæ йæ ардæм хъæ- уы. Кæдæй-уæдæй абон мæ цуры стут, мæ хуртæ. Фæ- лæ мын мæ сидзæр лæппу Тузары кæм ныууагътат ныр дыууæ боны? Б а т р а д з. Уыцы уырыссæгтимæ йæ ныууагътам. Ницы тас ын у. Фæлæ, Дзицца, цæмæй æдзухдæр дæ цуры уæм, уымæн ис хорз фадат. Дзицца. Бæргæ мын радта Тайму дзырд, цуаны арæх нал цæудзынæн, зæгъгæ, кæд хуыцауы бафæнда, уæд. Батрадз. Уый ницы у, Дзицца, тæрхæджы къах- мæ йæ бабæттын хъæуы. * Дзицца. Дзицца дæ рынтæ бахæра, бæргæ, фæлæ кæм, мæ хур, йæ зæрды, æнхъæлдæн, куы ничн нс, уæд. Батрадз. Ма зæгъ, Дзицца, ис, хъæбулы ад кæ- мæй фендзынæ, ахæм. Дзицца. Æмæ чи у, мæ къона. Ды мын æй уæд- дæр ма басусæг кæн, Батрадз. Батрадз. Бæргæ дын æй^-зæгъин, фæлæ мæ ком иыххус æмæ ме ’взаг мæ дзыхь/нал арæхсы. Дзицца (къахæгау). Æмæ уымæн ницы хос и? Батрадз. Цæуылнæ! Сау бæгæны. (Худынц.) Дзицца. Уæдæ мын æй зæгъ, уыййедтæмæ дзы сау бæгæны дæр разындзæн. 132
Батрадз. Æцæг? Уæдæ уæм дард нæ цæры. Мæ- ’* пæ сугсæттæн къуыдырыл алæуу æмæ йæм сисы сæрты ныккæс. Агуындæ, Дзицца, Агуындæ! Дзицца. Æцæг, Батрадз? Тæхуды, Агуындæ мæ чындз куы бауид! Фæлæ нын бакомдзæн? Б а т р а д з. Бакомдзæн, кæрæдзи бирæ уарзынц. Тæхудиаг æрбауай, Дзицца, йæ цонгыл дын куы ’рхæ- цон æмæ дæм мæнæ уырдыгæй куы ’рбазарон: «Гъей, фарн фæцæуы, фысымтæ!..» (Зары. Дзицца худы.) Дзицца. Дунейы фарн æй куы зæгъид! У-у, Ма- ды Майрæм, дæ фæдзæхст, де уазæг фæуæд!.. Б а т р а д з. Кæс-ма, уæртæ сиахс дæр æрбацæуы. (Æрæмбæхст.) Гъы, гъы, Агуындæ мидæмæ балыгъд! Таймураз (æрбацыд). Ам дæ, Батрадз? Батрадз. Утт! Мардтаиккой дæ, кæй рæзты ’рба- хызтæ, уымæ исты куы сдзырдтаис, уæд! Таймураз (Дзиццайæ ’мбæхсы). Цæй æнæ- мæт дæ! Б а т р а д з. Æмæ цæуыл хъуамæ мæт кæнон? Нæ хортæ найго?1Д фестæм. Нæхи цæттæ кæнæм чындзæх- сæвмæ. О, о, чындзæхсæвмæ. Цæй, дæ цæстытæ мæм цы дзагъултæ кæныс? Дзицца æппæт дæр зоны. Фат æрдынæй феуæгъд æмæ йæ нал æрцахсдзынæ. Дзицца мидæмæ бацыд. Таймураз. Æрра сдæ, æви?.. Тæрсын, циндзинад- мæ нæ куынæма равдæла, уымæй. Б а т р а д з. Уый æз хъазгæ кæнын, фæлæ ды дæр исты фехъуыстай? Таймураз. Æмæ цы хабар у? Батрадз. Сафар куыд зæгъы, -афтæмæй Сæхмæр- за Тугъанты æлдæрттæм арвыста, уе ’ххуысы сæр нæ хъæуы æмæ гæрзивтонгæй рацæут, зæгъгæ. Таймураз. Кæд арвыста? 133
Б а т р а д з. Знон, сæумæцъæхæй. Та йму р аз. Кæй? Б а т р а д з. Хъуыдæберды. Таймураз. Ау, æмæ нын уæд Сафар ныронг куыд ницы загъта? Б а т р а д з. Йæхæдæг дæр чæй нырма æрдæбон ба- зыдта. Сæхмæрзаиты ныхæстæм сусæгæй байхъуыста. Абон куы фæзыной, уымæй æдас нæу. Таймураз. Уæдæ уымæн ныхъхъус сты, уымæн! Уайтагъд дæр сыл мæ зæрдæ къæпп кодта. Гъемæ ра- цæуæнт, мах дæр мæнæ стæм. Кæд — тох, уæд — тох. Фæсивæдæн ма иу хатт зæгъын хъæуы, сæхи цæттæйæ куыд дарой... Фæлæ уæд цы чындæуа Георгийтæн та, цæугæ куы кæнынц! «Хæрзбон» сын куынæ зæгъæм, уæд худинаг у. Ацæуиккам, фæлæ Сæхмæрзаитæ куы базоной, ам не ’стæм, уый æмæ хъалон исынмæ куы бавналой. Батрадз. Таймураз, цом, Сæхмæрзаитæ нæ куын- нæ бафиппайой, афтæ. «Фæндараст» сын зæгъдзыстæм æмæ фæстæмæ фездæхдзыстæм. Таймураз. Цæй, хорз! Дзиццайæн зæгъдзыс- тæм, куыд никæмæн ницы ской кæна, афтæ. Стæй Са- фарæн бафæдзæхс, мыййаг, исты фыдбылыз куы уа, уæд нæм хабар куыд кæна. Б а т р а д з. Уый мæ бар уадз. Таймураз. Цу, ацæттæ кæн дæхи æмæ мæм суа- доны раз фæлæуу. Ба т р а д з. Хорз! (Ацыд.) Таймураз (йæхи рæвдзытæжæны). Дзицца, цы фæдæ? Д з и ц ц а (рахызт). Æмæ Батрадз цы фæци? Таймураз. Аивгъуыдта. Д з и ц ц а, Уæууа, æмæ уын æз аходæн куы ацæт^ тæ кодтон, 134
Таймураз. Гъемæ хорз, дæ разы ма сæ хордзе- ны авæр;.Дæуыи,та-, Дзицца, Урс хохы бынмæ. Дзицца ацыд. " " . *' ~ Фæрсгæ дæр мæ нæ бакодта. О, æууæнкджын ный- йарæджы зæрдæ, цы не ’мбарыс ды зæххыл! Чи дын бафиддзæн дæ фæллой! Чабæхап (æрбахызт). Æццæй, цуаны та цæуыс, Таймураз? Т а й м у р а з. Чи дын æй загъта, чи? Чабæхан. Батрадз. Æмæ нырма ибоны дзæби- дыры мард уæртæ къæбицы æнæхъæнæй куы лæууы. Æдзух нæ дзæгъæл ныууадзыс. Таймураз. Мæсты мæм ма кæн, мæ иунæг хо. Ч а б æ х а н (хъæлдзæгæй). Тагъд æрбацæудзынæ. Таймураз? Таймураз (хъæлдзæгæй). Тагъд! Æмæ тагъд æрыздæхын хъæудзæн? Чабæхан. О, тынг тагъд! Цон, мах дæр Агуын- дæимæ донмæ ныууаинаг уыдыстæм. Дон нуазын дæм куы цæуа, Таймураз, уæд-иу суадоныл дæ фæндаг ра- кæн. (Ацыд.) Таймураз. Куыд адджын у цард æмæ нæм æй æмгæрон куыд нæ уадзынц! Д з и ц ц а (рахызт æнкъардæй). Тайму, мæ хур, хъæбул зынаргъ у, ныййарæг та — мæгуыр. Хъæдты. хæхты æхсæвæддæ вæййыс æмæ мын зын у дæуыл мæт кæнын. Де ’знæгтæ дæ фæдыл зилынц æмæ дыл исты куы ’рцæуа! Таймураз. Дæ зæрдæ мæм ма ’хсайæд, Дзицца. Иунæг нæ дæн, тас мын нæу, кæй цьГ хъыгдарын? Дзицца. Аххосджын та нæ куы хонынц, дæ рын бахæрон. Таймураз. Ма ’фхæр дæхи, Дзицца, ницы аххос- 135
джын дæн. Мæ бннонтæ, мæ хъæубæстæй хынджылæг кæнын кæй нæ бауагътон, уый тыххæй зылынджын дæн? Худинаг дæ сæрмæ макуы ’рхæсс, зæгъгæ-иу мын куы дзырдтай. Дзицца. Бæргæ дын-иу дзырдтон, Дзиццайы хур, фæлæ уæддæр æлдæрттæ тыхджындæр сты. Сæ дъал- бон ныккалой! Хинæй дыл куы рацæуой, уæд ма цы хурмæ ниудзынæн, мæ дарæг? Т а й м у р а з (фидарæй). Тохы амæлæн ис, Дзиц- ца, фæлæ, зон, æгады адзал дын нæ райсдзынæн. Д з и ц ц а. Хуыцау бахизæд мæлынæй, фæлæ мын знон дзырд куы радтай, арæх нал цæудзынæн, зæгъгæ, æмæ та дæ цæстытæ цуан мондагæй куы ’рттивынц. Мæт, сагъæс та мæныл æруадздзысты сæ уæз, уæдæ йыл афонмæ кæд исты æрцыд, зæгъгæ. Дæ ныхас-иу куы никуы аивтай, уæд... Т а й м у р а з. Раст зæгъыс, Дзицца, знон дыи дзырд радтон, цуаны арæх кæй нал цæудзынæн, уый тыххæй. Фæлæ абон мæ цуаны сæр æндæр у. Мæнæ дын цы уырыссæгты кой фæкæнын, уыдон цæугæ кæ- нынц æмæ сын «фæндараст» куы нæ зæгъон, Дзицца, уæд худинаг у. Дзицца. Уаих æрбауай, мæ лæппу, ацы хатт дæм уæздандзинад цæуылнæ разынд? Дæ зæрдæйæн афтæ адджын чи фæци, уыдонæн ныронг дæ хæдзар цæуылнæ фенын кодтай? Æнæуи мæгуыр стæм, фæлæ сæ хæлар- зæрдæ æмæ рæвдыд ныхасæй уæддæр сбуц кодтаиккам. Таймураз. Мæн аххос уыди, Дзицца, сæттын мæ рæдыдыл, фæлæ уыдонæн дæр сæ рæстæг нæ амыдта. Иу хъуыддагæй дæ афæрсынмæ хъавыдтæн, нæ зонын, куыд дæм фæкæсдзæн. Д з и ц ц а. Афæрс, мæ къона, афæрс. Таймураз. Мæхæдæг дæр æй бæлвырд нæ зо- нын, уыцы Георгийы мæ зæрдæ йæхйш& цæмæн афтæ 136
хæстæг æрбайста, уый: æвæццæгæн, хуымæтæджы адæймагæн аргъ кæй кæны, уый тыххæй. Æмæ мæ тынг фæнды, цсты лæвар куы ахæссид йемæ Уæрæсемæ æмæ йæ ирон лæджы номыл куы дарид, уый. ./Дзицца. Дзицца дæ рынтæ бахæра, æгайтма дæм ахæм хъуыдытæ, ахæм уынаффæ ис. Уый, æвæц- цæгæн, мах лæвæртты хъуаг нæу, фæлæ, чи зоны, йæ бæстæмæ куы фæцæуа, уæд æй фæрсджытæ уыдзæн, гъы, цавæр адæм сты, махæй-уыдон та, зæгъгæ. Уадз æмæ рлн радзура, кæд æнæиу мæгуыр стæм, уæд- дæр зæрдæйæ хъæздыг кæй стæм, уый. Уæдæ æрмæсг Сæхмæрзайы кой куы ракæна, уæд Уæрæсейы ирон лæджы ном худинаг куы кæны. Фæлæ нæм лæвары аккаг уæртæ нымæт йедтæмæ ницы ис æмæ дын æй ра: хæссон, кæд дæ афтæ фæнды, уæд. Т а й м у р а з. О, Дзицца, мæхимæ дæр ахæм уы- наффæ уыд, уæдæ нæм æндæр цы ис! Дзицца мидæмæ бацыд. %'Бузныг, стыр хуыцау, адæймагæн йæ алы хъуыды, йæ алы сулæфт, йæ алы фæзылд чи хаты, ахæм Дзиц- цайы мын кæй раттай, уый тыххæй!' Цæмæй дын фид- дзынæн цымæ æз та дæ фæллæйттæ? Дзицца (рацыд). Гъа, мæ хур. Мæхи къухты фæллой у. Дæ фыдæн æй, куырдуаты бадгæйæ, бау- уæрстон. Даргæ дæр æй ницы акодта, мæгуыр. Куы амард, уæд æй дæуæн бафснайдтон, нскуы мын, зæгъын, слæг уыдзынæ æмæ йæ батонын дæ фыдæн нæ бантыст, фæлæ йæ, зæгъын, мæ хъæбул фæдардзæн. Таймураз. Дзицца, кæд дын, мыййаг, зын у, уæд æй фæлтау уадз. Дзицца. Нæ, нæ, Дзиццайы хур,^ нæу мын зын. Фурды дон куы ныххуыскъ уыдзæн, Дзицца йæ уар- зон хъæбулы фæндон куы нæ сæххæст кæна, уæд. 137
Т а й м у р а з. Цæй, уæдæ бузныг! Дæ зæрдæ мæм ма ’хсаиæд. Æрмæст мын мæ -ацыд Сæхмæрзаитæ куыннæ зоной," афтæ. - Цæй, цæуыл :та ’æрæнкъард- -дæ," Дзицца, акæс-ма: цы хурббн у! (Ацыд.) Дзицца. Ф’æндараст фæу, мæ хъæбул. Урс хохы рухс дзуæрттæ, сымахыл æй фæдзæхсын, фыдбылызæй йæ хъахъхъæнут!.. Чызг, уæ, чызг! Ч а б æ х а н (æдде). Циу, Дзицца? Д з и ц ц а. Макуыдæм ацу, æз искæмæй куырой ракурон. (Ацыд.) Ч а б æ х а н æрбахызт. Ч а б æ х а н. Иунæгæй та мæ ныууагътой. (Хæ- дзармæ бацыд.) Фæзыпд X ъ у ы д æ б е р д. Ф п д и у æ г йæ размæ фæци. Фндиуæг. Хъуыдæберд! Таймураз æмæ Батрадз цуаны фæцæуынц. Хъуыдæберд. Иттæг хорз! Марадз æмæ йæ Сæх- мæрзайæн бамбарын кæн. Райдайæд уым хъалон исын, адоны мæ бар уадз. (Ацыдысты.) Ч а б æ х а н (фæзынд). Уæд та Агуындæ куы ’рбацæуид, фæлæ дын ма ’рбакома, суадонмæ дæр мын куынæуал акуымдта! Исты амæлттæй йæ ’рбасайын хъæуы. Агуындæ! Уыссиу! Агуындæ! Уæ хуртуан уын кæр- чытæ бахордтой. А г у ы п д æ разынд. Ардæм ма уал рауай. Дзицца куыроймæ ацыдис æмæ иунæгæй æнкъард кæнын. Агуындæ. Нæ мæ ’вдæлы, хуртуаны раз н^чиуис. 138
Ч а б æ х а н. Ардыгæй йæм нæ цæст дардзыетæм.у Рауай, æз дын мæ фын радзурон. А г у ы к д æ. Кæй та федтай дæ фыны? Ч а б æ х а н. Рацу, диссаджы фын федтон. Агуындæ. Æз фынтæн ницы ’мбарын, уæлæ йæ Дзыгынæн радзур. Чабæхан (йæхицæн). Куыннæ комы сайын! Рауай-ма, мæнæ мæм алдымбыдтæ бийынмæ фæкæс. Агуындæ. Дæхи цы хурхæй марыс, рацу, æз дын ратдзынæн. Чабæхан. Гъа, афтæ у, уæдæ нæ комыс ардæм? Æз та дæуæй—æррадæр! Нæ цæуыс, дæхицæн — фыд- дæр... Йæхицæн мын лæгъстæ агуры... (Ныхъхъæр код- та.) Æллæх, Дзицца, дæ-дæ-дæ-дæй, мæ къух!.. А г у ы н д æ. Цы дыл æрцыд, мæ хæдзарыл! Ч а б æ х а и. Ме ’нгуылдз ахауын кодтон. Тагъд, Агуындæ, хæлуарæджы тын! Хæдзары, хæдзары! Агуындæ мидæмæ бахызт, Чабæхан ыл дуар ахгæдта. Чызг аскъæфтон! А г у ы н д æ. Чабæ, нæ арын хæлуарæджы тынтæ. Ч а б æ х а н. Ахæм гыгы дзы нæй, хæлуарæджы тынтæ кæй къулыл ссарай. Мæ сайд фæу! А г у ы н д æ (дуар хойы). Дуар бакæн! Дзиццайæ худинаг у. (Рудзынгæй ракаст.) Чабæхан. Уæртæ цы дзæбæх фидауы, уæртæ! Мæ мард фен, къуымы чи нæ алæууа! Гъе уый дын ног чындз, гъе! Ныридæгæн нын нæ дуæрттæ куыд сæтты! Дуар ын бакодта. А г у ы н д æ. Гъеныр цы митæ кæныс? Чабæхан. Афтæ дын хъæуы. Нырма никуы бæхы ш
хуыррытт, нйкуы ехсы къæрцц, афтæмæй ие ’мгæрæттЫ дæр нал цæуыс! Агуындæ. Куыннæ цæуын, ам нæ вæййы’н æдзух- дæр? Цы диссаг дæ, гъеныр мæ уæ бинонтæй ам исчи куы ’рбаййæфтаид, уæд та?.. Чабæхан. Цæй, æз дæр бынтон æрра нæма дæн, чи дæ æрбаййафдзæн? Дзицца у, æмæ куыроймæ ацыд, куы дын æй загътон... Таймураз Б’атрадзимæ—- цуаны. Агуындæ (тарстхуызæй). Ацыди та? (Фефсæр- мы, кæй фæтарст, уымæй.) Чабæхан (бамбæрста йæ). Агуындæ... (Ныхъ- хъæбыс ын кодта.) Æз цы нæ базондзынæн, ахæм нæй, мæнæй йæ дзæгъæлы сусæг кæныс... Агуындæ (тагъд). Йæхæдæг дын æй загъта? Чабæхан. О, зæгъдзыстут сымах, уæ дыууæйæн дæр уæ хуымгæнд авд дæлзæххы бын ис. Фæлæ хуым æгæр куы скæрдинаг вæййьт, уæд æй алчи дæр фæ- уыны А г у ы н д æ. Хæйрæг! Чабæхан. Ибон дæ мадырвадæлтæм куы уыд- тæ Хъобаны, уæд цуанæй æрцыд... Кæсын æм æмæ кæрты цæф арсау рауай-бауай кæны. Дзурын мæм нæ бауæндыд «кæм и», зæгъгæ, фæлæ йæ æз уайтагъддæр базыдтон. Амæстæймарынмæ йæ хъавыдтæн æмæ мыл къæртайы дзаг дон бакалдта. Агуындæ. Æцæг? Чабæхан. Уæдæй нырмæ мæ ницыуал æмбæхсы. Зæгъ-ма, Агуындæ, гъеныр дæм куы ныххатин, уæд мын мæ фæндон нæ сæххæст кæнис? Агуындæ. Басомы ма кæн! Уæууа, мæ хуртуан!.. Ч а б æ х а н. Цæмæй йын тæрсыс? Кæрчытæ уым не ’сты... Зæрдиагæй дæ фæрсын, мæ фæндон мын сæх- хæст кæндзынæ æви нæ? 140
Агуыидæ. Уагæр цавæр фæндон у, базон&н Ы\\ нæй? . " Ч а б æ х а н. Нæ, зæгъ уал. Агуындæ. Цæй, сæххæст кæндзынæн, зæгъ æй. Ч а б æ х а н. Гъе, уæдæ уый мæ ингæны ныккæсæд, Таймуразы уарзон цагъд чи нæ акæна. Тасолтанты фæндыр нырма нæхимæ ис. Рахаста фæндыр, Агуындæ фыццаг нæ разы кодта, стæи рандыдта цæгъдын. Уыцы рæстæджы иуæрдыгæй фæзындысты Хъуыдæберд æмæ X ъ а з д ж е р и. Хъуыдæберд. Тæхудиаг, цæй хъæлдзæг сты! Фæлæуут, ныртæккæ уæ æгæр дæр ма «схъæлдзæг» кæн- дзыстæм. Æз мæ маст райсдзынæн. Таймураз фæцæуы цуаны, иннæбонæй раздæр не ’рыздæхдзæн, уæдмæ мах нæ хъуыддаг бакæндзыстæм. ’ Хъазджери. Йæ амалын хуыздæл уаид, бæлгæ. Хъуыдæберд. Ай-гъай, маргæ. Ахæсдзыстæм ын ныртæккæ йæ хо æмæ йæ уарзоны. Сæ фæдыл зын- дзæн. Æмæ йæ афтæмæй бахъуыддаг кæндзыстæм. Æз æй æрцахуыр кæндзынæн, хъалон куыд фидгæ у, ууыл. Хъазджери. Холз уаид, æвæдза... Саг йæхæдæг фæлæтмæ æлцæуид. Хъуыдæберд. Æрцæудзæн, мæ мад, мæ фыды- стæн... Æз ын йæ зæрдыл æрлæууын кæндзынæн йæ уырыссаджы дæр. Хъазджери. Бахатыл кæн, хисдæл дæ, фæлæ уæддæл фыдбылызæй хи хъахъхъæнын хъæуы, куы ’лбахæццæ уа, уымæй тæссаг у. X ъ у ы д æ б е р д. Не ’рхæццæ уыдзæн, нæ, нырма ныртæккæ куы ацыдысты. Фæсдзæуин (æрбахызт). Нæ кадджын æлдар, хъуыддаг хорз нæ рауад. Адæм хъалон нæ фидынц. 141
Хъуыдæберд. Хорз! Цæугæ! Фарн . уаё’ хъазты, чызджытæ! Бадут, бадут! Æмæ уын Таймураз кæм ис? Дзицца (æрбахызт). Æгас цæут, мидæмæ нæм рахизут. Хъуыдæберд. Бузныг!.. Мидæмæ нæ не ’вдæ- лы. Æмæ дæ фырт кæм ис? Дзицца. Уый дæр уæм зындзæнис, кæд уæ афтæ æхсызгон хъæуы, уæд. Хъуыдæберд. Кæд, мыййаг, мæнæй бамбæхсти? Дзицца. Лæгæй чи бамбæхса, ахæм лæппу мын мæу. Хъуыдæберд. Цæй, æгъгъæд! Фæлтау ма мын зæгъ, хъалон фидыс æви нæ? Дзицца. Уый та куыд, уæздан æлдар, аив нæу лæджы хъалои сылгоймагæй домын. Хъуыдæберд. Уæдæ кæд хъалон нæ фидыс, уæд рарæвдз кæн балцы уæртæ дæ чызг æмæ дæ чындза- джы. (Хъазджерийæн.) Биаслантæн сæ ныууæй кæн- дзыстæм, æхсызгон сын уыдзæн, ахæм рæсугъд фæь- дырцæгъдаг чызджытæ сын лæггад куы кæной, уæд. Чызджытæ фæтарстысты. Дзицца. Ма кæут, мæ хуртæ, уæздан æлдар у, афтæ нæ бакæндзæн, ма тæрсут. Хъуыдæберд. Бакæндзынæн, мæ мад, мæ фы- дыстæн, мæ уæздандзинад мæ домы уый. Кæд зынаргъ уой дæ фыртæн йæ хо æмæ йæ рæсугъд Агуындæ, уæд сæм зындзæн. Д з и ц ц а. Уæздан æлдар, афтæ не ’мбæлы. Дæ мыггаджы, дæ хуыцауы хатырæй, ма нæ фæхудинаг кæн! Чызджыты ныууадз. Хъуыдæберд (фæхæцыд сыл). Фадат ис дæ фыртæн йæ -лæгдзинад бавзарынæн. Дыккаг хатт зон- дзыстут уæ бынат. 142
Дзицца. У-у, дæ фæхъхъау фæуон, ма мæ фæ^у- динаг кæн, мах — дæ мад, дæ фыды уазæг! Ныууадзут нын нæ чызджыты! Мад дын куы ис! Хъуыдæберд. Ныр цы бирæ дзæгъæлы дзурыс! Сæхмæрза (æрбахызт). Кæдæй нырмæ сым-сым кæнут? Фезмæлут, хур арвы астæумæ схæццæ! Хъуыдæберд. Марадз, Хъазджери, Айтег! Мæ фæдыл! (Хæдзармæ бабырстой.) Д з и ц ц а (æрæппæрста йæ кæлмæрзæн Сæхмæр- зайы раз). У-у, дæ фæхъхъау фæуон, ма нæ фæхудинаг кæнут, мах — уæ мад, уæ фыды уазæг! Сæхмæрза (асхуыста кæлмæрзæн ехсы бырын- къæй). Банцай! Æгæр бирæ дæр ма дæм фæхъуыстон... Уæ чызджытæ нæ, фæлæ ма дын дæ хæдзарыл дæр арт бандзардзынæн. Ды та цæугæ, уартæ цалдæр азы дæ хъыбылы кæм фæхъомыл кодтай, уыцы дуры бынмæ. Чызджыты акодтой. Дзицца. Хорз, кæнут уал фыдмитæ, фæлæ йæ зонут, худинаг мæ фырт йæ сæрмæ кæй не ’рхæсдзæн, кæй уын нæ ныххатыр кæндзæн ац^ы цъаммар .хъуыд- даг! Тайму, мæ дарæг, цæй иунæгæй мæ ныууагътай, куы нæ фæхынджылæг кодтой! Кæд ма мæ бахъæу- дзынæ! Куыд æрæгмæ нæм зыныс? (Фезгъоры.) Æ м б æ р з æ н
/"^О’^А’-ч /->мдл /^.’Ъ/ь&’-у • ~ЛАЛ'~\ ЦЫППÆРÆМ АРХАЙД ÆХСÆЗÆМ НЫВ Уæлхох быдыр, æртыккаг нывы куыд уыд, афтæ. Танмуразы лæгæты раз— стайы царм тыгъд. Н и к о л а и ч архайы дзаумæттп- мæ. Зары. Марков (æрбацыд). Николаич, цы фæдæ? Цæн, рæвдз стæм фæндагмæ? Н и к о л а н ч. Рæвдз стæм, рæвдз. Марков. Уæдæ æз дæр дзæгъæл цыд нæ фæдæи. Кæсыс, дæумæ гæсгæ, ай циу? Николаич. Дидинæг у, хуымæтæджы дидинæг. Марков. Нæ, уый хуымæтæджы дидинæг нæу. Æз Петербурджы ацы дидинæгæй кæйдæрты дзыхтæ бамыр кæндзынæн. Уæдæ мæнæ уый та циу? (Æрбап- пæрста йæм æрзæты къæртт.) Н и к о л а и ч. Дур уаид æмæ æгæр уæззау у. Æвæццæгæн, зды у. Марков. Ай-гъай, зды. Цас хъæздыгдзинæдтæ ис ацы хæхты, фæлæ сæ адæм та—мæгуыр!.. Н и к о л а и ч. Сæхæдæг тыхст сты, афтæмæй та махæн хæринаг сæрвыстой. Ацы ран хохы цъупмæ, æрмæстдæр мæргътæ йедтæмæ кæдæм ницы хæццæ кæны, уым дæр ис æфхæрджытæ æмæ æфхæрдтытæ. М а р ков. Адæм стыхстысты æнæ • зæхх, æнæ 144
фæлæууæндонæй. Æмбисонды хорз ад&м, æргом- дзырд, хæларзæрдæ, куыстуарзаг, фæлæ æнамонд. Цæй хъæлдзæг вæййынц, нучысыл сæ еæ маст куы айрох вæййы, уæд! Н и к о л а и ч. Таймураз куыд фенкъард, а дыууæ боны цæугæ кæнын, зæгъгæ, куы загътай, уæд... Марков. Сахъгуырд у Таймураз, мæнæ ды куыд фæзæгъыс: «Домбай — сывæллоны зæрдæимæ». Хъуы- ды ма кæныс, зæронд, куыд зæр цæхæларæй ныл сæм- бæлд. Н и к о л а и ч. Æмæ ныл се ’лдæрттæ дæр хорз куы сæмбæлдысты. (Фæзмы.) «Санибайы бонджынтæ базыдтой уазæджы балц æмæ загътой: «Тынг æхсыз- гон нын у, гъе æцæг ацы комыл цæуæггаг бафидут». Уыдон ахæм цъаммар сты, æмæ сæ цуры куы ’рæхс- нырсай, уæд дын сæ «хайыр» ничи зæгъдзæн. Марков. Ды æдзухдæр раст фæдзурыс, мæ хæ- лар. Æдде Т у з а р æхситт кæны, æрбацыд цавæрдæр маргъы мард- пмæ. Николаич. Кæс-ма, Тузармæ, хуыцауы тыххæй!.. Тузар. Фатæй йæ фехстон æмæ йыл хорз не ’суад. Фæцæй мын лыгъд æмæ йæ уырдыгмæ дурæй ныццавтон. (Тузар æрбадт, рафæлдах-бафæлдах кæны чиныг.) М а р к о в. Уагæр цы уыди? Туз а р. Халон. (Æвдисы йæ.) Николаич. Дæ разы уыдон дæр хæсдзыстæм, Георгий Александрович? Марков (фыссы.) Æнæмæнг... Тузар кæсы, Марков цы ми кæны, уымæ. Николаич дзаумæттт æфсиайы, зарынц. 10 Пьесæтæ 145
Б а т р а д з (фæзынд Таймуразимæ). Ам СтЫ... (Фæцæуы.) Т а й м у р а з (уромы йæ). Фæл^уу-ма. Днссаджы эарæг!.. Ма сæ бахъыгдар. Ту з а р (ауыдта сæ). Тайму! Марков. Гъа, уазджытæ!.. Схæццæ стут? Æгас цæут! Т а й м у р а з. Уæ бон хорз! М а р к о в. Цæй дард лæуут? Т а й м у р а з. Раст зæгъгæйæ, чысыл раздæр ссы- дыстæм, фæлæ нæ уæ зарæг фехалын нæ фæндыд... М а р к о в. А-а! (Николаичырдæм). Уый нæ зæронд булæмаргъ у... (Худынц. Сбадтысты.) Цæй... Цы хабæрттæ ис, дзурут. Таймураз. Хабæрттæ — хæрх, фæлæ цæмæй рай- дайон, уый нæ зонын. Марков. Кæд циндзинад у, уæд йæ кæропæй, кæд хъыгдзинад, уæд та йæ тæккæ сæрæй... Таймураз. Нæ уавæртæ дын æнæзындгонд не ’сты... Хъалоны бын нæ фæкодтой, мæнæ сымахæй ко- мы цæуæггаг чи агуырдта, уыдон. Батрадз. Сывæллонау фæцин кæнæм, исчи нæ сæрыл куы сдзуры, уæд. Бæллæм не ’уæнгтæ аивазын- мæ æмæ нæ бон нæу. Цæрын нæ фæнды æмæ нæ нæ уадзынц. Таймураз (Марковмæ). Цы чындæуа, куйд ис феуæгъд уæвæн нæ фыдбылызæй? Марков (бирæ ахъуыдыйы фæстæ). Цы дыи зæгъон, нæ зонын, Таймураз, сагъæсы мæ бафтыдтай... Уæ хъысмæт бæллиццаг нæу... Фæлæ цард агургæ нæ кæнынц, тох ыл хъæуы, мæ лымæн. Бирæтæ уыцы то- хæй нал раздæхынц, фæлæ уыдон фæзонынц сæ ны- сан, æмæ уый сæрвæлтау нывондæн æрхæссынц сæхи. Гъе, æцæг адæмæн арæх сæ ныхас кæрæдзиуыл нæ 146
бады. Иуы сæ куы фефхæрынц, уæд иннæ фенхъæлы, мæнæн ницы уыдзæн, зæгъгæ. Николаич. Куырис судзы, бæттæн худы. Марков. Иттæг раст æй зæгътай, мæ хæлар... Куырис судзы, бæттæн худы... Уый канд сымах хъыс- мæт нæу... Гъе, афтæ фесæфт, æрдæбон кæй зарæгмæ хъуыстат, уый, афтæ фæцис йæ балц, ибон дын кæй кой кодтон, уый дæр — Емельян Пугачев. Николаич. Емелька Пугачев... уый лæг уыди, лæг. Таймураз. Раст загътай, Георгий, тынг раст — нæ фыдбылыз дæр гъе уый мидæг ис, æмæ кæрæдзимæ кæй нæ хъусæм, кæрæдзийы кæй не ’мбарæм. Николаич (Тузармæ). Цæй, куыд сахуыр код- тай, кæй дын бацамыдтон, уый? Мæнæ уый цавæр дамгъæ у? Туз ар. Т. Николаич. Мæнæ уый та? Тузар. У. Николаич. Дарддæр? Т у з а р. Нал æй зонын. Николаич. 3. Туз а р. 3. Николаич. Мæнæ уый та? Туз а р. А. Н и к о л а и ч. Æмæ æппынфæстаг. (Амоны.) Ту з а р. Р Николаич. Цæй-ма, гъеныр сæ ногæй радзур. (Амоны.) Тузар. Т. У. 3. А. Р. Мæнæ ма: Тузар!.. Марков. «Тузар». Иттæг хорз!.. Зæрдæргъæвд лæппу. (Худынц.) Б а т р а д з. Ничи йæм кæсы, хъулон гæххæтт æв- зарын базыдта. 147
Марков. Тузар, акса, мæнæ мæ куыд фæцæйрох кодта... Мæнæ дын æрттиваг дур ссардтон,.. (Радта йын æй.) . Тузар (фæкомкоммæ Марковы чыныгмæ). Мæнæ ма мын ацы чиныг ратт. Марков. Ацы чиныг, зæгъыс? (Йæ уæхскыл ын йæ къух æрæвæрдта.) Хорз, дæу фæуæд. Н и к о л а и ч. Уый та куыд? Æдзух хæхты цъуп- пытыл дæхицæн лæг-æмбалыл кæй нымадтай, уый ам уадзыс? Марков. Ницы кæны, нæхимæ ма мæм ис. „Батрадз. Æмæ дзы цæуыл дзурынц, Георгий? Марков. (райста чиныг). Ацы чиныджы- ныхас цæуы цагъайраджы царды ныхмæ тохы тыххæй, бон- джынты хоны æнæфсис цъулбертæ, хъæддаг сырдтæ. Радищев фыссы, зæгъгæ, исджынтæн сæ мулк давæг- гаг у æмæ сиды ахæм цардæн кæрон скæнынмæ. (Кæсы.) Ацы чиныджы тыххæй йæ фыссæгæн паддза- хы хицауад рахаста марыны тæрхон. Б а т р а д з. Æмæ йæ амардтой? Марков. Нæгъ... Марын æй нæ бауæндыдысты, фæлæ йæ Сыбыры хай бакодтой. Т а й м у р а з. Гъей-джиди, махмæ дæр иу ахæм лæг куы разынид, нæ сæрыл чи сдзурид! Иуæй- иутæ сæ туг куы калынц, аннæтæ та æввонгæй куы хæрынц, уæд кæм ис рæстдзинад? Цы уæлдай хорз ма дын ракодтой æввонгхортæ, тыхгæнджытæ? Уæдæ дæм кувгæ дæр фылдæр æнæбонтæ куы кæнынц. Ныббар нын, нæ буц уазæг, дæу дæр ма нæ мастæн хайджын фæкодтам. . Марков. Цы гæнæн ис! Мастæй хайджын бирæтæ сты. - Æдде ф æ н д а г а м о н æ г йæ хæрæгыл хъæр кæны. 148
Æнхъæлдæн, нæ фæндагамонæг схæццæ. Фæндагамонæг. Цæй, нæ байрæджы кодтон? Уæ бонтæ хорз! Марков. Нæ байрæджы кодтай, нæ. Ныртæккæ. Цæй, бахатыр кæнут, махæн цæуын афон у. Н и к о л а и ч. Уырыссаг æгъдаумæ гæсгæ балцы агъоммæ абадын æмбæлы. Марков. Цæй, Таймураз, сбадæм, кæннод ныл зæронды зæрдæ фæхуддзæни. Батрадз. Æмæ цы кæны, нырма бон бирæ у, абадæм. Бадынц, стæй фестадысты. Батрадз æмæ Таймураз дис кæнынц. М а р к о в. Уый не ’гъдау афтæ амоны. Нпколаич æмæ фæндагамонæг дзаумæттæ хæссыиц. - Æз иттæг разы дæн, цы хъысмæт нæ фембæлын кодта, уымæй. Т а й м у р а з. Дæхи нын бауарзын кодтай æмæ кæй цæуыс, уый нын тынг зын у. Мах никуы федтам уырыссæг лæг хæстæгмæ. Кæй бон у нæ уавæрты Уæрæ- семæ афтын! Йæ бон кæмæн у, уыдон-иу уæ æндæр цыдæртæ дзырдтой. Хæдзар нæ никæмæн скодтай, Георгий, иу иннæйы дарæг нæу, фæлæ нæ дæ фæлмæн ныхао, дæ сыгъдæгзæрдæ æмæ рухс цæстæнгасæй бал- хæдтай,... Нæ бон дын ницы у, фæлæ нæ фæнды, мæнæ ацы нымæт нæ номыл ’куы фæдарис, уы’й’. (Æрбакодта йыл æй.) Николаич. Георгий Александрович, мæнæ дыл куыд дзæбæх фидауы! М а р ко в. Бузныг уæ лæварæй! Стыр бузныг! Ар- дæм куы цыдтæн, уæд мын дзырдтой, «хæхты тас у», зæгъгæ. Фæлæ дзы æз сæмбæлдтæн, мæнæ ныртæккæ 149
дæхæдæг куыд загътай, афтæ фæлмæн ныхас, сыгъ- дæгзæрдæ æмæ рухс цæстаенгасыл... Ард хæрьш, цы цæхх æмæ мæ кæрдзынæй суазæг кодтат, цы дзæбæх цæстæнгас мæм равдыстат, уый уын никуы ферох кæн- дзынæн! Таймураз. Нæ хæдзар нын кæй нæ базыдтай, уый хорз нæу, Дзицца дæр мæ бафхæрдта. Марков. Уый тыххæй .бузныг. Нæ фадат нæ фæци. Дæ мадæй дæр хатыр ракур æмæ йын «стыр бузныг» зæгъ мæ номæй. Батрадз. Цæй, æнхъæлмæ уæм кæсынц уарзон бинонтæ æмæ æгас хæдзар ссарут. Марков. Бузныг! Тузар, дæ чиныг ма фесаф, хъу- сыс, искуы йæ бакæсдзынæ. (Йæ хъæбысы йæ кæны.) Т у з а р. Нæ йæ фесафдзынæн, ма тæрс. М а р к о в. Цæй, сымах лæуут. ■ Б а т р а д з. Чысыл дæ ахæццæ кæнæм. Марков. Нæ, нæ, стыр бузныг. Мах ацырдæм цæуын хъæуы, сымах та—мæнæ иннæрдæм, Ам фем- бæлдыстæм"фыццаг хатт, кæрæдзи ам базыдтам æмæ «хæрзбон» дæр ам зæгъæм кæрæдзийæн. Махмæ афтæ фæзæгъынц, хох, дам, хохыл нæ сæмбæлы, фæлæ, дам, адæймаг адæймагыл сæмбæлы. Чи зоны, æмæ та искуы сæмбæлæм. Таймураз. Ахæм амондмæ тынг зæрдиагæй æн- хъæлмæ кæсиккам. Марков æмæ Николаич ацыдысты. Сæ зарæг дардæй-дарддæрæй хъуысы. Батрадз. Тигъы аууон фесты. Николаичы зарæг ма мæ хъустыл азæлы ныр дæр. Таймураз йæ хъуыдыты адзæгъæл. 150
Диссаджы лæг у, æвæдза, Георгий! Хуымæтæджы здæмыл куыд иузæрдион у! Т а й м у р а з. Нæ зæрдæты нын æг.æрон. циндзннад ныууагъта. Б а т р а д з. Ехх, адæймаг æппæты фыццаг хъуамæ уарза адæймаджы! Таймураз. Раст зæгъыс, Батрадз! Куыд адджын нын вæййынц нæ зæронд лæгты барджын ныхас, нæ фæсивæды зарын, нæ чызджыты фæндыры цагъд æмæ ма суанг чысыл сывæллæтты цъæхснаг хъæртæ дæр! Балцæй цыфæнды фæллад æмæ мæстджынæй куы ’рыздæхæм æмæ нæ хъæуты куы фенæм, уæд не уæнг- тæ срог вæййынц. Цы уаиккам æнæ кæрæдзи, æнæ Гæсти, æнæ Дзицца!.. Б а т р а д з. Æнæ Агуындæ... Таймураз (фефсæрмы.) О, æнæ Агуыпдæ, стæй æнæ Залихан. (Худынц.) Батрадз. Гъемæ ныууадз дæ цуан кæнын, Тай- мураз. Таймураз. Омæ афтæ æнхъæлыс, Батрадз, мæ хъæзнæй цуан кæнын. Ирвæзын хъæуы истæмæйты. Мæлæты хуымты хицау, мыййаг, куы нæ стæм ды дæр æмæ æз дæр. Б а т р а д з. Цæй, исты амæлттæ кæндзыстæм, Таймураз. Дзицца дæуыл мæт кæнынæй фылдæр иæу. С а ф а р (дардæй). Таймураз, Таймураз! Т а й м у р а з. Мæ хъусыл цыма кæйдæр хъæр ауад... Чи у уый? Б а т р а д з (кæсы). Æцæг, æцæг,лдæу агуры. Фæ- дзур æм. (Хъæр кæны.) Гъей, чи дæ, мæнæ стæм, ардæм! С а ф а р (æдде). Гъе-е, Таймураз! Т;а й м у р а з. Сафар? т
Батрадз. Сафар! Ардæм! Хуыцау, фыдбылызæй нæ бахъахъхъæн! " ’Æрбахызт С а ф а р, йæ къæхтыл ма тыххæй лæууы. С а ф а р. Тагъддæр—хъæумæ! Тугъанты ’лдæрттасг гæрзифтонгæй ’рбахæццæ сты. Сæхмæрзаитæ адæмы фос тæрынц, с’удзынц хæдзæрттæ, нæ чызджыты пын цагъары фæкæнынц. Таймураз. Уый та куыд? Батрадз. Гъе, уæууæй, нæ худинаджы хъæр ай- хъуыст! Цы цæсгомæй ма ис рацæуæн адæмы ас- тæумæ!.. С а ф а р. Хуыцау! Нæ тæригъæд сын ма ныб- бар!.. Таймураз (иуварсмæ). «Цардыл тох кæнын хъæуы»... Раст уыдтæ, Георгий, тынг раст... Ацал-ауал азы нæ алыварс æртыхстысты маргджын кæлмытаг. мах та сæ уæдæй нырмæ не ’ууæнкдзинадæй хъарм кæнæм... Батрадз, кæдæм? Ба т р а д з. Сæхмæрзамæ! Таймураз. Фæлæуу, афтæмæй ницы. Тагъд — Хъобанмæ!.. Зæгъ фæсивæдæн, хъалондар чи у, уыдон ракæн. Æрвдзавд дуры раз сæм æнхъæлмæ кæсдзыс- тæм... Тыхгæнджытæн ууылты уыдзæн сæ фæндаг... Хъæуæй рацæуæн æндæр никæуылты ис. Батрадз. Хур бæндæнбæрц нæма суайдзæн ар- выл, афтæ Хъобаны фæсивæд уым уыдзысты. Таймураз. Сафар! Ды та цæугæ дæллаг хъæу- мæ! Не ’рдхорд Хъауырбегæн хабар фехъусыи кæн, цы хъæуы, уый йæхæдæг зондзæн... Æрвдзавд дуры раз ссардзыстут мах дæр. Тузар, ды та—хосдзаутæм! С а ф а р. Хорз. (Ауад.) Батрадз. Æтт, Таймураз, сæр нæ бахъуыд! 152 ^
Таймураз. Абонæй фæстæмæ ма йе ’фхæрд чи ныббара, уый æцæгдæр адæймаджы ном макуыуал фæхæссæд! Æ м б æ р з æ н æвдæм ныв Хæхты астæу фæпдаг. Б а т р а д з къæдзæхæй йæ сæр сдард- та æмæ фехситт кодта. Т а й м у р а з æрбацыд. Б а т р а д з. Æрбацæуынц. Т а й м у р а з. Фæсивæд. Ф æ с н в æ д сзындысты. Хæстæгдæр сæ ’рбауадзут, цалынмæ уын зæгъон, уæдмæ иу æхст дæр- куыд ничи фæкæна, афтæ. Тузар, ды та ам цы ми кæныс? Дæуæн ам лæууæн нæй, ныр- тæккæ нæмгуытæ дыууæрдæм æхситт кæндзысты. Цæу- гæ хъæумæ! Тембол, æрхы фале йæ фæкæн. Тузар. Æз мæхæдæг ацæудзынæн. (Ацыд.) Б а т р а д з. Лæбырдмæ ’рбахæццæ сты. Д ж е н а. Бирæ сты? Б а т р а д з. Чысыл не ’сты. Таймураз. Лæгдзинад равдисыны фадат уын æрцыдис, мæ хæлæрттæ. Сæр уæ бахъуыди. Джена. Æллæх, æллæх, дæлæ цас сты! Ныр цы ка?ндзыстæм уыдонимæ? Б а т р а д з. Ома, куыд цы? Джена. Иу хуыскъ хъуг мæм уыдис æмæ сын амæттаг фæуæд, нæхи та ма цæуыл цæгъдын кæнæм? Уыдон гæрзифтонг сты, мах та—афтид арм. Тацмураз, Бднцай! Зын у, карз тохы агъоммæ 153
ахæм ныхас хъусын, тынг зын. Хъыгаг у, кæрæдзийы- фаг-нæма æмбарæм,~нæ ныхас иу кæй нæу, кæрæдзи- йы сæрыл кæй нæ хæцæм. Чындзхæссæг нæ цæуæм, хуынды — иннæ ахæм, тохмæ цæуæм, карз тохмæ... Бирæтæм уæ æнхъæлмæ кæсынц уарзон бинонтæ: мад, сабитæ, æрыгон чындзытæ... Хъалондар уæвын кæй фæнды æмæ худинаг йæ сæрмæ чи хæссы, уымæн бар ис. (Амоны.) Ардыгæй хъæдмæ фæндаг æдас у. Джена фæцæйцыд. Батрадз февнæлдта хъримагмæ. Б а т р а д з. Ау!.. Мæлæтæй фæтарстæ? Таймураз (фæурæдта йæ). Ма фехс! Хъæугæ- рон кæуынц нæ урссæр ныййарджытæ, не ’нахъом са- битæ сисы цъассыты бамбæхстысты. Ау, не ’фхæрд сын куыд ныббарæм? С а ф а р. Нæ ныббардзыстæм не ’фхæрд. Джена (æрбаздæхт). Ныббар мын, Таймураз, мæ лæмæгъдзинад, мæ сабитæ сидзæрæй куы баззайой, уымæй фæтарстæн. Таймураз. Ницы кæны, мæ хæлар, ацы ран тох кæндзыстæм нæ сабиты амондыл. Цæугæ де ’мбæлт- тæм! Б а т р а д з. Хъæу та судзы. Таймураз. Кæсут æмæ йæ уæ зæрдыл дарут, су* дзынц нын нæ хæдзæрттæ, нæ мæгуыр адæмы нын бастыгътой. Æмæ сын æгъгъæд нæу, нæ хæдæфсарм хоты та нын цагъарæн ныууæй кæнынмæ хъавынц. (Сласта йæ кард.) Хæрам ын фестæд йæ ныййарæ- джы фæллой, лæг ма хуинæд, знаг уынгæйæ, йæ кард йæ кæрддзæмæй чи не ’сласа! Ард хæрæм! И у у ы л д æ р. Ард хæрæм! Б а т р а д з. Æрбахæццæ кæнынц. Таймураз. Мæ хæлæрттæ! Топпыхос кæмæ цал №
уа, уый цæвæд кардæй, йæ кард кæмæн асæтта, уый— лæгдыхæи. Не ’лдæрттнмæ .карз тохы бацыдыстæм æмæ бынæй хъуамæ уыдон фæуой. Уæ бынæттæм! Иууылдæр сæ бынæтты æрæмбæхстысты. Дардæй хъуысы сыл- гоймæгты цъæхахст. Хъуыдæберд (æрбацыд). Ракæнут сæ тагъд- дæр! Æрабакодтой А г у ы н д æ, Ч а б æ х а и æмæ нннæ ч ы з - д ж ы т ы. Хъазджери. Цæй, цы ’лдиаг кæнут, лазмæ! Хъуыдæберд. Фæстæмæ цы фæкæс-фæкæс кæ- нут? Адон мын Таймуразæй æхсарджын уыдысты! Гъы, кæм ис уæ Таймураз? (Ехс бæрзонд фæхаста. Фæцыд гæрах. Ехс æрхауд. Ауыдтой Таймуразы æмæ фæпырх сты.) Таймураз. Мæн агуырдтай, æнхъæлдæн! Чыз- джытæ, уæхи фæфæсвæд кæнут! Сафар, марадз, фæ- кæс сæм. Фæсивæд, ацырдæм! Хæст стынг. Иурæстæджы Батрадз Хъуыдыберды æрбаййæфта. Батрадз. Чъылдымæй марын мын мæ фыдæй нæ баззад, Хъуыдæберд, æмæ де ’ргом раздах. (Хæцынц хъаматæй, Батрадз æй амардта.) Хæст ноджы тьшгдæр кæны. Æрбазындысты Таймураз æмæ Сæхмæрза, хæцынц кæрдтæй. Фæаууон сты. Фæзынд X ъ а з - д ж е р и. Хъазджери. Дæлæ куы дæ, дæлæ, Таймулаз! Фæлæуу! Дулы бын хъомылгонд дæ æмæ дæ æз уыл- Ш
дæм балвитдзынæн. (Ныхъхъавыд. Тузар æм фæстæты бахъуызыд’ æмæ йын йæ фæсонты кард ныссагъта, йæ* хæдæг алыгъд.) "’ * ’Фæзындысты ’та ’ Т а н м у р а з æмæ С æ х м æ р з а. Таймурал ын йæ кард акъуырдта. Таймураз. Дæ къухтæ дæ коммæ нал кæсынц, Сæхмæрза, æгæр зыр-зыр кæнынц! Сис дæ кард, на- уæд æнкъард кæны ме ’хсаргард! Сæхмæрза. Дзæгъæлы цин кæныс, мæрдтæм мæ разæй бацæудзынæ. (Кæмæдæр дзуры.) Цæв æй! Ч и д æ р Таймуразмæ æрбахъуызыд, Таймураз æй багæрах код- та. Хæцы та Сæхмæрзанмæ. Аинæгмæ йæ стардта æмæ йæ уыр- дыгæй аппæрста. Таймураз (бæрзонддæр суад). Цы фестут, фæси- вæд? (Фæцыд гæрах, Таймураз ныццудыдта æмæ ’рхауд, фæсте йæм чидæр бахъуызы.) Батрадз знаджы багæрах кодта. Б а т р а д з. Таймураз, цæф дæ? Таймураз. Батрадз, куыд æхсызгон нын у, фыд- гултæй нæ маст кæй райстам, уый! Хъалон кæй нал I фиддзыстæм... Фæлæ тæрсын, ацы хатт дæ хъæумæ æнæ мæн цæуын куы бахъæуа, уымæй... Т у з а р. Тайму! (Кæуы.) ■ Таймураз. А-гъа, Тузар! Ма ку, Тузар!.. Ма ку! Æмæ дæ чиныг кæм ис? Хъахъхъæн æй, цæсты гагуы- йау. (Кæсы дамбацамæ.) Батрадз, хæц æмæ йæ нæ хæ- лары номыл фæдар. Цæй зын у мæлын, куыд фидар у адæймаджы зæрдæ, куыд нæ йæ фæнды мæлын! Бат- радз. чызджытæ цы фесты? 156
Ч ы з д ж ы т æ æрбацыдысты, Ч а б æ х а п йæ разы æрхауд. Æмæ ма... (Агуындæмæ скасти.) А-а-а... Дзицца ма кæм и, уæдæ?,. Дзицца, мæ хъæдгæмттæ ма мын æр- бабæтт. Тæхуды, Дзиццамæ мын чи бадзурдзæн? Сæр- джын саг дын, зæгъ, рамардтон, хъыг дæр ыл ма ра- кæн, иттæг цин дæр ыл ма бакæ... Мæ хъæдгæмттæ ма мын æрбабæтт, Дзицца... Куыд æрæгмæ мæм цæуыс, Дзицца? (Амард.) Иууылдæр ныккуыдтой. Æддс «Таймуразы зарæг» хъуысы. Б а т р а д з. Дидинæг тугæй сахуырсти, нæ цæсты- сыгæй йæ æхсæм. Стыр карз хæсты бацыдыстæм, фæ- сивæд, царды сæраппонд. (Таймуразы кард систа.) Ард бахæрæм адæймаджы тугæйдзаг зæххæй, худинаг нæ сæрмæ кæй не ’рхæсдзыстæм! Кæ р о н
ХАДЗЫМУРАТ ÆРТÆ АРХАЙД1?! ®
АРХАЙДЖЫТÆ: Уборевич —бригады командир. Дзæрæхохты Хадзымурат — бæхджын отряды командир, 45-аздзыд. С о к о л — отряды комиссар, 30-аздзыд. К л е щ о в — разведчик, 30-аздзыд. Керенскйй — Рæстæгмæ хицауады сæрдар. Ч у м а к — булкъон, 50-аздзыд. Снегир’ев (Сорокæ) —поручик, 25-аздзыд. Аслæнджери —салдат, 30-аздзыд. Дыккаг салдат — 25-аздзыд. Д н д р е й, Савельевнæйы фырт — партизан, 30-а'здзыд. М а р и я — 23-аздзыд. Ю с у п — Хадзымураты ординарец, 30-аздзыд. Е г о р — 60-аздзыд. Б а х м а ч — Керенскийы секретарь, 28-аздзыд. Колокольчик — сырхæфсæддон, 26-аздзыд. Д ж е к с о н — америкаг æфсады капитан, 35-аздзыд. Хъахъхъæнæг Сомов, сырхæфсæддонтæ, у р с ы т æ, ч ы з д ж ы т æ. 160
ШЫЦЦАГ АРХАЙД ШЫЦЦАГ НЫВ 1917 аз. Сентябр. Петроградмæ хæстæг. Æмбæрзæны байгомимæ райхъуыст салдæтты хъæлæба. Архайд цæуы къазармайы кæрты. С о к о л салдаты дарæсы пулеметы тачанкæйы лæууы, йæ алы- варс—с алдæттаз! Иутæ йæ æддæмæ æппарынц, аннæтæ йыл хæцынц. Колокольчик (цыма йæ алфамбылай цытæ ’цæ- уы, уыдон æппындæр ницæмæ дары, уыйау баянæй цæгъды æмæ зары). 11 Пьесэе^тæ 161
Æз дæс чызджы уа-арзтон, Фараст мæ дзы ферох! Охх! Иуæн д’зы рохгæнæн дæр нæй! Юсуп (сгæпп ласта, йæ фарсмæ алæууыд). Бай- хъусут! Бауадзут æй дзурын, кæд йæ дзыхæй сызгъæ^ ринтæ схауд^^ен, уæд та? А с л æ н д ж е р п". Цæмæ йæм хъусæм?... Хицауадæп уый хуыздæр зоны хъуыддæгтæ?ч Дыккаг салдат. Раппарут æй! Ахсинаг у. Аслæнджери. Ахсинаг нæ, фæлæ æхсинаг. :Сокол. Æрцахсут мæ, фæлæ уын æз хъуамæ зæ- гъон!.. Юсуп. Дзур! (Нæ йæмуадзы æвналын.) Сокол. Керенский æмæ йæ хицауад сæ тыхтæ про- летариаты ныхмæ сарæзтон. Петрограды цы революци- он æфсæддон хæйттæ ис, уыдоны хæстмæ цæгъдынмæ тæрынц. А дыууæ боны Петроградмæ бырсдзыстут ан- глисаг броневикты æххуысæй... Сымах бакалынмæ хъа- вынц, Рæстæгмæ хицауад аппарынмæ цæттæ чи у, уы- цы революцпон тыхты ныддæрæн кæнынм^е. Аслæнджери. Сайыс! Дыккагсалдат. Къалатнмæ йæ!.. Ю с у п. Сабыр! Сокол. Афицертæ уын уæ сæры зонд разилын код- той... Раппæрстой нæ, фæйнæрдæм æй тонынц, йе "скъуыд хæдоны мидæгæи разыпд матросы дæргъытæ тельняшкæ. А с л æ н д ж е р и. Большевиччыты шпион!.. Фаелæбурдтой та пæм: чи нæ цæвынмæ хъавы, чп та йæ хъахъ- хъæныныл архайы, Фыццаг салдат. Ахæстонмæ!.. 162
Сыхъуыст бæхты къæхты хъæр. Фæзынд Хадзымурат, цал- дæр æхсты хæрдмæ фæкодта, иууылдæр æмраст алæууыдысты. Ха- дзымуратыл -— сау нымæт, æд пъагæттæ цухъхъа, бухархуд, кæ- сæнцæстытæ. Йæ бæрцыты æдде — дыууæ абоймæйы, йæ риуыл — цыппар «Георгины», нæ къухы — ехс. Хадзымурат. Цы хабар у? Фыццаг салдат. Большевиччыты агитатор, гос- подин урядник. Аслæнджери (Соколы уачъийæн иу ныддауд- та.) Уæйгæнæг! Хадзымурат (Соколы алыварс æрзылд.) Аф • тæ у? Сокол (чи загъта, уымæ). Керенскййы иузæрдион салдатæй уæйгæнæг мæнмæ нæ хауы. Фæцæй-та-йæм лæбурдтой, фæлæ сыл Хадзымурат фæхъæр кодта. X а д з ы м у р а т. Æнцад! (Фæхъус сты.) Худинаг уын нæу?! Æгас эскадронæй иу лæджы ныхмæ... (Уы- мæ.) Кæд ахæм хъæбатыр дæ, уæд ма дæ хъуыды кæ- ронмæ зæгъ. С о к о л (линейкæмæ сгæпп кодта, систа йæ ронæй гæххæтт, кæсы). «Пъамещиктæ æмæ буржуйтæ, сæ сæр- гъы кадетты парти, афтæмæй сæмварс сты инæлæрттæ æмæ афицертимæ. Уыдон суынаффæ кодтой, чи никуы- ма æрцыд, ахæм æбуалгъ ми—Ригæ æмæ Петроград немыцæн раттын, немыцæн фронт байгом кæнын, стæй уæд «хъæддаг дивизиимæ» нæ райгуырæн бæстæйы столицæмæ ныббырсын. *Уыдон утæппæт’ митæ кæнынц, цæмæй хицаудзинад иууылдæр байсой буржуйтæ, цæ- мæй цæрæнбонты хъæуты æлдариуæг кæной пъаме- 163
щиктэё, цæмæй кусæг æмæ зæхкусæджы’ туг æнæвгъау ныккæла... ^ Л енин». Иууылдæр цавддуртау лæууынц. Хадзымурат бацыд, скаст Со- колмæ, райста йын йæ гæххæтт, æркаст æм. Сокод æрхызт. X а д з ы м у р а т. Хъæбатыр дæ...< Фæндараст! (Со- кол ацыд.) Сæрибар стут сымах дæр. Салдæттæ апырх сты, Хадзымурат æрбадг æмæ хъуыдыты аны- гъуылд. А с л æ н д ж е р и. Дзæгъæлы йæ ауагътай. Ныхас дæм æрхаудзæн. Хадзымурат. Хадзымуратæн йæхиуыл ис сæр. Аслæнджери. Ме ’мбæстаг, дæ сæр алыхуызон хъуыдытæй ма риссын кæн... Мæнмæ æндæр сагъæстæ ис, Микъала-паддзах уа, Керенский-паддзах — уæлдай мын нæу, æз сæ салдат дæн... Мæнæн мæ размæ ис хæс — рæхджы хъуамæ суон афицер/ О, о, афицер! Æз мæхицæн дзырд радтон æмæ суыдзынæн æнæмæнг... (Æртхъирæнæй.) Уыцы фæндагыл æз никæуыл баца- уæрддзынæн, суанг мæ мадызæнæг æфсымæр куы уа, уæддæр. Хадзымурат (фæхъыг ын). Дæ бынат зон, «ме ’мбæстаг!» Аслæнджери. Ныббар, господин урядник, фæлæ нæ эскадроны дыууæ ироиы йедтæмæ не ’стæм... Стæй дын ард хæрын, тагъд дæ сæййафдзынæн... Фыццагдæр цы хæст уа, уым... Хадзымурат. Гъемæ уæд ме ’мсæр уыдзынæ. Аслæнджери. Хатыр;.. (Фæцæйцыд, -æрлæууыд.) Фæлæ... 164
'Хадзымурат. Цæугæ... Лыстæг сырдтæ фæстæ- дæр бахæрдзысты æхсæвæр. Аздæхт, йæ лулæйы тамако нæмы., Аслæнджери. Цы, цы? X а д з ы м у р а т. Ам ма дæ? Аслæнджери фæаууон. Хадзымурат кæсы, Соколæй цы гæххæтт райста, уымæ... Æрбацæуы булкъон Ч у м а к. Хадзымурат ын нæ сыстад. Хадзымурат (йæхицæн). Господин булкъон мах сайынвæнд скодта. (Уымæ.) Æрдæбон та нын цытæ дзырдтат? Цæмæ цæуæм Петроградмæ? Чумак. Господин урядник!.. Хадзымурат. Мæн адæм равзæрстой полчъы ко^ митетмæ. Ч у м а к. Æз та уыцы полкъæн йæ командир дæн нырма! X а д з ы м у р а т. Мæн фæнды базонын рæстдзинад. (Дæтты, Соколæй цы гæххæтт райста, уый, булкъон æй кæсы.) Раст фыссынц уым? Ч у м а к. Петрограды цæуы тынг змæстытæ. Æвæ~ стиатæй ахуыссын кæнын хъæуы большевиччыты арт- дзæст, науæд байрæджы уыдзæн. Бамбар, хъæбатыр, æрмæстдæр Керенский æмæ Корнилов фервæзын кæн- дзысты сæрсæфæнæй Уæрæсейы. Хадзымурат (сыстад, райста йæ гæххæтт). Пет- рограды ис кусæг адæм... Уыдоны нæдæр Керенский хъæуы, нæдæр Корнилов. Уыдоны Лешш хъæуы. , Булкъон йæхи тыххæй уромы. Иуварсæрдыгæй аууоны фехсын æввонг цæттæйæ лæууы, Хадзымурат кæй нæ зоны, ахæм поручик, Снегирев. . 165
Ч у м а к. Кæд дæ крестытæ æм’æ дæ цытæй дæ ныфс хæссыс, уæд уыдоны ницæмæуал æрдардзынæн æз. Хадзымурат. Æз та, дæ сæр уæхсчытыл æгæр уæлиау æвæрд кæй у, уым& дын йæ фæкæсдзынæн^ Ацы ’хсаргард уæлдæртæм дæр сæххæссыд. Ч у м а к. Хъæддаг Шамил! X а-д з ы м у р а т. Шамил нæ дæн, Хадзымурат дæн æз. Ч у м а к. Дæуæн дæ сæр чи разилын кодта, уын ахст у... О, о. Ам дзырд нæма фæци, афтæ къалатийы смидæг. Хадзымурат (йæ размæ балæууыд). Уый ауагъ- тон æз! Ч у м а к. Ауындзгæ та йæ æркæндзынæн æз. Хадзымурат (йæ цырыхъхъы хъус ехсæй ныкъ- къæрцц ласта). Чи бахаста йæ ныфс Хадзымураты бар- дзырд аивынмæ? Чумак. Йæ командир. Салдæттæ сæм хæстæг æрбацыдысты. Хадзымурат. Мæнæн иунæг командир ис æр- мæст — Рæстдзинад!.. (Цæстыфæныкъуылдмæ йæм хъа- ма фелвæста.) Ныртæккæ йæ суæгъд кæн! Салдæтты фылдæр йæ фарсмæ æрбалæууыд. Чу м ак. Хъæддаг адæм!.. (Аууоны цы поручик лæу- уыд, уымæ йæ сæрæй ацамыдта, ракæнут æй, зæгъгæ. Салдæттæм.) Уæ ардхæрд ферох кодтат!!! Хадзымурат. Байхъус-ма, булкъон, хъæрæй хæ- дзар аразæн куы уаид, уæд хæрæгæй стырдæр хæдзар ничи саразид. Чумак. Сæрсæфæнмæ уæхи къахæй цæут. Худинаг у уæрæсейаг салдæттæн сæхи афтæ дарын. • 166
Булкъоны фарс чи уыд, уыдон схъуырдухæн сты, Хадзымураты фарс чн уыд, уыдонимæ. К о л о к о л ь ч и к (цагъдмæ зары): Æз дæс чызджы уа-арзтон, Фараст мæ дзы ферох, . Охх! Иуæн дзы рохгæнæп дæр нæй. Хадзымурат дыууæты æхсæн æхсаргард ныцъцъыллппг ласта. Фæсабыр сты, æрбакодтой С о к о л ы. Хадзымурат (салдæттæм). Сæрибар стут сымах! Юсуп, бæх ын! Юсуп. Ис! (Азгъордта.) Хадзымурат (салдæттæм). Нæ ныхас фехъуы- стат булкъонимæ. Æз уæ уадзын ам. Хадзымурат йæ- хæдæг дæр кусæг лæг у, паддзахы знаг... Æмæ кусæг адæмы марынмæ нæ ацæудзæн, нæдæр уæ фæдыл, нæ- дæр уæ разæй! Юсуп, мæ бæх! Ю с у п. Хъусын. Хадзымурат (Соколмæ). Цом, лæппу, æвæццæ- гæн, иумæ у нæ фæндаг. Юсуп (æрбаздæхт). Ныххатыр кæн, командир. Мах бирæ хæстыты фестæм иумæ. Ды кæдæм цæуай, æз дæр — уырдæм... Салдæттæй бирæтæ разыны ныхæстæ скодтон. Хадзымурат. Уæдæ уæ пе ’фсымæрты марыныл разы чи нæ у, уый — йæ бæхмæ! Салдæттæ, искуы-иуæй фæстæмæ, азгъордтон* сыхъуыст уыпæр, бæхты къæхты хъæр. Ю с у п. Дæ бæх цæттæ у, команднр! Ч у м а к. Цы ми кæнут?! 167
Хадзымурат. Иуварс! Фæаууон сты Юсупимæ. Бæхты къæхты хъæр адард. Сценæйы ма баззад булкъон. Поручик æм’размæ рацыд, Иплæрдæй’ лæууынц иукъорд салдаты, се ’хсæнæй зыны Аслæнджери. П о р у ч и к (кæсы, нымайы, цалынмæ бæ’хты къæх- ты хъæр бынтон нæ басабыр, уæдмæ). Æртæ фондзыс- сæдзы... Аслæнджери (бацыд булкъоны размæ). Госпо- дин булкъон, мæнæн тынг худинаг у ме ’мбæстаджы чъизи ми... Булкъон ын йæ крестытæм бавнæлдта. Ч у м а к. Ды уымæй æнæлæгдæр нæ дæ. Аслæнджери. Бар ратт, чи ма дзы баззад, уы- донимæ йæ ныхмæ схæцынæн. Ч у м а к. Прапорщичы пъагæттæ йын!.. С н е г и р е в. Хъусын! Аслæнджери. Паддзах æмæ райгуырæн бæс- тæйы сæрвæлтау нæ бавгъау кæндзынæн мæ уд! Цалынмæ ам ахæм митæ цыд, уæдмæ сæм Колокольчик фæкаст, стæй бацыд æмæ Аслæнджерпйы раз дæргъвæтинæй сцагъта. К о л о к о л ь ч и к. Эх, яблочко, куда котишься, Попадешь ко мне в рот, не воротишься. Азгъордта, иннæтæ кæдæм ацыдысты, уыцырдæм.' Чумак (Аслæнджеримæ). Прапорщик, салдæтты къазармамæ акæн. 168
Аслæнджери. Хъусын, господин булкъон! (Ацыд. Фæууон сты салдæттæ дæр йæ фæстæ.) Чумак. Штабс:капитан Снегирев! Снегирев. Поручик, господин булкъон. Ч у м а к. Штабс-капитан Снегирев! Снегирев. Бузныг, господин булкъон! Чумак. Сбад дæ бæхыл æмæ сæ баййаф. Кæмфæн- ды уа,— йе ’мдзу кæн... Снегирев. Хъусын, господин булкъон! Ч у м а к. Йемæ чи ацыд, уыцы абырджытæй дæ ис- чи зоны? Снегирев. Не ’нхъæлын. Ч у м а к. Иттæг хорз (Æвдисы йæ къухдарæн.) Мæнæ дæм ацы къухдарæн чи æвдиса, ууыл-иу æууæнд. Йæ ныхас уыдзæн мæ ныхас. С н е г и р е в. Хъусын! Ч у м а к. Фæндараст! (Штабс-капитан фæаууон.) Æ м б æ р з æ н ДЫККАГ НЫВ Керенскийы кусæн уатмæ бахизæны. Аив æфснайд кабинет. Стъолыл—телефоны аппарат, къулыл—Керенскийы ныв. Зыны ми- дæггаг уатмæ бахизæны бæрзонд рæсугъд дуар. Б а х м а ч бады .телефоиы уæлхъус, цыдæртæ фыссы, тамако дымгæ, йæ уæлæ—æф- сæддон хæдон, ронбаст, сау ибкæ, къуырддзыкку. Райхъуыст те- лефоиы дзæнгæрæг. Б а х м а ч. Хъусын. (Сыстад.) Хъусын, господин инæлар... Господин Керенский -нæма • æрбацыд. Хорз, æнæмæнг уæм фæдзурдзынæн. (Сбадт, дыккаг телефо- ны. дзæнгæрæг.) Хъусын. Ныртæккæ. (Исы гæххæтт, 169
кърандас. Фыссы. Фæци.) Ис. Хорз. Куыддæр æрбацæ- уа, афтæ йын æй фехъусын кæндзынæн. Чумак (æрбацыд). Мæнчмæ сндтис господии Ке- ренский. . . . ■ . Б а х м а ч. Александр Федорович тагъд æрбацæу- дзæн, абад уал, господин булкъон. Ч у м а к. Нæ йæ зоныс^ цæмæн мæм дзырдта, уый? Бахмач. Бахмач Бахмач уымæн у, æмæ алцы дæр зона. Арфæ дын кæнын, булкъон. Дæ службæйы дæ фæ- уæлдæр кодтой, стыр æфсæддон хæйтты сæргъы нысан- гонд æрцыдтæ Цæгатмæ. Ч у м а к. Бузныг... Б а х м а ч. Амондджын дæ, булкъон. Æз дзы ныр цас ’курын, хæстмæ мæ ауадз, зæгъгæ, æмæ марадз зæгъай, кæд мæ уадзы. Чум а к. Ды хъæбатыр сылгоймаг дæ. Стæй дæхуы- зæн рæсугъд хи цурæй ауадзын раст нæ уаид. Мæнмæ гæсгæ, Александр Федорович нæ рæдийы. Б а х м а ч. Рæсугъд... Ссардта мын рæсугъд! Хъус- ма, господин булкъон, хуыцауæй курæгау дæ курын: акæн мæ демæ хæстмæ... Дæн журналисткæ, уыдтæн редактор... Ч у м а к. Редактор? Б а хм ач. О. Ч у м а к. Хорз, æз ахъуыды кæндзынæн. Б а х м а ч. Уæдæ мæ зæрдæ дарон? Ч у м а к. Рагацау зын зæгъæн у. Ба х м а ч. Нæ, нæ. Байхъусдзæн дæм. Уый дæуæн стыр аргъ кæны. Ч у м а к. Чи зоны... Ие ’взонг бонтæ иумæ арвыс- там... Сашæ... Б а х м а ч (йæ разы æмраст слæууыд). Мæ фидæны хицау! Чум ак (бахудт). О, фæлæ уал нырма мæ хицау ды 170
дæ... Цæй, æз æм æдде банхъæлмæ кæсон. (Ацыд.) Бахмач. Н&, нæ, хъуамæ мæ ауадза, Æз уар- бын... хæсты тымыгътæ... Змæст хъуыдытæ. Романти- кæ... Экзотикæ, пæллахъгæнгæ цард... Кæрты уынæр, бæхты къæхты хъæр. Къæсæрыл февзæрд X а- д з ы м у р а т. Зыны, хъахъхъæнæг аей куыд нæ уадзы, уын. Б а х м а ч. Цы хабар у? Хъахъхъæнæг. Мæнæ иу цыдæр абырæг! Б а х м а ч (ауыдта «Георгийы кресттæ»). Æрбауадз æй! (Æрбацыд Хадзьшурат, абырæг æй чи схуыдта, уы- мæ кæсы.) Ныххатыр кæн, господин урядник, чи зоны, уый ахæм дарæс фыццаг хатт уыны æмæ дыл æдылы- йау йæхи уымæн ныццавта. Хадзымурат. Гъемæ йын йе ’дылыйы хатыр фæ- уæд. (Хъахъхъæнæг фæаууон.) Бахмач (æрбадт йæ кусæн стъолы уæлхъус). Хъу- сын дæм, чи дæ? Хадзымурат. Дзæрæхохты Уарийы фырт дæн. Бахмач (бахудт). Хатыр. Фыццаг хатт хъусын ахæм мыггаг. Хадзымурат. Хадзымурат... Б а х м а ч (фестад). Хадзымурат? Хадзымурат. Æдас у, æз сылгоймæгтимæнæхæ- цын. Мæн «æмбал» Керенский хъæуы. Б а х м а ч. Александр Федорович ам цæй. Хадзымурат. Сайыс! Фæцæуы йын йæ дуармæ. Бахмач йæ размæ æрлæууыд. Б а х м а ч. Уырдæм цæуæн нæй! Хадзымурат (иуварс æй кæны). Адæмæй цы хи- цауы æмбæхсут, уый адæмы ницæмæн хъæуы. 171
Ба-хма ч. Æз афтæ зæгъын: ам нæй! -. Хадзымурат. Ды та нын чи дæ, ды? Мæнæ’.æнæ- сæртæ ^кæйз фæхоншщ, -гуыцы. партийæ -ма у? _Раст~сæ нывтæ. газеттьгдæгхуызæттæ вæййъшц.: - . - •-.-.- Б а х м а ч. Æнæсæртæ нæ, фæлæ- эсертæ.- Уæрæсейы тæккæ революциондæр парти. Хадзымурат. Æмæ уæ парти иууылдæр дæ хуы- зæттæ сты? Б а х м а ч. Ома?.. Хадзымурат. Ома, зæгъын, ахæм сылгоймæгтæ сты иууылдæр?.. Æниу ды цæй сылгоймаг дæ! Æддаг хæлаф хъуаг дæ æрмæст... Б а х м а ч. Хъус-ма, æддаг хæлафы хицау! • Хадзымурат рудзынгæй .акаст, цырд фæцæуы Керенскийы ку- сæнуатмæ. Сылгоймаг йæ размæ æрлæууыд. Сомов! Хадзымурат. Иуварс! Æддаг дуарыл фæзынд К е р е н с к и п. Мæн фæнды нæ хицауы фенын. Бахмач (ауыдта Керенскийы). Ныххатыр кæн, Александр Федорович! Керенский (кæрдæгхуыз кителы, йæ дæларм — пъартфел, йæ риуыл — сырх бант, галифе хæлаф ыл, цы- рыхъхъытæ, йæ сæрыхъуынтæ цыбыр, «уызын» æлвыд’, йæ хъустæ чысыл хъил.) Ницы кæны, бауадз æй мидæ- мæ. (Хадзымуратмæ.) Дæ хорзæхæй!.. Хадзымурат. Æз мæ зæгъинаг ам дæр зæгъдзы- нæн..'. Керенский. Хъусын дæм, сбад.- (Æрбадт йæхæ- дæг.) Хадзымурат. Æз ардæм бадынмæ не ’рбацыд- 172
тæн. (Газет Керенскийы раз æрæвæрдта.) Цæмæн фыё- сынц дæ адæм Хадзымуратыл гæды ныхæстæ? . . К е р е н с к и й. А,- уæдæ уыцы Хадзымурат ды дæ? Хадзымурат.’О, Дзæрæхохты Уарийы фырт. Циу, зæгъын, уый? , Керенский. Цы фыст дзы ис? Бакæс-ма йæ. . Хадзымурат. Иронау фыст нæу. Керенский (секретармæ). Бакæс æй ды. Б а х м а ч. Хъусын! (Кæсы, Хадзымурат ехсы бы- рынкъæй кæдæм бацамыдта, уым.) «Ахсджиаг хъусын- гæнинаг. Кавказаг «хъæддаг дивизийæ» Дзæрæхохты Хадзымураты фæдыл абырæг цы 350-барæджы алыгъд, уыдон сты хъæды æмæ сабырцæрæг адæмы хъыгда- рынц... Сæ мулк сын исынц!» X а д з ы м у р а т. Уый р’аст нæу. Æз исын, фæлæ кæмæй? Хъæздыджытæй. Дæтгæ та сæ кæнын кæмæн? Мæгуыртæн... Керенский. Алцæмæн дæр ис æгъдау, хицауад кæй сфидар кодта, ахæм закъон. Паддзахы рæстæг нал у. Хадзымурат. Уæ иуыл — хъисын, иннæуыл — голлаг! Керенский. Цы? Цы? Хадзымурат. Ома, зæгъын... Куыдфæнды йæ æм- бар... Бахмач. Господин... Цы дæ схонон, нæ зонын! Ды ныхас кæныс Уæрæсейы хицауады сæргълæууæгимæ. Бафыдæбон кæн, дæхи куыд æмбæлы, афтæ дарыныл. Керенский (бахудт). Уадз æй. Уый хæххон лæг у. Хохæгтæ иууылдæр джигиттæ сты. Джигиттæн та аргъ кæнын хъæуы... Мæнæн дзырдтой, зæгъгæ, дам, ды бирæ бæстæты фæдæ. Хадзымурат. Мæ хорз цардæй куыс^тагур фæ- цыдтæн Амы’рыкмæ/ *•"" :" ’- " - - Керенский. Æмæ?.. 173
Хадзымурат. Кусæг лæджы уавæртæ алы ран дæр иу фæрæтхъæдæй барст сты. К е р е н с к и й. Стæй, дам, цыма уырдыгæй писмо дæр ныффыстай суанг паддзахмæ. Хад’зымурат. О, фыстон... Ды, паддзах—Микъа- ла Дыккаг, хуыцау дæ фæстаг фæкæна, зæгъгæ, йæм фыстон. Дунейы алы къуымты, зæгъын, дæу тыххæй цæмæн рахау-бахау кæнын æз? Керенский. Стæй ма? Хадзымурат. Рæхысæй бæттинаг куыдз æй схуыдтон, адæмыл хъадамантæ кæй сæвæрдта æмæ сæ Сыбыры бинаг къæйы хай каей бакодта, уый йын йæ цæ- стмæ бадардтон æмæ йын загътон, уыцы митæ куы нæ ныууадза, уæд ын хуыздæр кæй нæ уыдзæн. , Керенский (ныххудт). Лфтæ æрдхъирæн бауæн- дыдтæ паддзахмæ? Хадзымурат. Æмæ исты мæ фыд у? К е р е н с к и й. Æз та дæн, паддзахы чи аппæрста, уыдонæй иу. X а д з ы м у р а т. Паддзахы аппæрстай æмæ йын дæ- хæдæг йæ бынаты сбадтæ. Керенский. О, æцæг мæн æвзаргæ ракодтой... Хадзымурат, æз иттæг амондджын уаин, ды æд отряд ног революцион хнцауад хъахъхъæныныл куы сразы уаис, уæд. Хадзымурат. Ды^ революцийы хъуыддаг ауæй кодтай, худинаг дын фæуæд! Керенский (секретармæ). Æрцахсут æй. (Сыс- тад, мидæмæ фæцæуы’) Б а х м а ч. Сомов! (Хъахъхъæнæг æрбахызт.) - Хадзымурат. Афæлварут. (Рудзынг айтыгъта.) Сыхъуыст йæ отряды æртхъирæн хъæр, ахсджытæ сагъдауæй аззадысты. 174
Хадзымурат (Керенскимæ). Æз цæуын. Мах нй- кæцы ладдзах хъæуы, хъусыс? Уый æз зæгъын—Дзæ- рæхохты ХадзыМурат! Æмбæрзæн ÆРТЫККАГ НЫВ Горæт Шенкурскмæ хæстæг. Цæгатаг хъызт зымæг. Бады хæ- дзары зæронд ус. Æдде тымыгъхæссæг дымгæ къуыс-къуыс кæны. Савельевнæ (йæхиуыл дзуæрттæ бафтыдта). Хуыцау, табу дæхицæн, хуыцау!.. (Кæсыкъулылйæпар- тизан-фырты къаммæ.) Кæм дæ афонмæ ды та, мæ иу- нæг, хуыцау зоны... (Артимæ архайы, дуар æрбахостæ- уыд.) Кæцы дæ? М а р и я (æдде). Савельевнæ! Æз дæн уый. Савельевнæ. Мария! Мидæмæ, мидæмЗе, мæ хур, мæ чындзаг. Мария. Ме ’нафоны æрбацыд мын ныббар. Зæрдæ æхсайы... Савельевнæ. Андрюшæ зæххы скъуыды ных- хауд... Ныр дзы æнæхъæн мæй хабар нæй. М а р и я. Афицертæ уынгты хъыхъхъаг куыйтау зи- лынц. Сæ иу раст уæ уынджы тигъы онг мæ фæстæ фæ- цыд. Савельевнæ. Америкаг уыд æви уырыссаг? Мария. Нæ йæ раиртæстон талынджы. Савельевнæ. Æгъдæуттæ æвæрынмæ, дам, нæм фæцыдысты Америкæй, мæ хур. (Цай кæны.) Мæ хъæ- булы тæригъæд сæ фæдыл æфтыд фæуæд. М а р и я. Андрюшæ тæрнгъæддаг нæу, уый парти- зан у,.. 175
Савельёвнæ. Афонмæ уЬ1н чъгидзэехсаев скбДта- ин, бæргæ, æмæ ма кæд æз дæр иу чысыл сабийæ ба- рухс кодтаин мæ зæрдæ. (Марил фефсæрмы.) Устытæ алы ныхæстæ кæнынц. Дзурынц, зæгъгæ, дам, цавæрдæр кавказаг йæ сау нымæты базыртыл бæрзонд хæхтæй æртахт. Нæдæр, дам, æй кард кæрды, нæдæр дзы топ- пы нæмыг хизы. Тутыры чиныг, дам, æм ис. Ссæуы, дам, дон-дон, хъæутæ сæрнбар кæны урсытæй. М а р и я. Чи зоны, Андрей дæр уым ис. - Савельевнæ. Æмæ-гъа,. фæлæ цыма уый æндæр- тимæ ис. М а р и я. Кæд дзы, зæгъын, ды исты фехъуыстай? Савельевнæ. Фын цы фенын, æндæр ницы. Бацыд нæ фырты къаммæ, кæсы. Дуар тынг схостæуыд, æрба- чындæуыд æй. Æрбагæппытæ кодтон и у а ф и ц е р æмæ д ы у- уæ салдаты, иуварс асхуыстой зæронды æмæ æнæ иу сны- хасæн джигул кæныпц. * Джексои. Цæмæ дæм æрбацыд ацы сылгоймаг? Кæм æмбæхсыс дæ абырæг фырты? Савельевнæ. Цымæ цы уавæры уаис, дæ мадыл дын исчи дæ цуры афтæ куы хъæртæ кæнид, уæд? Мæ фырт ам куы уаид, уæд дын уый, æвæццæгæн, мæ бæ- сты дзуапп радтит. Дж е ксон. А-а! Семæ цыдæртæ ассывтой, ацыдысты. Сæ иу къæсæрыл фæкалд. Мæ фæдыл! Савельевнæ. Дæ бæрзæй асæттæд. Уæ фарсæй фæуæнт, гагадзагъд фæут, уый уын мæ хуыздæр арфæ! .Бнрæ фæбадт’, сæрфы йæ цæссыг, дуарыл фæзынд йæ п а р т и- з а п-ф ы р т салдаты дарæсы. Мидæмæ æрбахызт. 176
АнДрёй. К&имæ хæцыс, мамæ? Савельевнæ. Андрюшæ, мæ хъæбул! (Ныхъхъ^ быс ын кодта.) Мария. Андрей!.. А н др ей. Мария! Савельевнæ. Тæссаг у, мæ къона, æз акæсои, мачи дæ бафиппайæд. Андрей. Ма тæрс, мамæ... Савельевнæ. Æз уын исты хæринаг ацæттæ кæ- нон. Андрей (фæурæдта йæ). Нæ хъæуы, мамæ, рæстæг мын нæй. Мæнæн ардæм цæуыны дзырд нæ уыд, фæ- лæ... Мæхи нал баурæдтон. Дæумæ ма ’рбауай, уæд мын æй, дæхи загъдау, хуыцау дæр нæ ныббарстаид. Савельевнæ. Цæййас лæг сдæ!.. Дæ фыды æр- цыдмæ фæцæр... Цæй, æз акæсон. (Ацыд.) Андрей. Мария! М а р и я. Андрей’ (Кæрæдзиуыл ныттыхстысты.) Цæй æрæгмæ зындтæ? Андрей. Фадат нæ уыд... Иыр дæр æхсгæ-уад æр- бакодтон... Куыдтæ цæрыс? М а р и я. Цæрын... Дæхæдæг та? Цæй фыдхуыз сдæ?,. Андрей. Æз дæр... цæрын... Кæддæр нын нæ фем- бæлд чи фехæлдта доны был, уыдонæй хъуамæ нæ маст райсæм. Мария. Æз никуы ферох кæндзынæн уыцы бон... Бадæм доны был... Алыварс æрдз ныхъхъус, æрмæст ма мæргътæ алыхуызон æвзæгтæй зарынц... Андрей. Нæ уарзондзинадыл. М а р и я. Нæ уарзондзинадыл... Уалынмæ арв æм- гуыр-гуыр скодта. Цьша денджыз йæ былтæй акалд раст,.. Цавæрдæр æнæзонгæ наутæ, æххормаг кæф- хъуындартау, æрбаввахс сты нæцурмæ... Салдæттæ дыс- 12 Пьесæтæ 177
фæлдæхтæй гæппытэё кæнынц... Стигъынц, -МарыйЦ... (Йæ цæсгом къухтæй бамбæрзта.) Хæдзæрттыл арт æфтауынц. А н д р е й (къæсæрыл фæзынд Савельевнæ). Нæ хъæ- уы, Мария... Цæй, æз цæуын. Савельевнæ. Афтæ тагъд? Андрей. О, тынг тагъд кæнын... Сымахæн алцы- дæр ис зæгъæн. Ам, дам, хæстæг цавæрдæр Хадзыму- раты бæхджын отряд знаджы чъылдыммæ фæзынд... Æмæ сæ удаист кæны. Командир мæ рарвыста, йемæ, дам, бастдзинад сараз... Мæ дарæсмæ мын ма кæс, сал- даты дарæс... Уый дæр уымæн у, цæмæй мыл урсытæ ма фæгуырысхо уой. Чи зоны, фæстæмæ цæугæйæ уæ абæрæг кæнон... Д ж е к с о н æмæ йæ салдæттæ æхстæввонгæй гом дуарыл фæ- зындысты. Андрей пæ гæрзтæм фæцæйæпнæлдта. Джексон. Иу уæлдай змæлд ма æмæ дæ мад дæ размæ мардæй æрхаудзæн. Савельевнæ. Дæ мад дæ иунæгæй баззайæд! Д ж е к с о н. Гъы, бахаудтай дзы, «хъæбатыр»? Йæ къухтæ йыи бæттынц. Гæрæхтæ хæстæгæй. Акæнут æй! Савельевнæ. Мæ хъæбул! (Йæ къухтæ йæм ива- зы, уромынц æй.) Андрей. Нæ хъæуы, мамæ. (Аивæй Мариямæ.)Ха- дзымураты отряд цъымараджын хъæды. Мария фæцæйцыд, фæстæмæ йæ æрбаппæрстой. Савельев н æ (сæ разы йæ зонгуытыл æрхауд). 178
Хуыцауæй курæгау уæ курын; мæ фырты мын радтут, мадæлтæ уæ куы ныййардтой! Салдæттæй иу йæ фоыдзæхстон зæххыл ныццавта, йæ пъагæттæ тоны, фæцæуы, дуары æдде йæ афицер фехста. Андрей. Уæлæмæ сыст, мамæ! Кæсыс, кæй разы æрхаудтæ дæ зонгуытыл, уымæ? Д ж е к с о н (гæрæхтæм). Рæвдздæр! Андрей. Уый Хадзымурат у, мамæ... А-а! Тæрсут? Уæ иугай гæрæхтæ уæ нал фервæзын кæндзысты. Лæбуры сæм, фæкæнынц æй. Фидар лæуут, мамæ, Мария!.. М а р и я Андрейы фæстæ ахызт, мад æрхауд пъолыл. Дуæрт- тæ—тыгъд. Дымгæйы . къуыс-къуыс, мады кæуын гæрæхты бын фе- сты. Гæрæхтæ... гæрæхтæ... бæхты къæхты хъæр, цалдæр с ы р х æ ф- с æ д д о н ы æрбагæппытæ кодтой К л е щ о в и м æ, цъуппхудтæ сыл, цинелтæ, æхсаргæрдтæ, цыбыр кæрæбинтæ, иуыл та дзы — кавказаг дарæс. Клещов. Ничи ис ам. Колокольчик (схæцыд Савельевнæйыл). Нæ ма- ды хай, пъол чъизи у. (Сбадын æй кодта.) К л е що в. Цом! Азгъордтой. Савельевнæйы къухы ницыуал’ сныхас бафтыд. Къæсæрыл фæзынд йæ фырт А н д р ю ш æ. Андр ей. Мамæ! Савельевнæ. Цы зæд, цы дуагмæ кувон? Андрей. Уый фæстæ, мамæ. Æз æрбазгъордтон, 179
цæмæй дын фехъусын кæнон æрмæст, æгас кæй дæн. Савельевнæ. Нæ, нæ! Нал дæ ауадздзынæн! Æнæ дарæгæй баззайдзынæн. А н др е й. Мамæ!.. Савельевнæ (æрæджиау). Цу! (Андрей азгъорд- та.) Æз кувдзынæн хуыцаумæ, цæмæй фæстæмæ æр- баздæхай. М а р и я (цингæнгæ æрбазгъордта). Савельевнæ, Хадзымурат! Æ м б æ р з æ н
ДЫККАГ АРХАЙД ЦЫППÆРÆМ НЫВ Хадзымураты отряд цы ран æрбынат кодта, ахæм хæдзар. Те- лефон, къуымы — сырх тырыса. Писыр, раздæры штабс-капитан Снегирев цыдæртæ фыссы. Кæсы листовкæмæ. Снегирев. Гъы, йæ амарæггаг дæс мины!.. Æмæ йæм иу дæр йæ ныфс нæ хæссы... Тæссаг у, фæстагмæ мæхи дæр куы бауырна, тутыры чиныг æм ис, уый, уы- мæй. Уæд та йæ мæхæдæг... Сыхъуыст телефоны дзæнгæрæг. Снегирев. Дзæрæхохты Хадзымураты бæхджын отряды писыр Сорока. Хъусын, æмбал штабы хицау! Хъæуы æгъдау æвæрынц. Комиссар ам ис... Хъусын!.. (Хæтæл стъолыл æрæвæрдта, æддæмæ дзуры.) Комис- сар Сокол, телефонмæ! Æдде дæр сыхъуыст: «Комиссар С о к о л, телефонмæ!» Сокол (æрбахызт. Снегирев сыстад). Чи у? Снегирев. Бригады штабы хицау, æмбал комис- сар. Сокол. Комиссар Сокол. (Телефоны хъуысы загъд.) Æмбал штабы хицау, Хадзымураты^ хуызæн командиртæ... Æз разы нæ дæн демæ... О, æз зонын, парти мæн цæмæ рарвыста, уый,., Ахæм уайдзæф уымæ т
нæ хауы. Уборевичы телеграммæ? Райстон... Æндæрæ- бон... Нæма йæм æй равдыстон... Фадат нæ фæцис, хæц- гæ кодтам! Хорз, хæрзæхсæв! (Æрæвæрдта хæтæл.) Ус- тав... Нæ отряд Уставмæ гæсгæ куы хæцид ацы цъыма- раты, уæд афонмæ искуы ныссагъдаиккам æмæ нын кæфты цагъд ныккодтаиккой. Кæй зæгъын æй хъæуы, Хадзымурат раст у. 0,-фæлæ æппындæр фæрсгæ никæй кæны æмæ... Иæ ныхмæ сысты. Бæхты къæхты хъæр. Æрбахызт Хадзымурат, йæ фæ- дыл — Ю с у п. Иæ уæллаг дзаумæттæ йын къулыл ауындзы. Хадзымурат. Уыдон мæхи бар уадз. Цу, æхсæ- вæр бахæр. (Юсуп ацыд.) Цы кодтай? Цы та ныл æр- цыд, комиссар? Сокол. Ахæмæй ницы... Штабы хицау афтæ, зæгъ- гæ, дам, мæм-иу сдзурæд. Хадзымурат. Æмæ та цы кодта? Сокол. Нæ зонын, йæ приказы сæрты йын кæй ахызтæ, кæд уый тыххæй... Хадзымурат. Æз комбриджы раз йедтæмæ уый раз мæ митыл дзуапп дæттæг нæ дæн. Сокол. Дæ. Хадзымурат. Кæд æй хъæуон, уæд мæм йæхæ- дæг дзурдзæн! Сокол. Уый хистæр командир у. Хадзымурат. Æз та дзы’ азтæй хистæр дæн... Телефонæй хъæртæ кæнын зонынц æрмæст! Клещовæй исты хабар ис? С о к о л. Нæй. Хадзымурат. Цæмæн афтæ æрæгмæ здæхы ацы хатт? Мацы йыл æрцæуæд! Сокол. Зындзæн, фыццаг хатт ын нæу. Хадзыму- рат, сдзур штабы хицаумæ... Æнхъæлмæ дæм кæсьь т
X а д з ы м у р а т. Кæд æй хъæуон, уæд мæм йæхæ- дæг дзурдзæн. Æз ын..-. Сокол телефон æрзылдта, къухæй амоны, дæ хорзæхæй, мацы та йæм сдзур, зæгъгæ. Хадзымурат. Æз дæн... Телефонæп цæуы хъæр. Хадзымуратæн Сокол бандон радта. Хъуысы та хъæлæба. Хадзымурат хæтæл æрæвæрдта. Æгæр тæвд у, æруазал уа. Сокол. Хадзымурат... Телефоны дзæпгæрæг та цæгъды. X а д з ы м у р а т. Цы’, уый зоныс, штабы хнцау? Дыу- уæ азы размæ ма Керенский æнæхъæн паддзахады сæргъы куы лæууыд, уæд ын йæ кусæнуаты алывыд фæкалдтон, фæлæ мыл уæддæр уый афтæ нæ фæхъæр- тæ кодта, ды мыл куыд хъæртæ кæныс... Байхъус мæн- мæ дæр. Дыккаг хъæу уымæн байстам, цæмæй знаг донæй адард уа, цæмæй нæ фæстæмæ ма ’рæлваса... Гъемæ уын кæд уыцы хъæуы æмгъуыдæй раздæры ссæ- рибар уæ фæндтæ фехæлдта, уæд æз ацы хъуыддаг мæ- химæ исын... Хорз, хъаст кæн, кæдæм дæ фæнды, уыр- дæм: Уборевичмæ нæ, фæлæ кæд Зилгæйы дзуæрттæм хъаст кæныс, уæддæр дæ бар ис! (Æрæ^æрдта хæтæл.) С о к о л. Дзæгъæлы ахæм дæрзæг ныхас кæныс йе- мæ, Хадзымурат. Ибон дæр æм фæстæмæ кæй сдзырд- тай, уый тыххæй Æфсæддон советы уæнгмæ бахъаст кодта. Хадзымурат. Гъемæ æххæст сæрбæттæн бабæт- тæд. Нæдгоймаг хъуамæ йæ хъаст макæмæн кæна. 183
Сокол (хъазгæмхасæнæй). О, фæлæ дæуæн уый фыццаг хатт нæу. Мæн нæ фæндыд зноны хæстыты раз- мæ дæ хъæлдзæг хъуыдытæ фехалын... Дыууæ боны ацы тел мæ дзыппы хæссын. Хадзымурат. Кæмæй у? Сокол. Къамандæгæнæгæй. Хад’зымурат. Уборевичæй? С о к о л. О. X а д з ы м у р а т. Кæсгæ. Сокол (кæсы). «Æз зонын Хадзымураты. Хадзы- мурат зоны мæн. Фæлæ уый ферох кодта æфсæддон æгъдау... Никæмæуал хъусы. Йæ уæлахиздзинæдтæ йын йæ сæр разилын кодтой... Афтæ дарддæр дæр куы уа...» Хадзымурат (ратыдта телеграммæ). Атæппæт мын иууылдæр дæу аххос сты. Знон мæм æй куы рад- таис, уæд ныртæккæ уыцы... Йемæ нал фæхыл уыдаин. Дыууæйæ дæр ныххудтысты. Юсуп (æрбахызт). Æмбал командир, бар рап æмæ комиссарæн фехъусын кæнон. Уын йæ сæрæй разыйы дзуапп радта. Æмбал комиссар, æртыккаг взводыпартионæмбырд- мæ цæуинаг куы уыдтæ. Сокол. Æз сæм бакæсон... Хадзымурат. Знон сæ чи фесгуыхт, уыдоны кой ракæнын дæ ма ферох уæд... (Нымайы кæйдæрты.) Сокол. Хорз. Цом. К л е щ о в (æрбазыид). Ахиз, ахиз. Æфсæрмы ма кæн. Махырдыгонау схуыстæй йедтæмæ уæздан ныхас- æй не ’мбары. Æмбал командир, дæ дзырд дын сæх- хæст кодтон. (Æрбакодта Джексоны.) щ
Хадзымурат. Кæм æрцахстай ацы кæфы? Клещов. Архангельскæй Шенкурскмæ фæндагыл. Марадз-зæгъай, кæд иу фарстæн дæр дзуапп радта. Хадзымурат (америкагмæ). Уырыссагау зоныс? (Ницы дзуапп дæтты. Хадзымурат гæххæттытæм кæсы. Клещовмæ.) Лæппутæ иууылдæр дзæбæхæй æрбаздæх- тысты? Клещов. О. Хадзымурат. Фæрс дæ уацайраджы. К л е щ о в . Ницы дзуры. X а д з ы м у р а т. Ницы кæны, иухатт ма йæ бафæрс. Клещов. Чи дæ, кæцæй цыдтæ, кæдæм æмæ цæ- мæ? (Ныхъхъус.) Хадзымурат (æрæджиау). Уæлæмæ, хъамылы хуы, науæд дæ сæр дæ къæхты бынмæ æртулдзæн! Де- мæ Хадзы&урат дзуры! (Джексон фæгæпп кодта æмæ æмраст алæууыд.) Нæ сыстад, зæгъгæ, уæд ын йæ сæр акъуырдтаин. (До/сексон æм тарст каст бакодта. Фæр- сы та йæ англисагау.) Чи дæ, кæцæй цыдтæ, кæдæм æмæ цæмæ?.. Джексон (англисагау). Джексон, америкаг æфса- ды капитан. Цыдтæн Архангельскмæ, булкъон Чумачы штабмæ... (Уырыссагау.) Мæ бон у дзуапп дæттыи уы- рыссагау. К л е щ о в. Ай, æвæццæгæн, ахæм хъуыддагмæ ра- гæй кæй цæттæ кодтой, ахæм у. Хадзымурат. Цал амырыкаг æфсæддоны ис Цæ- гаты? Джексон. Уый æгæр стыр фарст у мæнæн... Уый зонынц æрмæстдæр уæлдæр къамандæгæнджытæ. Хадзымурат. Сæрмагондæй ды цæмæ æрбацыд- тæ Амырыкæй ардæм, Уæрæсемæ? Джексон. Æз салдат дæи æмæ æххæст кæнын бардзырд. №
Хадзымурат (гыццылгай мæстыкæны).Оыалът загътой: ацу æцæгæлон бæстæмæ æмæ мар, стигь... Урсдадали ныййарджыты æмæ сидзæр сывæллæтты доны кал! Нæ? (Мæстæй ссыгъди.) Фæци дæ балц, капитан! Æз дын æй зæгъон, цæмæ æрбацыдтæ, уый? Сымах хъæуы Архангельск, Мурмæнск, сымах хъæуы нефть, æрхуы, хъæд. Сымах хъæуынц нæ Цæгаты нау- лæууæнтæ, цæмæй иын уый фæстæ пæ хурхыл ныллæу- уат. Джексон. Ард хæрын, уыдæттæ нæ зонын æз. Хадзымурат. Сайыс! Алцы дæр хорз зоныс! Джексон. Махæн дзырдтой, Уæрæсе ссæрибар кæнынмæ цæут, зæгъгæ. Клещов. Кæмæй? (Паузæ). Хадзымурат. Уыдæттæ иæ* бамбардз&н, æмбал Клещов. (Джексонмæ.) Сымах нæ бамбардзыстут, ца- гъайраджы æфсондзы бын бахауыны бæсты иæ уд мæ- лæтмæ кæй ратдзыстæм, уый. Акæнут æй! Д ж е к с о н. Фехсдзысты мæ? Хадзымурат. Уый æфсæддон тæрхондоны рав- зардзысты. Хæсты быдыры та йæ æз равзæрстаин. Д ж е к с о н (англисагау). Мæнæн мæхи стыр æх- цайæ балхæнын мæ бон бауид, суанг сызгъæринæй, хъæбатыр Хадзымурат мыл куы баууæндид, уæд. Хадзымурат. Цы загътай, уый уырыссагау зæгъ. Джексон (загъта йæ уырыссагау). Хатыр... Хадзымурат йæ сæрæй амоны, акæнут æй, зæгъгæ. Хъахъхъæ- ыæг йæ фæстæ æрлæууыд. г Хадзымурат (афицеры гæххæттытæм кæсы). По- ручик Коцюба, сæйраг штабимæ ’сæрмагонд бастдзина- ды афицер, ай та ма чи у? Клещов. Уый фæстæмæ цæугæйæ, нæ размæ фæци 186
бæхыл. Мах куы ауыдта, уæд фыццаг фæлæууыд, стæй лыгъд радта... Афтæмæй йæ... Хадзымурат (цыдæр ахъуыдыйы фæстæ). По- ручик Коцюба. Фæзынд С н е г и р е в, хъусы, нæ йæ уыныпц. Æмæ ныр, зæгъæм, поручик Коцюба нæ амард, уæд та? Клещов. Æмбарын дæ... Цыдæр та сфæнд кодтай, æмбал командир, дæ цæстытæ та дзæгъæлы нæ калынц цæхæр. Хадзымурат. Клещов... Цæмæй лæгдæр уыд Ко- цюба Клещовæй? Клещов (æмраст слæууыд). Поручик Коцюба,гос- подин булкъон, Чумак. Хадзымурат. Лæг дæ! (Сорокæмæ.) Цы зæгъыс? Снегирез. Æмба,л Клещовмæ йе ’мбæлттæ æн- хъæлмæ кæсынц æхсæвæрмæ. Хадзымурат. Ацу, бахæр æмæ бауæлф... Райсом аныхас- кæндзыстæм... Клещов. Фæллад нæ дæн. Хадзымурат. Иу ныхас дæр нал. Фæндараст. К л е щ о в. Хæрзæхсæв. Снегирев, Курдиатджын, цæрдæг. Ахæмтæ хъуа- мæ ахуыр кæниккой, бæргæ. Хадзымурат. Сахуыр кæндзæн, æрыгон у нырма. Писыр йæхи лнстовкæмæ кæсæг скодта, спста нæ. Снегирев. Æнаккæгтæ, чидæр æй ардæм æрбап- пæрста. Хадзымурат. Циу уый? (Райста йæ.) Мæ къам? №
Снегирев. Уый та æндæр у. Фыццаджьг дæ къам нæ уыд. .'*.... ’Хадзымурат. Бакæс-ма йæ, кæд мын мæ аргъ фæуæлдæр кодтой. Снегирев (кæсы). «Ацы кавказаг абырæджы мардæй кæнæ æгасæй урсытæм чй сæмбæлын кæна, уы- мæн лæвæрд æрцæудзæн дæс мин сомы...» Хадзымурат. Нæ загътои? Знон дæр ма фондз мины аргъ уыдтæн. С н е г и р е в. Цымæ йæ чи аппæрстаид ам? {> X а д з ы м у р а т. Ам ды уыдтæ, фæрсгæ та дзы мæы кæныс? Снегирев. Ам абон цъиуызмæлæг дæр нæ уыд... Иу хатт ды... Æртæ хатты комиссар... Æз... Нæ, хуы- цауæй ард хæрын, æндæр дзы ничи уыд. Хадзымурат. Уæларвæй æрхауд, æвæццæгæн. Снегирев. Уæдæ чи уыдаид? (Цыма хъуыды кæ- ны, уыйау.) Зæгъ-ма, æмбал командир, комиссары ра- гæй зоныс? Хъыг дын ма уæд мæ фарст. X а д з ы м у р а т. О, рагæй. Цы зæгъынмæ хъавыс уымæй? Снегирев. Ардæм уый йедтæмæ ничи цæуы. Хадзымурат. Æмæ ды æнхъæлыс?.. Спегирев. Æхсгæ дæр мæ фæкæн мæ гуырысхо- дзинады тыххæй, фæлæ... Кæд... Хадзымурат. Цы загътай? Иу хатт ма йæ зæгъ! Снегирев. Ныххатыр кæн, æмбал командир, аф- тæ дæ уарзын, æмæ тæрсын, дæу сæрыл фæстагмæ мæ- хиуыл дæр куынæуал æууæндон, уымæй. Хадзымурат æм йе ’нгуылдзæй, ардæм-ма рацу, зæгъгæ, сиды, уый йæм, тæрсгæ, фæцæуы. Хадзымурат. Дæ хæдон радас. т
Снегирев (ласгёе-лаСын). Цæмæн, æмбал коМаН- Дир? Хадзымурат. Ралас! (Раласта йæ.) Снегирев. Ныххатыр кæн... Хадзымурат (дзæхст-дзæхстæй ■ йыл ралæууыд ехсæй). Æз дын комиссары тыххæй дæ чъизи хъуыды дæ сæрæй фæсурдзынæн... Снегирев. Æмбал командир, æмбал коман- дир!.. ■ ~\ К о м и с с а р сæ æрбаййæфта, Хадзымураты ехс ацахста. Сокол. Цы кусыс, æмбал командир? Хадзымурат æмæ Снегирев фæкуыддæр сты. Уый-дæр ма дæ нæ айхъуыст!.. Снегирев. Хъазгæ кæнæм командиримæ... Нæ хъа- ру æвзæрстам. Хадзымурат æмæ Снегирев дыууæйæ дæр ныххудтысты, фæлæ комиссар цæуылдæр фæгуырысхо, радта Снегиревы хæдон. Сокол. Уый хорз хъазт нæу. Снегирев (йæхи адзæбæхтæ кодта, командиры раз слæууыд). Æмбал командир... Фæлæ уæддæр дæ къух нæ риссы. (Мидбылты худгæ ацыд.) Хадзымурат (иуварсмæ). Уый дæ уд зоны, хæ- рæджы хъыбыл. Сокол цыдæр сцæйдзырдта, Хадзымурат æй фæурæдта. Курын <дæ, ма мæ бафæрс, цæмæн æй фæнадтон, уый тыххæй. №
Сокол (фæзын ын). Хорз. Æцæг йæ хæдон ласт цæмæн уыд, уый мын зæгъ. Хадзымурат. Нæ мæ фæндыд, сырхæфсæддон дарæсыл мæ ехс æруайа... Сокол (листовкæмæ). Адон цы сты? " Хадзымурат. Ницы. Мæ аргъмæ мын бафтыд- той. Сокол. Типографийы мыхуыргонд. Дысон уынджы æндæртæ ныхæст уыд. Кæцæй æрбахаудаид ардæм? Хадзымурат. Нæ зонын. (Иуварсмæ.) Мах дæр гъе ууыл ныхас кодтам ныртæккæ... С о к о л. Сынтæджы цæуылнæ хуыссыс? Хадзымурат. Цас зæхмæ хæстæгдæр уон, уыйас хуыздæр хъусын. Дзурынц, сæ дзауматæ ласгæ. Сокол. Дæ цардæй ма мын истытæ радзур. Дис- сæгтæ, дам’, бавзæрстай, и? Хадзымурат. Диссагæй дзы ницы ис. Сокол. Уæддæр?.. Бирæ бæстæты, дам, уыдтæ. Хадзымурат. Уыдтæн кæмдæрты. Куыстон заво- ды, æфсæнвæндаг арæзтам... Фæцыдтæн паддзахы Уæ- рæсейæ амондагурæг. С о к о л. Америчы дæр уыдтæ? Хадзымурат. Абæрæг сæ кодтон. Сокол. Æмæ? Хадзымурат. Æцæгæлон бæстæйы амонд кæй не ’ссардзынæ, уый дзы бамбæрстон. Паузæ Сок о л. Стæй? Хадзымурат. Стæй фæстæмæ æрцы^тæн, пад- дзахы сидтмæ мæ акодтой æфсадмæ. Дунеон хæст... 190
’ Сокол. Бирæ фæхæцыдт&г* Хадзымурат. Æртæ а’зы бæрц. Сокол. Цыппар «Георгийы» дзы схастай, и? Хадзымурат трубкæны тамако пæмы. .'Хадзымурат, дæ хъæбатырдзинады кой айхъуыст. Зæгъ-ма, никуы фæтарстæ? Хадзымурат. Нал бафынæй уыдзынæ, æви?.. Сокол. Нæ, зæгъ-ма, ау, ахæм сахат никуы скод- та, æмæ Хадзымурат фæтæрса? X а д з ы м у р а т. Иухатт тынг фæтарстæн, комиссар. Æмæ ма тарст дæр тарсты хуызæн куы уыдаид: мæ уд мæ къæхты бынæй ауад раст. С о к о л. Хуыцауы тыххæй! Куыд? Хадзымурат. Иухатт æнафон нæ хъæуы уынгты фæцæйцыдтæн. Æнæнхгæлæджы мæ тæккæ зæвæты цур иучысыл къæбыла афтæ срæйдта, афтæ, æмæ, чысыл ма бахъæуа, мæ зæнгтæ мæ быны ма фæдыдагъ уой! Худыиц. Юсуп (æрбацыд). Æмбал командир, цавæрдæр зæ- ронд усы дæу фенын тыпг æхсызгон фæнды. Иемæ ма дыууæ адæймаджы. Соко л. Ацафон? Юсуп. Дзырдтои сын, æмæ, дам, райсом ам к^ы- нæуал уа, уæд та? Хадзымурат. Рауадз сæ. Юсуп. Хъусын! Сæ дзаумæттæ кæнынц. Хадзымурат. Ды та, æвæццæгæн, æнхъæлдтай: æз никуы фæтарстæн. 191
.Сокол. Мæ цæстытыл уайы, дæ ным&тыл дын йаёхй куыд ныццавта, уый. Дуар æрбайгом. Мидæмæ! Æрбахызтысты С а в е л ь е в н æ, М а р н я, А н д р е й. Хадзымурат. Æгас цæут, уазджытæ. Сбадут. Савельевнæ. Уæдæ уый ды дæ? (Кувы йын.) Хадзымурат. Цы ми кæныс, зæронд, Уастырджи дын куынæ дæн, мыййаг?! Савельевнæ. Кард дæ нæ кæрды, нæмыг дæ нæ хизы: Уастырджи дæ, уæдæ цы дæ?.. Сокол. Ацы ус, йæ лæппуйы ауындзæнæй кæмæн райстам, уый у. Хадзымурат (бацыд лæппумæ). Лæппу тæппуд- тæй нæу, фæлæ мæ отрядмæ нæ бакуымдта. Сокол. Андрей партизан у. Андрей. Ныр дæр мæ æртæ сахаты æмгъуыдмæ рауагъта нæ командир. Савельевнæ (Хадзымуратмæ). Цы зæд, цы дуаг, зæгъын, дæ?.. Хадзымурат. Дæлæмæ дæр, уæлæмæ дæр — Ха- дзымурат. Савельевнæ. Афтæ куы зæгъынц, Кавказæй дæ. Цы дымгæ дæ æрхаста ардæм, Цæгатмæ? Хадзымурат. Цы дымгæ зæгъыс? Большевикон тымыгъ, нæ мады хай. Савельевнæ, Ахæм дымгæ дзы нæма фехъуыс- тон... Гъемæ уæдæ хъус. Адон дыууæ æрыгон зæрдæйы сты, сæ баиу сын стæрхон кодта, æвæццæгæн, Уæллаг... Ды та йæ ирвæзынгæнæг дæ. Сразы у йемæ аргъуанмæ ацæуын æмæ йæ фыд уæвыныл. 192
Л н & р е й. Нæ ацæудзын&н, Мамæ, æз аргъуанмяе. Савельевнæ. Æнцад бад. Уый дæ хъуыддаг нæу! Хадзымурат. Аргъуанмæ,, зæгъыс?,, (Цаузæ.) Юсуп! Фæдзур-ма фæсивæдмæ!... Уæдæгзæгъыс„ æз ир- вæзынгæнæг дæн?., ,Ома .зæ>л\у(Æвйппайды..йæг хъама фелвæста.) Пъемæ, хорз, Ирыстоны ис (ахæм- æгъдау: хъамайы нс диссаджы тых. Стæй йын.дзæсъæл .ласт кæ- нæн дæр нæп. Иугæр æй сластай, уæд хъуамæ хъуыд- даг бакæна. Махмæ -хъамайæ. ,хæрынц ,ард. (Лæппу æмæ чызгмæ.) Хæстæгдæр-ма рацæут! (Лæппумæ.) Ды зæрдæйæ уарзыс ,ацы., чызджы?,. ; . , ,,.,,..,- А н д р е й. О. > Хадзымурат (чызгмæ). Ды та? . , - ., ..-ч М а р и я. Æз дæр^ , Хадзымурат. Бандзæвут дыууæйæ дæр хъама- йыл. (Бандзæвдысты.) Ард бахæрут, уæ хæс уæ ный- йарджыты æмæ Райгуырæн бæстæйы раз кæц да,,феррх кæндзыстут, уый тыххæй. ’ т "" , Æрбацыдысты ф æ с и в,æ д,, ,К о л,о,к ольни^ — .йæ.баянимæ. '■- К-о л ок о’л ь-Ч’И-к- (йз> ^анархистгмитæ дзы бынтон нæма* ферох сты> <зары).<Æз дæс чызджы( уя^а... (Ауыд- та Хадзымураты.) , «Внхри ■•. враждебные - веют над намп...» , , . •: • . , *• ,,. . ,, . , Хадзымурат ын нæ цагъд фæурæДта. X а дз’ы м’у’р а’т.'' Комиссйр! Тырйса!.л.- ’ ’ ; - 'Комиссар«сæм тырыса’ байгом’^кодта.4* ’ •: *ч •.;'•!* -.-«Л . АмОНДДЖЫН -ут! - ; ■ " * ,' V V :"■%•'* * " 7 * ’ «Тымбыл кафт» кæны, Савельев’нæ та «Барыня». Фæскафт Са* 13 Пьесæтæ >03
вельевнæ йæхиуыл дзуæрттæ бафтыдта. Æрбагæпп кодта цæф партизан. Партизан. Хадзымурат чи у? Хадзымурат. Цы хабар у? Партизан/ Æз Щениковы партизанты отрядæн дæн... Нæ бырст фæсыкк! Нæ командир мæ дæумæ рар- выста, æртЫхстысты ныл. Апдрей фезгъоры, Хадзымурат æй фæурæдта. Хадзымурат. Кæдæм? Уæ гæрзтæм! Æддс змæлд. Æ м б æ р з æ н ФÆНДЗÆМ НЫВ Аитаитæйы минæвæртты номыл булкъон Чумакмæ стыр бал. Арæзт сылгоймæгтæ, афицертæ; цалдæр горæтаджы. Се ’хсæн по- ручик А с л æ н д ж е р и — урс цухъхъайы, адъютанты пъагæттæ йыл, америкаг капитап Джексоп. Ацы ран ис Клещоп дæр афицеры дарæсы, рпхптæ йыл, кæсæнцæстытæ бакодта. Æмбæр- зæиы байгомимæ ранхъуыст музыкæ... Дуарæй фæзынд ’ С н е г н - реп, фæаууоп. Фæзыид Ч у м а к хæрзарæзтæй, йемæ — Б а х - м а ч, кæдæй-уæдæй — къаба’ны. Чумак. Ныббарут, господа! Афæстиат дæн. Хæс- тон рæстæг... Аслæнджерн (стаад господшшæ амоны). Тып- уафæн фабричы хнцау. Чумак. Уый зонын, стæй канд æз иæ... Уый ма иын куы схъарм кæны нæ салдæтты буар. 194
Тынуафæны хицау, редактор æмæ булкъон кæрæдзийæн сæ сæртæй акуывтой, Бахмач ын йæ къух райста. Поручик сылгой- мæгтырдæр амоны, цыдæр сцæйдзырдта. Чумак. Адъютант, сылгоймæгтимæ базоныны фа- дат фæстæдæрмæ аргъæвæм... Мæнæ нæ сахъ æфсæд- дон æмцæдисонтимæ иууыл зонгæ нæ дæн... Джексон. Джексон, америкаг æфсады капитан... Булкъон ын йæ къух исы. Аслæнджери (йæ булкъоны хъусы дзурæгау). Фондз мины æмæ дыууæ сæдæ æфсæддоны... Клещов æм хæстæг слæууыд, хъусы. Англисаг афицер. Майор Уолтер. Ас’лæнджери. Æртындæс мины æмæ фæндзай æфсæддоны. Къухист. Бахмач фелвæста йæ чыссæйæ чысыл блокнот, фыссьт. Фрацусаг афицер. Дæлбулкъон Сорель. Аслæнджери. Дыууæ мины æртæ сæдæ æмæ æр- тын иу æфсæддоны. (Къухист.) Чумак (Бахмачмæ). Дæ блокнот фæстæмæ нывæр, уыдон хæстон сусæгдзинад сты. Б а х м а ч. Суанг редакцийæн дæр? л Ч у м а к. Суанг редакцийæн дæр. Италийаг афицер. Капитан Марцелини. Аслæнджери. Иу мин дыууæ сæдæ фæндзай иу æфсæддон. К л е щ о в (иуварсмæ). Æдæппæт... Иу æмæ ссæдз мины аст сæдæ æртын дыууæ... Урсытæн сæхи нæ ны- майгæйæ. 195
Булкъон Клещовырдæм бакасТ. Аслæнджери. Поручик Коцюба. Сæйраг шта- бимæ сæрмагонд бастдзинады афицер,чи’ фæмард,4уын бæсты. •* " - - 7. - - * .-,--• , ,, Чумак. Фæмард афицерты; хуыздæртæй. иу знаджы къухæй... Уырны мæ, нæ зæрдыл нщй, æй > кæй æрлæу- уын кæндзынæ дæ хæстон сгуыхтдзинæдтæй. К л е щ о в. Иттæг зæрдиагæй ’ .бацархайдзынæн, господин булкъон! Чумак Ба’хмачмæ йæ • сæрæй -амоны; уазджытæн* «æгас .цæуай» зæгъ, зæгъгæ. Б а х м а ч. ,,Грсподд! ,,Мах æрæмбырд стæм ардæм, цæ- мæй,иучыдыл айрох кæнæм нæхæстон зындзинæдтæ... Аирхæфсæм нæхи æмæ та со’мбоны тохтæм уæнгрюгæн цæуæм. Æз сидтытæ уадзын нæ зонын... Зæгъын æр- мæст уый, æмæ адæймаджы цард хæрз. цыбыр, кæй у æмæ дзы адæм пайда кæнын кæй нæма зонынц. Æваст фæзынынц; кæцæйдæр сау тыхтæ... Æххуырст-сисьь йæ хицаумæ йæ ехс... Цардæй арвистон.рауацы.л-.Иучысыл зын уавæры бахаудыстаем мах дæр æмæ, нæм .мæнæ.де ’мцæдисонтæй’ ’ æххуыс. афоныл .фæзындлл Æз-зæгъып сымахæн æгас Уæрæсейьг номæй дæр,стыр бузныг*. (Баг къуырцц кодтой дзагагуывзæтæ,-нуазыщ.) . : . - * Ч у м а к. Господа! Ныртæккæ.;не- ’хсæц: ис,: Уæрæсе- йы сæраппонд’Дйссаджы хъæбатырдзинæдтæчиравдыс- та, ахæм <адæймаг. • ЭДæ, бирæ хæстои -сгуыхтдзинæдтæй уын зæгъдзынæн æрмæстдæр иу’: уый руадж.ы, фервæз: тысты сырхыты .уацарæй .Керенскийььчадъютант æмæ инæлар Краснов-. Уый/, здаджы.дæхæры уæвгæйæ, никуы федта нæдæр йæ капитаны мундир, нæдæр йæ^бирæ хæрзиуджытæ... Райгуырæн бæстæйы уыцы хъæбатыр 196
цæргæс хæрз æнæнхъæлæджы æмæ хæрз цыбыр рæс- тæгмæ фæзынд .ам, æмæ йын æз бар радтон йæ дарæс фынддæс минутьГ адарынæн/.. Стæй та — салдат;,. • Фы- дыбæстæйы иузæрдиЬнсалдат. • *-' ’ '/• «Браво!» Æрæмдзæгъд кодтой. Булкъон сусæг дуармæ бацыд. Господа! Ахуыссын кæнут цырæгътæ... Æз афтæ æн- хъæлын, æмæ йæ фенынæн æгъгъæд уыдзæн мæйы æв- зист тын.. ■ » - * * * Рухс ахуыссыд. Булкъон дуар бакодта, рахызт капитан С н е - гирев тынг арæзтæй, йæ риуыл — æртæ хæрзиуæджы, иæ "цæс- тытыл — маскæ, æрæмдзæгъд ын кодтой. Иæ сæрæй сын салам радта. Маэстро! "’ Музыкæ цæгъды. КафынцГ чызджытæ. йыл "æрæмбырд сты. - Бахмач (Чу’макмæ). Уый у, булкъон йæ редакто- рæн кæй не ’схъæр-кодта, уыцы фыццаг хъуыддаг (Фæ- хъыг ын.) * ’ ’ Чумак (йæ къухæн ын аба кодта). Æмæ фæстаг хъуыддаг, мæ зынаргъ. Абон уæлдай рæсугъддæр дæ... (Кафынц.) •Чызг.-Цал азы дыл цæуы? • - ’ И н н æ. Рæсугъд дæ? Æртыккаг. Кæд та фæзындзынæ? Цы п пæр æ м. ;Тынг; тæссаг раны дæ? ■ - Сæ иуы фарстæн дæр нæ радта дзуапп Снегирев. Т4уимæ дзы акафыд. К æ и м æ к а ф ы, у ы ц ы ч ы з г. Куы нæ дæ фенон, уæд ахсæв-бонмæ нал бафынæй уыдзынæн... Уымæй уæлдай ницы сдзурдзынæ? Æз кафын фæсномыг хъæ- 197
батыримæ. (Ницы дзуры лæппу.) Зæгъ-ма, цæмæн рав- зæрстай мæн? Дæ зæрдæмæ цæуын? (Лæппу йæ сæр «о», зæгъгæ, батылдта.) Уæдæ мæм уæд иуцъусдуг дæ цæсгом равдис. (Лæппу, «нæ», зæгъгæ, йæ сæрбанкъуы- ста>-) < . -« . .*,- • Булкъон сæм бацыд. Чумак (чызгмæ). Хатыр, уæ фембæлд фæци. Лæппу чызджы йæ лæууæнмæ бакодта æмæ булкъонмæ æрбаз- дæхт. Цæй, куыд у, капитан, разы дæ дæ сахаты æрдæджы «службæйæ»? Снегирев. Æнусмæ йæ бадардзынæн мæ зæрдыл. Чумак (чызджытырдæм). Стæй ма ноджыдæр кæй- дæр... Капитан, уæдæ, зæгъыс, дæумæ гæсгæ, кæй фæ- дыл рацыдтæ, уый æнæмæнг хъуамæ горæты уа? Снегирев. Уый дызæрдыггаг нæу. Кафт фесты. Клещов (бацыд). Бар радт, æмæ дын райсон дæ къух, хъæбатыр гуырд. О, о, де ’нгуылдзтæй иу æн- хъæлдæн, ауæлдай кодтай Райгуырæн бæстæйы сæрап- понд. Мæн уырны: уыйбæрц ныфс дæм разындзæн, æмæ нын дыууæ ныхасы зæгъдзынæ, цæмæй нæ зæрдæты баз- зайа хъæбатырæн йæ хъæлæс. Паузæ. Снегирев (бынтон æрæджиау). Иунæг хъуыды зæгъын у æрмæст мæ бон. Сымах ам куывды куы ба- дут, уыцы сахат сырхытæ Цæгат хъæугай ахсынц... Хорз 198
уаид, ’ фæскуывд уæ хъарм хуыссæнтæм ацæуыны Ъæ- сты, уе ’фсæддон, хæйттæм куы ацæуиккат, уæд. «Браво». Æмдзæгъд. Клещов фæаууон. Бахмач (Снегиревмæ). Цæй æхсызгонæн ныммы- хуыр кæнин дæ къам æз мæ газеты!.. Чумак. Æрцæудзæн ахæм рæстæг дæр. Ныр та — мидæмæ, уазджытæ! Фынгтæ сымахмæ æнхъæлмæ кæ- сынц. Озалия, уазджыты мидæмæ акæн. Б а х м а ч. Господа!.. С н е г и р е в. Хатыр, господин булкъон, мæн æвæсти- атæй цæуын хъæуы фæстæмæ. Джексон (бацыд æм). Мæнмæ дæ хъæлæс тынг зонгæ фæкаст... Цыма мæ ирвæзынгæнæг ды дæ... С н е г и р е в. Рæдийыс, капитан, фыццаг хатт дæ уы- нын. Джексои. Сырхыты ахæстоны бадтæн. Æвæццæ- гæн, мæ хъысмæт уыд лыггонд, хъуамæ хурыскаст ма- уал федтаин, фæлæ уыцы рæстæг мæ амондæн абыр- джытæ кæдæмдæр фæфæдис сты, æмæ мæм иу сахъ- гуырд фæзынд. Сæрибар, дам, дæ, капитан, цæугæ хъæдмæ. Уырдыгæй та, кæдæм дæ хъуыд цæуын, уыр- дæм, æмæ дæ хъуыддаг æххæст кæн... Æз æй бафар- стон, чи дæ, зæгъгæ, уый мыл фæхъæр ласта: «Тагъд- дæр, цирчы нæ дæ!..» Аслæнджери. Ау, æмæ куыд нæ бадардтай дæ зæрдыл дæ ирвæзынгæнæгæи йæ цæсгом? Джексон. Нæ йæ равдыста. Снегирев. Хæсты канд æз нæ дæн. Джексон. Хъыгаг у. (Ацыд.) С н е г и р,е в. ,Мæ цæсгом мын нæ федта. Ч у м а к. Дæ хъæлæс дын бадардта йæ зæрдыл. Снег’ирев. Хъæлæс... Хъæлæс. (Фестъæлфыд.) 199
Адæмы æхсæн мæ чи сдзурын кодта, уыцы поручик чй у? //; " :' ; *•' V*. *"■ "."'.•*,•'■ (, Чумак. Ногафицер, поручикКоцюба. -л <■ Снегирев. Поручик Коцюба? .(Фестъæлфыд.) Æр- цахсут æй! Уый у! ХадзымуратЫ разйедкæйыхицау. Д ж е к с о н. Хадзымурат!.. Чызд-жытæ ныцъцъæхахсткодтой.- ч С н еги рев. Æдас ут! . . .. . ..',.. Ч у м а к. Цы. фæци? Дуæрттæ. сæхгæнут,, рухс!.. Йæ фæдыл! ’ ..... , -. . " С н е г,и р е в. Мауал . фыдæбон кæн, господин. бул- къон. Уый иугæр дуары æдде. фæци, ’уæд йæ агурын дзæгъæл фыдæбон у. .. , "■';-'< \ "* Чумак. Базыдта.дæ?. . , - С н ег и р ев. Ныртæккæ æлпæт. дæр аразгæ :у хорз бæхæй. Чумак (Аслæнджеримæ). Поручик! Мæ бæх — ка- питанæн! / -: ~- - • . - < • > - ; Аслæнджери. Хъусын! (Азгщрдта.) *' С н ег и р е в. Фæранк!.. (Вæ\щтел<ласьи) Цыфæн- дыйæ дæр хъуамæ йæ разæй’ фæуоц.-. - т - ’ . * ^ ’ Æ м б æ р з æ н ÆХСÆЗÆМ НЫВ , . Изæрæй акъоппы. Бадынц сырхæфсæддонтæ. Чысыл дарддæр зыны хъахъхъæнæг. Колок,ольчик куплеттæ зары æд фæндыр... Худынц,.. Хъахъхъæнæг. Æгæр хъæрæй ма зарут... Науæд уын америкаг. сармадзаны нæмыг бзхъырндзæн. . 200
Колокольчик (хъахъхъæнæгмæ). Хъус-ма... Цы, уый зоцыс? Дæ саХат ’мын радт*-уæддæр дæу ницæмæн хъæуы. .. ^ , ~" : '-* 1 '••-' Хъахъхъæнæг. Цæмæн -дын æй’’радтон, гугукгæ- наг? Ау, мæн куыд нæ хъæуы? .....: К б л о ко л ь’ч’ик. Æркæс1ма* йæм/ цал- сахаты- у? ’ Х’Ьахъхъ’æ’нæ’г.- Фæсæмбисæхсæвы иу • сахат. • Колокольчик. Иу сахат... Кæд федтай, æмæ.уы- цы афон англисагæй, америкагæй фынæй мачи кæна? ’" Хъахъхъæнæг йæкъух ауыгъта,- рацу-бацу кæны, ХъæлДзæгæп зары Колокольчик: ;. - *- * ’ . ■-- • Мундир — англисаг, ;: Мундир ныскъуыдтæ, - "* Пъагон — францусаг,-* Пъагон æрзæбул, ■' Тамако — япойнаг, ■ Тамако фæдымди, - ’ Хицау та ^— омскаг.- ’ Хицау фæлыгъди. • • [ С ы р х æ ф сæ д д о н. Ныр æдзух уыцы хъæлДзæг дырринг-мырринг цы * кæныс?.. Иу хатт ма, зæрдæйы иннæрдæм чи ахъара, ахæм зарæг дæр акæн. Колокольчик. Дæуыл? Табуафси^(Цæгъды&мæ зары.) Цæй, куыд у? Æрæнкъард дæ? * ; Хъахъхъæнæг. Тæхуды, æмæ’дæ ацафон Хадзы-' мурат ам хъир-хъургæнгæ куы æрбаййафид! Кол.окольчик. Хъир-хъур нæ,фæлæ цæгъдгæ æмæ заргæ. (Фæхъус.) Хадзымурат, зæгъыс?.. Зары,> Керен* скиимæ фембæлды тыххæй йыл цы куплет скодта, уый* «Фыццаг æй паддзахæй федта. Стæй та сылгоймаджы къабайы. Сыл у æви нæл, - ; Уый кавказаг нæ иртæста...» (Худынц. Фæндыры тæнтæ кæрæдзимæ\æрбалвæста.) - - •" 201
. - Æз уьньцæгатаг. таурæгъ ракæнон,., (Хъахъхъæнæг- мæ.у Бар ис? " ’ - . . . :. . Хъахъхъæнæг. Дзур... УæдДæр нæ бауромдзынæ дæхи, Дзæнгæрæг! Колокольчик. Бузныг. Æдзух мын мæ хъуыды куы не ’мбарис, уæд цы уыдаин? Фæнды уæ, æз уын диссаджы таурæгъ ракæнон? , Сæ и у. Цæй-ма, цæй! К о л о к о л ь ч и к. Мæтыхтау, дам, сæхи ныццавтой фурды фалейаг хъæрццыгъатæ Уæрæсейы цæгатаг хай- ыл... Сæ салдат кæуылты ацыд, уым зæхх сыгъди... Адæм фæлыгъдысты хъæдмæ, хъæдæй лыгъдысты сырд- тæ... Дæтты кæсаг нал уыд... Мæргътæ уæлæрвты зил- дух кодтой, зæххыл кæм æрбадтаиккой, уый нæ уыд. Уæд, дам, мæргътæм сдзынæзта æххуысагур урсдадали зæронд ус. Фехъуыста, дам, ын йæ сагъæс урсдæллаг- хъуыр бæлон æмæ Мæскуымæ фæтахт... Их æй хоста, къæвда йыл цыди, æрхауыимæ йæ бирæ нал хъуыд, аф- тæ Ильичы рудзынгыл абадт. Фехъусын кодта хабар æмæ уаты астæумæ мардæй æрхауд... Йæ хуыздæр æф- сæддонты рэрвыста Ленин Цæгатмæ. Уыдоны æхсæн, дам, уыдис иу ацæргæ хæстон сау нымæтджын. Йæ нымæты фæдджи-иу куы систа, уæд-иу сбон, куы-иу æй æруагъта, уæд-иу бахсæв. Йе ’хсаргард—арвы фатау... Не ’нæхуынд уазджытæн, дам, сæ сæр сæ кой сси... Сæрибаргонд цæуынц хъæутæ, нымæтджыиыл цæст нæ хæцы. Фæлæ, дам, уæддæр иу хъæуы адæм йæ размæ фесты. — Чи дæ ды? — фæрсынц æй. — Хадзымурат,— дзуапп дæтты барæг. — Нæ, ды Хадзымурат нæ дæ... Уый уæларво’п у, йæ нымæт, йе ’хсаргард дæр—уæларвон. • Барæг бахудт, æрхызт йæ бæхæй æмæ хистæртæм бацыд... Уый æз дæн, дæлæмæ дæр, уæлæмæ дæр — Ха- 202
дзымурат, уæларвон нæ, фæлæ зилгæйаь Ис, дам, ахæм хъæу Ирыстоны... Æрбахызт X а д з ы м у р а т, фестадысты йын. Кæй кой кæнай — къæсæрмæ! Бæрæг у, Хадзымурат Колокольчичы фæстаг ныхæстæ кæй ай- хъуыста, уый. Хадзымурат (хъахъхъæнæгмæ). Дæ лæууæн бы- наты цæуылнæ дæ? Хъахъхъæнæг (цы дзура, уый нал зоны). Ха- тыр, æмбал командир... Ахæм таурæгътæ кæны, æмæ мæхи нал баурæдтон... Хадзымурат. Дæхи нал баурæдтай... Æмæ ныр- тæккæ знаг куы æрбахъуызыдаид æмæ уæ иууылдæр куы ныргæвстаид, уæд та?.. Хъахъхъæнæг. Ме ’мбал уартæ æддæдæр лæу- уы... Хъахъхъæны. Хадзымурат. Уый де ’мбал у, ды та дæхи тых- хæй дæтт дзуапп. Хъахъхъæнæг. Аххосджыи дæн. Колокольчик. Мæн аххос у, æмбал командир. Хап.зымурат. Дæуæн та цы зæгъон, уый зоныс, артист?.. Цы æнæхуыссæг кæныс адæмы? Куырысдзау дæ? Раст тæрхондонмæ раттынмæ бæззыс! (Йæхи æр- уагъта.) Сбадут. Сырхæфсæддон (Колокольчикæн йæ хъусы). Йæ уарзон зарæг! Колокольчик. Ис! Цæгъды Хадзымураты уарзон зарæг «Вихри враждебные веют над нами». Чысылгай йын бахъырныдтой.
X а д з ы м у р а т. Куыддæр амырыкæгты атæрæм æмæ хæст фæуа,;-афтæ-иууыл,дæр< ахуыр4кæнынмæ^цæу- гæут. ,.,:-,._-, Иу ацæргæ æфсæддон. Æмбал командир, Архангельск тагъдрайсдзысты?- •" - Хадзымурат. Цæмæн «райсдзысты»? Райсдзы- стæм. Исчи дын дзы ис? ,. . . . ., Æфс æдд он. О. И нн æ æф сæдд о н; Ныр зæххытæ та куыд -уы- дзысты? Фæзынд С н е г и р е в» анвæй æрбадт. ..,-., X а д з ы м у р ат.- Цы, зæххытæ? Зæххытæ уыдзысты, фæллой сыл чи -зоны кæнын,-*уыдоны. - • Ацæргæ æфсæддон (тынг тыхстæй). Æмæ йед та, Советон хицауад нæм тауинæгтæй ’ фæкæсдзæн?.. Науæд уалдзæг ,æрхæццæ кæны-æмæ... С а л д а т. Куыд уыдзæн дарддæр цард? • - Дььккаг. Бæхтæ нын ратдзысты? ^ * X а д з ы м у р а т. Чингуытæ нæ бакастæн^ уымæн æмæ ахуыргонд нæ дæн. Кæсын, фыссын дæр хæсты сахуыр дæн. Хадзымурат дзурдзæн, йæ сæр цы ахсы, уый. Раст уа, нæ уа—уый-иу мын фæстæдæр зæгъут... Нырма рафæрс-бафæрсæн раджы у, мæнæ уал нæ зæхх ссæрибар кæнæм... Стæй уæд алцæй тыххæй дæр уы- дзæн ныхас: зæхх уа, бæх уа, тауинаг уа... Цæвиттон, уæд æвцондæр дзурæн уыдзæн. Комму’низм араздзы- стæм. ’ . ^ ’ Снегирев. Æмбал командир, куыд уыдзæн цард коммунизмы? Æфсæддон. О, о! Циу ко’ммунизм? Хадзымурат (стыхст, иуварсмæ). Хуыцауы тых- хæй, нæ комиссар кæм ис?.. Кæд ма мæ бахъæудзæн, 204
йæ зонын? (Стыр паузæйьгфæстæ^АХæвнТ’хон^зæхх иу- уылдæр ’адæмы куы бауа æмæ йыл - иунæг^ лæвархор дæр куынæуал быра, уæд уый хуыйндзæн коммунизм. ’ ’ Ацæ ргæ æ ф с’æ д д о н^’ÆмæцьГкæнь^Хуыцауы- стæн, тынг хорз у. Æрбацыд комиссар. Сыстадысты йын. Сбадын æй кодтой. Xа.д зы м ур а т. Хуыцауы\ тыхУæй*, кæ\1: ’фесæфтæ? 7Сок'ол.у Ц’ьг æрцыдй? ’’ ’ <: ’’ ^ " ’’ ■" ’ X а’дз’ым у р а т. - Фæрсты’ты’ бы’н ’ маё '^фæкодтой..'. Фæдтау абанамæ ацыдаин... ^ .•'.-,' '"'"•" ^ К о’л о к 6 л ь ч й к. /Æйбал, кьмандир;гæццæй, Октяб- ры революцийы фыцц’аг æхсæв4 Петрог’рады уыдтае? X а д з ы м у р а т. •Уыдтæн... Замманай лæппутæ дзы фæмард... Æфсæддон (дисгæнгæйæ). Æмæ Ленины дæр федтай? Хадзымурат. Цæуылнæ йæ федтон! К о л о к о л ь ч и к. Æмæ стыр лæг у? Хадзымурат. Стыр. Хуры йас... Æцæг асæй нæ — зондæй. Тагъд-тагъд æрбацыд Клещов, Хадзымурат æмæ Соколы пуоарсмæ ахуыдта. Клещов. Æмбал командир, тагъд сбæрæг хъæуы, нæ адæмæй ам чи нæ ис, уый. X а д з ы м у р а т. Цы хабар у? Клещов. Булкъон Чумачы сусæг агент, мæнмæ гæсгæ, ис мах отряды. Чысыл раздæр сæ куывды уыд. Сокол. Æмæ?.. Клещов. Нæ йæ базыдтон. Цырагъ ахуыссын код- той, стæй йын уыд кæнгæ цæсгом... Йæ хъæлæс мæм диссаджы зонгæ фæкаст. 205
Хадзымурат. Ныртæккæ сæм бабырсдзыстæм... Сокол. Æнæ бардзырдæй? К л е щ о в. Горæты æфсæддон хæйттæ æгæр бирæ ис. (Иуварсмæ.) Уæдæ чи уа?.. Снегирев (æфсæддонтæм). Хæрзæхсæв, лæппутæ! Клещов ыл фæхæцыд, Снегирев хæлар худт бакодта. Цы кæныс, æмбал Клещов? Клещов. Мæ сæр разылд. Æз æй уым ныууагътон. (Хадзымуратмæ.) О, йæ рахиз къухыл цыппар æнгуыл- дзы æрмæст. Сокол (Хадзымуратмæ). Слæууын кæнæм отряды. X а д з ы м у р а т. Уæ бæхтæм! Æмбæрзæн
ÆРТЫККАГ АРХАЙД ÆВДÆМ НЫВ Урсгьардионты штаб. Къулыл — картæ, стъолыл — телефон. Инæлар Ч у м а к роялæн цæгъды. Дуар æрбахостæуыд. Æрба- хызт Б а х м а ч. Кереискпмæ ма куы куыста, уæд ыл цы дзау- мæттæ уыдис, уыдон ыл, йæ фарсыл — мьузер, йæ къухы — æр* дæгцæттæ газет. Б а х м а ч. Господин инæлар... Чумак. А-а, Озалия! Бахмач. Господин инæлар, газет цæттæ у. (Дæт- ты йæм æй.) Чумак. Газет иикуыдæм аирвæздзæн... Æрцу-ма. (Бадын æй кæны йæ фарсмæ диваныл.) Бахмач (дæрзæг цин). Господнн инæлар... Госп... Инæлар æп дзурып пал бауагъта. Чумак. Æппынфæстаг, мах дæр адæм стæм. Б а х м а ч. Дæхиуыл фæхæц, уыдæттæм нæ не ’вдæлы. Чумак. А-а-а!.. Бахмач. Дæхиуыл мæ ма ахуыр кæн. Ч у м а к. Озалия!.. 207
Дуар æрбахостæуыд, сæхн адзæбæхтæ кодтой, пиæлар газетмæ кæсы, Бахмач пæ размæ лæууы. Мидæмæ! Æрбахызти А с л æ п д ж е р и. Цæй, хорз, редактор, рауадз дæ газет. Б а х м а ч. Хъусын. Ч у м а к. Хъусын дæм, поручик. "/Чумак сыстадл Картæмæ бацыдысты. Асл æнджери. Господин . булкъ... Ныббар...(Госпо- дин инæлар. (,. - . ... , ,■ ....._„.,. ., Ч у м а к. Поручик, цы ис ног хабарæй? . . г Аслæнджери (амоны картæйыл). Æхсæзæм сырх æфсады штаб æрæнцад Вологдæйы, ,Се ’фсæдтæ.æрцах- стой суанг Печорæйы доны онг,,.!.Се^'ппæт тыхтæдæр адыч сахат, .арæзт „сты, ,Вологдæйæ Дрхангельскмэё: цы æфсæйнаг фæндаг ис, уый фæйнæ фæрст(ы? ’стæй-.Урс денджызы Цæгат Датласимæ, чи- иу..кæны, уыцы цæу- гæдонмæ. ^!,,,.^ ,.> <■ • \<—л ■ •-••< л ** - • \- *'-'* ,. Чу,ма к..-Цы уавæрьь ^сныртæккæ.Дстæуккаг Мсх- ренгæ та? ’ .. ,, • Аслæнджери. Астæуккаг Мехренгæйы махæн цы мин æмæ æрдæг æфсæддоны. ис*. уыдоныл. æртыхст Убо- ревичы бригад. Ч ум?ак...Р-аирвæзыныл архайдтой,,сагхæдæг? • • - А с-л æ-нд.ж е р и. Архайдтой^ .господип булкъон,| фæ- лæ... Емецкæй сæм æххуыс кæнынмæ цы резерв арвы- стам, уый фæндаг Хадзымураты отряд алыг .кодта.у. Ч у м а к. Куыд ,у7 йæ ..хъысмæт.резервæн?, * \- А с л æ н д ж е р и. Ныххæлйу, ’господин будкъош Чумак (тызмæгæй). Ныххæлиу æви фæцагъды?
АслæндЖери. Ф&цагъдЫ. Паузæ. Ч у м а к. Цы уавæр ис мæнæ ам та? Аслæнджери. Чысыл раздæр уырдæм бабырстой Щениковы партизантæ æмæ сæхæдæг къæппæджы ба- хаудысты нæхионтæм... Фæлæ... Ч у м а к. Фæлæ? Аслæнджери. Æмбисæхсæв Хадзымураты хъæд- дæгтæ уым балæууыдысты æмæ... Чумак. Уæддæр та Хадзымурат! Иу хъæддаг гæ- дыйы æрцахсынæн не ’сты! Аслæнджери. Мæ бон у бафиппайын, господин булкъон. Хадзымурат у æрдзæй æхсарджын хæстон. Царды зилдухæнты æгæр чи бахаудта, ахæм хæдахуыр командир. Цыфæнды уавæры дæр тынг арæхсы. Уæл- дай тынгдæр арæхсы æхсæвыгон, уыгæй уæлдай нæу. Иæ разведкæ тыхджын у. Чумак. Иæ сæйраг тактикæ?.. Аслæнджери. Æнæнхъæлæджы искуыцæй æваст фæзыны, йæ размæ цы фæуа, уый æнауæрдонæй къуых- тæ кæны... Иухатт мæйдар æхсæв фондз æмæ ссæдз барæ- гимæ знаджы полкъмæ бабырста æмæ йæ ныххæлиу код- та... Фæсахсæвæр афицерты æд штаб сæ бæхты фæсарц æрбахастой. Æппынфæстаг, уый æрцахста инæлар Крас- иовы... Мæнæ ацы зылды цыдæриддæр хъæутæ ис, уы- дон иууылдæр бацахста. Йемæ ис Щениковы отряд дæр. Чумак. Цы мæрддаг у уыцы Хадзымурат?!. Пад- дзахы æфсады уыд, Фыдыбæстæ æмæ паддзахы сæрап- понд цыппар «Георгийы» райста... (Паузæ.) Куыд дæм кæсы, йемæ уæхирдыгонау куы аныхас кæнис, уæд? Аслæнджери. Тæрсын, господин булкъон, куы ницы дзы рауайа, уымæй... Иу хатт фæлвæрдтон... 14 Пьесæтæ 209
Чумак. Афæлвар-ма йоджы иу хатт. (Йæхи рæвдз кæны цæуынмæ.) Аслæнджери. Хъусын, господин булкъон... Æдас нæу ам. дæр. Ч у м а к. Кæмæй? Аслæнджери. Хионтæй... Салдæтты æхсæн змæнт- джытæ сарæх, къазарматы ранæй-рæтты рауайы загъд, хъæлæба. Ч у м а к (Аслæнджерийы картæйы размæ бакодта.) Куынæ сразы уа, уæд ын йæ сæр голладжы æрбахæсс æмæ ды дæр райсдзынæ цыппæрæм крест... Сæр дæ бахъуыд, мæ лымæнлæггаг..-. Ацы сахат Хадзымураты отряд ис мæнæ ам! Фæндараст. Аслæиджерн ацыд. Гæрæхтæ. Чумак телефонæй дзуры. Бахмач. Господнн инæлар, Хадзымурат нæм æрба- бырста! Бахмач æмæ Чумак амбæхстысты, æрбахызтысты Кле- щ о в и т æ. Колокольчик (рахæр-хæр кодта Бахмачы). Æм- бал Клещов, мæнæ Махно. Къудзиты бын æй ссард- там. ""^ Клещов. Сæ газеты редактор... Колокольчик. Махно! (Хæстæг æм бацыд.) Бахмач. Махно нæ, фæлæ Бахмач. К л е щ о в (йæ къух ауыгъта, «уый уæлдай нæу», зæгъгæ, кæсы йæм). Ды, Керенскийы тыргъты баст чи уыд, уый нæ дæ? •Бахмач. О. Цæй, цæмæ ма у каст? Дзæгъæлы æн- хъæлмæ кæсыс; æз кæйдæртау æмризæджы не ’сриздзы- нæн уæ разы, слас дæ кард. Акъуыр мын мæ сæр, æн- дæр цы зонут? 210
Клещов. Дæ сæр дын нæ акъуырдзынæн, фæлæ аегæр къæбæда куы уай, уæд дын дæ былтæ ракъуыр- двьшæн- Фесæф мæ цурæй тагъд! Ьахмач æм кæсы, нæ йæ æмбары. Колокольчик. Уæгъд æй кæныс, æмбал Клещов? К л е щ о в. Хадзымурат сылгоймæгтимæ нæ хæцы. Бахмач фæстæмæ-фæстæмæ фæцæуы пыхцылсæрæй. Колокольчик (йæ размæ цæгъды, зары): Æз дæс чызджы уа-уарзтон, Фараст мæ дзы ферох, Охх, иуæн дзы рохгæнæн дæр нæй. Ракодтой и н æ л а р ы дæр» Клещов (дисхуызæй). Инæлар? Хатыр. Талынджы йæ нæ равзæрстам, инæлар сдæ уый?.. Колокольчик. Канд инæлар нæ, æмбал Клещов, йæ риумæ-ма йын бакæс — америкаг хæрзиуæг. Клещов. Америкаг? Кæцы у? Колокольчик (амоны). Мæнæ. (Рафтыдта йæ.) Ай хъуамæ Хадзымураты уыдаид, хæрæджы куыст дзы уый куы фæкодта Америчы. Клещов. Фæлæуу-ма, æмæ дын æй цæй тыххæй радтой уагæр? Цы сын сарæзтай? Колокольчик. Куыд цы? Вашингтон хъахъхъæд- та ам, Архангельсчы цур. Чумак (тæрсы.) Бауырнæд дæ, мæнæн иттæг æх- сызгон у уæ фенд. 211
Клещов æм хъусы. " ’Салдæттæн уæ фæзминагæн хастон, газетты "уыц кодтамуæ... «хъæбатырдзинады» кой. Клещов. Хъырнæг дæ нæ хъæуы? Ч у м а к. Нæ дæ æмбарын? Клещов. Зарæг æнæ хъырнæгæй нæ фидауы... (Мæстыйæ.) О, кастыстæм уын уæ газеттæ, къултыл ны- хæст уыдысты... Сымах Хадзымураты сæр зынаргъæй æлхæдтат, фæлæ дæ сæр йæ размæ лæвар æртулдзæн. Ч у м а к. Ард хæрын, мæн нæ- фæндыд уемæ хæцын. Клещов. Ныхъхъус у, лæгсырд! Ды рувас дæ, тæп- пуд... Чумак (фæхъыг ын). Инæлар Чумак! Сырхæфсæддон (дуармæ фæзынд). Хадзымурат фæцæф! Клещов, Колокольчик æмæ дыууæ сырхæфсæддоны федде сты. Б а х м а ч (систа йе ’мбæхст ранæй чысыл дамбаца). Инæлар нæ, фæлæ булкъон дæр нал дæ. (Багæрах æй кодта.) Уæрæсе бабын (Амардта йæхи дæр.) X а д з ы мхд а т (æрбахызт цæфæй, йæ фæдыл—Со- кол, Клещов æмæ иннæтæ. Соколæн.) Фехъусын кæнут Уборевичæн:- Шенкурск мах у! Æ м б æ р з æ н ÆСТÆМ НЫВ Хадзымураты штаб. Хадзымурат æмæ С о к о л картæйы уæлхъус. Хадзымурат йæ лæдзæг иуварс фехста. Хадзымурат. Худинаг! Се ’мбис алыгъд... 212
- Сокол. О, фæлæ горæт... -• Снегирев (æрбахызт). Æмбал командир, теле-. граммæ дæм... X а д з ы м у р а т.- Кæцæй? (Райста йæ) Снегирев. Нæ зонын. Хадзымурат (бакодта йæ кæсæнцæстытæ, ракæс- бакæс æм кæны... Зыны йæ былты змæлын... Йæ кæсæн- цæстытæ фелвæста æмæ гæххæтт мæстыйæ Соколмæ радта). Гъа., кæсгæ. Ды ахуыргонд дæ... Кæд æй ды уæддæр бамбарис... Цæмæндæр мæм сидынц штабмæ... С о к о л (акаст æй йæхинымæр, бакаст Хадзымурат- мæ)- Ревтрибуналмæ дæм сидынц. Хадзымурат. Цæмæ? С о к р л. Куыд цæмæ? (Æрбамæсты, цыма ацы хъуыддаджы уый дæр æнаххос нæу, уыйау.) Ибон зна- гæй цы хæлц æмæ бæхтæ байстам, уыдон адæмыл нæ байуæрстам?.. Нæ байуæрстай? Хадзымурат. Байуæрстон... Æмæ уым æвзаерæй цы ис? 9 ~ Сокол. Уый, * æмæ сæ раттын хъуыдæфсадмæ.... Штабмæ. Хадзымурат. Щтабы чи ис, уыдон, æвæццæгæн, никуы федтой нæдæр æххормаг лæг, нæдæр æнæ бæх кусæг лæг... Æз æмæ сæ ды та федтам... Мæ бынаты цыфæнды командир дæр бакодтаид афтæ... Уалдзæг у ныр, адæмы хуым кæнын хъæуы. Штаб... Цы у штаб? Гæххæттыты къуту, нæ сæ зонын? Сокол. Раст нæ дæ. Штабы кусджыты иубарæнæй ма бар. Хадзымурат (ратыдта гæххæтт). Уæдæ ахæм æртхъирæны гæххæттытæ цы æрвнтынц, ам сын исчи Корнилов у? (Гыццылгай-гыццылгай смæсты.) Гъы! Мæнæн тæрхон кæнынмæ хъавынц?.. (Анцъылдтæ код- та гæххæтт æмæ йæ аппæрста, дзургæ-дзурын æй фæ- 213
уагъта, феддæдуар, æрбаздæхт сыджыты армцдза’гимæ.) Ай циу, уый зоныс?.. Зæхх... Æркæс-ма йæм, куыд згъæ- лы, уымæ. Æмæ йæ кусын хъæуы... Цæмæй йæ хъуамæ бахуым кæна кусæг лæг?.. Штабмæ æнхъæлмæ кæса, цалынмæ йын бах радта, уæдмæ? Цæй комиссар ма дæ,.кæд уалдзæг циу, уый дæм нæ хъары, уæд? Снегирев гæххæтт систа, алæгъз æй кодта, стъолыл æй æрæ- вæрдта æмæ феддæдуар. С о к о л (иуварсмæ)^ Цымæ сæм чи фæхабар код- таид? (Систа тел, кæсы.) «Æвæстиатæй фæзын»... Кæд цæ- уыс? Хадзымурат. Кæд сæ мемæ исты ныхасаг ис, уæд æрцæуæнт ардæм, мæн уырдæм не ’вдæлы... Сокол. О, фæлæ уый бардзырд у. Хадзымурат- Нычъчъыртт ма йыл кæн! (Рацу- бацу систа, æваст фæлæууыд, ехсæй йæ цырыхъхъы хъус ныцъцъыкк ласта.) Æз Хадзымурат ма фæхуыйнон ацы гæххæт ныффыссæджы сæр куынæ акъуырон! (Бынтон æрæджиау æм бахъардта æмæ смæсты.) Юсуп! Юсуп (æрбазынд). Хъусын, æмбал командир! Хадзымурат- Бæх мын! Сокол (Юсупмæ). Нæ хъæуьь.^Цæугæ. X а д з ы м у р-а т. Сæвæр бæхыл саргъ! Ю с у п сабыргай ахгæдта йæ фæдыл дуар. Хадзымурат рацæуы. Сокол. Æмбал командир! Куыддæр ацы къæсæрæй ахизай, афтæ дæхи ахстыл нымай. Хадзымурат. Цы?! Сокол. Афтæ! 214
Хадзымурат. Хъус-ма, лæппу... С о ко л. Комиссар!.. Х:адзымурат. Гъемæ комиссар дæр фест. Сокол. Сбад-ма, ’æппынфæстаг, аныхас кæнæм лæ- гæй-лæгмæ. Хадзымурат, дисгæнгæ, æрбадт, ан мын цы дзурдзæн, зæгьгæ. Æрбадт йæ фарсмæ комиссар дæр. Иуцасдæр ныхъхъус сты. Хадзымурат. Фæдæ дæ ныхас?.. (Йæлулæйыта- мако нæмы.) Бадымон? С о к о л. Цалынмæ кæронмæ мæ ныхас фæуон, уæд- мæ мæ ма ба,хъыгдар... Хадзымурат. Дымыны бар ис? Сокол. Ныртæккæ цы кæнынмæ хъавыдтæ, уый куы бакодтаис, уæд дæхæдæг дæр бабын уыдаис, æмæ æгас отряды та пырх ныккодтаиккой- (Паузæ.) Гъер æй бамбæрстай?.. Нæ, нæ, зæгъ-ма, дæу фæнды, цæмæй нын нæ отряд ныппырх кæной, уый? Цæмæ мæм кæсыс? Хадзымурат. Гъер ды ирон куы уыдаис, уæд афтæ нæ бакодтаис. Со кол. Ома? Хадзымурат. Хистæр дæн азтæй... Ныр мæм куыд ныллæууыдтæ фæстæмæ? Сокол (комиссар йæ ныхас фæлæмæгъдæр кодта). Хадзымурат, нæ дыууæ дæр Сырх Æфсады стæм, æф- сæддон æгъдау фидар цæмæй хъуамæ уа, ууыл архай- æм-.. Ды та?.. Ацы гæххæтт ныффыссæгимæ æхсаргар- дæй ныхас нæ хъæуы, фæлæ закъонæй ныхас хъæуы. Хадзымурат. Нæ йæм бауромдзынæн мæхи.Мæн аххос нæу, мæ туг ахæм у. Сокол. Æз ацæудзынæн дæ бæсты... Хадзымурат (фестад). Хадзымураты бæсты ни- куыдæм мз нцчи ацыд. 215
С о к о л. Хадзымурат... X а д з ы м у р а т. Уæвгæ хорз... Сымах ахуыргонд адæм стутæмæ кæрæдзийы хуыздæр бамбардзыстут... О, фæлæ дæ сæрыхъуынтæй иу æрду дæр куы... Сокол. Хорз, хорз... Ю с у п (æрбахызт, хъæлдзæгæй сæ фенгæйæ, йæ цæ- сгом фæрухс). Æмбал командир, бæхтæ цæттæ сты! Сокол (йæ къурткæ сынтæгмæ баппæрста). Æз цæуын, Юсуп. Хадзымурат (Соколмæ). Мæ бæхыл ацу. Комиссар атахт... Хадзымурат Соколы къурткæ сыитæгæй систа æмæ йæ сауыгъта. Ю с у п (комиссары фæдыл кæсьь стæй Хадзымурат- мæ). Хъуыраныстæн... Нæ комиссар... Хад.зымурат. Лæг у... Юсуп. О, о. Æмæ йæ амæйразмæ лæппу куы хуыд- тай? X а д з ы м у р а т. Лæг кæй у, æз уый кæд бамбæр- стон, уый зоныс?.. (Йæ цухъхъайы ронæй сласта, фыц- цаг нывы Соколæй цы гæххæтт райста, уый.) Юсуп. Ильичы писмо... Ау, утæппæт рæстæг?.. Хадзымурат. Карз хæсты тымыгъты æз уый мæ зæрдæйы фарсмæ^фæхастон... (Юсупмæ ныккаст.) Юсу п. Цы кæныс? Хадзымурат. Æз арæх дæуыл фæхъуыды кæ- нын, уый зоныс, Юсуп? 10 с у п. Цас зонинаг у! Æнафоны та искæцы штæбмæ бабырсын æмæ... Хадзымурат. Нæ... Юсуп. Цæуыл ма, уæдæ, æндæр? ^ Хадзымурат. 17-æм аз ма хъуыды кæцыд? Нæ т
иутæ булкъоны фарс куы фесты, уæд мемæ цæмæн ра- цыдтæ? - Юсуп. Æмæ ды афтæ иæ бакодтадс? Наузæ. Хадзымурат. Ды афтæ нæ бакодтай, зæгъгæ, уæд, чи зоны, уыйбæрц нæ бауыдаиккам... Исчи мæ куы агура, уæд æз уыдзынæи акъоппыты. Ю с у п. Кæдæм цæуыс цæфæй? Æз сæ абæрæг кæн- дзынæн. Хадзымурат. Клещовæн зæгъ æмæ алырдæм разведкæйы арвита. Юсу п. Хорз. Хадзымурат. Сæвæрæд хъахъхъæнджытæ кæрæт- ты, иуты та дзы раст знагæн йæ тæккæ фындзы бынмæ арвитæд. Юсуп. Хорз, дæ зæрдæ ма ’хсайæд. Баулæф. Хадзымурат. Улæфгæ — уый фæстæ. (Ахъуыды кодта.) Цом-ма. (Аивгъуыдтой.) Æрбахызт С н е г и р е в. ЦыдæрГæ фыссы. Хъахъхъæнæг (æрбакаст). Æмбал Сорокæ, мæ^ нæ хъæуæй чидæр æрцыд, командиры агуры. Снегирев. Рауадз æй. Хъахъхъæнæг. Марадз... Æрбауагъта йæ. Æрбахызт А с л æ и д ж е р и хуымæтæджы зæхкусæджы дарæсы. Аслæнджери. Уе ’хсæв хорз! Снегнрев. Æгас цу, сбад^ Хъусын дæм. Аслæнджери. Ды Снегирев дæ? 217
Снегирев. Æз... (Фæкуыддæр.) Рæдийыс, æз, Со- рокæ дæн. А с л æ н д ж е р и. Ацы къухдарæн никуы никæуыл федтай? Снегирев (фестад). Федтон. Аслæнджери. Йæ хицауы фæнды, отрядмæ хæ- стæгдæр рæстæджы цы фæндтæ ис, уыдон базонын. Снегирев. Цæй æрæгмæ фæзындыстут? Аслæнджери. Фадат нæ уыд. С н е г и р е в. Мæнæ ам отряды боныг æмæ йæ фæнд- тæ, мæхи чиныг фыссæг скодтон æмæ сæ уый хуызы фыссын. Аслæнджери. Хорз. «Хуыцауы æрвыст лæг» кæй схуыдтой Цæгаты цæрджытæ, æз ныртæккæ хъуамæ уы- имæ аныхас кæнон. Снегирев. Ды? Аслæнджери. О. Æмæ кæд мæ ныхасы фæстæ ам баззайа, уæд хъуамæ дыууæ-æртæ бонмæ мард æр- цæуа. Снегирев. Хуыздæр уаид, дæхæдæг... Аслæнджери (паузæйы фæстæ). Ахæм хъуыды дæр уыди, фæлæ булкъон не ’сразы. Снегирев. Ацы тæтæйраг... Фыййау куыдзы хъахъ- хъæд æй кæны. Гъемæ хорз, чи йæ бахъуыддаг кæна, ахæм лæг дæр ис. Аслæнджери. Инæлар Снегирев тынг разы у йæ капитан-фыртæй. Снегирев. Бузныг. Æдде бæхты къæхты хъæр. Æрбацæуы... Цæй, ауынаффæтæ кæнæм. (Аивгъуыд- тойт) Фæзындысты Хадзымурат æмæ Клещов. 21$
Клещов (дуарæй). Санитаркæ! Хадзымурат. Уый та ма цавæр саннтаркæ у? Клещов. Иæ ног еырхæфсæддон Мария. Хадзымурат (бахудт). Иæ мой партизантимæ ацыд, уый та ам... Клещсъв. Ницы кæны. Фембæлдзысты, сæ фæндаг иу у. Мария (æрбахызт). Дзырдтат мæм? Клещов. О. Дæ бар æй кæнын. (Ацыд. Мария йын йæ къахы цæф бæттьи Хадзымурат худы.) М а р и я. Риссы? Хадзымурат. Уæд худгæ кæнин? М а р и я, Уæдæ цæуыл худыс? Хадзымурат. Ныртæккæ мæм дæ лæджы мад искуыцæй куы ’рбакæсид!.. Савельевнæ афтæ загътæ, нæмыг, дам, дыл нæ уайы. Уæдæ уый циу? Æццæй, нæ, Мария, искуы м’а дзуар къуылых вæййы? М а р и я. Куыд худыс? Хадзымурат. Уæдæ кæугæ кæнон? Ай хорз хъуыддаг нæу, ног чындз мын мæ къæхтæ æхсы... Ацу, ацу, бузныг. М а р и я. Чысыл дæ фæллад æруадз. Хæст банцад. Хадзымурат. Рæстæгмæ. Хорз, хорз. Ацу. Бау- лæфдзынæц, цæмæ мæм кæсыс? М а р и я. Афтæ. Иухатт, чысыл ма бахъæуа, æцæг ма баууæндон устыты ныхæстыл. Уæларвон дæ кæй хуыдтой, ууыл. Хадзымурат. Æцæг? Мария. Дзырдтой, зæгъгæ, дам, дыл кæмдæр хъæ- ды знæгтæ æртыхстысты æмæ, дам, дын сæ бон куы ницы бацис, уæд дæ алыварс бæлæстæ акалдтой, фæлæ, дам, ды бæлæсты сæрты агæпп кодтай, дæ урс бæх дæм кæм æнхъæлмæ каст, уыцырдæм æмæ уæлæрвты атахтæ. 219
Хадзымурат. Уый æцæг уыдис, Мария, гъе æцæг уæлæрзты нæ атахтæн, фæлæ дæлæрвты, зæххыл., ’ М а р и Я( Æцæг? _ — . "•••.. ^. * - X а д з ы м у р а т. -О. М а р и я. Æмбал командир, ныр ирон адæмыл иу- уылдæр хъаматæ æмæ нымæттæ ис? Хадзымурат. Ай-гъай. Цы у хохаг лæг æнæ ны- мæт æмæ æнæ хъама? М а р и я. Чызджытæ та? ~ Хадзымурат. Чызджытыл та ис, буар чи æм- бæрзы, ахæм уæлæйы дарæс. М а р и я. Цæй-ма, æцæгæй дæ фæрсын. Хадзымурат. Æцæгæй зæгъын. Стæй къуырд- дзыкку не-’сты. Мæнæ хæст куы фæуа, уæд уæ. Андре- имæ нæхимæ акæндзынæн. Ацæудзыстут мемæ? ■ » Мария. Æнæмæнг... Хæрзаг рæсугъд у уым... Хадзымурат (паузæ). О, тынг рæсугъд у уым, Мария... Æмæ сæ Деникины лæгсырд-æрдонгтæ сæ къæх- ты бын змæнтынц. Йæ хъуыдыйы адзæгъæл. Мария, йæ сагъæстæ йын куыд нæ бахъыгдара, афтæ арæхстгай ацыд. Хадзымурат йæхинымæр базарæгау кодта иронау... Сокол (æрбахызт). Æтт, Хадзымурат! Диссаджы æхсызгон хабар! Кафгæ! Хадзымурат йæхи рæвдз кæны, фæлæ ехс хæстæг æрæ- вæрдта. Сокол (ехс ауынгæйæ). Уый та ма циу? Хадзымурат. Ацы къуылыхæй дзæгъæл кафт куы ’ фæуон, уæд æй базондзынæ... Сокол. Разы дæн. Кафгæ, уадз æмæ дын рис.са! 220
• X а-дз ы му рат. Æтт, *уæдæ! Ходон дæгæн—чъйсса. Уадз æмæ йын рисса! (Кафы.) : Сокол (æвдисы газет). .Сырх" Æфсад æмæ хьæба- тыр ’ирон партизантæ. Ирыстон ссæрибар. кодтой Дени- кины балбирæгътæй. Киров æмæ Орджоникидзейы те- леграммæ—газетты. Хадзымурат (ныхъхъæбыс ын кодта). Ибон мын Савельевнæ афтæ: дæу, дам, хуыцау æрæрвыста ардæм, Цæгатмæ... Мах ирвæзын кæнынмæ... Æз та дæуæй зæгъын, комйссар, афтæ: хуыцау дæ æрæрвыста мæнмæ. Сокол (бахудт). Мæн парти æрæрвыста. Хадзымурат. Æмæ, дæумæ гæсгæ, мæн чи æрæр- выста? О, хæдæгай, цæй, куыд? Æрхастай бардзырд мæн æрцахсыны тыххæй? Сокол. Ды хъазгæ кæньк, фæлæ трибуналы хицау карзæй домдта де ’рцахсыц... Цы нæ йын фæкодтон!.. Иу цыбыр дзырдæй, æгæр дын куы старстæн, уæд Убо- ревичмæ смидæг.дæн. - Хадзымурат. Æмæ.' Сокол, Æхсыгон ын нæ уыд дæ ми, фæлæ мæхи цур трибуналы хицаумæ ныдздзырдта... Ды, дам, Хадзы- мурат чи у, уый зоныс?.. Хадзымурат (æхсызгонæй). Уый лæг у, лæг... Комбриг... Ирыстоны ссæрибары тыххæй та дæ хæрзæг- гурæггаджы лæвар — дæхи дзыхæй цыдæриддæр зæгъай, уый. Сокол. Хорз. Мæ курдиат мын сæххæст кæн. Хадзымурат. Разы дæн цыфæнды курдиат сæх- хæст кæныныл дæр. Сокол. Уæдæ абонæй фæстæмæ хистæр командирты цур дæхи... Хадзымурат (ныхху&т). Æрцахстай мæ, комис-’ сар! Гъемæ хорз... Иугæр Хадзымурат .ныхас . загъта, уæд æй сæххæст кæндзæн... 221
Сокол. Уырны мæ... (Радтой къухтæ). Цæй, æз ацы хабар адæмæн фехъусын кæнон. X ад з ы м у р а т. Марадз. Снегирев (æрбацыд). Æмбал комайдйр, риссы ма дæ цæф? Хадзымурат. Ахæм иугай цъæррæмых- стытæ... Снегирев. Дæ бон уазæгимæ аныхас кæнын у? . Хадзымурат. Цавæр уазæг? Снегирев. Мæнæ ам ис. Ракæнон æй? X а д з ы м у р а т. О. Снегирев ацыд, фæзынд Аслæнджер и. Аслæнджери. Дæ бон хорз, Хадзымурат. Хадзымурат (фестад). Аслæнджери?! Аслæнджери (бынтон æрæджиау). Марай мæ, нæ, æз хъуамæ мæ ныхас сæххæст кæнон. Мæн æрбар- выста инæлар, Петренко. Хадзымурат. Уый уый амоны, æмæ уал ды дæ фыццаг ныхас сæххæст кодтай: афицер сдæ. А-Слæнджери. О. Цæй, уымæй уæлдай уазæгæн «сбад» дæр нæ зæгъдзынæ? Хадзымурат. Табуафси! Сбадтысты. Асл-æнджери. Бузныг. Хадзымурат. Хъусын дæм. Асл æ нджер и.Нæ зонын, мæ ныхас дæ зæрдæмæ фæцæудзæн, æви нæ, æмæ дыл, де ’рра туг дын зон- гæйæ, рагацау мæхи фæдзаехсын. Ирон æгъдаумæ гæс- гæ— æз де ’уазæг! Хадзымурат. Дзур! 222
Аслæнджери (фæкъуылымпы). Булкъон Чумак стыр аргъ кæны дæ хъæбатырдзинадæн, дæ хæстон сгуыхтдзинæдтæн... Иу цыбыр дзырдæй, фæнды йæ, куы сразы уай, уæд... Хадзымурат (фестад). Дæ булкъонимæ кæрæ- дзийы мадыл... Æрбахызт С о к о л, Аслæнджери сыстад. Хъус-ма, инæлары æрвыст лæг... Дæ амонд у, æмæ дæхи рагацау ныффæдзæхстай, фæлæ хъахъхъæ... Хæс- ты быдыры фембæлдзыстæм. Сокол (дис хуызæй). Афтæ мæстыйæ дæ никуыма федтон. Хадзымурат. Заргæ куыд нæ кæныи!.. Ме ’мбæ- стаг мæм æлхæнынмæ æрбацыд. Сокол æй базыдта. Булкъон Чумак æй æрбарвыста. Фесæф мæ цурæй, лæджы ном худинаггæнæг! Хохаг æгъдæуттæм гæсгæ дыл де ’знаг йæхи куы ныффæдзæхса, уæд ын уыцы рæстæг марæн нæй. Уыййедтæмæ йын æз... (Хадзымурат фæгуырысхо, Сокол Аслæнджеримæ цы цæстæй каст} уымæ. Аслæнджерийы тæрттæ ацахста.) Фæлæуу-ма, фæлæуу, иу хатт дæ ай пæ ныццавта? Сокол. Ауадз æй... Иæхи дыл ныффæдзæхста. (Ас- лæнджери тагъд-тагъд ацыд.) X а д з ы м у р а т. Куыдзы хъыбыл!.. Фæлæуу! (Иæ лæдзæг исы.) Сокол. Æрсабыр у, дæ цæф... Хадзымурат. Æз хъахъхъæнджыты абæрæг кæ- нон... Ацы халæттæ хуымæтæджы нæ уасынц... Сокол. Æз дæр — демæ. (Ацыдысты.) г. 223
Æрбахызт С н е г п р е в , йæ фæстæ — Ё г о р. Егор (тагъд-тагъд). Нæ, нæ... Гъа мæнæ де ’хца æмæ дæ дамбаца. (Æрæвæрдта сæ, Снегирев сæ лагъзы амбæхста.) Снегирев. Цы ма ’рцыд? Егор. Нæ йæм батасыд мæ къух. Æвæццæгæн æм æцæг ис тутыры чиныг... Знон мын бæх радта, йæ дза- быртæ мын йæ къахæй раласта. Снегирев. Гъы, бæх ын радта!.. Зæронд сæлхæр! Ныр уал дын æй радта, стæй дæ æд бæх фесафдзæн, дæ фырттæ афицертæ сты, уый куы базона, уæд. Мæнæ сæ къамтæ... (Æвдисы сæ. Зæронд сæм фæцæйæвнæлд- та, Снегирев сæ йæ дзыппы авæрдта.) Афон куы ’рцæуа, уæд æм сæ æз мæхæдæг ратдзынæн... Афицертæн цы фæкæны, уый та дын æнæ зонгæ нæу. Знон федтай?.. Æрсабыр у, сывæллон нал дæ. Нывæр хæцæнгарз фæ- стæмæ... Мæнæ уал дæ мыздæн йе ’мбис... Его р. Нæ, нæ... Снегирев. Ныртæккæйæ хуыздæр фадат нæй... Хъæдмæ цалдæр санчъехы æрмæст. (Листовкæ æмæ йын æхца йæ дрыппы нытътъыста, радта йæм дамбаца дæр. Æдде уынæр.) Æрбацæуынц. Дæхиуыл хæц... Æрбахызтысты Хадзымурат æмæ С о к о л. Хадзымурат. Егор? Æгас цу. Цы хур, цы къæв- да дæ æрбахаста ацафон ардæм? Егор цавддурау лæууы, стæн, листовкæ æмæ æхца цы дзыппы уыдысты, уыцырдæм нывнæлдта. Снегирев ис зын уавæры, стæн фехста зæронды, Егор æрхауд.- Хадзымурат. Цы бакодтай? Снегирев. Хатыр!.. (Зæронды дзыппæй систа æх- 224
цй, листовкæ, дамбаца.) Уайтагъддæр æй м& зæрдæ зыдта... Ахсæв, дам, дæуæй уый æнæ фенгæ нæй... Знаг, кълассон зиаг. Ахæр-хæр æп кодта, гæрахмæ æрбазгъордта Клещов, Сне- гпрев дамбаца хуымпъыры æвæры. К л е щ о в. Цæмæн æй фехстай? С н ег и р е в’ Куыд цæмæн? Цæмæй командиры ма амара, уый тыххæй. Абон дæр ма уыд ам... Дызæрдык- каг нæу, ацы листовкæ дæр уый ныууагъта. Клещов. Нæ йæ хъуыд марын... Æхсын мæ хъуыд- дæг у. Снегирев. Хатыр... Клещов. Дæ гæрзтæ!.. Снегирев (йæ хъуырæгънæг уæгъд кæны). Æм- бал Клещов, ды... ды дзуапп ратдзынæ... Клещов (ауыдта къух, ацахста йæ, дамбаца дæр). Æмбал командир! Мæнæ цыппар æнгуылдзы хицау. Хадзымурат. Тæрхондонмæ!.. Æфсæддон тæрхон- донмæ раттын хъæуы ацы хæрæджы хъыбылы... Акæнут æй! Сокол (фæцыд телефоны хъæр). Хъусын. Комис- сар Сокол... Кæй æхсæв у, уый хорзæх дæ уæд, æмбал комбриг. Хадзымурат. Уборевич? Цы та кодтон? Сокол. Хъусын... Æз? Æмбал комбриг!... (Æрæ- вæрдта хæтæл.) Хадзымурат/ Цы хабар у? С о к о л (йæхæдæг дæр æй нæ зоны, цы хабар у, уый). Æмбал Уборевич бардзырд радта, цæмæй æз æвæстиатæй слæууын кæнон отряд. Хадзымурат. Ды?.. Æмбæрзæн 15 Пьесæгæ 225
ФАРУЁСТ/ЁМ НЫВ Тыгъд быдыр. Дардæй зыны æгæроН денджыз, пæ былгæрон — горæт... Денджызы — наутæ. Лæууы Дзæрæхохты Хадзымураты отряд. Рахизæрдыгæй тырысаны цур — X а д з ы м у р а т, йæ фарс- мæ— Сокол, Клещов æмæ пипæтæ... Сыхъуыст бæхты къæхты хъæр. « С о к о л. Æрхæццæ! Хадзымурат. Цæугæ... Æрбахызт У б о р е в и ч, Сокол нæ размæ рацыд. Сокол. Æмбал Уборевич, отряд дæ бардзырдмæ гæсгæ слæууыд! Уборевич. Командир Хадзымурат! (Къухæй амо- ны, размæ рахиз, зæгъгæ.) Табуафси! Хадзымурат (рацыд). Æз мæнæ... Дыууæпæп дæр се ’ргæмттæ адæмырдæм. У б о р е в н ч. Уæрæсейы Æфсæддон Революцион Со- вет уынаффæ рахаста... Дзæрæхохты Хадзымуратæн... йæ хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй Сырх Тырысайы ’Орден раттын. (Хъуысы «Ура», Уборевич Хадзымураты риуыл хорзæх æрсагъта, ныхъхъæбыс ын кодта.) Æм- бæлттæ! Знаг тырныдта, Сыбырырдыгæй цы æрдонгтæ бырсынц, уыдонимæ ам, Цæгаты, баиу уæвынмæ. Стæй империалистты æххуысæй нæ Райгуырæн бæстæйы сто- лицæмæ ныббырсын, нæ хурхыл нын бахæцын... Мах æхсæзæм Сырх Æфсадæн æмбал Ленин сæвæрдта хæс— знаджы уыцы фæндтæ фехалын æмæ сæ фехæлдтам. Нæ разæй—Архангельск! Хæдзымурат. Уæ бæхтæм! 226
Згъорынц, хъуысы фæдисы уадындзы уаст. Хадзымурат Уборевичы раз йе ’хсаргард йæ ныхмæ фелвæста. Систа йæ къух йæ худмæ Уборевич дæр. Хадзымурат цырд фæзылд, фæ- аууон. Мæ фæдыл, хъæбатыр джигиттæ! Бæхты къæхты хъæр хæстон уадындзы мырты бын фæци. Кæ рон
МАДЫ ЗÆРДÆ ÆРТÆ АРХАЙДЫ Н
АРХАЙДЖЫТÆ: Б æ р о й т ы С е р г е й — хнстæр лейтенант, 35-аздзыд. " Б æ р о й т ы Н и н æ — йæ ус, 45-аздзыд. Бæройты Хъазыбег — сæ фырт, 25-аздзыд. Б æ р о й т ы А л лæ — йæ ус, 20-аздзыд. Ковалев Алексей— Нинæйы кæнгæфырт, 23-аздзыд. Ковалева Мария — Алексейы мад, 43-аздзыД. А л и х а н — ахуыргæнæг, 50-аздзыд. В е р æ — театры- актрисæ, 20-аздзыд. К р ы л о в — дохтыр, 45-аздзыд. Трофимовна — сывæллонмæгæсæг, 60-аздзыд. Р а я — рынчындоны кусæг, 25-аздзыд. 3- и ф — Аллæйы æмбал, 20-аздзыд. Постхæссæг.
ФЫЦЦАГ АРХАЙД П РОЛ О Г 1941 аз. Июнь. Бресты фидар. Дардæй хъуысы хæдтæхæджы æмæ сармадзанты нæрыи. Рацæуы хистæр лейтенант Б æ р о й т ы С е р ге й. С е р г е й. Æмбæлттæ! Иунæг ныббырстæй Бресты фидар байсыны тыххæй немыцаг фашистты фæнд фæ- сыкк. Ныр сæ ных сарæзтой нæ алыварс æртыхсынмæ æмæ уый сæ къухы куы бафта, уæд Бресты фидар къæппæджы бахаудзæн. Командирты бинонты арды- 231
гæй аласыны тыххæй бардзырд ис. Цыфæндыйæ дæр фидар бахъахъхъæнын хъæуы. Нæ зæххæй иу гæбаз дæр знагæн нæ ратдзыстæм! Крылов (æрбазгъордта).Æмбал командир, десант! Райхъуыст пулеметы къæр-къæр. Сергей. Мæ фæдыл! Азгъордтой, дыууæрдæм кæнынц хæстонтæ; сылгоймæгтæ лидзынц æд тыхтонтæ сæ сывæллæттимæ. Н и н æ йæ дасаздзыд лæппу Хъазыбегпмæ æд дзæкъул æрбатахт, кæйдæр агурынц, æрлæууыдысты. Н и н æ. Уæдæ цы фæуыдаид дæ фыд? (Хъæр кæ- ны.) Сергей! Сергей! Хъазыбег. Гыцци! Цæй гæрæхтæ сты уыдон? Н и н æ, Æнамонддзицады гæрæхтæ, мæ кбона, Хъазыбег. Хæст райдыдта. (Хъæр кæны.) Сергей! Хъазыбег (тарст хъæр кæны). Баба! Баба! Нинæ. Ма ку, ма ку, Хъазыбег! Ссардзыстæм æй! Кæнæ... Иукъордæй сæ фæрсты азгъордтой. Крылов (æрбазынд). Хорз ус, цы ми кæнут ам? Цæугæут фæндаджы фæзилæнмæ, уым уæм машинæ æнхъæлмæ кæсы. (Фæгуырысхо.) Нинæ Иналовнæ? Бахатыр кæн, нæ дæ базыдтон. Нинæ; Цы фæци Сергей? Æгао у? Ницы йыл æр- цыд? Нæ йæ федтай? Крылов. Æгас у, æгас! Фæлæуут мæм... (Аз- еъордта.) Æрбазынд М а р и я фæлмæстхуызæй, фæцæуы, пулеметы нæм- гуыты къæр-къæр кæцæй хъуысы, уыцырдæм. 232
М а р и я. Алешæ, Алешæ, мæ хъæбул, кæм дæ? Нин.æ. Фæлæуу! Кæдæм цæуыс нæмхуыты 6ш- мф? Фашисттаа къазарматæ бацахстой. Мария. Мæ хъæбул!.. Мæ лæппу уым и!.. Але- шæ!.. Алешæ!.. Цæугæ йæм кæнын! Нинæ (уромы йæ). Фæлæуу!.. М а р и я. Ауадз мæ! (Алыгъди.) Хъазыбег (кæйдæр ауыдта). Баба! Баба! (Ра~ згъордта йæм). Нинæ. Хъазыбег! Кæдæм?.. Æрбахызтысты С е р г е й, X ъ а з ы б е г æмæ К р ы л о в, Сер- гейы къухы — тинтычъи кæлмæрзæн. Крылов ацыд. Сергей. Нинæ!.. Нинæ (ныттыхст ыл). Куынæуал дæ фенон, уы- мæй фæтарстæн. С е р г е й. Нинæ, алы минут дæр зынаргъ у. Æвæс- тиатæй цæугæут фæндаджы фæзилæнмæ. Уе ’ппæтмæ дæр æнхъæлмæ кæсы машинæ. Цы амал ис, уымæй цæугæут Ирыстонмæ! Н и н æ. Сергей! Сергей. Нинæ, ныббар. Фæстиатгæнæн мын нал ис. Ме ’фсæддонтæ хæцгæ кæныиц уым. Цæй, хæсты цы нæ æрцæуы! Сывæллон нал дæ, ныббар, кæд дын искуы маст скодтон... царды алцыдæр вæййы... Нинæ (ныккуыдта). Æз дæр демæ... Нæ дæ ныу- уадздзынæн... Сергей (уайдзæфгæнæгау). Нинæ, рох дæ ма уæд нæ лæппу... Нинæ (йæхиуьи фæхæцыд). Хорз. Нал кæуын... Æнхъæлмæ дæм кæсдзы... (Ныккуыдта та.) С е р г е й. Кæугæ нæ, Нинычкæ, кæугæ нæ! (Сер- гей йæ фырты раз дзуццæджы абадт.) Æццæй нæ, Хъазыбег?.. 233
X ъ а з ы б е г. Æз тæрсгæ кæнын... Серге,й. Тæрсгæ? Тæрсгæ æз дæр кæнын иугыц- цыл. Цæй, Гыццийæн-иу æххуыс кæн... Хъазыбег. Баба!.. Ма аиу!.. Сергей. Лæгау лæг у! (Сыстад.) Цæй... Æн- хъæлмæ кæсут мæ писмотæм. (Азгъордта.) Хъазыбег. Баба!.. Баба!..- Н и н æ. Баба фæстæмæ арыздæхдзæн, Хъазыбег. Æрыздæхдзæн. Фашистыты фæсурдзæн æмæ та нæ- химæ уыдзæн. (Йæ хъæбысы йæ кæны.) Æнæ æры- здæхгæ йын нæй! Нæмгуытæ дыууæрдæм къуыззнтт кæнынц. Æрбазгъордта М а- р и я йæ астаздзыд фырт А л е ш æ н м æ. Мария. Мæ хъæбул!.. Мæ ахсджиаг!.. Æз æй зыдтон... Зыдтон æй, æгас мын кæй дæ!.. (Нинæйæн.) Федтай?.. Федтай?.. Ды мæ нæ уагътай... Æз мæхифæ- гуыбыр кодтон... Æмæ згъоргæ... Н и н æ. Гъемæ тынг хорз, æхсызгон мын у’. Æз дæ æмбарын. Фашистон хæдтæхæг ныллæг æрбатахт, райхъуыст йæ пулеме- ты хъæр, Мария æрхауд. Алексей. Мамæ!.. Мамæ!.. М а р и я (æрчъицыдта). Алешæ!.. Н и н æ. Цы кодтай, æнамонд сылгоймаг? Уæззау цæф дæ? Мария. Цæф нæ дæн... мард дæн... Алешенькæ... Цы ма уыдзынæ?.. Н и н æ. Æнцад æруадз дæхи, æз дын бабæтдзынæн дæ цæфтæ. Мария. Байрæджы!.. Алешæ... (Нинæйы къухтæм фæлæбурдта.) О, ныййарæг, æрмæстдæр ды ба^бар- 234
дзынæ мæн. Чидæрнддæр дæ, мæ иунæг—деуазæг: Але- шæ, Ковалев йæ мыггаг, Ковалев. (Банцйд.) Але ксей.- Мамæ! Мамæ! Ныртæккæ дын бабæт- дзынæн дæ цæф. Уæлæмæ./. Цом... æз дæ ахæсдзынæн. Н и н æ. Цом, цом, Алешæ... Цом махимæ... Дæ ма- мæйы дын амардтой, (Тыххæй йæ раскъ’уыдта йæ ма- дæй æмæ æртæйæ ацыдысты.) Хæст хæстæгæй-хæстæгдæр кæиы. Фæзындысты нукъорд æ ф - с æ д д о н ы хистæр лейтенапт Б æ р о й ы - ф ы р т и м æ. С е р г е й. Уыцы устытæ æмæ сывæллæттæ машинæ- мæ цæуылнæ хизынц, цæуылнæ ацæуынц? Арвитут сæ! К р ы л о в. Хъусын, æмбал командир! (Мариямæ амоны.) Сергей. Хорз ус... (Æргуыбыр æм кодта,) Марды æфсон æгас сылгоймаджы ныууагъдæуыд. Иванов, хæс- гæ йæ машинæмæ! Æфсæддон систа Марияйы æмæ йæ ахаста. С е р г е й. Нæ Райгуырæн бæстæйы сæраппонд! Нæ бинонты тыххæй! Нæ сабиты тыххæй! Цæвут!.. Æхст стынг ис. Рухс ахуыссыд. ФЫЦЦАГ НЫВ 15-азы рацыд. Бæройты Нинæйы хæдзар. Къулыл — хистæр лей- тенант С е р г е й ы къам стыр истæй. Йæ фæйнæфарс—X ъ а з ы~ б е г æмæ А л е ш æ й ы нывтæ. Уат уыйбæрц хъæздыг арæзт нæу, бæрæг у, чи фæтыхст, . ахæм адæймаг дзы кæй цæры, фæлæ — сыгъдæг æмæ хæрзæфснайд. Мидæгæй ма зыны’ иу уаты дуар. 23&
В е р æ (рацыд мидæггаг уатæй Кручининæйы* да- рæсы). «Æбуалгъ ми..»-Æбуалгъ ми,. Æз мæ лæппуйы мыйтв&&& катай кæнын, мавхи марыны онг сдæн, æмæ мæ баууæндын кодтой—амарди, æз мæ цæссыгæй мæ- хи æхсгæйæ дардмæ лидзын, дун-дунейы иу къуымы кæд мæ маст, мæ рыст ферох кæнин, зæгъгæ, мæ хъæ- бул та мæм йæ гыццыл къухтæ тилы æмæ хъæр кæны: мамæ! мамæ! Æбуалгъ ми...» Æрбауа’д Н и н æ, йæ къухы — телеграммæ. Н и н æ. Ам дæ, Верæ? Верæ дзуапп нæ дæтты. Дæ цæстытæ та уыцы кæуындзаст куы сты, хъуамæ та репетици кодтай. В ер æ. Афтæ тæрсын, афтæ, æмæ... Фыццаг хаттхъа- зын ахæм роль. Н и н æ. Кручининæйы роль? Ахъаздзынæ йæ. Фæ- кæс-ма-иу. Уæдæ ма цæй актрисæ дæ? Дæ хъуыддаг та хорз рауайдзæн. (Æрæджиау.) Мæныл та ахæм ци- ны хабар æрцыд, ахæм, æмæ йæ зæгъыи дæр нæ уæн- дын, æнхъæл дæр æй нæ дæн мæхицæн. В е р æ. Цавæр цины хабар, Нинæ? Цæй-ма, Нинæ, зæгъ æй -тагъддæр! Н и н æ. Нæ лæппуты ныртæккæ ардæм хъæуы. В е р æ. Хъазыбег дын институт каст фæци? Нинæ. Тел дзы ра(йстон Калакæй, (Дæтты йæ.) Верæ (кæсы). «Каст фæдæн институт. Фæцæуын. Æцæг иунæгæй нæ»... Уæдæ кæимæ? * Островскийы пьесæ «Æнæ аххосæй . аххосджынтæ», зæгъгæ, уый архайæг. 236
Н и н æ. Алешæимæ. Верæ. Нæ зонын... Æмæ, Алешæ кæй хоныс, уый нырма дыууæ азы куы хъæуы ахуыр кæнын, æнхЪæл- дæн. Нинæ (фæгуызавæ). О. Фæлæ ды... В е р æ. Цы нæ вæййы? Лæппу ус курын дæр зоны. Н и н æ. Цытæ дзурыс? Уый та куыд! Ау, уæд мæм æй нæ ныффыстаид Хъазыбег? (Кæсы Сергейы къам- мæ.) Тæхуды ’мæ ныртæккæ дæ лæппумæ куы бакæ- сис, Сергей! (Верæйæн.) Абоны хуызæн ма мæ зæрдыл лæууы. Брест... Хæст... Бæстæ судзы/ Хъазыбег йæ фы- ды раз лæууы, йæ цæссыг калгæ. Уæд æм Сергей дзу- рыг: «Хъазыбег, Хъазыбег! Ныр лæг дæ, æмæ лæгæи кæуын не ’мбæлы». Æмæ нын æцæг слæг ис! Дæ ма- дæн дам-иу æххуыс кæн... В е р æ. Нинæ, цины бон кæуын не ’мбæлы... Нинæ... Н и н æ. Уыдон цины цæссыгтæ сты. В е р æ. Æмбойны æрбахъæздыг уыдзынæ, Нинæ, дæ иу фырт — дохтыр, иннæ дыууæ азы фæстæ инженер суыдзæн. Н и н æ. Охх, тагъддæр, тагъддæр куы ’рхæццæ уаид уыцы бон! Верæ, ныр та уал, кæд дын зын нæу, уæд ацы кæлмæрзæн, ’ цæттæ дзаумæттæ кæм фелхæнынц, уырдæм ныддав, худинаг у, æцæг йемæ исчи куы ’рцæ- уа. (Дæтты йæм кæлмæрзæн.) Верæ. Дæ лæджы лæвар? Ницæйы тыххæй! Æз ныртæккæ ссардзынæн æхца. Нинæ. Нæ, нæ! Кой дæр æй ма скæн. В е р æ. Уый фæстæ сæ дæ пенсийæ бафиддзынæ. Н и н æ. Мæ пенсийы æхца сын фæндаггагæн арвы- стон. Дуканийæ дæр-иу исты рахæсс. Верæ. Хорз. (Ацыд.) Нинæ (къамтæм). Цæй, цы мæм кæсут? И?.. Ху- дæг уæм кæсы?.. Гъемæ худут! Æз дæр худын, цин 237
кæнын!.. Кæугæ дæр бирæ фæкодтои. ХъуыДы ма кæ- ныс, Хъазыбег? Иухатт мын куыд фæцæй... Арв „æмæ зæхх кæрæдзи хостой. Мах Алешæимæ удаистæй... (Йæ цæстытыл ауад уыцы ныв.) Сценæйы рухс ахуыссыд. Уынг. Æнафон. Тыхджын къæвдп. Æрбатындзы Н и н æ. Н и н æ. Нæ," нæ. Нæ дæ ратдзынæн, мæ хъæбул, нæ дæ ратдзынæн мæлæтæн. Зындоны арты цæхæрæй дæ уымæн нæ рахастон, æмæ дæ ныр æгъатыр низæн рад- тон! У-у, æгъатыр низ! Фæлтау æз куы фæуыдаин дæ амæттаг... Рухс цæуы рынчындонæй. (Алешæмæ.) Але- шæ, цы ми кæныс, мæ хур? Алешæйы хъæлæс. Дохтыртæ дыууæрдæм кæ- нынц... Мæн нæ уадзынц мидæмæ. Н и н æ. Мæи бауадздзысты. Бауадздзысты мæ. Мæ зæрдæ мæ риуæй ратоны... Мæ зæнгтæ мæ быны нал цæуынц. Хъазыбег, мæ хъæбул, фæцæуын дæм. Рухс ахуыссыд, ссыгъд. Хъазыбег рынчындоны — тыхстæн. Иæ уæлхъус — дохтыр Крылов æмæ Р а я. Крылов йæ хъусæн- тæй бирæ фæхъуыста рынчынмæ, стæй йæм сагъæсхуызæй нык- каст. Дуар байгом. Æрбахызт Н и н æ, • фæцæуы йæ фырты сын- тæгмæ, æрбадт йæ разы. Н и н æ. Хъазыбег... Хъазыбег (сæнттæ цæгъды). Алешæ, цом, скъо- ламæ нын байрæджы уыдзæн. Алешæ, фæлæуу... Н и н æ (сыстад. Крыловмæ). Дохтыр... К р ы л о в. Нинæ... Нинæ (ракаст). Алихан... Алихан ам нæ уыд? Р а я. Телефонмæ азгъордта. К р ы л о в. Калакмæ дзуры, уыцы профессормæ.
А л и х а и (æрбахызт, æфсæддон дарзёсы, æн& пъагæттæй). Профессор не ’рцæудзæн. Нæй йын амал. Нинæ (фидарæй). Йæхп йын аласæм уырдæм. Алихан дохтырмæ фæрсæгау бакаст, уын йын йæ сæрæй разыйы дзуапп радта. Нинæ (Хъазыбегмæ). Фидар лæуу, мæ хур, фи- дар лæуу! Адзæбæх уыдзынæ... Мах дæ Калакмæ алас- дзыстæм, Калакмæ! Рухс ахуыссыд, ссыгъд. Сылгоймаджы хъæлæс микрофо- пы: «Орджоникидзе! Орджонпкидзе! Орджоникндзе? Æз Тбилиси дæн! Орджоникндзе! Дзурут Тбилпсиимæ! Орджоникндзе, фæн- дзæм кабинæмæ!» Нинæ (телефонæй). Алло! Алло! Орджоникидзе? Алихан дæ? Цы дын зæгъон? Ницы хуыздæр у... Дæ сæр та мæ бахъуыд, Алихан, кæд дын цыфæнды зын у, уæддæр æндæр гæнæн нæй. Мæ хуыйæн машинæ ауæй кæн æмæ мын тагъд — æхца. Бакумæ йæ ласын. Кæд ма Бакуйы дæр... Уæд, æвæццæгæн, Мæскуымæ... Алихан, Алешæ кæм и? Цы хуызæн у? Ныххатыр кæн, дæу дæр ма хурхæй марын. Хъусыс, Алихан, Алешæ де уазæг! Сцепæ фæталыпг, срухс. А л и х а и ы уат. Стъол æд телефон. Дзæигæрæг. Алихан (хъусы). Баку? Хъусын. Иинæ? Цы? Мæс- куы... Мæскуыйы дæ? Диссаг! Æмæ куыд у? (Цинæй.) Фæдзæбæхдæр? Дæ хæрзæггурæггаг мæнмæ. Уыциу ласт æй уырдæм хъуыди бæргæ. Цы? Пианино? Хъус- ма, Нинæ... Омæ дæм Сергейæ æндæр ’куы ницыуал 239
баззад зæрдыл дарын&н. Цæй, хорз, хорз! Æнхъаблмаа кæс. Хорз. Мæнæй та цы æфсæрмы?.. Алешæ? Дзæбæх у. Ахуыр кæны. Хорз! Саламтæ Хъазыбегæн! (Æрæ- вæрдта хæтæл.) Цы диссаг дæ, цы, мады зæрдæ!.. (Æвиппайды цинæй.) Алешæ! Алешæ! Рухс ахуыссыд, ссыгъд. Н и н æ иосылкæйы асыкк æрбахæссы. А л и х а н ы хъæлæс... Алихан. Нинæ, Нинæ! Цавæр хабар у? Уæд дын сабитæ уыдысты, уый фæстæ уыцы фыдбылызы рын- чын!.. Æри-ма дæ уаргъ. (Исы йæ.) Нин.æ. Ныр та студенттæ! Æххормагæй сæрмæ ни- цы цæуы... Алихан. Уымæй раст зæгъыс, студент йæ гуы- бынмæ куы хъуса, уæд йæ сæрмæ ницы фæцæуы. Уалынмæ дæ кæрты куы æрбалæууой!.. Фæаууон сты. Нинæ, къамтæм кæсгæйæ, йæ хъуыдыты куыд адзæгъæл, афтæ кæртæй æрбайхъуыст машинæйы уасын. Хъазыбег (æдде). Гыцци! Н и н æ. Æрхæццæ сты мæ хъæбултæ. (Азгъордта.г Цины хъæртæ хъуысы, æрбацæуынц.) Конд æмæ уын- дæй дæ фыдæй фæсте ницыуал ныууагътай. Хъазыбег. Æрмæстдæр конд æмæ уындæй? Н и н æ. Цæййас лæг сдæ!.. (Йæ ных ын хойы.) Афæдз-афæдзы дæргъы иу писмо, гормон, уæд та ис- кæмæн ныффыссын кодтаис. X ъ а з ы б е г. Арвы кæрон дын, мыййаг, куы нæ уыдтæн. Нинæ. Стырзæрдæ мыл дæ рагæйдæр, стыр- зæрдæ. Хъазыбег. Цæй... Хорз! Сæттын мæ рæдыдыл! О, хæдæгай! (Æддæмæ ракаст.) Аллæ! Аллычкæ! 240
Æрбахызт А л л æ, кæсæицæстытæ йыл. Зыпы, зæрдæхсайгæ кæй у, уый дæр. А л л æ. Уæ бон хорз! Н и н æ (фæджих). Æгас цу! Хъазыбег. Гыцци... (Райста Аллæйы сумкæ.) Гыцци, гъеуый... Фарон дæм... О, хæдæгай, куынæуал дæм æй ныффыстон... Ныххатыр кæн, æвиппайды иу- мæ кæй æрцыдыстæм, уый. Аллæ. Ау, уæдæй нырмæ йын ницыма загътай? Хъазыбег (йæ мады русæн аба кодта, база- рыд). Гыцци бараг у. Нинæ (ныхъхъæбыс кодта Аллæйæн). Æгас цу, мæ хур! (Цин кæны, цыма уыцы бонмæ æнхъæлмсв каст, уыйау). Амондджын уазæг у! А л л æ. Бузныг. Нинæ. Хъазыбег, æмæ де ’фсымæр кæм ис, кани- култæ сын нæй? Хъазыбег (æцæгхуызæй). Цавæр æфсымæр? А-а, нæ сидзæр лæппу? Н и н æ. Ныууадз дæ хъазын! Кæм ис де ’фсымæр? X ъ а з ы б е г. Гыцци, ныббар, хъазгæ кодтон! Ме ’фсымæр Алексей ам ис... Фæндагыл уый мæн иунæгæй уадзы? Ал ек сей хуымæтæджы арæзтæй æрбахызт. Ал ек с е й. Гыцци!.. Н и н æ. Алешæ! (Алешæйæн хъæбыс кæнгæйæ, Хъазыбегмæ дзуры.) Уæд исчи афтæ кæны? А л е к с е й. Исты та æрхъуыды кодта? X ъ а з ы б е г. Уæд мард у а сау лæппу! Æрбацыд В е р æ. Йæ къухты, цы балхæдта, уыдон. 16 Пьесæтæ 241
Н и н æ. Ёазонгæ ут, мæ хуртæ, Ёерычкаёимæ. Йæ горæты театры актрисæ. Алексей. Мах базонгæ стæм дук>анийы. Верæ. О, æцæг, æцæг! Иæ рад мын радта. Хъазыбег. Фатеры нæм цæры, зæгъгæ, цы актри- сæйы тыххæй фыстай, уый* ма уæд, Гыцци? В е р æ. Нæ фæрæдыдтæ, æз дæн уый. Хъ а з ы б е г. Хъазыбег. В ер æ. Верæ. А л л æ. Аллæ. Н и н æ. Чызджы ад дзы зонын. В е р æ. Цытæ дзурыс, Нинæ! Н и н æ. Нæ, нæ, уадз æмæ йæ зоной. Алексей. Бар мын ратт, уый тыххæй дын дык- каг хатт райсон дæ къух. (Фемдзаст сты.) Хъазыбег (хуызистмæ). Аллæ, мæнæ дын мæ фыд, мæнæ уый та æз, уый та Алексей. Аллæ. Чи уæ кæцы у, уый куынæ базонон, уы- мæй тæрсыс? Æмæ мард фæци хæсты дæ фыд? (Ни- нæ йæм тарст каст фæкодта... Зын уавæр...) Алексей. Гыцци, нæ уазджыты мидæмæ акæнæм. Нинæ. Акæнут, акæнут, Верæ, фынджы куыст ба- кæн. Хъазыбег. Æвæццæгæн, артисты цардæй диссаг- дæр ницы ис зæххыл. Верæ, Цæмæн дæм афтæ кæсы? Хъазыбег. Зонын æй. Верæ. Куыд кæсын, афтæмæй театр бирæ уар- зыс. X ъ а з ы б е г. О, æз дæр хъазыдтæн... Институты драмкъорды. Фæлæ сценæйы хъæуы курдиат! Уарзон чызджыты рольтæ арæх фæхъазыс, Верæ? В е р æ. Фылдæр ахæм рольтæ фæхъазын, фæлæ ныр мады роль хъаздзынæн. 242
X ъ а з ы б ё г. Мады? Уæдæ дæм бакæсын хъæудзæн! Æццæй нæ, Аллæ? А л л æ. Куыд дæ. фæнды, афтæ. Алексей. Цом, Аллæ. Бацыдысты Верæ, Алексей æмæ Аллæ. X ъ а з ы б е г. Охх, Гыцци, куыд æнкъард кодтон æнæ дæу! А л л æ (мидæгæй). Хъазыбег! Хъазыбег (фестъæлфыд, сонтæй). И? О, фæцæ- уын!... (Фæтæхы.) Æз... æз... ныртæккæ... Алексей. Марадз, артист! I Хъазыбег ацыди. Алексей æмæ Нинæ йæ фæстæ кæсгæйæ баззадысты. А л е к с е й (æрæджиау). Гыцци, дæхæдæг куыд фæзæгъыс, афтæ: бирæ — гуыбынæн, чысыл — зæрдæ- йæн. (Ше уæхсчытыл ын æркодта кæлмæрзæн.) Нинæ. Алешæ... Де стипендийы капеччытæ... Хæр- гæ та цы кодтай? Алексей. Иумæ дын æй балхæдтам Хъазыбегимæ, Гыцци. Н и н æ. Цæй, уæ лæвар бирæ. А л е к с е й. Гыцциг , мидæмæ ацу, худинаг у уазæг- чызг... уазæгæй... Н и нæ. Зæгъ-ма, мæ хъæбул, чи у? А л е к с е й. Дæ чындз. Н и н æ. Æз дæ уымæй нæ фæрсын. Чи у? Кæцон у? Алексей. Балаты чызг... Калакаг. Н и н æ (æрæджиау). Æмæ рагæй цæрынц иумæ? Алексей. Фаронæй нырмæ. Н и н æ. Æмæ йæ ды дæр басусæг кодтай!.. А л е к с ей. О.
Н и н æ. Æмбарын дæ... Æнхъæлмæ кастæ, цалынмæ мын æй Хъазыбег йæхæдæг фехъусын кæна; уæдмæ. Алексей. О. Нинæ (ныуулæфыд). Фыдæнхъæл фæдæ... Алексей (фæкъуылымпы). Бирæ йæ уарзы Хъæ- зыбег. Н и н æ. Чызг йæхæдæг та? А л е к с е й. Гыцци, Хъазыбегæн адджын чи у, уый хъуамæ махæн дæр адджын уа. Н и н æ. Раст зæгъыс. Æрмæст мын сæхуыдтæг амондджын уæнт. Хъазыбег (ракаст). Гыцци, мæ хъустæ азæлынц, æвæццæгæн та Лешæ мæ фыдгой фæкодта... А-а, уый дын замманай кæлмæрзæн куы ис!.. Цæй, мидæмæ ра- цу, фынг дæумæ æнхъæлмæ кæсы. Ни нæ. Фæцæуын, мæ хур, фæцæуын, мæнæ ма дзау- мæттæ афснайон. А л е к с е й. Ацу, Гыцци, уыдон æз афснайдзынæн. Хъазыбег æмæ йæ мад уатмæ бацыдысты. Алексей дзау мæттæ æфснайы, рахызт В е р æ. В е р æ (бирæ йæм фæкаст). Ау, ацы хæдзары иу- нæг сылгоймаг дæр нæй? (Исы тæбæгътæ скъап- пæй.) Алексей. А-а, уый ды дæ?.. Тæбæгъты дзыгъал- мыгъул куы ссæуы, уæд уæлдай арфдæр бахъары лæг- мæ, йæхи хæдзары кæй ис, уый. В е р æ. Цæй, цом, уыдон . æфснайæг уыдзæн. (Ацыд.) Алексей. Цом. Цы кодтон, цæуыл сæрра вæййы мæ зæрдæ ацы чызджы уынгæйæ? Цыма йæ тынг ра- гæй зонын... Афтæмæй йæ фыццаг хатт федтои. Цæмæн- дæр йæ фæлмæн ныхас ме ,уæнгты ахъардта. 244
Алексей бацыд уатмæ, хъуысы мидæгæй хъæлдзæг ныхæстæ, зард, А л л æ й ы кæлкæлæй худт. Хъазыбег æмæ Н и н æ кафгæйæ фæзындысты. А л е к с е й. Хъазыбег, ныр та æз кафын Гыцци- цмæ. Ды Аллæ, Верæ кæнæ æндæр искæимæ каф. (Алек- сей Нинæимæ акафыд. Симынц. Нинæ бафæллад. Æр- бадт.) Алексей. Гыцци!.. Нцнæ. Ницы кæны, ницы кæны, Алешæ! Уый фырцинæй... Цу, цу, акаф... Хъазыбег (Верæимæ æрсимдта). Алешæ, Ве- рæимæ ма иу зылд куы ’ркæнон, уæд... дæу мæт мæ нæй, фæлæ мын Аллæ мæхи сæрыхъуынтæ куы нытто- на, уымæй тæрсын. А л е ш æ. Дæ сæрыхъуынтæй иунæг æрду фæхъæ- уыны бæсты æз Верæимæ сæдæ азы дæр фæсимдзынæн. (Байста чызджы. Асимдтой.) Хъазыбег (Нинæмæ йæхи баппæрста). Нæ, Гыцци, цыфæнды куы зæгъай, уæддæр дзы нæхимæйæн æмбал нæй. Аллæ (худгæйæ разгъордта). Хъазыбег! Хъазы- бег! Æз бынтон дзæгъæлæй... Бахатыр кæнут... Нинæ (æрæджиау, фæлмæнæй). Цу, цу, кафут... Хъазыбег. Нæ фæлæ æртæйæ дæр иумæ асимæм. (Худынц.) Аллæ. Сымах асимут, æртæйæ симæн нæй, сæ иу уæлдай у... Н и н æ. Асимут, мæ хуртæ, асимут, æз уæм бакæ- сон, кæддæра куыд фидаут. (Фæсимынц.) Уæлдай... Нæ, мæ хуртæ, симды куы бацæуай, уæд дзы симын хъæуы. Симдзыстæм. Æмбæрзæн 245
ДЫККАГ НЫВ Нинæйы уатьь Стъолыл — хæрд, нозты уæлдæйттæ. Бæрæг у, ам хæрз æрæджы дзаг фынджы уæлхъус кæй бадтысты, уый. Аллæ (æрбацыд). Ацыд Алексей. Сахаты фæстæ æфцæгæй ахиздзæн, стæй Калак — мæ зынаргъ Тбили- си... Мæ мад æмæ мæ фыд уым, æз та... Тæхуды, дæуæй чи у, Алексей! Хъазыбег (æрбацыд). Автобусы арастмæ уæд- дæр фæлæууыдаис... Аллæ. Æцæг æдылы дæ æви дæхи барæй афтæ да- рыс? Хъа з ыб е г. Аллæ!.. Аллæ. Ферох дæ, æз... Абондæргъы уырдыг лæу- уын. Æмæ фæразын уыйбæрц? Хъазыбег. Бахатыр кæн, ферох мæ, дыууæ стут, уый. Мæнæ ма, дæ къух чернилæйæ сахуырст. Аллæ йæ къухы уæларммæ æркаст. А-г.ъа, лæппу уыдзæн, дæ армытъæпæн куы равды- стаис, уæд ын æнæ чызг хос нæ уыд. А л л æ. Æмæ сæ цы уæлдай ис? Цы фæци Нинæ? X ъ а з ы б е г. Аллæ, æртыккаг мæй цæрыс йемæ, æмæ йæм Гыцци, зæгъгæ, никуыма сдзырдтай... Аллæ. Гыцци мады фæхонынц, уый та мын æф- син у. Искуыдæр ма чындзы зæрдæмæ йе ’фсин цыд? Кæнæ æфсины зæрдæмæ чындз? Цы мæм кæсыс? Аф- тæ нæу? Хъазыбег. Аллæ, афтæ мæм кæсы, цыма уый ды нæ загътай. Ды иннæты хуызæн нæ дæ... Ды хъазгæ кодтай. Дæуæн ахæм зæрдæ нæй... А л л’æ. Æмæ зæрдæйы дуар дзых нæу? Уадз æм# 24§
мæ уый дæр ма уарзæд — нæ йæм фæхæрам уыдзынæн. •Ды йæм куынæ хæрам кæныс, Алексейы дæуæй фыл- дæр кæй уарзы, уый тыххæй. Хъазыбег цыдæр сцæйдзырдта, фæлæ йæхи баурæдта. Цæй, цы ныхъхъус дæ? X ъ а з ы б е г. Алексейæн ныййарджытæ нæй, æмæ йæм кæд Гыцци хуыздæр цæстæй кæсы, уæддæр уы- мæн, æмæ йæхæдæг дæр сидзæрæй баззад кæддæр æмæ зоны, сабийæн мады рæвдыд цы у, уый... А л л æ. Цæй, фæпысыра та у! Хъазæн ныхас зæ- гъæн дæр нал и?.. X ъ а з ы б е г. Дæ цæсгомыл бæрæг нæ уыди, хъаз- гæ кодтай, уый. Цæмæн афтæ зæрдиагæй архайыс мæн мæ мадæй фæхицæн кæныныл? Уый йæ удæй арт цæгъ- ды бинонты цард фидардæр кæныныл, ды та... Аллæ. Цы? Зæгъ æй æххæст. Ницы дзурыс? Дæ- уæн дæхи мад у зынаргъ, мæнæн та мæхи мад. Æр- мæст дæуæн дæ разы ис, мæнæн та... Афтææнхъæл дæ, мæн нæ фæнды мæ мады уынын? Дæуæй та схуыст ны- хас йедтæмæ ницы хъусын... Цыма дæумæ дæр æмæ дæ мадмæ дæр æххуырсты æрбацыдтæн! Сымахæн гæрстæ- хсæг дæн? Къустæхсæг? Хъазыбег. Де ’взаг та куыд батасыд уый зæ- гъын? А л л æ. Æмæ афтæ нæу? Мæхи мад мын мæ къух уазал доны атулын дæр никуы бауагъта. Ам та... Цы- фæнды куыст куы кæнай, уæддæр «баулæф» ничи зæгъ- дзæн. Тагъд мын сывæллон кæй уыдзæн... Хъазыбег (йæ маст уромгæйæ). Уый дæр дын бар нæ дæтты мæнг дзурынæн... Æз хорз зонынмæма- ды. Уый йæ уд мæлæтмæ ратдзæн, цæйнæфæлтау дæу уæззау куьк^т ^æньш бауадза. 247
А л л æ. Мæн рог куыст кæнын дæр нæ фæнды. Уый тыххæй нæ цыдтæн ардæм. (Кæуы.) Уайтагъддæр æГ’ зыдтон, дæуæн æз нæ, фæлæ дæ мад кæй у æппæтæй зынаргъдæр... Уый дæ рацæуын кодта Калакæй. Уый мæнæй дæр лæвар æххуырст саразынмæ хъавы... Хъазыбег. Банцай!, Дæ зæрдæ та куыд бакуымд- та афтæ зæгъын? Аллæ! Мæ хур, баууæндын мæ кæн, хъазгæ кæй кæныс, ууыл... Аллæ. Хъазгæ кæнын, уæдæ æцæг дзурын, фæлæ раст куы зæгъон, Хъазыбег, уæд дын нæма бамбæрстон дæ мады... Хаттæй-хатт мæ кусын дæр нæ фæуадзы, мæхæдæг сæ афснайдзынæн, зæгъгæ, хаттæй-хатт та: «Кæд дын зын нæу, уæд афтæ акæн, уфтæ акæн.». Æрбацыд Н и н æ. Нæ йæ уынынц. X ъ а з ы б е г. Банцай! Ма мын æфхæр мæ мады. Кæннод дын... Нинæ. Лæппу! Нæлгоймаг йæ хъару æндæр ран февзары! X ъ а з ы б е г. Йæхи аххос уыди. Н и н æ. Уый уæлдай нæу! Лæджы хуызæн лæг сыл- гоймагмæ йæ къух хъуамæ макуы сиса. Хъазыбег. Цытæ фæдзырдта, уый куы зонис!.. Н и н æ. Сæ зонын дæр мæ нæ фæнды. X ъ а з ы б е г. Гъемæ хæц, хæц йæ сæрыл, сдзырд æм ма бауадз! Куы йæм байхъуыстаис... Аллæ. Æндæр ма исты зоныс, загъд æмæ фыдгой кæнын йедтæмæ! Дохтыр, интеллигент! 'Зæрдæхæццæ- гæнæн! Фæлтау ма йын радзур, цæуыл аргъуыдтай ам? Æмæ цæй тыххæй, бафæрс-ма йæ! Æцæгдзинад кæй загътон, уый тыххæй! Нинæ (бахудт сæм). Банцайут уæ дыууæ дæр. Ис- чи хæрзаг ма зæгъа, уе ’хсæн æцæг исты ис, Ж
Хъазыбег. Гъемæ хæц йæ сæрыл. (Арахъхъы агуывзæ «ныххуыфыд».) Нинæ (йæ агуывзæ йыи раскъæфта). Зондджын- дæр дзы фæуыдзынæ? Æви тыхджындæр? X ъ а з ы б е г. Ныххатыр кæн... Н и н æ. Бафидаут ныртæккæ! X ъ а з ы б е г. Æнхъæлмæ кæсæд. Аллæ (къæйныхæй). Хæцут мыл, фезгъорын хатыр курынмæ. Хъазыбег. Дæ цæсгом бахæр! (Февзыста, Аллæ ныцъцъæхахст ласта, Нинæйы фæстæ амбæхст.) Нинæ (Хъазыбегмæ). Фесæф мæ цурæй дард! Хъазыбег ацыд. Аллæ кæуы. Ма ку, ма ку, мæ хур! Аллæ (цæссыг калгæйæ). Цыма йын фос дæн, уый богътæ мыл кæны. Æниу мæнæн куы уаиккой мæ мад æмæ мæ фыд ам... Фæлæ мæм æрцæудзысты... Нинæ. Æмæ цас тагъддæр æрцæуой, уыйас хуыз- дæр. Ныййарæг мады ничи раивдзæн, Аллæ... Стæй мо- йы дæр афтæ. Аку, аку, уый ницы кæны. Фæлæ кæрæ- дзийæн фыдæнæн митæ кæнын’нæ хъæуы. Лæг æмæусы æхсæн зæгъдтытæй фылдæр цы вæййы! А л л æ. Уæдæ, дæумæ гæсгæ, мæ зонгуытыл æрлæу- уон дæ фырты раз? Йæ къæхтæ йын æхсон? Нæ, мæ хур, паддзахы заман нал у. Н и н æ. Йæ къæхтæ йын æхсын нæ хъæуы, фæлæ йын йæхи иуæй-иухатт змисæй куы ныххафай, уæд ни- цы кæны, æмбарыс? Змисæй. Насхафæнæй нæ фæлæ! Аллæ. Ардæм куы æрцыди, уæд бынтон фендæр- хуызон. Н и н æ. Уæдæ, æвæццæгæн, æз дæр æнаххос нæ дæн, æмæ йыл ахъуыды кæндзынæн. Ссардзынæн, кæм фæ- 249
рæдыдтæн, уый. Кæд æй ды зоныс, уæд мын æй зæгъ. Æви хæдзары хъуыддæгтæй истæмæ куынæ фæарæх- сыо, уæд дын æй кæй ацамонын, уый дæ зæрдæмæ нæ цæуы? Фæлæ гæнæн нæй, бинонты царды алцыдæр зо- нын хъæуы. Хъуамæ хорзæн дæр æмæ æвзæрæн дæр фæразай. А л л æ. Æмæ гъе уый тыххæй фæцæуынц моймæ? Нинæ. Уарзон адæймагмæ куы цæуай, *уæД — °» уый тыххæй дæр. А л л æ. Уарзондзинад! Уарзондзинад та циу? Зæ- ронд чингуытæй ист аргъау. Нинæ (æнкъардæй). Уæдæ, æвæццæгæн, ды никуы уарзтай Хъазыбеджы. Аллæ цыдæр сцæйдзырдта. Нæ, нæ, уый дæу аххос нæу. Мæ лæппуйæн йæхи аххос уыд. Уый хъуамæ йæхæдæг бамбæрстаид... Аллæ. Уый раст нæу! Æз уарзтон Хъазыбеджы! Ныр дæр æй уарзын. Тынг! Фæлæ хъуамæ мæхи уа, æрмæстдæр мæхи! Æндæр никæйы! Ау, уый бар мæм нæ хауы? Зæгъ-ма! Нинæ (сагъæсхуызæй). Æцæг уарзт фæкæнынц æр- мæстдæр иу адæймаджы. (Фæллад худт бакодта.) Æвæццæгæн дæм хауы ахæм бар, Алычкæ. Аллæ стъол æфснайы. Цу, цу, баулæф. Мæхæдæг сæ бафснайдзынæн. Дæ цæссыгтæ асæрф, уадз æмæ сæ мачи фена æз æмæ дæу йедтæмæ. Аллæ ацыд. Нинæ æфснайы. Æрбацыд X ъ а з ы б е г. Хъазыбег (расыг&й). Гыцци... Æз æгæр ратæвд №
дæн... Ныббар, фæлæ йæхи аххос уыди... Афтæ мын зæгъы... Н и н æ. Æз уæ никуы домдтон, уе ’хсæн цы ны- хæстæ цæуы, уыдон мæнæн дзурыныл... X ъ а з ы б е г. Гыцци... Н и н æ. Фæлæуу! Æрыгон у нырма. Æрæмбардзæн йæхи... Æз ын исчи кæй нæ дæн, уый дæр æм бахъар- дзæн. Хъазыбег. Нæ, нæ! Никуы! Уый агуыры æфсад дæр нæ басæтдзысты. Ахæм... Нинæ. Ды расыг дæ!.. Хъазыбег. Ра-сыг?! Иунæг хуыпп дæр нæ... Ард дын хæрын... (Цьша æвиппайды йæ нозт фæцыдæр, уыйау.) Кæугæ кæныс? Чи дæ бафхæрдта? Аллæ? Кæм и, кæ?.. Æз æй ныртæккæ!.. Æз ын ныртæккæ... Уе ’ппæты дæр фæсурдзынæн æз! Уый дæр, дæу дæр! (Æваст.) И? Уый та чи загъта? (Сонт зылд фæкодта дуарырдæм. Зæрдæсастæй.) Ничи!.. Ничи!.. Диваныл бахауд. Афынæй. Нинæ цавддурау лæууы. Æмбæрзæн
ДЫККАГ АРХАЙД ÆРТЫККАГ НЫВ Дыккаг нывы бынат та. Хъазыбег хъуыдыты аныгъуылд. X ъ а з ы б е г. Оу, мæнæ кæуыл худтæн, уыдон хал куыд ахордтон. Нæ зонын, нæ зонын. Иæ фыццаг æр- бакъахдзæфæй фæстæмæ йæ удхæссæг федта мæ ма- дæй... Цыма йын сывæллон у, уый ныхас кæны йемæ, хъæр, хъæлæба, фæстæмæ йæм дзуры... Æз та? Æз та дыууæ цæхæры астæу физонæг кæнын. Мæ мады сæ- рыл рахæцыдтæн, уæд иу мардæрцыд — загъд-замана. Ницы сæм дзурын, уæд та дыууæ мардæрцыды. Ехх, ацы сывæллон куынæ фæуыдаид, уæд æй... Цы? Ницы, Уæддæр æй мæ бон нæ бауыдаид мæ зæрдæйæ стонын... Йæ цæссыгтæ йын куы фенын, уæд мæ зæрдæ фæцæй- тоны, зулмæ мæм куы ’рбакæсы, уæд мæ хъару асæт- ты... Омæ йæ æз уарзгæ кæнын, фæлæ Гыццийыл та цы æрцыд, къæм абадын ыл цæуылнæ уадзы? Цæмæн ын бары?.. Цыма йæхи хъæбул у... Нæу, ницы бакæнын у мæ бон. Æви йæ ме ’намондæн афтæ бауарзтон? Уæд та мæ йæхæдæг куы нæ уарзид!.. Нæ зонын, нæ зонын. Иннæ уатæй рахызти А л л æ. Иæ лæгмæ «цы йын акæноны» цæстæй бакаст. Аллæ (цыма уымæ нæ дзуры, уыйау æцæгхуызæй). 252
Мæ цæрæнбонты тæргæйттæгæнаг моймæ фæбæллыд- тæн! (Бакасти та йæм. Æндæр хъæлæсыуагæй.) Адæ- мы мыггаг лæгау хуыцаубон хæдзары исты куыст ба- кæныны бæсты йæхи ныддымсы æмæ... мæнг нæ фæ- зæгъынц: «Фæныкгуыз хохаг...» X ъ а з ы б е г. Байхъус-ма, быдираг, иу хуыцаубон мæ уæддæр фервæзын кæн дæ «лекцитæй». Сывæллоны кæуын райхъуыст. Цы бадыс, марадз, фæкæс сывæллонмæ. А л л æ. Дæуыл дæр æууæндын. Хъазыбег мæсты цыд акодта. Нæ зонын, нæ зонын. Цы ма йын æрхъуыды кæнон, куыд æй атонон ардыгæй? Кæдмæ фæразон ацы?.. Уæд мын фидарæй загъта: «Куы нæ фæцæуа дæ зæрдæмæ ам, уæд фæстæмæ рацæудзыстæм Тбилисимæ. Кæдмæ фæразон ацы?.. Нæу мæ бон æнæ мæхи ныййарджытæй цæрын. Фæлæ Хъазыбеджы ныууадзын дæр куынæ у мæ бон. Уый та йæ мады нæ ныууадздзæн!. Ам уал сæ исты хуызы куы фæхицæн кæнин, фæлæ куыд? Иæ мад дæр цы мæрдтаг у! Цыма йын зæрдæ дæр нæй. Цы- фæнды маст ын куы кæнай, уæдæр дæ уый рæвдауы- ныл сбæндæн вæййы. Нæ, ам загъдæй ницы... Мадимæ хинæй... Хъазыбегимæ... Рæвдыд æмæ уарзондзинадæй... Хъазыбег рацыд, Аллæ пæм базгъордта, йæ бæрзæйыл ын иыттыхст. Хъазыбег, мæ зæрдыл цы ’рлæууыд, уый зоныс: иу- хатт Калачы фуникулеры æнафонмæ куы баззадыс- тæм... Хъуыды ма кæныс, мæй бæрзонд сфардæг... Мах 253
рестораны бадæм, уæларвон галуанты бадæгау, бынæй та нæм Калачы дуне цырæгътæ тæмæнтаа, кдлынц. Хъазыбегæн йæ маст сæфын байдыдта. Ды мын фæцæй ба кодтай, æз дæ нæ бауагътон... X ъ а з ы б ег. Фæлæ дын уæддæр аба кодтон! А л л æ. Мæхæдæг! Гъæ;, тæхуды, уырдыгæй ма ра- кæс! Ма дæ хæдзары мæт уа, ма — сывæллоны. X ъ а з ы б е г. Цытæ дзурыс, Аллæ? Æмæ Вовæйы иу бахудты аргъ куы нæ у дæ Калак æд фуникулер... А л л æ. Ахæм фыдуаг сси гъеуый дæр, ахæм, æмæ... Нинæйы хурхæй амардта... X ъ а з ы б е г. Гыцци ахæмтыл ахуыр у. А л л æ. Нæ фæлæ цы, уый зоныс, Хъазыбег, нæ хы- вæллонæн фæкæсæг баххуырсæм. Хъазыбег. Цы, цы?.. А л л æ. Нæ лæппуйæн, зæгъын, фæкæсæг баххуыр- сæм. X ъ а з ы б е г. Сывæллоны мæ мадæй хуыздæр фæ- кæсæг нæ хъæуы! Аллæ. Дæ мад... дæ мад æгæр... сывæллон нал у, тæригъæд дæр ын нæ кæныс? Хъ а з ы б е г. Уымæй йын ма тæригъæд кæн. Гыц- ци схъомыл кодта мæн, Алексейы. Сывæллоны дæр схæсдзæн. Аллæ. Омæ зæронд у, рынчын... Хъазыбег ницы дзуры. Стæй мæн афтæ фæнды, цæмæй мæ сабийæн ахуыр- гонд фæкæсæг уа. Культурон! Хъазыбег. Ницы кæны, мæ мад кæд стыр ахуыр- гонд нæу, уæддæр... А л л æ. Цæй... Адæймагау демæ никуы баныхас 254
к&ндзынæ. (Æндæр хъæлæсыуагæй.) Кæд хæрые, у&Д ацу, хæринаг стъолыл. Хъазыбег. Æххæст Гыцци æрбацæуа. Иумæ ба- хæрдзыстæм. Аллæ. Æмæ изæрмæ куынæ æрбацæуа, уæд та? Хъазыбег (æрбатæвд). Райдыдтай та? Худинаг дæм куыннæ кæсы? (Æваст фæфæлмæн уæвгæйæ.) Ал- лæ, мæнмæ гæсгæ, ды иу хъуыддагæй раст дæ. А л л æ. Хуыцауæй разы, æгайтма — иу хъуыддагæй. Æмæ цы у уыцы иу хъуыддаг? X ъ а з ы б е г. Раст загътай, нæ сывæллоны фарсмæ хъуамæ уа культурон, ахуыргонд адæймаг, уымæ гæс- гæ, цымæ хорз нæ уаид, ды изæры скъола каст куы фæуис æмæ институтмæ куы бацæуис, уæд? Аллæ. А-а... Уыцырдæм æй ныццавтай?! X ъ а з ы б е г. О, уыцырдæм. Уæд мæ мады дæр аф- тæ арæх нал уындзынæ. Стæй ахæм рæстæг дæр æр- цæудзæн, æмæ æнкъард кæнын байдайдзынæ æнæ уый. Аллæ (хындоюылæгæй). Æмæ цы кæны? Раст зæ- гъыс. Бæгуыдæр ис афтæ бакæнæн. Хъазыбег. Аллæ! Цæй æмæ иу хатт баныхас кæ- нæм, хъомыл адæмæн куыд æмбæлы, афтæ. Галиумæ мæ ма бамбар... Гыццимæ цы цæстæнгас дарыс, уый æдзух мæ зæрдæмæ нæ цæуы: схуыст ныхас, зулкаст. Хорз, зæгъæм, сывæллонмæ куы æнхъæлмæ кастæ, уæд дын дæ алы къахдзæф кæй хъахъхъæдта, уымæй тыхс- тæ. Фæлæ ныр та? Ау, æз куы цæфсæрмы вæййын, Гыцци стъолыл хæринаг куы февæры, йе фæсхæрд тæбæгъ- тæ куы фефснайы, уæд. Ды та æрыгон, æнæниз сылгой- маг куы дæ, уæд дæм худинаг нæ кæсы гъеуымæ æн- цад кæсын? Аллæ. (дурзæрдæйæ). Цы ма зæгъдзынæ?.. X ъ а з ы б е г. Уымæй æбуалгъдæр та уый у, æмæ немæ фынгыл куы фæбады, уæд дæ удæй арт цæгъдын 255
байдайыс, цæмæй бамбара, æнæбары, æлгъгæнгæйæ, кæй бадыс йæ цуры, уый. (Паузæ.) Уæвгæ уый мæ ах- хос дæр у... Ныронг дын никуы радзырдтон, мæ мад цы фыдæбæттæ, цы хъизæмæрттæ бавзæрста, уыдон. А л л æ. Раст у, æгæр мæстыгæр дæн. Æмæ афтæ æнхъæл дæ, уый мæхи аххос у, мæ хорз цардæй у? Фа- дæттæ мын сараз, æмæ æз дæр... Хъазыбег. Фадæттæ?! Æмæ цы хъуаг дæ? Æх- хормаг дæ? Бæгънæг? Бæгъæввад? А л л æ. Ма хъæр кæн, сывæллоны хъал кæныс. .«Бæ- гъæввад»! Æмæ афтæ æнхъæл дæ, амонд æрмæстдæр уыдоны мидæг ис? Дæуæн циу, ды адæмы астæу кусыс, дæ зæрдæ рухс кæны, адæймагмæ куы фæзилыс æмæ дын куы сдзæбæх вæййы, уæд! Æз та? Цæмæй рухс Л’æна мæ зæрдæ? Авдæны хæцъилтæй? Къустæ, къоппы- тæй? Хъазыбег. Уымæй дæр та раст дæ. Цыма нын кæлæнтæ счындæуыд... Аллæ (Хъазыбегæн хъæбыс кæны). Иу кæлæн дæр нын ничи скодта. Кæд скодта, уæддæр дзы фервæзæн ис. Ды бирæ уарзыс дæ мады, æз дæр æй... Æз дæр ын аргъ кæнын. О, аргъ ын кæнын. Гъемæ йын, цæй æмæ фæтæригъæд кæнæм, зæронд у ныр, æмæ йæ ма- уал хъыгдарæм... Фатер баххуырсæм. X ъ а з ы б ег. Никæддæр! Кой дæр мын æй макуал скæн, хъусыс?! А л л æ. Æмæ дзы æвзæрæй цы ис? Афтæмæй хæс* тæгдæр уыдзыстæм, фылдæр уарздзыстæм кæрæдзи, На- уæд мæнæн дæр мæхи ахстон сбийыны бар нæй? X ъ а з ы б е г. Æмæ нын цæмæй æвзæр у ам? Аллæ. Гъемæ æмбисонды хорз дæр фæуæд.,Фæлæ мæн хицæнæй цæрын фæнды, æмбарыо, хицæнæй! Кæд æз дæр мæхи равдисын базонин, æмæ мæ а фæстаг рæс- тæджы куыд ницæййаг хоныс, кæд ахæм нал уаин. 256
Æрбахызт йæ" базары хызынпмæ М и Н æ, бæрæг у, Алл&йы фæе- таг ныхæстæ кæй фехъуыста, уый, А-а, Гыцци, мах та Дæум& зеНхЪæлмæ кæсæм, ацы хуыцаубон уæддæр бахæр махимæ сихор. (Æвæры тæ- бæгътæ.) Н и н æ. Бузныг, Алычкæ, хæрдджын дæн. Мидæгæй цыдæр гуыппытæ райхъуыст. А л л æ. Сывæллонмæ бакæс. X ъ а з ы б е г. Дæуыл дæр æууæндын. Н и н æ. Лæппу!.. Нæ уыныс, Аллæйы не ’вдæлы. Хъазыбег ацыд. Аллæ. Уæддæр ма дæ коммæ кæй кæсы... Н и н æ. Дæумæ дæр хъусид, æгæр тызмæг æм куы- нæ дзурис, уæд. Иуæй-иухатт ыл йе ’мгæртты цур дæр схъæртæ кæныс. Стæй йæм мæ цуры дæр æгæр къæй- ныхæй ма дзур. Зын ын вæййы... Аллæ (æваст, мæстыйæ). Кæд уæ хъыгдарын, уæд ацæудзынæн, ацæудзынæн æндæр фатермæ, иунæгæй цæрдзынæн... Уымæ дæр ма сдзур, дæумæ дæр... Цыма мæ уæ хуымы кæрон ссардтат... Н и н æ. Аллычкæ, цытæ дзурыс? Аллæ. Уый дын цытæ дзурыс!.. Нæ фæлæ дæ хъыгдарæм дыууæйæ дæр, æмæ... Хъазыбег (рахызт мæстыйæ). Гыццийы йас дур дæ акъуырæд, кæд де ’мгаримæ нæ дзурыс! Аллæ. Сывæллоны иунæгæй ма уадз. X ъ а з ы б е г. Сывæллонæн дæ хъæр хуыссæджы хос у, афынæй та. Аллæ. Мæстæй мæ марыс? Цæй, хорз, демæ ма аныхас кæндзынæн æз. Æз... æз... 17 Пьесæтæ 257
X ъ а з ы б е г. Худинаг у сыхæгтæй. Н и н æ. Ма йæ хъыгдар, уадз æмæ зæгъа, цы йæ зæгъыи фæпды, уыдон нууылдæр. Аллæ. Нал уæ фæразын! Нал! (Алыгъди.) Стыр паузæ. Н и н æ. Абон дæр пост нæма уыд? Хъ а з ы б е г. Нæма. Н и н æ. Цæмæн æрæгмæ фыссы Алешæ писмо, ма фæрынчын уæд. X ъ а з ы б е г. Уанцон нæу, Гыцци... Н и н æ. Гъа, иу фæткъуы ахæр, стæй цу æмæ’ Ал- лычкæйæн дæр авæр. Хъазыбег. Кæм дын уыдис, Гыцци, æхца? Н и н æ. Куыд кæм? Мæ мызд райстон. Хъазыбег. О, хæдæгай, кусын куы райдыдтай. Æмæ дæ дæ зæрдæ нал фæхъыгдары? Цыдæр фæлурс дæ, исты дæ риссы? Н и н æ. Нæ, нæ, мæ бон... Хъазыбег. Дæ хуыйынæгтæ дæр та демæ куы схастай. (Йæ усы сусæгæй.) Мæнæ дын дыууæ туманы, æмбæхсгæ сæ бакодтон мæ мыздæй, уый сæ нæ зоны. Гыцци, куынæ сæ айсай, уæд мын тынг зын уыдзæни. Нинæ (райста сæ). Бузныг... Сбад-ма мæ фарс- мæ... (Паузæ.) Чи зоны, Аллæ раст у. Чи зоны, æцæг уыдзæн хуыздæр... хицæнæй цæрын... X ъ а з ы б е г. Ды... ды нын нæ ныхас фехъуыстай? Н и н æ. Фехъуыстон! Æз мæхæдæг дæр бирæ хæт-' тыты ахъуыды кодтон уыцы хъуыддагыл. Гæды ны- хас циу — æнцон мын нæ уыдзæн æнæ сымах, æнæ Вовæчкæ... (Йæ къух Хъазыбеджы къухыл æрæвæрдта рæвдауæгау.) Ацæрут хицæнæй, мæ хур, ацæрут. Хъазыбег (фæдызæрдыг). Æмæ уæд... Ды та? 25$
Н и н æ. Исты амæлттæй ц&рдзынæн... Цы мын уы- дзæн? Хъазыбег (фæгæпп ласта). «Исты амæлттæй!» Иæ мардæрцыд дæр гъеуый у. (Фидарæй.) Мæн нæ фæн- ды, исты амæлттæй цæрай, уый! Нинæ. Аллæ смæстыгæр. Æдзух загъд кæнут. Мæн нæ фæнды, сывæллон уын алы бон уæ хъæлæбамæ хъу- са, уый. Цу, цу, Аллæйы басабыр кæн. Ма халут уæ амонд. Æрмæстдæр мын сымах амондджын ут. Хъазыбег (сонт зылд фæкодта). Амонд, амонд! Кæм ис амонд? Цæй-ма,, æз дæу куы фæрсын: рæм ис амонд? Кæм ын и ссарæн? Н и н æ. Царды!.. Царды ис амонд! Æрмæст æй агу- рын хъæуы. Аразын. Хъыгаг у, ныронг уый бамбарын дæ бон кæй нæ баци. X ъ а з ы б е г. Хорз мæ нæ зоныс. Н и н æ, Æгæр хорз дæ зонын, æмæ дын тæрсгæ дæр уымæн кæнын. X ъ а з ы б е г. Бæргæ, æз дæр дæ уарзон фырт Але- шæйы хуызæн куы уаин, фæлæ кæм и? Раст загъта Аллæ... Н и н æ. Уæ дыууæйыл дæр бирæ фыдæбон кæнын бахъуыди... X ъ а з ы б е г. «Фыдæбон»! Мады фæллой!.. Ды хъуамæ мæнæн «бузныг» зæгъай, Калакæй дæу тыххæй кæй æрцыдтæн... Нинæ (сабырæй). Цу Вовæмæ, Хъазыбег... Цу, ку- рын дæ... Хъазыбег ацыд. Ау, йæ удæй фылдæр цы сылгоймаджы уарзы, уый йæ сзыгъуыммæ кодта? Ницуал æмбарын æз — хорз у мæ фырт, æви æвзæр? О хуыцау, куыд кæсын, афтæ- 259
мæй æппындæр нæ зонын мæ фырты... Дард, тынг адард мæнæй, куыд æрцыдаид ахæм бæллæх, куыд æгъдауæй адард мæнæй мæ хъæбул? Æрбацыд А л и х а н. Алихан. Дæ бон хорз! Нинæ. А-а, Алихан! Рагæй дын нал фехъуыстон дæ хъæлæс. Алихан. Æз-дæр дын рагæй нал федтон дæ цæс- тытæ афтæ æнкъардæй... (Бакаст æм.) Сагъæсæйдзаг та дын цæмæн сты? Н и н æ. Кæцы зæдæн бакувон, чи дæ æрбахаста дæ хæлары хæдзармæ? А л и х а н. Мæхицæн мын кув. Нинæ. Депутат дæ куы равзæрстой, уæдæй ныр- мæ цал хатты æрбахызтæ ацы къæсæрæй? Алихан. Раст дын куы зæгъон, уæд сæ нымайгæ нæ бакодтон, гъе фæлæ ма уæм фæндаг зонын. Н и н æ. Нæ фæлæ фæхъал дæ... А л и х а н. Уæдæ куыд æнхъæл уыдтæ? Кæд цы- фæнды хъал ’фæдæн, уæддæр, уыныс—æрбацыдтæн. Н и н æ. Бузныг, Алихан. Стыр бузныг. Куыд æцæг хæлар уыдтæ Сергейæн, афтæ æцæг хæларæй баззадтæ. Фæлæ хуымæтæджы не ’рбацыдтæ... А л и х а н. Æнхъæлдæн æмæ халонау де уæны кæ- сыс, Нинæ. (Паузæ.) Дæ фырт æмæ дæ чындз ам цæ- рынц, демæ? Нинæ. О. Алихан. Мæ къуымых фарсты тыххæй хатыр... Цæрут, хæрут иумæ? Нинæ (æрбамæсты). Гъеуыимæ та кæй цы хъуыд- даг ис? Алихан. Мæн. (Паузæ.) Иу-цалдæр боны размæ 260
дæ чындз уыди прокуратурæйы æмæфарста: куыд ахи- цæн уæвæн ис дæуæй? Стæй куы ахицæн уой, уæд дын дæ фырт цас фиддзæн æхца? Нинæ. Худинаг! Фæлтау мын мæ мардмæ куы æр- бацыдаис... А л и х а н. Дæхиуыл фæхæц, Нинæ, зындзинæдтæн фæразыныл дæ ахуыр кæнын куынæ хъæуы. Н и н æ. Гъы, æмæ цæуыл ахицæн?.. Алихан. Цæуыл хъуамæ ахицæн уа? Раст гъеуы- цы бонты мæнмæ дæр, депутат куыд дæн, уымæ гæсгæ писмо æрбацыд... Ие ’рбарвитæджы цæмæндæр нæ ба- фæндыд йæ ном раргом кæнын, афтæмæй фыссы, цыма дæ дæ фырт æмæ дæ чындз сæхицæн кусæг сарæзтой, цыма дын æппындæр ницы æххуыс кæнынц... Н и н æ. Чи ныффыста уыцы æбуалгъ писмо? А л и х а н. Дæ цард дын хорз чи зоны æмæ дæ тынг бирæ чи уарзы, ахæм адæймаг, æвæццæгæн. Мæ уы- наффæ дын — кæд сæ нæ фæнды демæ цæрын, уæд сæ ауадз æмæ ацæрæнт, куыд арæхсынц, афтæ... Н и н æ. О, фæлæ кæй зæрдæйæ? А л и х а н. Ахъуыды кæн дæхи зæрдæйыл. Ма тагъд кæн ингæнмæ. Цы хуызæн сдæ, уымæ ма бакæс. Н й н æ. Цас фидын, дам, ын бахъæудзæн, и? Цæ- мæй зоны, æгас дунейы хæзнатæй хъæбулы иунæг рæв- дыд зынаргъдæр кæй у ныййарæгæн. Цæмæй зонынц, æгас дунейыл дæр ахæм мад кæй никуы ис, йæ хъæбу- лы фæлмæн ныхас фехъусыныл йæ уд чи нæ рат- тид. А л и х а н. Æвæццæгæн, иуæй-иу хъæбул ахæм ный- йарæджы уарзты аккаг нæу. Н и н æ. Нæ, нæ! Ахæм дурзæрдæ нæу мæ хъæбул! Ды йæ хорз нæ зоныс... Куыд сæ ауадзон? Куыд сæ атонон мæхицæй? Куыд цæрдзынæн? Мæ зæрдæ куы аскъуындзæн æнæ Вовæ... 261
Алихан. Уæлладжырмæ цæугæйæ, хъæугæрон фæндаджы был фондз цырты федтаис, Н и н æ. Федтон. А л и х а н. Уыдон Хъалæгаты Хангуассæйы фондз фырты сты, хæстæй нал сыздæхтысты, æмæ сын сæ мад цыртытæ ныссагъта. Æмæ ма бафæрс, искуы йын исчи йæ цæссыгтæ федта? Æви уымæн æнцон уыди? Уымæн æппындæр куы нал сты, дæуæн та!.. Н и н æ. Чи зоны, раст у... Чи зоны, раст дæ, Али- хан... Æз ахъуыды кæндзынæн. Алихан. Гъемæ хорз. Цæй, æз та уæ абæрæг кæн- дзынæн! Н и н æ. Бузныг. Ма нæ рох кæн. А л и х а н (æцæгхуызæй). Зын^ у, фæлæ бацархай- дзынæн. Н и н æ. Фæндараст... Чи зоны, раст у Алихан... Чи зоны... Чи зоны... Æрбацыд расыгæй X ъ а з ы б е г. X ъ а з ы б ег. Ныртæккæ мæ Алихан бафхæрдта. Æв- зæр фырт, дам, дæ. Цы ми кодта ам? Цæмæ æрбацыд? Свидани йын уыди демæ? Н и н æ (Хъазыбегмæ бацыд æмæ йын йæ уадул ныц- цавта). Æнаккаг! Хъазыбег. О, æнаккаг дæр æз! Уе сæфт мæ фед- тат иууылдæр, гъемæ хорз, æз ацæудзынæн, хур уыл скæсæд æнæ мæн. Æз бынтондæр ацæудзынæн. (Ацыд} йæ фæдыл дуар ныггуыпп кодта.) Алексей (æддейæ). Хъазыбег! Кæдæм цæуыс? Фæлауу-ма, Хъазыбег! Нинæ, дзой-дзойгæнгæ, бацыд, сынтæгыл уæззау бддт æр- кодта. 262
Алексей. Гыцци, кæдæм фæтæхы Хъазыбег? Цæ- хæртæ куы калы. Цы æрцыд ам? Н и н æ. Раздæр ма уал мын дæхæдæг ратт дзуапп: цæмæн дæ ам? Цæмæн ныууагътай дæ ахуыр? АлекСей. Командировкæйы мæ æрæрвыстой, Гыц- ци. Н и н æ. Сайыс, Алешæ! А л е к с е й. Æцæг зæгъын, Гыцци... (Фæлæ сайгæ кæй кæны, уый йыл зыны.) Н и н æ. Равдис-ма дæ фæндаджы гæххæтт. А л е к с е й. Табуафси! (Писмо йæм дæтты конверты.) Нинæ (писмо бакаст йæхинымæр). Чи дæм æй ныффыста? А л е к с е й. Нæ зонын. Фæлæ, æвæццæгæн, йæ риуы зæрдæ кæмæн ис, ахæм адæймаг. Нинæ (Алешæмæ йæ къухтæ бадаргъгæнгæйæ). Цæмæп ныууагътай мæн тыххæй дæ ахуыр, Алешæ? Алексей. Ды «тыххæй» нæ дæ, Гыцци... Ды мад дæ... Æ м б æ р з æ п ЦЫППÆРÆМ НЫВ Дыккаг нывы декораци. Хæдзары дзаумæттæ æндæр бынæтты æвæрд. Къуымы фæзынди чертежгæнæн стъол. Уат сыгъдæг æфс- найд. Н и н æ цыдæр хуыйы къахæйзилгæ машинæйæ. Æрбацыд постхæссæг. Постхæссæг. Цыдæуы уæм? Н и н æ. Цыдæуы, цыдæуы, нæ уацхæссæг. Постхæссæг. Дæ бон хорз! Писмо дæм. Нинæ (тарстæй). Ноджыдæр та?.. Постхæссæг. Нæма фæцахуыр дæ алыбон пис- мо исыныл? Уыцы уац дыл куы рацыд, ома уырыссаг 263
сывæллонæй дæхицæн лæппу скодтай, зæгъгæ, уæдæй кырмæ, дыууæ къуырийы дæргъы постæй ардæм хи- цæн фæндаг скодтон. (Писмо йæм дæтты.) Табуафси. (Нинæ йæм тарстхуызæй йæ къух бадардта.) Тэбрсгæ ма кæн, мæнæн хорз къух ис. Фылдæр амондджын ха- бæрттæ хъусын кæнын адæмæн. Нинæ (писмо халы). Дæ фæллад уал суадз... Ныр- тæккæ дæ истæмæй хорз фендзынæн. Постхæссæг (бады). Фæллад суадзын дæр хорз у. Н и н æ (писмо бакаст æмæ бандоныл йæхи æруагъ- та.) Ковалева... Æгасæй баззад? Фервæзт? Постхæссæг. Цы кодтай, Нинæ? Нинæ. Цавæрдæр сылгоймаг мæ куры, цæмæй йын, куыд амал ис, афтæ тагъддæр фехъусын кæнон, Але- шæ кæд æмæ куыд æгъдауæй æрбахауди мæ къухтæм. Уымæн дæр фесæфти хæсты йæ лæппу... Зæрдиагæй ку- ры, Алешæ гыццылæй ист кæм у, ахæм къам. Постхæссæг. Æмæ йыл цы дис кæныс? Иннæ писмоты дæр дæ куырдтой уый. Цал æмæ цал азы ра- цыд уыцы фыдбылызы хæстæй, фæлæ ма уæддæр агу- рынц: чи йæ сывæллæтты, чи йæ ныййарджыты... Н и н æ. Диссаг — уæдæй нырмæ кæм уыди ацы писмо? Æркæс-ма, дæс боны размæ куы ссыд ардæм... Постхæссæг. Æмæ-гъа, кæд мæ хызыны къуы- мы искуы... фæлæ нæ зонын... Нинæ. Ковалева... Уый у... уый у... Мæ зæрдæ йæ зоны... Алешæйы мад... (Кæуы.) Уæд та дын цы зæ- гъон, Верæ, мæ уды тæригъæдæй!.. Постхæссæг. Уæу-уа, уæу-уа, Нинæ! Афтæ хорз нæу. Н и н æ. Чи йын загъта, мæ цард мын сызмæнт, зæгъгæ? Чи йын загъта, æз æмæ Алешæйы тыххæй га- зетмæ ныффысс, зæгъгæ? 264
Постхæссæг. Хуыздæрæн æй бакодта. Уый ар- фæ у. Н и н æ. Дзæбæх арфæ мын ракодта! Мæскуыйы кæй айхъуыстьйæ ном, хорз актрисæ у, зæгъгæ, уый йæ фаг нæ уыд æмæ ма дзы фыссæджы ном дæр цæмæй ай- хъуыса, уый дæр æй бафæндыд... Ныр цы кæнон?.. Ныр цы кæнон?.. Постхæссæг. Цы гæнæн ма дын и? Иугæр Але- шæйæн йæ ныййарæг мад кæм фæзынди, уым хъуамæ цин кæнай, кæугæ нæ фæлæ. Н и н æ. Цин? Æнæ фыртæй дæр дзы æз аззайдзы- нæн, цин дæр æз кæнон? Постхæссæг. Дæхи тыххæй кæугæ акæн, уыцы усы тыххæй та — цин. Цæй, мæнæн цæуын афон у... Нинæ. Дæ хорзæхæй, макæмæн ма мацы зæгъ. Постхæссæг (сæрыстырæй). Писмоты сусæгдзи- над хъахъхъæд у закъонæй. (Ацыд.) Нинæ (ноджыдæр та акасти писмо). Ковалева... Мария Павловнæ... Æгас... Æгас... Æгас у Алешæйы мад... Ковалева... Цымæ куыд фæкæсдзæн Алешæмæ?.. Æрра, дæн, куыд æм хъуамæ фæкæса? Ныййарæг! (Ахъуыды кодта. Йæ цæсгомыл цинынысантæ фæзынд.) Фервæзти, мæ хъæбысы йæ уд... Цы стыр амонд у! Куыд цин кæндзæн Алешæ!.. Æмæ мæхæдæг та? Нæ, нæ, Алешæ мæн уынджы къæйыл нæ ныууадздзæн... Науæд йæхæдæг... Ног та хауæццаг фæуа... (Хъæрæй.) Нæ, нæ! Уый гæнæн нæй. Æз нæ зонын иу Мардя Пав- ловнæйы дæр, нæ зонын, æмæ мæ йæ зонын дæр нæ фæнды. Мæнæн Алешæйы мыггаг у Бæройтæй. О, о, Бæройты Алексей. (Æвиппайды фæсабыр, стæй тыххæй райхъуыст йæ ныхас). Цы кæнон? Цы ма бакæнон ныр? (Къулмæ бацыд æмæ тагъдгомау уырдыгæй Алешæйы къам рафтыдта.) 265
Æрбацыд Ё е р æ. Верæ..Нинæ, цæмæн æй æфтауыс, цæ? Н и н æ • (тызмæгæй). Чи зоны, мæ хæдзары хицау мæхæдæг нал дæн... Æмæ мæ цы фæнды, уый кæнын дæр нал у мæ бон? (Райста хуызист æмæ йæ æм- бæхсы.) В е р æ. Нинæ, цы кодтай? Нинæ, æнæ дзургæйæ, рацу-бацу кæны. Мæсты мæм дæ? Цæй тыххæй? Н и н æ. Цæмæн мын байстай мæ фæстаг цин? Цæ- мæн мыл ныффыстай газеты? Алешæйæ мæ æнæ хай цæмæн фæкодтай? В е р æ. Цæй-ма, цы хабар у? Ау, цы ис æвзæрæй уым, æмæ дын дæ диссаджы хъару, дæ фæлмæн зæр- дæйы сгуыхтдзинад дзыллæтæн кæй радзырдтон? Н и’н æ. Чи дæ дзурæг кодта? В е р æ. Æнæнхъæлæджы рауад уый, фæлæ дзы мæ- нæн фæсмойнагæй ницы ис. Спектаклы фæстæ нæм æр бацыдысты мæскуыйаг журналисттæ. Æз сын радзырд- тон, дæумæ куыд цардтæн, цы ныййарæджы роль хъа- зыдтæн, уый хуыздæр цæмæй бамбæрстаин, уымæн мын цас феххуыс дæ цард, дæ диссаджы зæрдæ... Уыдон мæ ракуырдтой, цæмæй сæм ныффыстаин дæу тыххæй, æмæ ныффыстон. Гъеныр уым æвзæрæй цы ис? Зæгь-ма мын æй! Н и н æ. Кæсгæ. (Писмо йæм дæтты.) Верæ (бакаст писмо). Мæнæ цы амондджын дæн! (Цин кæны.) Уымæй хуыздæр ма цы уа! Æгас у Але- шæйы мад! Æгас! Мæ уацхъуыд сын баххуыс кодта сæ кæрæдзи ссарынæн. Мæнæ цы амондджын дæн! Мæнæ цы амондджын дæн! 266
Н и н æГ Æз нæ ратдзынæн Алешæйы. Уымæй æнæ хай нал фæуыдзынæн, фæлæ мæнæ дæуæй фæдæн æнæ хай.,. Бузныг... (Йæ цæссыгтæ ’ныхъуыргæйæ.) Гъеныр æмбарын байдыдтон, Алиханмæ писмо чи ныффыста Хъазыбеджы тыххæй, уый дæр æмæ, Алешæйы Кала- кæй чи ’рцæуын кодта, йæ ахуыр ын чи ныууадзын кодта, уый дæр... В е р æ. Уымæй нæ фæрæдыдтæ — æз сæм фыстон. Н и н æ. Ды? В е р æ. Æз. Æмæ дыл уымæй цы зиан æрцыд? Дæ- химæ æфхæрд уæддæр нал кæсыс... Нинæ (куыдфæндыйæ). Ныууадз мæ мæхи бар, Ве- рæ. Æмæ ма мын кæд иунæг æртахы бæрц аргъ кæныс, уæд ацы писмойы тыххæй никуы ницы зæгъдзынæ Але- шæйæн. (Аскъуыдта писмо.) В е р æ. Уый... уымæн æнæ зæгъгæ нæй... Уый æб- уалгъдзинад уаид!.. Н и н æ. Æз нæ ратдзынæн Алешæйы. Нæдæр дæ- уæн, нæдæр уыцы усæн. Стæй дæ зæрдыл бадар: ацы фырты дæр ма мын куы байсат, уæд æз мæхицæн цард аккаг нал скæндзынæн... В ер æ. Нинæ... Н и н æ. Фестæм нæ ныхас... (Верæ ацыд. Нинæ йæ хуыйæн машинæйы раз æрбадт, мийыл фæлвары, фæлæ йæ къух нæ тасы.) Æмæ кæд дзæгъæлы тыхсын, уæд та? Кæд æрмæстдæр иу мыггагæй сты, уæд та? Нæ, Алешæ хорз хъуыды кæны, йæ мад Мария кæй хуынди, уый... (Асагъæс кодта) Мария... (Дуар æрбахости.) Мидæмæ! Æрбацыд Мария Павловнæ; Мария Павловнæ. Бахатыр * кæнут. Уæ бонтæ дорз. 267
Н,и нæ. Æгас цу! (Æвиппайды.) Ды Ковалева дæ? М а р и я (фестъæлфыд, фæлæ йæхиуыл фæхæцыд.) Ковздева?.. Давæр Ковалева? Нинæ. Охх! Мæнæ куыд фæтарстæн!.. Мидæмæ ра- хиз, табуафси. М а р и я. Сымахмæ мæ сардыди, фатеры, дам, дæт- тут иу уат. (Куынæ йын сразы уой, цыма уымæй фæ- тарсти.) Бирæ рæстæг нæ. Æрмæстдæр цалдæр боны. Æз ам командировкæйы Дæн. Уæ горæты фысымуæтты та бынат нæй. Н и н æ. Чи дын загъта, æз уат фатеры дæттын, уый? Мария. , Мæнæ уæ дуармæ иу дзæбæх æрыгон чыз- гыл амбæлдтæн. Н и н æ. Верæ! Ам дæр та — уый?! М а р и я. Дзæбæх дæ не ’мбарын... Н и н æ. Ис ахæм адæм, æмæ дæ фыдбылызьг æп- пардзæн, йæхæдæг та афтæ æнхъæл вæййы, цыма дын хорздзинад кæны... М а р и я. Уый мæнæй зæгъыс? Нинæ. Цы чызг дыл амбæлд, уымæй. Мæнмæ цар- ди кæддæр. Уый афтæ фæнды, цæмæй æз мæгуыр цард ма кæнон. Рагæй нал дæттын аез мæ уах фатеры. М а р и я. Бахатыр кæн. Уый зонгæйæ дæ нæ батых- сын кодтаин... Æвæццæгæн, æнæниз нæ.дæ, нæ? Æз куы æрбахызтæн, уæд дæ цæсгом тынг афæлурс. Н и н æ. Фæтарстæн... Æви цин кодтон, мæхæдæг дæр æй нæ зонын. М а р и я. Тæрсгæ? Цæмæй? Нинæ. Афтæ мæм фæкаст, цыма ды Ковалева дæ æмæ дæ фыртмæ ссыдтæ. М а р и я (куыннæ йыл фæгуырысхо уа; уый тых- хæй). А-а, гъо... Газеты йæ куы кастæн... Æмæ уæд аф- тæмæй цин та цæуыл хъуамæ кодтаис? Нинæ (джихауæй хъуыдыкæны). Ковалева куы . 268.
ссыдаид, уэед? Уый цинаг йæу? Йæ ныййарæг кад ф&- зынди... М а р и я (æнæнхъæлæджы). Бузныг!.. Нинæ (фæгуызавæ). Цæй тыххæй мын арфæ кæ- ныс? М а р и я. Удаист дæ фæкодтон. Фæхæрзбон уал у! Нинæ. Махмæ баззай. Ныр ма куыд?.. Кæдæм-ма фæцæудзынæ? Кæд дæм ам хорз фæкæса, уæд... Мария. Мæнмæ алцыдæр, алцыдæр фæкæсдзæн хорз... Н и н æ. Гъе уæдæ уæд кæрæдзи базонæм. Мæн хо- нынц Нинæ. Мария. Мæн та... Еленæ Федоровнæ... Н и н æ. Гъе афтæ, гъе... Æз дын уат ацæттæ кæ- нон, Еленæ Федоровнæ. (Ацыд.) Мария. Мæ зæрдæ мæ риуæй ратоны... Нæ мæ ба- зыдта... Гъе уый та уын мæ хъæбулы схæссæг, æмби- сонды сылгоймаг... Тæрсын, мæ фæзынд æй мæрдтæм куы барвита, уымæй, цæмæ ссыдтæн, уый куы базона, уæд... Фæлæ мын мæхиуыл та чи батыхсдзæн? Чи мын фæтæригъæд кæндзæн? Чи мæ бамбардзæн? Нæ, нæ, ницæуыл мæ фæнды хъуыды кæнын ныртæккæ, мæнæ мæхи Алешæйы куы фенон... (Къулыл Сергей æмæ Хъазыбеджы къамтæ ауыдта, тагъдгомау сæм бауад, кæсы сæм.) Нæ, ацы лæппу мæхи Алешæ нæу... Кæд ам цæры, уæд йæ къам цæуыннæ ис къулыл? Мæ цæс- ты кæронæй дæ уæддæр куы фенин, мæ ахсджиаг хъæ- бул! Цал азы дæ фæцагуырдтон! Ссардтон дæ! (Къу- лы сахат цъыкк-цъыкк кæны.) Куыд æрæгмæ зыны! Æнхъæлдæн æмæ ныртæккæ сæрра уыдзынæн!.. Æрбацыд Н и н æ. Н и н æ. Нæ мæгуырдзинады тыххæй ныл ма фæхуд, 269
&нэё сæрыхицауæи цæрын,. лæлпугæн та нырма сæхи- цæн æххуыс хъæуьь М а р н я. Дæ кæнгæфырт, æнхъæлдæн, пнституты ахуыр кæны, нæ? Н и н æ. Бон кусгæ кæны, изæр та — ахуыр. Мария. Дæ хистæр фырт та, кæд нæ рæдиныи, уæд дохтыр у. Нинæ (æвæндонæй). Уый ам нæ цæры. Уым&н йæ- хицæн бинонтæ ис. А л е к с е й (æддейæ). Изæры-ма-иу рацу, æз дын мæ ног куыст фенын кæнон. Мария Павловнæ фæцудыдта, тарвазыл банцой кодта, куы ахауа, уымæп тæрсгæйæ. Н и н æ. Цы кодтан? М а р и я. Хæдтæхæджы фæтахтæн, æмæ... Мæ сæр цъилау зилы. (Йæхи уатмæ бахызт.) Æрбацыд А л е к с е й. Алексей. Гыцци, дæ бон хорз! Кæд ма дæ истæ- мæн хъæуын, уæд мæ фервæзын кæн æххормаг мæлæ- тæй. . Н и н æ. Сихорæн дын цы æхца ныууагътон, уыдон цæуыннæ ахастай? Алексей. Хуыцауæй дын ард хæрын: ферох мæ сты. Н и н æ. О хуыцау! Æнæхъæн бон æххормаг!.. (Æрæ- вæрдта . йын фынг, Алексей зæрдиагæй хæры. Мария Павловнæ сæм дуары аууонæй кæсы сусæгæй.) А л е к с е й. Фараст бирæгъы хуызæн сæххормаг дæн ацы бон. Цыма æнæхъæн дыууиссæдз азы хъарм хойраг нæ федтон. 270
Мария (сабырæй). Ныртæккæ æрхаудзынæн... Мæ бон нæ бауыдзæн... (Фæаууон.) Пииæ. Нæ мын тæригъæд кæныс, Алешæ, æппын- дæр мын нæ тæригъæд кæныс! (Тæбæгъ æвæры.) Алексей. Гыцци, ма загъд кæн. Ныртæккæ æнæ- хъæн къуырийы фаг бахæрдзынæн. Н и н æ. Хæргæ, хæргæ, мæ бон. Хæлар дын уæд. Æз та афтекмæ ныууайон. Алексей. Дæ зæрдæ та дæ хъыгдары? (Сагъæс- хуызæй.) О, хæдæгай, цæмæн та ацыдтæ абон кусын- мæ? Ныхас куы бакодтам, мæ бынаты мæ куы фæуæл- дæр кæной, уæд æрмæст хæдзары кæй архайдзынæ, уый тыххæй. Н и н æ. Мурдæр мæ ницы риссы, Алешæ. Æрмæст мæ хуыссæг нæ ахсы. Алексей. Æри-ма ардæм дæ рецепт. Мæхæдæг ныууайдзынæн афтекмæ. Н и н æ. Нæ, нæ, ды ахæр. Уæлдæфмæ мын æнцон- дæр вæййы. (Фæцæуы. Раздæхти.) Уазæг нæм ис, Але- шæ, иу дардбæстаг. Фысымуæтты бынат нæй, æмæ... Дæ чертежтæ куы аразай, уæд та-иу хъæрæй ма зар... Алексей. Æгайтма мын æй фехъусын кодтай. Кæннод мæм абон зарын тынг цæуы. (Хъазгæйæ.) Фæ- лæ иугæр афтæ кæм у, уым мæ зарæгæн йæ хурхыл бахæцдзынæн. Н и н æ. Табуафси, сабыргай зар... Нæ дуармæ куы æрбахæццæ уон, уæд дæм æз дæр байхъусдзынæн... (Ацыд.) Алексей стъолы цур æрбадт, чертежгæнæн дзаумæттæ ранста, Верæйы къам систа æмæ йæ йæ размæ æрæвæрдта. Алексей. Салам, Верæ! Дæ гастрольтæ кæй фе- сты, уый тыххæй дын арфæ кæнын. Гъеныр та æвæс- 271
Тйатæй ардæм згъбргæ, хъусыс? Тæхуды æмаё куы 30- нис, куыд æхсызгон мæ хъæуыс ныртæккæ, ахæм сахат, зын мын куы вæййы... Зын, тыпг зын мын у, Верæ... Иуæй заводы ныффæллайы лæг, иннæмæй экзаментæ æрхæстæг сты... Фæлæ архайын хъæуы... Хъæуы!.. Уы- мæ гæсгæ бавдæл, æмæ мæ кусын уадз... (Къам иуварс авæрдта, чертеж кæнын байдыдта. Бакасти та йæм.) Куыд рæсугъд у дæ мидбылты худт! Цæй, цæй, ма мæм кæс, ма мæ хъыгдар... (Сабыргай зары): Нæ бæрзонд урс хæхтæ, нæ цъæхгауыз кæмттæ, Сæууон хуры тынтæм цæхæртæ куы калут, Уæд куыд æгомыгæй фæкæсут мæ уарзтмæ? Куыд нæ уæм фæхъары мæ сагъæс, мæ зарæг? М а р и я (дуарæйкæсы, лæппу йæнæ уыны). Алешæ!.. А л е ксе й: Мæ уаты рудзынгæй сусæгæй, хуыснæгау, „ Иæ алы фæзындмæ æнхъæлмæ фæкæсын, Мæ сонт зæрдæйæ йын мæ хъæлдзæг зардæй Сæрдыгон æхсæвты йæ буц ном фæмысын. М а р и я. Цы чындæуа? Куыд ын фæдыууæ дихы кæнон йæ зæрдæ дыууæ мады ’хсæн (Фæаууон.) Алексей: • Куы ’рбамбырд вæййынц нæ сыхы чызджытæ, Æмæ дæ мидбылты рухс хурау куы схудыс, Гъеуæд мæм фæкæсы, цыма уый мæнимæ, Æрмæстдæр мæнимæ сусæгæй фæдзурыс*. Верæйы къамæн аба кодта. Авджы састы дзыгъал-мыгъул рай- хъуыст мидæгæй. Алексей фæгæпп ласта. Дуарæй разынд М а р и я Павловнæ. Алексей (къæмдзæстыгæй). Райхъал дæ кодтон? Ныббар мын, æрбайрох мæ... 272
Мария. Уый ды... бахатыр кæн... Агуывзæ асас- тон... Дон ма мын авæр... Дæ хорзæхæй... А л е к с е й. Ныртæккæ, ныртæккæ! (Æрбаскъæфта йын дон.) Цыма цæуылдæр тыхст дæ? Мария (агуывзæ фæстæмæ дæтты). Бузныг... А л е к с е й. Ныббар мынл«дæ бон хорз» дæр дын нæ загътон... Иучысыл тæрсгæ дæр фæкодтон... Чертеж- имæ архайгæйæ, хъуыдытыл фæдæн. Мария (йæ мидбылты худы). Не ’ппæт дæр уы- дыстæм æрыгæттæ, Алешæ... А л е к с е й. Мæ ном дæр мын зоныс? М а р и я. Дæ мад мын æй загъта. А л е к с е й. Уый зæгъдзæн. М а р и я. Ды... Тынг æй уарзыс? А л е к с е й. Искуыдæр ма мады нæ фæуарзтæуы? Мария. Бæгуы... бæгуыдæр,. бæгуы... (Катайгæнгæ- йæ.) Уæдæ мын афтæ куы загъта, цыма дæ ныййарæг мад хæсты заман фесæфт. Алексей (æнкъардæй). О... Бресты фидары... Мæ- ныл аст азы цыди уæд... Мæ зæрдыл ма лæууы, куыд æй амардтой, уый... Æз хъæр кодтон, куыдтон, фæлæ мæ цæмæндæр цæссыг нæ хауди... Æвæццæгæн, фыр- тæссæй... Ахæм зындоны арт сыгъди, ахæм, æмæ... Мария. Гъеуый ма дæ зæрдыл лæууы, мæ хур? (Фæкъуыхцы). Хъуыды ма йæ кæныс, Алешæ? А л е к с е й (Марияйы ныхæстæ йæхирдыгонау бам- баргæйæ). Дæуæй дæр исчи фæмарди уæд? М а р ия. 6. П а у з æ. Алексей. Бахатыр кæн, æз институтмæ бауайон. Истытæ уал архай. Гыццийы дæр ныртæккæ ардæм хъæуы. (Фæцæуы.) 273
М а р и я. Цу, цу, Алешæ. (Марияйæн иуцасдæр йæ бон сдзурын нал у.) Мæ дидинæг кæйдæр цæхæрадоны байрæзти... Æмбæрзæн ФÆНДЗÆМ НЫВ Хъазыбег кæм æрцард, уыцы хæдзары цæхæрадон. Быруйы æдде — уынг. Мидæгæй зыны къул. Ру^згуытæ, дуар. Бæлæстыл гамак тыгъд. Трофимовнæ Вовæйы фынæй. кæны. Трофимовнæ: Ахуысс, цаей, мæ гыццыл карк, Ды та, халон, алидз тагъд! Тæрхъус нæм æрбацæудзæн, Вовкæйы нæ ахæсдзæн! Доны был æм фæлæуут, Вовкæ уырдæм фæцæуы!.. Хæдзарæй хъæлдзæгæй рацыдысты А л л æ æмæ 3 и ф. А л л æ. Утæппæт чингуытæй иу дæр кæронмæ ба- кæсын мæ бон нæу. Уый æмæ дын, цы хуынди, уыцы чиныг... О, «Адæм иууылдæр знæгтæ». Катæ æмæ йæ уарзон Тони бæгънæгæй хъарм ныхæстæ куыд ’ код- той!.. 3 и ф. Нæ зонын. Нæ йæ кастæн. (Цымыдисæй.) Диссаджы чиныг у, зæгъыс, нæ? Ал л.æ. Ахх!.. 3 и ф. Æмбарын дæ... А л л æ. Дæ къух дæр мацæмæуал бакæн, хъусыс, Зиф, æмæ йæ æвæстиатæй кæронмæ бакæс. Нæ, нæ! Кæронмæ нæ. Уым дæр бирæ лакъон-макъонтæ ис! Æз 274
чиныгæн йæ дзæбæхты, йæ дзаджджын бынæттæ сса- рыныл фæцахуыр дæн. Иннæтæ иууылдæр дзæгъæл сæнттæ сты. 3 и ф. Раст — мæ халдих! Æниу сæ дзаджджынтæ йедтæмæ иннæтæ кæй хъæуынц! (Хъæрæй худынц.) Трофимовнæ. Бирæ хорз чингуытæ ис дунейыл. Фæлæ хорз сты, кæсын сæ чи зоны, уыдонæн. Алы адæймагæн дæр базонæн ис, цы чиныг кæсы, уымæ гæсгæ. 3 и ф. Ды дæр зоныс кæсын? Аллæ. О, махæн нæ няня ахуыргонд адæймаг у, интеллигент! 3 и ф. Мæнæ диссаг! Уæдæ йæ æз куынæ зыдтон. Трофимовнæ (Зифы æлхыскъ кæны). Æвзæр чиныг дæр иуæй-иу æвзæр æмбалæй уæлдай нæу адæй- маджы халынмæ. 3 и ф. Æгъа, æгъа, уæдæ! Аллæ. Дæ разы сывæллоны хъахъхъæн! Хъæндил кæнæ йæм æндæр исты хилæг ма сбырæд. Трофимовнæ. Хъæндил.'.. Хилæг... Зæххыл хил- джытæ бирæ ис. (Чызджытырдæм бакæсгæйæ.) Бирæ... А л л æ. Цæй, цæй, æз бирæ дзурын нæ уарзын! Кæд сывæллон бафынæй, уæд хæдзар афснай. Зиф, хъусыс, ауылты-иу рацу. Ма дæ ферох уæд кино — фондз са- хаты æмæ æрдæгыл. 3 и ф. Æмæ Хъазыбеджы билет та? Аллæ. Уый районмæ цæуы. Фæлæ уæдмæ зын- дзæни. 3 и ф. Хорз. Фенынмæ уал, Трофимовнæ! (Ацыд.) А л л æ мидæмæ бахызт. Трофимовнæ. Фенынмæ, фенынмæ. Цыма мæ хъæуы? Дæу куы фенон. 275
Машинæйы хъæр æрбайхъуыст. Æрбацыд ш о ф ы р. Шофыр. Дæ райсом хорз, нæ мадыхай! Т р.о ф и м о в н æ. Кæй райсом’ у, уый хорзæх дæ уæд. Ш о ф ы р. Дохтыр Бæройы-фырт ам цæры? Трофимовнæ.,0, ам. Шофыр, Дæ хорзæхæй, бадзур-ма йæм, районмæ цæуинаг уыд министры хæдивæгимæ. Машинæ йæм æн- хъæлмæ кæсы. Трофимовнæ. Ныртæккæ. (Мидæмæ бауад.) Ш о ф ы р. Бузныг. (Иуварс ацыд.) Фæзындысты В е р æ æмæ А л е к с е й. В е р æ. Мæнæ дын уый сæ галуантæ. А л е к с е й. Дардæй сæ зонын, бæргæ... В е р æ. Æмæ дæ хæстæгмæ чи нæ уагъта? А л е к с е й (амоны йæ зæрдæмæ). Мæнæ ам чи ныд- дур’, уый. . В е р æ. Æмæ уый æфсымæры уарзт у? Алексей. Куынæ йæ уарзтаин, уæд æм мæсты дæр нæ уаин. В е р æ. Уымæй не ’сраст кæндзынæ дæхи... Кæй зæ- гъын æй "хъæуы, ды, дæ бон цы у,* уый кæныс уæ ма- дæн... Алексей. Мур дæр ницы кæнын, мæ хæс цы у,уы- мæй уæлдай. В е р æ. Æфсымæр та былæй дæр ахауæд, нæ? А л ё к с е й. Мæ бон ын нæу ныббарын... В ер æ. Уарзаг зæрдæ бараг у. Алексей. Омæ ма дæ цы фæнды? Куыд бадзырд- там, афтæ æрбацыдтæн... Баныхас кæндзыстæм... В е р æ. «Кæндзыстæм» нæ, фæлæ кæндзынæ. Мæ- нæн аив нæу æфсымæрты астæу мæхи тъыссын. 276
Алексей. Гъемæ хорз. Чидæр сæ рацæуы. Ацу уал. Æз афæлвардзынæн... Верæ фæаууон. А л е ш æ йæ фæстæ кæсы. Рацыд X ъ а з ы - бег. Хъазыбег (Алексейы шофыр фæхуыдта). Цæй, кæм и дæ машинæ? Цом... (Алешæ раздæхт.) А-а уый ды... А л е к с е й. Æз. П а у з æ. X ъ а з ы б е г. Куыд фæрæдыдтæ? Алексей (йæ цæст ахаста йæ алфамбылай). Æв- зæр нæ цæрыс. X ъ а з ы б е г. Цæрын. А л е к с е й. Фатеры мызд бирæ фидыс? "Хъазыбег. Фидын. Ал е кс е й. Бирæ? X ъ а з ы б е г. Мæ мызды æмбис. Цæй-ма, мауал мын лас мæ зæрдæйы уидæгтæ. А л е к с е й (зарæгау). Уидæгтæ, уидæгтæ, зæрдæйы уидæгтæ... X ъ а з ы б е г. Куыд у... Гыцци? А л е к с е й. Гыцци? Дæс æмæ йыл дыууиссæдз азы сæххæст... X ъ а з ы б е г. Кæд? А л е к с е й. Куыд «кæд»? Ау, æмæ йæ нæ зыдтай? Цыдæр дын куы бавæййы. Хъазыбег (æрæджиау). Ферох мæ. Алексей (йæхинымæр дзурæгау-зарæгау). «Фе- рох...» «Ферох...» Уæдæ Гыцци, аз нæ, фæлæ ма цы мæй, цы бон æмæ сахат райгуырдтæ, уый дæр хорз хъуыды кæны. 277
Хъазыбег. Дæс æмæ дыууиссæдз азы... Æрбацыд А л л æ. Аллæ (Алексейы ауынгæйæ). Нæ мæ уырны, Але- шæ мах кæрты ис, уый! Алексей (хъазгæмхасæн). Ау, æмæ мæн куы ба- уырныдта, мæ чындз æмæ ме ’фсымæр нæхи кæрты кæй нал сты, уый... X ъ а з ы б е г. Алешæ! Ныууадз!.. Дæ алы ныхас дæр... А л е к с е й. Туасы рæхуыст. Ал л æ. Фыддæр. Алексей. Мæ дзæбæх чындз, мæ ныхас уал ме ’фсымæримæ у... Хъазыбег. Кæд та нæ- мады кой кæндзынæ, уæд дын рагацау зæгъын, æз æнæ дæу дæр мæ мады фæл- лæйттæ цæмæй бафидон... А л е к с е й «Уыйбæрц æхца исын» зæгъыс? Хъазыбег. Мæ мад ницы хъуаг у: пенси исы, æз дæр ын æрвитын æхца. Алексей. «Æхца»! «Ницы хъуаг у»! Ау, æмæ дæ- хицæн дæ чысыл саби куы скæуы, уæд дæ цæссыгтæ куы æркæлынц, куы дæм бахуды, уæд фырцинæй куы скафыс, афтæмæй куыд никуы ахъуыды кодтай, дæ фæлмæн ныхас цас цин уаид нæ мадæн, ууыл? X ъ а з ы б е г. Цæй, æгъгъæд, æгъгъæд! Нал уæ фæ- разын уе ’ппæтæй дæр. А л л æ. Цæй, цы хабар у? Цы дзы агурут, уый æр- гом зæгъут. Алексей. Æз ницы. Мæн фæнды, цæмæй нæ рын- чын мады ма рох кæна. Аллæ. Хъазыбег хирург у... Зæрдæйы дохтыр нæу. X ъ а з ы б е г. Аллæ... Алексей. Ис ахæм низтæ, æмæ дзы хатгай хи- 278
рурджы цыргъ карды бæсты фæхъæуы хъæбулы рæв- дыд ныхас... Куыд ферох кодтай?.. Хъазыбег. Цы ферох кодтон? Алексей. Æндæр мацы фæуæд, фæлæ мæлæтдзаг рынчын куы уыдтæ... Хъ а з ы б е г. Æмæ мыл дохтыртæ сæ къухтæ куы ауыгътой. Алексей. О. Ауыгътой! Фæлæ мады зæрдæ зыдта, мады зæрдæ домдта, цæмæй ды цæрай! Уый мулкыл дæр нæ бацауæрста, æмæ дæ цы горæты нæ балæууын код- та, ахæм нал баззади. Дыууæ азы дæргъы дæ цурæй ничердæм ацыди. Цас цæссыг фæкалдта сусæгæй дæ уæлхъус!.. X ъ а з ы б е г. Алексей!.. Алексей. Бауадз мæ мæ тыппыртæ суадзын, дыу- уæ азы сæ фæурæдтон. Дæуæй ферох сты, цал æнæ- хуыссæг æхсæвы арвыста, æз æмæ дæуæн зæрдæтæ æвæргæйæ... А л л æ. Омæ ныр уый дæр йæ цæссыг кала?.. А л е к с е й. Æз афтæ æнхъæл дæн, ды мæ тынг хорз æмбарыс... А л л æ. Цы ’мбарын? А л е к с е й. Ау, афтæ куы фæзæгъыс, æнæ дæ ный- йарджытæ цæрын дæ бон нæу! Афтæ куы фæзæгъыс, дæ ныййарджытæ Калачы дæ уындмæ бæллынц, уæд куыд æнхъæлыс, мах ныййарæджы риуы зæрдæйы бæс- ты дур ис? Уый нæ фæнды йæ хъæбулы уынын? Æви нын кæддæр нæ мад цы æмбисонд æрхаста, уый дæумæ дæр хауы? Аллæ (ницы æмбаргæйæ)., Цавæр æмбисонд? Xъ а з ы б ег. Ныууадз, Алешæ, ницæмæн æй хъæуы уыцы рагон таурæгъ! Алексей. Нæ, нæ! Уадз æмæ йæ зона. Æнæкæрон уарзтæй, дам, уарзт.а мад йæ фырты, фырт та ахæм 279
æнæкæрон уарзт кодга йæ усы... Уæд, зæгъы, иу бон ус йæ лæгмæ дзуры: «Æз дæ уарзондзинадыл баууæнд- дзынæн æрмæстдæр уæд, æмæ дæ мады куы амарай æмæ мын йæ зæрдæ куы æрбахæссай». Амардта фырт йæ мады, дунемæ йæ чи рауагъта, номы рæсугъддзи- над, зонд æмæ йын хъару чи радта, уыцы ныййарæ- джы. Иæ лæппу асинтыл куы ’рцæйхызт, уæд фæкалд, иуварс ахаудта мады зæрдæ йæ къухæй æмæ йæ фырт- мæ дзуры: «Дæхи нæ ныццавтай, мæ хъæбул?» Гъеуый та уын мады зæрдæ... А л л æ. Æцæг диссаджы æмбисонд у, фæлæ махмæ цы бар дары, æххæст ма нын уый дæр зæгъ. Алексей. Æз цы зæгъинаг уыдтæн, уый загътон, мæ зынаргъ чындз æмæ мæ уарзон æфсымæр. Хъуыды та йыл сымах акæнут. (Ацыд.) Хъазыбег æмæ Аллæ цавддуртау лæууынц. Ш о ф ы р (быруйы сæрты æрбакаст. Йæхинымæр). Адон цæуынвæнд нал кæнынц æви? (Фæаууон.) Машинæйы уасын æрбайхъуыст. Аллæ. Цæй, цæй! Дæхимæ хъусыныл ма фæу! Ахæм диссагæй дзы ницы ис. Кæд, мыййаг, æцæг у æх- цахъуаг, уæд ын фылдæр арвитдзыстæм. (Машинæйы уасын.) Хъазыбег (йæ бынатæй змæлгæ дæр нæма фæ- кодта, джихæй). «Фылдæр æхца». Хъазыбег никæмæ фæкаст, афтæмæй араст æмæ фæаууон. Ма- шинæ аивгъуыдта. Аллæ гамакмæ бацыд æмæ херы кæны. Уыцы рæстæджы фæзынди Трофимовнæ. Трофимовнæ. Æз дæуæй куы уаин, уæд уыцы хызыл нæ хъеллау кæнин... Аллæ (йæ херы фæуагъта). Уæдæ цæуыл? 280
Трофимовнæ. Ауындзæныл. Аллæ (гамакæй рагæпп ласта). Цы? Цы загътай? Иу хатт ма йæ зæгъ! Трофимовнæ. Цы фехъуыстай, уый загътон. Нæ дын ныббардзæн хуыцау, дæ лæджы йæ ныййарæг мад- мæ цæуын кæй нæ уадзыс, уый. Цавæр уарзондзинады маргæй йын сарыдтай йæ зæрдæ? Адæймаджы хуызæн куынæуал у. Цыма дæхæдæг ныййарæг мадæй нæ рай- гуырдтæ, цыма ныййарæджы дзидзи нæ бададтай... Калм!.. Калм дæр калм, æмæ ды дæр калм!.. Аллæ. Фесæф, фесæф, зæронд!.. Фесæф, усбирæгъ! Трофимовнæ. Мæхæдæг дæр дæм уымæн раздæх- тæн,— мæнæ дæ куатæ айс! (Фехста йын йæ куатæ.) Аллæ. Няня, няня! Цавæр у! Хъазгæ кодтон æз. Трофимовнæ. Иуварс! Ма мыл æндзæв! Аллæ (тынг лæгъстæйæ). Ныббар мын, Вовычкæ- йæн уæддæр фæтæригъæд кæн, уый дæу не ’ппæтæй тынгдæр уарзы. Трофимовнæ (бирæ фæкаст, Вовæ кæм фынæй кодта, уыцырдæм, рацæуы). Ехх!.. Аллæ. Трофимовнæ, дæ мыздыл дын бафтаудзы- нæн. Саукуыстæй дæр дæ фервæзын кæндзынæн. Трофимовнæ. Фервæзын мæ кæн дæхицæй! (Ацыд.) Аллæ. Няня! Няня! (Дуар ныггуыпп ласта.) Цымæ ахæм æнамонд цæмæн фæдæн!.. Æ м б æ р з æ н. ÆХСÆЗÆМ НЫВ Рынчындон. Хъазыбеджы кусæнуаты раз бæласы бын — бандон. А л и х а н æдде бады æмæ газеты кæсы, бæрæг у, кæмæдæр кæй æнхъæлмæ кæсы, уый. 281
Хъазыбег (æрбацыд). Алихан куы дæ! Алихан. Алихан, мæ мад, мæ фыдыстæн, Алихан! Дæ кæддæры ахуыррæнæг. X ъ а з ы б е г. Цы хур, цы къæвда?.. Ма фæрын- чын у? А л и х а н. Хуыцауæй разы, низæй хызт дæн. Тама- ко куы нал дымын, уæдæй нырмæ цыма раст ног рай- гуырдтæн. (Лыстæг æм кæсы.) Хъазыбег тамако дымы. Фæлæ мæнæ ды... Хъазыбег. Раст зæгъыс, Алихан, æз тынг дымын. Уæлдайдæр та а фæстаг рæстæджы. Цом мæ кабинет- мæ. Нырма ныртæккæ сыздæхтæн районтæй. Æвæццæ- гæн мæ рынчынтæм кæсын нал хъæудзæн, æмæ аны- хас кæнæм... Алихан. Кæд гæнæн ис, уæд... Мæнмæ ам хуыз- дæр кæсы... X ъ а з ы б е г. Гъемæ ам дæр фæуæд. Сбад. Алихан. «Сбад, сыст, дæ урок радзур»... Афтæ-иу кæддæр æз дзырдтон дæуæн, хъуыды-ма кæныс> Ныр та... Хъазыбег. Царды рад, царды рад, Алихан. Рæс- тæг рæстæджы ивы, адæм — адæмы. Иуныхасæй, за- манты цалх зуыгъ-зуыгъ кæны размæ. А л и х а н. Æмæ йæ ничи бауромдзæн, Хъазыбег, уы- мæй раст зæгъыс... (Паузæ.) Афтæ... Рагæй мæ ис *де- мæ иу ныхас... Зæгъ-ма мын, Хъазыбег, цы дыл æрцыд? Раздæр ахæм дурзæрдæ куы никуы уыдтæ? (Тыхстæй) Ныр а фæстаг дыууæ азы дæргъы ды цы митæ кæныс, уыдон бамбарынæн ницы амал арын. Институт каст нæма фæдæ, афтæ ус ракуырдтай, дæ ныййарæджы нæ бафарстай... Уый фæстæ дæ хæдзарæй рацыдтæ. Уалын- 282
мæ дæ мадæн æхца фидыны хъуыддаг тæрхондонмæ радтат... Ныр дзы арвы талынгты лидзыс... X ъ а з ы б е г. Уыдон иууылдæр, ды куыд æнхъæл дæ, уымæй зындæр равзарæн сты... Алихан (тызмæгæй). Цæй, цæй! «Зын равзарæн». Зынæй дзы ницы ис! Æрмæст дæ... Цыбыр дзырдæй, дæ бинойнаг дæ цъыфдзасты ныссагъта... Хъазыбег. Ныббар, Алихан. Ау, уарзын дæр та фыдраконд у? А л и х а н. Уарзондзинад калмау къæхтыл куы тых- са æмæ йæ фæстæ маргæйдзаг фæд куы уадза, уæд, о — фыдраконд. Хъазыбег (сыстад). Цы дзурыс уый?.. Алихан (фидарæй). Сбад! Нæма фæдæн... Раст ныхасæй алидзынмæ хъавыс? X ъ а з ы б е г. Лидзгæ нæ, фæлæ цæугæ! Ацæудзы- нæн! Ацæудзынæн ардыгæй! Бынтондæр! Алихан. Афтæ æнхъæлыс, дæхицæй кæм бамбæх- сай, ахæм бынат ис зæххыл? (Чысыл паузæ.) X ъ а з ы б е г. Алихан, æз... Алнхан. Хъус! Ды зын операци куы фæкæныс, уæд дæ мад рынчындоны алывæрсты фæзилы катайтæ- гæнгæ. Æмæ, дæ рынчын куы фервæзид, æндæр хуыз- дæр ницæмæуал фæбæллы. Дæ бинойнаг та... Хъазыбег. Цæй, хорз! Æз сывæллон нал дæн, мæхи цард саразынмæ мæхæдæг сарæхсдзынæн. А л и х а н. Хорз бамбæрстай цард. «Æз», «мæхи цард», «мæхæдæг»! Араз дæ цард, уарз дæ усы, куыд- дæриддæр дæ фæнды, афтæ, фæлæ, дæ сæрыл худ кæй дарыс, уый дæр ма рох кæн! Тæккæ абон бацæут дæ мадмæ, хатыр дзы ракурут уæ ницæййаг миты тыххæй æмæ цæрын райдайут, адæмы мыггаг чи у, уыдонæн куыд æмбæлы, афтæ. Гъеуый дын мæ фæстаг ныхас, дæ фыды хæлары ныхас. (Сыстад. Фæцæуы, æрлæу- 283
уыд.) Хъусыс, Хъазыбег. Иæ ныййарæг мады чи нæ уарзы, уый никæй бауарздзæн... (Ацыди.) Хъазыбег (æнæзмæлгæйæ бады. Бынтон æрæ- джиау). Чи зоны, раст зæгъы Алихан... Ау, ахæм амондмæ æнхъæлмæ каст мæ мад? Рая (рахызт). Схæццæ дæ, Хъазыбег? Æгас цу! X ъ а з ы б е г. Бузныг. Исчи мæм æнхъæлмæ кæсы? Р а я. Абон ссæудзынæ, уый æнхъæл нæ уыдтæн æмæ никæй ныффыстон. Фæлæ уæддæр цалдæрæй ба- дынц. X ъ а з ы б е г. Гъемæ хорз. Цом. (Фæцæуы ми- дæмæ.) А л л æ (æдде). Хъазыбег!.. Хъазыбег (Раяйы фæстæ). Ныртæккæ фæцæуын, Рая. Аллæ. Билеттæ райстон киномæ. Цом, байрæджы кæндзыстæм. Дыууиссæдз минуты йедтæмæ нын нал и. Хъазыбег. Уый хыгъд ма кусгæ боны кæронмæ ис сахатырдæг. Аллæ (чиныг рафæлдах-бафæлдах кæны). Нæ фæ- лæ мæ нал уарзыс. Нæ? X ъ а з ы б е г. Дæ хорзæх’æй, зæгъ-ма мын: уыцы фарстæн мæ дзуапп дæттын алы бон дæр хъæуы? А л л æ. Нагъ. Абон нæ хъæуы. Абон мын æрмæст- дæр уыцы сахатырдæг балæвар кæн. (Билеттæ æвди- сы.) Мæнæ-ма кæс, байрæджы кæндзыстæм. X ъ а з ы б е г. Мæ бон нæу. А л л æ. Уæдæ иунæгæй ацæудзынæн æз. X ъ а з ы б ег. Куыд дæ фæнды, афтæ, Аллæ, рын- чынтæ мæм æнхъæлмæ кæсынц. Аллæ (фæлмæн æм бахудт). Хъазыбег, цыдæр æх- гæд-зæрдæ сдæ, мадзура. Æввахс мæм нал цæуыс. Иу 284
судзгæ ба нæ, фæлæ дæ рæвдауæн ныхас дæр нал хъу- сын. X ъ а з ы б е г. Æндæр бынат не ’ссардтай ахæм ны- хæстæ кæнынæн? А л л æ. Гъемæ мæ цæв, гъе уый тыххæй, гъа... Фæ- лæ дæ нæ хæдзары дæр куынæ фæнды мемæ ныхас кæнын. Хъазыбег (йæхиуыл хæцгæйæ). Абон дын зæр- дæ æвæрын... А л л æ. Ницуал дын æмбарын. Фыццаг нæ æнæ загъдæй цæрын дæ мад хъыгдардта. Фæлæ ныр та? Ныр та дæ цы хъыгдары, хъæлдзæг цæмæй уай æмæ мæн рæвдауай?.. X ъ а з ы б е г. Аллæ, иу хатт ма дын зæгъын — рын- чынтæ мæнмæ æнхъæлмæ кæсынц. А л л æ. Згъорын, згъорын, науæд Вовæ иу- нæг у. X ъ а з ы б е г. Куыд иунæг? Цæмæ у иунæг? Трофи- мовнæ кæм ис? Аллæ. Нæхимæ дын æй радзурдзынæн!.. (Дуаргæ- ронæй, йе ’взаг ауагъта.) Изæры... бафидаудзыстæм, нæ?.. Æнæ æвдисæнæй... Хъусыс, Хъазыбег, æнæ æвди- сæнæй... (Ацыд.) X ъ а з ы б е г. Рая, ракæн рынчынты! Рая (æрбацыд). Ничиуал дзы ис. (Ацыд.) Хъазыбег (сагъдауæй баззад). Ничиуал... Дис- саг нæу! (Сахатмæ кæсы.) Раст бакодтой, дохтыр Бæ- ройы-фырт. Уыдон бынаты уæвгæйæ, ды дæр раст аф- тæ бакодтаис. (Йæ халат раласта.) Рая (æрбазгъордта). Хъазыбег! Иу лæппу маши- нæйы бынмæ бахауд... Ахæм уæззау цæфтæ у, æмæ... Машинæ дæм æнхъæлмæ кæсы дуармæ, мæнæ адрис... Хистæр дохтыр куры... X ъ а з ы б е г. Нæ мæ æвдæлы... 285
Р а я. Хъазыбег!.. Дыккаг хирург операци кæнын- мæ ис, æрмæстдæр дæуæн у дæ бон... X ъ а з ы б е г. Нæу... Нæу мæ бон... Æрæджы кæ- нын нæхимæ. Дохтыр К р ы л о в къæсæрыл фæзынд. Рая ацыд. К р ы л о в. Мæн нæ уырны, уыцы ныхас ды загъ- тай, уый. Хъазыбег. Æз æй дыккаг хатт дæр зæгъдзы- нæн. Мæ кусгæ бон фæци, æмæ никæйы бон у мæн рын- чындоны бауромын. Араст, Крылов къæсæрыл йæ размæ æрлæууыд. Мæ хæдзармæ ацæуыны бар мын ис, æппынфæстаг, æви нæй? Крылов. Нæй! Хирург Бæройы-фырт, ды ныр- тæккæ сбаддзынæ машинæйы æмæ ацæудзынæ сывæл- лоны фервæзын кæнынмæ. Гъе уый у ахæм сахат, .æмæ хирургмæ дæр æмæ æцæг адæймагм’æ дæр цы иунæг бар хауы. X ъ а з ы б е г. Æмбал Крылов, ды хистæр дохтыр нæ дæ, æмæ мыл дæ бон нæ цæуы. Æви кæд партор- ганизацийы секретарь кæй дæ, уый дын ахæм бар дæт- ты, уæд æз партион нæ дæн... К р ы л о в. Дæ фыд уыди партион, æмбал Бæро- йы-фырт... Æмбарыс?.. Мæнæ ацы къухтыл амарди уæззау цæфтæй. X ъ а з ы б е г. Цы?.. Крылов. Фырт фыдæн цырт у, * фæзæгъынц... Мæн нæ бафæндид ахæм цырт мæ ингæныл... X ъ а з ы б е г. Æмбал Крылов... 286
Крылов. Скæн дæ халат, дохтыр Бæройы-фырт, Рая, инструменттæ-ма фен! Фæстиат гæнæн нал ис, Р а я æрбахызт. Р а я. Машинæйы бынмæ чи бахауд, уыцы лæппу- йæн йæхи æрбахастой. Аллæ (æддейæ тарст хъæр кæны). Вовæ!.. Вовæ!.. X ъ а з ы б е г. Вовычкæ!.. Æнхъæлдæн, байрæджы кодтон... Æ м б æ р з æ н
ÆРТЫККАГ АРХАЙД ÆВДÆМ НЫВ Ногæй та Нинæйы хæдзар. Уаты дзаумæттыл ма бафтыди .те- лефон. Стъолыл — алы минас. Изæр. Нинæ (йæ мойы хуызистмæ). Афтæ, гъе, Сергей, дæс æмæ мыл дыууиссæдз азы агæпп ласта... Алешæ- йы бафæндыд мæнæн бæрæгбон скæнын. Мæ гуырæн бон... Хъазыбег та мæм арфæ кæнынмæ дæр не ’рба- цыд. Зын дын у, ацы ныхæстæ хъусын, нæ? Зонын æй... Ныццагъта телефоны дзæнгаерæг, Нинæ фæкуыддæр, дзæнгæрæг кæцæй у, уый нæ бамбæрста. Æрæджиау бацыд телефонмæ. Хъусын дæм. Чи дæ? А-а, Алихан?! (Цингæнгæйæ.) Фыццаг дзæнгæрæг дæр та дæуæй... Бузныг. Хъусыс, æнæ ’рбацæугæ ма фæу. Сергейы сыкъа дæумæ æн- хъæлмæ кæсдзæн. Ницы кæны, бануаздзынæ... (Æрæ- вæрдта хæтæл.) Хорз хæлар дын уыдис, Сергей... Æрбацыд постхæссæг. Постхæссæг. Де ’зæр хорз, Нинæ! Н и н æ (фестъæлфыди). Цы та у? Постхæссæг. Ныр дæумæ нæу. Ацы хатт уæ фатерыбадæг усмæ у. Абон райсомæй нырмæ тел уым лæууы. Уый йæм йæхæдæг хъуамæ ссыдаид. Кæд, зæ- 288
гъын, тагъд хъуыддажы тел у. Æмæ йын æй æрхас- тон. Н и н æ. Ныртæккæ йæ ардæм хъæуы. (Фенцон- дæр ын.) Æз та, зæгъын, кæд мæнмæ у. Айфыццаг мæ куыд „ фæтæрсын кодтай... Дæ зæрдыл ма лæууы?. Постхæссæг. Куыннæ ма,! Æмæ дзæгъæлы куы фæтарстæ... Н и н æ, Абад, фæлæуу æм. Кæнæ та йæ ам уадз. Ныр нæм-иу телефонæй дæр æрдзур, æмæ-иу нæхæдæг дæр суайдзыстæм. Постхæссæг (дисгæнгæйæ). Телефонæй?! Н и н æ. Алешæ мын ныр инженер у, æмæ мын мæ гуырæн бонмæ телефон балæвар кодта. Постхæссæг. Абон дæ гуырæн бон у? Цал азы дыл цæуы, уымæй фæрсын аив нæу, фæлæ дын зæрдæ- йæ арфæ кæнын. Н и н æ. Бузныг. Махæн алкæддæр æхсызгон вæй- йы дæ уынд. Постхæссæг. Æмæ йæ нæ зонын? Кæй дуар бахойын — профессорæй, дохтырæй, фыссæгæй — сæ алкæмæй дæр разы дæн... Нинæ (худгæйæ). Куыд дзурынц, афтæмæй, го- рæты пост кæмæ хæссыс, уыдонæн се ’ппæты цард дæр дæ фондз æнгуылдзау зоныс... Постхæссæг. Уымæй раст зæгъыс. Сæ цин дæр æмæ сæ хъыг дæр... Фæлæ куыд кæсын, афтæмæй дæ фатерыбадæг тагъд не ’рбаздæхдзæн. Ды йын-иу æй ратт, дæ хорзæхæй. (Цалдæр телы систа.) Цы фæ- ци, цы? Ковалева... Ковалева Мария Павловнæ... Н и н æ (тарстæй.) Цы, цы? Чи у, зæгъыс? Кæмæ у тел? Ковалевамæ? Цавæр Ковалевамæ?. Махмæ иу Ковалева дæр нæй. Постхæссæг. Куыд нæй? Æмæ алы бон дæр 19 Пьесæтæ 289
махмæ куы вæййы, посты. Раст сымахмæ куы æрцард, гъе уыцы бонæй фæстæмæ. Нинæ (хъуыддаг бамбæрста). О, хæдæгай! (Зæ- ронд лæг куыд нæ фæгуырысхо уа, ууыл архайы.) Æцæг, æцæг! Мæнæн та кæдæм адзæгъæл мæ зæрдæ... Ковалева, уæдæ цы! Мария Павловнæ Ковалева. (Ба- уадзыг уæвынмæ йæ бирæ нал хъæуы.) Постхæссæг . (хабар нæ бамбæрста). Æрдæ- бон æй дæхæдæг дæр куы æрæмысыдтæ, йæ. писмойы дæ Алешæйы хуызист куы куырдта.* Иæ хабæрттæ нын иууылдæр фæдзырдта. (Тел æм дæтты.) Мæнæ гъе ам дæ къух бафысс. Н и н æ. Нæ, нæ... Мæ бон нæу... йæхæдæг æм ссæудзæн постмæ. Æз ын зæгъдзынæн... Постхæссæг. Уый гæнæн дæр ис. Табуафси. Хæрзизæр. (Ацыд.) Нинæ (сцоппай). Уый у!.. Уый у!.. Еленæ Федо- ровнæ схуыдта йæхи... Æнхъæлмæ кæсы иу фæзилæн- мæ... Цæмæй мын мæ зæрдæ фæрæхойа... Мæлæтдзаг рæхуыст... О хуыцау! Æз та, сæрхъæн... Æз та йын мæ зæрдæйы æвæрæнтæ скалдтон... Цы кæнон ныр? (Телефоны дзæнгæрæг. Нинæ хæтæл систа.) О. Кæй изæр у, уый хорзæх!.. (Бахудыныл архайы.) Бузныг, бузныг. (Хæтæл æрæвæрдта.) Нæ хъæуы, нæ мæ хъæ- уы иу бæрæгбон дæр... Æз ныр..." Мардæй уæлдай нал дæн... (Телефоны дзæнгæрæг та цæгъды.) О. Æз... Кæй изæр у, уый хорзæх дæ уæд. (Цы дзуры, уый йæхæдæг дæр нæ зоны.) Бузныг. (Уæнгмардæй æруагъта хæ- тæл.) Цæй тыххæй мын арфæтæ кæнынц, цæ? Иунæг фырт дæр мын кæй нал и, уый тыххæй? (Фырмастæл- гъæдæй ницыуал æмб’ары.) Ис! Ис мын фырттæ! Сæ иуы дæр никæмæн ратдзынæн æз! Нæ ратдзынæн!.. (Уаты къуымты та рауай-бауай кæны.) 290
Æрбацыд Мария Павловнæ. Мария (уайдзæфгæнæг’ау). Фынг иунæгæй æрæ- вæрдтай? Тагъд æрбаздæхдзынæн дын куы загътон. Нинæ (тызмæгхуызæй). Еленæ Федоровнæ!.. М а р и я. Цæмæн мæм афтæ кæсыс? Нинæ (фефсæрмы, иннæрдæм аздæхт). Бафæл- ладтæн... Мария (йæхирдыгонау æй бамбæрста). Хæринаг иунæгæй кодтай? Хæдзары дæр, дуканитæм дæр дæ- хæдæг?.. Гъеныр дын худина! нæу, мæнмæ-иу ба- нхъæлмæ кæс дын куы загътон... Æгас бон уырдыг фæлæуу... Н и н æ. Æвæццæгæн, хæххон нæзы бæласау уыр- дыг лæугæйæ амæлдзынæн. М а р и я. Уæу-уа, Нинæ, абон дæ цины бон!.. Н и н æ. Дзæгъæлы æрымысыд Алешæ ацы бæрæг- бон... М а р и я. Нæ, уый дзæгъæлы нæу! Хъæбул мадæн зæрдæлхæнæн куы кæна, уæд уымæй стырдæр амонд нæй. Æз ахæм хъæбулы... (Фæкъуылымпы.) Баууæнд мыл, дæ лæппу Алешæйы дын æз дæр бауарзтон, мад йæхи хъæбулы куыд бауарзы, афтæ. Н и н æ (комкоммæ йæм кæсы.) Дæуæн тынг хæ- лар зæрдæ ис; Еленæ Федоровнæ... Мадæн æцæг нæй стырдæр амонд хъæбулы щшæй... Уырнгæ дæр мæ нæма кæны, Алешæ мын афтæ бахъомыл, уый. Теле- фон мын сæвæрдта. Æниу мæ цæмæн хъæуы? Кæимæ дзы дзурдзынæн? Мария. Алешæйæн йæхиимæ... йæ куысты куы уа, уæд уырдæм кæнæ институтмæ... Æз та иу сахаты фæстæ цæугæ кæнын. Н и н æ. Кæдæм? Бынтондæр? 291
М а р и я. Дæ цинмæ фæлæууын мæ бæргæ фæн- дыд, фæлæ гæнæн нæй. Нинæ (йæ цин дæр не ’мбæхсы). Хъыгаг у, тынг хъыгаг! Мария (æнкъардæй). Мæнæн дæр у хъыг... Нинæ (аивæй). Æмæ иунæгæй... цæуыс? Мария. Иунæгæй. Ныртæккæ мæ чумæдан бафс- найдзынæн æмæ — хæрзбон. Æрбацыд А л е ш æ дидинджыты стыр пуцалимæ. А л е к с е й. Де ’зæр хорз, Гыцци. Де ’зæр хорз, Еле- нæ Федоровнæ. Н и н æ. Кæй изæр у, уый хорзæх дæ уæд, мæ хъæ- бул. М а р и я. Кæй изæр у, уый хорзæх дæ уæд. А л е к с е й. Гыцци, мæнæ дын дидинджытæ. Уы- дон рæсугъд сты, фæлæ ды рæсугъддæр дæ. Уыдон æр- тæ боны фæстæ бампылдтæ уыдзысты, ды та мын æрт- тив фондзыссæдз азы. Н и н æ. Бузныг, мæ хъæбул. Æз сæ доны цæвæ- рон... Алексей. Фæлæуу, Гыцци, мæнæ дын мæ лæ- вар — къаба. (Дæтты йæм æхца дæр.) Адон та, мæ мыздæй ма чи аззад, уыдон... Знон дæм сæ уымæн нæ радтон, æмæ мæ уæд нæ бауагътаис дæхицæн исты æлхæнын. Н и н æ. Бузныг, мæ лæппу. Ацы къаба мын фыл- дæр цæмæй фæлæууа, уый тыххæй йæ дардзынæн æр- мæстдæр бæрæгбæтты. Фæлæ æз та дæуæн цы балæ- вар кæнон? Алексей. А фæстаг рæстæджы мын дзæбæхдæр дæ, æмæ мæн уымæй хуыздæр лæвар нæ хъæуы. Н и н æ. Нæ, нæ, мæ хур... Æз ныртæккæ... (Ацыд.) 292
Алексей (æрæджиау). Ныртæккæ та исты æр- хъуыды кæндзæн... Худæг у, худæг, мæ дзæбæх мад. Нырма мæ сывæллон хоны, æмæ мын мæ алы къах- дзæфмæ дæр йæ цæст дары. Мария (зынæй). Мад... (Йæ зæрдæ суынгæг.) А л е к с е й. Кæугæ кæныс? М а р и я. Искæйы . амонд дæр хъары адæймаджы зæрдæмæ, Алешæ. Æрбацыд Н и н æ. Æрбахаста ирон чыидздзон дарæс. Н и н æ. Ацы чындздзон дарæс мæхи къухæй ба- хуыдтон, Алешæ.^ Балæвар-иу сæ кæн, кæй бауарзай, уымæн. Алексей. О, фæлæ... Цы чызджы уарзын, уый... Н и н æ. Мæнæн æхзысгон уыдзæн, ацы дарæсы Ве- рæйы фенын... А л е к с е й (йæхи йæм баппæрста.) Гыцци! Ды алцыдæр зоныс? Н и н æ. Алцыдæр, мæ хъæбул. Алексей. Æмæ йæ... Æрбахонон æй абон ардæм? Н и н æ. Æрбахон. Абон Верæ нæ кадджындæр уа- зæг цæмæй уа, уый аккаг у. (Мария Павловнæйæн.) • Раст нæ зæгъын? Мария. Æз... Æз та цы зонын?.. (Йе уæхсчы- тыл схæцыд.) Н и н æ. Уæдæ йæ æз зонын, у. Алексей (амондджынæй). Бузныг, Гыцци! Æз æм згъорын. Æз ын зæгъдзынæн... Абон бирæ уазджы- тæ уыдзæн махмæ, Гыцци: Заводы æмæ нæм институ- ты фæсивæд дæр æрбацæудзысты. Н и н æ. Нæ агъуысты куынæ бацæуой. уæд кæрт- мæ анвдзыстæм. Æмæ... Хъазыбег æмæ Аллæ дæр уы- * дзысты ам? А л с к с с й (фидарæй). Уыдзысты. т
Н и н æ. Загътай сын? А л е к с е й. Нæ, Гыцци, Хъазыбег хъуамæ зона, абон дæ гуырæн бон кæй у, уый. Æмæ ды тыхсгæ ма кæн, уыдон æрбацæудзысты. Æнæ ’рбацæугæ сын нæй. Нинæ (джихауæй). Абон сæ рæзты æрцæйцыдтæн æмæ Вовæйы ауыдтон... Фынæй уыд. (Æвиппайды.) Бауай сæм, Алешæ! А л е к с е й. Нæ, Гыцци. Мæн фæнды фæстаг хатт Хъазыбеджы бафæлварын. (Гыццийæн аба кодта.) Æз цæуын Верæмæ. (Атындзыдта.) Н и н æ. Алешæ... Алешæ... Куыд дард аззадысты зын бонтæ! Æхсæв-иу æвиппайды фехъал æмæ-иу йæ мад, йæ фыды агурын байдыдта... Дуары хъæр-иу фæ- цыдаид, кæнæ дымгæ рудзынг фегом кодта, уæд та-иу хъæр байдыдта йæ мадмæ. Мæнмæ-иу йæ къухтæ æр- баивæзта, стæй-иу басабыр. Æз-иу ын аргъæуттæ кæ- нын ба’йдыдтон нæ хæхтæ, нæ кæмтты тыххæй... Æмæ дзы-иу уæд йæ ныййарæг æрбайрох æмæ та-иу афы- нæй... Стæй куы бахъомыл, уæд... (Фæкъæмдзæстыг- хуыз.) О, ныхæстыл дæ ныддардтон, Еленæ Федо- ровнæ. Мария (иуварсырдæм). Æз дæм хъусин. Хъусин æхсæвæй-бонæй..: Нинæ. Акæс-ма, куыд мæ ферох... Кæцæйдæр дæм тел. М а р и я. Бузныг. Райстон æй... Нæ лæгæй... Тагъддæр, дам, рацу нæхимæ. Æрыгон ма куы уыд- тæн, уæд мын нæ тарсти, фæлæ мыл ныр... Н и н æ. Уыныс, дæуæн лæг уæддæр ис... О, хæдæ- гай... Æз дидинджытыл дон акæнон. (Ацыд.) Мария (скатай, кæ’сы къаммæ). Мæ бон бауы- дзæни цымæ æнæ дæу ацы хæдзары дуарыл ахизын, мæ хъæбул? (Къулæй Алешæйы хуызист райста æмæ йын батæ кæны.) 0 хуыцау, æппындæр мæхи уромын 294
нал фæразын. Мæ уд сисдзынæн ацы ран, дæ фарс- мæ. Ныр цалдæр боны мæ зæрдæ судзы. (Ныв йæ риу- мæ æрбалвæста.) Дуаргæрон фæзынди Н и н æ æмæ амбæхст. Мариямæ хъусы æмæ йæм æдзынæг кæсы. Мæхи сын схъæр кæнон? Æппæтдæр радзурон?Æмæ дын дæ ног мады куы амарон, Алешæ. Нæ бауром- дзæн ахæм цæф... Æгæр дæ уарзы... О, фæлæ æз дæр мад дæн. Нæ, нæ, зæгъдзынæн сын... (Æваст.) Æмæ дын цымæ уый æхсызгон уыдзæн æви хъыг, Алешæ? Цы бачындæуа? Куыд бачындæуа? Цы радзурдзынæн дæ фыдæн? Тынг дæм куы æнхъæлмæ кæсы... (Къа- мы йæ бынаты æрцауыгъта.) Нæ, мæ хъæбул, нæ дын схауæццаг кæндзынæн дæ амонд... Фæлтау фырсагъæ- сæй мæхи зæрдæ басудзæд... Мæхи зæрдæ... Хæрз- бон, Алешæ, хæрзбон, мæ хъæ0ул! (Бахызт йæ уатмæ.) Н и н æ (Марияйы фæдыл кæсгæйæ, йæхи уæззау æруагъта бандоныл). Цавæр домбай хъаруйы хицау разынд, куыд фæразы?.. Мæнæн тæригъæд кæны... Йæ- хи мæт æй нæй... (Йæ зæрдæ фæрухс.) Ацæудзæн... Ферох дзы уыдзæн... Æрæнцайдзæн... Адæймаг цы- фæнды рыстыл дæр сахуыр вæййы... Бабыхсы йын... (Йæхимидæг тох кæны). Æмæ уæд æз та? Искæйы æнамондæй саразон мæхи амонд? Нæ, нæ! (Йæ зæрдæ- мæ фæлæбурдта.) Цæуылнæ ис исчи мæ разы? (Æн- дæр хъæлæсыуагæй.) Нæ, Мария, нæ уыдзæн... Дæ- уæй та бузныг, хæларзæрдæ адæймаг. Бузныг, мæн дæр æмæ Алешæйы дæр уыйбæрц кæй бауарзтай, уы- мæй. Фæлæ афтæмæй нæ ацæудзынæ, искæйы номи- мæ... Ай-гъай, уый гæнæн нæй, нæй... Æрбацыд А л и х а н. 295
А л и х а н. Æнхъæлдæн, абон дæ хæдзары дуæрт- тæ алы хорз адæмтæн гом сты, Нинæ. Н и н æ. Мидæмæ уæдæ ды дæр. Алихан. Де ’зæр хорз,'æмæ ма ноджыдæр æртæ ахæм царды фæцæр! Н и н æ. Æз мæ иу цардæй дæр бафæлладтæн, Алихан. А л и х а н. Дæ цæстытæ амондæй хорз æртти- вынц... Н и н æ. Цæссыгтæй. Алихан. Гъе-е... Уый дзы нæ рауайдзæн. Ды хъуамæ абон хъæлдзæг уай, кафгæ кæнай ардыгæй райсоммæ. Н и н æ. Кафдзынæн, кафдзынæн, Алихан! А л и х а н. Гъе уый дын лæджы ныхас. Гъемæ дæм ахæм сæрæндзинад кæм разынд, уьщ айс мæ лæвар — чиныг. Уым а лæппу фыссы, не ’мбæстæгтæ хæсты куыд фесгуыхтысты, уый тыххæй. Уæлдайдæр та нæхи Сергей. Н и н æ. Бузныг, Алихан. Дæуæн сызгъæрин зæр- дæ ис. А л и х а н (хъазгæйæ). Уый æвæдза, сызгъæрин куы уаид, уæд æй æз нæ паддзахадмæ раджы радтаин... Н и н æ. Ме ’нкъард хъуыдытæ та мын фæсырдтай, Алихан. А л и х а н. Цалынмæ æгас уон, уæдмæ дын кæ- уыны бар нæ ратдзынæн, уый зон. Бахъæлдзæг кæнын та зын у, цы? Æрбацыдысты Алек с е й æмæ В е р æ. В е р æ. Уе ’зæртæ хорз! Алиха н. А-а, кæй изæр у, уый хорзæх уæ уæд! т
В е р æ. Нинæ, арфæ дын кæнын дæ райгуырæн бон... Мæ зæрдæ дын зæгъы æрмæстдæр иу хорздзи- над — æнæниз нын у. Н и н æ. Бузныг, мæ чызг, бузныг. В е р æ. Æмæ дын мæнæ иучысыл лæвар. (Радта йæм, кæддæр уæймæ кæй арвыста, уыцы кæлмæрзæн.) Нннæ (фырдисæй сагъдауæй аззад). Мæхи кæл- мæрзæн? Мæ уарзон кæлмæрзæн? Сергейы лæвар... Цы дын зæгъон, цы хорз дын фæуон?.. Верæ (сабырæй). Ницы, ницы мæ хъæуы, Нинæ. Æрбацыдысты уазджытæ — Алексейы æмбæлттæ завод æмæ институтæй. Н и н æ æмæ Але-ксей ы алыварс æрбамбырд сты. Нинæ дидинджьиæ исы. Арфæ йын кæнынц. Уынæр, худт... Се ’хсæнæй зыны К р ы л о в дæр. А л и х а н. Сбадут уал. Крылов. Бадгæ? Нæ! Нинæ Иналовнæ, хъуыды ма кæныс, Бресты дын дæ фондз æмæ ссæдз азы бон цы загътон, уый? Н и н æ. Мæ дæс æмæ дыууиссæдз $зы бон мемæ ирон кафт кæндзынæ, зæгъгæ. Крылов. Æмæ нæ кафæм? Фæндыр! Табуафси. Крылов æмæ Нинæ кæнынц «Хонгæ кафт». В е р æ (иуварсырдыгæй лæугæйæ аззад, йæхины- мæр.) Куыд сын зæгъон, срастгæнæн кæмæн нал ис, ахæм фыдбылыз кæй æрцыд? Куыд сын фехъусын кæ- нон, Хъазыбеджы чысыл Вовæ цæрæнбонты сæхъатæй кæй баззад?.. Алешæ мын мæ цæстытæм кæсы, худы, хъазы, мæнæн та мæ игæр артыл судзы... Фæндырдзагьд. Ч ы з д ж ы т æ æмæ л æ п п у т æ кафын рай- дыдтой. Æрбацыдысты Хъазыбег æмæ А л л æ. 297
Алексей (хъæрæй). Фæндыр бауром! Гыцци, акæс-ма, чи сты уыдон? Мæ хæлæрттæ! Мæнæ уын ме ’фсымæр Хъазыбег æмæ йæ къай Аллæ! Хъазыбег æмæ Аллæ, цы акæной, уый нал зонынц æмæ къæ- сæрыл цыдæр тæригъæддаджы лæудæй лæууынц. Куыд зыны, аф- тæмæй, уыйбæрц адæмыл сæмбæлдзысты ам, уый æнхъæл нæ’ уы- дысты. Хъазыбег. Уе ’зæр хорз!.. Де ’зæр хорз, Гыцци! Æз... Мах... Арфæ кæнæм Алексейæн... институт каст кæй фæци, уый тыххæй... Ничиуал ницы дзуры. Æнаив хъус ныйисты. Алексей Хъазыбе- гæн къухæй амоны, ацы хъæлдзæгдзинад уый тыххæй нæ, фæлæ Гыццийы тыххæй у, зæгъгæ. Хъазыбег. Арфæ кæнын дæуæн, Гыцци... Алексей та йын къухæй амоны, Гыццийы гуырæн бон у, зæгъ- гæ. Æппынфæстаг æй бамбæрста Хъазыбег. Арфæ дын кæнын, Гыцци, дæ гуырæн бон... Ныббар нын, мах... Мах лæвар дæр дыл æмбæлдзæн! Н и н æ. Æппæтæй хуыздæр лæвар, мæ лæппу — ды кæй æрбацыдтæ, уый. (Аллæмæ.) Стæй ды, Аллæ... Бузныг, уæ дыууæйæ дæр, мæ хъæбултæ... Æмæ Во- вæ?.. В е р æ (уыцы хъизæмары ныхасæй фервæзын кæ- ныныл ар’хайгæйæ). Нинæ, фæхъæр-ма мыл лас, æмæ æз исты зилахартæ акæнон хæдзары. Нинæ æмæ Верæ стъолы размæ бацыдысты. Хъазыбег (сусæгæй). Аллæ, Гыцци хъуамæ абон Вовæйы тыххæй мацы базона. А л л æ. О.., 298
Хъазыбег. Мæ мады гуырæн бон ферох код- тон. Фæлтау мæ амæлæт хуыздæр. А л л æ. Хъазыбег, мæнæн мæ бон нæ бауыдзæн ам бадын. Ныртæккæ ныккæудзынæн. Æз рынчындонмæ цæуын... Вовæмæ... X ъ а з ы б е г. Аллæ, уый гæнæн нæй... А л л æ. О, уый æмбарын, фæлæ... Хъазыбег. Курын дæ, æмæ дæхи хъæлдзæг дар. Алексей. Фæндыр! Ме ’фсымæримæ- кæй фæн- ды кафын, уый йын йæ бæрзæйыл хæцæд, æз та й^ш йæ бинойнагимæ кафдзынæн. Верычкæ, бар мын дæт- тыс? В е р æ. Табуафси. Фæлæ уæд æз та Хъазыбеджи- мæ кафын! Кафынц. Æрбацыд Мария Павловнæ. Куыд ничи йæ фена, афтæмæй йæхи уатмæ бахызт. Верæ (Хъазыбеджимæ кафгæйæ). Æз Вовæйы хабар зонын, Хъазыбег. Операци куы фæдæ, уæд уы- циу цыдæй рацыдыстут ардæм? Куыд у? X ъ а з ы б е г. Цы дын зæгъон? Хорз нæу йæ хъуыддаг. Куыд цæрдзынæн амæй фæстæмæ!.. В е р æ. Ды нæлгоймаг дæ, фæлæ Аллæ... Алексей (Аллæимæ кафгæйæ). Цæмæн ахуыс- сыд, мæ чындз, абон дæ цæстыты цæхæр? Аллæ (йæ цæссыгтæ уромгæйæ). Алешæ, мацæ- мæй мæ фæрс. А л е к с е й. Хъазыбеджимæ та фæхыл стут? А л л æ. Алешæ, ма мæ фæрс... Мария Павловнæ йæ уатæй æд чумæдан рахызт. Куыд ничи йæ фена, афтæмæй фæцæуы уынджырдæм. Длексей. Аллычкæ, ахæм бон кæугæ?.. Сымах 299
æй не ’мбарут, Гыццийы зæрдæ уæ куыд барухс, уый. Æз æй зыдтон, кæй æрбацæудзыстут... (Æвиппайды.) Бахатыр кæн. (Аллæйы фæуагъта, Мария Павловнæ- мæ базгъордта æмæ йын йæ чумæдан исы.) Мæ хæ- лæрттæ! Дыууæ къуыримæ ’ввахс нæ хæдзары фæцар- ди æмбисонды уырыссаг сылгоймаг... (Хъазæгау.) Уырысæн сæ лæппутæ дæр сахъгуырдтæ сты, хуыца- уæй ард хæрын... Мæхицæй йæ зонын... Фæлæ уæддæр сæ сылгоймæгтæн æмбал нæй... В е р æ. Алешæ!.. Алексей. Æмæ ацы хæдзары канд ныхæстæ нæ, фæлæ дзызæрдæйæ хæлардзинад кæм ис, уым уынаф- фæ хæссын — Еленæ Федоровнæйæ курæм, цæмæй нын бар ратта æмæ мах, хæххон цæргæстæ, маргъæй тагъддæр атæхæм вагзалмæ æмæ йын йæ билет фæс- тæмæ æрбасатар кæнæм, йæхæдæг та нæ циныл куыд цин кæна, афтæ! Иууылдæр сæмдзæгъд кодтой. М а р и я. Нæ, нæ, Алешæ! Нæй гæнæн!.. Хъæлæстæ. Дæ хорзæхæй, Еленæ Федоровнæ! — Курæм дæ! — Ма ацу! А л и х а н (Мариямæ). Махæн уазæг уарзын нæ фыдæй баззад. Æмæ куы ацæуай, уæд нæ бафхæрдзы- нæ. Баззай нæм. Дæ хорзæхæй. М а р и я (йæхиимæ тох кæны). Мæ бон нæу... Нæу мæ бон... (Нинæмæ бацыд.) Мæнæ... мæ адрис... Ныф- фысс-иу мæм... Искуы... Н и н æ. Ныффысдзынæн. Æнæмæнг дæм ныффыс- дзынæн. М а р и я. Хæрзбон ут! Алексей, Уæд та дæ таксийы сбадын кæнæм. 300
Мария. Уый — табуафси... Мария Павловнæ, Алексей æмæ цалдæр лæппуйы фæцæ- уынц. Нинæ (тынг тыхстæй). Фæлæуут! Фæлæуут! Фæн- дараст цæмæй^фæуа, уый тыххæй фæйнæ нуазæны. (Верæйæн.) Ве’рæ, Алешæ, Хъазыбег, Аллычкæ бай- дзаг кæнут агуывзæтæ... (Агуывзæты нозт ныккодтой.) Баназæм уæдæ æмбисонды сылгоймаг æмæ диссаджы мад Мария Павловнæ Ковалевайы тыххæй... Иууылдæр дисы бацыдысты. А л е к с е й. Куыд? Ковалевайы?.. Мария Павлов- нæйы?.. Гыцци, кæй кой кæныс? (Мария Павловнæ- йæн.) Еленæ Федоровнæ, кæмæй зæгъы? Нæ йæ æмба- рын... Н и н æ. Ныртæккæ йæ бамбардзынæ, мæ лæппу... (Бацыд Мария Павловнæмæ.) Æндæр адæймаг куы уыдаис... Æнæзæрдæ... Уал азы кæй уындмæ бæллыд- тæ, уыцы хъæбулæй дæхи мæт тынгдæр куы кодтаис, æмæ, Алешæйы æз куыд уарзын, уымæн аргъ куы нæ скодтаис, уæд дын æй нæ раттин, Мария Павловнæ. Фæлæ Алешæйы уарзондзинад нæ дыууæйы фаг дæр у... (Лæппумæ.) Алешæ, дæ ныййарæг, дæуæн дæ зæр- дæ цæмæй ма фæсаджил кæна, æмæ дын зæрдæниз ма скæна, уый тыххæй цалдæр боны йæхи æндæр номæй кæй рахуыдта, уый дын хъыг ма уæд. А л е к с е й (хъавгæ бацыд Мария Павловнæмæ, йæ цуры æнæныфс лæуд æркодта). Ды... мæ мад?! Мария Павловнæ æмæ йæ лæппу фырдисæй цавддуртау лæу- уынц. 301
А л е к с е й (Мария Павловнæмæ йæхи баппæрста æмæ йыл ныттыхст). Мамæ! Ау, куыд ацыдаис арды- гæй, мæнæн ницы зæгъгæйæ?! Мария. Мацæмæй мæ фæрс, мæ хъæбул, ныр- тæккæ!... Алешæ!.. Алексей. Хорз, хорз, нæ дæ фæрсын... (Æндæр ныхасыуагæй.) Мæнæ дын уый ме ’фсымæр Хъазыбег. Мæнæ уый йæ бинойнаг, мæнæ уый Алихан — нæ хæ- дзарв&ндаджы хæлар æмæ Хъазыбеджы ахуыргæнæг. Мæнæ уый Верæ... Мæнæ адон та (сæрыстырæй) мæ лымæнтæ. Æмæ æз се ’ппæты дæр бирæ уарзын. Æр- мæст сын хъыг ма уæд, Верычкæ дæр мæм ма фæхæ- рам уæд: æз мæ мад Нинæйы æппæтæй фылдæр уар- зын, стæй дæу, мамæ... (Йæхимæ сæ æрбалвæста.) Н и н æ. Уынут, бафидауын нæ кодта. Мæ хъæбул- тæ, Алешæ, Хъазыбег, Аллæ, Верæ... (Йæ зæрдыл æр- балæууы.) Фæлæуу, фæлæуу, æмæ Вовæ та?.. Кæм и?.. Хазыбег. Гыцци... Вовæ... А л л æ (йæхи нал баурæдта, ныккуыдта, Нинæйы раз йæ зонгуытыл æрхауд). Гыцци!.. Гыцци!.. Н и н æ. Цы кодтай, мæ хъæбул? Цы æрцыди? Ис- ты æнамонд хабар! Хъазыбег. О, æнамонд хабар! Абон Вовæ ма- шинæйы бынмæ бахауд... Н и н æ. Цы?!. (Фæцудыдта.) К р ы л о в. Ма фæтæрс. Ницы йын уыдзæн. Нинæ æрцæйхауд, Алексей йæ ацахста. М а р и я. Нинæ, дæхиуыл фæхæц... Нинæ (арчъицыдта). Дурзæрдæтæ... Æмæ мæ- нæн цæуылнæ исты загътат?.. А л л æ. Афтæ æнамонд цæмæн фæдæн?.. X ъ а з ы б е г. Атæппæт уый аххос у... Вовæ цæ- 302
рæнбонты сахъатæй баззад... Мæхи дыууæ къухæй йын... (Аллæмæ.) Уый ды, ды уыдтæ! Дæу хъазтизæр- ты æмæ кинотыл зилын йедтæмæ ницы мæт уыди... Во- вæ дæуæй мады ад никуы зыдта... Æз дын уый никуы ныббардзынæн... Нинæ (тызмæгæй). Ныхъхъус у! (Йæ зæрдæмæ фæлæбурдта.) Уæ дыууæ дæр аххосджын стут... Рох дæ ма уæд, Хъазыбег... Цæй, кæрæдзийы уарзут... Цар- ды сæраппонд... Вовычкæйы сæраппонд... Фæцæуы Верæйы æххуысæй иннæ уатмæ, сценæйы уæвджытæ йæ фæдыл кæсынц, стæй, Нинæ! зæгъгæ, Верæйы тарст цъæхахст мидæгæй куы фæцыд, уæд сагъдауæй аззадысты. Хъа з ы б ег. Гыцци!.. Верæ (йæ размæ фæци). Уый дæ нал фехъусдзæн ныр, Хъазыбег... Алексей (Хъазыбег æмæ Аллæмæ). Цæмæн, цæмæн афтæ бакодтат?! Нæ рон
ЧЫЗГАЙЫ КУЫ ХАСТОЙ... ДЫУУÆ АРХАЙДЫ Е
АРХАЙДЖЫТÆ Т а м æ р æ — 65-аздзыд. А л и х а н — йæ фырт, 45-аздзыд. Д з и р æ т— 23-аздзыд. Т а н я — санинструктор, 23-аздзыд. -К о м и с с а р — 50-аздзыд. С а л д а т — 25-аздзыд. Д з и р æ т ы фыд— 50-аздзыд. 3 о н д — зæронд лæджы хуызы. Уарзондзинад — æвзонг чызджы хуызы. И р б е г — фыссæг, 25-аздзыд. 306
ШЫЦЦАГ АРХАЙД Æмбæрзæн байгом уæвыны агъоммæ чысылгай хъуысы «Си- циляйы цагъд», стынг. Рахызт И р б е г, йæ уæлæ — сау костюм æмæ урс хæдон. Цагъд æваст фæхъус. Ирбег. «Адæймагæн йæ цард у алцæмæй зынаргъ- дæр, уый йын лæвæрд цæуы иунæг хатт æмæ йæ ацæ- рын хъæуы афтæ, цæмæй йæ уый фæстæ йæ ивгъуыд бонтыл фæсмон кæнын ма бахъæуа, цæмæй, йæ уд ис- гæйæ, йæ бон зæгъын уа: «Ме ’ппæт цард, ме ’ппæт хъарутæ дæр радтон дунейы рæсугъддæр хъуыдда- 307
гæн — адæймаджы сæрвæлтау цард нывондæн æрхæс- сынæн». Хъуысы та фæндырдзагъд. Æмбæрзæн байгом. Разынд ма иу тæнæг æмбæрзæн, йæ тæккæ бæрæг астæу — ирон фæндыр æмæ цæссыгкалгæ дидинæджы нывæфтыдтæ. Цагъд мынæгæй-мынæг- дæр кæны. Ирбег. Æрæмысæм-ма уæдæ мах дæр нæ ивгъуыд бонтæ, цымæ дзы исты фæсмойнаг ис? Цымæ раст фæ- цардыстæм? Фæндыр фæхъус. Æз ракæндзынæн сымахæн ахæм хабар, æмæ мæхæ- дæг æвдисæн кæмæн уыдтæн царды. (Ацыд, сценæ бай- гом.) Уалдзæг. Дардæй зынынц цъитиджын хæхтæ. Горæтаг хæдза- ры хæрзæфснайд кæрт. Мидæгæй хъуысы чындзæхсæвы къæрцц- æмдзæгъд, фæндыры цагъд, хъазты зарæг æмæ хъæлдзæг ныхас. Хъазты уынæр фæсабыр. Райхъуыст «Сициляйы» мелоди. Кæрты фæзынд Д з и р æ т, йæ уæлæ — чындздзон дарæс: урс туфлитæ, къаба, йæ тæнæг урс кæлмæрзæн йе уæхсчытæм æрхауд. У са- гъæсхуыз. Кæд абон йæ чындзæхсæв у, уæддæр цин нæ кæны, цавæрдæр уæззау мæт ын йæ зæрдæ калмау æууилы. I Дзирæт. Хæрзбон, мæ чызгон бонтæ!.. О чызгон бонтæ, уалдзæгæй уæлдай куы не ’стут! Дидинæг раф- таут, дунемæ мидбылты рæвдаугæ худт бакæнут æмæ æрбатар вæййут! Фæлæ уæддæр цас цин бавзары зæрдæ! Фыццаг уар- зондзинад... Æвзонг зæрдæйы сæнттæ! Сæнттæ?.. Æз дæо уарзтон. О, о, фæлæ йæ сыгъдæг æнкъарæнтæ фæсмой- наг фесты. Фæсмойнаг? О, фæлæ мæ чындзæхсæвмæ та 308
цæуылнæ æрбацыд? Нæ, нæ! Нæ мæ фæнды йæ фенын! Нæ фæнды? Чызг сагъдауæй аззад. Иæ сырхфарс уадултыл, цыкурайы фæрд- гуытау, æрызгъордтой цæссыгтæ. Ныджджих, стæй цыма хæххон æхсинæг хъæрццыгъайæ фæтарст, уыйау цыдæр æрбаци. Хæдзары фæсте æыкъардæй æрбацæуы А л и х а н. Мидæгæй, фыдæнæнау, райхъуыст чындзхонты зард æмæ фæндыры хъæлдзæг зæлтæ. Лæп- пуйы цæсгомыл зыны катай. Райхъуыстысты зарæг «Чызгайы куы хастой»-йы ныхæстæ: Æз авд азы дæргъы^мæ судзгæ зæрдæйы, Хæххон дидинæгау, дæ сурæт фæхастон. Нанайы рæсугъд чызг, дæ алы фæзылд дæр Къахдзæфтæй куы барстон. Кæйдæр лæппумæ мын* ныр моймæ фæцыдтæ. Æмæ кæд дæ зарæг мæ уатæй нæ хъуысы, Уæддæр дæ, мæ бæлон, мæ хæххон æхсинæг, Æз араегх фæмысын. Сæрдыгон æхсæвтæ, цæй даргъ-иу ныйистут, Чызгайы фæзындмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ! Мæ сау дыууæ цæсты куыд нæ рахаудысты, Чызгайы куы хастой? Лæппу ацыд æмæ’ ма, фыдæнæнау, зарæджы фæстаг ныхæстæ азæлдысты: Мæ сау дыууæ цæсты куыд нæ рахаудысты, Чызгайы куы хастой?.. Æрхауд дидинæгджын æмбæрзæи, И р б е г разынд. И р б е г. Дзæгъæлы бафхæрдтай Алиханы, Дзирæт. Уый дæ чьшдзæхсæвмæ æрбацыд, фæлæ йын кæйдæр 309
фæндыры цины мыртæ йæ фæллад зæрдæ быдираг ихау фæхостой: Алиханы хъусты азæлынц æрдæбоны зарæ- джы фæстаг ныхæстæ, æмæ тындзы сæхимæ. Уым æм æнхъæлмæ кæсы, йæ иунæгæн чи фæбадт, уыцы мад. (Ирбег ацыд.) Сценæ байгом. Тамарæтæм... Хæрзæфснайд райдзаст уат. Мидæгæй ма зыны дуар. Стъолы уæлхъус бэды Т а м а р æ. Бæ- рæг кæны скъоладзауты тетрæдтæ. Рог гаруз йе уæхсчытыл конд, сæрбæттæн фæстæмæ абырыд æмæ зынынц йæ урс-урсид, фæлæ нырма бæзджын сæрыхъуынтæ. Радиойæ хъуысы Лекъты Тайму- разы «Хонгæ цагъд». Хуры рухс тынтæ рудзынгæй æрбакалды- сты. Райхъуыст телефоны дзæнгæрæг. Тамарæ баурæдта радио, бацыд телефонмæ. Т а м а р æ. Хъусын. А-а, Мисурæт?!. Кæй бон у, уый хорзæх дæ уæд. Цы, цы? Чындзыг Дзирæт? Æмæ мын раздæр куыд ницы загътай? Знон? Æнæнтыст!.. Бузныг. Мæнæ ма мын цалдæр тетрады аззад, æмæ сæ куыддæр фæуон, афтæ фæцæуын. Чи йæ ракуырдта? Цытæ дзу- рыс? Чызджы зæрдæ чи бамбардзæн!.. Хорз... Амонд- джын хъуыддаг фæуæд!.. (Хъусæн хæтæл æрæвæрдта.) Чындзы цæуы Дзирæт?! Æрбахызт Алихан. Иæ мады цурмæ бацыд, æркасти иу- къорд тетрадмæ, фæджих. А л и х а н. Гыцци, хуыцаубоны ма-иу уæддæр баулæф. Т а м а р æ. О, Гыццийы хур акæнай, мæн дæр бæр- гæ фæнды баулæфын, фæлæ мæм райсом уроктæ ис. А л и х а н. Гыццийы хур!.. Уыцы Гыццийы хурыл ныр цас цæуы, уый зоныс?.. Т а м а р æ. Цасфæнды йыл цæуæд, уæддæр нырма Гыццийы хур у мæнæн. Алихан. Дыууиссæдз азæй фылдæр. 310
Там^арæ. Ныртæккæ та мæм йæ мад дзырдта... Абон йæ чындзæхсæв у. Хуын хæссын мæ хъæуы. . Алихан. Хуын? Т а м а р æ. Уый æцæг чысыл саби куы дæ!.. Алихан. Кæдмæ мæ афтæ хондзынæ? Тамарæ. Цалынмæ, кæй рæвдауон, ахæм фæзына, уæдмæ. Алихан. Райдыдтай та... Т а м а р æ. Дæхи арæвдз кæн æмæ цом. Ал и х а н. Чи йæ ракуырдта?. Т а м а р æ. Иу æрыгон фыссæг... Дзирæт, дам, æнæ- хъæн къуыри кæугæ фæкодта. А л и ха н. Кæугæ?! Т а м а р æ. Чи ’рцæуа, уымæн хос нал ис. Æз мæхи арæвдз кæнон... ’ Фаллаг уатмæ бахызт, йæ фæдыл дуар бахгæдта. Алихан ру- дзынгмæ бацыд, кæсы. А л и х а ц. Цæмæй зоныс, Гыцци, дæ урссæр фыртæн йæ зæрдæйы хъæдгом кæй нал байгас уыдзæн! Цæмæй зоныс ды, кæд Дзирæт моймæ цæуы, уæддæр йæ зæр- дæ мемæ кæй баззайдзæн! Стъолы уæлхъусмæ бацыд. йæ дзыппæй систа писмо æмæ йæм кæсы. Дзирæты хъæлæс. Æз бирæ фæхъуыды кодтон: писмо дæм фыссон æви нæ? Цал æмæ цал хатты сис- тон ручкæ, фæлæ та-иу мæ къух гæххæттыл æвæрдæй баззад. Сæры алыхуызон хъуыдытæ тох кодтой. Цас- дæр афæлвæрдтон мæхицæй дæ сурæт асурыныл, уæд- дæр мæ цæстытыл уад æмæ фæстагмæ фæуæлахиз. Длихац. Дзирæт!., Мæ зæрдæйы бирæ азты фы- 9'1
нæй цы уарзондзинад уыд, уый мын райхъал кодтай. Æз та дын дæ хъæлдзæг худт сагъæсæй раивтон. Ныб- бар!.. Æз æрмæст дæу амондæн... Гыцци, ма-иу фæтæрс, дæ «гыццыл хуры» сæрыл та уæлдай халас куы фенай, уæд. (Зард). Фæрсыс мæ, Гыцци, цæмæн ныхъхъус дæн, гъей, Мæ сау сæрыхъуын цæмæй фæхалас, Цæмæн фæцыдис сæ хуыз мæ рустæн. Цы кæнон, зæрдæ нæ быхсы сау маст. Мæ развæндагыл цы стъалы сыгъди, Бæрзонд арвæй мæм цы стъалы хъазыд, Уый ацы уалдзæг æрбайсæфт, Гыцци. Мæ сæр куы сурс и, мæ сæр куы разылд. Уæдæй фæстæмæ цъæх арв — мæ хæтæн, Мæ сагъæс дзурын мæйрухс æхсæвтæн. Цы фæуон, Гыцци, кæнын дзæгъæлтæ, Мæ зæрдæ фæдих цыргъ карды цæфтæй... Зард фæцис. Алиханы сæнтты февзæрд Дзирæт æмæ йемæ ныхас кæны. Прожекторы рухсмæ зыны йæ цæсгом. А л и х а н. Хъуыды ма кæныс ацы зарæг? Д з и р æ т. Æз æм бирæ уарзтон хъусын. А л и х а н. Мæйрухс æхсæвты-иу Терчы был бадты- стæм. Д з и р æ т. Æмæ мын ды кодтай мæ уарзон зарæг. А л и х а н. Ды та-иу дæ сæр ме уæхскыл сæвæрд- тай æмæ рæвдаугæ кастæ мæймæ. Дæ цыллæ дзыккутæ- иу мæ риуыл æркалдысты. Дзирæт. Ды сæ-иу дæ къухтæм райстай æмæ сæ хæрдгæбыдау де ’нгуылдзтыд тыхтай. 312
А л и х а н. Мæй-иу луæрста йæ тынты халбыдæй дæ рæсугъд сурæт. Д з и р æ т. Æмæ йæ ды Терчы уылæнты уыдтай. А л и х а н. Мæнæн та-иу мæ ^ъæмисæнтæ урс-урсид дардтой. Д з и р æ т. Мæнмæ та аргъауы цокораджын лæп-_ пуйы хуызæн кастæ. А л и х а н. Æз-иу мæ карæй æфсæрмы кодтон. Д з и р æ т. Мæнæй та-иу ферох дæ кар. Афтæ мæм каст, цыма æмгæрттæ стæм. Алихан. Мæ рустыл рæстæг æмæ цард цы дзы- вырвæдтæ ныууагътой, уыдон-иу мæйы рухсмæ тынгдæр зындысты æмæ тарстæн. Д з и р æ т> Æз иухатт уыдоныл цæссыгтæ федтон. А л и х а н. Ныххатыр кæн... Æз сæ æмбæхсынмæ хъавыдтæн. Д з и р æ т. Фæлæ сæ æз кæрдæгхуыз къухмæрзæнæй ныссæрфтон. А л и х а н. Кæрдæгхуыз къухмæрзæнæй? Д з и р æ т. Уый уыдис фыццаг лæвар мæнæн. Алихан. Хæстæй сыздæхтæн уæд. Хъуыды ма кæ- ныс уыцы бонтæ? Дзирæт. Ныр дæр ма мæ цæстытыл уайынц. Алихан. Æрлæууын та ма сæ кæнæм уæдæ нæ зæрдыл ногæй. Д з и р æ т. Разы дæн. Дидинæгджын æмбæрзæн сценæйы æрхауд. И р б е г. Цæй-ма, уæдæ акæсæм сæ ивгъуыд бонтæм. Æрлæууын кæнæм нæ зæрдыл, куыд равзæрд сæ фыц- цаг уарзондзинад. Уый уыди афтæ. Фæталынг. Срухс. Хæдзар. Т а м а р æ бады стъолы уæлхъус æмæ цыдæртæ фыссы. Фæкомкоммæ йæ фырты писмомæ. Иæ куыст ж
. уыууагъта. Сыстад. Къулæй райста хуызиег æмæ ^йæм æд^ынæг кæсы. Алих’аны хъæл æс. «Гыцци, мæхн Гыцци, дæ фæллад салдат фæхæццæ Берлинмæ! Уæлахизы бон!.. -Ныронг дæм никуы ныффыстон мæ хабæрттæ, фæлæ мæ тых æмæ мæ хъару фæстæмæ ме ’уæнгты бацыдысты, мæ уæззау цæфтæ"байгас сты. Дæ зæрдæ мæм ма ’хсай- >æд. Тæхуды, тагъддæр дæ куы фенин! Цы хабæрттæ ис Ирыстоны? Дæ цард куыд у? Фæнды мæ дæ хъарм хъæбысы сабийау афынæй кæнын, фыццагау. Дæ фæл- мæн къухты рæвдыд мысынц мæ рустæ. О, фæлæ ныр мæ сæриучысыл фæхалас. Нæ командир мæ, хъазгæйæ, «заронд лæг» фæхоны. Тыхсгæ ма кæн, Гыцци, рæхджы нæхимæ уыдзынæн... О, хæдæгай, иу æхсæв дыл фæстох талынг акъоппы зарæг скодтон... Искуы дын æй азар- дзынæн... Цæй, хæрзбон уал». Т а м а р æ. Мæ хъæбул, мæ зараг лæппу, хæст куы фæцис, уæд цæй æрæгмæ цæуыс!.. Де ’мгæрттæ æгас хæдзар куы ссардтой!.. Мæ сæр, дам, фæхалас... Дзирæты хъæр (æдде). Тамарæ!.. Тамарæ!.. Тамарæ къам стъолыл тагъд-тагъд авæрдта æмæ дуармæ фæ- уайы. Дуар фегом æмæ Д з и р æ т æхсинæгау хæдзары къуымты ратæх-батæх кæны. Дзирæт. Тамарæ!.. Тамарæ!.. Дæ хæрзæггурæг- гаг мæн. Т а м а р æ. Цы хабар у, мæ къона? Д з и р æ т. Раздæр уал — хæрзæггурæггаг!.. Тамарæ. Цы зæгъай, уый — дæ фæхъхъау. Дзур- гæ, мæ зæрдæ ратоны. Д з и р æ т. Ма тæрс, дæ разы æрыгон дохтыр — Дзи- рæт. - ’ <« ш
Тамарæ. Цæй-ма, мауал мæ тухæнæй мар! Дзирæт патефонæй цæгъды «Ирон хонгæ кафт». Тамарæйы ра- хизын кодта. Тамарæ кафы, фæлæ чызг йæхн пал баурæдта. Дзирæт. Каф, каф дæ къах-къухтыл! Алихан ссыд! Т а м а р æ. Мæосъæбул ссыд, мæ хъæбул!.. Мад чызджы йæ хъæбысы ныккодта, стæй æддæмæ азгъорды. Дзирæт Тамарæйы кафт фæзмы, фæлæ пьтефоны цагъд фæурæдта æмæ хъуыдыты аныгъуылд. Дзирæт. Фæлæуу-ма, фæлæуу... Æмæ дзы ныр хæрзæггурæггаг та цы райсон? Иæ ныййарæгимæ æрбахызт А л н х а н капитаны дарæсы. Йæ риуыл — хæрзиуджытæ. Т а м а р æ. Мæ чысыл хъæбул!.. Алихан. Гыцци, цæй-ма, цы хуызæттæ дæ, куыд цæрыс? Т а м а р æ. Стæ-ма, æз дын дæ цæстытæм бакæсон. Мæ сæр, дам, фæхалас! Куы сурс дæ уый бынтондæр! А л и х а н. Уый ницы кæны, ГыцциТ Урс уæрыкк дæр у. Т а м а р æ. Мæ урс уæрыкк! (Сгары йæ фырты цæнг- тæ, æгас буар дæр.) у Алихан. Мæхи къæхтыл лæууын,' ма тæрс, уæдæ къухтæ дæр... Т а м а р æ. О мæ ахсджиаг!.. Алихан Дзирæтмæ фæкомкоммæ, бæрæг у, кæйдæр ын æваст йае зæрдыл кæй æрлæууын кодта. Длихан Гыцци, ацы дзæбæх вдзг та чи у?
Т а м а р æ. Базон-ма йæ! А л и х а н. Уæллæй, Гыццн, нæ зонын... Т а м а р æ. Уый Дзирæт у, Дзирæт, нæ сыхаг чызг. Хъуыды ма йæ кæныс? Гыццылæй дæуыл куыд ахуыр уыд? А л и х а н. Ау, Дзирæт ахæм чызг ссис?! Йæ хъæбысы йæ ныккодта. Чызджы фæсонты тæвд лæппуйы къухтæ асыгъта æмæ йæ суагъта, фæлæ байрæджы. Дзирæты цæсгом сырх-сырхид афæлдæхт, зына-нæзына бахудт. Т а м а р æ. Ацы аз мединститут каст фæцис. Алихан. Мединститут? Уæдæ уæд иумæ кусдзы- стæм. Æз — хирург, ды та — мæ хæдивæг... ; Тамарæ дæтты Дзирæтæн чиныг. Т а м а р æ. Хæрзæггурæггаджы лæвар... Д з ир æт. Бузныг! А л и х а н. Æмæ æфсæрмы та цæмæн кæныс? Т а м а р æ. Æмæ цæуылнæ хъуамæ кæна æфсæрмы? Ныр чындздзон чызг у! . Алихан. Абоны хуызæн мæ зæрдыл лæууы. Ныр ма йæм бакæс! Чындздзон чызг! Т а м а р æ. Абадут, мæ хуртæ, æз ныртæккæ исты ацæттæ кæнон. Тамарæ ацыд. Сбадтысты диваныл. Алихан. Гыцци дын иухатт гуыл куы скодта... Æз тагъд-тагъд кæцæйдæр æрбауадтæн æмæ дæ хæргæ æр- баййæфтон. Цалынмæ Гыцци мæнæн хæринаг лæвæрд- та, уæдмæ дын дæ гуылы æрдæг... Д з и р æ т. Ивгъуыд бонт^.., 316
А л и х а н. Ды куыдтай æмæ дын æз «Сидзæр сае- ныччы» аргъау ракодтон. Иæ армыл ын бандзæвыди, чызг, калмы цæфау, фестъæлфыд, фæлæ йæ къух нæ атыдта... Стæй . фестад, иу хатт ма фæкаст лæппумæ, æмæ алыгъд... Ирбеджы хъæлæс. Гъе, афтæ!.. Хохаг дурты ’хсæн хуры тынтæм хæххон суадон куы стона, уыйау райгуырд Алихан æмæ Дзирæты фыццаг уарзондзинад. Алихан. Цæмæн мæм афтæ æдзынæгæй каст? Та- няимæ кæрæдзи цæрмыстыгъд бакодтой. Дзирæт нырма сывæллон у мæ разы... Нæ, нæ, уымæн уæвæн нæй, Ме ’взонг, мæ хуыздæр азтæ арвыстон царды тымыгъты... Кæд фыццаг уарзондзинад хорз нæ бамбæрстон, кæд мæ хъæдгæмттæй æгæр бирæ туг фæцыд, уæддæр мæм афтæ кæсы, цыма абон ме ’вддæсæм уалдзæг ралæууыд. Таня... Дзирæт... О, о, куыд æнгæстæ стут!.. Фæталынг. Прожекторы тынтæ рацахстой Т а н я й ы цæсгом. У Дзирæты æнгæс, йæ уæлæ — æфсæддон дарæс. Хъуысы Таняйы хъæлæс. Таняйы хъæлæс. Æмбал капитан!.. Алихан!.. Нал мæ хъуыды кæныс? Уый æз дæн, Таня, дæ рбтæйы санинструктор. Дæ зæрдыл нал лæууы? Сталинграды цур куы фæмард дæн. Дæхæдæг мæ куы баныгæдтай. Ды дæ уарзондзинад æмбæхстай, мæнæн та йæ мæ бон бамбæхсын нæ бацис: дæ цæстытæм дын иу кастæн... Мæ ингæны раз æхсæв-бонмæ зыбыты иунæгæй фæлæу- уыдтæ. Урс дидинджытæ мын $рхастай>. Дæ цæссыгтæ дæр дын федтон. Нæ куыдтай, зæгъыс? Уæдæ уæд ди- динджытæ цæмæй суымæл сты? Æви сæууон æртæхы надтой сæхи мæрдвæлурсæй? Дидинæг нывæфтыд æмбæрзæн æрхауд сценæйы. 317
й р б е г. Фæхæссынц йæ хъуыдытæ Алиханы у&Ды тæссаг бонтæм. Цомут семæ мах дæр, Хæстоны зæрдæ- худт ма райсæм. Уый мах сæрвæлтау хаста йæ сæр. (Йæ цæстытыл та ауад ныв: цыма тохы сау мигътæ арв сæхгæдтой, йæ хъустыл уайынц сармадзанты богъ-богъ. хæдтæхджыты гуыв-гуыв, пулеметты æнæрынцой къæр- къæр. Цыма та бæстæ уæдау мæрдон фынæй бацис. Зы- нынц æм цонгсаст бæлæстæ, пырх фæндæгтæ.) Цæй, уыцы нывмæ бакæсæм мах дæр, тыфылтæ чи не ’рæй- йæфта уыдон. (Зæлынц æфсæддон зарæджы мыртæ.) Фæталынг. Авансценæйы. Ногæй та фæзынд Т а н я й ы цæс- гом. Таняйы хъæлæс. Ды уыцы зарæг никуы кодтай мæнæн? Ныббар мын, Алихан... Дæ мастыл та дын цæхх зæрдын. Рæхд’жы мæм, æвæццæгæн, уый бар над хаудзæн... Дæ зæрдæйы дын ахстон сбидзæн хæххон æхсинæг. Æрæмыс-иу ивгъуыд бонтæ. Хъуыды-ма кæ- ныс? Ды цыдтæ разведкæйы, чи зоны, фæстаг хатт... Сценæ байгом. Срухс. Мæй кæсы. Æрдузы кæрон бæласы бын—æфсæддон цатыр. Рахызтысты комиссар æмæ капитан А л и х а н. К о. м и с с а р. «Зæронд», æмбисонды мæйрухс æх- сæв... А л и х а н. Ахæм æхсæв-иу æз, æмбал комиссар, уарзтон хъæмпы цъынайы сæр хуыссын. ((Ныххудты- сты.) Комиссар. Цæй, хорз! Иу хатт ма дын фæдзæх- сын, капитан, тынг æхсызгон хъуыддагмæ цæуыс ацы æхсæв. Хуры скастмæ мах хъуамæ абырсæм размæ. Нæ дивизийы акомкоммæ цы немыцаг æфсæддон хæйттæ ис, уыдон бæлвырд базоныны тыххæй хъæуы «æвзаг». Алихан. Бамбæрстон, æмбал комиссар! 318-
1(омиссар. Дæ гæххæттытæ ЗёрЙ. А л их а н. Хъусын. Алихан йæ документтæ комиссармæ дæтты. Комиссар йæ са- хатмæ æркаст. К о м и с с а р. О, иучысыл-ма баулæфын дæ бон у. А л и х а н. Уый фæстæ баулæфдзынæн, æмбал ко- миссар. Комиссар Таняйы ауыдта, йæ мидбылты бахудт æмæ дæлгом- мæ ныхас кæны. Комиссар. Дæхи хъахъхъæн... фæндарасг-иу фæу. А л и х а н. Бузныг, æмбал комиссар. Комиссар ацыд. А л и х а н. Мæ гæххæттытæ комиссармæ. Мæнмæ ма баззад хæцæнгæрзтæ æмæ Таняйы къам... Цæмæндæр мæ йæ фенын тынг фæнды. Мæнæ та куыд лæмæгъ ра- зындтæн! Цæуын, æнæ «хæрзбон» зæгъгæйæ, кæннод та мæм йæ зæрдæ æхсайдзæн. Алихан фæцæйцыд, фæлæ Таня йæ размæ фæцис. Т а н я. Æмбал капитан!.. Алих’ан. Таня?! Т а н я. Куыд дурзæрдæ дæ, куыд никуы акæныс мæн демæ?! А л и х а н. Таня, цытæ дзурыс? Никуыдæм цæуын. , Таня. Сайыс. Хатыр... Бæлццонхуыз дæ. Разведкæ- йы та цæуыс? Алихан. Таня!.. Т а н я. Фæндараст... Алихан. Гъе, уый æндæр хъуыддаг у! Цæй, хорз уал байрай! ■ Алихан ацыд. Таня йæ фæстæ кæсгæйæ баззад. 319
Таня. Фæндараст... Алихан!.. Бæласы æнцой слæууыд. Чысыл фæстæдæр райхъуыст зарын: Уæ, мæ хур, чи уарзы иудадзыг, Уый у тæхудиаг, амондджын, Де ’сдзырд, дæ бахудт, дæ фидауцæй Абон фæдæн æз уæззау рынчын. Нал ис мæнæй хъалдæр арвы бын, Зарын дыл æмæ дыл зардзынæн. Цæй-ма, кæд уыдзæнис, йарæбын, Афон у исты дзуапп раттынæн. Усгур лæппутæн цæй адджын дæ!— Уыдон дæм къахихсыд баисты. Фæлæ дæ буц хорз ныййарджыты Никæмæн ратдзынæн кайыстæн. Фæталынг. Хъæды къох. Алихан æмæ йе ’мбал салдаты немыц [шппайдтой æмæ сыл æрхъула сты. Тох цæуы цардæй мæлæты æхсæн. А л и х а н. Цъаммартæ, нæ алыварс æртыхстысты! Салдат. Æмбал капитан, цом, иу фæлвæрд-ма скæнæм, кæд аирвæзиккам. А л и х а н. Дыууæйæ нæ аирвæздзыстæм, фæлтау ды быргæ, æз сæ бауромдзынæн. Салдат. Уый та куыд, æмбал капитан?! Æз дæу ам иунæгæй нæ ныууадздзынæн, цæф дæ!.. А л и х а н. Æххæст кæн бардзырд! Ацы картæ ко- миссармæ ратдзынæ. Курын дæ, фæстиат нал!.. С а л д а т. Хъусын, æмбал капитац! Салдат ацыд. Капитан æнауæрдон тох кæны. Фæталынг. Но- гæй та æрдузы кæрон бæласы бын — æфсæддон халагъуд. Йæ разы 320
кæрдæгæй конд хуыссæныл — А л и х а п, йæ ных бннтæй баст. Йæ уæлхъус — комиссар. Фæдисхуызæй фæзынд Т а н я. Т а н я. Алихан!.. Комиссар. Фæллад у, тынг фæллад. Тыххæй ма йæ байстам знаджы дзæмбытæй. Бауадз æй иучысыл. Куы райхъал уа, уæд мæм-иу фæдзур. Т а н я. Хъусын, æмбал комиссар! Æдде хъуысы сармадзанты нæрын, хæдтæхджыты гуыв-гуыв, бомбæты гыбар-гыбур. Уæлдæфон фæдисмæ сиды уадындз. Таня рæвдз азгъордта. Бæстæ сæнкъуыст. Алихан архайы сыстыныл, фæлæ йæ бон нæ бацис. Уæлдæфоп хæст фæсабыр. Æрбацыд ко- миссар, йæ хъæбысы — мардæй Таня. А л и ха н. Таня!.. Фæталынг. Фæзынд та прожекторты рухсмæ Таняйы цæсгом. Таняйы хъæлæс: «Фæстаг хатт»!.. Æз дын фер- вæзын æнхъæл нал уыдтæн. Дæ цæфтæ дын æрмæст иунæг баст бакодтон. Дарддæр мæ къухы нал бафтыд... Знаджы нæмыг мын ахуыссын кодта мæ цард. Æмби- сыл аскъуыд ме ’стыр уарзты рæсугъд зарæг. Ды та абон æгас хæдзар ссардтай. Цин дыл кæны дæ ныййа- рæг, рæвдауы дæ, фæлæ, цымæ, мæ мад та цы ми кæ- ны? Зон, уый йæ иунæг чызджы^арды тыххæй йæ сау- тæ нал раласдзæн. / ^ Дидинæгджын æмбæрзæн. Авансценæйы прожекторы рухсмæ. Алихан. Таня... Мæхи къухтæй дæ куы баныгæд- тон!.. Баныгæдтон? Нæ, нæ! Цытæ дзурын! Таня, ды мард нæ дæ! Чысыл раздæр мæ цурæй алыгъдтæ. Дæ лæвар къухмæрзæн фæстæмæ ахастай? Нæ, уый Дзи- рæт уыдис. Æви мæм æвзонджы хуызы фæзындтæ? Мæ мадмæ хæрзæггурæггаг дæхæдæг фæдæ? Нæ, уый Дзи- 21 Пьесæтæ ?9/
рæт уыдис. Уæвгæ ды дæр ныр афтæ æрыгонæй баззай- дзынæ. Æнахъомæй чи амæлы, уыдон зæронд нæ *фæ- кæнынц. Авансценæйы иннæ кæрон прожекторы рухсмæ зыны И р б е г Ирбег. Æгъгъæд, сахъ хæстон! Скæн дæ фæллад хъуыдытæн кæрон... .Ивгъуыд бонтæн раздахæн нал ис. Акæс-ма, куыд рæсугъд у дуне... Дæ зæрдыл ма лæууы, иухатт Дзирæтимæ уыгæрдæны сабитау куыд хъазы- дыстут? Сценæ байгом. Хъуысы ирон музыкæ. Сæрдыгон зад дидинæг- джын уыгæрдæны фæзындысты А л п х а н æмæ Д з и р æ т. Сæ къухты — дидинджытæ. Рæсугъд бæрз бæласы бынмæ зæрватык- кау æрбатахт Дзирæт, йæ рог къабайы кæрæттæ йын дымгæ фæйлауы. Бæласыл ныттыхст, цин кæны. йæ уæлхъус æрбалæууыд Алихан. Ницы дзурынц, фæлæ сæ цин, сæ цæстæнгасæй бæрæг у, амондджын кæй сты. Арф комæй хъуысы хæххон знæт доны зарæг. А л и х а н. Дæ бонтæ хорз, мæ фыдæлты зæхх! Куыд адджын у дæ иу фенд дæр! Ды фæллад бæлццæтты ба- рæвдауыс, ныййарæг мадау, сæ зæрдæйы хъæдгæмттæ сын бадзæбæх кæныс дæ комы улæфтæй. О айнæг хæх- тæ, радзурут-ма, фыдæй-фыртмæ цы федтат? О хæххон дæттæ, радзурут-ма, цæуыл у уе ’нусон зарæг? Цæуыл- нæ зæгъут исты, айнæг-къæдзæхтæ? Равдисут-ма нæ фыдæлты зæппæдзты сусæгдзинæдтæ, сæ маст æмæ сæ цин. Цæуыл цагъта гуырвидауц чызг, цæуыл куыдтой йæ фæндыры тæнтæ? (Рындзæй цæргæсау фæлгæсы.) И р б е г. Нæ фыдæлты зæппæдзтæ, уæ фарн ын ных- хатыр • кæнæд, кæд йæ сонт митæм уæ худтæ дæлдæр æркодтат, мыййаг... Уый уæ фæллад дард бæлццон у. Федта хæсты зындзинæдтæ, царды дæрзæг фæндæгтæ, хъахъхъæдта уæ знаджы чъизи къухтæй... Нæ йæ рав- дæлди рæсугъд чызджы уарзондзинадмæ... Фæлæ та 322
йæм раздæхтысты йæ рагбонтæ, уалдзæг æм йæ мид- былты худы. Йæ ныхæсты рæстдзинад, йæ цин ын йæ уарзоны сау цæстыты фендзыстут. Дзирæт (æдде). Алихан, ардæм рацу, дидинджы- тæ æртонæм! А л и х а н. Фæцæуын! (Азгъордта.) И р б е г. Уæлмигъты амонды сидтмæ бумбулиау фæ- тæхы Алихан. Тæхы, фæлæ йæ сæрыл тох кæнынц Зонд æмæ Уарзондзинад... Чи сæ фæуæлахиз уыдзæн, цу æмæ йæ ды равзар!.. Куы уаид адæймаджы хъуыдытæ фенæн, куы уаид зæрдæмæ ныккæсæн, уæд мах феник- кам мæнæ ахæм ныв. Сыхъуыст «Фæндарасты цагъд». Фæзуаты цъæх кæрдæгыл фæ- зынд Уарзондзинад рæсугъд чызджы хуызы. Доны чыз- д ж ы т и м æ йыл кафт бацайдагъ. И р б е г. Кæсут, уый та уын Уарзондзинад йæхæдæг! Чызджы хуызы нæм фæзыны... Кафы... Уый уарзы æмæ йæ ницæуыл хъуыды кæнын фæнды ныртæккæ... О, фæ- лæ алцæмæн дæр ис æгъдауæвæрæг. Царды æмдых кæй хонынц уыцы Уарондзинадыл дæр ис рохтæ — Зонд. Иæ размæ ’рбацæуы уый ныр урсзачъе зæронд лæджы хуызы. Æрбахызт 3 о н д. Цагъд æрдæгыл аскъуыд, фæпырх сты доны чызджытæ. Уарзондзинад, ахст цъиуау, иунæгæй аззад. Зонд. Циу ай, Уарзондзинад, цæмæн рæдийын кæ- ныс дыууæ уды? Уарзондзинад. Мæн аххос нæу, Зонд. Зын фæндæгтыл рацыд Алихан. Æз ын йе ’взонджы бонты цы уарзондзинад балæвар кодтон, уый хæст ахаста æмæ та йæм ныр фæстæмæ æрыздæхТ. 3 онд. Йæ кары уарзт ын радт. 323
Уарзондзинад. Уый мæцæй аразгæ~нæу. Зонд. О мæ хур, Уарзондзинад, цард æнæ дæу æн- къард, æвидауц уаид, фæлæ дыууæ уды дæ уацары куы бахауынц, уæддæр æдзух сæ амонд дæргъвæтин нæ вæййы. Уарзондзинад. Æмæ уый мæн аххос у? 3 о н д. О, дæу аххос, уымæн æмæ дыууæ адæйма- джы ды баиу кæныс, йæ удыхъæд дзы кæмæн цавæр у, уый нæ раиртасыс, афтæмæй. Уарзондзинад. Дæ бонæй уай, Зонд! Æз, дым- гæ мæнæуы хуым фæйлаугæ куы ацæуы, уыйау алкæ- мæн дæр йæ риуы бацæуын, стæй уæд уыдон сæхæдæг кæрæдзийы фæагурынц. Уæдæ куыд? Зонд. Куыд? Мæнмæ-иу сæ æрбарвит зондагур. Уарзондзинад. Бахатыр кæн, хистæр дæ, Зонд, фæлæ уыцы хæс æз мæхимæ нæ исын. Æз кæй зæрдæ- йы ссудзон, уымæн дæ бон ницыуал суыдзæн. 3 о н д. Раст нæ дæ. Уарзондзинад. Ам ды мæнæй æдыхдæр дæ. Зонд. Уый раст у, уарзондзинады зæд ды дæ, фæ- лæ ма мын зæгъ, цы хорздзинад ма у дæ бон адæмæн фæуын? Уарзондзинад. Цы хорздзинад? Ау æмæ уый нæ зоныс? Ныббар мын, хистæрмæ афтæ къæйных дзу- рын хорз нæу, фæлæ æндæр гæнæн нал ис. 3 он д. Дзур! Уарзондзинад. Зæгъ-ма, ды нæ уарзыс? 3 о н д. Мисхалы бæрц дæр нæ! Уарзондзинад. Дзæгъæлы хъуыды кæныс аф- тæ. Уæдæ цæмæн тыхсыс ацы дыууæ уды хъысмæтыл? 3 о н д. Æмæ, дæумæ гæсгæ, æнæ уарзгæйæ адæйма- джы хъысмæтыл тыхсæн нæй? Уарзондзинад. Нæй. Ахъуыды-ма кæн дæхæ- дæг... 324
3 о н д. Раст нæ зæгъыс, Уарзондзинад. Суанг ма мæнæн дæр дæхи зондамонæг скодтай. Уарзондзинад. Ныббар мын, кæд дæ истæмæй бафхæрдтон, уæд,.. Дардæй цæуы Алихан æмæ Дзирæты худын. Уарзондзинад. Фæлæ-ма хъус дыууæ уарзæ- гоймæ, куыд ныррухс сæ уындæй дуне, дидинджытæ сæм мидбылты куыд худынц. 3 о н д. О, тæрсын, уыцы диссаджы уарзондзинад цы зæрдæты фыцы, уыдоны хæрамдзинад фæстæдæр цъæх арт куы уадза. Уарзондзинад. Уымæн дæр ис хос. Мах æм- вæнд куы уæм, уæд сæ цард никуы фехæлдзæн. Зонд. Æз æнæсæрфад хъуыддаджы демæ цæдисон нæ дæн. Уарзондзинад. Куыд æгъатыр дæ, цæмæн ка- лыс уарзондзинады артыл ихджын дон?! Зонд. Мæнæн мæ хæс у уарзт æмæ сæнттæн сæ рохтыл хæцын. Адæймаг зæххыл æппæты барджындæр мæ фæрцы у. Уарзондзинад. Уый раст у, фæлæ йын йæ мид- дунемæ искуы ныккастæ, йæ рæсугъд æнкъарæнты змæлдæн ын исты зоныс? 3 о н д. Уый мæ хъуыддаг нæу. Цæй, хæрзбон, æрбацæуынц дæ уарзæттæ. Нæ мæ фæнды сæ фе- нын. Уарзондзинад. Æз дæр цæуын. Нæ мæ фæнды сæ хъыгдарын. Зонд. Фæндараст! Æрмæст дæ зæрд’ыл дар: мах нырма атох кæндзыстæм!.. л Зонд æмæ Уарзондзинад фæйнæрдæм ацыдысты. 325
Худгæ æрбазгъордтой А л и х а н æмæ Д з и р æ т. Сæ къухты — алыхуызон дидинджытæ. (Зард): Цымæ уæ дуæртты чи ’руайы Изæрдалынгты тагъдгомау, Æмæ дæ уаты рудзынгæй Кæмæ ракæсыс аивæй? Цымæ «тæхуды... тæхуды», Зæгъгæ, цæй охыл акæныс? Цымæ нæ тымбыл хъазты та Кæй ном фæмысыс фæндырæй? Цымæ уый афтæ амондджын Йæ цæргæ бонты чи уыдзæн? Уæд та зæрдæйæ зæрдæмæ Ныккæсæн. к’уаид, æй-джиди! Дзирæт. Мæрдты исты куы уаид, уæд уыдон ра- цæуиккой æмæ ацы зарæгмæ хъусиккой. Кæс-ма, æз дын ныртæккæ дæ уыцы рæсугъд зарæджы тыххæй диссаджы дидинæг æрбахæсдзынæн. Æрдæбон æй æр- тонынмæ хъавыдтæн, фæлæ йæм куы бавнæлдтон, уæд цыма йæ цæссыгтæ æркалдта. Ныр æй æртондзынæн. (Дзирæт азгъордта.) А л и х а н. Нæ хъæуы... «Фæлæ йæм куы бавнæлд- тон, уæд цыма йæ цæссыгтæ æркалдта». Æз дæр уы- мæй тæрсын... Зонды хъæлæс. Раст зæгъыс, мæ уд—дæ фæхъ- хъау. Алихан. Фæлæ æнæ дæу цы уыдзæн мæ цард?! Уарзондзинады хъæлæс. Ууыл дæ ахъуыды кæнын хъæуы!.. Алихан дидинæджы бастæй иу дпдинæг раласта æмæ йемæ ны- хас кæны. 326
А л и х а н. Зæгъ-ма мын ды, æвзонгдзинады минæ- • вар, Дзцрæт мемæ амондджын уыдзæн? Зонды хъæлæс. Никæд! Уарзондзинады хъæлæс. Мыггагмæ амонд- джын! А л и х а н. Æви дæуау, тынд дидинæгау, баруайдзæн? Зонды хъæлæс. Æнæмæнг афтæ уыдзæн. Уарзондзинады хъæлæс. Æгонгæй. Баууæнд дæ уарзтыл. Алихан. О, мæ Зонд æмæ мæ Уарзт, цæмæн ныс- суйтæ стут; иу уæ иннæйы ныхас цæуылнæуал æмбары? Цы кæнон уæдæ ныр? Дзирæт... Дзирæт... Дидинæг куы ’ртонон æмæ куы бахус уа, уæд зад уыгæрдæны ног æртондзынæн. Фæлæ, Дзирæт, дæуимæ мæ хъысмæт куы бабæттон, æмæ дын дæ судзгæ уарзтæн дзуапп рат- тын мæ бон куынæ бауа, куы баруайай, уæд ма дæ кæм агурдзынæн? (Зард): Тæрсын æз, мæ ныхы æнцъылдты Куы фæкæлай, чызгай, мыййаг. Дæу аккаг куынæ суой мæ дзырдтæ, Мæ зæрдæ куы нæ суа дæ фаг... Зонды хъæлæс. Æнхъæлдæн, уæлахиз кæнын. Уарзондзинады хъæлæс. Фендзыстæм. Дæхи загъдау: «Мах нырма атох кæндзыстæм». Дзирæт (æрбазгъордта). Диссаг! Алихан, куы йæ æртыдтон, уæд мыл мыдыбындз йæхи ныццавта, æмæ мæм цæмæндæр кæуын æрцыд. А л и х а н. Мыдыбындзæн дидинæг йæ дарæг у, æмæ йæ хъахъхъæнгæ кæны. Д з и р æ т. Зæгъ-ма, Алихан, дидинджытæ иууыл- дæр иухуызон цæуылнæ сты? Алихйн. Диссаджы фарст! Д з и р æ т. Уæдæ-ма сæм лыстæг æркæс! 327
Алихан. Æмбарын дæ, Дзирæт, æмбарын. Фæлæ- ма мын ды зæгъ: искуы дыууæ иухуызон адæймаджы федтай? Д з и р æ т. Никуы. А л и х а н. Уæдæ æз федтон дыууæ иухуызон адæй- маджы... дидинæджы. Дзирæт. Алихан, ды искуы искæйы уарзтай? А л и х а н. Æмæ ды искуы дыууæ иухуызон дидинæ- джы федтай? Д з и р æт. Никуы! Алихан. Уæдæ æз федтон... Дзирæт, куыд æнхъæл дæ: мад æмæ фыд сæ сывæллæттæй исты фæсусæг кæ- нынц? Д з и р æ т. Цы зæгъынмæ хъавыс уымæй? А л и х а н. Ницы. Афтæ æнæуи бафарстон. Дзирæт. Алихан, цæмæн мын риссын кæныс мæ зæрдæ? А л и х а н. Хатыр дæ курын. Мæ мидхъуыдыты ацыд- тæн æмæ мæ ферох, дæ мад мард у?.Дзирæт, дæ фыды искуы федтай? Мард у? Дзирæт. Мæнæн фыд нæй. Хæрз чысыл ма куы уыдтæн, уæд мæ мад уæззау рынчын фæци. Мæ фыд уый федта æмæ фæлыгъд. Фæйæсæг æм нæ уыд. Амард мæ мад. Уæдæй фæстæмæ мæ фыды дæр мардыл баны- мадтон. Цасдæр рæстæг ницы дзурынц. Хъуысы 3 о н д æмæ Уа’рзон- д з и н а д ы ныхас. Зонды хъæлæс. Гъе, кæсыс, Уарзондзинад, цы стыр тæригъæд сарæзтай, уымæ! Æнæ де ’ххуыс нæ ба- иу уыдаиккой. Уарзондзинады хъæлæс. Дæу аххос у!.. Цæ- уылнæ йыл фæтых дæ? Уый никуы ныууагътаид йæ зы- наргъ æмбалы. 328
Дзирæт. Æрæджы фæзынд. Кæрты дуарæй æрба- хызт æмæ хатыр куырдта мæ фыд... Фæталынг. Кæрты астæу сæргуыбырæй лæууы йæ ф ы д. Дзи- рæт æм комкоммæ сæрбæрзондæй кæсы. Ф ы д. Мæ зынаргъ чызг, уый æз дæн, нал мæ ба- зыдтай? Дзирæт. Мæ мад мын афтæ загъта, фыд, дам, дын нал ис. Ф ыд. Цы? Дзирæт. Афтæ мын загъта, раджы, дам, амард. Ф ы д. Уый гæды ныхас у, æз æгас дæн; мæнæ дæ разы лæууын. Дзирæт. Мæ разы лæууыс! Мæ рынчын мады та удисгæ ныууагътай. Ф ы д. Фæрæдыдтæн, ныххатыр мын кæн, цом мемæ, æз дын мæ цард нывондæн æрхæсдзынæн. Д з и р æт. Фæндараст!.. Фæталынг. Ногæй та уыгæрдæны фæзуат. Дзирæт æмæ Алихан, æнæ дЗургæйæ, бадынц. А л и х а н. Раст бакодтай, Дзирæт, . фæлæ уыцы маст æгæр дæ зæрдæмæ ма ис. Бакæс-ма, дæ хуыз куыд фæцыд! Дзирæт. Зын мын у йе ’рымысын дæр. Алихан (йæ сагъæстæ йын суры). Дзирæт, арды- гæй мæ фыдæлтæ куы нæ алыгъдаиккой, уæд никуы фембæлдаиккам. Кæрæдзийы къухтыл ныххæцыдысты æмæ дардмæ кæсынц, фæ- лæ сæ цæстæнгасы цин æви сагъæс ис, уый бæрæг нæу. Æрвнæрæ- гау хъуысы «Сициляйы цагъд», цыма фæндыр йæхæдæг уарзæтты амондыл йæ диссаджы мыртæй æрцагъта. Æмбæрзæн 329
ДЫККАГ АРХАЙД Ногæй та «Чызгайы куы хастой»-йы мелоди. Дидинæг-нывæф- тыд æмбæрзæн. Ирбег (рахызт). Цæуы рæстæг. Ие ’мдзу .кæны цард дæр, сæ балцæн нæй кæрон. Заманы цалх æнæ- рынцойæ тулы, тулы æмæ йын бауромæн нæй. Куы мид- былты бахуды адæймагмæ, куы та йын уæззау уаргъæй йе ’ккойыл æрæнцайы. Сценæ байгом. Терчы был. Æнусон бæлæстæ арвыл æмбæлынц. Æрæгвæззæг. Бандоныл, йæ дыууæ къухы йае сæрмæ сарæзта, аф- тæмæй бады А л и х а н. У сагъæсхуыз. Зарынц фидауджытæ. Фæ- сивæд кафынц, фæлæ уыдон нæ хъуысынц Алиханмæ. Ирбег. Уадз, зарæнт фидауджытæ, кафæнт фæси- вæд, уадз, уым уаты чындздзон чызджы лæуд кæна Дзирæт. Алихан мысы, куыд бадт кæддæр йæ уарзо- нимæ ам... Ма ма йын аскъуынæм йæ хъуыдыты хал, чи зоны, сæ фæстаг фембæлды... Уый уыд афтæ. Доны уылæнтæ, цыма Алиханы аныхъуырынмæ хъавынц, уы- йау сæхи фехсынц дурджын былгæронмæ æмæ фæркгай фæйнæр- дæм фæтæхынц. Алихан сæм кæсгæйæ баззад. Фæзынд Дзирæт. Дзирæты хъæлæс. Мæ къæхтæ та мæ ардæм æрбахастой. Ам-иу фембæлдыстæм, нымадтам стъалы- 330
ты хуртуан, ацы ран-иу мын кодта йе ’стыр уарзондзи- нады зарджытæ. Цæуыл у йæ сагъæс? Æргом мын куы ницы дзуры. Кæд, мыййаг, æндæр искæйы уарзы, ау, уæд мын æй цæуылнæ зæгъы? Æви тæппуд разынд? Нæ! Уылæнтæ, уылæнтæ, уæд та мын сымах зæгъут: кæм ис Алихан? Ауыдта лæппуйы. Фескъуыдта йæ хъуыдыты халбыд æмæ йæм фæцæуы. Дардæй зыны А л и х а н ы цæсгом. А л и х а н ы х ъ у ы д ы т æ. Цы ’рцыдис? Мæ зæрдæ мæ ардæм тыххæй тæрæгау цæмæн тæры? Æви мæ зонд мæ уарзтыл уæлахиз кæны? Зонды хъæлæс. Хъусыс, Уарзондзинад, мæ бар- тæ сæ тыхы бацыдысты! Ха-ха-ха!.. Уарзондзинад. Æгæр раджы цин кæныс, мæ фыды хай. Алиханы хъуыдытæ. Уарзондзинад!.. Цæуыл- нæ дыл сæмбæлдтæн раздæр? Цæй æрæгмæ мæм фæ- зындтæ? Ныр тымыгъ сыстад мæ зæрдæйы. Мæ рус- тыл цалдæр æнцъылды фæзынд. Кæддæры сонт мид- былхудты бæсты былтæ — æнгом æвæрд. Мæ цæстыты зынг фыццагау нал æрттивы. Мæ сæр халас адардта. Зонды хъæлæс. Йæхиуыл æрхудти. Уарзондзинады хъæлæс. Багъæц, æрбацæ- уы Дзирæт! Алихан цады уыны йæ хуыз. Фæстæты арæхстгай æрбацыд Д з и р æ т, йæ хæдфарсмæ æрлæууыд, цады дидинæг ныппæрста æмæ æрбайхæлд Алиханы сурæт. Лæппу фæстæмæ фæкаст: ауыдта Дзирæты. Бацыдысты бандонмæ, кæрæдзийы къухтыл хæцпг æмæ сбадтысты. Ннцы дзурынц. Уарзондзинады хъæлæс. Федтай? А л и х а й. Мæ хъуыдыты адзæгъæл дæн. 331
Дзирæт. Ды кастæ цадмæ, дæхи дзы уыдтай æмæ сагъæстæ кодтай. А л и х а н. Æз кастæн цадмæ. Уыдтон дзы дæу æмæ демæ ныхæстæ кодтон. Дзирæт. Цад! Алихан, кæс-ма, куыд рæсугъд у! Алихан. Доны айдæн рæстдзинадыл дзуры. Дзирæт. Æнкъард адæймагæн та йæ сагъæстæ суры. А л и х а н. Кæмæн та йæ сагъæстыл сагъæстæ æф- тауы. Дзирæт. Цæмæн афтæ хæстæг исыс æппæт дæр дæ зæрдæмæ? Алихан. Бæргæ, лæгæн-ну йæ хуыз йæ зæрдæйау рæсугъд куы.уаид. Дзирæт. Уæд зæххыл дæуæй æвзонгдæр нæ уаид. А л и х а н. Цæуылнæ аивгъуыдта ме ’стыр уарзт мæ рагбонтимæ?! Дзирæт. Уарзондзинад зæронд нæ кæны. А л и х а н. Æрдз рæдыд æруагъта. Дзирæт. Искуы адæм æрымысдзысты мыггагмæ æрыгонæй цæрыны хос. Алихан. О, фæлæ нырма нæ зæрдæты фæндон нæ коммæ нæ кæсы. Дзирæт. Зæрдæйы фæндон рæсугъд куы уа, уæд æй хъыгдарын нæ хъæуы. А л и х а н. Æмæ дæ сæрсæфæнмæ бакæна. Дзирæт. Алихан, зæгъ-ма æргом, цæуыл у дæ са-{ гъæс? Комкоммæ ма мын мæ цæстытæм æрбакæс. А л и х а н. Кæсын. Д з и р æ т. Цы уыныс? Алихан. Æрдз йæ быны рæсугъддæр æмæ бæл- лиццагдæр цы рафæлдыста, уый. Дзирæт. Æз дæр дæ цæстыты раст уый уынын. Фæлæ ма сæ тас дæр хатын. 332
А л й х а н. Бæрæг нæй, сиДзаер С&ныккау, Дæ йуйШ- гæй куы ныууадзон... Д з и р æ т. Нæ, нæ... афтæ ма дзур! Алихан. Цард мæ сахуыр кодта рæстдзийадмæ комкоммæ кæсын. Д з и р æ т. Æз та æрмæст дæумæ кæсын комкоммæ. А л и х а н. Уый нæ дыууæйæн дæр амонды хос нæу. Д з и р æ т. Ме ’ргом ныхас дæ зæрдæмæ нæ цæуы? Алихан. Цæуы, æмæ йын дзуапп дæттын! Уæртæ Гыцци æрбацæуы! Ныртæккæ йын æргом радзурдзы- стæм... Дзирæт. Нæ, нæ! Курын дæ, Алихан. Бамбæхсæм нæ уарзондзинад. Алихан. Хъазыбеджы хохæн бамбæхсæн нæй. Дзирæт. Уадз æмæ йæм уæдæ .дуне кæса! (Алыгъд.) А л и х а н. Фефсæрмы та Гыццийæ. Лæппу-йæ хъуыдыты ацыд. Тамарæ фæзынд æмæ йæ хæд- фæстæ æрлæууыд, бирæ йæм æдзынæг фæкаст. Мад æмбары хъæ- булы сагъæстæ. Хъуысынц 3 о н д æмæ Уарзондзинады хъæлæстæ. Зонды хъæлæс. Ныййарæг, мæ ныхас дæуимæ у. Ма бауадз дæ хъæбулы рæдийын. Уарзондзинады хъæлæс. Ныййарæг, ма йын фехал йæ зæрдæйы рæсугъд уарзондзинады ахстон. Мады хъуыдытæ. О мæ чысыл хур. Нæ мæ фæндыд дæ рæсугъд зарæг аскъуынын, фæлæ цымæ амондджын уыДзыстут? Цы бакæнон? Æз цин кæнын, мæ хъæбулы рызт зæрдæйы æвзонгдзинады арт кæй су- дзы, ууыл... Фæлæ уый хъуамæ ахуысса. Зонды хъæлæс. Ха-ха-ха!.. (Худтæн хъуысы йæ азæлд дæр.) 333
Райх-Ьуыстис УарзондЗйнады кæуын. Тамарæ æрбадт АлйханЫ фарсмæ. Ал их а н. Гыцци?! Т а м а р æ. Цы кæныс, Гыццийы хур, цы? А л и х а н. Гыцци, гаги мæ кæй хоныс, уый раст у. Ныртæккæ сабийау æдых дæн. Т а м а р æ. Цы кæныс, мæ хъæбул? Алихан. Мæхи та дыл фæдзæхсын. Мæ сусæг са- гъæстæ дæуæй мæ бон æмбæхсын нал у. Т а м а р æ. Ардыгæй куыд алыгъд, уый фед- тон... А л и х а н. Барæвдау та мæ фыццагау. Т а м а р æ. Æмæ хорз ахъуыды кодтат, мæ хъæ- бултæ? Алиха н. Æз о, уый — нæ. Т а м а р æ. Сагъæсты мæ бафтыдтай, мæ хъæбул. (Сыстади, цæуынмæ хъавы.) А л и х а н. Гыцци, кæдæм? Т а м а р æ. Мæн фæнды, цæмæй иунæгæй бæстондæр ахъуыды кæнай. Алихан. Нæ!.. Фæлæуу!.. Мæ бон нæу иунæгæй уыцы хъуыддаг алыг кæнын. Т а м а р æ. Мады зæрдæ зонаг ^у. Дæ цæстæнгасыл дын уынын дæ хъуыды. Дæ ныхыл сагъæсы æнцъылдтæ фæзынд... Чи зоны, уыдон раст тæрхон рахæссой. Сы- вæллон нал дæ, æркæс дæхæдæг. Амондджын уыдзыс- тут? (Тагъд-тагъд аивгъуыдта.) А л и х а н (зард): О уарзон ныййарæг! О ме ’схæссæг мад! Кæд арæх æнæ мæн Фæкæныс æнкъард! 334
Куы ’рбайхъуысы уынгæй Къæхты хъæр, ныхас. «Æрхæццæ мæ хъæбул»,— Фæзæгъыс æваст. Кæд фæндагмæ арæх Фæцæуыс уынæг, «Кæд искæцæй уаид Мæ хъæбул зынæг»,— Фæзæгъыс, фæлæ та Æнкъардæй хъæмæ Æрцæуыс, дæ зæрдæ Æхсайы мæнмæ. О, ма тыхс, ныййарæг! О, ма кæн æнкъард! Æнæ дæу мæнæн дæр Нæу аджын мæ цард, Дæ сахъгуырд дæр, ма тæрс, Нæ фесæфт кæмдæр, Зындзынæн та иу бон Нæхимæ æз дæр. Зындзынæн та ногæй Æмæ та, мæ мад, Æрвитдзыстæм хъæлдзæг Мах иумæ нæ цард. А л и х а н. «Амондджын уыдзыстут?» Нæ зонын, Гыцци! Зонды хъæлæс. Нæ зоныс? Уæдæ йæ æз зонын: нæ уыдзыстут! 335
Уарзондзинады хъæлæс. Нæ, нæ, æгæр карз дæ ды, Зонд. Алихан. Гыцци, нæ дæ бафæндыд дæ хъæбулы рыстзæрдæ дæрзæг ныхæстæй бафхæрын. Фæлæ йæ æз зонын, Гыцци, зонын! Уарзондзинады хивæнд, митæ...- Æнæбадт æвсургъау мæ рындзмæ куы фæхæссынц. Ба- уромут сæ, зонды рохтæ! (Иучысыл сагъдауæй аззад, йæ сагъæстæ зарæджы зæлынц): Бахсæви, бæстæ ныссабыр, Иу сыбыртт нал ахсы хъус. Арвæй цæлхыдзаг мæй дардыл Тауы йæ сызгъæрин рухс. Терчы был иунæгæй бадын. Худыс мæм доны бынæй, Рауай-ма, рауай, мæ цурмæ, Науæд мын удæнцой нæй. Уарзын фылдæр дæу мæ удæй, Зæрдæ дæу домы æрмæст. Цардау дæ мидбылты худтæй, Де ’нгæсæй не ’фсæды цæст. Бахсæви. Бæстæ ныссабыр, Иу сыбыртт нал ахсы хъус. Арвæй цæлхыдзаг мæй дардыл Тауы йæ сызгъæрин рухс. Алихан. «Терчы был иунæгæй бадын...» Ам иу арæх бадтыстæм. Иу хатт та ацы ран фæрсæй-фæрстæм бадтыстæм. Дзирæты хъæлæс. Æрмæст мацы дзурæм. Хъусæм Терчы аргъæуттæм, хæрисы сыр-сырмæ, цъиу- ты зардмæ. Алихан. ...Æмæ та мæнæ ныр æз æрбацыдтæн 336
ардæм æмæ мысын уыцы бонтæ, хъустыл уайынц йæ ныхæстæ. Уыдон уыдысты мæ царды æппæты хуыздæр бонтæ... Æз никуы ферох кæндзынæн уыдон! 1 Зонды хъæлæс. Дæхиуыл фæхæц, кæронмæ ахæццæ кæ дæ фæнд. Уарзондзинады хъæлæс. Фæсмон кæнын, дæ риумæ дын цы сыгъдæг уарзт бауагътон, ууыл. А л и х а н. Лыг у. Мæ фæндæн ивæн нал ис. Æрба- цæуы! Д з и р æ т. Мæ зæрдæ мæм дзырдта, ам дæ æрбай- йафдзынæн, зæгъгæ. Зыдтон æй, иумæ та кæй хъус- дзыстæм Терчы рæсугъд зарджытæм. Дысон-бонмæ нæ бафынæй дæн. Дæ ныхас дын нæ бамбæрстон. Мæ цæс- тытыл уадтæ. Мæ сæнтты ныхас кодтон дæуимæ. Алихан. Чысылæй мæм-иу афтæ каст, цыма арвыл мигътæ нæ, фæлæ мæй згъоры. Дзирæт. Æмæ мæнмæ ныр дæр афтæ куы кæсы... Цымæ цæмæн у?.. Алихан. Æрыгон зæрдæ рæдиаг у. Азтæ, азтæ!.. Куыд диссаг стут, куыд аивут адæймаджы зондахаст! Дзирæт. Цæмæн кæныс æнкъард хъуыдытæ? А л и х а н. Куы фембæлæм, уæд мыл цыдæр æрцæ- уы. Ферох вæййы мæ кар, мæ дзуринаг... Афтæ мæм фæкæсы, цыма æмгæрттæ стæм. Фæфæнды мæ цæрын æмæ цæрын. Фæлæ иунæгæй куы баззайын, уæд мæ маройаг сагъæстæ сæ быны скæнынц. Мæ урс сæры- хъуынтæй фефсæрмы вæййын. Дзирæт. Нæ мæ фæнды ахæм ныхæстæм хъусын. А л и х а н. Цæмæн фембæлдыстæм? Цавæр æнахуыр тых нæ бабаста кæрæдзийыл? Д з и р æ т. Сыгъдæг уарзондзинад! Æмæ нæ уът фæхицæн уæвын нæ бауадздзæн. Куыд амондджын уы- дзыстæм, уый зоныс?.. А л и х а н. Нæ, уый амонд нæу. Уый зæрдæ йе ’гом- 22 Пьесæтæ 337
мæгæс митæй рæдыд фæндагыл аразы мах. Раст мæ бамбар. Мæнæн мæ царды дидинджытæ руайынц, дæ- уæн та æвзонджы улæфтæй улæфынц. Сæттын ыл, демæ куы вæййын, уæд ферох кæнын мæ кар. Æнæуынон мын фестад азты карз тæрх’он. Æгæр дард стæм кæрæдзи- йæ. Искуы дæ рæсугъд фæндтæн дзуапп раттын мæ бон куынæ бауа. Дзирæт. Нæ мæ фæнды ахæм ныхæстæм хъусын. Алихан. Бæргæ, адæймаджы рад дидинæг куы уаид! Иæ зæрдæйы арт куынæ хуыссид! Фæлæ лæдж.ы царды æрмæст иу уалдзæг вæййы... Мæнæн мæ уал- дзæг... Дзирæт. Дæхи загъдау, нырма æз ницы федтон, ницы зонын. Мæ зæрдæйы дуар мын хуыснæгау нæ ба- састай. Мæхæдæг æй бакодтон. Мæ бон нæ бауыдзæн æндæр адæймагимæ мæ сагъæстæ æмæ мæ цинтæ дих кæнын. А л их а н. Мæхимæ дæр афтæ каст, цыма уырдыгæй раздæхæн нæй, фæлæ ныр фæстæмæ агурын фæндаг. Баххуыс мын кæн. Цæудзысты азтæ... Ферох дæ уыдзы- нæн. Дз ир æт. Ферох!?. А л и х а н. Фыццаг хатт дыл куы фембæлдтæн, уæд мæ ивгъуыд царды бонтæ, мæ бæллиццаг уарзты ныв- тæ мæ разы ногæй февзæрдысты... Дзирæт. Нæ дæ æмбарын. Нæ мæ уырны. Мæнмæ афтæ кæсы, цыма... Алихан. Цыма æз никуы никæйы уарзтон. Д зир æт. О!.. Алихан. Раст нæу уый! Царды къæсæрæй куыд- дæр бахызтæн, афтæ зæххыл ссыгъди арт. Мæлæтдзаг тох цардæй мæлæты ’хсæн. Туджы лæсæнтæ æнхъæвз- той дардыл, знаг цагъта дзидзидай сабиты, сылгоймæгты, зæр’æдты. Ахæм заманы бауарзтон æз дæр... 338
Дзирæт (кæуы). Дидинджытæ се ’ппæт иухуызон нæ вæййынц!.. Алихан (иуварсмæ). Цæмæй зоныс, мæнг ныхас дын кæй загътон... Цæмæй амондджын уай. Зонды хъæлæс. Афтæ уæдæ, Уарзондзинад, царды æз хъуамæ уон хицау. Уарзондзинады хъæлæс. Фæуæлахиз дæ, фæлæ уæддæр æнæ мæн цæрæн нæй. Дзирæт. Ды никуы ракодтай уый кой мæнæн. А л и х ан. Демæ ныхас кæнгæйæ, мæ цæстытыл йæ сурæт уад, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ цæстытæ стъа- лытау нал æрттивынц. Хæсты быдыры иумæ уыдыстæм. Мæ уæззау хъæдгæмттæ мын баста. Д з и р æ т. Цы бакодта уагæр, цæмæй йæ ды уый бæрц... Алихан. Иæ цард лæвæрдта, цæмæй ды цæрай. Д з и р æ т. Ныббар мын... А л и х а н. Ницы кæны. Дзирæт (æрæджиау). Цы хуынд йæ ном? Цыма авд дæлдзæхы бын кадæг чындæуы, уыйау хæрз сын- дæг сыхъуысыдысты «Фæндарасты» мелодийы мыртæ. А л и х а н. Хæст куы фæцис, уæд фæхицæнтæ стæм, æз фембæлдтæн дæуыл..-. æмæ мын æй мæ зæрдыл æр- лæууын кодтай... Æрмæст ды — царды дидинæг, уый та, мæнау, царды зынтæй уысмæннад. Нæ дæ ферох, хæсты быдырæй куы ссыдтæн, уæд дын цы кæрдæгхуыз къухмæрзæн радтон, уый?.. Иæ фыццаг лæвар уыд. Дæ- уæн дæр æй фыццаг лæварæн... Æнхъæлмæ мæм кæсы... Дзирæт, раст мæ бамбар. Д з и р æ т. Алихан, азымы дæ нæ дарын. Æвæццæ- гæн дын уый зынаргъдæр у. Æз та?.. Æз та дæуæн æр- мæст уалдзыгон дидинæг. Хъуыды ма кæныс, хохы дын 339
цы дидинæг æртыдтон, уый? Ныр бамбæрстон, дидин- джытæ, æцæгдæр, иухуызон кæй нæ вæййынц. Мæнæ дæ къухмæрзæн. (Фæстæмæ йын æй радта.) Ныр та хæрз- бонтæ рау, мæ уындæй дын дæ зæрдæ нал риссын кæн- дзынæн. (Кæугæ алыгъд.) Дидинæгджын æмбæрзæн æрхауд. Таня (фæзынд йæ цæсгом). Цы бакодтай?.. (Фæ- аууон.) И р б е г. Нæ таурæгъ фæхæццæ кæны кæронмæ, фæ- лæ кæм ис цард, уым мадæн дæр æнæуæвгæ нæй. Ный- йарæджы зæрдæ зонаг у. Байхъусæм-ма йæм уæдæ/ цымæ цы стæрхон кодта уый та?.. Сценæ байгом. Хъуысы та хъазты уынæр, зард. Алихан сыс- тад æмæ уыцырдæм кæсы. А л и х а н. Дзирæт чындзы цæуы... Фæзынд Т а м а р æ, æдзынæг кæсы йæ фыртмæ. Т а м а р æ. Ам та куы бадыс? Алихан. Гыцци, изæрыгон мæм Терчы хъæрмæ хъусынæй хуыздæр ницы кæсы. Т а м а р æ. Уый хорз у, Терчы хъæрмæ адæймаг йæ- хи зæрдæйы хъæр нал фæхъусы. Алихан. Зын у Гыцци... Дæ хирург фыртæн ма æххуысгæнæг æмбал кæм уыдзæн? Т а м а р æ. Мæ хирург фырт йæхи афтæ куы хæра, уæд ын, æнхъæлдæн, йæхицæн хирурджы æххуыс ба- хъæудзæн. (Тамарæ ацыд.) Алихан сыстад, бирæ фæкаст йæ фæдыл. 340
А л и х а н. Гыцци, Гыцци! Мæ уæззау цæфтæ мын дæ судзгæ цæссыгтэей .æхсадтай... О, цæй зын у малу- сæг дæрзæг къухтæй тонын! Алиханы зæрдæйы сагъæстæ зарæджы хъуысынц: Уæ, уыцы дыууæ сау цæсты, Мæ тæригъæдæй бастъæлат! Цæмæн бахаудтæн у’ ахæсты? Цæмæн базыдтон уарзты ад? Уæ иу фæкастæй атайын, Хуссары митау, хуссары. Бæргæ уæ рохыл архайын, Фæлæ уый бæрц тых чи ссары! Алихан (хъазты хъæрмæ). Æз кувдзынæн хуы- цаумæ, цæмæй амондджын уай ды... (Доны гуылфæд- тырдæм аздæхт.) Æрбахызт И р б е г, йæ иинджак — йе уæхсчытыл. Алиханы ауынгæйæ, тамако ссыгъта, уый дæр уылæнтæм кæсы. Каэцæйдæр, маройау, хъуысы хъисынфæндыры цагъд. Ирбег (æрæджиау). Цымæ раст бакодтай? Алих,а1н (нæ йæ бамбæрста). Мæнмæ дзурыс? И р б е г. Мæнмæ гæсгæ, нæ дыууæ йедтæмæ ам ни- . чи ис. А л и х а н. Нæ дæ ’мбарын. Ирбег (паузæйы -фæстæ). Цард дæм фæзынд йе цæг рæсугъд хуызы, ды та йыл дæхи атигъ код- тай. Алихан. Æгæр æрæгмæ фæзынд. Ис алцæмæн дæр афон. 341
Й р б е г. Уарзондзинадæн афон нæй. Дæ ивгъуыд бонты фæсмойнаг ницы ис, уарзондзинад цы у, уый æм- барынхъом куы фæдæ, уæд хæстмæ фæцыдтæ. А л и х а н. Бирæ рæстæг аивгъуыдта уæдæй нырмæ. И р б е г. О, фæлæ уæддæр уарзондзинад æрцыди. Æрцыди ивылгæ донау æмæ йын нал ис бауро- мæн. А л и х а н. Чи нал раздæхдзæн, уыцы ’взонг б’онтыл нæ тыхсын бæргæ... И р б е г. Рæстæг æгъатыр уыд. Домдта хъару, ныфс, лæгдзинад... Кæд дæ сæр фæхалас, фыццаг уарзондзи- над нæ бавзаргæйæ, кæд дæ хъæдгæмттæй дзæвгар туг фæкалд, уæд хъуамæ ды уыдонæй уай сæрыстыр. А л и х а н. Цы рæсугъд æй загътай, раст цыма мæ зæрдæмæ ныккастæ. Æз дыууæ уарзоны кæрæдзиуыл цингæнгæ куы фенон æмæ мæм «дадайæ» куы сдзурой, уæд мын ноджы æхсызгондæр уыдзæни. И р б е г. Уый амоны — дзæгъæлы кæй нæ ацыдысты дæйзтæ. Алихан (иуварсмæ). О, фæлæ абон дæр æз æры- гон дæн зæрдæйæ, хъаруйæ, Дзирæт мын кæй ис а ду- нейыл, уымæй. (Уымæ.) Æз нæ зонын, чи дæ ды, фæлæ цæмæндæр мæ зæрдæ дæ разы байгом. (Кæдæмдæр.) Уарзондзинад! Æз царды зилдухæнты куы фæдæн, ды та, æвæццæгæн, уæд фæзындтæ. Цæмæн ма дыл сæм- бæлдтæн, мæ царды æмбис куы фæци, уæд? (Ирбегмæ.) Фæзынд уый æмæ тымыгъ сыстад мæ зæрдæйы, стыр æхсызгон тымыгъ. Кæддæр суадонмæ, айдæнмæ кæсæ- гау, ’кастæн... Хæххон суадоны айдæн ницы бамбæхста мæнæй. Фæлæ мæнæ диссаг! Суадонмæ æнæнхъæлæджы дидинæг ныххауд. Иæ сыггьдæг айдæн æрбайхæлд. До- ны зиллæччытæ фæйнæрдæм фæцыдысты æмæ мæн сæ аууон фæкодтой. Фæстæмæ фæкастæн... Мæ разы, мид- 342
былты худгæ, лæууыд Дзирæт. Цыма уыдаид зæххыл уымæй рæсугъддæр ныв! Афтæ мæм фæкаст, цыма фе~ стадтæн ссæдзаздзыд лæппу, цыма мæ сæрыхъуынты халас æрмæст фын уыд. Зæрдæ агуырдта хъазын, ху- дын, уарзын. (Æваст фæхъус, Ирбегмæ.) Кæстæр дæ, ныббар!.. (Кæсы доны уылæнтæм кæйдæр агурæ- гау.) Ирбег (иуварсмæ). Æрмæстдæр ма ацы ныхасмæ æнхъæлмæ каст мæ зæрдæ. Æвæццæгæн, ме ’намондæн рацыдтæн ардæм, доны былмæ. Нæ йын зыдтон йæ ка- тай. Цы мæ хъуыддаг уыд семæ? Искæйы амонд хи амонд нæу. (Паузæ.) Бынтондæр схæццæ сты мæ хъуы- дытæ сæры... «Искæйы амонд»? Нæ! Рæдийын! (Али- ханмæ хъæрæй.) Рæдийыс ды дæр, сахъгуырд! (Уый йæм дисхуызæй ракаст. Ирбег сабырдæрæй.) Мæн нæ уырны, ды Дзирæтæн рæстдзинад загътай, уый. Дæуæн ничиуал ис. Таня кæй хуыдтай, уый мард у... Æз зонын, ды уарзыс æрмæст Дзирæты. Алихан (æрæджиау). Мæнæн уый бар нæй. И р б ег. Ис! А л и х а н. Мæ рагбонтæ... Ирбег. Уыдоны ды хъаз’ты нæ арвыстай! Алихан. Чи дын радта бар, æмæ мемæ афтæ дзу- рай? Æз дæу нæ зонын. Ирбег (сабырæй). Æз дæн.... Дзирæты кæмæн радтой, уый. ,(Паузæ. Фæцæуы. Хъисынфæндыр • та ниуы.) Алихан. Чи дæ?! Йæ зæрдæ йæ риуæй ратоныныл чи сразы? Ирбег фæлæууыд, хъисынфæндыры тæн аскъуыд... Ир б ег. Адæймаг... 343
Иуцасдæр алфамбылай æрдз фæхъус... Лæууьпщ ныхæй-ныхмæ дыууæйæ дæр цавддуртау, стæй æваст Терчы уылæнтæ айнæгыл сæхи- ныццавтой æмæ Ирбег æнцадгай ацыд. Æхсинæгау æртахт Дзирæт. Чындздзон дарæсы, цыма йæ ныртæккæ Терчы уылæнтæ уы^мæ раппæрстой. Алихан не 'ууæнды йæ цæстытыл. Дард, кæцæйдæр ма хъуысы зарæг. Æрхауд диди- нæг-нывæфтыд æмбæрзæн æмæ уарзæтты йæ аууон бакодта. Кæ рон
ЧИНЫДЖЫ ИС: 9 87 159 229 305 Æхсар æмæ Дзерассæ■9 Таймураз■87 Хадзымурат■159 Мады зæрдæ■229 Чызгайы куы хастой...■305
Сергей Тимофеевич КАЙ Т ОВ Ь* 3 о кй ^ |ы □ *ж Редактор Б. А. Муртазов Художник Н. Ш. Василенко Худ. ред. X. Т. Сабанов Тех. ред. С. X. Гутиева Корректоры И. Д. Каболова, В. Т. Дзодзикова Наборщик 3. Агузарова Печатники Горин, Кузяев, Исаев
Сдано в набор 29-\ЧП-1968 г. <Подпи- сано к печати 11|ХМ-1968 г. Шормат бу- маги ТОхЮв^/зг- Усл.-п. л. 15,225. Учетно- изд. листов 13,57. Заказ № 1473. Ти-. ражЮОО.Изд. №81. ЕИ02206. Цена86 к Книжное издательство Управления по печати при Совете Министров СО АССР, г. Орджоникидзе, ул. Димитрова, 2. Книжная типография Управления по печати при Совете Министров СО АССР, г. Орджоникидзе, ул. Тельмана, 16. 7-5 35-68 м.