Текст
                    ОРДЖОНИКИДЗЕ
1959


ПЛИЕВ ХАРИТОН ПРОИЗВЕДЕНИЯ Стихи и поэмы на осетинском языке Северо-Осетинское книжное издательство Орджоникидзе * 1959
Н5**&<^^ АРД Зар, мæ фæндыр, цæгъд, мæ фæндыр, Цæгъд, мæ хъисфæндыр, мæ хур! Къухтæ ахъазынц дæ тæнтыл, — Зар мын, зар, куыд хæла дур! Махæн — дидинæг нæ бæстæ, Махæн — хурæфсæст нæ зæхх, Махæн стыр ысты нæ хæстæ, Æмæ тæх, мæ зарæг, тæх! Цæгъд, нæ царды рæзты цинæй Размæ мах куыд бырсæм тагъд! Кæд мæныл цæуай ды хинæй, Кзед ныффæсус уа дæ цагъд, Знагæн кæд ныхкъуырд нæ дæттай, Кзгд ыскъуымых уа дæ фат, Цардæн кæд пайда нæ хæссай, Кæд мын искуы суай æгад, Уæд къæртгай дæ тæнтæ хауæнт, Аскъуыйæд мын уæд дæ хъис, — Мад дæм уæд кæуынмæ уайæд, Хотæ разгъорæнт фæдис. 3
Фæлæ фидар у мæ зæрдæ, 0, мæ буц фæндыр, дæуæй! Дардыл азæлынц дæ зæлтæ, Царды сын æрмынæг нæй Уæ, 1лæ фæндыр, уæ, мæ лирæ, Абон бахордтон æз ард: Зар нæ дугыл, цæгъд нæ цинæн! Кæн нæ дзыллæтæн дæ зард! Дзау, 1937 аз.
УЫИ ДЫ ДÆ, 0, НÆ ПАРТИ!
УЫЙ ДЫ ДÆ, О, НÆ ПАРТИ! Уый ды дæ, о, нæ парти, ды дæ! — Нæй дæуæй нын дунейыл зынаргъдæр. Мах æмзæрдæйæ де ’стыр фæндтæ Алкæд, алыран ауадзæм царды. Уый ды дæ, о, нæ парти, ды дæ! Ды нæ тарстæ нæмыг æмæ артæй, «Марсельеза» ды заргæ цыдтæ, Кодтай размæ фæндæгтæ дæ кардæй. Баррикадтæн кæм уыди нымæц! Хъуыст дæ тохы хъæр уырдыгæй дардыл: «Сыст, фæллойгæнæг, хотыхтыл хæц, Æмæ стох кæн хъазуатæй дæ бартыл!» Уый ды дæ, о, нæ парти, цæрай! Ды нæ амондæн зæххыл фæзындтæ. Ды «Аврорæйæ» знаджы æхстай Кусæг, мæгуырты хурхыл хæцджыты. Æмæ уайтагъд Ильичы фæндæй Уæд сырх тырыса Смольныйы сæрмæ Сагъд æрцыди, нæ бæстæ цæмæй Райа ’нусмæ йæ фæлмæн пæр-пæрмæ. Уый ды дæ, о, нæ парти, нæ хур! Ды æлгъысты рæхыстæ ныссастай, Ды æрæвæрдтай цардæн бындур, Ды уæларвæй зæрин хур æрхастай; Срухс нæ бæстæ йæ тынтæй бæстон. 7
Заргæ, райгæйæ, кодтам фæллæйттæ. Кæд нæма уыд нæ фадат æнцон, Уæддæр гæрстам мах размæ фæндæгтæ. Уый ды дæ, о, нæ парти, нæ кад! Ды — йæ наутæрæг Райгуырæн бæстæн. Тохы бонты куы сыстади уад, Уæд нæ ’хсарджынæй ахуыдтай хæстмæ. Знаг, фыдызнаг æрцыди бынсæфт. Мах дæ цытыл фæзарæм нæ зарæг, Мах дæ цинæй ыстæм ныр æфсæст, О, нæ уарзон, нæ фæтæг, нæ дарæг! Уый ды дæ, о, нæ парти, нæ цæст! Мах дæ амындæй размæ фæцæуæм. Хæхтæ байгæрстам, ласæм æрзæт, Ивæм алырдæм дæтты фæндæгтæ. Абон дардыл нæ Фыдыбæстæ Ды дæ зондæй ныррухс кодтай хурау. Донæй бафсæстам хурсыгъд фæзтæ, Æмæ сфæйлауынц мæнæутæ фурдау. Уый ды дæ, о, нæ парти, нæ ныфс! Коммунизмæн йæ райдзаст фæндагыл Цины базыртæ махыл кæныс; Мах дæр зарæм бæллиццаг хъуыддагыл. Рæз, нæ парти, дзæбæхæй нын цæр! Ноджы сгуыхтытæм дарддæр мах акæн! — Тынгдæр кала зæрин хур цæхæр. Хъуыса цины зард, азæлгæ, алкæм. Уый ды дæ, о, нæ парти, ды дæ! Сабыр цардыл дæ бирæ тых хъарыс. Мах дæ сидтмæ цæттæ стæм, цæттæ. Махыл алкæд дæ зæрдæ куы дарыс. Уый ды дæ, о, нæ парти, ды дæ! Мартъи, 1956 аз. 8
УЫЙ ЙÆ ФÆСТÆ ФАРН НЫУУАГЪТА Уад нынниуы, айнæг сæлы. Ризы хъæд, йæ мит ызгъæлы. Барæг комы ’нкъардæй уайы, Судзгæ мастæй зæрдæ тайы; Рахизырдæм уынджы рахызт, Цæссыг уадултыл ныйих и. М,ад фæтарсти æмæ батыхст, Кæрты адæргæй фæджих и. Ризгæ-ризын уый ысдзырдта: — О, зæгъ-ма, цы фыд ныл æрцыд? — Ленин амард... Мад ныккуыдта, Мад уæззау риссæй ныхъхъæрзыд. Хъæубæстыл фыдуац куы айхъуыст, Уынгтæм ракалдысты адæм... Сау хабар хьæуи-хъæу ахызт, Дзыллæ банкъард ысты алкæм. Уый нæ ниуынц уад-тымыгътæ, Уый йæ цæссыг арв нæ калы, — Уый кæуынц хæххон чызджытæ, Уый сæ цæстысыг ызгъалынц. Уый, миййаг, нæ кæуынц хæхтæ, Бæлæстæ, миййаг, нæ хъæрзынц, — 9
Уый нæ урсбоцъо зæрæдтæ, Зæхмæ хъусгæ, арф ныккæрзынц. Ныр куыд нæ ’ркъул уой сæ сæртæ! Ныр куыд нæ рисса сæ зæрдæ! — Кæд сæ ныфсы мæсыг ракалд, Кæд сæ уарзон Ленин амард.. Уæд йæ къæдз лæдзæджы ’нцæйтты Се ’хсæнæй дада куы рахызт. Къух æрсæрфта урс зачъетыл, Сабыргай йæ ныхас райхъуыст: — Ма тæрсут, фæтæг нæ мæлы! — Уый ныффæдзæхста нæ бæстæ Партийыл — домбай фæлтæрыл. Уый ныууагъта фарн йæ фæстæ. 10
СЕРГО КАВКАЗЫ Хæсты тæмæны уыд Кавказ, Ызнæгтæ кодтой хъæутæ пырх, Æвзæрстой зæрæдтыл сæ тых. Æхсысти сæм, Серго, дæ маст. Кæд-иу, сырдау, нынниудта уад, Уæддæр дæ бæх, сæгуытау уад, Лæдæрсти йе уæнтæй йæ хид. Нæрыд нæ арф кæмтты дæ сидт. Егъау цъити, бæрзонд къæдзæх, Уынгæг кæмттæ, æгæрон хъæд Ныр дæр ма мысынц дæу дзæбæх, Ныр дæр ма уым зыны дæ фæд; Мæйдар æхсæв-иу фестад бон. Зынты нæ цудыдта дæ къах. Хæххон æхсæвты дæм бæстон Цъæх арвæй дардта мæй цырагъ. Уыд арвы ферттывдау дæ каст. Дæ ныхас фатау карста, раст. Уыдтæ нæ ныфсы стыр гæнах. Хуыдтай æдæрсгæ размæ мах. Æмбæрстай алкæддæр нæ рыст, Æрвнæрæгау-иу хъуыст дæ хъæр. 11
Нæ дзыллæты бын зæхх æнкъуыст. Сыгъди сæ зæрдæты цæхæр. Æрцыд фыдгулы бæрзæй саст. Сырх тырыса бæрзæндты ды Фæхастай урс хæхты сæрты, Æмæ Кавказыл хур ыскаст. 12
НÆ ЗÆРДÆТАУ НÆ БÆСТÆ СРУХС И (Партизаиты зарæг) Æхсæвæй-бонæй уыд нæ хæтæн Кæм тархъæд, кæм цъæх айнæг хох. Хъæддаг сырдтау, лæбурдтой знæгтæ, Сæ ныхмæ самадтам мах тох. Уыдыстæм мах бæгънæг, бæгъæввад, Нæ ныл хæцыд æхсæв хуыссæг. Фæлæ уæддæр нæ къах нæ фæллад. Зынтæн уыдыстæм мах быхсæг. Хъæрзыд цæф сæгуытау нæ бæстæ. Æлвæстæй дардта знаг йæ кард. Сыгъдысты пиллон арты фæзтæ, Сæ цæхæр арвы риумæ калд. Нæ мулк, нæ фæллой-иу нын хастой, — Уыд не ’знаг бухъхъ æмæ фырхъал. Æнæвгъау уæд фыдгулты цагътам, Сæ туг лæсæнтæй кодта мал. Кæд бирæ бавзæрстам мах тухи, Фæкалди бирæ кæд нæ туг, — Нæ зæрдæтау нæ бæстæ срухс и, Фæрныг, сæрибар — ныр нæ дуг. 13
ФАРН — НÆ КУЫСТЫ, ФАРН — НÆ ДЗЫРДЫ Цардæфсæст, рæсугъд — нæ хъхутæ. Сæрвæтты цъæх кæрдæг зайы. Мерс кæнынц уым фос-рæгъæуттæ, Зæрдæ сæ æдзух куы райы. Гæрдæм^ сау айнæг къæдзæхтæ, Цас дзы къахæм, цас, хæзнатæ! Ссыгътам арф кæмтты цырæгътæ, — Исæм хъал дæттæн сæбартæ. Дардыл тыгъд — бæркад быдыртæ, Бур мæнæу уылæнтæй хъазы. Гъæйтт кæнынц хъæбатыр гуырдтæ, Зад хуымтæ комбаин дасы. Фарн — нæ куысты, фарн — нæ дзырды. 0, куыд хорз у цард нæ бæсты! Цин нæм суадонау куы гуыры. Хъуысы зарæг хæхтыл, фæзтыл. 14
ДÆУЫЛ ЗАРÆМ Куыннæ зарæм абон Дæуыл, Конституци, — Нæ уарзон советон закъон! Кæд дзыллæ дæ цинæй, Дæ рæвдыдæй сбуц и, Кæд рухс у сæ фæндаг, сæ бон. Нæ хæхтæ — хæзнаджын, Нæ быдыр — бæркадджын, Нæ бакуыст, нæ улæфт — фæндон. Цард аразынц адæм, Цард адджын у, адджын, Нæ бæстæ дыргъдон у, дыргъдон! 15
КИРОВÆН Сау æхсæв... Уазал. Мæскуыйы Хъуысы Шопены хъыг цагъд. Зæрдæ фырмæстæй ыскъуийы, Цæстысыг рустыл æртагъд. Райстон æрхæндæгæй лирæ, Ризы, дзыназы йæ хъис. Сау хабар фехъуыст мæ Ирмæ; Стыр у йæ сагъæс, йæ рис. Урс сæр, тæмæн калгæ, дардта Дардмæ Хъазыбеджы хох. Уый ныр йæ цæссыг æркалдта, — Уый дæр у абон фыдох. Терк дæр ныккæрзы фырмæстæй, Уылæнтæ хъарæг кæнынц. Митæйдзаг хихджын бæлæстæ Джихæй æнкъардæй лæууынц. Джих дæр куыд нæ уой бæлæстæ, Терк дæр куыд нæ кæрза ныр! — Кæд æмæ Кировы фæстæ Баисты мастæй тыппыр! Киров уыд уадæй æвзыгъддæр, Киров цæхæр уыд, цæхæр. 16
Айнæг-къæдзæхæй — хъæддыхдæр, Тохы — æрвнæрдау йæ хъæр. Сабийæ хистæртæй хъуыстон Уыцы хъæбатыры кой: Уыцы хъæбатыр фыд хъызт бон Не ’ссардта никæд æнцой. Нæмгуытæ ниудтой нæ кæмтты, Ирыл дæр сау мигъ æрбадт. Знæгтæ нæм сластой сæ кæрдтæ, Кодтой гæныстон нæ цард. Киров уыд, Киров, нæ зæххыл Дзыллæты ’хсар æмæ тых. Тахти-иу, фатау, йæ бæхыл, Кодта нæ фыдгулты пырх. Сау æхсæв... Уазал. Мæскуыйы Хъуысы Шопены хъыг цагъд. Зæрдæ фырмæстæй ыскъуийы, Цæстысыг рустыл æртагъд. 1934 азы 1 декабрь. 2 Плнты Харитон 17
ИНДИЖ-ДОН*) Куы дæм-иу æрцæуынц черкесаг чызджытæ Æд гогонтæ, худгæ, Индиж-дон, сæумæ, Уæд ма-иу кæм кæныс ызнæтæй мæстытæ! Кæсыс-иу сæм сабыр сæркъулæй фæрсмæ. Дæ фæздæггъуыз дуртæ дæ малты æрттивынц, Дæ сыгъдæг уылæнтæм дын чи ’рхæссид фау! Дæ карз уынæр уайтагъд фæлмæн зардæй ивыс,— Ныззары ма уадындзæй афтæ фиййау. Дæ фыдæлтæ раджы сæ таурæгъты загътой: Черкесаг фæсивæд, дам, схæцыд кæддæр, Æмæ сæ ногъайаг тызмæг хантæ цагътой, Сæ мæрдтæ сын ластай æнæвгъау ды дæр. Черкесаг ныййарджытæ, устытæ, дотæ Цыдысты дæ былтæм, цæссыг%пкалгæ, уæд. Фæстæмæ-иу алчи йæ дарæджы домдта, Фæлæ ма кæм зынди дæ дæтты са? фæд. 4 Тæригъæд сын кодтай, сæ хъарджытæм хъусгæ, Цыма-иу уæззау фыдох сæмбæлд дæуыл. Æмæ ныр куы феныс черкесаг рæсугъдты, Уæд-иу сын дæ зарæг нывæндыс дæрдтыл. Дæ уылæнтæ радгай сæ рæзты фæйлауыс, Вæййынц-иу рæсугъддæр, рæвдауæг æдзух. Æхсæвыгон дардмæ сæрыстырæй тауыс Сæ райдзаст хæдзæрттæм, тæмæн калгæ, рухс. * Индиж—черкесагау Зеленчукы дон. 18
КАСПИ-ДЕНДЖЫЗ Каспи-денджыз, урсбарц денджыз, Ныр куыд нæ стынг уа дæ хъазт! — Цин дæм кæд Мæскуыйæ фехъуыст, Хур дыл худгæ кæд æркаст! Каспи-денджыз, уадджын денджыз, Нал дæ иппæрд, иунæг ныр, Дардыл абух, дардыл фенкъуыс, Цæгъд ныр уадимæ фæндыр! Райстай денджызтæн сæ къухтæ, Фондз денджызы, хотау, уарз! Не ’нтыст, не ’сгуыхтыл æдзухдæр Дун-дунетæн кæн ныхас! Дон дæм сидти, Дон дæм худти, Уымæн барухс и йæ риу. Нал кæндзыстут, нал, тæхуды, — Ныр уæ хорз бæллиц ысиу. Волгæ байтыгъта йæ дуæрттæ, Нау дзы аленк кодта даод, Волгæ Донимæ — хæлæрттæ, Зæлы Донимæ сæ зард. Зарæг хъуысдзæнис æдзухæй, Зарæг сисдзыстæм бæрзонд: «Æрдзæн ныр нæ домбай къухтæй Ивд цæуынц йæ хуыз, йæ конд». ’ГЭ
* Рæвдаугæ цæстæй Æркасти хур, Нæ цинæй хауы Уæларвмæ дур. Мæ зæрдæ — уари, Ыстахт бæрзонд. Куыд хъуамæ бауон Æз сом зæронд! Нæ рухс фидæнмæ — Уæрæх фæндаг. Поэты хъæлæс Каены зыланг. Нæ рæсугъд фæзты Бæркад — ыстыр. Фиййау бæрзондæй Ныззары ныр. Ызгъоры, уайы, Фынк калгæ дон, Æрттивынц хæхтæ, Ныххудти бон. Рæвдаугæ цæстæй Æркасти хур, Нæ цинæй хауы Уæларвмæ дур. 20
ПОЭТЫ СИДТМÆ ХУДЫ ХУР Кæм дæ, мæ хъисфæндыр, кæм дæ! Кæм ис дæ лирæйы хъæлæс! Миййаг, фæсмонгонд кæд нæ дæ, Уæд мын мæ зарæг дард фæхæсс. Кæс-ма, тæмæнтæ калы хур, Рæсугъд у бон, æрттивы ком, Поэты бæллицтæ фæдзур Нæ уарзон дзыллæтæн æргом. Нæры дæрдтыл къæрццæмдзæгъд хъазт; Æркафынц фæсивæд рæуæг. Æвзарæн урнæмæ цæрдæг Нæхи зæронд Дада фæраст. Нæ бæстæйы хуыздæр фырттыл Кæнæм сæрыстырæй хъæлæс. Нæ Сæйраг Советтæн та ныр Кæнын мæ цины зарæг æз. Поэты цагъдмæ ризы зæхх, Поэты фатæй хæлы дур, Поэты фæндтæ сты уæрæх, Поэты сидтмæ худы хур, —- Цæргæсау арвыл у мæ тахт, Фæллойгæнджытæм у мæ сидт. Хъæлæс кæнынмæ згъорынц тагъд Нæ дзыллæ, стыр у, стыр, сæ цин. Кæс, цъæх сыфтæртæн бæлæстæй, Сыбар-сыбурæй у сæ цагъд. Нанайы худæндзаст цæстæй Фырцинæй цæстысыг æртагъд* 21
Кæм дæ, мæ хъисфæндыр, кæм дæ! Кæм ис дæ лирæйы хъæлæс! Мæнæй фæсмойнаг кæд нæ дæ, Уæд мын мæ зарæг дард фæхæсс! 22
ЦÆГЪД, МÆ УАРЗОН ЧОНГУРИСТ! (Калакыл 1500 азы сæххæстыл) Цæй, райс та, райс та ма дæ чонгур, Мæ зæронд хæлар чонгурист! Æрхæсс ыл арæхстгай дæ уырзтæ Æмæ та ног зарджытæ сис! Нырау кæддæриддæр у хъæлдзæг! Уадз, хъаза, абуха дæ туг! Куыд нæ та азæла дæ зарæг, Кæд хурау райдзаст у дæ дуг! Уæ куывдты ’мæ уæ чындзæхсæвты Кæм ис дæ цæгъдтытæн кæрон! ДЬ Калак абон ногæй райгуырд, Ыссар ын ног цагъдæй йæ ном! Дæ зæрдæйы куы гуыры зарæг, Ныджджих æм вæййы цадæг Къуар. Куы хъусынц фæсивæд дæ цагъдмæ, Сæ цин сын буц зæлтæй ыссар! Гуырдзиаг кады зарæг уарзы. Йæ цинæн ныр кæрон кæм ис! Æмæ, цæй кадджын бæрæгбоныл Æрцæгъд, мæ уарзон чонгурист! ®
ДАГЪИСТАНЫ ПОЭТТÆН Фенынмæ дæм æз бæллыдтæн, Дагъистан, ныр дæм æрцыдтæн. Райс ирон лæджы салам! Номдзыд Стальскийы ды схастай, ’Взаг Расулæн дæр ды ссардтай, Цас ис булæмæргътæ ам! Уыдонæн сæ зарæг хъуыстон, Зæрдæйы сæ арф ныффыстон. Никуы мæ уыдзысты рох. Зарыдысты нын нæ бартыл, Фидыдадыл, уарзонадыл; Хъуыста сæ дæ тархъæд, хох, Махмæ та Къостайы зардмæ Хæхтæ дæр хъырныдтой дардмае, Уайтагъд айрох-иу сæ зын. Æмæ ныр мæн дæр куы фæндь’ Уемæ зарджытæ нывæндын, Уемæ базыртыл тæхын. Уадджын Каспийæн йæ фендма. Райгæйæ, тындзы нæ Те^рк дæр Райдзаст Йры хæхтæй тагъд. Теркау, о, мæ хорз æмгæрттæ, Радтон а бæстæн мæ зæрдæ, Дард куыд айхъуька мæ цагъд, 24
Уемæ амондыл фæзарон, Уемæ царды ад ыссарон, Рухсдæр бонтыл уа нæ зард. М(ах нæ хæлæртты куыд уарзæм, Мах нæ фыдгулты куыд сафæм, Махæй афтæ домы цард. Уайæм стыр тохы фæндагыл Зарæм партийæн йæ кадыл, Зæлы зарæгæн йæ хъæр. Уарзон Ленины тырыса Хæхтæй дæр бæрзонддæр систам, Калы мах сæрмæ цæхæр.
НОГ АЗЫ КУЫВДЫ Бадæм парахатæй ногбон æхсæвы, Не ’фсин нын минас нæ размæ куы скъæфы. Калы бæгæны йæ фынк. Кадджын зæронд азы бирæ фæллæйттæй: Хъайла, уæлибæх, физонæг, æппæтæй Фидауы дзагæй нæ фынг. Кремлæй та стъалы Цæхæртæ куы калы, Спасскы. сахаты цагъд зæрдæмæ хъары, Хистæр — нæ кувæг — зæгъы: — Фарн нæм æрцыди! Цæй, нуазæнтæ сисæм! Сгуыхты къæпхæнтæм бæрзонддæр ысхизæм! Базырджын рæстæг тæхы. Парти — нæ раздзæуæг — дуджы хуыз ивы, Йе ’стыр хъаруйæ нæ бæстæ æрттивы, Алкæд уæлахиз кæнæд! Парти нæ ныфсæн йæ домбай цæджындз у, Дардыл, цæргæсау, фæлгæсы уый рындзæй. Райгæ, рæсугъдæй цæрæд! Дзыллæтæ иууыл æфсымæртау — уарзон, Парти ’мæ дзыллæтæн — Иу фæндаг абон, Ноджы хæлардæр, Домбайдæр кæнæнт! Ног аз сын ахæм фæрныг амонд раттæд, — Фидæны иу фынгыл хъæлдзæгæй бадæнт! Арвы кæрæттæй нæм хонæг цæуæнт! 26
ДÆ ФÆДЗÆХСТ ДЫН МÆ ЗÆРДÆЙЫ ХÆССЫН Л. Фадеевæн Дæу дард фæндагмæ кодтон æз фæндараст. Нывæрдтон дын фæндаггæгтæ хуынæн. Цы зæрдæйæ дæу афтæ бирæ уарзтон, Фæндыд мæ уый нывæрын дæр дæуæн. Мæ зæрдыл ма лæууынц дæ хорз ныхæстæ, Нæ сæ кæнын æнусы бонтæм рох. Поэтæн, дам, нæ дуджы — стыр йæ хæстæ, Хъæудзæн æдзух нæ рухс фидæныл тох. Цы фæндагыл фæрастдæ ды Мæскуымæ, Æз уыцырдæм кæддæриддæр кæсын. Мæ зарджытæй кæнын æз тох, мæ лымæн, Дæ фæдзæхст дын мæ зæрдæйы хæссын. «к*
0, ДÆ БОНÆЙ УАИ, ИРЫСТОШ
(ИдччЗффС’/фо МÆ ФЫДÆЛТЫ УÆЗÆГ Мæ фыдæлты уæзæг, дæу алкæм фæмысын. Хъæбулау нæ кæнын дæу дардмæ дæр рох. Мæ балцæй куы ’рыздæхын, гъе уæд ныттыхсын Цæргæсау дæ риуыл, мæ цъæх-айнæг хох. Мæ фыдæлты уæзæг, ды рухсмæ бæллыдтæ. Ды бирæ фæкалдтай дæ рустыл цæссыг. Дæ амонд ыссарыныл алкæд хæцыдтæ, Уæларвмæ фæцамадтай тохы мæсыг. Мæ фыдæлты уæзæг, дæ цъæх-цъæхид рæгътæ Æлдары дзæмбыты фыдфынтæ уыдтой. Дæ бæрзонд мæсгуытæ, дæ фидар гæнæхтæ Дæ мæстæй хъæрзыдтой, дæ мæстæй куыдтой. Мæ фыдæлты уæзæг, чысылæй мæ зæрдæ Фæрыстис дæ сагъæс, дæ мæтæй мæнæн. Зæрин хурмæ калыс ды абон цæхæртæ, Ныр д’амонд, дæ цардæй æз райгонд куы дæи. Рукъ, 1930 аз. 31
ХÆЛÆРТТÆ Стъалыйау æрттивы Райгуырæн Ирыстон, Хурау, кæс, ныррухс и. Нал у, нал, гæныстон. Ныр нæ хохаг адæм Буц ысты сæ цардæй, Быдыртæ ’мæ хæхтæ Банкъуысынц сæ зардæй. Ног заман, сæм размæ Цардамондмæ сиды. Иримæ Гуырдзыстон Ног ду^жы куы симынц. Се ’сгуыхтыл фырцинæй Стыр куывдты ныззарынц. Амондджынæй хотау Ныр кæрæдзи уарзынц. 32
ÆЗ КЪАХÆЙ КЪУХМÆ ДÆР ДÆУ ДÆН Нæ чъырынæй, ныллæг къонайæ Кæм калд сæнары сау фæздæг, Æз уым йæ хъæбысы нанайæн Куы бадтæн артдзæстмæ хæстæг. Фæцахуыр дæн нæ уæлхæдзарыл Чысылгай арæхсгæ цæуын. Нæ сыхæгты æмлæгъз къæйдзарыл Нæ уыди дугъ кæнын дæр зын. Фыццаг цы ауади мæ хъустыл? — Нæ уазал суадæтты хæл-хæл. Æз ма ныр дæр, ныр даьр фæхъусын Нæ фыдуаг Донгроны кæл-кæл. Цымæ, фыццаджы дæр цы уарзтон? — Æхсæрдзæн, хæхтæ æмæ хъæд. Мæ зæрдæмæ-иу арф æрбайстон Нæ урссæр хæхты сагъæс, мæт. Мæ Ир, ды мæн фæцахуыр кодтай — Цы у дзæбæх, цы у æвзæр. Чысылæй дæр мæ бирæ домдтай, Цæмæй дын бамбарон дæ хъæр. Ныссагътай мын архъан мæ къухты, Цæмæй-иу рацахстаин бæх, 3 Плнты Харитои 33
Цæмæй-иу барджытимæ дугъы Тъæбæрттæй уадаин дзæбæх. 0, ме ’схъомылгæнæг Ирыстон, Ды радтай базыртæ мæнæн. Дæ хуыз мæ зæрдæйы ныффыстон, Æз къахæй-къухмæ дæр дæу дæн. Æз дæн дæуæн дæ туг, дæ хъæстæ. Ды дæ мæ фыд, ды дæ мæ мад. Æнæ дæу састбазыр цæргæс дæн, Æнæ дæу циу мæ цард, мæ кад? 31
ГОРÆТ ОРДЖОНИКИДЗЕ Нæ урс хæхтæн сæ хъæбысæй Фæлгæсыс дард, сæрыстырæй. Дæу уарзæм мах, дæуыл зарæм, Дæ намыс дын бæрзонд дарæм. Рæсугъд ысты дæ даргъ уынгтæ, Сырх дидинæг — дæ дыргъдæттæ. Нывæнды Терк дæ дарджытыл, Дæ хъæбултыл йæ зарджытæ. Æвзыгъд ысты дæ лæппутæ, Нæры сæ кой нæ рухс бæсты. Æвæллайгæ — дæ чызджытæ, Уæздан æмæ рæсугъд ысты. Уæлладжыры хæзнадонæй Æрзæт ласæм дæ заводтæн. Дæ заводтæн, дæ фабриктæн Сæ кой у хъуыст нæ Цæдисыл. Æрцæут-ма, нæ хæлæрттæ, Æрцæут-ма нæ горæтмæ! — Кæндзыстæм уын фынгæвæрдтæ, Æрцæут-ма, уæ хорзæхæй! 35
КÆМ ДÆ, КЪОСТА? Уый райсом у, рæсугъд райсом! Бæрзонд хохæй, тын нывæндгæ, Ысдардта хур йæ был. Дæуæн, Къоста, уый хъæлдзæгæй Йæ буц тынтæ куы байтыдта Ныр де ’нусон цыртыл. Хæххон дымгæ æлгъыст бонты Нæ сидзæртæн сæ сагъæстæ Дæумæ скъæфта, дæумæ. Уæд дзыллæты тæригъæдæй Куы ниудта ’мæ куы дзынæзта Дæ цырты раз сæумæ. Дæ фарсмæ та рæхснæг бæлас Куы байрæзтис æрхæндæгæй. Æрхæндæгæй, нæ ныфс! Кæддæр-иу уый сæргуыбырæй, Куы нызгъæлдта йæ цæссыгтæ, Фырмæстæй-иу ныррызт... Ныр ма йæм кæс, куыд райгонд у, Æрцæуæгмæ куыд бахуды, Куыд райдзаст у йæ каст! Йæ сыфтæртæ куыд цъæх дарынц, Куыд бакæнынц сыбар-сыбур, У хуримæ йæ хъазт. 36
Тæхуды ’мæ куы фехъусис Дæ фæдонтæн сæ хъæлдзæг зард, Куы сын фенис сæ цард. Дæ фæндырæй, зыланггæнгæ, Æрцæгъдис уæд, зынаргъ Къоста, Нæ цин æмæ нæ кад! Уый райсом у, рæсугъд райсом! Бæрзонд хохæй, тын нывæндгæ, Ысдардта хур йæ был. Кæм дæ, Къоста, уый хъæлдзæгæй Йæ рухс тынтæ куы байтыдта Ныр дё ’нусон цыртыл! 37
ТÆХ, МÆ САУЛОХАГ! Тæх, мæ саулохаг, Уадау, арф ка^мттæм! Хæсс дæ барæджы, Хæсс, нæ урс хæхтæм! Ды ныр нал кæлыс Дуртыл, лæсæнтыл, Фæхстыл нал бырыс, Нал, дæ уæрджытыл. Дæу идадзæй ныр Хауæн иувæрсты Де ’стыр уаргъимæ Барæг нал кæны. Гъæйтт, мæ саулохаг, Уай лæгъз фæндæгтыл, Цæст куыд нал хæца Ныр дæ сæррæттыл! Дзау, 1931 аз. 38
КЪУХТÆЙ МÆ ЕРÆДЗЫПП АХАУД ÆВАСТ Дзомагъы рæгътыл æз цуан кæнын уаратон. Иухатт та ме 'уæхскыл ерæдзыпп айстон. Схæццæ дæн рагацау рагъмæ хæстæг. Бур-бурид дардта фæззыгон кæрдæг. Ац’ афон хæхты куыд хорз у фæзилын! Цъититы цурмæ мæ сфæндыди схилын. Сайдта мæ, сайдта, сæ рæсугъддзинад, Æмæ нæ хатыдтон рæгътыл фæллад! Ауыдтон суадоны былыл сæгуыттæ, Ради фырцинæй мæ зæрдæ сæ уындæй. Уæдæ куыд диссаг уыд къæйтыл сæ хъазт! Къухтæй мæ ерæдзыпп ахауд æваст. 39
АЙНÆГМÆ О, гормон, сау айнæг, Бабукъ дæ хæхты ’хсæн, Уагæр цæуыл у дæ маст! — Раст, цыма, иунæг дæ, Йе кæнæ сидзæр дæ, Уыйау æнкъардæй — дæ каст. Алхатт дæм бон-рухсы Уалæ йæ зынг цæстæй Хуры тын худгæ кæсы. Уый дæм æрттивгæйæ, Арвы рæсугъд цъæхæй Цардæн йæ буц тын хæссы. Дымгæ дæм а бæстæй Алыбон, цингæнгæ, Ног хабар скъæфы бæстон. Гъе, уæддæр карз мæстæй, Ниугæ, дзыназгæйæ, Фервитыс де ’хсæв, дæ бон. Хауынц æхсæрдзæнтæ Цъититæй арф коммæ, Азæлы дардыл сæ хъæр. Цæй-ма, цы ныхъхъус дæ? Сагъæс цæуыл кæныс? Бахъырн сын, бахъырн, ды дæр! 40
Базмæл-ма, сау айнæг, Хæхты ’хсæн ма дзыназ, Аив дæ зæрдæйы конд! Уафы дæм, тауы дыл Рухс тын сызгъæрин хур, Схæц-ма дæхиуыл бæрзонд! 1930 аз. 41
ÆРДЗ ХУДЫ, ЙÆХИЦÆЙ НЫББУЦ Фæлгæсын бæрзонд хохы цъуппæй. Узæлы та уахъæз мæныл. Хур хъазы ’мæ худы фырбуцæй, Хур уафы йæ тынтæ дæрдтыл. Йæ дарæс тæхудиаг — æрдзæн: Фæлыст у цъæх сыфтæртæй хъæд. Цъæх айнæгæй хауы æхсæрдзæн, Фæкæны, пырхкалгæ, сæррæтт. Æнусмæйы цъититæн калынц Сæ урс-урсид риутæ тæмæн. Ам зымтæ къуыззитгæнгæ кафынц. Ам цæргæстæн — бархи тæхæн. Æрдз худы, йæхицæй ныббуц и, Йæ хорзæхæй хайджын куы дæн. Дæ цинæй, дæ хъазтæй ныррухс и, Хæххон æрдз, мæ зæрдæ мæнæн! 42
НИГЕРÆН Хур куы байтыдта Бæстыл цины рухс, Зæхх, чындздзон чызгау, Хи куы сфæлыста, Уæд нæ Ирыстон, О, нæ булæмæргъ, Талынг ингæнмæ Дæу куыд æрвиты? О, цæй симд кодта Дысон арвастæу Мæй цæлхыдзагæй! Уый дæм рудзынгæй Уатмæ мидбылты Уæд бæргæ худти, Фæлæ нæй, хæлар, Нал æм ракастæ Ды дæ зынг цæстæй... Дæу æгъатыр низ Махæй аскъæфта, Æмæ судзгæ хъыг Бахызг зæрдæтæм. О, нæ булæмæргъ, Ды дæ чырынæй Ацы дзыллæтæм Ныр куыннæ скæсыс, Кæд ныдздзыназынц 43
Уыдон къулсæрæй, Кæд сæ. цæссыгтæй Судзынц уадултæ? Фыд, дæ зæронд фыд, Цæстæй нал хаты, Нал, йæ боны рухс. Ризгæ сабыргай Уый дæ мæрдон буар Уырзтæй асгары, Фæлæ нал уынут, Нал, уæ кæрæдзи. Хур куы байтыдта Бæстыл цины рухс, Зæхх чындздзон чызгау Хи куы сфæлыста. Уæд нæ Ирыстон, О, нæ булæмæргъ, Талынг ингæнмæ, Дæу куыд барвита?! ^14
СÆГУЫТ Ныхъхъуынтъыз арв, ныккалдта их, Уад хоста сау айнæг-къæдзæхтæ. Лæсæнуат фестадысты хæхтæ, Нызмæлыд хох, æркалд йæ тигъ. Æрмæст дæр ма æвзонг сæгуыт Сæрыстырæй лæууыди тигъыл. Кæд уад хъæрзгæ æмбæлд йæ риуыл, Кæд сæрсæфæн былыл лæууыд, Уæддæр цæхæр цæстытæй каст^ Æмæ йæ цæстысыг нæ калдта. Нæмыг ыл цуанон цыма суагъта — Фæсæррæтт кодта уый æваст. Нынниуы стонг сырдау фыд уад, Йæ разæй дымгæ мигътæ скъæфы, Сæгуыты сæрмæ арв ныннæры. Сæгуытæн рагъырдæм йæ уад. Йæ гæпп, йæ фезмæлд цæст кæм ахсы! Йæ хъазæн цъуппытæм тындзы. Ныссабыр уад. Æрбарухс бон. Зæрин хур арвастæу æрттивы, Йæ хуыз та бæстæ ногæй ивы. Фæйлаугæ кæмтты згъоры дон. Сæгуыт дæр хохы сæрæй уæд Сæрыстырæй фæлгæсы дардмæ Рæсугъд кæмттæм, цъæх-цъæхид арвмæ. Æрбайсæфт уадимæ йæ мæт. 1933 аз,. 45
СÆУУОН БАЛЦ Хæхтæй сæууон дымгæ ’рдымы, Бадзырдта: «Рауай-ма тагъд, Уæ, Хадо, мæнæ дæ бæх! Рохтæ рæдувы, ыскъуыны, Ифтонг æд идон, æд саргъ, Абад ыл, уарийау тæх!» Рауадтæн кæртмæ мæ уатæй, Æмæ уæнгрогæй цæрдæг Баппæрстон бæхыл мæхи. Нал æнцад комы йæ уадæй, Кодта Сæгуытау сæррæтт, — Чи ма йæ урæдта, чи? Уады дзæхст суайы мæ риуыл, Цæстæй æркæлы цæссыг. Рохтыл нындæгъди мæ къух. Сау нымæт уæхсчытæй схъиуы Æмæ фæйнæрдæм ныппух. Сыстад мæ хæд фæстæ рыг. Денджызау мæнæу фæйлауы; Мидбылты худы быдыр, Фестади зæрдæ фæндыр. Цардæн йæ гуылфæнтæм уайын, Фатау мæ фæндаг у раст. Размæ цæргæсау — мæ каст. Мæскуы, 1935. 46
РАГУАЛДЗÆГ Рагуалдзæг райгæ æрцыди, Ногæй та сулæфыд зæхх. М&лусæг фæзты фæзынди, Кæрдæгæй къуылдым фæцъæх. Хур нæм йæ тынтæ нывæнды, Цъитийæн батæфст йæ фарс. Аууоны бадын жæй фæнды! — Рахызт йæ лæгæтæй арс. Цæгæтты арф миттæ тайынц, Райдыдтой дæттæ сæр-сæр. Бæлæстæй мæргътæ ныззарынц, Арв дæр ныннæрыд кæмдæр. 1929 аз. 47
МА ТЫХС! 0, мæ мады хай, фенын дæ ’нкъардæй цæугæ, Цыма хинымæр хатгай фæкæныс кæугæ. Ды цæуыл тыхсыс, цымæ? Цæуыл кæныс маст? Дардмæ афтæ цы вæййы æдзынæг дæ каст? Кæд дæ лæджы фыдвæззæг фæкодта ызнаг? Æмæ уымæн фæриссы дæ зæрдæ, миййаг? Кæд дæ салдат-хъæбулмæ æнхъæлмæ кæсыс? Æмæ зæрдæмæ уый тыххæй сагъæс хæссыс? 0, мæ мады хай, хатын дæ хъынцъым, дæ рыст. Ды дæ мæскуыйаг чызгæн йæ фендмæ бæллыс? Ма тыхс! Тагъд дæм æрцæудзæн дæ сауæрфыг чызг 0, мæ мады хай, гъеуæд нæ кæндзынæ хъыг. Дæуыл раджьг æрхъæцмæ куыд нæ хъæцыд мад, Кодта уый дæр дæуыл уæд æнæ дæу æнкъард. Ма тыхс мацæуыл ды, о бæркад къух æфсин! Ды рæхджы бон кæндзынæ дæ буц чызгыл цин! 48
ИЗÆР Æризæр, хур сындæггай рагъыл, Йæ тынтæ уафгæйæ, ныттылд. Сырх зæлдагау, хæмпус æврагъыл Зæрæхсид, хъазгæйæ, фæзынд. Йæ боны хуыз рæсугъд æрдз ивы. Ыскасти мæй... у арв сыгъдæг. Æвзистау кæмтты дон æрттивы, Фæлурсæй тайы фæлм сындæг. Сæ ахстæтты та цъиутæ бадынц, Фæлмæн цъыбар-цъыбур кæнынц. Уыгæрдæнтæ дзæбæх тæф уадзынц. Нæ хæхтæ ирдхуызæй кæсынц. Æрфаста бæлæстæн сæ сæртæ Сыгъдæг дымгæ, æмæ ма цъус Сыбар-сыбур кæнынц сыфтæртæ. Æрфынæй хъæд æмæ ныхъхъус. 4 Плиты Харитон 49
Цъæх арвыл мæй худы, тæмæнтæ куы калы... Хæрдгæбыдтау зæхмæ нывæнды йæ тын. Йæ фарсмæ æрттивы, цæст ныкъулгæ, стъалы. Уый «Авд Хойы» райдыдтой арыыл хæтын. Сызгъæринау бæстæ ныррухс и, ныррухс и. Уынгæг комы райдыдта дон дæр сæр-сæр. Ныр уæтæры фиййæутты зарын ныхъхъус и. Æрмæстдæр ма тоймонæн хъуысы йæ хъæр. 50
МÆЙРУХС У МÆ ЗÆРДÆЙЫ ХУЫЗÆН Хуыссæг ахсæв мæн æппын нæ ахсы, Æмæ ныр куыд æрдомон хуыссæн! — Æрдз йæхимæ кæд мæ зæрдæ ласы, — Мæйрухс у мæ зæрдæйы хуызæн. Рацæуын, мæ рухс фæндтæ мæ хонынц, Айнæг мæм æддиауæй зыны. Æз цæуын, æрмæст кæдæм, — нæ зонын. Зæрдæ, зæрдæ хæхтырдæм тырны. Хъазынц арвыл стъалытæ мæ сæрмæ, Далæ комы урс фынк калы дон. Хъусын æз йæ уылæнты сæр-сæрмæ, Хъусын æз йæ зарынмæ бæстон. Дардьгл тархъæд м’ алфамблай ныззылди. Сæрвæттæм æнæфсисæй кæсын. Фалдæр та цъæх уыгæрдæн ысзынди, Ирдгæ мæм æхсызгон тæф хæссы. Цæй, ныр æз куыд нæ фестон сывæллон! Хуыссæг ныр куыд хъуамæ ’рцахса мæн! Æрдзы райдмæ æз куыд нæ фæбæллон! — Кæд йæ уындæй уацары фæдæн. З^
НЫР ЦЫ УРОМЫ ХÆСТОНЫ!
^^^е’^Е^ НÆ КАДДЖЫН ÆФСАД Ды райгуырдтæ хæстæн Йæ судзгæ цæхæры. Дæ фыдгулты састай Нæ бæсты къæсæрыл. Æгъатырæй махмæ Лæбурдтой ызнæгтæ Сæ сырды дзæмбытæй, Сæ тугдзых дæндæгтæй. Æрвнæрæгау кодтой Æндон-риу цæргæстæ, Ызнæгты дæрæнæй Куы уагътой сæ фæстæ. Кæрдты ’хситт, гæрæхтæ Уæд хъуыстысты дардмæ. Фыдгулты гæнæхтæ Рызгысты бындзарæй. Дæу фидæн уырныдта, Дæ хъару нæ састи, Æмæ-иу дæм, худгæ, Нæ хурзæрин касти. 55
Дæ тохы арт арвмæ, Гуылф-гуылфгæнгæ, калди. Цыдис-иу дæ разæй Дæ тохы ныфс парти. Дæ тохты фæндагæн Уыди уый цырагъдар. Тыхгæнæг ызнагыл йæ дун-дуне батар. Сæрибар — нæ бæстæ, Нæ къахдзæф у размæ. Æрттивынц нæ хæхтæ Нæ зардмæ, нæ хъазтмæ... 1932 аз. 56
ТÆХДЖЫТЫ ЗАРÆГ Мах — Фыдыбæсты хъæбултæ, Мах ныфсджын ыстæм, домбай. Мах æрзилæм арвыл маргъау. Мах ыстæхæм мигъты фатау. Махæн арвыл хур — æмбал. Уадз, фыдгулы зæрдæ рисса, Уадз, фыртæссæй {эиза знаг, Уый нæ арæнтæч куы хиза, Ногæй та. гæрзтæ куы сиса, Ногæй та куы тауа марг, Гъе уæд мах æгæрон арвæй Знагыл калдзыстæм цзехæр. Риздзæн зæхх, æнкъуысдзæн дардыл, .Æмæ уьщы ’хсидгæ арты Знагæн басудздзæн йæ сæр. 1935 аз. 57
МА КÆН ХЪЫП Арв йæ цæстысыгтæ згъалы, Хæхтæ ’рхæндæгæй кæсынц, Уыдон мын, мæ зæрдæдарæн, Цæстыл ауайын кæнынц — Ды цы ставд цæссыгтæ уагътай, Тохмæ æз куы цыдтæн, уæд. Ды дæ сæр цæмæн æруагътай? Ды цы кодтай сагъæс, мæт? — Кæд, æмæ нæ Фыдыбæстæн Не ’знаг судзгæ маст хæссы. Кæд йæ маргæй зæхх фæхъæстæ, Кæд уæззау риссæй хъæрзы. Ма кæн хъыг, мæ цæстыгагуы! Нæу мæм, нæу, цæссыг æмхиц. Тагъд фæтых уыдзыстæм знагыл, О, мæ зæрдæйы бæллиц. Уæд рæсугъд цъæх арвы фурдыл Мæй куыд фæкалы тæмæн, Афтæ та дæ буц уадултыл Хъаздзæн циндзинад дæуæн. 1942 аз. 58
НЫР ЦЫ УРОМЫ ХÆСТОНЫ! Тымыгъ сыстад, тымыгъ ниуы, Уайы, футгæнгæйæ, рагъыл... Мит, зæйау, рæдзæгъдтæй схъиуы, Арф хъæпæнтæ ’вæры дагъыл. Уад йæ разæй мигъты суры, Уад æврæгъты тæнтæ стигъы, Уад ыстонг сырдау лæбуры, Уад зырнау ныззилы тигътыл. О, уæддæр хæстоны зæрдæ Фестад арт, — нæ тæрсы уадæй. Уый æрбаста рæвдз йæ гæрзтæ: Уый — хæрзифтонг топпæй, кардæй.- Ныр цы уромы хæстоны! Уый бырсы, хъæпæнтæ ссæндгæ. Ие ’стыр маст йæ риуæй тоны, Сар сæ сæр кæндзæни знæгтæн| 59
СИДЗÆР САБИ Æрттивы ма стъалы цъæх арвыл, Сæуæхсид æрвгæрæтты ссыгъд. Дон узы йæ уылæнтæ дардыл, Фæллад æрдзы хуыссæг фæлыгъд. Хъæу судзы, цъæх пиллон ыскалы. Цæнгтæсастæй бæлас лæууы. Бæгъæввадæй иу саби згъалы Йæ цæссыг, хæкъуырццæй кæуы. Æргъæвст цъиуау уазалæй ризы, Ыстонгæй фæлмæцы, тыхсы. Йæ мадыл йæ сонт зæрдæ риссы, Æмæ йæм æнхъæлмæ кæсы. Нæй уынгты æппындæр ызмæлæг: Хъæу — афтид, пырхытæ, æнкъард. Ызнаг æй фæкодта æдзæрæг. Уым бабын и сабийы мад. Куыдз кæрты æмбуйæ нынниуы, Æрбайхъуысы сау сынты уаст. Ыссудзы мæ зæрдæ мæ риуы, Ызнæгтæм фæтоны мæ маст. 1942 аз, Станнца Суворовская 60
ДИДИНДЖЫТÆ О, рæсугъд, сырх дидинджытæ, Калдтат хуримæ тæмæн. О, цыкурайы фæрдгуытæ, Сабийæ рæвдыдтат мæн. Раджы-иу уæм æз фæраст дæн, Уе ’ртæх-иу сындæггай тад. Цингæнгæ уæм æз куы кастæн, Уæд уæ фендæй зæрдæ рад. Ныр тæхы фæдисы уадæй Тохы быдыры мæ бæх. Хъуамæ бахизон ызнагæй Æз нæ райгуырæн, нæ зæхх. 0, рæсугъд сырх дидинджытæ, Буц уыдыстут, буц, кæддæр. Калдта хур мæныл йæ тынтæ; Амондджын уыдтæн æз дæр. Ныр мæ бæх сымах ыссæнды, Сидзæрхуыз куы у уæ каст, Мæн уæ бафхæрын нæ фæнды, Фæлæ ма ракæнут хъаст! Ацы карз хæсты цæхæртæй Знагæн басудздзæн йæ сæр, Æмæ та уæ зæлдаг сæртæй , Буц рæвдаудзыстут мæн дæр. 1942 аз.
ДЫУУÆ ЦÆССЫДЖЫ Сæууон стъалЫ тади, ныффæлурс и мæй, Хæствæлладæй кодта æнкъард хъæу фынæй. Æхсарджын, лæгдыхæй махразмæ бырстам,— Ызнаджы ыссæстам, ызнаджы сырдтам. Хæстонты зæрдæты сыгъд масты цæхæр, Ныннæрыди дардыл нæ зарæджы хъæр. Уæладзыгæй махмæ æнкъардæй æваст Хъырымæй æрбафтгæ рæсугъд чызг æркаст. Ысуынгæг йæ зæрдæ, йæ цæссыг æркалд; Дыууæ гагайы дзы мæ русыл æрхауд; Дыууæ гагайы мын мæ уадул сыгътой, Дыууæ гагайы мæ нæ уагътой æнцой. Кæд цинæй уыдысты?.. Фырмæстæй куыдта? Кæм сæ хатыд зæрдæ!.. Кæцæй сæ зыдта!.. Ысдзырдтон æз чызгмæ: — Фæуром дæ маст! Цы ’рбаци, мæ къона, дæ худын, дæ хъазт? Дæ цæссыгтæ ма ’згъал! Цæмæн кæныс мæт? Ыссардзæн фыдызнаг рæхджы бон мæлæт. Дæумæ та ныххуддзæн дæ райгуырæн хъæу, Йæ сæрæй дæм кувдзæн сырхæфсир мæнæу. Дæ хæстон æмбал дæ рæсуг доны цур Йæ уарзон ныхæстæй рæвдаудзæн, мæ хур! Кæсдзæн уæм цъæх арвæй цæлхыдзагæй мæй, Фæдзурдзыстут иумæ, — цы федтат зынтæй. Цæй, ма ку, мæ къона, цæй, мауал кæн хъыг! Дæ уадултыл ма ’згъал дæ судзгæ цæссыг! Дæ цæссыгтæ махæй нæ уыдзысты рох, Уæззау хæсты карздæр уыдзæни нæ тох! 62
ФÆМЫСЫН ÆЗ Кæд тохы бон, мæ хуры тын, Фæхицæн ыстæм мах, — Цæмæй зоныс, дæ бахудт мын Æхсæв кæй у цырагъ! Зын раны ис Фыдыбæстæ, Ысирвæзт ыл цæхæр. Ныссæтдзыстæм, уæззау хæсты Фыд ызнагæн йæ сæр. Нæ уарзонад нæ тайдзæни, Нæдæр кæндзæни тар, Нæдæр æй дон фæласдзæни, Нæдæр æй судздзæн арт. Куы рараст дæн нæ рухс хæхтæй, Фæдисы Терк куы тахт, Æрхæндæг æмæ къулсæрæй Дæ цæстысыг æртагъд. Фæмысын æз дæ уарзон каст, Цæсты тыбар-тыбур, Дæ буц ныхас, дæ судзгæ маст, Мæ ахсджиаг, мæ хур! 1944 аз. 63
МАДЫ ЗÆРДÆ. Æхсæв уазæгуаты ’рцыди, Стъалыты йæ фæдыл сайы. Арвыл мæй æрттивгæ стылди, Тар кæмттæн сæ талынг тайы. Дон гуылфгæнгæ, ссæнды комæй, Куы ныккæрзы. куы ныззары, Згъоры тагъд æхсæвæй-бонæй, Уылæн уылæныл æппары. Хъæу хуыссы фæсхæст фæлладæй, Нал и, нал, йæ уынгты змæлæг. Тохы хъæр ма хъуысы дардæй, Сау мигъау æрбадти фæздæг. Хъæугæрон ирон хæдзарæй Иу хæстоны хъæрзын хъуысы, Рудзынгыл æм мæйрухс арвæй, Уайсадгæ, сындæг фæхъуызы. Ус, зæронд ус, ис йæ цуры. Бабæтты йын уый йæ цæфтæ, Мадау рынчыныл узæлы Æмæ ’рхæндæгæй куы дзуры: «Уыцы бон дæ знаг йæ разæй Уацары нæмгæ куы тардта, Скъуыди дур дæр ма дæ мастæй, Зæрдæ ’нцой бынат нæ ардта. Чиудтай ды бæгъæввад къахæй, Дæу сæ иу ысхуыста арцæй, Æмæ рахсыстæ, ныррызтæ, Де ’знагмæ цæхгæр фæзылдтæ. 64
Æмæ схъæр кодтай: «Цы домут, 0, цъаммар фашисттæ, — ’лгъыстаг! Марут мах, фæлæ йæ зонут, — Тагъд кæй сыскъуийдзæн уæ мыггаг!» Уайтагъд топпы хъæр фæцыди... Ды æвиппайды æрхаудтай, Салд зæхмæ дæ сæр æрхастай, Дурыл, тугкалгæ, ныттыхстæ. Уæд цъыфкъахæй, мидбыл худгæ, Де ’знаг ахызти дæ сæрты. Æз, мæ хур, фырмæстæй судзгæ, Ауадтæн дæумæ нæ кæртæй. Ризгæ дыл мæ къухтæ ’руагътон, Сгæрстон дын дæ тугдадзинтæ,. Æз дæ сæры цæф ысбастон, Стæй дæ сабыргай нæхимæ Сусæгæй тыххæйты схастон. Иу къуыримæ ницы ’мбæрстай, Ды сæнттæ дæ тæвдæй цагътай, Æмæ хъизæмар æвзæрстон». Цæф хæстон æм сабыр хъуыста, Ус æм кæд дзырдта иронау, Гъе уæддæр æй уый æмбæрста, Хатыд æй зæрдæйæ ’нцонæй. Тарф рынчын ыстынмæ хъавыд, Фæлæ нæй... рыстысты зæнгтæ... Цæсгом уайтагъд туджы разылд. Æмæ та æрхауд фæстæмæ. «’Нцад æрхуысс, хъæбул, дæ уатыл!» Сабыргай йын мад куы загъта. Схæцыд ын уæлдæр йæ базыл, Рынчын дæр йæхи æруагъта. «Ох, нана» — сындæг ысдзырдта. Кæд йæ мад йæ цæстыл уайы, Каед, миййаг, йæ мад ысхуыдта Уыцы урсдзыкку нанайы, Мадау уацайраджы сæрыл Уд нывондæн чи æрхаста, Æви ’рбалæууыд йæ зæрдыл, Дард цы буц мады ныууагъта. б Плиты Харнтон 65
ЦЪИТИ ’МÆ МÆЙАУ КÆРÆДЗИ РÆВДЫДТАМ Рынчындон. А ’зæр та æрдзыл фæлгæсын: Хæхтыл æрæнцади цъитийы риу. Мæй йæм, æрттивгæ, цъæх арвæй æркæсы. Райгæ, узæлгæ, сæ бæллиц ысиу. Рудзынджы размæ —- дыууæ талм бæласы, Бон сыл йæ рухс тынтæ байзæры хур. Дымгæ сын, узгæ, сæ сыфтæртæ фасы, Бæлæстæн хъуысы сæ сыбар-сыбур. Дидинæг дыргъдоны кувы йæ сæрæй, Хъуысы мæлгъæвзагæй цъиутæн сæ зард. Мах дæр, мæ хуры хай, бонæй, æхсæвæй Адджынæй иумæ æрвыстам нæ цард. Цъити ’мæ мæйау кæрæдзи рæвдыдтам. Ацы бæлæстæ куыд кæнынц сыр-сыр, Афтæ-иу буцæй нæ фæндтæ фæдзырдтам, Уарзты узæлдæй уыд зæрдæ фæндыр. Не ’знаг нын уыцы цард халыммæ хъавы. Зæрдæ фырмæстæй æхсиды, фыцы. Хур дæр мæ абон, мæ къона, нæ тавы. Знаджы сæттынм’æ та тохмæ тындзын. Кировобад, госпнталь 1943 аз. 66
НЫХАС МÆ БÆХИМÆ I Фæллад дæ, о мæ бæх, фæллад дæ! Нырма нæ байсысти дæ хид. Мæздæджы быдырты фæуадтæ. Дæ пака фындзæй хъуыст æхситт. Æмæ мæ кард цæхæртæ калдта, Ды та бырстай æмæ бырстай. Дæ къæхты бын ызнаджы надтай, Ды мын мæ зæрды уаг. зыдтай, Фæсабыр хæст... Ныр уал æрулæф! Цъæх кæрдæгыл дæ фаг фæхиз! Куы ’рбадыма фæздæгджын уддзæф, Куы райхъуыса: «Фæдис! фæдис!», Хъæудзæн та знагыл уæд ныббырсын, Йæ туг куыд акæна лæсæн. Æмæ дын рагацау фæдзæхсын: Куы баййафа тæвд наемыг мæн, Уæд-иу хæххон уадау нæ хъæумæ Фæтæх, дæ къæхтæй зæхх ныххой! Нæ сых куы ’рбамбырд уой нæ кæртмæ, Уæд-иу сын ракæн ды мæ кой! 67
II Байхъус мæм, саулохаг, байхъус дзæбæх! Кæртæй-иу райсомæй хъуысти дæ уаст. Кодтай-иу къахындзæг, хостай-иу зæхх, Ме ’рдæм-иу рудзынгмæ скодтай дæ каст. Саргъдыл-иу бавæрдтон, де ’хтæнгтæ—’лвæст. Иу ран кæм лæууыдтæ! — рохтæ тыдтай. Уадау мæ скъæфтай, кæм дыл хæцыд цæст! Комвæзты, хъугæмтты размæ бырстай. Хъазæн рæсугъд фæзы хъазт-иу куы стынг, Фæндыры цагъдмæ-иу кафыдтæ уæд. Риуы-иу зæрдæ куы фестади зынг. Арт уыди зæрдæ, нæ кодта уый мæт! Фæлæ нæ бæстæм, æххормаг сырдау, Хинæй æрбабырста сусæгæй знаг, — Адæмы зæрдæ йæ митæй ныссау, — Тауы нæ зæххыл йæ хъæстæ, йæ марг. Нал дæн хæцынхъом: фæцæф дæн, мæ бæх!— Тохы тæмæнмæ æрвитын æз дæу. Тохы быдырты-иу уарийау тæх! Не ’знаджы ныхмæ-иу фидар фæлæуу! Уый-иу зæвæтæй, армаццагæй цæв! Уымæн йæ хъустæ дæндагæй ыстон! Размæ-иу барæджы ’нæцудгæ скъæф! Аив дыл баддзæни барджын хæстон. Æмæ куы ’рцæуа нæ фыдгул ыссæст, — Талынг æхсæвау та атайдзæн маст; Цардæй уыдзыстæм рæвдыд æмæ ’фсæст. Кæртæй та хъуысдзæн дæ мыр-мыр, дæ уаст. 68
МÆН ТАВТА ДÆ ЦÆСТЫТЫ РУХС Мах Ерманы фæзы куы симдтам цъæх нæууыл, Мæ зæрдæ уæд байстай мæнæн. Ныр дæр мæ нæ рох кæны, зæрдыл æрлæууы Дæ рæсугъд цæстыты тæмæн. Æз симдтон, Фатъимæт, уæнгтæрогæй дардыл Дæуимæ кæркуасæнты онг. Нæ фæндыры цагъдмæ бæрзонд хох дæр зарыд, Æруагъта нæм бæлас йæ цонг. Куыд хъæлдзæг уыдыстæм, куыд уæзданæй симдтам, Куыд нæм худтис мидбылты мæй. Фæлæ дын фæраст дæн уынгæг тохы сидтмæ, Фæхицæн дæн, о, хур, дæуæй. Фæцыдысты азтæ. Æз истон ызнагæй Нæ мæстытæ. Алкæм æдзух Мæ хъустыл фæндыры хъæр уади зылангæй. Мæн тавта дæ цæстыты рухс. 69
ЗЫЛАНГГÆНГÆЙÆ ХЪУЫСТ МÆ ЗАРЫН Фыдыбæстæйыл зынг куы судза, Æвгъау уæд макуы скæ дæ цард. Хæсты быдыры — стыр æрдузы Æрттывта, ’хситгæнгæ, мæ кард. Мæ саулохаг тыдта йæ рохтæ, Фыртæвдæй калд йæ комы фынк, Бырста æппынæдзух дæр тохмæ, Нæ хæцыд зæххыл, сызнæт тынг. Æмæ, сæгуытау, размæ уади. Йæ сæррæттыл нæ хæцыд цæст. Фыдгулы туг æнæвгъау калди, Цыдис нæ къæхты бын ыссæст. Зыланггæнгæйæ хъуыст мæ зарын, Æз худтæн мидбылты фæлмæн, Ызнаг куы мæцыд туджы малы, Куы ’рцыд йæхи зæххыл дæрæн. 1942 аз. 70
БÆГЪАТЫРÆН (Инæлар Цæллыккаты Хъ. ныгæнгæйæ) Куыннæ рисса, куыннæ тона нæ зæрдæ! Куыннæ судза нæ цæстысыгæй рус! Куыннæ ’ркъул уой, куыннæ ’ркъул уой нæ сæртæ, Мæстæлгъæдæй дæ ингæны уæлхъус! Бæллыдыстæм, цæмæй хæсты быдырæй Фæзынай ды Ирыстонмæ фæсхæст. Фæлæ ныр ды дæ сау мæрдон чырынæй Нæй, нал ыстыс, куы нæ ’рттивы дæ цæст. Бырстай, бырстай Хъырымы хæхты уадау, Æрвнæрæгау, дæ тохы хъæр нæрыд. Фыдызнаг-иу, дæ карды дзæхстæй хаудта, Дæ къæхты бын йæ сау туджы мæцыд. Фæлæ æваст уæззау цæфтæй куы стыхстæ, Бæллыдаис дæ Иры фендмæ уæд. Кæд агуырдтай, миййаг дæ зынг цæстытæй Дæ хæлæртты, дæ буц хоты æппæт. Кæд де ’фсадæн бырсыны дзырд лæвæрдтай, Æмæ йæ раттын нал бантыст дæуæн. Дæ бæх та зæхх кæд хоста ’ндон цæфхæдтæй, Кæд уасыди, кæд нал ардта лæууæн. 71
Нæ рацыд мад, дзыкку тонгæ, дæ размæ, Йæ хъарæджы нæ ракодта дæ кой. Куы нæ лæууыд дæ фыд, йæ цæссыг калгæ, Дæ уæлхъус ныр йæ къæдз лæдзæджы ’нцой. Кæй уарзтай бирæ, уыцы дзыллæ гъеныр Дæ уæлмæрды нырхæндæг и, нынкъард, Зæгъæм ма дын фæстаг хæрзбон, Хъантсмыр. Дæ цырты раз хæрæм дæ номæй ард: Нæ судзгæ маст фыдгултæй ист æрцæудзæн. Кæндзыстæм йемæ ’науæрдонæй тох, Æмæ рæхджы йæ сау туджы фæмæцдзæн. Дæу та, герой, нæ фæкæндзыстæм рох. 72
ПЛАТАНЫ БÆЛАС (Балладæ) Сау денджыз. Стырсыф платаны бæлас Сусу-бусуйæ куы кæны ныхас. Денджыз дæр райдайы ’хсæвыгон дардæй Зарджытæ зарын платаныл æнкъардæй. Линкоры наудзог платаны хæд бын Сфæнд кодта чызгæн фæндараст зæгъын. Стъалытæ, цыма сæ сæрмæ æруарыд, Денджыз сæ разы æрхæндæгæй зарыд. Хъуыста платан-бæлас: чызгæн æнцад Наудзог куыд дзырдта йæ уарзондзинад. Загъта йын: «Ам та уæлахизы фæстæ Хъæлдзæгæй иумæ æрвитдзыстæм рæстæг». Фæлæ нæ фæзынд ныфсæвæрды бон: — Знаг ын йæ линкор фæкодта дæлдон. Ракодта уыцы цау денджыз платанæн. Загъта платан та уый наудзоджы къайæн. Сау денджыз. Стырсыф платаны бæлас Сусу-бусуйæ куы кæны ныхас. Денджыз дæр райдайы ’хсæвыгон дардæй Зарджытæ зарын платаныл æнкъардæи. 73
ÆНÆНОМ ХÆСТОНЫ ЦЫРТ Фыдуаг Терк, фынккалгæ, фæйлаугæ, кæм уайы, Бæрзонд хъæз дымгæмæ кæм кæны сыф-сыф, Хæрзколд урс бæрз-бæлас уым иунæгæй зайы, Цъæх дары йæ къæбæлдзыг къалиутыл сыф. Йæ фарсмæ ис амад хуымæтæджы дурæй Æнæном хъæбатыр хæстонæн йæ цырт, — Æрцæуы йæм фиййау æд уадындз йæ цурмæ, Æрцæуы æмæ йын æрцæгъды йæ цыт. Йæ ныхас дæр Теркæн кæд ууыл фæхъуысы, Хъæбатыр салдаты куыд айста мæлæт. Кæмдæр та ныййарæг йæ хъæбулы мысы: Цæмæй зоны, ам у йæ дарæг ныгæд. Сæуæхсидкуы ссудзы сырх пиллонæй хæхтыл, Фæстаг хатт ма стъалы куы ферттивы дард, Уæд булæмæргъ цыртмæ хъыггæнгæ æртæхы, Хæстон лæджы цытыл фæхъуысы йæ зард. 1945 аз. 3^>
БЫДЫР, РÆВДАУЫС ДЫ МÆН...
«изг^^е^ф0 КОЛХОЗОН БРИГАД Колхозон хъугæмттæ худынц, Гауызяу — се ’вæрд, сæ конд, 'Фсирджын сырх мæнæутæ кувынц. Дарынц сæ сæртæ бæрзонд. Хур сыл хæрдгæ тынтæй хъазы, Мæнæу — кæрдинаг, фæкьул. Афтæ ма ног чындз ныффасы Уаты йæ дзыккутæ зул. Растдæр фæсахсæвæр иумæ Рараст колхозон бригад. Дзаг ысты цннæй сæ риутæ, Зиуы нæ зонынц фæллад. Арвы рæсугъд тыгъд быдырæй Мæй сæм æрдардта цырагъ; Авналынц дардыл æмгуырæй, — Ахæм æхсæв сын — зынаргъ. Хæхты æрныгуылди дзаг мæй, Хуым дæр хæрз æфснайд фæци. Хур та æрбазынди рагъæй, Рухс тынтæ таугæ цыди. 1931 аз. 17
ЗÆРДÆ НЫРРУХС ВÆЙЙЫ Рог дымгæ райсомæй, узæлгæ, радымы, Бур-бурид мæнæуты сабыргай фасы. Мæнæ колхозон фæтæн æмæ даргъ хуымы Æфсир, сæр-сæргæнгæ, зæхмæ æртасы. Уылæн, фæйлаугæйæ, уылæны баййафы, Асимынц æфсиртæ хъазты чызджытау. Хур сыл йæ фæлмæн зæлдаг тынтæ рауафы, Нæмгуытæ ’рттивынц, сызгъæрин фæрдгуытау. Æфсиртæм бавналын, армæй сæ асæрфын, — Дысоны ’взист æртæх цадæггай тайы. Мæнæуы уылæнтыл цæст æз куы ахæссын, — Зæрдæ ныррухс вæййы, зад хуымтæй райы. 73
НÆ ФÆЗЗÆГ, НÆ ЗЫМÆГ - ФÆРНЫГ Мæстджын арв хъуынтъызæй йæ цæссыг куы калдта, Тызмæгæй-иу уад дæр тымыгътæ куы хаста, Куы ма-иу æмбæрзта нæ быдырты мит, Зæрин хуры цæст-иу куы ныккаст, куы сыгъта, Уæддæр-иу æмхуызон бæрзонддæр æнтыстмæ Куыстуарзаг колхозон колхозонмæ сидт. Фæлдæхта-иу трактор зæрæстон быдыртæ... Рывта сын сæ хæмпæл, æхсæста цъæх хуымтæ, Хæмпус уыди хуымгæнд, къуыбар дзы нæ зынд. Æвзаргæ нæмыг дзы ыставд æфсир уагъта, Йæ зæлдаг тынтæй сæ сызгъæрин хур тавта; Нæ мæнæу, цъæх денджызау, дардыл ныззылд. Колхозоны зæрдæ йæ фæллойæ райы. Цыллæгъуыз мæнæутæ æркæрды, æфснайы; Цæппузырау хурмæ æрттивы нæмыг... Æгæрон быдыртæй æрластам нæ хортæ, Сырх-сырхид мæнæутæй та се ’дзаг — нæ гонтæ, Нæ фæззæг, нæ зымæг — бæркадджын, фæрныг. 79
БЫДЫР, РÆВДАУЫС ДЫ МÆН Быдьгр, Туркмены лæгъз быдыр, Зæрдæ дæ уындæй ныррухс. Бæмбæджы къудзиты сыр-сыр Дымгæмæ ахсы мæ хъус. Ног митау, урс-урсид дары Дардыл дæ бæмбæг дæуæн. Къоппæй йæ пух дзыкку сдары, Раст, цыма, худы фæлмæн. Хурмæ æврагъ дæр ма афтæ Спух вæййы, калы тæмæн. Цинæй мыл базыртæ бафты, Сцæйтæхын маргъы хуызæн. 80
ИУУЫЛ СЫЗГЪÆРИН ДÆ Быдыр, куыд рæсугъд дæ! Быдыр, цæй зад дæ! Иууыл сызгъæрин дæ, Иууыл бæркад дæ. Бур гага зад мæнæу Мæнæ куы фæкъул, Даргъ æмæ ставд æфсир Зæхмæ ныззæбул. Адæмæй базмæлæн Нал ис дæ риуыл. Дардыл, фæдисæттау, Авнæлдтой иууыл: Цæвджытæ ферттивынц, Зарынц æхситтæй. Уылæнтау карст мæнæу Афæрсыл уистæй. Дасынц комбайнхæ Лæгъз фæзты хортæ. Цъупдзагæй машинæ Фæндагыл згъоры. Быдыр, куыд рæсугъд дæ! Быдыр, цæй зад дæ! Иууыл сызгъæрин дæ! Иууыл бæркад дæ! 6 Плиты Харитон
ЦИУ, ЦЫМÆ, ÆНÆ ДÆУ ЦАРД! Лен1г фæкæныс, хур, цъæх арвыл, Зæхх ды бандавыс бæстон. Алвисыс дæ тынтæ дардыл, Æмæ худы, райы бон. Цъититæн хъæбыс ныккæныс, Кæмттыл байтауыс дæ хЫз. Хæхты цъуппытыл узæлыс, Скалыс быдыртæн сæ хуыз* Дыргъ дæумæ йæхи фæдары, Уый дæуæй вæййы хæрзад. Мыдыбындз дæр мыд ыссары. Халсарæн ды дæ йæ мад. Æрдз дæ ракастæй æрттивы. Анывæнды зарæг маргъ. Зæхх йæ уынд дæ тавдæй ивы. Нæй дæуæн дунейыл аргъ. Дзыллæтæн ды дæ сæ бæллиц. Ды сæ цин дæ, ды — сæ зард. Хур, ды амондæн — йæ къæбиц, Циу, цымæ, æнæ дæу цард! 82
СÆУМÆ РАЙСОМ Сæуæхсид та æрвгæрæтты, Тæмæн калгæ, ыссыгъд. Нæ быдырты уæрæх тæрттыл Рæуæг дымгæ æрзылд. Къуыззиттæй зары булæмæргъ, Хъæд райдыдта сæр-сæр, Фæйлауы та нæ бур мæнæу, Æркъул кодта йæ сæр. Нæ хъæубæстæ æмхуызонæй Сæ зад хуымтæм тырнынц, Æвзонг фæсивæд хъугомæй Сæ зарджытæ кæнынц. Фырцинæй кафы хъал зæрдæ, Нæ фæндтæ сты рæстмæ, Æмæ ныл базад базыртæ Бæркадхæссæг куыстмæ! 83
УÆД ÆДЗУХДÆР ЗАРЫ ÆМÆ ЗАРЫ Уый куы кусы колхозон дыргъдоны, Хос цъынамæ сагойæ куы ’ппары, Къудзийæ сæнæфсиртæ куы тоны, Уæд æдзухдæр зары æмæ зары. Хъуг куы дуцы, кæвдæстæ куы ’фснайы, Ноггуырд родтæн хъарм æхсыр куы дары, Уый куы ’лвисы, донмæ йе куы уайы, Уæд æдзухдæр зары æмæ зары. Уадз, рæсугъд чызг зарæд æмæ зарæд, Зарæгимæ амондджын уыдзæни. Зарæгимæ царды цин ыссардзæн, Йемæ райгуырд, — йемæ уый цæрдзæни. 84
ХÆХХОН УАЛДЗÆГ Фæзынди уалдзæг, Нæ хъæлдзæг уалдзæг, Фæдаргъ и бон. Ныррухс нæ зæрдæ, Бæллиццаг фæндтæн Кæм и кæрон! Цъæх-цъæхид арвæй Бæрзондæй, дардæй Ныккасти хур. Кæнынц нæ фæзты Рæхснæг бæлæстæ Сыбар-сыбур. Нæ уыгæрдæнты, Нæудзар фæтæнты У кæрдæг цъæх. Сырх дидинджытæй, Æрттизаг сыфтæй Фæлыст у зæхх. Ныннæрынц кæмттæ, Ызгъорынц дæттæ, Кæнынц сæр-сæр. Уæрæх сæрвæтты Хæрзхаст рæгъæуттæ Цæ1ъдынц сынæр.
ГЫЦЦИМÆ Гыцци, кæд митау сурс дæ сæр, Уæддæр дæ зæрдæ цинæй райы, — Нырма дæ цæстæнгас — цæхæр, Дæ ныфс, дæ бæллиц дæу нæ сайы. Куыннæ уай, куы, ды хъæлдзæг, буц! — Кæд та дын уалдзæг ныр дæ риумæ Рæвдаугæ бауагъта йæ рухс, Æдзух тырныс колхозон зиумæ. Кæд у дæ уарзон фырт герой, Æмæ уый тохы бон цъæх арвыл Куы тахт, уæд айхъуысти йæ кой Нæ кадджын рухс Цæдисы дардыл. Кæнæ дæ чызг, кæс-ма йæм ныр, Зæрдæрухсæй сырх мæнæу тауы, Йæ фæрцы колхозон быдыр Æрттивгæ дидинæг æфтауы. Ныр дæр та быдырмæ тырныс, Дæхи хъазуатонæй æвдисыс. Ыстыр æнтыстытæм бæллыс, Æмбæлттæм ерысæй фæсидыс, 1951 аз. 86
ДЫУУÆ ЧЫЗДЖЫ ЗАРЫНЦ Мæй та цырагъдарау арвæй æркаст. Хъæугæрон фæсивæд сарæзтой хъазт. Фæндыры тæнтæ ивазы Уардис, Цагъдимæ зары — йæ зæрды цы ис: «Ахæм лæппуйæ кæндзынæн æз мой, — Дзыппы кæмæн уа ирæдваг фæллой. Йе ’хситтæй бирæгъ кæмæн лидза дард, Хъазтæй кæмæн хъуыса аив йæ зард. Тъæнджы, мæй райсомæй йхын фæзыл Чи хъаза аив йæ саулох бæхыл». Лæппутæ, джихгæкгæ, чызгмæ кæсынц, Æмæ нæ хъал чызгыл худгæ кæнынц. Райста Фузæ дæр йæ буц фæндыр тагъд. Диссагæн баззад йæ зарæг, йæ цагъд, Дардыл ивазы йæ фæндыры тæн: «Зæрдæйы ахæм ныххиздзæн мæнæн, Чи уа хъæбатырдæр. Арвы быдыр Чи сгара тымыгъты, уарийау, ныр. Ахæм мой скæндзынæн, ахæм, мæ бон, Чи-иу рæдыдыл фæкæны фæсмон, Чи вæййы нозтæй та алкæд сæрхызт. Кады сырх фæйнæгыл чи ’рцæуы фьгст. Чи кæна цардимæ размæ æмцыд, Алкæд-дæр хистæрæн чи дæдта цыт». Лæппутæ, цингæнгæ, чызгмæ кæсынц, Мидбылты худгæ йын аосЬæ кæнынц. 87
ХЪÆУБÆСТЫ ’РХОНÆМ! Ерысæй бакуыстон О, хур, дæуимæ. Бирæ нын бантысти Рувгæйæ иумæ. Акæс-ма, быдырæй Зæрдæ куыд райы. Мæнæу мæ цæстытыл Фыны дæр уайы. Мæнæ нæ зад нартхор Сфардæг и арвмæ, Алыран, тархъæдау, Саухал куы дары. Фæззæг куыд хорз уыдзæн! — Цæстытыл хъазы. Дардыл фæсимдзыстæм Цъæх нæууыл хъазты. Скæнæм, нанайы хур, Скæнæм, мæ къона, Тагъддæр нæ чындзæхсæв, Хъæубæсты ’рхонæм! 88
ГЪЕЙ-ДЖИДИ! Уарыд... мæйдар æхсæв... Бадтæн цъæх айнæгыл. Иунæг сыбыртт дæр нæ хъуыст. Сау мигъ æрæнцади. Сабыр бæрзонд хæхтыл, — Скодта фыд уазал, фыд хъызт. Уазалæй баргъæвстæн, Ме ’уæнгтæ срызтысты, Фезмæлын нал уыд мæ бон. Былæй фæцæйхаудтæн. Дур мыл æрцæйтылди. Царæфтыд кодтон бынтон. Нарæг уынгæг комы Дымгæ сырды ниудау Хаста æхсæрдзæны хъæр. Зæрдæ нырхæндæг и, Цæссыг зæрдæбынæй Рустыл нызгъæлдтон æз дæр. Бонырдæм сау мигътæ Уайтагъд фæтар ысты. Хур та æркасти дзæбæх. Уый мæм йæ рухс тынтæ Худгæ æрнывæзта. Хуры тын фестади зæхх. Зары æхсæрдзæн дæр, Хурмæ йæ фынчытæ 89
Кодтой тыбар-тыбур дард. Мæргътæ мæ алыварс Кодтои пæррæстытæ, Айхъу’ысти кæмтты сæ зард. Хъазгæ ’мæ худгæйæ, Хæхтыл ысфардæг дæн, Зæрдæ уыд цинæй æфсæст. «Гъæй-джиди, дунейыл Афтæ куы ракæсид Хуры æрттивгæ зынг цæст!» У’Э
САБЫР ЦАРДЫ ЗАРÆГ Сабырдзинад у Бæстæйы фидыц. Кæс-ма, фырцинæй Нæ хæхтæ ризынц. Æмдых, æмзондæй Куыстмæ мах сидæм. Ыстыр заводтæн Æрзæт æрвитæм. Хъæздыг — нæ бæстæ: Нæ лæгъз быдырты — Рæхснæг бæлæстæй Хъæды тæлмытæ. Нæ дæттыл зилынц Егъау турбинтæ, Нæ кæмтты ’рттивынц Цырæгътæ минтæй. Хур арвæй махæн Йæ тынтæ ’рвиты, Нæ бæсты фарнæн Нæ хъару ’хсиды. Нæ къухты бафыст — Сабырдзинадыл; Ныннæрыд, айхъуыст Нæ хъæлæс дардыл. 91
НÆ ФÆСИВÆД ЗÆРДÆРАЙ ХЪУАМ)Æ УОЙ Сæрдыгон къæвда бæлæстæн сæ рыгтæ Ныхсадта. Акæс — фæндæгтæ сыгъдæг. Æрттивы æртæх сыфтæрыл цæссыгау, Риу сулæфы фæлмæн уæлдæф цæрдæг. Цы сатæг у, цы сатæг! Хорз бæллицтæ, Рæсугъд фæндтæ фæзынынц сæры ’васт. Кæнынц цъæх арвыл стъалытæ дæр цинтæ, Сæхи ныхсадтой, райгæ у сæ каст. Æнæ дымгæ. Сыр-сыр нæ кæны сыфтæр. Сабыр у бæстæ ’фсæрмдзæстыг чызгау. Æркафынц фæсивæд, сæ зард фæтынгдæр. Сæ хъазт, сæ кафтмæ чи ’рхæсдзæни фау! Сабыр уæд дуне! Дзыллæтæ ысиу уæнт! Хъæуы мах амонд, цард æмæ æнцой. Æрттивæнт арвыл стъалытæ, æрттивæнт! Нæ фæсивæд зæрдæрай хъуамæ уой! Оу^
УАРЗÆТТЫ ЗАРДЖЫТÆ
е^^^е’с^о МИЙЙАГ КУЫ НАЛ ФЕМБÆЛÆМ СОМ Цъæх-цъæхид арвы риуæй хур Тæмæнтæ калдта æмæ худт. Хæрдгæтæй æрдзыл уæфта тын, Æмæ та боны хъазт ыстынг. Æфцæджы сæрты уыд мæ балц, Идонæй, саргъæй — рæвдз мæ бæх; Хæххон йрдгæ дымдта дзæбæх, Ныппыхцыл саулохæн йæ барц. Хæл-хæлгæнгæйæ суадон тахт, Иæ цуры иу рæсугъд чызг бадт. Йæ уындæй не ’фсæсти мæ цæст. «Тæхуды, — загътон, — уымæ кæс!» Фæурæдтон мæ бæх æз ам... Æмæ йын радтон, ра, салам. Фæджих и чызг æмæ ныхъхъус. Иæ уындæй сонт зæрдæ ныррухс. «Нанайы чызг, нанайы хур, Мæ ком фырдойныйæ ныссур. Уæлбæхмæ ма мын авæр дон, Æмæ мæ балцы кой кæнон!» 95
Чызг мидбыл бахудти фæлМæН, Стæй залмысыфæй систа дон: Иæ рард куыд адджын уыд мæнæн, — Цыма æвдадзы хос нызтон. Уæд ме ’взаг нал арæхст куыддæр. — Цæй, д’ амонд хорз, хæрзбон, хæрзбон! — Рæсугъд фæндæгтыл цу, бæлццои! — Æмæ æркъул кодта йæ сæр. Мæ бæхмæ бавзыстон æваст, — Æмæ сæгуытау уади тагъд, Йæ хид йæ уæнтæй зæхмæ тагъд. Мæ фæстæ чызг æдзынæг каст. Бæргæ ма йæм мæ къух тылдтон, Фæлæ мæхинымæр дзырдтон: «Цæмæн ын загътон æз хæрзбон? — Миййаг куы нал сæмбæлæм сом». 96
* Зæрдæ æнцойад нæ ары. Мидбыл мæм худыс æдзух. Маргъау мæм ратæхы, маргъау, Алкæд дæ цæстыты рухс. Цæстыты рухс мæм, бæлгæйæ, Ма ’рвит, ма, дардæй, мæ бон. Рауай, дæуæн æз зæрдæйæ Зæрдæйы судзаг зæгъон! 7 Плиты Харитсш 97
* * * Сау æхсæв тарф фынтæй Зæрдæ нырхæндæг ис, Нал у æппындæр мæ бон. Уарзон, дæу мысгæйæ Зæрдæ куы сдзæгъæл ис, Æмæ нæ зонын, цы уон! Адджын, рæсугъд нывтæ Уайынц мæ цæстытыл, Семæ куы суынын æз дæу. Сайаг цæстæнгасæй Схæцыс ды де ’рфгуытыл, «Багъæц уал, багъæц, фæлæуу!»— Цыма фæзæгъыс ды, Æмæ мæ зæрдæйæн Циндзинад нæй, мæ хур, нæй. Де ’лхынцъ æрфгуытæй æз Нал дæн лæджы хуызæн, Æмæ цы бакæнон, цæй! Мидбьглты ’нæ хинæй Ме ’рдæм куы бахудыс — Буц вæййы зæрдæ дæуæй. Уазал къæвда бон мыл Уайтагъд куы схур вæййы Иунæг дæ худæндзæстæй. 1937 аз.
ДÆУЫЛ ФЕМБÆЛГÆЙÆ (Зарæг) Æз-иу куы фембæлын дæуыл, Уæд сагъæс, сау сагъæс мæныл, Цымæ, цы атыхсы? Цæмæн? Мæ бон нæу уый хатын мæнæн. Дæуыл куы фембæлын æваст, Уæд-иу мæ цæстытæн сæ каст, Цымæ, цæмæн вæййы уæндон? Мæнæн нæу уый хатын мæ бон. Æз-иу куы фембæлын дæуыл, Цы хур уæд ракæсы мæныл, Куыд тагъд мыл аивгъуыйы бон, Мæнæн нæу уый хатын мæ бон. Дæуыл куы фембæлын æваст, Мæнæн уæд атайы мæ маст, Мæ цинæн нал вæййы кæрон. Цæмæи, нæу уый хатын мæ бон. Дæуыл куы фембæлын, уæд-иу Цæмæн ысуадзы арт мæ риу? Куыд у дæ зæрдæйы фæндон, Мæнæн нæу уый хатын мæ бон! 99
ÆЗ ХУРЫ ТЫН ФЕДТОН ЙÆ ЦÆСТЫТЫ ’НГАСЫ Фæхъуызынц къуымбилгъуыз цъæх мигътæ, Сæ астæу æрныгъуылди, бафынæй мæй. Дон уайы, йæ уылæнтæ ивгæ, Йæ зарджытæ комæй фæтæхынц фæрнæй. Иæма кодта уасæг фыццаг уаст, Фæлыгътæн æз донбылмæ хъазтæй тæргай, Фæлыгътæн... Фæлæ мæм æрбараст, Йæ мидбылты худгæ, мæ уарзон чызгай. Йæ буц сæр мæ риуыл æруагъта. Сæрфта мын узæлгæ мæ рустæ фæлмæн. Ыстæй мын рæвдаугæйæ загъта: «Тæргæйттæ-ма ма кæн, тæргæйттæ, дæу дæн». Æз чызджы фæлмæн æнгас ахсын, Мæ зæрдæ мын судзы йæ уарзон ныхас. Æз хуры тын федтон йæ цæстыты ’нгасыл, Ныр уыцы хуры тын мæ риумæ ныхкаст. Нар, 1936 аз. 100
РАУАЙ!.. 0, рæсугъд чызгай, Уæ, мæ хуры хай, Сты дæ цæстытæ, Раст, ыстъалытау. Хур зæлдаг тынтæ Зæххыл байзæрста, Æмæ циндзинад Дуне бавзæрста. Дардмæ ферттивы Хъæлдзæг дидинæг, Цыма не ’хсæн у Уый нæ фидиуæг. Хæхтæй, цъититæй Ирдгæ расимы, Адджын аромат Йемæ рассивы. Бæрзы къалиутæм Ирдгæ сæвнæлдта, Сабыр базмæлынц Буцæй сыфтæртæ. Фæлæ, о мæ хур, Æрдзы циндзинад
Æз куы нæ хатон, — Нæй нын иудзинад. Мæн дæ рухс цæсгом Уацар бакодга. Мæн дæ уарзонад, О, куыд бадомдта! Зæрдæ ’фсæрмдзæстыг Ныр цæмæн фæци? Рауай, бамбарæм, Цæй, нæ кæрæдзи! 102
ÆНКЪАРД ВÆЙЙЫН ГЪЕУÆД, ÆНКЪАРД Куы фенын, мæ дуне, куы фенын Дæ рæсугъд сæнттæйдзаг цæстытæн Сæ хъæлдзæг, сæ узæлгæ каст, — Мæ зæрдæ сырх дидинæг фесты, Фæцух вæййын уайтагъд мæ рыстæй, Мæлгъæвзаг уæд фестын æваст. Куы-иу мын фæзæгъыс æргомæй Рæвдаугæ ’мæ худгæ дæ фæндтæ, Дæ рæсугъд бæллицтæ, мæ бон, Уæд хурæн йæ тынтæ уæлвонгæй М,æ зæрдæмæ ’ркæсынц нывæндгæ, Кæм вæййы мæ цинæн кæрон! Фæлæ мæм кæд зулмæ фæкæсыс, Дæ сæрмæ цыма мæн нæ хæссыс, Мæ цурæй куы фæлидзыс дард, Уæд хур мæн’æппындæр нæ тавы, Нæ мæм цæуы зарын, нæ кафын, Æнкъард вæййын гъеуæд, æнкъард. 1937 аз. 103
Уæ, мæ цæсты рухс, хъазтмæ Рауай, рауай-ма цæрдæг! Абон хуры ’рттивгæ кастæй Зæрдæ суадонау — сыгъдæг. Урс кæрц аппæрста нæ бæстæ, Скодта ног дари хæдон, — Калынц дидинæг нæ фæзтæ, Згъоры, зарæггæнгæ, дон. Рауай, цъæх нæууыл фæсимæм... Самон фæндыры тæнтæй! Уадз, дæ зæрдæ райа цинæй Мемæ уалдзæджы уындæй. 104
КУЫ МЫН РАТТИС ДÆ ЗÆРДÆ Æппæт уынгтæй фылдæр æз уарзын Нæ хъæуы иу хуымæтæг уынг. Цыма йæм хур рæсугъддæр хъазы, Цыма фæтавы ’рмæст уый тынг. Ис уыцы нарæг уынджы фарсмæ Гыццыл ныллæггомау хæдзар. Иæ рудзгуытæн сæ тæккæ размæ Ныззылди стыр тулдз бæлас дард. Сæ кæрæдзийæн уарзонадыл Кæнынц йæ сыфтæртæ ныхас. Куы хаттæй-хатт фæвæййынц батыл, Сыбар-сыбурæй у сæ хъазт. Цымæ, кæд фæбаддзыстæм иумæ Уæ тулдзы бын, мæ къона, кæд! Кæд бахиздзæни цин мæ риумæ, Æмæ кæд уыдзыстæм æмвæнд! Дæ фæлмæн зæрдæ мын лæварæн Куы раттис, м’ ахсджиаг, мæ бон, Кæм уаид, кæм, мæ зæрдæдарæн, Кæрон мæ цинæн уæд, кæрон! 105
ЛЕУАХИЙЫ БЫЛЫЛ Арв та сæгъы цæстау барухс, ныйирд. Хуры фæлмæн тынтæн хæхтыл — сæ сирд, Цъититы рустæн та батæ кæнынц. Мидбылты худы сывæллонау рындз. Леуахи уайы, ныккæны чыр-чыр. Не ’нцайы булæмæргъ зарынæй ныр. Ахсы рæсугъд зæлтæ, ахсы мæ хъус. Зæрдæ фырцинæй мæ риуы ныррухс. Сыфтæрты рог дымгæ фасы фæрсмæ. Бæрз бæлас тилы йæ цæнгтæ мæнмæ, — Урсдзыкку Леуахи, ме ’схæссæг мад, Бадын дæ былыл хъуыдыгæнгæ ’нцад. Дзау, 1938 аз. 106
УÆДÆ МÆ ЦÆСТЫ РУХС КÆМ И! Ыстылди арвыл мæй бæрзонд, Налхъуыт-налмасау бæстæ ’рттивы; Пырх калгæ, дуртыл уайы дон. Æхсæвон æрдз йæ цæсгом ивы, — Фæлæ хæстæг нæма у бон. Цъæх арвыл симæг мæй, æрка&Су— Ды ахсæв ма сцух у дæ хъазтæй, Мæ хъыгзæрдæмæ дæр ныккæс! Уæ, хъал дон, ма банцай дæ зардæй! — Кæннод æнкъард кæндзынæн æз. Æндæр кæмæн зæгъон мæ рис! Мæнмæ мæ хуры хай куы нæ ’рцыд, Кæд искæй дзырдтæй сайд фæци, Æви мæ мæтæй кæд фæлмæцы... Уæдæ мæ цæсты рухс кæм и! 107
ЛЕУАХИЙЫ БЫЛЫЛ Арв та сæгъы цæстау барухс, ныйирд. Хуры фæлмæн тынтæн хæхтыл — сæ сирд Цъититы рустæн та батæ кæнынц. Мидбылты худы сывæллонау рындз. Леуахи уайы, ныккæны чыр-чыр. Не ’нцайы булæмæргъ зарынæй ныр. Ахсы рæсугъд зæлтæ, ахсы мæ хъус. Зæрдæ фырцинæй мæ риуы ныррухс. Сыфтæрты рог дымгæ фасы фæрсмæ. Бæрз бæлас тилы йæ цæнгтæ мæнмæ, — Урсдзыкку Леуахи, ме ’схæссæг мад, Бадын дæ былыл хъуыдыгæнгæ ’нцад. Дзау, 1938 аз. 106
УÆДÆ МÆ ЦÆСТЫ РУХС КÆМ Ш Ыстылди арвыл мæй бæрзонд, Налхъуыт-налмасау бæстæ ’рттивы; Пырх калгæ, дуртыл уайы дон. Æхсæвон æрдз йæ цæсгом ивы, — Фæлæ хæстæг нæма у бон. Цъæх арвыл симæг мæй, æркæсу—— Ды ахсæв ма сцух у дæ хъазтæй, Мæ хъыгзæрдæмæ дæр ныккæс! Уæ, хъал дон, ма банцай дæ зардæй! — Кæннод æнкъард кæндзынæн æз. Æндæр кæмæн зæгъон мæ рис! Мæнмæ мæ хуры хай куы нæ ’рцыд, Кæд искæй дзырдтæй сайд фæци, Æви мæ мæтæй кæд фæлмæцы... Уæдæ мæ цæсты рухс кæм и! 107
ТАУ МÆНЫЛ ДÆ ТЫНТÆ, ТАУ! Уалæ арвыл симæг мæй, Буц у зæрдæ, буц, дæуæй! Де ’рттывдмæ, дæ бонæй уай, Уайы цæстытыл чызгай. Сау дзыккутæ — зулмæ фаст, Хуры тынтау уыд йæ каст. О, æхсæвы фидыц мæй, Курын, курын æз дæуæй, Тау мæныл дæ тынтæ, тау! Мидбыл худгæ мæ рæвдау! Кæд мæ сауæрфыг рæсугъд Уаид цæстытыл æдзух. 108
МÆНÆН НÆУ УЫЙ ЗÆГЪЫН МÆ БОН Æрттивы мæй, тæмæнтæ калы; Ныххудынц хæхтæ, хъазы дон. Цъæх арвы риуыл симы стъалы; Рæсугъд æрдзыл — æвзист хæдон. Дæу мысы ахæм æхсæв зæрдæ, Дæу фæрцы уарзын æрдзы æз. Фæлæ нæ зыныс ныр: Цы фæдæ? Кæм и дæ буц, фæлмæн хъæлæс? Фæрнæй йæхицæн стъалы симæд; Фæйлауæд комы дон зыдæй; Æвзистау хæхтæ дæр æрттивæнт, Йæхицæн хъазæд арвыл мæй. Мæ зæрдæмæ та рухс ныккæсдзæн, Мæнмæ та худдзынæ, мæ бон. Дæ фенд мын цас цинад æрхæсдзæн, Мæнæн нæу уый зæгъын мæ бон. 109
ЧЫЗДЖЫ САГЪÆС Булæмæргъæн хъæды Бацайдагъи зард: «Саурæсугъд чызгайæн Сæнади йæ цард. Зилы уый мæ фæстæ, Нал зоны æнцой. Нал хизы йæ сæрæй Фыны дæр мæ кой. Рагæй дæр мæ зардмæ Тынг кæны хæлæг. Бафæзмы мæ хъæлæс Сбады мæм хæстæг». Араст кодтон уайтагъд; Тархъæды зылдтæн. Нæй, сæ ран нæ ардтон Зарджыты зæлтæн. Бирæ дзы фæхаттæн, Бафæлладтæн тынг. Риуы та куыд сыгъди Уарзонады зынг. Фыны уыди, хъалы — Нал зыдтон æппын. Абон дæр ма хъæдмæ Джихауæй кæсын. 0, æвзонджы рæстæг, Диссаджы сæнттæ! Атæхынмæ маргъау Дардмæ стут цæттæ. 110
ДЫ КÆЙ ТЫХХÆЙ ЗАРЫС? О, мæ сыхаг, хъугдуцæг рæсугъд чызг, Зарыс ды сæумæцъæхæй æдзух. Зарджытæй мæнæн мæ зæрдæ ссудзыс, Ех, тæхуды, хъус æмæ дæм хъус! Сихорафон хъугомы куы кусын, — Байдайын дæм сусæгæй кæсын. Æз дæуæн дæ зарджытæм куы хъусын, Гъе уæд дын мæхи нымæр хъырнын. Дыргъдонмæ изæрыгон фæзыныс, О, рæсугъд чызг, худгæ хуры ’нгæс, Æмæ та дæ заргæйæ куы суынын, Уæд дæ уындæй нал фефсæды цæст. Ды цы домыс, ды кæй тыххæй зарыс? Цымæ, уымæй амондджындæр ис? Афтæ буц дæ зарджытæй кæй дарыс, Уый мыггагмæ арфæйаг фæцис. 1»!
МА МЫН КÆН ДÆ МИДБЫЛ ХУДТ ÆВГЪАУ Чидæр мæм æрбаппæрста æваст Рудзынгæй сырх дидинджыты баст. О, мæ сыхаг хъал чызгай, фыдуаг, Кæд ды уыдтæ, уый, мæ хур, миййаг. Хъазгæ мæ цæмæн кæныс, цæмæн? Дидинджытæ ма ’ппар, ма, мæнæн! Ратт мын, ратт, дæ зæрдæ ды фæлтау! Ма мын кæн дæ мидбыл худт æвгъау! 112
ИУВАРС МÆ Ц’ АЙСЫС ДÆХИ? Рагæй мæнæн ды мæ уарзон дæ, Гъеныр æнæ дæу куыд уон! Мысын æз, мысын мæ хъал бонтæ, — Нæу мын сæ мысын æнцон. Цæстытæ де ’рдын æрфгуыты бын Калынц, сырх зынгау, цæхæр. Хъæлдзæг дæ, хъæлдзæг, мæ хуры тын, Зилы дæ уындæй мæ сæр. Фæлæ мын «бон хорз» куы нал загътай, Тигъмæ цы скодтай дæ каст? Сайæн æнгасæй мын бауагътай Абон мæ зæрдæйы маст. Дидинæг фендау — дæ рухс цæсгом, Кондæй дæу хуызæн кæм и! Фæлæ, зæгъ-ма ныр дæ буц фæндон! Иуварс мæ ц’ айсыс дæхи? 8 Плиты Харитон ,1.13
ЦЫМÆ, ЦÆМÆН РАУАЙЫ АФТÆ? (Чызджы зарæг) Мах рагæй дæр куы нал æмбæлæм иумæ. Дæуæй дæн рох... ныххызти катай риумæ. Æрцыд мæныл фыд-зæрдæ ’мгары арфæ. Цымæ, цæмæн, цæмæн рауайы афтæ? Фæстаг хатт ма мах фембæлдыстæм хъазты, Фæлæ мæнырдæм зулмæ дæр нæ кастæ. Нæхимæ мæн куы нал кодтай фæндараст, — Цæссыджы фæд мæ цæстыхаутыл баззад. Цымæ, цæмæн, цæмæн рауайы афтæ? Кæйдæр зæрдæйы уарзонад нæ гуыры, Кæуылдæр та йæ мæтæй сагъæс бафты, Æмæ æндæры адджынæн нæ куры. М(в уарзондзинад ме ’нæнцой зæрдæиы Кæны æдзух рæхойæгау йæ фатæй. Йæ сагъæстæн кæрон та ма кæм вæййы? Цымæ, цæмæн, цæмæн рауайы афтæ? 114
КÆД МА ХÆЛАРÆН МЫСАЙ МÆН Кæддæр мæнæн, дæ хорз хæлар æмбалæн, Цæмæн, цæмæн загътай æргом Дæ сусæг сагъæстæ, мæ зæрдæдарæн? Ыстæй дæ уарзонæн йæ ном? Мæныл æваст мæ рухс дуне фæтары, Мæ чызгон сонт зæрдæ ныддур. Цæмæн нæ базыдтай мæ зæрдæ ссарын? Æз дæу куыд тынг уарзтон, мæ хур! Сымахæн уыд æмзæрдиуæг уæ хъысмæт. Йæ зæрдæ радта уый дæуæн. Кæд ма хæларæн мæн æнусмæ мысай, — Уæд дæ зæрдæлхæд æз фæдæн. 115
КУЫ РАФТАУЫ ДИДИНÆГ РОЗÆ Куы рафтауы дидинæг розæ, Куы ’рцæуы сырх макæн йæ рад, Фæмысын дæ гъеуæд, фæмысын, Фæмысын нæ уарзондзинад. Уæд мах ма æрыгон уыдыстæм, Кæ фарсмæ нæ куыройы раз Изæрты æмбæлдыстæм сæрды. Ныхæстæ-иу цас кодтам, цас! Æз розæ фыццаг хатт куы ’ртыдтон, Дæуæн æй уæд радтон, дæуæн! «О макуы мæ ферох кæн!» — загътон. Ды бахудтæ мидбыл фæлмæн. Ды дæр мын дæ къухмæрзæн гъеуæд Куы радтай хæларæй, мæ бон. Фæдзæхстай, цæмæй йæ дæ номыл Цæрæнбонтæм дарæг куыд уон. Дæ лæвар дын бавæрдтон хорзæй. Дæ сурæт нæ ферох мæнæй. Цы баци дæуæн та дæ розæ? Дæумæ ныр мæ кой, цымæ, нæй? Кæд афонмæ баруади розæ, Йæ дидинæг азгъæлд, миййаг, Кæд ферох дæн йемæ æнусмæ, Кæд сивтай дæ зæрдæйы уаг! 116
ФИАЛКÆТЫ БÆСТЫ МАХ АГУЫРДТАМ АМОНД Мах иухатт сæумæрайсом хъæдмæ цыдыстæм, Изæрмæ фæуын дзы уыдыстæм æнхъæл. Фиалкæтыл къутæрты ’хсæнты зылдыстæм. Зæрдæскъæфтæй фестæм мах уайтагъд дзæгъæл. Кæрæдзимæ сиу кодтон м’ армы тъæпæнтæ, Мæ былтæм сæ схастон, хъæр кодтон: «Ау-у!» Ныццарыдта тархъæд дæр уайтагъд йæ зæлтæй. Фæстæмæ мын чызг дæр дзуапп радта: «Ау-у!» Фиалкæты бæсты æз агуырдтон амонд. Цы ран уыд дæ зæрдæйы сусæг дæгъæл? Бæргæ ма, бæргæ ма фæмысын æз абон: Дæ рæвдыд ныхæстæ, дæ худты кæл-кæл. 117
УСГУР БАРÆГ Къаннæг хъæу хохрæбын баныгъуылд. Донæн йæ сæр-сæрæй арауы ком. Хурзæрин хъæлдзæгæй аныгуылд. Фиййæуттæ ’рыскъæрдтой хизæнтæй хъом. Саулох, йæ фындзæй æхситгæнгæ, Баскъæфта сиргæйæ хъæууынгты мæн. Хæдзæрттæй хурау æрттивгæйæ, Калдтой Ильичы цырæгътæ тæмæн. Уайтагъд нанайы чызг рудзынгæй Стъалыхуыз цæстытæй ракаст бынмæ. Дзыккутæ сфæйлауы сур дымгæ, Цæсгом ныррухс æмæ худти мæнмæ. Нал тасыд йе ’взаг ысдзурынмæ: Айдзаг и хъуыдытæй уайтагъд йæ сæр: «Агъæц, æрцыди мæм курынмæ». — Фестад йæ зæрдæ йæ риуы цæхæр. Фæндыры тæнтæ уый айвæзта, Йе ’нгуылдзтæй самоны диссаджы цагъд. Саулохаг кафынæй нал æфсæст, Йа-мардзæ, нал хæцы зæххыл йæ къах! 19^4 аа.
КÆЙ ХОРЗ ЧЫНДЗ УЫДЗÆНИ Уæвгæйæ, цы къухтæ ис уымæн, цы къухтæ! Цы мимæ бавнала, кæны уый рæсугъдтæ. Куы уафа зæлдагæй уый гауыз атласыл, Уæд дзы, цыма, дидинæг, арвырон хъазы. Уый уазæг куы ’рхоны — йæ фынг у бæркадджын. Хæмпус у йæ кæрдзын, йæ хæринаг — адджын. Хæрз сыгъдæг — сæ сара, сæ уынгтæ, сæ уæттæ. Сæ кæрт у хæрз æфснайд, ныббуц вæййы зæрдæ. Цы къухты хицау у, цы, — нæй сын фæллайæн. Гъе, усгур дæр ахæмы равзары къайæн. Куыд фæрныг фæуыдзæн — кæй хай уый кæндзæни, Цæй амондджын уыдзæн, кæй хорз чындз уыдзæни, 119
ХУРАУ РАКÆС МÆНМÆ! (Зарæг; Ракæс рудзынгæй, Саурæсугъд чызгай, Ракæс сау дыууæ цæстæй! Æз куы батадтæн, О, мæ хуры хай, Мæн цы марыс мæстæй! Ам дæ рудзынджы раз Æз æнкъардæй лæууын, Æз ыскатай вæййын, Уæ, мæ рухс хуры тын. Уæд дæ рудзынгмæ Æз куы бацæуын, Ды та бамбæхсыс дæхи. Уарзондзинадæй Æз куы басыгътæн, Уæд дæ зæрдæ кæм и? Кæд дæхинымæры Ды фæхудыс мæныл, Æз мæ судзгæ зæрдæ Никуы еивтон дæуыл. Æз дæ рæвдыд дзырд Ныр куы фехъусин»
0, куы банкъарин дæ цин! Ды мæн уарзыс, уый Æз куы базонин, — «Амондджын дæн» зæгъин. Ды — мæ рухс хуры хай, Ды мæ уды лæууæн. Хурау ракæс мæнмæ, Мидбыл бахуд фæлмæн! 3^>
МÆ ЧЫСЫЛ КÆСТÆРТÆ
<И5^»©е^е5^ ЛЕНИНЫ АМЫНД (Зарæг) Ахуырмæ махæн Фæндаг чи байгом кодта? Амондджын цард нын, Цымæ чи фенын кодта? — Ой æмæ Ленин — нæ фæтæг, Ой æмæ адæмы фæтæг. Хи хъæбултау нæ Цымæ чи афтæ уарзта? Адæмы бартыл, Цымæ чи йæ цард радта? — Ой æмæ Ленин — нæ уарзон, Ой æмæ Ленин, мæ хуртæ. Ленины амынд Цымæ чи баххæст кодта? — Ленины фæндтæ Дарддæр чи анывæзта? — Ой æмæ парти — нæ дарæг, Ой æмæ Ленины парти. Цымæ нæ мадау Афтæ чи фæрæвдауы? Цымæ ныл хурау Дзæбæх чи йæ тын тауы? — Ой æмæ парти, мæ хуртæ, Ой æмæ Ленины парти. 125
ИНАЛ (Зарæг) Нанайы зæрдæ, ой, Иналæй райы, ой, Нана Иналы Æрвыл бон найы, Æрвыл бон найы, гъей! Нана Иналмæ, ой, Рæвдаугæ зилы, ой, Йæ буц лæппумæ Йæ къух фæтилы, Йæ къух фæтилы, гъей! — Æруай-ма ардæм, ой, Гага дын раттон, ой, Хъæрмуст доны дæ Дзæбæх ныннайон, Дзæбæх ныннайон, гъей! Инал фæхуды, ой, Æрбады тасы, ой, Лæппын бабызау Уый доны хъазы, Уый доны хъазы, гъей! Æрбакæсут-ма, ой, Сыгъдæг — йæ дарæс, ой, Инал ысрæсугъд, Инал — хæрз арæзт, Инал — хæрз арæзт, гъей! 126
ХУИЙÆГ Мæ куклайæн куы хуыдтон Хæдон, хæлаф, хъæццул... Уæд хорз кæрдын нæ зыдтон, Уæд-иу мæ карст фæзул. Мæ къухы-иу мæ судзин Хуийгæ-хуийын фæныхст, Æндах дæр-иу ныссуйтæ, Нылхынцъытæ, ыстыхст... Ныр мæн хуийæг фæхонынц, Бæгуыдæр дæн хуийæг. Уый ме ’мбæлттæ куы зонынц, — Фæцæуынц мæм уынæг. 127
ГÆДЫ ÆМÆ ЙÆ ЛÆППЫНТÆ Дыууæ лæппыны — Нæ цъæх гæдыйæн. Нæ фæцух вæййынц Сæ кæрæдзийæ. Сæ мад сæ дары Иæ хъарм хъæбысы, Хъырнгæйæ иумæ Æнцад фæхуыссынц. Куы райхъал вæййынц Гыццыл лæппынтæ, Уæд мады сæрты Кæнынц гæппытæ. Нæ уаты къуымты Кæрæдзи сурынц, Тæбын къуыбылой Сæ разæй тулынц; Мыст æй æнхъæлынц, Мыстау дзы хъазынц, Сæ цыргъ ныхтæй йæ Сæхимæ ласынц. Сæ иу ыслæууы Йæ фæстаг къæхтыл Æмæ уæлгоммæ Æрхауы зæххыл. 128
Йæ фарсмæ иннæ Цæрдæг æрхуыссы. Кæрæдзи хъуыртыл Æнгом ныттыхсынц. Дыууæ лæппыны — Нæ цъæх гæдыйæн, Нæ фæцух вæййынц Сæ кæрæдзийæ. & Плнты Харитон 129
САБИЙЫ БÆЛЛИЦ Йе ’скъоламæ тагъд-тагъд Рацæйцыд Илас. Хæдтæхæг фæцæйтахт, Лæппу йæм ыскаст. Бабæллыд æм, худы, Дзуры йæм хъæрæй: — О, тæхæг, тæхуды, Гъеныр фест дæуæй! Ды æппæтæй раздæр Хуры тын уыныс," Дардыл у дæ каст дæр, Бирæ дæм и ныфс. Феныс хæхтæ, фæзтæ, Денджызтæ, Мæскуы. Тархъæды бæлæстæ Феныс ды, бæгуы. Абон уал цы кæнон Æз дæумæ хæлæг! Скъола каст куы фæуон — Æз куы^с^он тæхæг, — Хæдтæхæгæн дардыл Анæрдзæн йæ хъæр, Уæд тæхдзынæй арвыл Раст дæуау æз дæр. 130
УАЛДЗÆГ Уалдзæг æрбалæууыд, Батæфсти зæхх. Дæттæ та райдыдтой Кæмтты сæх-сæх. Сыфтæр фæхæцыди Бæлæстыл ныр. Кæрдæгæй сфидыдта Райдзаст быдыр. Бахуды дидинæг, — Æрдзы лæвар. Фиййæуттæн райхъуысы Рæгътæй сæ зард. Хур нæм, тын уафгæйæ, Худгæ æркаст. Мæргътæ сæ уасынæй Сарæзтой хъазт. Сабитæ цъæх нæууæй Нал цæуынц, нал. Уалдзæг сæ бæллиц у — Уарзон æмбал. 131
ХЪÆЛДЗÆГ УАЛДЗÆГ НÆМ ÆРЦЫДИ Хъæлдзæг уалдзæг нæм æрцыди. Бæлас рафтыдта сыфтæр. Мæнæ гоппой-цъиу фæзынди. Райхъуыст суадæтты сæр-сæр. Калы хурзæрин цæхæртæ, Мæргътæн азæлы сæ зард. Райы æрдзы уындæй зæрдæ, Дуне райхъал, худы цард. 132
РАУАР, КЪÆВДА! Мигъты мигъ фæрсудзæд, пирæд! Уар ныл, къæвда, бон-изæрмæ! Зæхх дын, уадз, дæ уымæл цъирæд! Мах дæм кастыстæм æнхъæлмæ. Уæд уыдзæни кæрдæг сойджын. Бирæ ’хсыр нæ хъуг дæр ратдзæн. Быдыртæ уыдзысты хорджын. Дидинæг йæ хорз тæф уадздзæн. Цырд æм мыдыбындз тæхдзæни, Махæн бирæ мыд дæтдзæни. Дыргъ æрзайдзæн стыр бæлæстыл. Уæлдæф сатæг уыдзæн фæзтыл. Рауар, къæвда, рауар тынгдæр! Зæхх ныскъуыдтæ ис æмбойны, Басыгътой йæ хуры тынтæ, Рауар, басæтт ын йæ дойны! 133
ГОКО МÆМ УАСЫ Райсомæй рагацау Уаты куы хуыссын, Гъеуæд мæм Гокойы Уасын фæхъуысы. Гоко мæм асинтыл Сызгъоры, хъазгæ. Уый мæ сæумæрайсом Агуры, уасгæ. Гоко мæм бацæуы, Сабыргай суасы. Гокойы бафсадын, — Схуыссы мæ разы. 134
ХÆХХОН РАЙСОМ Хуры тын цъуппытыл хъазы, Айнæгмæ худгæ кæсы, Бæлæстæн се ’ртæхтæ нуазы, Сыфтæртыл узгæ тыхсы. Фосы дзуг сыздæхти фахсыл, Хизынц ма сæрвæтты хъом. Фиййау йæ уадындзæй уасы, Азæлы зарæгæй ком. Къæйтыл æхсæрдзæн ыстæлфы, Сæмбæлы дуртыл йæ цæф. Хъæубæстæм рог ирдгæ скъæфы Нæзытæн, назтæн сæ тæф. Арвыл хæрæ мигътæ тайынц. Рухс зæрдæ нал у фынæй. Сабитæ ахуырмæ уайынц Хъæлдзæгæй, заргæ, фæрнæй. 135
гыцци Бирæ фæрæвдыдтай, Уæ гыцци, мæн, Арæх-иу аргъæуттæ Кодтай мæнæн. Хъарм-иу мæ бамбæрзтай, «Хур» мæ хуыдтай, «Ахуысс мын, айрæз мын!» — Заргæ дзырдтай. Буцæй дæ хъæбысы Схастон мæ рæз. Ракæс-ма, абон дын Ногдзау дæн æз! Уарзын мæ чингуытæ, Уарзын мæ хъæу, Уарзын Фыдыбæстæ, Уарзын æз дæу. 136
писмо Цæры Гуыбады интернаты, Æрбаймысыди ныр йæ мады. Сæхирдæм рудзынгæй кæсы, Æрбадт æмæ писмо фыссы: «Гыцци, æхсайы дæм мæ зæрдæ. Дадайæн-иу мын ратт салам. Ызнон мын рарвыста æхсæртæ, Æз та йын фервитын мæ къам. Рæхджы мæхæдæг дæр фæцæуын, Нæ доны ахсдзынæн кæсаг. Гыцци, дæ фенынмæ куыд бæллын! Хъæбыстæ мын кæнис, хæрзаг». 137
МÆРГЪТЫ ФЕРМÆ Урсæй дард зыны нæ фермæ... Айтынг й’ алыварс цъæх фæз. Акæны Гыцци мæн йемæ, — У мæхи Гыцци кæркгæс. Мæргътæ зад кæрдæгыл хизынц, Цъиутæ балгæйттæй хуыссынц: Хурмæ, ног митау, æрттивынц, Æмæ хуртуанау зынынц. Уасæг уæлкъуыппæй ныууасы. Карк ын хъахъатæй хъырны. Цадмæ хъаз йæхи нылласы. Бабыз дæр дзы ленк кæны. Æз æххуыс кæнын Гыццийæн: Мæргъты бадæнтæ сæрфын, Куы нæмгуытæ раттын цъиутæн, Куы сæ чыргъæдтæм хæссын. 138
ХЪÆДЫ Диссаг у сæрдыгон хъæды: Цъæх сыфтæр æрттивы хурмæ. Ризы уддзæфмæ хъæлæрдзы Зад цупæлттæй зулмæ. Саунæмыг фырзадæй цуды, Æмæ, сау цæстау, фæлгæсы. Мæцкъуы схъулон æмæ худы. Сыхсы сыфтæрты æмбæхсы. Арæгъæд и ныр мæнæргъы. Уагъылы фæсырх гæзæмæ. Гагадыргътæ сæрды дæргъы Сабитæм кæсынц æнхъæлмæ. 139
СУАДОН ÆМÆ ЛÆППУ Уазал суадон уайы, Дуртæ, хуыртæ найы. Иу лæппу йæ цуры Абадт æмæ дзуры: — Авгау ды рæсуг дæ, Хъазгæ æмæ худгæ, Зæгъ, цы ранæй уайыс? Ды куыд нæ фæллайыс? — Цъититæй лæдæрсын, Чыс-къæйты æмбæрзын, Æз фæллад нæ зонын, Быдыртæм ызгъорын. — Уым цы куыст фæкæныс? Ау, куыд сыл æххæссыс? — Ис ма мын æмбæлттæ, — Уартæ фахсы дæттæ — Баиу вæййæм кæмтты, Зилæм уым турбинтæ, Гэсты рухсæй хъæутæ Стъалытау æрттивынц. Нартхæрттæ, мæнæутæ, Бафсæдынц нæ донæй. Колхозы рæгъæуттæ Басæттынц сæ дойны. 140
Дыргъдæпы бæлæсты Бауымæл фæхъæуы. Дон хæссынмæ фæзты Дондзау дæр фæцæуы. Сывæллæттæ хурмæ Рацæуынц нæ цурмæ. Махимæ фæуайынц, Хорз сæхи фæнайынц. Цæй, хæрзбон, мæ бæлон! Æз нæ дæн æвдæлон! Зон, мæ фæндаг даргъ у, Рæстæг мын зынаргъ у. 141
ТУЗАР Зайы дыргъдоны фæткъуытæ, Сты хæрзад æмæ рæгъæд. Хур сыл байтыдта йæ тынтæ, Сты бæрзонд кауæй æхгæд. Иу бон райсомæй сæ цурты Цыд, хъуыдыгæнгæ, Тузар: «Ех, куы уаид мæн, тæхуды, Уыдонæй æрмæст цыппар...» Кауыл бахызт, хъавгæ бараст, Сбырыд бæласмæ цæрдæг. Алырдæм тæрсгæйæ акаст. Нæй йæ къалиуыл уынæг. Байдзаг кодта цырд йæ тæрттæ... Бæласæй куыддæр æрхызт, Афтæ дыргъдонгæсы кæртæй Рауад иу хъуынджын къæбыс. Лæппу рацæйхызти кауыл, Рагæпп кæнын уыд æнхъæл, Фæлæ йын йæ ног хæлафæй Къæбыс атыдта гæппæл. Хорзау уæд Тузар куы нал уыд, Кауæй раппæрста йæхи. Кауы михыл хæдон аскъуыд... Лæппу згъорынмæ фæци. 142
Рыджы ставд фæткъуытæ тулынц. Скатай и Тузар, кæуы. Йе ’мбæлттæ йæ фæстæ худынц, Загътой: «Афтæ дын хъæуы». Ныр куыд бацæуа йæ мадмæ, Ныр цы ссардзæни æфсон? Хъæуыл айхъуысдзæн — кæй давта. Æмæ райдыдта фæсмон... 143
ÆРÆГВÆЗЗÆГ Бацыди фæззæг йæ рады, Быдыртæ ивынц сæ хуыз. Кæрдæгыл халас æрбады. Мигътæ та систы хъуынтъыз. Ногуард мит рæгътæ æмбæрзы. Не ’ндавы раздæрау хур. Рог дымгæ бауигъы бæрзы. Адардтой бæлæстæ бур. Мæргътæн сæ зарæг æрмынæг. Бацыд сæ зымæгæй тас. Акæс-ма, махæн нæ тыллæг Цас у нæ гонты ныр, цас! 144
МÆРГЬТÆ ТÆХЫНЦ Кæмттæй дымгæ дымы, Мигъ уæззаугай лæсы. Хъæд дзыгъуырæй лæууы, Джихæй бæлас кæсы. Мæргътæ къордтæ кæнынц, Хъарм бæстæтæм тæхынц, Æмæ стынг и сæ хъазт, Дардыл хъуысы сæ уаст. 10 Плиты Харитон 145
ХЪЫЗТ БОНЫ Бирæгъау, дымгæ нынниуы, Кæмтты ныккæны къуыззитт. Бæлæсты цæнгтæ ныууигъы, Рудзгуытæм бакалы мит. Мах та нæ райдзаст хæдзары Аргъæуттæ радгай кæнæм; Зæронд дада дæр нын зары, Мах та йын иумæ хъырнæм. Къæбыла слæууыд нæ разы, Комкоммæ махмæ кæсы. Бур гæды уæргæ цъынддзастæй Пецы бын хъармы хуыссы. 146
НАЗ БÆЛАС Нæ цъæх наз бæлас, Кæцæй фæзындтæ? Нæ зæрдæ барухс Дæ конд, дæ уындæй. Бæрæгбонгъуыз дæ, Цæхæртæ калыс. Рæсугъд хæзнатæй Дæуæн — дæ дарæс. Чызгæй, лæппуйæ Дæ фæрст’ы зилæм, Æмæ дæм райгæ Нæ къухтæ тилæм. Æгас æрцæуай, Нæ цъæх наз бæлас, Ды нæм æрхуыдтай Хъæлдзæгæй Ног аз. ®/1>
СÆЛИМÆТ (КАДÆГ)
*<5>э©в<^>» Ресы хох — хæхтæй бæрзонддæр, Дардыл ныззылди уæрæх. Диссаг куыд нæ у йæ конд дæр! — Иууыл — цъæх-айнæг къæдзæх. Цъуппытæй цъититæ ’рттивынц... Хæхтæн — æнусмæ æлдар... Зæйуæтты, тигътыл фæхизынц Тæппуд сычъитæ дзæвгар. Мигътæ йæ сæрмæ лæгæрдынц, Рындзмæ æдзухæй — сæ сидт. Зымтæ йæ фæхстæй фæлгæсынц, Хъуысы сæ цъæхснаг къуыззитт. Балгай йыл цæргæстæ зилынц, Бархи, уæгъдибар — сæ хъазт. Уæлдæфы ’нæнкъуысгæ симынц, Не ’мбарынц сагъæс, нæ — маст. Фесхъиуы урсбарц æхсæрдзæн, Айнæг — йæ хауæн къæсæр. Калы фæйнæрдæм æнхъæвзæн,. Къæдзæхтыл хойы йæ сæр. 151
Ресæн йæ бынты, фынк калгæ, Арауы Санаты-дон, Згъоры, дзыназгæ, фæйлаугæ, Айтыгъта комыл йæ рон. I Ракæс-ма, Ресы хох, ракæс, — Адæмæй байдзаг дæ раз! Хуссары лыгъдæтты сагъæс Æрдзыл дæр бафтыдта маст. Се ’ргъæмттæй с’ астæутæ тасынц. Гом къæхтæн хъары сæ туг. Хохыл лæгуæрдæттæ ласынц, Чи та дзы сифтыгъта хъуг. Дзидзидай сабитæн хъуысы Кæмтты сæ цъæхахст, кæуын. Дзыллæты рисæй нæ сысы Суадæтты ризгæ хъæрзын. Лидзынц æргъæвст адæм цъасмæ, Не ’нцайы уады сыф-сыф. Фосы уаст, адæмы мастмæ Хъæд дæр нызгъалы йæ сыф. Хъæутæй фæлыгъдысты куийтæ, Лæгæттæй ниугæ рæйынц. Рагон хъуынасæр мæсгуытæ Къуылдымтыл джихæй лæууынц, II Урс гварди бацахста фæзтæ, Алырдæм хъомпал кæнынц; Скодтой хæстæввонг сæ гæрзтæ, Марынæввонгæй кæсынц. Аззади сидзæр, гæмæхæй Тхъиауы! быдыр æваст, 1 Хъæу, Сталиниряй 18 километрь* дæлдæр. 152
Хоры тау бахсыдтой бæхтæ, Хъуысы сæ мыр-мыр, сæ уаст. Туджы бон бацыд йæ рады, Жгъенти! куы дауы йæ кард. Знаг Квинитадзе2 уым бады, Ратты йæ кæстæртæн бар: — Сызмæлыд Хуссар Ирыстон, Слæууыд нæ ныхмæ уæндон, Хъуамæ фæуа уый гæныстон, Байсæфа хъуамæ бынтон! Размæ ут! — йе ’фсæдтæн дзуры, Бирæгътау знагмæ кæсут! Дур дзы куыд нæ уал уа дурыл, Кард æмæ арцæй цæвут! Наутыл нæм рарвыста Англис, Хойраг, хæцæнгарз, бæхтæ. Абон йæ минæвар ам ис, Ноджы дæр ратдзæн тыхтæ. III |Конев,з Джугъели^ æвирхъау Бафтыдтой Хуссарыл арт. Сау фæздæг мигъы къуымбилау, Кæмттæ ’мæ хæхтыл æрбадт. Тигъæй Джугъели фæлгæсы Сау æхсæв мæйдары дард, Абон æм диссаг фæкæсы, Æртыты фенгæйæ, цард; (Афтæ ма басыгъта Римы Иу æхсæв раджы Нерон, 1 Меньшевикты гвардийы командыгæиæг. 2 Меньшевикты штабы хицау. 3 Инæлар, меньшевик, Джугъелийы æххуысгæнæг. 4 Æфхæрæг отряды раздзог. 153
Зæрдæ ныррухс и йæ риудл, Нал уыд йæ цинæн кæрон...) Тарст адæм хъæууынгты згъорьшц, Уадзынц сæ мæгуыр фæллой. Устытæ дзыккутæ тонынц, Знаг сæ фæкодта сæргой. Мадæлтæ авдæнты бастæй Сабиты се ’ккой хæссынц; Се ’рдиаг, судзгæ цъæхахстæй Зæрдæйы тугтæ кæлынц. IV Арвы дуар фегом. Тæрккъæвда Хойы сæх-сæхгæнгæ зæхх. Арвырттывд калы йæ фæттæ, Ахсы сæ айнæг-къæдзæх. Пацъа-дон арф адаг къахы, Ниуы, дзыназы, кæуы, Рагон бæлæсты фæлдахы, Уый раз цы фидар лæууы! Сызнæт и, ссæнды, лæгæрды, Не ’мбары адæмы рыст. Нарæг хид уымæн — йæ сæрты. Чи хæссы ууыл йæ ныфс!.. Лыгъдæттæ хидыл хæлæфæй Размæ тыгуырæй бырсынц. Адæмæй, фосæй, фæллæйттæй Пацъайы гуылфмæ кæлынц. Мæнæ та къамбецтыл, галтыл Агтæ, чырынтæ — уæргъбаст. Дзой-дзой куы кæнынц фæлладæй, Асхъиудтой донмæ æваст. V Уанел у къаннæг хъæу, райдзаст, Й’алыварс — тæрс æмæ наз; 154
Джермугъæй! хуры тын бакаст, — Хъазæн уæрæх фæз — йæ раз. Хъæуæн йæ астæуты знæтæй Комыдон ирдæй тæхы. Калы йæ фьгнчытæ къæйтæм, Бур хъуына дурты æхсы. Лыгъдæттæй фæсвæндаг иу ус Бастади, нал у йæ бон: Суынгæг йæ зæрдæ, ныффæлурс, Агуры адæргæй дон. Чи йæм фæкæса йæ тыхсты? Чи йæм фæдара йæ цæст?— Кæд æмæ йемæ уыдысты Йе ’нахъом сабитæ ’рмæст. Ус ма йæ дыууæ хъæбулмæ Дзуры рæвдаугæ сындæг: «Лыгъдæтты фæстæ, мæ хуртæ, Уайут уæхæдæг цæрдæг! Æмæ нæ хъæуккæгты ссарут! Фидар фæлæуут зынтæн! Араст ут! Ам мæ ныууадзут, Знаг кæд нæ бафхæрид мæн!» Сидзæр æфсымæртæ иумæ Мадæн хъæбыстæ кæнынц. 'Руагътой сæ сæртæ йæ риумæ, Стæй йын хæрзæбон зæгъынц. Æфсад æрбаййæфтой мады, Иу æм дзы фездæхта бæх, — Къæхты бын сау рыг ыскалди, Цæфхæдтæ акъахтой зæхх. Ус ма йæм бадардта, хъавгæ, Къухтæ, кæны йын лæгъстæ: 1 Уанелы галиу фарсырдыгæй стыр х.охы ном» 155
«Хорз лæг тæригъæд мын бакæ! Ма ныццæв, ма, мæн рæстæй!» Знаг æм æхсаргард ысласта — Акалдта хурмæ цæхæр. Иу цъыкк уæлбæхæй нылласта — Атахти усæн йæ сæр. Мæнæ-ма царциаты диссаг! Бавзæрста не ’знаг йæ тых. Раджы Мамай, уæд Чингисхан Иры куы ныккодтой пырх, Усы уæд ничи ныццавта, — Уый сæм-иу худинаг каст. Абон Джугъели ныккалдта Сидзæрты мадыл йæ маст. VI Сармадзан кæмтты ныннæры. Хæхтæ æмызмæлд кæнынц. Арты цъæх пиллон цæхæры Нæмгуыты схъистæ тæхынц. Бæстыл бæзйжын фæздæг атыхст, Ресмæ фæхæссы фыдуац: Фидæрттæм сау фыдгул бахызт, Самæсти тугæй йæ арц. Ссардтой дзы бирæтæ с’ адзал, Баййæфтой адæмы маст. Иннæты ингæны уазал Карз тохы бауагъта тас# Фæлæ нæ сахъгуырд хæстонтæм Нал баззад гилдзытæ фаг. Урс бирæгъ рагæй ифтонг уыд, — Урс бандæ — адæмы знаг. Бархийыл хæцæг æфсæдтæ Къордгай Цæгатмæ цæуынц. 156
Сидынц сæ хæстон æмбæлттæм, Зæрдæты стыр ныфс хæссынц. VII Ресы бын судзы цырынæй Фугæйы къалиутæй арт. Бадынц"’йæ фарсмæ тыгуырæй Адæм — æххормаг, æнкъард. Чи дзы йæ кæрцыл æрхуыссыд, Дуртæ йæ нывæрзæн — конд, Чи та йæ тухитæ мысыд, Адзæгъæл дардыл йæ зонд. Цъититæй ирдгæ æрсимы. Арт дæр ысуадзы фæздæг. Уæларты аджы æхсиды Хъоло, цæхæра, хуырхæг. Мигъы къæм арвыл нæ зыны, Стъалытæ -калынц цæхæр; Бонвæрнон рагъмæ фæтырны. Азæлы донæн йæ хъæр. Цалхыдзаг, уайсадгæ, тулы Арвæн йæ астæуты мæй, Сæрттывтой фæзтæ ’мæ къултæ Мæйæн йæ фæлурс тынтæй. Дымгæ йæ бæхыл ысхъазы... Адæм фæлладæй хуыссынц. Дардæй æхсæрдзæн дзыназы, Гоби къæдзæхтæ хъæрзынц. Мад ма йæ хъæбулты фондзæй Батыхта нымæты хъарм: Тарф фынæй баисты стонгæй Йе ’нахъом сабитæ ам. Хорзæй хъæбатыр Дзæрæхы Хохæгтæ се ’ппæт зыдтой; 157
Тохы уыд фидар, къæдзæхау, Адæм æй раст лæг хуыдтой. Диссаджы кусæг, сабырзонд, Алчи йæм кодта хæлæг, Арæхстджын, тасаг уæнгты конд, — Йе ’мгæрттæй дардта бæрæг: Бинонтæн уый уыд сæ дарæг; Галау уæхскуæзæй куыста. Дугъы-иу — раззагдæр барæг; Мил-иу рæстдзæвин æхста. Заводмæ кусынмæ ацыд. Уым дæр уыд кадджын, нымад. Бамбæрста, бæстыл кæй разылд Ныр революцийы рад. Калакæй Хуссары Ирмæ Партийæ уый уыд æрвыст, Дарддæр Гуырдзыимæ иумæ’ Сусæг цæмæй уа сæ куыст. * * Рустæм ныййарæг лæбуры Æмæ йæ хъарæг цæуы. Дзыкку бындзыггай рæдувы, Уæрджытæ хойы, цæвы. Фехста йын меныневик-тугдзых Абон йæ иунæг фырты. Цæнгтæ йæ фæрстыл æртухы, Зæххыл дæлгæмттæ кæны: «Оххай, мæ царды ныфсдæттæг, Ме’рттиваг стъалы, Дзæрæх! Знаг дæ фæкодта фыдвæззæг, Баззад дзæгъæлæй дæ бæх. 158
Цæй-ма, куыд нæ кæнон хъарæг! Мастæй мæ зæрдæ — тыппыр! Чи ма уыдзæни нæ дарæг? Авдæй цы кæндзыстæм ныр? Айсæнт нæ судзгæ тæригъæд, Бабын уа уастæн сæ сæр. Махау дзæгъæлæй фæниуæнт Уыдон ныййарджытæ дæр. Мæнæ Сæлимæт — дæ хойæн Зæрдæ йæ риуы ныддур, Дунейыл бамыр æмбойны, Батар и ууыл йæ хур». VIII Бады æнкъардæй Сæлимæт, Нал хæцы цæстыл хуыссæг. Йе ’гъдау æмæ йын йæ сурæт Никуы ныффысдзæн фыссæг: Дондзастæй цæстытæ змæлынц, Ферттивынц стъалытау, раст. Дзыккутæ зæххыл ныдзæвынц, Бурбын хæрдгæ быдæй — баст, Сатæгсау — йе ’рдын æрфгуытæ. Уадултæй мæйтæ кæсынц. Денджызы хъазау — йæ хъуыртæ. Риутæ къуыбыртæй лæууынц. Даргъ нарæг астæу, гуырвидауц. Базмæлыцц былтæ сындæг. Дæндæгтæ митау æрттивынц, Сау ыстъæлф русыл — бæрæг. Цагъта-иу хъазты фæндырæй, Симынмæ — денджызон хъаз. Уымæ-иу хохæй, быдырæй Курджытæ цас цыдис, цас! 159
Чи-иу цæстмæ митæй кафты Хъаматæй систа дзæхст-дзæхст. Чызг дæр-иу зилдухыл бафтыд, Ууыл нæ хæцыди цæст. Чи та йæ саулохыл хъазыд Фæзы Сæлимæты цур, Чызг-иу сæм худгæ нæ разынд — Уымæй сæ зæрдæ ныддур. Иуæн дæр разы нæ кодта, Никæмæн бавæрдта ныфс, Зæрдæ Махарбеджы домдта, Цæстытыл уади йæ хуыз. Фæндыр æрбайста Сæлимæт, Хъарæджы цагъд дзы кæны, Тынг æй æрбалхъивы риумæ. Цæссыг фæрдыггай кæлы. Уайынц йæ цæстытыл, уайынц Уарзон Махарбег, Дзæрæх... Сагъæстæ уæлдæфы тайынц, Хъус’ы сæм айнæг-къæдзæх: — Афонмæ балгай уæ сæрмæ Сынтытæ зилдух кæнынц. Йе та уæм мæйдары хъæдæй Стонг сырдтæ смудгæ цæуынц. Бонвæрнон, стъалыты ивæг, Чи зоны, федтай сæ ды. Ракæс-ма, ма фæкæн зивæг, Туджы кæм ысты æвдылд! Арвæн йæ уæрæхтыл тулæг, Цалхыдзаг, ленкгæнæг мæй! Ахсæв дæуæй дæн æз курæг, — Бамбар мæ сагъæстæ, цæй. Афæлгæс туджы ’вдылд зæхмæ! Фаг-иу мæ бæсты фæкæс 160
Уарзон Махарбег, Дзæрæхмæ. Бафыстой кадæй сæ хæс. Аскъуыйай, атъæппуай, айнæг! Дзурын дæуæн дæр мæ хъаст. Хурсыгъд сыфтæрау куы ’руайын, Не ’мбарыс, нæ, ды мæ маст. Урсдзыкку уазал æхсæрдзæн, Калыс мæнау ды цæссыг, Гъеныр мæнæй уый куыд цæрдзæн Ракалд мæ царды мæсыг! IX Уайы Æррадон тызмæгæй, Къæйтыл хъуырдухæн кæны. Хъуысы хъæлæба хæстæгæй. Арты сырх пиллон кæлы. Стигъджытæ цалдæрæй бадынц. Стонг сырды цæстæй кæсынц. Марынмæ, байсынмæ хъавынц, Дардыл уьшаффæ хæссынц. Мæнæ сæ фарсмæ — сæ бæхтæ, Идæттæй бæлæстæм — баст. Ауыгъд — сæ уæйлаг нымæттæ, Хотыхтæй — йедзаг сæ раз. Рагæй сæ митæ сты хъуыстгонд. Нæй сæм лæджы зæрдæ, ’гъдау. Бастыгътой лыгъдæтты дысон. Ратардтой ардæм рæгъау. Карз арахъхъ бацыд сæ сæрты. Физонæг уæхстыл фыцынц; Кæстæр сын нард фыд æркæрды, 'Нæ мæтæй минас кæнынц. Урсытæн кодтой лæггæдтæ, Мулк дæр ыссывтой сæ фаг. 11 Плиты Харитон 161
Амыдтой знаджы æфсæдтæн Сырх партизантæм фæндаг. Уыдон — гадзрахат, уæйгæнæг, Жгъентимæ хастой ныхас, Уымæн — йæ зæвæттæ стæрæг, Ахуыр къæбылайау, раст. Уый сын Жордания* загъта, Уымæн уыдысты æлхæд. Уый дзырдæй лыгъдæтты цагътой, — Бирæтæ фесты æвæд. * * Бадынц гæрзифтонгæй хъæды... Хистæр сын дзуры: — Цæуæм! Ахсæв цæмæ бадæм уæгъды, Исты амал та кæнæм! Ресы бын лыгъдæттæ джиуынц. Уым и Сæлимæт дæр, уым, Стъалытау цæстытæ ’рттивынц. Хуры цæсгомау — йæ уынд. Цæй-ма, Тасолтан, куыд зæгъыс?! Махæн ныр уырдæм — фæндаг! Уыцы бæлоны куы ’рхæссис, — Кафид дæ зæрдæ хæрзаг! Уый дыл-иу авæрдта фаутæ, Уый дæ нæ хаста сæрмæ, Никуы дæм ракасти уатæй, Гъеныр йае рохтæ — дæумæ! — X Барджытæ мæйрухсы уайынц, Цæст сæ æвзары дзæбæх; Цæфхæдтæ стъæлфæнтæ скалынц, Ризы сæ къæхты бын зæхх. *) Меньшевикты хицауады слргълæууæг. 162
Сауарæзт сæргътæ — сæ бæхтыл, Æхтæнгтæ — фидар, æлвæст, Гилдзытæ — ауыгъд сæ рæгътыл, Хъамайæ, топпæй — æххæст. Разæй Тасолтан ыскъæры, Гопмæ æртасыд йæ гуыр, Сау худ — къæбæлдзыг — йæ сæрыл, Ивазы размæ йæ хьуыр. Бæхæн нысхъæли йæ бæрзæй, Барæджы риугæрон — сæр, Систы сæнт урс фынк йæ фæрстæ. Азæлы цæфхæдты хъæр. Тоны йæ рохтæ йæ тыхæй; Къæбæлтæ ’ууилы, хæры; Хъуысы сæ зыланг йæ дзыхæй, Уарийау комы тæхы. # н- Чызгмæ æргæпп кодтой бæхтæй, Анæрыд топпы гæрах... Бинонтæ скуыдтой фыртæссæй* Нал сæ уыд туджы æртах... Тæссæй ныккæрзыд Сæлимæт; Афтæ уынæргъы сæгуыт. Базыдта йе сæфт, йæ хъысмæт, Аууонмæ балыгъди цырд. Уайтагъд Тасолтан ныццавта Уарийау чызгыл йæхи, Фидар æй фæсарцмæ баста... Бæхыл хъуырдухæн цыди. Уайынц гæппдугъæй сæ бæхтæ,- Хъуысы сæ фындзтæй æхситт, 163
Уæнгтæй æрлæдæрсы зæхмæ, Сапоны фынкау, сæ хид. Даргъ дзыкку сæрьгл ныппыхцыл — Удхар Сæлимæт кæны, Суайы лыстæг хуыр йæ ныхыл, Æмæ фæлмæцы, кæуы. — Дæндæгтæй къухтæм лæбуры, Бæхæй æппары йæхи. Барджыты раздзæуæг дзуры: — Айсæм уал хъæдмæ нæхи! Банцай дæ куыдæй, къуыдайраг! Цин кæнай хъуамæ, — зæгъы, Бæхы ныццæвы йæ барæг. Бæх дæр та уадау тæхы. Ниуы хæкъуырццæй Сæлимæт: «Гауыртæ, суадзут мæ, тагъд!..» Иуварс æрбазылдта нымæт, Хъамамæ скодтаг'йæ хъавд. Барæджы сау хъама сласта, Феуæгъд уал кодта йæ баст Æмæ йæ сонтау фæсагъта Йе ’знаджы зæрдæйы ’васт. Стæй та Тасолтаны фарсæй Дамбаца фелвæста цырд. Барæджы фесхуыста саргъæй, — Расхъиудта, баци æмыр. Айрох и чызгæй йæ ниуын, Разынд хъæбатыр, уæндон. Фехста... йæ фыдгултæй иуыл Батар и уайтагъд йæ @он. Саргъыл Сæлимæт æрбадти, Идоныл фидар хæцы. Саулох æнæцудгæ уади. Комы сæт зæхмæ кæлы. 164
Сурынц æй цалдæрæй иумæ. Бæхтæн сæ лæнк-лæнк цæуы~, Бацыди тасы Сæлимæт, Бæхы æнæвгъау тæры. Асаст йæ хъару йæ бæхæн, Гъестæй æвиппайды ’рхауд. Чызг уæд æргæпп кодта зæхмæ. Саулох фæхуыдуг, фæмард. Æмæ Сæлимæт ныррызти. Арцау йæ сæрыхъуын сбадт. Иу сыбыртт дзыхæй нæ хъуысти. Тар ныв йæ цæстытыл уад. Зæрдæ йæ риуы фæтоны, Зæрдæ нæ уромы маст. Азгъордта рындзы кæронмæ. Арф комы донмæ ныккаст. Абухы ивылд дон арсау — Диссаг кæлæнтæ фæци. Мæнæ Сæлимæт, кæсагау, Гуылфмæ нывзылдта йæхи. * Дон ын йæ дзыккутæ фасы, Æмæ йыл марой кæны... Тархъæдæй сидахъ ныууасы, Уыг дæр æнкъардæй кæуы. 1931 — 1932 аз. 165
ФÆНДАГ (КАДÆГ)
<^^^0«^^ I Айнæг-хæхтæн, сау къæдзæхтæн Тар, хъуынтъызæй у сæ каст. Уый цы дзурынц, цымæ ’врæгътæ*. Цымæ сын цы кæнынц хъаст? Цымæ уый цы ’згъæлы ихау? Комы Леуахи цы смал? Ризы хох, фæвæййы джихау, — Айнæгæн йæ сиукъ æркалд. Дуры дур йæ разæй суры; Къæдзæх рафæлдæхт, кæс-ма! Гуыпп æмæ гыбар-гыбурæй Хъустæ бавæййынц къуырма! Уый ныр арв миййаг нæ нæры, Мигъ нæ ныллæууыд уырдыг, — Кусджытæ уый хæхтæ гæрдынц, Сыстад зилдухгæнгæ рыг. Æмæ се ’хсæн ерыс райтынг, Мачи сæ уа, ма, фæстаг! Бон, æхсæв æппын нæ хатынц, Хæхтæм аразынц фæндаг. 169
Дон ныр нал хойдзæни къæйтыл Барæджы æд бæх, æд уаргъ, Фæндаг айтынг хæхты фæхстыл, Кæс, æмвæтæнæй ныддаргъ. Уый куыд хорз фидауы къултыл! — Цыма арвырон у, раст, Рæвдз ызгъордзæн уым хæдтулгæ, Уый фынгау у лæгъз, æдас. Уартæ Ручъы фæстæ хъуамæ Тъунел байгом кæна дуар; Уый у цины уац мыггагмæ, Уый æрхæсдзæн махæн фарн. Æрæхсæв. «Авд хойы» æрсимынц, Хæххон рæсугъд чызджытау, раст. Сæхимæ Бонвæрнонмæ сидынц, Цæмæй уа хъæлдзæгдæр сæ хъазт. Цæст æрдзы нывтæ дардыл ахсы; Мæйрухсмæ бонау бæстæ срухс. Гæзæмæ дымгæ сиргæ хъазы. Уынæрæй кæмттæн нæй ысцух! Ныззарынц кусджытæ... гæрæхтæ... Дзæбуджы гуыппытæ нæрынц. Уæлæуæз сау ыстыр къæдзæхтæ Сæ зарджытæм зыланг кæнынц: «Багъæцут, сау хæхтæ, Фендзыстут абон! — Фарн æмæ амонд, Фарн æмæ амонд! Айнæг-къæдзæхтæ Бындзарæй фæлдахæм! — Никуы ’рцыд ахæм. Никуы ’рцыд ахæм. 170
Бирæ æргъæмттæ-иу Хастам уæ тигътыл,— Уайдзыстут хидгыл. Уайдзыстут хидтыл. Згъордзæн уæ бынты ныр Машинæ дисæн, — Райгонд — уæ фидæн. Райгонд — уæ фидæн». * Ысдардта хур йæ цæст фæсрагъæй, Фæлмæн æрнывæзта йæ тын. Дон зары. Байдзаг тархъæд маргъæй, Фæлыгъд тæргайгондæй йæ фын. Йæ тæмæны та стыр куыст бацыд, Зæрондæй, ногæй гъæйтт кæнынц. Цæуы зæронд Леуан сæ разæй. Æргæрдынц сау хохæн йæ рындз. Леуан у намысджын йæ зондæй. Иæ фæзылд — рог, йæ февнæлд — арт. Сæрæн куыд нæ уа уый зæрондæй, Кæд ногæй райгуырди йæ цард! Сындæг йæ уæззау бæлдо райсы, Æндон буры ныххафы, стæй Ныссадзы лом къæдзæхы фасты, — Ысхъиуынц даргъ къæйтæ зæйтæй. Куы та йæ уæлвæд арф ныззилы Цъæх айнæгæн йæ риуы брау, Æмæ уым ауадзы фитилы, — Йæ фæздæг слæууы хъен, цыртау. Йæ аууоны нæзы бæласæн Фæллад кусджытæ бадынц ныр. 171
Сæ ныхас — хъæлдзæг æмæ хъазæн, Лёуан ма ’хсæды фалдæр хуыр. Нырма Дзæгъæлгомы уыдьгсты. Æрцыд фыдбылыз ам кæддæр. Леуан йæ ивгъуыд бонтæ мысы. Хъуыдыты аныгъуылд куыддæр. Æрыгон фæсивæд æм дзурынц: «Дæхимæ кæс, кæлы дыл хох!» Леуан ныхъхъус и, сбадти дурыл, Цыма йыл сæмбæлди фыдох. Æрбамбырд фæсивæд йæ цуры, Фæрсынц æй: «Циу, зæгъ-ма нын, цæй!» Леуан сын, сагъæсгæнгæ, дзуры, Цы федта раджы ам зынтæй. II «Чъребамæ*1 сабийæ Ацыдтæн хорхæссæг, Баппæрстон бæхыл мæ уаргъ. Мемæ — нæ хъæуккæгтæ, Уыдон дæр — хордзæуттæ. Фæндаг — зынвадат, ныддаргъ. Разæй, ныхасгæнгæ, Хауæнтæ хъахъхъæнгæ, Урсбоцъо Негор цыди; ...«Сæрсæфæн лæбырдты Бæхтыл куыннæ бадат, — Байсафдзæн исчи йæхи». Цъититы ирдгæ-иу Зæронды зачъетæ Зулмæ йæ риуьгл уызта. Тухи, фыдбонтæ-иу Рагæй фыдвæндæгтыл Хордзауæй Негор уыдта. * Ныры Сталинир. 172
Рухсæй ма Уанелмæ Схæццæ стæм. Уалынмæ Асадын райдыдта арв. Гоби, бæрзонд хæхтæ Уайтагъд ныхъхъус ысты. Бæстæ ныхъхъуынтъыз, ныттар. Мдигътæ, хæлбурцъгæнгæ, Айнæгыл атыхсынц, Аззайы хæхтыл сæ фæд. Карз уад, къуыззитгæнгæ, Комы æрбатахти, Ризы æмризæджы хъæд. Арвырттывд... Анæры... Уары, тъæпæнæгæй калæгау Их æмæ зæгъ. Къултæ — лæсæнуæттæ... Хойынц кæрæдзи æнæсцухæй Арв æмæ зæхх. Леуахи рассæста Сатæгсау лакъонæй, — Дуртæ, гуыпгæнгæ, хæссы. Былтæм фæлæбуры, Бæлæстæ срæдувы Æмæ, гуылфгæнгæ, бырсы; Махæн нæ фæндагыл Айсæфт æндзæлттæй хид, Йемæ йæ аскъæфта ’васт. Фæсвæндаг бакъахы, Къодæхтæ раласы, — Мæнæ хъаймæт, цыма, раст. Ралæбырд къахвæндаг, Фестæм мах катайаг, — Нал ис æдасæй цæуæн. Ме ’мбæлттæ се ’ккæйттæм Уæргътæ æрбаппæрстой, Къахфындзтыл фæхсты бырæм. 17»
Фахс у зын бацæуæн, Къæхтæн æвæрæнтæ Хъаматæй къахæм цæрдæг. Цæй, ныр цы бакæнæм?! Негор уæззау уæргътæ Цудгæ фæхæссы сындæг. Бæхтæ сæ цæфхæдтæ Асадзынц лæзгъæрты, — Къæхтæ дзы нал хæцынц, нал. Адæргæй фесхъиуынц, Фындзтæй ныхситт кæнынц. Дæлæ нæ бынмæ та — мал. Бакæс, йæ цæстытæ Негорæн рахауынц Фондз путы уаргъы уæзæй. Удхартæ, сагъæстæ Сæрызонд ацахсынц, Ахæм ран «охх» гæнæн нæй. Зæрдæ, мæстджын зæрдæ, Риуы къæй сцæйтоны, Уынæргъы, тæссæй хъæрзы. Цæсгом ныффæлурс и, Хъæлæс ныффæсус и, — Алырдæм сайдау кæсы. «Уæу! Мæнæ сæфдзыстæм! Донмæ фæкæлдзыстæм!» — Райхъуыст кæмæндæр йæ хъæр. Ам у куыдзæппарæн. Садзæм нæ цыппæртæ, Негорæн разылд йæ сæр. Хаугæ ма уаргъимæ Негоры ауыдтон, Бабын и, бабын, мæгуыр. Махæн дæр адæргæй Не ’уæнгтæ райдыдтой, Ахст цъиуау, тæссæй зыр-зыр. 174
Гъеныр йæ бннонтæн Ахæм уац чи зæгъдзæн, Уый нæ кæй зæрдæ тæры! — Кæд æмæ афонмæ Къулсæрæй арты раз Стонгæй дзæрнатæ хæрынц... Негор, æрынцадтæ Ацы фыдæбæттæй, Ахастай демæ дæ рис. Хурмæ дзыназдзысты Къуымты дæ сабитæ, Згъæлдзæн мæгуырæй сæ хъис. Стыр лæбырд. Кастыстæм Уырдыгæй комырдæм. Уагътам нæ тыхстæй цæссыг. Дарддæр фæцыдыстæм Ахæм фыдвæндæгтыл... Сæрыхъуын слæууыд уырдыг. Адаггонд... Тарбынхъæд... Хæйрæг дзы бабырæд — Пыхсытыл къæхты туг калд. Къалиутæ рацагътам, Халагъуд сарæзтам. Ссыгъди фæздæг калгæ арт. Сау æхсæв сау зæххыл Сау нымæт байтыгъта. Бур хох хъуынтъызæй лæууы. Уад-дымгæ батæхы, Бæлæстæ срæмудзы, Карздæрæй-карздæр кæны. Сæрра сты тарст бæхтæ, Слæууынц фæстаг къæхтыл, Тæссæй сын нал ис лæууæн. Киуын хæкъуырццæгæй. «Ма ку, тæнзæрдæ дæ!» — Загъта нæ хистæр мæнæн, — 175
Фахс у зын бацæуæн, Къæхтæн æвæрæнтæ Хъаматæй къахæм цæрдæг. Цæй, ныр цы бакæнæм?! Негор уæззау уæргътæ Цудгæ фæхæссы сындæг. Бæхтæ сæ цæфхæдтæ Асадзынц лæзгъæрты, — Къæхтæ дзы нал хæцынц, нал. Адæргæй фесхъиуынц, Фындзтæй ныхситт кæнынц. Дæлæ нæ бынмæ та — мал. Бакæс, йæ цæстытæ Негорæн рахауынц Фондз путы уаргъы уæзæй. Удхартæ, сагъæстæ Сæрызонд ацахсынц, Ахæм ран «охх» гæнæн нæй. Зæрдæ, мæстджын зæрдæ, Риуы къæй сцæйтоны, Уынæргъы, тæссæй хъæрзы. Цæсгом ныффæлурс и, Хъæлæс ныффæсус и, — Алырдæм сайдау кæсы. «Уæу! Мæнæ сæфдзыстæм! Донмæ фæкæлдзыстæм!» — Райхъуыст кæмæндæр йæ хъæр. Ам у куыдзæппарæн. Садзæм нæ цыппæртæ, Негорæн разылд йæ сæр. Хаугæ ма уаргъимæ Негоры ауыдтон, Бабын и, бабын, мæгуыр. Махæн дæр адæргæй Не ’уæнгтæ райдыдтой, Ахст цъиуау, тæссæй зыр-зыр. 174.
Гъеныр йæ бинонтæн Ахæм уац чи зæгъдзæн, Уый нæ кæй зæрдæ тæры! — Кæд æмæ афонмæ Къулсæрæй арты раз Стонгæй дзæрнатæ хæрынц... Негор, æрынцадтæ Ацы фыдæбæттæй, Ахастай демæ дæ рис. Хурмæ дзыназдзысты Къуымты дæ сабитæ, Згъæлдзæн мæгуырæй сæ хъис. Стыр лæбырд. Кастыстæм Уырдыгæй комырдæм. Уагътам нæ тыхстæй цæссыг. Дарддæр фæцыдыстæм Ахæм фыдвæндæгтыл... Сæрыхъуын слæууыд уырдыг. Адаггонд... Тарбынхъæд... Хæйрæг дзы бабырæд — Пыхсытыл къæхты туг калд. Къалиутæ рацагътам, Халагъуд сарæзтам. Ссыгъди фæздæг калгæ арт. Сау æхсæв сау зæххыл Сау нымæт байтыгъта. Бур хох хъуынтъызæй лæууы. Уад-дымгæ батæхы, Бæлæстæ срæмудзы, Карздæрæй-карздæр кæны. Сæрра сты тарст бæхтæ, Слæууынц фæстаг къæхтыл, Тæссæй сын нал ис лæууæн. Ниуын хæкъуырццæгæй. «Ма ку, тæнзæрдæ дæ!» — Загъта нæ хистæр мæнæн, —- 175
Науæд дæ цъæхахстмæ Бæхтæ тæрсгæ кæнынц, Уалынмæ срухс уыдзæн бон. Акæс-ма, цæгатмæ Мигътæ фæлæгæрдынц, Тагъд ныр æрбаддзæни дон». Заууат уыд а бæстæ, — Хистæр йæ хъæстытæм бахæццæ, Нал уыд мæ бон. Сонтæй мæ зæрондмæ Ме ’ккойæ хор хæсгæ, Раууатмæ ’рцыдтæн бынтон. Æмæ мæ фæсонтæн Растыгъст æргъомдзауæй, — Уалдзæг, фæззæг уа, — сæ царм. Тухи, фыдæбæттæ, Хох-бæсты схъомыл дæн; Сæвæрдтой къæхтæ бæзцъар. Иры кæм н’ ахызтæн, Ахæм хох нал баззад, Зикъара, Къутых зæгъай. Къуту-иу сафтид и, — Зæрдæ-иу скатайаг. Хохбæстæ, раууат фæуай! Бæндæн, егъау къæсса Райсын мæ дæларммæ, Хормæ та æфцджытыл цу, Тымыгъ дæ ку’ ахæсса Рагъæй фæсцæгатмæ, Гъеуæд дзыназ æмæ ку! Мæнæ мæ урс сæрыл Уал хъуыны нал уыдзæн, Зæйты бын цал байсæфт, цал! Чи сæ-иу агуырдта Сæрсæфæн адгуыты? Хъызты кæм уыди амал? 176
Сабийæ абонмæ Хъуыстон зæронд лæгтæй: «Ацæудзæн хæхтыл фæндаг». Сгæрстой-иу техниктæ, Барстой-иу алырдæм, Не ’сты, дам, фæрæзтæ фаг. Адæм-иу сфæнд кодтой Иумæ фæндаг кæнын,. Фæлæ нæ уыди сæ бон. Хи тыхтæй, хи къухтæй Сау хæхтæ байгæрдын Раджы нæ уыдис æнцон. Адæмы сагъæстыл Гъеуæд кæй зæрдæ рыст, Чи-иу сыл кодта, чи, мæт! Тар дуг æгъатыр уыд, Уый сыл йæ дзæмбытæй Алкæд æвæрдта къæлæт. Загътон-иу: «Гъæй-джиди, Хæхтæм уæрдоны цалх Искуы куы тулид цæрдæг, — Скæсид ныл царды рухс, Хæхты зæфцы фыдæй Нал сæфид хордзауæй лæг. Сифтындз дæ саулохаг, Алас дæ базайраг, Гъе, стæй дæ хæдзармæ здæх. Афтæмæй, заргæйæ, ’Хсæв дæр, æхситгæнгæ, Буцæй, зæрдæрайгæ, тæх». Афтæ йæ хъæстытæ Зæронд лæг ракодта, Ферхæндæг æмæ ныхъхъус. Коммæ йæ цæстæнгас Сарæзта, аджих и, ’Рсæрфта цæссыгæй дзаг рус. Уайтагъд йæ ныхæстæм Фæсивæд банкъард и. 12 Плиты Харитон
Загъта уæд райгæ Леуай: «Курын уæ, кæстæртæ, Схъæлдзæг ут! Тухи цард Не ’взæрстат никуы мæнау. Негор, мæгуыр йæ бон, Алхатт бæргæ дзырдта: «Ме ’рдхорд æмбæлттæ, миййаг Искæд куы амæлон, Дунейæ ку’ ацух уон, Ку’ айгæрдой хæхтыл фæндаг,— Гъеуæд мæ уæлмæрдмæ Исчи æрбацæуæд Æмæ ныдздзурæд мæнмæ: «Сырæзт уæрдонвæндаг!» Уайтагъд ыстондзынæн Ингæны къæйтæ хæрдмæ». Сырæзт уæрдонвæндаг, Æмæ кæм фехъусдзæн Негор мæ ныхæстæ ныр! Ингæны къæйтæ дæр Уый ныр кæм ыстондзæн! Цæй, уæдæ, базарæм цырд!» Фæсивæд бахъæлдзæг, фæсивæд зары: «Хæхтæ сæ мидбылты схудтысты дардыл. Хæхтæ ысдзырдтой, нæ кæнынц фынæй. Худут, нæ урс хæхтæ, райгуырæн хæхтæ! Таргъуызæй ма кæсут, кæмттæ ’мæ рæгътæ! Амонд æрхæстæг и, амонд, фæрнæй. Ацы фæндагыл уæм амонд фæцæуы, Амонд куы фæцæуы, фæсвæд нæ лæууы. Амондæн арфæ! Уромæн ын нæй». Зарæгæй арауынц кæмттæ ’мæ рæгътæ Цыма сæ мидбылты схудтысты цинæй, Уыйау уæйгуытау фæлгæсынц нæ хæхтæ. Æмæ ныуулæфы айнæг йæ риуæй. Сталинир 1932—33 азты
Мæ хо Оляйæн УÆЛАХИЗЫ КАДÆГ
ъ45**9в**Ъ*!) РАЗНЫХАС Уæлладжыргом — нæ хæхбæстæн сæ фидауц! Куыд рæсугъд у, куыд райдзаст у дæ æрдз! Дæ цъититæ сæрыстырæй фæлгæсынц, Зæрин хурмæ тыбар-тыбур кæнынц. Дæ къæдзæхтæ фыры сытау — уырынгтæ, Дæ уæлвæзты æртæхкæрдæг — зæбул. Уыгæрдæнтæ — фæта^н рæгътæн сæ фæрстыл, Цъæх гауызтау куыд фидауынц рæсугъд! Дон арауы уынгæг комы, ыссæнды. Рæуæг уддзæф æрбадымы фæлмæн. Ам хъæлдзæгæй колхозон фиййау зары, Цъæх сæрвæты йæ фосы дзуг ыспырх. Сæ зад цæнгтæ Уыналы дыргъ бæлæстæн Уæздангомау зæу-зæугæнгæ лæууынц. Дæ сау хæхты — æвидигæ хæзнатæ: Цæйбæрц сæ ис сызгъæрин æмæ зды! Æхсиды 4куыст ныр Садоны, Мызуры, Хæдтулгæтæ лæгъз фæндæгтыл тæхынц. Кæннод дæ Цъæй! æвдадзы хос куыннæ у! Йай нæзытæ чындздзон чызгау — фæлыст. Ам алцыдæр "йæ хуыз. æвдисы ногæЙ, Ам худы цард, ам зæрдæ фесты маргъ. Л;рмæст ма ам хæрз иунæгæй, æнкт,ардæй, Бызы2 мæсыг хъуынаеæрæй лæууы; 181
Уæззау тохты нысан æмæ æвдисæн — Нæ фыдæлтæн сæ фидаркъул гæнах. Изæрыгон зæронд баба æрбады, Йæ кæстæртæн уый таурæгътæ кæны: Цытæ цыди Уæлладжыры хæхбæсты, Куы нæма сиу Уæрæсеимæ, уæд. Куыд-иу бырстой, куыд, бадилаты хъалтæ Уæлладжырмæ зыд бирæгътау æдзух, Æмæ-иу уæд Уæлладжыры фæси-вæд Куыд нæ хаста æгаддзинад сæрмæ, Куыд-иу хъахъхъæдта хотыхтæй йæ бартæ, Куыд-иу кодта йæ фыдгулты дæрæн! Нæ фæсивæд, нæ цæхæрцæст кæстæртæ, Æрбамбырд ут, æрбайхъусут дзæбæх! Мæнæн баба цы хабæрттæ фæкодта, Гъе уыдæттæ мæн радзурын фæнды. •182
ФЫЦЦАГ ЗАРÆГ СылтаныхъыЗ тыгъд быдыры Бæрзонд фæцыд тæгæр бæлас; Дард айтыгъта йæ къабæзтæ, Арф ауагъта йæ уидæгтæ. Дзагæфсирæй сырх мæнæутæ Æркъул ысты йæ алыварс; Къахвæндаг æм ныддæвдæг и, Къулæгæй хост уæлхæдзарау; Иæ быны та егъау зиллакк, Хæххон мусау, ныхъхъæбæри. Бадилаты4 мыггæгтæ-иу Тугъантæ, уæд Хъарадзаутæ, Хъуыбадтæ, уæд Абысалтæ, Хъабантж ’мæ Цæргæсатæ Фæкæнынц ам уынаффæтæ... Ныр дæр та, дын, сæ рагбонты Ныббырстытыл ныхасгæнгæ, Рабадтысты куыд хистæрæй. Сæ хъал бæхтæ цъæх кæрдæгыл Хизынц иуварс. Æвзист сæргътыл Хъазынц хуры хæрдгæ тынтæ. Фæсдзæуинтæ, кæвдæсæрдтæ Бæхтæм дарынц сæ цæстæнгас. Ныссабыр и тæгæр бæлас, Ныхъхъус ысты йæ сыфтæртæ;
Пыхцыл æмæ тызмæг хуызæй, Уынаффæйы зæронд. лæгтæн Æнцад хъусы сæ ныхæстæм. Бæласы ’нцой тъæпæн дурыл Сæрæй бады Хадзымырзæ. Тарæрфыгæй, йæ сæр тилгæ, Зæхмæ ныджджих æдзынæгæй. Цæйдæр сагъæс, цæйдæр мæст#æй Йæ ныхы царм æрбанцъылдтæ. Йæ разæй-иу йæ заманы Бадилаты фæсивæдæй Кæй уагъта, кæ, тыхы заман? Кæм ма йæм ис уæды фезмæлд! — Йæ хъаруйæ фæцудыдта; Ныззæронд и, æрттивынц ма, Дзагъулгæнгæ, цъæх цæстытæ. Йæ дæллаг фарс къæдз лæдзæгыл Абысалты зæронд Елхъан Æркъул кодта йæ гæмæх сæр; Фосы дзугтæ, бæх-рæгъæуттæ Куы ауайынц йæ цæстытыл, Уæд бахуды йæ мидбылты. Йæ дæле та — фыдцъылыс лæг Къæсхуыргомау Саламджери. Йæ нывæфтыд сау лулæйæ Фæздæг зилы цæгтæ-цæгтæй. Уый, дудахъау, йæ даргъ къубал Æрбазилы сæ хистæрмæ Æмæ сындæг йæхинымæр Кæны цинæй дыбал-дыбул: «Тæхуды ’мæ нæ хистæрæн Иæ бæсты ныр æз куы уаин, Уæд самонин нæ кæстæртæн Тых кæнынмæ рæсугъд фæндаг. Чызджы рæсугъд, чындзы дзæбæх, Хъамбулуæраг лæппулæгтæ Æмæ ’взаргæ бæхрæгъæуттæ Семæ дзæвгар æртæриккой»*
Лæууынц дæлдæр сæ кæстæртæ, Дывæрсыгæй, фæрсæй-фæрстæм. Чи йæ синыл, хъуыдыгæнгæ, Йæ къух тъæпæн . æрæвæрдта; Чи базмæлы йæ мидбынат Карды сæрыл æрхæцгæйæ; Чи ’руагъта й’ арм уæззаугомау Дамбацайыл фæлдæхтдысæй. Кæстæрты раз — сæ ныфсдæттæг, Сæ кад, се ’хсар, сæ балхон^ лæг — Хъарадзауты хъал Мысырби, Саурихиджын, саузачъеджын; Бæрзонд, æлвæст — йæ уæнгты конд, Урс къæбæлдзыг — йæ уæлдзарм худ, Тæбын цухъхъа, дари куырæт, Ногуард митау, сты урс-урсид. Фæлмæн сæоак сырх зæнгæйттыл — Думæдантæб, хæрдгæ хуыдтæ. Фæтæн хъама — æвзистæхгæд, Къæдз æхсаргард — йæ астæуыл, Дамбацабос — йæ хъуырыл конд, Иæ хъуымбылтæ — алдымбыдæй. Иæ фарсмæ та — йæ хæрæфырт — Тугъаны-фырт Дударыхъо. Стæры? цыды, ныббырстыты — йæ ныфс, йе ’хсар — йæ рахиз цонг. Иннæрдыгæй — бæзæрхыг лæг, Гуымирыгъуыз, æлхынцъæрфыг, Дурзæрдæ ’мæ хъæоццыгъа ’нгæс Хъуыбадты схъæл Бечмырзæ дæр. Хадзымырзæ йæ кæстæртæм Æрбазылдта йæ цæстæнгас: — Нæ фæсивæд! Нæ фæсивæд! Хæссут бæязонд фыдæлты ’гъдау! Уæ ^съару ’мæ уæ лæджыхъæд Нæ фæлтæры фæлтæртæн дæр фæзминагæн куыд баззайой! 185
Нæ байзæддаг! Нæ ныфсы сæр! Размæ царды бырсын хъæуы! Æрцыд та нын ныр хорз фадат, Хæтæнты та фæфардæг уæм. Нæ кад махæн — бадилатæн Æрвнæрæгау куыд ныннæра, Æгас бæстыл куыд айхъуыса. Хъуамæ тынгдæр нæ дæлбартæн Сæ рохтæ мах æрбалвасæм! Хъалонфидæг сау адæм нæм Фæуой хъуамæ дзæвгар фылдæр, Сабырæй та нæ фæндоныл Чи нæ цæуа, чи.ызмæнта, Уыдон хъуамæ тыхы руаджы Æрцæуой саст æгъатырæй. Йæйи, йæйи, нæ байзæддаг, Мах-иу афтæ уæ цахъæнæй Æнцад-æнцой нæ бадтыстæм, Дард-иу айхъуыст Ирыстоныл Не ’стæры кой, нæ кæрдты ’хситт; ÆртæлæтгондЗ рæгъæуттæ-иу Нал цыдысты нæ дарæнты, Гандзамæ-иу9 ныууæй кодтам Уацайрæгтæн сæ уæлдæйттæ, Хъуытазхъæлæс чызджытæн-иу Нæ кадыл уæд — сæ. зарджытæ. Ныр сымах та ауал азы Хæтæнты дæр куы нал вæййут. Худинаг уæм куыд нæ кæсы! Нæ цыты кой, нæ лæгдзинад Не ’мсæрты ’хсæн цæмæн сæфа? Гъеныр, уæдæ, мæ кæстæртæ, Стæры цыдмæ ысрæвдз кæнут, Æрмæст хъæуы фæлыг кæнын, Цы ранмæ та фæцыдæуа? — Мысырби, ды, фæсивæдæн Сæ фæнд базон — цы зæгъдзысты? — Мысырби, дын, сæрбæрзондæй Къахдзæф раздæр уæд ралæууыд, Æмæ загъта сæ хистæртæн: — Кæнут фæрнæй уынаффæтæ, Г36
Уæ зæрдæ ныл нæ фæхуддзæн. Уæ фæндонтæ кæддæриддæр Уæ кæстæртæ — æххæстгæнæг. — Зæронд Елхъан фæцæрдæг и, Фæирд кодта йæ цæстытæ, Æмæ загъта йæ уынаффæ: — Фæцæуæм та, цæй, Рацъырдæм!10 — Цæргæсаты Саламджери Йæ ныхас рог æрбаппæрста: — Хуыздæр уыдзæн — Тæгиатæм!1* — Бечмырзæ уæд ныллæууыди Куырттатырдæм лæбурыныл. Афæрсы йæ Дударыхъо: — Цымæ нæхи Дыгургоммæ Аивдæр нæу æвæлмонæй?»— — Ау, уый та куыд? Иу рувасæй Не ’стыгъдæуы дыууæ цармы. Уæ хорзæхæй, цы ма домут Хъалонфидæг Дыгургомæй?! — Дзуа-пп куы ратты Хадзымырзæ, Зынæрвæссон, ныххудгæйæ. Мæхæмæт дæр ныуулæфыд: — Фæлтау хъæздыг Кæсæджырдæм, Гъе, науæд та Ногъайырдæм! — Уæд куы загъта Хадзымырзæ: — Уаих фæуат!.. Æрра сыстут? — Кæсæгмæ та куыд лæбурут? Цы нæ дарынц Биаслантæ?1^ Нæхи ’мхуызон уæздан адæм. Ногъаймæ... уый—æндæр хъуыддаг, Бырсут-йу сæм кæддæриддæр. Мысырби сæм уæд бадзырдта: — Уæлладжырмæ! Уæлладжырмæ! Фыдæй-фыртмæ нæ ныхмæ сты, Нæ сæм вæййы нымады дæр Нæ уæздан туг, нæ уæздан ном. 187
Басæттæм сæ! Куыд нын ысуой Хъалонфидæг, нæ дæлбартæ. ХоДæй1з суанг дæр Мыэуры ’хсæн Цы ХъивоныН хизæнуат ис, Уым хъуамæ уой нæ рæгъæуттæ. Сæ фæндтæ ’мæ сæ ныхæстæ Нæ бадтысты кæрæдзийыл. Радзуры сæм Хадзымырзæ: — Цæй, барвигæм минæвæрттæ: Хъарадзауты Мысырбийы, Абысалты Мæхæмæты Кадджын хистæр^ Айдемырмæ! Фæдзурæнт ын нæ хабæрттæ, Базонæит ын йæ уынаффæ! Фыдæлтæй нын æгъдау баззад — Зондæй фæрсын нæ хистæры. Æвзæрст лæгтæ Дур-Дурырдæм15 Тугъанты куырм Айдемырмæ Саргъы бæхтыл фæрсæй-фæрстæм Цапуал цыдæй фæцагайдтой. 188
ДЫККАГ ЗАРÆГ Тугъантæн уыд сæ уазæгдон Ыстыр æмæ хъæздыг арæзт. Рабадти-иу куырм Айдемыр Уым рæбынæй уырындыхъыл;16 Ныллæгхъусджын — йæ дзабыртæ, Фæлмæн сæрак — йæ зæнгæйттæ, Морæ цухъхъа — ирон тынæй, Сау зæлдагæй — йæ даргъ куырæт, Сæгуытдзармæй — тæнæг цъупхуд; Уырындыхъæн йæ хæд сæрмæ Ауындзæнтыл рæгъæй-рæгъмæ — Йæ хотыхтæ, йæ буц фæлыст: Уæйлаг нымæт, цъæх басылыхъхъ, Йæ ехс, идон, æвзистгопп саргъ. Минæвæрттæ кулдуары раз Саулох бæхтæй æрхызтысты, Сæ фысымты кæстæртæй сын Иу сæ бæхты сатæг раны Бæхбæттæнтыл рæвдз абаста, Иннæ та сын уазæгдонмæ Сæ хъримæгтæ, сæ нымæттæ, Сæ ехсытæ куы баскъæфта. — Мидæмæ ут, нæ уазджытæ, — Загъта сын уæд аннæ кæстæр, Æмæ ’гъдауыл сæ хæд разæй 189
Аив бахызт уазæгдонмэё, Амоны сæ Айдемырæн: — Уазджытæ нæм, нæ буц хистæр, Мæсыхъæуы17 Хъарадзаутæй» Хæзнидоны!8 Абысалтæй! — Салам ратты Айдемыр дæр: — Æгас цæуат, нæ уазджытæ! — Йæ бадæнæй ысцæйыстад. — Айдемыр, бад, дæ хорзæхæй! Дæ бонтæ хорз, нæ зонды лæг! Салæмттæ дын 4нæ хистæртæй, Æрвыст ыстæм дæ кæстæртæй! —* — О, фæцæрат мæ карæнмæ, Кад чи кæны зæронд лæгæн! Табуафси, æрбадут нæм, Фæкæнут мын уæ хабæрттæ! — Уазджытæ дæр, фæткмæ гæсгæ, Дамбацатæ, æхсаргæрдтæ Балæвæрдтой уæд кæстæртæм. Уыдон дæр сæ фæрсæй-фæрстæм Сæ рагъæныл æрцауыгътой, Сæ уазджытæн сæ дæллаг фарс Æгъдаудæттæг æрбалæууылц. Мысырби, дын, дзырдарæхстæй Уæд бадзуры Айдемырмæ: — Фарн дæМ дзурæд, нæ буц хистæр, Зонд фæрсæг дæм æрцыдыстæм, Фæндтæ кæнынц дæ кæстæртæ Искæцырдæм ныббырсыныл: Уæртæ Рацъмæ — сæ иуты фæнд, Уæд се ’ннæты — Тæгиатæм, Иннæтæн у Куырттатырдæм. Аннæты зонд — Кæсæджырдæм; Ис дзурджытæ Ногъаймæ дæр, Сæ фылдæр та — Уæлладжырмæ. Курæг дæ стæм, разагъды лæг, Куы нын зæгъис дæ уынаффæ! 190
Аидемыр уæд уырындыхъæй Сындæг сыстад лæдзæджы ’нцой, Йе ’нцъылд цæсгом æрбарухс и: Йæ рагбонтæ æрбаймысыд, Ауадысты йæ цæстытыл, Ныуулæфыд æхсызгонæй, Йæ зач.ъетæ сабыргомау Дыууæ къухæй æрлæгъз кæны, Æрвыст лæгтæн уæззаугомау Ныхас кæнын куы райдыдта: — Мæ кæстæртæ, уæ уынаффæ Фæцыди тынг мæ зæрдæмæ, Фæлæ афтæ ныффæнд кæнут: Дзæбæх тæлæт куыд фæкæнат, Фыдбылыз’дæр куыд нæ ссарат... Рацъырдæм та фæцæуиккат, — Уырдæм бирæ фæлæбурдтат... Куы сихсыди бæхрæгъауæй... Фæцæуиккат Тæгиатæм, — Уый н’ амоны нæ туджыхъæд, — Тæгиатæн сæ мады ’хсыр Куы нæма ссур нæ донгæмттыл, Уьгдысты-иу фыдæй-фыртмæ Нæ хъанхæссæг, нæ рæвдауæг. Сæ фæрцы ныр нæхицæн дæр Куы цæуынц арф нæ уидæгтæ. Фæцæуиккат Куырттатæм дæр, — Миййаг, фæсмон куы фæкæнат, Сæ сæрмæ ныр цыфæнды маргъ Атæхын дæр куы; нал уæнды. Сау зæххьгл сын мысты фæд дæр Æнæссаргæ нæ ирвæзы. Тыхгæнæг сæм куы бабырсы, Йæ ныхмæ уæд фæфæдисæн Сæ дугъæттæм хъæбæрхорæй Æппынæдзух куы фæзилынц, Се ’ууæрст бæхтыл сæ сагсуртæ Сæ фыдгулты мæйдары дæр Сæ бынæттæм куы фæсурынц. 191
Фæцæуиккат КæсæджырДæм, — Уый не ’гъдауы нæ фидауы, — Семæ рагæй æмцард кæнæм. Бахъуаджы бон нæ ныфс ысты. Фæцæуиккат Уæлладжырмæ, — Туджы зæй уæ фæласдзæни; Нæртон æхсар сæ туджы и, Уари сæ стæг куы нæ скъæфы, Карды коммæ сæ ных дарынц, Топпы. дзыхмæ сæ риу хæссынц. Дардыл нæрыд мæ заманы Бызыхъæуккаг Бутайы-фырт Тæгайы ном, Тæгайы кад. Æз уыимæ Уæлладжыры Иу ха’гт кæнæ дыууæ хатты Нæ сæмбæлдтæн лæгæй-лæгмæ Тыхы бонты, ныббырстыты. Ахæм домбай тæгатæ та Тынг бирæ ис Уæлладжыры: Нæ къухы-иу ницы бафтыд, — Фæстæмæ-иу æрцыдыстæм, Тугвæдгæнгæ, афтид армæй. Сæ фæйнæгфарс кæстæртæн дæр Ныр къаддæр нæу сæ лæгдзинад. Кæмдæр, зæгъынц, дисæн баззад Йæ зонд, йе ’хсар, йæ хъаруйæ Тæгайы фырт Аслæмырзæ. Æмæ куыннæ! Цы диссаг у Ныр уыдонæн ыскуыхтдзинад! — Кæд карды хорз, кæд топпы хорз Рацыдысты Уæлладжырæй. Нæ сæм уæндынц тыхмæ бырсын Ныр Кæсæджы æлдæрттæ дæр. Нæ, абабау, мæ кæстæртæ, Ныр ма стæры Уæлладжырмæ Ма. сфæнд кæнут, уæ хорзæхæй! Абырсут уал Ногъайырдæм, Сæ дзугтæ ’мæ сæ рæгъæуттæ Сæрвæтты дæр куы нæ цæуынц... Уырдыгæй нын ратæрдзыстут Сысджыйæ хаст æлвæст бæхтæ. 192
Уæд та, дын, æм Мысырби дæр Æфсæрмгъуызæй куы бадзуры: — Фарн, нæ хистæр, дæ ныхæсты! Ныххатыр кæн дæ кæстæртæн, Фæстæмæ ныр куыд аздæхæм? Дæ фæндон сын куыд радзурæм?! Миййаг, афтæ куы банхъæлой, Сæ тыхтыл сын кæд не ’ууæндыс! Нæ куырыхон^, хъьгг сын уыдзæн... Сæхимæ ’гад æркæсдзысты. Нæ лæгдæртæ Уæлладжырмæ Сæ уд хъарынц æмхуызонæй. Айдемырæн, хъуыдыгæнгæ, Ногæй ныррухс йæ тар цæсгом, Йæ фæнд загъта æрвыст лæгтæн: — Уæдæ иугæр зæрдæбынæй Ысфæнд кодтат Уæлладжырмæ, Уæд Кæсæджы æлдæрттимæ Баиу кæнут уæ уынаффæ, Фервитут сæм, æмæ та уын Æххуысгæнæг фæуыдзысты, Фæлæ ныр та — НогъайырдæмЗО... Стæй йæ гæрзтыл, зыр-зыргæнгæ, Уырзтæ, сгаргæ, куы рахæссы: — Гъей-джиди, гъе, мæ цæсты рухс, Куыд раджы мын æрбатар дæ! Куы ма ’рттивис, уæд афтæ ныр Къулыл хъуына нæ кæниккат, Мæ хъалгæнæн — мæ хотыхтæ, Цыдаид та уæ зыланг хъæр Стæры цыды, ныббырстыты! - Мæ кæстæртæ, мæ кæстæртæ, Цы ма кæнон! Зæрондæй дæр Балхон бæргæ æз уыдаин, Фæлæ ма цы! Ныссаугуырм дæн, Мæ дуне мыл ныммæйдар и... — Ныуунæргъыд цæф сæгуытау, Ныхъхъæрзыдта мæлæг лæгау, Ныуулæфыд зæрдæбынæй, 13 Плиты Харитон
Æмæ та ног куы радзуры: — Уæ балцы уын, нæ фæсивæд, Хистæр лæгæн, раздзæуæгæн Куы нæ цæуон мæхæдæг æз, Рæствæндаг уæд нæ уыдзыстут, Уæ сæртæ дзы ныссафдзыстут Æмæ фæлтау уæ хæдзæртты Æнцад, æнцой куы сбадиккат. Нæ бырстытæн, нæ хæтæнтæн Сæ рæстæг ныр фæфардæги. Уыдысты хъыг минæвæрттæн Айдемыры фæстаг дзырдтæ. Фæджих ысты цыбыр рæстæг, Айдемырмæ хъæддаг сырдтау Ныккастысты, нымдзаст ысты, Ыстæй йын уæд æнæбары Хæрзбон загътой былысчъилæй. Æрбабастой сæ хотыхтæ, Абадтысты сæ хъал бæхтыл.
ÆРТЫККАГ ЗАРÆГ Минæвæрттæ, фаддзугæнгæ, Фæндаг дарынц сæ Ныхасмæ. Хъарадзауты Мысырби, дын, Тарф хъуыдыты куы бацæуы; Айдемыры уынаффæтæ Нæ цæуынц, нæ, йæ зæрдæмæ: «Хæрз дзæгъæлы фæцыдыстæм, Хæрз дзæгъæлы, Айдемырмæ. Нæй, ницы у йæ уынаффæ, Йæ зонд фæцыд зæрондырдæм, Ма, дам, бырсут Уæлладжырмæ! Мæт кæнын ныл куы райдыдта, Цыма æрцыд нæ сæфты дуг, Цыма немæ куырм Айдемыр Кæй нæ уыдзæн, гъеуый тыххæй Айхъуысдзæни нæ худинаг. Уæлладжырмæ, Уæлладжырмæ Ныббырсдзыстæм æхсарджынæй, Æмæ-иу уæд Айдемыр та Кæнæд фæндтæ йæ чындзытæн. Уæлладжыры сæмпæрчъитæн Æз фендзынæн сæ лæгдзинад. Куы ратæрæм сæ рæгъæутты, Сæ чындзытæй, сæ чызджытæй Ыскæндзыстæм цагъайрæгтæ. Багъæц, багъæц, Тæгайы фырт, ÆнДæр Дзыхæй Ысдзурдзын*. 195
Тагъд мæ разы дæ зонгуытыл Сæргуыбырæй æрлæудзынæ. Дæ усы дын йæ дзыккутæй Æрласдзынæн мæ дугъоныл. Фæлæуу, Зæлда, рæсугъд Зæлда, Мæ къухтæм тагъд æрхаудзынæ. Ме ’рвысг лæгты куыд рарвыстай Æгад æмæ уæнтæхъилæй! Мæ уæздан туг, мæ уæздай ном Кæй баивтай кæвдæсардыл, Гъе уыцы ’фхæрд, гъе уыцы маст Æз сисдзынæн дæуæй, Зæлда! Раппæл-иу уæд дæ амондæй. Æз кад æмæ æгъдауæй дæу Куырдтон, фæлæ... Ныр фендзыстæм! Мæ фæсдуар дæ лæггадгæнæг, Къæхтæ сæрфæг ыскæндзынæн». Фыцы йæ маст Мысырбийæн. Ныуулæфыд... Найфаты цур21 Æруромы Мæхæмæты: — Цæрæнбонты фæцардыстæм Адджынæй мах æфсымæртау. Ныр мын, уæдæ, мæ хорз æмгар, Найфатæй ард куы бахæрис — Мемæ разы кæй уыдзынæ. — Æз дæм хъусын, зæгъ-ма мын æй, Лæгæн, дам, лæг — йæ хорзгæнæг. Мысырби йын, ныхасгæнгæ, Йæ цæстытæм ныккомкоммæ: — Цы бакæнæм! Ныр Кæсæгмæ Фервитиккам æххуыс курæг Уæлладжырмæ лæбурынæн, Фæлæ нын уый æгад куы уа. Ногъай дæр нын кæдæм лидздзæн! — Уыдонмæ дæр фæзындзыстæм... Фæлтау бырсæм Уæлладжырмæ, Сæ сæнæртты тæф калгæ сæ Нæ фæсивæд цæмæй тæрсы? Æрæджы сын куы ’ркой кодтам, Цæмæй махæн хъалонфидæг, 196
Лæггадгæнæг уыдаиккой, Фæлæ нын уæд æмпъызтзæнгой, Рæхсадæрчъи Аслæмырзæ Нæ кад æмæ уæздан тугæн Аргъ не ’скодта сæ комы ’хсæн, Дзырдта немæ сæрыстырæй: «Уæлладжыр уын хъалон фида! — Уæндгæ та йæ куыд бакодтат?!» Айдемыр дæр куы раппæлыд: «Кæмдæр, дам, уый дисæн баззад...» Диссагæн та цæмæй баззад? Йæ мулк, йе ’гъдау, йæ фæллойæ? Куы цæрæм мах мыггæгты ’хсæн |Кадджын æмæ дзырддзæугæйæ, Афтæмæй ма цæмæн хъусæм Айдемыры уынаффæтæм? Куы базæронд, куы нал уыны Йæ кæстæрты æхсардзинад. Цæмæй тæрсы Уæлладжыры Хырызыстæг зæронд лæгтæй, Сæ куыствæллад фæсивæдæй? Баганæмыг, фæныкхосæй Уæлдай цы сты Уæлладжыргом! Ис уым лæгтæ, зынгæ лæгтæ, Адæмимæ цæрæнбонты Цæрынц æдзух фыдæхуардæй, Æмæ махмæ фæкæсдзысты. Фæлтау зæгъæм нæ хистæртæн: «Нæ кады лæг Айдемырæн Йæ уынаффæ — Уæлладжырмæ». Дзуапп ын радта Мæхæмæт дæр: — Æз разы дæн дæ фæндоныл. Ноджы абон Уæлладжырæн Сæ фæсивæд фæцæудзысты Куырттатгомы бæрæгбонмæ, — Ыссардтам сæ сæ кæлæхыл. Стæй ма немæ куы фæкæнæм Фæсдзæуинты, кæвдæсæрдты, Бынтон сæ уæд ныссæрфдзыстæм. Рæстмæ фæуæд дæ хорз хъуыды! — 197
■— Рæстмæ фæуæд! — Мысырбн дæр Ныкъкъæрцц ласта йæ саулохы. Æрвыст лæгтæ сæ Ныхасмæ Тæргæбæхтæй ысхæццæ сты. Бадзырдта сæм хъал Мысырби: — Фарн уæ бадты, нæ хистæртæ, Нæ зондджын лæг Айдемыр нын Бацамыдта Уæлладжырмæ!.. 198
ЦЫППÆРÆМ ЗАРÆГ Сæуæхсид сырх куы адардта, Куы ’рбацъæх бон æрвгæрæтты, Уæд фидиуæг ныхъхъæр кæны: — Уацайрæгтæ, фæсдзæуинтæ, Æртæрут тагъд нæ саулохты, — Балцы цæуы нæ фæсивæд! Хуыссæгхъæлдзæг фæсдзæуинтæ, Сæ цæстытæ æууæрдгæйæ, Иугай-дыгай уæд сæрвæттæм Æд дзылæрттæ фæраст ысты. Бæргæ ахсынц тæлтæг бæхты, Уыдон сæ ’ввахс куы нæ уадзынц, Риуыгъынц сæ армаццагæй, Чъыллипгæнгæ фæцагайынц. Бæхахсджытæ мæстæйдзагæй Рахъæр кæнынц уæд рæгъауыл: — Фæлдыст фæуат уæ хицæуттæн!.. — Æнæмæнг та кæйдæр артыл Дон ауадзын ысфæнд кодтой. — Хуыцау зæгъæд — рæхджы бонты Бæрзæйсастæй, уæрагдихæй Сæ хæдзæрттыл цы сæмбæлой! — Сæ зæххытæ, сæ рæгъæуттæ Хæрз дзæгъæлæй цы баззайой! 199
— Кæрон дæр нæй сæ хъал митæн, Кæуынмæ сæм æрцыдæуа! — Фæсдзæуинтæ уæд рæгъæутты Куы ратæрынц, æхситгæнгæ. Стыр фæтæнтæй, къæдзил хъилæй, Бæхтæ хъæутæм ныййарц ысты, Сæ хæдзæрттыл фæпырх вæййынц. Хъарадзауты Мысырбийæн Йæ сæнт урс бæх Ертугъан дæр Æрбалæууыд йæ кæрт’ астæу. Лæггадгæнæг саргъ раскъæфта, Авæрдта йæ Ертугъаныл, Æркодта йæ хъæддых æлвæст, Æрбатыхта уæйлаг нымæт, Æрбаста йæ нахæтбосæй Æвзист саргъæн йæ фæсарцы. Мысырби уæд фæмидæг и Йæ хъæздыг, рухс, æфснайд уаты Æмæ сдзырдта Алимæтмæ: — Дард балцы дын цæуын, æфсин, Фæлæ та-иу ды ма хъыг кæн! Æртæрдзынæн цагъайрæгтæ, Фосы дзугтæ, бæхрæгъæуттæн Бакæнæн дæр нæ уыдзæни! Алимæты рæсугъд цæсгом Æвиппайды фæтаргъуыз и, Хæрдгæ хуыдты, сыр-сыргæнгæ, Фæзылди уый æвæндонæй, Иннæ уатæй Мысырбийæн Бæлццон дарæс æрбахаста. Хъарадзауты Мысырби, дын, Æрбакодта йæ дзаумæттæ, Йæ тинтычъи урс басылыхъхъ Йæ уæхсчытыл æрбаппæрста. Фæсивæд дæр зæрдæрухсæй Рæсугъд сæхи куы сфæлыстой: Сгæллад цухъхъа, зæлдаг куырæт, Æрбабастой хъандзал кæрдтæ, 200
Æрæфтыдтой хъыримæгтæ. Сæ къæбæлдзыг уæлдзарм худтæ Зулмæ ’рсагътой сæ фырхъалæй. Сæ фæсдзæуин цагъартæ сын Арæвдз кодтой сæ саулохты. Бадилаты хъал гуырдтæ сыл Абадтысты бæгуы лæгтау. Фæсдзæуинтæ сæхæдæг дæр Зивæггæнгæ, æнæбары Цауддæр бæхтыл ысбадтысты. Рахызт кæртмæ Мысырби дæр, Цæрдæг абадт йæ урс бæхыл, Рараст æмæ фæсива?дыл Цырд ахаста йæ цæстæнгас: Чи кæцæй у, куыд ифтонг у,* Чи рацыди, чи бафæсвæд? Æмæ уайтагъд йæ даргъ цæсгом, Хъуынтъыз бонау, фæсау кодта: — Кæм ысты, кæ, Елхъанæн та Йæ фаззæттæ — хъуымайæгтæ? Æви нæ сидт нæ фехъуыстой! Æви та ныр уыдонмæ дæр Хонæг цæуæм, лæгъстæгæнгæ?! Лæппу, марадз, фæцагай сæм! Зæгъ мæ номæй: балцарæзтæй Ныртæккæ ам æрбалæууæнт! Барæджы бын æвæллад бæх Уадау тахти кæвдæсæрдтæм. 201
ФÆНДЗÆМ ЗАРÆГ Зæронд ныллæг хæдзары къуым... Иу ус бады уым иунæгæй. Нырхæндæг и йæ рыст зæрдæ, Æмæ фæллад дыууæ цæсты Айдзаг ысты цæстысыгтæй... Чызгæй нырмæ йæ царды ныв Февзæрыди йæ цæсты раз: Уыди рæсугъд, хæдæфсарм чызг, Къæлæтæрфыг, сырх уадулджын, Йæ сатæг-са’у цæстытæ-иу Тæмæн калдтой, ыстъалытау. Урс хъазæнгæс дæллагхъуыртæй Хуртæ, мæйтæ куы кастысты. Даргъ дзыккутæ дыууæ быдæй Тасгæ гуырыл куыд фидыдтой! Иæ зонд, йе ’гъдау, йæ уындмæ йын Хæлæг кодтой сæ хъæубæстæ, Комы усгур лæппутæ дзы Куы нæ истой сæ цæстытæ. Куы уарзта уый мызуроны, Куырдуаты бадт йæ къайагмæ. Хъызт зымæг-иу куы ралæууыд, Сæ рæзты-иу сæумæ райсом Куы рацæйцыд йæ уарзон хур, Уæд-иу æм чызг къæмдзæстыгæй Сусæгæй каст сæ рудзынгæй... Куыд-иу ныррухс йæ развæндаг Фæлмæн рæвдыд уарзонадæй. 202
Даурын-иу æм нæ фæрæзта, Агуырдта йын йæ аууон дæр; Йæ фæдыл-иу, дугъон бæхау, Йе ’взонг зæрдæ куы тырныдта, Фæлæ йыл-иу фæуæлахиз Йе ’фсарм æмæ йе ’стыр намыс. Уæд-иу уынгмæ ^куы рауади, Хъæзын къус-иу куы раскъæфта, Йæ къахвæдты миттæ йын-иу Æмбырд кæнын куы райдыдта, Уатмæ-иу æй куы сыскъæфта, Улæфыд-иу хъæзын къусмæ, Риумæ-иу æй æрбалхъывта. Хъарм къухтæ ’мæ тæвд улæфтæй Мит-къуыбæрттæ куы тадысты, Ныккасти-иу рæсуг донмæ, • Бахудти-иу йæ мидбылты, Цинтæгæнгæ йæ сомбоныл. Фæлæ, мæгуыр, йæ сонт зæрдæ Рæсугъд сæнттæй нæ бафсæсти. Уæд иу бон, дын, Уæлладжырмæ Бадилатæ куы бабырстой, Æмæ, кæугæ, дзыназгæйæ, Уый уацары куы ратардтой. Госæда уæд фыдвæндагыл Куы базыдта: йæ сахъ уарзон Иæ сæрыл уым кæй ысдзырдта, Хъæбатырæй кæй фæмарди. Цы диссаг дæ, рæсугъддзинад! Царды мидæг куыд хъулон дæ! Цæмæн фæдæ ды бирæтæн Зæрдæрыстæн, фыдбылызæн?! Уацайрæгты дихгæнгæйæ, Абысалты зæронд Елхъан Æрыгон чызг Госæдайы Номылусæн куы равзæрста. Уæдæй нырмæ Госæдайæн Лæууы зæрдыл йæ тухи цард. Æхсныфæй йын Елхъаны ’хсин Йæ туг нуазы фыддæрадæн. Ифтындзы йæ сæумæцъæхæй 203
Æнафонтæм йæ куыстытыл. Фыдцъылыс лæг Елхъанæй дæр Кæм æййафы рæвдыддзинад! Ыскодтой йæ сывæллонгæс, Сугтæсæттæг, сæ къæхтæхсæг Хистæрæн уа, кæстæрæн уа, — Цума æмæ лæггадгæнæг. Уæвгæ, йæ уд цы нæ ’взары! — Зæхх куы мæрзы йæ игæрæй. Цас уромы йæ рыст зæрдæ Уайдзæф æмæ рæхуыст ныхас! Æмæ тайы зæрдæрисгæ, Хъары арвмæ йæ тæригъæд. Цы йæ бон у, цы чындæуа! Чи йын зоны йæ хъизæмар? Чи бамбара йæ рыстдзинад?! — Йæ туг, йе ’стæг, йæ къабæзтæ Баззадысты Уæлладжыры. Ныр, сау хъæды сау халонау, Æвæхæцæг, хæрз иунæгæй Бонтæ ’рвиты мæстæлгъæдæй. Йе ’нæуынон Ельхъанæй йын Уæд уалынмæ куы райгуырди Дыууæ фаззон — дыууæ фырты, — Æмхуызæттæ, æмиæстæ — Сабаз æмæ Сабазджери, Ивддзаг кæнынц уæнгты кондæй, Асæй æмæ цæсгомæй дæр. Госæда ныр йæ дарджытыл Сагъæс кæнын куы райдыдта: «0, мæ боныл, цы уромын! Тæригъæддаг рыст хъæбултæ Схъомыл ысты бæгъæввæдтæй, Гомгуыбынтæй, æххормæгтæй. Лæгъз хæлæфтæ, лæгъз хæдæттæ Никуы скодтой сæ уæлæ дæр. Нæ сæ уадзы æрулæфын Гуымирызонд, тызмæг Елхъан; Сылтаныхъы быдыры-иу Уалдзæг зæгъай, фæззæг зæгъай, Сæумæцъæхæй изæрмилтæм 204
Зæхх дзывырæй куы фæлдахынц; Зымæг та-иу тымыгъ бонты Хъæдæй сугтæ куы фæласынц, Æхсæв-иу уæд куыствæлладæй, Куы батулынц сæ лыстæнты. Гъе, афтæмæй, дæллаг галау, Рафтыдысты уæззау куыстæй. Мæгуыр сæ бон, рухсы тын дæр Никуы ныккаст сæ зæрдæтæм. Хъазты кæнæ куывды мидæг Æппæтæй рох куы фæлæууынц; Нæ сæ уадзынц се ’мрæнхъ цæуын Бадилаты хъал фæсивæд, Фидистæ сын куы райдайынц. Се ’хсар, сæ тых, сæ зондмæ сын Хæлæг кæнынц сæхи мидæг. Фæлæ ’лгъыстаг фыдбоны цард Сæ зæрдæты, сæ къабæзты Куы ныссагъта йæ сындз къухтæ». — Æвиппайды цæфхæдты хъæр Æрбайхъуысти Госæдамæ; Кэелмдзæфау, дын, фестъæлфыди, Фæтар ысты йæ хъуыдытæ. Мысырбийы æрвыст барæг, Тызмæгхуызæй, цæхæркалгæ Фæмидæг и Госæдатæм. Байдыдта йыл хъæртæ кæнын. Æрбазгъордтой йæ хъæрахстмæ Госæдайæн йæ лæппутæ. Барæг сæм ехс фæхъил кодта: — Тагъд цæугæут, фæныкгуызтæ! Ныййарæг мад, зыр-зыргæнгæ, Ысцæйыстад йæ хъæбултæм. Бæргæ ма сæ уый хъавыдис Æрбатухын йæ дæлæрмтты, Фæлæ аззад æрттæтыгъдæй... Ратардта йын æрвыст барæг Йæ удæнцой, йæ дарджыты. Тухгæ уадæй фыд афонты Тала бæлас куыд асæтты, — 205
Госæдайæн раст уый хуызæн Æваст йæ ныфс æрбасасти. Мигъ абадтис йæ цæстытыл, Æмæ ’взæрынц зæрдæрыстæй Сæры магъзы тар хъуыдытæ: «Æнæмæнг та бадилатæ Стæры цæуын фæфæнд кодтой. О, дæдæдæй, цымæ та дзы Кæй чызджытыл, кæй чындзытыл Мæ хуызæн бон æрбакæндзæн! Кæй зынг, мæгуыр, æрбахуысдзæн! Кæй къона та æрбайхæлдзæн? Цы уыдзысты мæ хъæбултæ?!» Хуры тынтæ нæма систой Цъæх кæрдæгæн йæ цæстысыг, Афтæ балцмæ лæгæвзæрстæй Бадилатæ фæрæвдз ысты. Сæ разæй ис йæ урс бæхыл Хъарадзауты хъал Мысырби, Йæ рахиз фарс Бечмырзæ и, Йæ галиу фарс — Дударыхъо, Сæ хæд фæстæ — сæ кæстæртæ, Æддæдæр та — бæлццонарæзт Хъуымайæгтæ, чегъыретæ, Фæсдзæуинтæ, кæвдæсæрдтæ. Бадилаты зæронд лæгтæ Уæд Мæхæмæт-пехуымпарыл22 Сæ бæлццæтты ныффæдзæхстой: — Нæ фæсивæд, уæ балцвæндаг Тæссаг у тынг фыдбылызæй, Фæлæ фæут хæрзтыл æмбæлд, Дзагармæй нæм æрыздæхут! — — Дарут-иу ныл уæ зæрдæтæ! — Фæкодтой уæд æмхъæлæсæй, Бадилатæн сæ бæлццæттæ. Тыхгæнджытæ Уæлладжырмæ Цингæнгæйæ, фæцагайдтой. Зилгæ-тухгæ, сæ хæд фæстæ Рыг сыстади сылæг мигъау.
ÆХСÆЗÆМ ЗАРÆГ Иппæрд æмæ уæлæуæз ран Хæххон хъæу Быз æрæнцади, Йæ хæдзæрттæ — тъæпæн дурæй, Фидар амад — йæ мæсгуытæ. Йæ чъырынтæн, йæ гæнæхтæн Фæхъуына сты сæ гом сæртæ. Урс хох ныззылд йæ хæд сæрмæ, Айнæг къæдзæх — кæлынæввонг. Йæ бынмæ та сау æндарæй Зынынц дардмæ йæ дыргъдæттæ. Бæлæсты бын, къутæрты ’хсæн Гуыргæ суадон — æвидигæ. Уайы, згъоры егъау къæйыл, Хæл-хæл æмæ чыр-чыргæнгæ. Ихы къæрттау, куыд уазал у! Куыд рæсуг у, куыд сыгъдæг у, Налхъуыт-налмас цæппузырау! Мæйрухсмæ та урс уаццагæй, Æвзистау, уый куы ферттивы. Изæр-иу æм Бызы хъæуæн Сæ чызджытæ, сæ чындзытæ Æд гогонтæ, æд къæртатæ Райгæ, худгæ куы ’рцæйцæуынц, Донæй хъазын куы райдайынц, Ыскалы дзы иу иннæйыл, Уарзæтты кой куы фæкæнынц, Ныддаргъ вæййьтц сæ ныхæстæ. 207
Ацы рагон хæххон хъæуы Фæцард æвал-æвидисæй 23 Номдзыд Тæга зæронды онг. Йæ рагбонты хæрзконд уыди, Æгъдауджын уыд, хъаруджын уыд, Йæ бæхыл-иу куы хъазыди, Уæд куыд арæхст, куыд фидыдта... Куы-иу фæцыд фæдисы хъæр, Куы-иу бахъуыд æхсары сæр, Уæд-иу Тæга фæдисæттæн Сæ разæй тахт кæддæриддæр. Равдыста-иу, нæртон лæгау, Ызнæгтимæ ныхæй-ныхмæ Йæ гæрзарæхст, йæ лæгдзинад. Фæстæмæ-иу æрбаздæхти Уæлахизæй, сæрбæрзондæй. Фысы комæй цæрæнбонты Хъæмпы хал дæр нæ раласта. Хистæртæн уыд лæггадгæнæг, Æмгæрттимæ — хæларзæрдæ. Кусынмæ та куыд рæвдз уыди! — Тас бинонтæн сæ дарæг уыд, Кæнæ цуаны куыд ысгуыхти! Хъæриу-хохы бæрзонд рындзтæй Сырдтæ бирæ фæфæлдæхта. Ныр дæр уыцы дзæбидыртæн Сæ уырынгтæ ыздыхт сытæ, Уæд сычъийы цыргъ сыкъатæ, Æстдæссион нæл саджы сæр — Уазæгдоны, бæрзондгомау, Кондæй лæууынц фæрсæй-фæрстæм. Сауыгъта сыл рæгъæй-рæгъмæ Йæ намысджын хæцæнгæрзтæ: Æндон сæрзæнт 24? йæ хъыримаг, Комджын хъама, йæ ерæдзыпп, Топпыхосдон, йæ дамбаца, Йæ кард æмæ йæ мыдзыра 25. Ныр Бутаты цытджын хистæр, Даргъ урсзачъе, тавиц2$ Тæга
Бызы хъæуæн куы фæкæны Тæрхæттæ ’мæ уынаффæтæ. Сæ хъæуæн уый йæ намыс у. Чындзытæ йын йæ ном зæгъын Фæсвæды дæр нæ фæуæндынц. Йæ рæзты-иу сæумæ райсом, Дон хæсгæйæ, хæдæфсармæй Дард азилынц былтæбастæй. Тæга ныр дæр фæзминаг у Зæрондырдæм йæ бакуыстæй, Куы ’мбонды хæлд æрæхгæны, Куы дзоныгътæ ысрæвдз кæны, Куы бабæтты бæрз уисæйттæ, Куы акæсы сæ хъугæмттæм Кæд дзы, миййаг, ызнаггад ис, Куы асгары уыгæрдæнтæ, Æмæ та-иу сывæллæттæн Халсæртты ’ргъом æрæнтъухы. Куы ракæны мæхъийæгтæ, Сæ мусы сæ æрцаразы, Куы та хурмæ сæ уæлхæдзар Фæбады уый къæлæтджыныл, Йæ таурæгътæ, йæ кадджытæ Хъисфæндырæй куы фæцæгъды. Сывæллæттæ йæ алыварс, Цымыдисæй нымбырд вæййынц: Чи бахизы йæ хъæбысмæ, Чи та зæххыл йæ къæхты раз Цæрдæг дзуццæг куы абады, Чи йын мæнæ йæ уæрагыл Сабыр йæ сæр æркъул кæны. Абон дæр та сæумæ райсом Рабадт Тæга сæ уæлхæдзар, Æмæ хъазы йæ хæрæфырт Чысыл лæппу Умаримæ. Куы йæ кæны цæуын ахуыр, Æрбайсы йæ йæ хъæбысмæ, Куы йын сæрфы йæ уадултæ, Æрдауы йын йæ сæрыхъуын. 14 Плиты Харитои
Афтæ ’рвиты йæ цард-бонтæ Зæрондæй ныр цытджын Тæга. Йæ зæрдæ — рухс йæ хъæбулæй, Йе ’хсарæй йын сæрыстыр у. 210
ÆВДÆМ ЗАРÆГ Æхсæв сау кæрц æрбакодта. Мæй тар мигъты æрныгъуылди, Хæххон фæндаг ныссаудалынг. Сырдтæ зилынц холы сгарæг, Дард кæцæйдæр уыг бауасы. Арв ферттивы къæдзтæ-мæдзтæ. Урс дарæсы хъал Мысырби Къорды разæй йæ урс бæхыл Нарæг комы фæхæрд кодта. Тæргæ бæхтæн сæ къæхты бын Калм цæхгæрмæ, æхситгæнгæ, Уыцы сыффытт куы нылласта. Дзæбидыр та фæлгæсгæйæ, Фæзыны ’васт хохы дагъы. Уæлладжыргом... Ныхасы раз27... Комы дуар28 у дурæй амад, Йæ мидæг та — бæрзонд гæнах. Уый, бон зæгъай, æхсæв зæгъай, Хъахъхъæнæгæй нæ цух кæны. Уым фидарæй чысыл дæлдæр Мысырби бæх фæурæдта, Афæдзæхста йæ кæстæрæн: — Марадз, асгар ды фидары! Цы ми кæны йæ хъахъхъæнæг? — Бахъуызыд æм уыцы кæстæр; Гæнах уыдис æнгом æхгæд. 211
Хъахъхъæнæджы адджын хуыссæг Æрбатыхта йæ хъæбысы. Сгарæг фездæхт æмæ хабар Цæрдæг загъта йæ хистæрæн. Уæд Мысырби хъахъхъæнæгыл Разылд хинæй: дæлвæндæгты, Хъавгæ-хъавгæ, фæраст кодтой. Хъал барджытæ сæ фæдджитæ Сæ ронбастты куы фæсагътой. Дон арф комы ныууынæргъы, Бырсы, ссæнды, йæ фынк калгæ, Тигъджын къæйтыл, тымбыл дуртыл Цæллахъгæнгæ, мæстыгæрæй Хæрдмæ хауынц йæ уылæнтæ. Бæхтæ дон-дон, фæдыл-фæдыл Арф хуыдымты куы лæгæрдынц. Доны уылæн, лæбургæйæ, Бæхты риутыл æрбатыхсы. Донæй сурмæ куы рахизынц, Уæд сын зæгъы Мысырби дæр: — Уæ саулохтыл нымæт-уæфстæ Рæвдз акæнут! — Барджытæ дæр Сæххæст кодтой балхоны дзырд. Бацыдысты Суби-хъæдмæ, Æрытыдтой сæ нымæттæ, Æркодтой уым æхсæвиуат... Æрмæст фынæй куы нæ кæнынц Дыууæ фаззон æфсымæры — Сабаз æмæ Сабазджери, Æхсиды маст сæ зæрдæты. Кæнынц ныхас сæхимидæг. Дзуры ’нкъардæй Сабазджери: — Уацайраг цард, цагъар уавæр Куы федтам, куы, нæхи цæстæй, Æфхæрд æмæ мæгуырдзинад Мах не рагъыл куы бавзæрстам, Уæд афтæмæй æххуысгæнæг Бадилатæн цæмæн цæуæм? Куыд фехалæм нæхи хуызæн Кæйдæр мæгуыр сау къонатæ? 212
Ой, тæхуды, ацы сырдты Ныххурх кæн ам тархъæды ’хсæн, Арт сын бафтау сæ фæллæйттыл, Фæлæ, цæй, ныр цы чындæуа? Нæ къухтæ ныр цыбыр куы сты. Цы у нæ бон æххуыс кæнын Уæлладжыры фæсивæдæн? — Ды раст зæгъыс, Сабазджери, Нæ сæртæ дæр суæлдай кæнæм, Ма ныббарæм нæ мад æмæ Нæхи хуызæн мæгуырты ’фхæрд. Мысырби нын куыд радзырдта, — Уæлладжыры сæрæн гуырдтæ Куырттатырдæм фæцыдысты. Бадилаты тыхгæнджытæн Ныр чи ’рлæудзæн сæ ныхмæ та? Мæгуыр сæ бон, кæй къонатæ Ныддымдзысты нæ тугцъиртæ! Тæхуды ’мæ Куырттатмæ сæм Хабархæссæг куы фæуаид. Куыд хорз уаид, Сабазджери. Ныр ахæм лæг кæм разындзæн. Куыд дæм кæсы, бæхыл сæм æз Тæхгæуадæй куы балæууин! — Бæргæ, бæргæ, куы сарæхсис. Нæ хъалтæн уæд сæ фыдракæнд, Уырны мæ мæн, фæсыкк уаид. — Дæуæн тæрсын, Сабазджери. Мæ ацыд мын куы базоной. Сæ фыдæх дæу куы баййафа. — Мæнæн, Сабаз, цæмæй тæрсыс? Мæ быгъдуан уæд ам сарæхсын. Æрмæст фæстиат мауал кæн! 213
ÆСТÆМ ЗАРÆГ Куырттаты ком... Уæлхох быдыр... Хилакгомæй фæлмæн дымгæ Куы радымы, рæвдауæгау, Фиййагдонæн йæ уылæнтæн Сæ араугæ уынæримæ Баиу кæны йæ зарджытæ. Уациллайы бæрæгбонты Цымытъийы Уырыфæзмæ Куывды адæм æрцыдысты. Йе ’мбæлттимæ Аслæмырзæ Хуынд у ардæм Уæлладжырæй... Ныр уал хъазæн уæрæх фæзы Куы фæлварынц сæ саулохтыл. Уым Тæгайы сæрæн гуырдыл Адæм сæ цæст æрæвæрдтой: Къуыбыррихи, цыбырзачъе, Тымбылдзæсгом хъуыдыдзаст у, Иæ уæлæ ис кæттаг куырæт, Фæсмын цухъхъа æд бæрцытæ, Иæ къæхтыл та — рæтыд местæ29, Даргъ æхсаргард — йæ фарсыл баст, Дамбаца — тъыст йæ фæсроны, Фæтæн хъама — йæ астæуыл. Иу сæррæттæн бæхыл бадгæ Багæпп кæны быруйы сæрты. Йæ размæ йын, тæхгæ-тæхын, Уæлдзарм худтæ куы сæппарынц, Уæд сæ уый дæр дамбацайæ
Фæдыл-фæдыл рæвдз акъуыры. Цымытийаг Арсæмæг та Саргъы уæлæ хъен алæууы, Куы та, зæхмæ æртасгæйæ, Цырд фелвасы æвзист æхца... Иæ бæхæн уый йæ бæрзæйыл Цалдæр зылды куы æркæны. Барджытæ, дын, ысфæлварынц Се ’хсаргæрдты ыссад кæмттæ, Куы сæ ’руадзынц кæрæдзийыл, Уæд цæхæртæ куы акалынц. Ехсы ’взыстмæ сæ бæхтæ дæр Куы ныллæууынц сæ фæстæгтыл. Дæлдæр фæзы лæдзæгвындзæй Иутæ хъавынц нысан-бæрцмæзо. Уым сæ фарсмæ уæд аннæ къорд Радгай кæнынц тыхæвзарæн: Дур æппарынц куыд-дарддæрæй. Куывдæй фалдæр цъæхнæудзармыл Фæсивæд хъазт æрцарæзтой, Нæры дардыл фæндыры цагъд. Хæрзконд чызджы æлвæст астæу, Бæрз талайау, куы фæтасы. Йæ цæстмæ уым сæрæн лæппу Рæвдз æркафы йæ къах-къухтыл. Мæйрухсдзæсгом рæсугъд чызг дæр, Доны хъазау, куы ленк кæны, Дардыл, райгæ, йæ даргъ цæнгтæ Куы айтындзы, тæхгæ маргъау. Даргъ æрфгуытыл, сырх уадултыл Сау лæппуйы дыууæ цæсты Кæсгон кафты куы фембæлынц, Уæд зæрдæ арт куыд нæ фесты! Куывды адæм дывæлдахæй Бæлæсты бын куы рабадынц, Уæле бады хистæр лæгæн Цымытийаг зæронд Алхаз, Уый хъæуæн у сæ кадджындæр, Сæ дзырддзæугæ, сæ зонды лæг. Афай бады йæ дæллаг фарс, Ныхас кæны Алхазимæ. 215
Уый йæ хъæуы мæгуырдæртæм Кæсы тигъмæ, былысчъилæй. Дæлдæр — иннæ зæронд лæгтæ. Нуазæнтæ сæм сæ кæстæртæ Æрбадæттынц фæдыл-фæдыл. Алхаз кувын куы райдайы: — Нæ хъæубæсты фæрныг адæм, Уæлладжыры саг фæсивæд, Хуыцау уын уæд ахъазгæнæг, Нæ куывд барст уæд Уациллайæн, Раттæд нын фарн бæркæдтимæ... Иннæ’ азы хор нæ къутуты, Нæ даргъ гонты куыд нал цæуа. — Гъеныр та уæм фæсиддзынæн, Нæ кæстæртæ, нæ уазджытæ, Домбай куыд уа нæ Ирыстон — Æнгом куыд уæм кæрæдзийыл — Хæрамдзинад куыд фесæфа, Сырды цæстæй куыд нал кæсæм Кæрæдзимæ фыдызнагау. Тыхтонатæ куыд нал кæнæм, % Туджы зæйтæ мыггæгты ’хсæн Куыннæ цæуа ныры хуызæн, Æмæ цæмæй нæ цардыуаг Йæ нывыл уа, гъе уый тыххæй Дунейы хъæр куыд бамбарæм. Куырттатаг уа, уæлладжырон, Дыгурон уа, фæсхохаг уа, Нæлгоймагæй, сылгоймагæй, Хъæздыг æмæ мæгуыр лæгæй Куыд базонæм, — нæ иудзинад Кæй уыдзæни, куы баиу уæм Æрмæст домбай Уырысимæ. Нæ кæстæртæ, нæ уазджытæ, Фæрнæй уæм сидт фæхæццæ уæд. —^ Дæ дзыхы фарн, — нæ буц хистæр! Æрбадзырдтой йæм кæстæртæ. Алхаз дæр сыл сæрыстырæй Йæ цæстæнгас куы ахæссы, Йæ гаджидау зæрдæбуцæй Æхсызгонæн куы баназы. 215
Бадты адæм фæхъус ысты. Æлхынцъæрфыг, фыдцъылыс лæг Цымытиаг хъæздыг Афай Куы сыстади йæ бынатæй: — Алхаз, дæ куывд у арфæйаг, Зæндджын сидт ныл кæй рауагътай. Æцæгæй дæр ирон дзыллæ Кæрæдзи хъæр нæма ’мбары, Кæрæдзимæ фыдæх хæссæм, Нæ кæмтты ’хсæн нæй иудзинад — Стæм афтæмæй æфсымæртæ. Тыхтонатæм, хъæддаг митæм Раст, бирæгъау, æмхиц ыстæм. Æрмæст мæнæн мæ зæрдæмæ Нæ фæцыди ам иу хъуыддаг. Ныххатыр кæн, дæ хорзæхæй, Æз алкæддæр æргом дзырд дæн. Цæмæн хъæуынц козбау митæ, Нæ хъуыдытæ цæмæ ’мбæхсæм? Ныхас, Алхаз, ды ракодтай Ирыстонæн йæ хъысмæтыл. Цы нæ ’рцæуа, гъе уыдæттыл Ам дзурын та цæмæн хъæуы? Æмдзæхдон мах цæмæн кæнæм Æцæгæлон Уырысимæ? Дæумæ гæсгæ, нæ сæрибар Уæрæсейæн ныууæй кæнæм? Цыма стæм уæд? Цæмæн хъæуæм? Фарн бадзурæд дæумæ, Алхаз, Нæ адæмы куы нæ змæнтис, Хуыздæр уаид, мæнмæ гæсгæ. Бадт базмæлыд, фæхъæлæба, Афайæн уым йæ раныхас Мигъау ныббадт сæ зæрдæты. Йæ комкоммæ Джетæгъæз дæр Йæ ныхæстæм æрбамæсты, Ныхасы бар æрцагуырдта: — Уæ хорзæхæй, нæ кæстæртæ, Басабыр ут! Фæтк ма халут! Нæ кæрæдзи хъæр бамбарæм! 217
Нæ зрнды лæг, цытджын Афай, Цæмæн халыс нæ бадты ’гъдау? Æви нын хистæр хистæр -нæу? Æви кæстæр йæ раны нæй? Цы нæ фæцыд дæ зæрдæмæ Нæ хистæрæн йæ ракуывдæй? Уæд та нын зæгъ дæ уынаффæ! Цы саразæм? Куыд бакæнæм? Тыхтонатæй куыд фервæзæм? Нæ мыггæгтæ кæрæдзимæ Хæрам зæрдæ куы бадарынц, Куы ныссæрфынц сæ кæрæдзи. Уæд уымæн та цы хос арыс? Æви ды хъавыс тугвынгтæй Нæ туджджынты æрлæгъз кæнын? Æви хъоды мах бакæнæм Туджы фæткыл мыггагмæ дæр? Хъодыйæ уæд цы рауайдзæн? Зæгъ-ма нын, зæгъ, дæ хорзæхæй! Тыхгæнджытæн цы схос кæнæм? Ыскæс-ма, скæс нæ мæсгуытæм, — Тугахуырстæй куыд фæлгæсынц! Нæуæгæй та нæ мæсгуытæм Фæдисы бон хуыздæр æнхъæл Фæлидзæг уæм æд бинонтæ? Ды раст зæгъыс, нæ рæдийыс, Цæрæм, бæгуы, сæрибарæй. Гъе уый у, гъе, йæ бæллæх дæр, Æнæидон тæргæ бæхау, Уæгъд кæй ысты нæ рохтæ дæр. Куыннæ стæм мах сæрибар та! Лæгмарæг дæр сæрибар у, Тыхгæнæг дæр, абырæг дæр. Гъе уый та дын нæ сæрибар! Дæлдзæх фæуæнт цæрæнбонтæм! Алхаз — нæ хистæр тынг раст у, Йæ цæрæнбон нын бирæ уа. Йæ фæнд, йæ сидтæй бабуц дæн. Нæ хъысмæт мах ысиу кæнæм Уырысимæ, Уырысимæ, Æмæ Афай, цæй, рауадз рæгъ! Цæмæн кæныс къуылымпы сидт? 218
Афай мæстæй ныддурзæрдæ, Джетæгъæзæн йæ ныхæстæм. Былысчъилæй æлгъгæнæгау Сыкъа дæтты сæ дзагдармæ: — Цæйнæ фæлтау ныр ацы сидт Хæрамæй ам æз баназон, Фæлтау мын — марг мæ мады ’ Фынгæй фестад, фæцæуæг и, Ысдзырдта ма мæстæй ризгæ: — Уæздан ысты бадилатæ Кæй нæ хæссынц сæ сæрмæ дæр Се ’мрæнхъ бадын уæ хуызæтты! Рафардæг ис фæрныг куывдæй, Йæ фæдыл ма — иу-цалдæрæй. — Уæ хорзæхæй! Уæ фæндаг раст Уæхимæ нæ — Гандзамæ дæр, — Джетæгъæз ма фæхъæр кодта. Сидт ахæццæ, Алхазы сидт. Куырттатæгтæ мæлгъæвзагæй Нывæзтой хорз, рæсугъд фæндтæ. Уæлладжырон Аслæмырзæ Сæ фæндæттæй, сæ бæллицтæй Сæрыстыр уыд, æнæзæгъгæ. Йæ къухты йын куы фæсагъта Дзаг нуазæн уырдыглæууæг, Уæд фестади йæ бадæнæй, Йæ цæст бадтыл цырд ахаста. Куырттатæгтæ фæхъус ысты Ныккастысты сæ уазæгмæ. Алхаз дæр æм йæ цæстæнгас Куы сарæзта æдзынæгæй: «Цы зæгъдзæни уæлладжырон? Нæ фæндон æм куыд фæкæсдзæн? Уыдзысты нын æмцæдисон Нæ хæлæрттæ — Цæразонтæ. Афайау кæд Уæлладжыры «Сæрибарæй цæрын фæнды», — Хъуыды кæны зæронд Алхаз. Буц хистæртæм куы бадзуры Зæрдæхъæлдзæг Аслæмырзæ;
— Уæ сидт рæстмæ, куырттатæгтæ! Хуыздæр хъуыды, хуыздæр фæндæн Зæгъæн дæр нæй, ныфс бауагътат Нæ зæрдæты, кæддæриддæр Домбай вæййут уынаффæтæм. Ныр дæр та нæ ысбуц кодтат. Уæ фæндоныл туаллæгтæ Æгæрон цин фæкæндзысты. Нæ фыдцардæй, хъæддаг митæй Уыдзыстæм хызт мыггагмæ дæр, — Кæсæгау мах æмзæрдæйæ Нæ цин, нæ маст, нæ тар хъысмæт Куы ныффæдзæхсæм Уырысыл. Уæлахиз уæд нæ иудзинад! Рæстмæ фæуæд нæ гаджидау! Кæстæртæ йын нымдзæгъд кодтой, Ныййазæлыд сæ зарæг дæр. Куывд бацыди йæ тæмæны, Гаджидæуттæ фæдыл-фæдыл Уылæнтау уæд ивылдысты. Уациллайы бæрæгбон-иу Æрвылаз дæр куырттатæгтæ Куыннæ ’рвыстой, куы, хъæлдзæгæй, Фæлæ нырау сæ зарджытæ Нæ хъуыстысты, зыланггæнгæ. Хæххон дæттæ, æхсæрдзæнтæ Сæ райгæ зæлтæм бахъырнынц. Æгомыг хъæд, бæрзонд хæхтæ Сæ зарджытæм ныццарауынц. Цыма Куырттаты рухс фæндтыл Рæсугъд æрдз дæр ныццин кæны. * Æмбисæхсæв. Нæма фæци Куырттаты сахъ фæсивæдæн Сæ тымбыл кафт, сæ дардыл симд. Æвæццæгæн, сæ нæртон хъазт Нæ райхæлдаид бонмæ дæр. Фæндыры зæлтæ, зарджытæ Зæлыдаиккой стыр комы, 220
Фæлæ æваст тæргæ бæхыл Иу фæдисон æрбазыны. Ысхиди бæх, йæ комулæфт Цъæх фæздæг уагъта ’нæсцухæй. Бæрæг уыди, кæй фæтахти Æнæрынцойæ дард ранæй. Йæ барæг зæхмæ ’ргæпп кæны, Фæхъуси хъазт, фæкъуырма и. Фæсивæд ыл нымбырд вæййынц. Аслæмырзæйы ’рцагуырдта. Аслæмырзæ уæд тарст хуызæй Фæдисонмæ æрбауади: — Æз дæн, лæппу, Аслæмырзæ. Цы мæ кæныс? Цы хабар у? Æнахуыр бæлццон исдугмæ Ферхæцыди, фæтыхсæгау: — Чындæуæд уæм фарны койтæ, Смахмæ хорз уац æз не ’рхастон. Тых кæнынмæ уæм бабырстой Бадилаты кæрæф хъалтæ. Æрвитынц се ’хсæв тархъæды, Бырсдзысты уæм сæумæ цъæхтыл. Мæнæн мæ ном Сабаз хуыйны, Дыгурон дæн, кæвдæсард дæн. Аслæмырзæ ныхъуынтъыз и, Фæджих, ыстæй куы ныттыхсы Хæрзгæнæгыл — фæдисоныл. Æрæмбырд ысты фæсивæд Аслæмырзæйыл уайтагъддæр. — Цæуын хъæуы æвæстиатæй! — Аслæмырзæ куы бакæны, — — Цæуын хъæуы! — Арсæмæг дæр Йæ хæлæрттæм куы бадзуры: — Нæ туаллаг æфсымæртæн Сæ тыхсты бон æххуыс кæнын Кæй фæнды уый, мæ фæдыл — тагъд! — Мах не ’ппæт дæр! — æмхъæлæсæй йæ хæлæрттæ ныхъхъæр кодтой. 221
Цæст ныкъуылдау уæд уайтагъддæр Фæпырх ысты фæйнæрдæмты Сæ бæхтæ ’мæ сæ хотыхтæм. Фæрæвдз ысты фæдисæттæ, Куыд баисты цæуын æввонг, Раст, афтæ уæд ныхситт кодта Аслæмырзæ йæ саулохмæ. Æмæ мæнæ хæххон сау бæх Хъæуы сæрты æрбалыгъди, Бæрзонд къуыппыл ыслæууыди, Гæмæлхъусæй ныууасыди. «Ардæм! Ардæм, мæ Царцилан!» — Хъæр та кæны Аслæмырзæ. Царцилан дæр фæцагайдта, Цырд йæ уæлхъус æрбалæууыд. Йæ барцмæ йын куы февнæлдта Тæгайы фырт Аслæмырзæ. Æрхоста йын йæ нард синтæ. Бæх мидбынат ысрæуæг и. Аслæмырзæ цæстныкъуылдмæ Къах æгъдынцой куыд атъыста, Саргъы гоппыл куыд фæхæцыд, Афтæ, дын, æм йæ даргъ бæрзæй Фесхъæл кодта йæ тæлтæг бæх. Рæвдз ыл абадт ысгуыхт барæг. Туаллæгтæ-Цæразонтæ, Куырттатæн дæр сæ фæсивæд Хæрзæхсæв загътой комбæстæн, Ныкъкъæрцц ластой сæ хъал бæхты, Тæхынц, уадау, Уæлладжырмæ. 222
ФАРÆСТÆМ ЗАР/БГ Бызыхъæу тарф куы бафынæй, Рухс нал кæлы йæ хæдзæрттæн Сæ ердотæй, сæ хуыккæмттæй. Иæ уынгты нæй цъиуызмæлæг. Фæлæ куитæ нал æнцайынц Сæ рæйынæй, сæ ниуынæй! Бызыхъæу ныр цæмæй зоны, Тархъæды ’хсæн йæ дæлфæдтæм Йæ фыдгултæ йæ бабыныл Кæй кæнынц, кæ, уынаффæтæ. Арв тар мигътæй фæсыгъдæг и, Мæйæн ахауд йæ сау пæлæз, Фæтулы та йæ авдæнмæ, Уый бонимæ нæ фидауы. «Авд хойы» дæр сæ симды хай Цъæх мигъты ’хсæн куы фæкодтой. Æрмæст ма дзы — фиййау-«Боброн»31, Бонивайнæн салам дæттæг. Æрыздæхт хур йæ дард балцæй, Йæ рухс тынтæ цъæх цъититыл Ыссыгъдысты, акодтой сæ Ныййарæгау сæ хъæбысы, Æррадоны фæлхъæзæнтæ Уынгæг комы ныццарауынц. Аууон дарынц цæгатвæрстæ. 223
Иу бæласæй уæд иннæмæ Кæнынц цъиутæ пæррæстытæ Æмæ цъæхснаг цъыбар-цъыбур. Ныр Галæгон ныссабыри, Йæ уад æмæ йæ дымгæты Уый фервыста æндæр бæстæм. Хæххон ирдгæ куы рафасы Хъæдабæгъуыз фæлмæн кæрдæг. Æртæх худы цæппузырау Гауызæвæрд дидинджытыл. Бызыхъæу дæр куы райхъал и, Ыскалд фæздæг йæ ердотæй, Алчи кæны йæ зылдтытæ. Чи дзы уайы сæ суадонмæ, Чи — куыроймæ æд ыссинаг. Фиййау райста йæ уæлæфтау Æмæ рацыд дзуджы фæстæ. Хосдзаутæ ’мæ ыссивджытæ Рараст ысты уыгæрдæнтæм. Баззад ма дзы зæронд лæгтæ. Чызджытæ ’мæ чындзытæй та Кæнынц иутæ хæдзары зылд. Хуртуæтты раз гыкъынатæ Хæрдмæ ’ппарынц сæ тыччытæ, Лæппутæ та фæсхæдзæртты Цæрдæг хъазынц гæлæмытæй. Бадилаты лæбурджытæ Бонасадæн куы бакæнынц. Мысырби, дын, æрдузгæрон Йæхи ’руагъта уæд кæлдымыл, Йæ цæстытæ, зыд бирæгъау, Бызыхъæумæ куы ныццавта, Уалынмæ сæ фæцарæзта Дондзаутæ ’мæ куыройдзаутæм. Цъиусур дæр ма раст уый хуызæн Сырддонцъиутæм нымдзаст вæййы. Хæрзгæнæг сын Бызыхъæуæй Куы фæци ныр хъæздыджы фырт. Æлгъыст фæуа, о байсæфа Хинæй зилæг, æлдæртты ’ххуырст! 224
— Хорз уыдзысты нæ хъуыддæгтæ. Дударыхъо, фæдих уæм ныр! Рæгъæуттæ нын ды тæрдзынæ, Уацайрæгты ракæнын та — Мæ бар æмæ Бечмырзæйы. 15 Плиты Харитон 225
ДÆСÆМ ЗАРÆГ Рæуæг уахъæз лæгъз фæтæнты Сындæг узы фæлмæн кæрдæг. Хæххон зымтæ, хуыргæрчытæ Нал æнцайынц сæ къуыззиттæй. Цæргæстæ та тæхгæ-тæхын Дард айтыгътой сæ базыртæ, Сæрибарæй, æна^мæтæй Куы ленк кæнынц уæлæуæзты, Фадынц хæххон сыгъдæг уæлдæф Сæ риутæ ’мæ сæ базыртæй. Цъæх сæгуыттæ, дзæбидыртæ Хæхты тигътæй куы фæлгæсынц. Урс фынк калгæ, сæх-сæхгæнгæ, Коммæ хауынц æхсæрдзæнтæ. Уæлладжыры бæхрæгъæуттæ Дон нуазынмæ æрбацæуынц, Стæй та рагъмæ æрбазилынц, Æмæ слæууынц рог ирдгæмæ. Сæхиуыл ма дзынга бадын Кæм уадзынц, кæ, сæ къæдзилтæй! Уым ефсытæм сæ байрæгтæ Згъорынц уасгæ, чъыллиппгæнгæ. Емылыктæ,32 хуыррытгæнгæ, Ныссенк ласынц, тъæбæртгæнгæ, Тæхгæ-тæхын сæ къæхты бын Æртæхкæрдæг куы ассæндынц Хæмпус æмæ фæлмæн нæууы, Цæфхæдты фæд куы баззайы. Ж
Ыстуртæ та, сынæр цæгъдгæ, Кæнынц ривæд зæйы фарсмæ. Суадоны был~ рæгъаугæстæ Залмысыфтæ, нымæтхудтау, Доны тылдæй сæ даст сæртыл Куы æркæнынц хураууонæн. Сæ уадындзты рæсугъд зæлтæ Ныййазæлынц уынгæг кæмтты. Бæхгæсты цур æвиппайды Февзæрдысты тыхгæнджытæ, Рæгъаугæстæн сæ цæнгтæ уæд Сæ фæсонтæм æрбабастой, Ратардтой сæ æд рæгъæуттæ. Уæлхох фæтæн-æмхизхæрæн Ысафтид ис, нал фидауы — Афтæ ма-иу лæгъз тъæпæнæй Фæхæссы уад ыссивинаг... Бæхы стурæй кæм чи ’взæрста! Хъила галтæ сæ сыкъатæй Хъал уырсыты куы рæхойынц, Уыдон дæр сæ, мыр-мыргæнгæ, Нытътъæпп ласынц сæ цæфхæдтæй. Хъугæмттæн-иу дымгæ, узгæ, Сæ сыгхъæлæс кæрвæдз хортызз Ысфæйлыдта, — рæгъау уыдон Сæ къæхты бын куы ассæстой. 227
ИУÆНДÆСÆМ ЗАРÆГ Бызыхъæуы куыройдзаутæ Сæ хæдзæрттæм куы схæрд кодтой, Хъарадзауты Мысырби сын Уæд сæ фæндаг æрæхгæдта. Уайгæ-уайын фæхъæр кæны: «Гъæйтт, хъазхъуыртæ, нæ къухты стут! Мах не ’фсургътыл сæгуытты дæр Дард фæлидзын куы нæ уадзæм!» Сылгоймæгтæ фæтарстысты, Бакалдысты кæрæдзийыл. Баййæфтой сæ тыхгæнджытæ. Кæй рацахсынц йæ дзыккутæй, Кæй, дзыназгæ, . хъæрахстгæнгæ, Æрбатухынц сæ нымæтты, Æвæрынц сæ саргъы бæхтыл. Куыройдзаутæн сæ цъæхахстæй Хæрдмæ схъиуынц тæлтæг бæхтæ... Уæд Бутаты Тæгайы чындз Рæсугъд Зæлда æд къæртатæ Гакъон-макъон къахвæндагыл Æрцæйуади сæ суадонмæ, Æмæ донбыл уынгæг комы Рæгъау тæргæ куы ауыдта, Уæд, цикъæйау, куы афæлурс, Атартæ сты йæ цæстытæ, Æрхаудысты йæ къæртатæ, Йæ мидбынат ыскатай ис: 228
— Мæ къонайыл, куы бын кæнæм, Нæ рæгъау нын фæтардæуы! Кæмæ кæнон фæдисы хъæр? — Куы ничи ис нæ хъæубæсты! Æрмæст дæр дзы — зæронд лæгтæ, Æз — уайсадæг, куыд сæм дзурон?! Фæкаст, уыны: æддæуæзæй Барджыты къорд æрбатæхы. Иннæ къорд та сылгоймæгты Скъæфынц бæхтыл сæ фæсæрцты. «Мæ бындурыл, æбуалгъ ми! Мæ бон бакалд! Бын сæфт кæнæм!» Фæзылдис уый йæ -мидбынат, Хъæумæ згъоры фæдисы ныр. Сæ хъæумæ чындз куы схæццæ и, Уынджы астæу, удаистæй, Йæ дзыхы дзаг ныхъæр кæны: — Фæдис! Фæдис, нæ хъæубæстæ! Æрбабырстой тыхгæнджытæ! — Зæронд Тæга сæ уæлхæдзар Къæлæтджыныл улæфыди, Сæ чындзы хъæр куы фехъуыста, Уæд фестади йæ бандонæй: — Цы ’рцыдис уый? Цы хабар у? — Нæ фæтк, не ’гъдау цæмæн фесæфт?! Нæ уайсадæг чындзыты хъæр Нæ хъæууынгты цæмæн айхъуыст? — Зæлда дæр, дын, йæ хицаумæ Уæлхæдзармæ куы сызгъордта, Æмæ йын уæд йæ къæхты раз Уый, сау зæхмæ ныккæсгæйæ, Йæ кæлмæрзæн æрæппæрста, Ысдзырдта йæм къæмдзæстыгæй: — Ныххатыр кæн, мæ цæсгом дæм Æргом дзурын кæй бахъæцыд, Фыдæлты фарн, фыдæлты ’фсарм Æвæндонæй кæй фехæлдтон... Фæтæрынц нын тыхгæнджытæ Æмдымбылæй нæ рæгъæуттæ!.. Фескъæфынц нын нæ чындзыты, 229
Нæ хъæумæ дæр æрбабырсынц. Зилгæдымгæ пирæнгæмттæй Мигъты бæрзонд куыд фелвасы Æмæ цъити куыд сæрттивы, Гъе, уый хуызæн зæронд Тæга Тар æрфгуытыл ысхæцыди, Тызмæгхуызæй куы ферттывтой Дыууæ зæронд цæхæр цæсты, Æмæ уайтагъд йæ къабæзты Кæддæры тых куы фегуырди: — Чындз, бахаудтам ыстыр фыды, Лæджы сæр нæ куы бахъуыди. Ыссардтой нæ тыхгæнджытæ, Æдых донау, нæ тæнæгыл. Тагъд мын радав мæ ерæдзыпп, Тæга ныр дæр тыхы боны Фыдæлгъыстаг бадилатæн Мæлæтдзаг цæф ныккæндзæни. — Æмæ, дын, уый гуыбыр-гуыбыр Сæ асинтыл куы ’рцæйхызти, Куы фæдзырдта уæд лæппумæ: — Гъей, тагъддæр-ма! Луарыхъæумæ34 Ызгъоргæ ды фæдисы цырд! Сафармæ мын фæхабар кæ, Тæгайы, зæгъ, сæр бахъуыди, Фæдисы нæм æрхæццæ уæнт! — Йæхæдæг, дын, уыцы ’мрастæй Сæ гæнахы ысмидæг и. Иæ уæлвæд ын сæ нæуæг чындз Æрбаскъæфта йæ хотыхтæ, Нымæтыл сæ уый арæхстгай Æд топпыхос æрæвæрдта. Гæнахы дуар æрвгæнæнæйзй Мидæгæй цырд æрæхгæдтой. — Чындз, абар мын ды топпыхос, Тæга та сын зæрондæй дæр Фенын кæна йæ лæгдзинад. Арæвдз кодта чындз топпыхос. Лæбурджытæм сисдзæфы раз36 Бабадтысты хæстифтонгæй. 230
Мысырби, дын, йе ’мбæлттимæ Балæууыди Бызыхъæуы. Тыхгæнджыты æваст бырстæй Кæм цы цæуы — хъус нал хаты. Хъыхъаг куитæ рæйгæ-рæйын Бæхтыл сæхи бæргæ ’ппарынц, Фæлæ бæхты цæфхаддзæфтæй Куы атæхынц хъыллистгæнгæ. Хус сæнæрттыл къæбылатæ Дæлхъуыр-уæлхъуыр хуыссыдысты, Фехъал ысты сæ фынæйæ. Тарст сабитæ тæрсгæ-ризгæ, Ронбæгъд æмæ бæгъæввæдтæй Чи кæвдæсы, чи фæскъулы, Алы къуымты нымбæхстысты. Уынгты нал ис ызмæлæг дæр. Сылгоймæгтæ кауы гæмттæй Уадзавардæй37 нымдзаст ысты, Æмæ ризынц æмризæджы. Лæбурджытæ ызнæтхуызæй Фæпырх ысты къуындæг уынгты: Чи дзы скъæты фæмидæг и, Чи хæдзармæ балæбурдта. Мæхæмæт, дын, куы рацахста Нæуæг чындзы йæ къабазæй, Иæ бæхмæ йæ куыд æргъæвта, Афтæ саби, хæкъуырцц-кæугæ, Ныййарæгыл куы ныттыхсти. Куырм зæронд лæг лæдзæджы ’нцой Лæгъстæ кæнын куы фæлгъауы, Фæлæ йыл уæд æгъатырæй Æруадысты ехсы цæфтæ, Æмæ уайтагъд урс зачъетыл Æркалдысты цæстысыгтæ. Мысырби ’мæ къорд барæджы Раст Тæгаты кулдуары раз Бæхты цæхгæр фæурæдтой. Хæдзармæ, дын, бауадысты, Тæгайы ног рæсугъд чындзы Алы къуымты фæцагуырдтой, 231
Фæлæ йæ уым куы не ’ссардтой, Тæгатæн уæд Бечмырзæ дæр Сæ сау рæхыс38 сæ сæрзæдæй Кæртмæ рахста дзæгъ-дзæгъгæнгæ. Гъестæй уынджы Мысырбийыл Уæд уæлбæхтæй амбырд ысты. Тæга, дын, сæ сæ хъæууынджы Куы ауыдта, йæ хъыримаг Бæхбæттæнмæ æрбалхъывта, Иæ галиу цæст фæцъынд кодта, Иæ рахизæй ныхъхъавыди, Мæнгвæдæгылзэ æрбахæцыд... Фæцыд гæрах, ком анæрыд... Бечмырзæ дын, ныццудыдта. Йæ сау бæхæй уый расхъиудта. Бæх фесхъиудта, цæф бирæгъау, Йæхи фехста сисы сæрты, Уæд нымæты хæрдгæ бос та Саргъы гоппыл фжхæцыди. Уым, базырсаст сау халонау, Тыгъдæй аззад саргъы уæлæ. Тæга дæр та уæд цадæггай Ныхъхъавыди сæ иннæмæ, — Уый дæр та, дын, Бечмырзæйау, Куырисфæлдæхт куы ракæны, Иунæг аззад Мысырби дæр, Ацахста йæ Тæгайы цæст, Бæргæ та йын ныхъхъавыди Зæронд Тæга йæ тæрныхмæ, Фæлæ й’адзал нæма уыди Фыд-зæрдæ лæг Мысырбийæн: Йе ’мбаргæ бæх туджы тæфмæ Тагъд алæууыд йæ фæстæгтыл, Æмæ нæмыг фæивгъуыдта... Уæззау мæлæт Мысырбийæн Иæ мæнгард уд нæ аскъæфта. Цъæх айнæджы гæмæх тигъыл, Маргъ тыххæйты кæдæм тæхы,
Уым Цогойты^о бæрзонд мæсыг Зыны дардмæ, цыртдзæвæнау. Фыдæй-фыртмæ, фæткмæ гæсгæ> Нæ цух кæны мæсыггæсæй,41 Бады та дзы иу лæппулæг; Гæрæхтæ йæм æрбайхъуысынц, Топпы фæздæг цæст ацахста. Мæсыгæн, дын, йæ фæлгуырмæ4^ Фæгæпп кодта, комвæдисæн Асыгъта уым хъæмпы тыхтон, Йæ уасæнæй ныууасыди. Уæд Цъамады^з мæсыггæсмæ Фæздæг уайтагъд æрбазынди, Уадындзы уаст æрбайхъуысти. Стыр Мызуры мæсыггæс дæр Цъамады арт куы ауыны. Хъахъхъæнджытæ сæ мæсгуытæй Иугай-дыгай тыхст хъæлæсæй Кæнынц фæдис кæрæдзимæ. Зæрдæхалæн фæдисы хъæр Айхъуыст хъæутыл, уыгæрдæнтыл; Чи фæуагъта йæ хоскæрдын, Чи йе ссивын, хос амайын: Талф-тулфгæнгæ, уæд уайсуры44 Кæнынц фæдис гæрзифтонгæй; Кæмæ — джебогъ, кæмæ — цæвæг, Кæмæ хъыримаг — æркъæпп æввонг, Кæмæ — сагой, уæд дамбаца. Бадилаты лæбурджытæ Куы ауыдтой мæсгуыты арт, Уæд цъиусуры фæлæбурдæй Карчы цъиутæ куыд апырх уой, Уыйау, уынгты фæпырх ысты. Мысырби ’мæ йæ хъузæттæн Се уæнгты тас фæмидæг и: Рамбырд кодтой се ’дзæм мæрдты Æмæ тигъæй фæфале сты. 233
ДЫУУАДÆСÆМ ЗАРÆГ Аслæмырзæ йæ балимæ Æрбахæццæ Уæлладжырмæ. Нарæг комы, сæ хъæуысæр, Бæзджын мигъау, æмвæтæнæй, Зилдухгæнгæ, рыг сыстади. Мæстæй рафыхт Аслæмырзæ, Фæцагайдтой сæ саулохты. Разынди сæм уæд уалынмæ Фахсы тигъæй бæхты рæгъау. Ратæрынц сæ тыхгæнджытæ, Æхситт æмæ хъæртæгæнгæ. Аслæмырзæ куы баввахсдæр, Куы базыдта сæ рæгъæуттæ, Уæд фембæрста, цæй фæдис у, Маст рафыхти йæ зæрдæйы, Фæхъæр кодта, мæстæй судзгæ: —- Нæ тохы бон, хъæбатыртæ, Сæр нæ бахъуыд, æхсары сæр! Цæйнæфæлтау æфсондз хæссæм, Фæлтау мæлæт хуыздæр уыдзæн. Арсæмæг, ды дæ къордимæ Æрзил цæрдæг сæ уæлæты, Мæ бар сæ уадз дæлейы та! — Ехсыты къæрцц... тæлтæг бæхтæ Уæд фесхъиудтой сæ мидбынат, Фæттæ ’рдынтæй куыд атæхынц, Раст уый хуызæн дыууæ къордæй 234
Куы фæтæхынц сæ фыдгултæм. Зынг фестади Аслæмырзæ, йе ’ндон хъæлæс ныййазæлы: — Уæ, зынæфсис бадилатæ, Лæджы ми та нæ бакодтат... Фæлæ уæ ныфс кæм бахастат, Уым бавзарæм нæ лæджыхъæд!.. Аслæмырзæ йæ тесмел кард Фæцъортт ласта йæ кæрддзæмæй; Нырттывта йын, æрвæрттывдау. Бызыхъæуы барджыты къорд Лæбурджытæн сæ астæуты Се ’ргом кæдæм фæцаразынц, Сæ цыргъ кæрдтæ кæм æруадзынц, Уым авæййы уынгтæ-уынгтæ. Фæлæ, дын, сæ фыдгултæ дæр Кæм уадзынц, кæ, уæлæнгæйтты! Æрсæрфынц сæ æхсаргæрдтæй, Нызгъалынц сыл тæвд нæмгуытæ. Хæст бацыдис йæ тæмæны. Фæиртæст ис уым йе ’мбæлттæй Тæгайы-фырт Аслæмырзæ Æмæ бахауд уынгæг раны; Цалдæрæй йыл æртыхстысты, Къуыммæ йæ ’васт куы бахæссынц. — Гъæй, гъæй-джиди, кæм ыстут, кæ, Нæ комбæстæ, нæ фæсивæд, Уæ сæр нæ тынг куы бахъуыди! — Аслæмырзæ куы бакæны. Сабазджери уæд аивæй Дуры аууон æрæмбæхсы, Æмæ згъалы тæвд нæмгуытæ, Сæ уæздæттæн сæ лæгдæртæй Бирæты уым æрфæлдахы. Чъылдымдзæфæй бадилатæ Æнæнхъæлæй фæсонт ысты. Мæнæ, мæнæ фæрсæрдыгæй Куырттатаг сахъ фæдисæттæ 235
Арсæмæгимæ ’рбафсæрынц, Тæвд нæмгуытæ сæ фыдгултыл Ихуарæгау куы нызгъалынц, Сæ бæхтæй сæ куы ракалынц. Арсæмæг уæд куы ауыны: Дæле комы фæзилæны Уæлладжырæн сæ рæгъæутты Къорд барæджы кæй фæтæрынц; Æмæ сдзырдта уый йе ’мбæлттæм: — Ирвæздзысты сæ рæгъæуттæ! — Фæзылдта бæх уый иувæрсты, Йæ фæстæ та — иу-цалдæрæй. Кæсынц: æмæ уым барджытæ Сæ саулохтыл сылгоймæгты, Хъæрахстгæнгæ, куы фæхæссынц. Сæ разæй та, къухтæ бастæй, Рæгъаугæсты куы фæтæрынц. Арсæмæг уæд æд æмбæлттæ Къуылдымгæрон æрæмбæхсти, Ныхъхъавынц сæм сæ хæтæлтæй, Иу нæмыг дæр нæ мæнг кæны. Уый-иу хохæй дзæбидырты, Цуангæнгæйæ, куыд фæлдæхта, Уыйау ам дæр фыдгæнджыты Хъæлзæнг бæхтыл фæцæф кæны. Топпы хъæртæ, цæфты ’рдиаг, Хъомты богъ-богъ, бæхты уасын, Сылгоймæгты тарст дзыназын Нарæг комы ныййазæлынц. Ныхасæн раст йæ комкоммæ Хидæвæрдау — бырæн бæлас, Уым Цъамады фæдисæттæ, Сафар сæ разæй, афтæмæй Æрбахизынц бæлас-хидыл. Мызур æмæ Бызыхъæуы Фæдисимæ фæиу ысты, 236
Æрбаййæфтой сæ фыдгулты, Сæмбæлдысты ныхæй-ныхмæ. Сæ хъыримæгты гæрæхты хъæр Ныццарауынц, æрвнæрæгау. Ызды нæмыг ныхситт кæны, Хъæдæн йæ хих æрæзгъæлы. Топпы хæтæл зынг фестади, Цæхæр кæлы сæ лулæтæй, Топпыхосæн йæ сау фæздæг Кæны комы зилахартæ, Фæлмау бады куыбылæйттæй. Уалынмæ сын бацайдагъ ис Æнауæрдон æрмиæрм хæст. Нарæг комы Аслæмырзæ Мысырбийы куы ауыны Йæ урс бæхыл, фæцæйтæхгæ, Афтæ фæци йæ хæд размæ. Йæ кардæй йæ ныддауынмæ Бадилатаг *уыд хъавыди, Раст ын афтæ Аслæмырзæ Йæ кардмæ кард фæцарæзта, Æмæ арвæй, æхсæвыгон, Тæхгæ стъалы куыд ферттивы, Уыйау, цæхæр куы акалдтой. Уæд Царцилан фæлæбурдта Бадилатаг хъæлзæнг бæхæн Йæ бæрзæймæ йæ дæндæгтæй. Мысырби, дын, Ертугъаны Куы ауыдта, йæ туг калгæ, Уæд сæхсысти зæрдæтарстæй, Фæфæнд кодта Царциланæн Ныххафт ласын йæ тæккæ ных: Фæхаста кард йæ уæхскуæзæй, Фæлæ уæдмæ Аслæмырзæ Фæзылдта рог йæ сау бæхы, Æмæ хъавæг фæивгъуыдта; Цæф сæмбæлдис алтындзыхъхъыл Æрмæст фæлыг агъды фæлмæн. Æрцæйсæрфта Аслæмырзæ Ныхмæлæууæг Мысырбийы. Бадилатаг мæнгард барæг
Саргъæй йæхи фæкъул кодта, Æруади кард Ертугъаныл, — ЙФ галиу хъус фæсаджил и. Фæтарст урс бæх фыдбылызæй, Фæзылд цæхгæр йæхи фæндæй, Саппы сæрты тарст сæгуытау Уыцы зыввытт_ куы фæласта, Пыхсы смидæг; атахтысты Йæ тибынгтæ. Иæ барæг ын Æрбалхъывта йæ даргъ рохтæ: Фæзылдта йæ, æрбатæхы Йæ сурæгмæ, ныхæй-ныхмæ. Дыууæ бæхы сæ кæрæдзи Риугуыдыртæй ыстъæпп ластой. Аслæмырзæ фыдызнагæн А-ныр йæ къух æрриуыгъа, Раст æм афтæ Мысырби дæр Цæнгдыхæм кард куы фæхаста; Дыууæйæн дæр сæ хæд сæрмæ Кæрдтæ фесты дзуарæвæрд. Хъарадзауты Мысырбийæн Фæтахт йæ кард, зыланггæнгæ, Уæлладжырон ысгуыхтæн та Дыууæ фæхауд йæ карды ком. Сæ дыууæ дæр æнæ кæрдтæй Зæхмæ цæрдæг æргæпп ластой, Цæстныкъуылдмæ сæ кæрддзæмтæи Уæд фелвæстой сæ хъаматæ. Æмæ та сын мæлæтдзаг хæст Бацайдагъ и дзыхъхъынногæй. Фæцарæхсти Тæгайы фырт, Æрдаудта дзы Мысырбийы, Знаг йæ тæныл фæхæцыди, Атартæ сты йæ цæстытæ. Уалынмæ та дыккаг цæф дæр Фыццаг цæфы тагъд баййæфта, Ныссагъта йын йæ зæрдæсæр Фæтæн хъама йæ фистонмæ, Ахызт хъама йæ фæсонæй. Аслæмырзæ йæ цыргъ хъама Рæвдз асæрфта цъæх кæрдæгыл, 238
Атъыста йæ йæ кæрддзæмы. Мысырбийы æхсаргард та Йæ астæуыл æрбабаста, Ысуади цырд йæ сау бæхмæ. Хур ахъазы хæцæнгæрзтыл, Уæд, фæдисы дзæнгæрæгау, Кæрдты дзæхст-дзæхст ныййазæлы. Тохы арты фыд уылæнты Фæцæф мæнæ Сабазы бæх. Барæг зæхмæ æргæпп кодта, Цæрдæг фæкаст, куы ауыдта Ертугъаны уæгъдидонæй, Гæппæй уайгæ, кæсгæ, уасгæ. Йæ тæккæ раз æрæмбæхсти; Бæх æм куыддæр æрбахæццæ, Афтæ йыл уæд æвиппайды Сабаз йæхи æрбаппæрста, Ертугъан æм гæмæл хъусæй Йæ дæндæгтæй фæлæбурдта. Сабаз, дын, æм фæцæрдæг и, — Æмæ уайтагъд дыууæ къухæй Фæхæст бæхæн йæ бæрзæйыл, Уарийау æм ысгæпп коДта. Ныззылди бæх йæ цыппæртыл, Рохтæ тонгæ уый фесхъиудта. Футтытæ ’мæ хуыррытгæнгæ, Йæ фæстæгтыл фæлæууыди. Сабаз ын уæд йæ мылытæ Згъæллаггæмттæй^б ысцæй фазта, Февзыста йæм, — хæсты астæу Кардæлвæстæй фæмидæг и. Уæд Азæмæт Ертугъанмæ Фæкомкоммæ. Фæуыргъуыйау. Фæскъуыбырмæ æрбазгъордта, Уым ауыдта Мысырбийы, Фалдæр та йын йæ марæджы, Йæ зæнджы цæф бæтгæ-бæттын. Йæ маст рафыхт Азæмæтæн, Фæфæнд кодта йæ туг райсын. 239
Æрбахъуызы, цъæх бирæгъау, Йæ туджджынты зынгæдæрмæ. Сабазджери фæкомкоммæ Бадилатаг Азæмæтмæ, Уарийау æм æрбатæхы, Гуырæй-гуырмæ фæныхмæ сты: — Равдис-ма ныр дæ лæгдзинад, Бадилаты «уæздан» хъал гуырд, Дæ кæвдæсард цагъаримæ! — Фæлæбурдтой кæрæдзимæ, Цъæх обауæй æртылдысты, Иу иннæйы бынæйгæнгæ... Йæхи стыдта Сабазджери, Хуырты ’хсæн æй æрæфсæрста, Ацахста йын йæ даргъкъубал, Йæ быны йæ ныххурх кодта. Ауыдта йæ Аслæмырзæ, Фæрухсдзаст и, бауади йæм, Акодта йæ йæ хъæбысы, Ныккасти йын йæ цæстытæм: — Бузныг, бузныг, хъæбатыр гуырд, Лæджы зæрдæ кæй риуы ис. Фæлæ мæнæ фæскъудзийæ Тугъаны-фырт Дударыхъо Фæцарæзта йæ дамбаца. Фæцыд гæрах, Сабазджери Æвиппайды ныццудыдта. Йæ цæфыл ма йæ фыртæвдæй Æдых къухæй фæхæцыди. Цæхгæр фæзылд Аслæмырзæ, Йæ фыдгулы фæцæйсырдта, Фæлæ та уæд Дударыхъо Аифтыгъта йæ дамбаца, Дыккаг гæрах -æрбакодта, Æмæ хъуызгæ фæлидзæг и. Уæд сагартæн Аслæмырзæ Фестъæлфыди нæмыгдзæфæй, Ыссыгъд артау йæ галиу цонг. 240
Уайтагъд фездæхт кæвдæсардмæ, Иæ уæлхъус уый" æрбалæууыд. Ризгæ былтæй, йæ удисгæ, Сабазджери ныууынæргъы: — Сабаз, мæлын, уæ, ме ’фсымæр! — Асгæрста йын йæ фæсонтæ Тæгайы фырт Аслæмырзæ, Æрбайста йæ йæ хъæбысмæ, Æмæ йын цырд йæ хъæдгæмттæ Басылыхъхъæй æрбатыхта. Сабазджери куы ныхъхъæрзы: — Сабаз... Сабаз... мæлдзынæн дын... Ныууадз... фæдæн... нæ ныййарæг... Бирæгъты ’хсæн куы баззади... Æнæ дарæг... дæхæдæг ма... Йæ сæр ын уæд Аслæмырзæ Йæ уæрагыл æрæвæрдта, Иæ цухъхъайы фæдджитæй йын Иæ хид-цæсгом куы асæрфы. Рæвдауы йæ, ныфс æвæргæ. Фæсонтау и Сабазджери... Фæстаг хатт ма йæ цæстыты Царды суадон куы ферттывта, Ыскасти ма йæ узæлæг, Рæвдауæгмæ; фæдзæхсы йын: — Сабаз нæ дæ?.. Аслæмырзæ... Ныр ме ’фсымæр цы фæуыдзæн... Фæстæмæ йын бадилатæм Нæй аздæхæн... Фæкæс-иу æм... — Тæрсгæ ма кæн, о, ме ’фсымæр, Дæхи, гормон, куы ауагътай! Адæм куы стæм. Нæ хæдзары, Иу бинонтау, куы цæрдзыстæм. Æркæндзыстæм дæ мады дæр. Куы сдзырдта уæд Сабазджери: — Цæй адджын дæ, фæлмæн ныхас, Зæрдæмæ ды куыд арф хъарыс! — Æмæ сабыр, худæнбылæй Æрæхгæдтой йæ цæстытæ. 16 Плиты Харитон 241
Ныттыхсти йыл Аслæмырзæ, Æркалдысты йæ цæссыгтæ. Фæскъуыбырмæ цырд сызгъордта, Фæгæпп кодта йæ дугъонмæ, Ногæй тохæн йæ тæмæны Иу уæхстуадæн фæмидæг ис. Уæд туаллæгтæ, куырттатæгтæ, Уад-дымгæйау, бадилаты Алы къуымтæм куы бахæссынц. Бадилаты лæбурджытæ Уæд уаддзагъдау куы баисты. Кæм къардиуты, кæм астымты Ныссуйтæ сты сæ рæгъæуттæ. Чи фистæгæй, хъуызгæ-хъуызгæ, Атагъайы фæмидæг и, Чи та бæхыл, тæрсгæ-ризгæ, Цæфты, мæрдты куы фескъæфы. Тарст бæхтæ дæр дзæгъæл уадæй Нал æнцайынц сæ уасынæй. * * * Фæздæг сыстад хæцæн фæзæй, Сау мылазон мигъ ныр уадсистæй47 Хæхты ныхтыл æрбатыхсти. Цæфты хъæрзын, цæфты ’рдиаг, Сау маройау, æрбайхъуысы. Халыл кондау, сау сынтытæ Доны былтæм æрбазилынц, Тулдз бæлæстыл нымбырд вæййынц, Хъуахъхъ-хъуахъгæнгæ; сæ холытæм Дзагъырдзастæй æрбакæсынц. Уæлладжыргом сæ хъæубæстæм Æрбахæссынц уæззау цæфты; Сафары дæр хъæрзгæ-хъæрзын Сау нымæтыл æрæвæрдтой. Ныккæсы йæм, мыр-мыргæнгæ, Йæ саулохаг æнкъард цæстæй, Йæ былтæ йыл æрбасæрфы. йæ уæлхъус, уым, сæргуыбырæй,
Уый къахындзæг куы райдайы. Йæ барæг ма — Зембатты-фырт Рабадынмæ бæргæ хъавы, Фæлæ йæ тых куы басасти. Сафар фæсонт... дзæгъæлдзастæй Уый райдайы сæнттæ цæгъдын: «Не ’фсин, ма тæрс... цæуыл тыхсыс?.. Мæнæ цуанæй... сычъи ’рхастон... Афыц ма дзы... сывæллæттæн... Фæдис! Фæдис! Нæ рæгъæуттæ... Бадилатæ... нæ худинаг...» Асаст йе ’взаг, нал тасыди. Фæстаг ызмæлд, фæстаг улæфт... Бæгъатырæн йæ сахъ зæрдæ Йæ кусынæй æрæнцади. Чи зоны ’мæ цы фембæрста, Цы базыдта Сафары бæх! Цæхгæр фæзылд, цыппæрвадæй, Йæ сæр тилгæ, хуыррытгæнгæ, Хауæн тигътæ нал хатыдта; Тæхгæ-тæхын йæ цæфхæдтæй Ыспырх кæны лыстæг хуыртæ. Сау халæттау, йæ хæд сæрмæ Фæпырх вæййынц æмгуыдынæй. Æнæ барæг, æнæ равгæй Доны былты къæдзвæндæгтыл Тæхы, уайы сæ хъæуырдæм. Хидæйдзаг буар куы баризы. Тугæвдылдæй, тыхулæфгæ, Ысмидæг бæх сæ кæрт’ астæу. Ныххоста зæхх йæ цæфхæдтæй, Хъуыривæзтæй ныууасыди... 243
ÆРТЫНДÆСÆМ ЗАРÆГ Уæлладжыры уынгæг коммæ Ныккасти хур фæлурсхуызæй, Митсæр хæхтæ ныджджих ысты, Айнæг фæрстыл бæзджын мигътæ Фæлладгъуызæй æрбадтысты. Фæйлауы дон; йæ пырхæнтæ Тайынц къæйтыл, цæстысыгау. Ныхъхъус и хъæд, мæстæлгъæдæй, Æркъул кодта йæ бæрзонд сæр. Бæлæстæн ма сæ сыфтæртæ Кæнынц мæсты сыбар-сыбур. Мæрдвынæй у Сабазджери, Сау сынтыл æй æрбахастой Сабаз æмæ Аслæмырзæ. Тæгатæн æй сæ кæрт’ астæу Сау нымæтыл æрæвæрдтой. Кæлмæрзæнты, былтæбастæй Фæзындысты сылгоймæгтæ. Æрбацæуынц зæронд лæгтæ, Марды æгъдау æххæстгæнгæ. Зæронд Тæга лæдзæджы ’нцой, Джихтæгæнгæ, æрбахæццæ Æмæ зианæн йæ цæсгоммæ Æдзынæгæй куы ныккасти: — Чи у цымæ ацы сахъ гуырд? Уый кæй хæдзар æрбайхæлди? 244
Сабаз хатыр куы ракуырдта. Маст ныхъуыргæ, зæрдæрисгæ: — Ныббарут мын, уæ, хорз адæм! Сабазджери у — ме ’фсымæр, Райгуырдыстæм Дыгургомы Бадилатæм кæвдæсæрдтæй Дыууæ фаззон æфсымæрæй. Цагъар æмæ уæззау царды Нæ астæутæ ныкъкъæдз ысты, Сæ уайдзæфæй, сæ фидисæй Нæ цард бынтон куы сæнад и... Фæлæ иунæг ныр баззадтæн... Уæд æм дзуры Аслæмырзæ: — Нæ, иунæг ды нæ уыдзынæ! Дæу хонын ныр æз ме ’фсымæр. Дæ ныфсæй æз сæрыстыр дæн, Æхсарджын дæн дæ хъаруйæ. Æмæ йæ кард, йæ фæринк кард Уæд сыхæлдта йæ астæуæй, Ысласта йæ йæ кæрддзæмæй, Сабазмæ йæ куы бадардта: — Мзенæ дын уый мæ тохы ’хсар Хъарадзауты Мысырбийы — Нæ цæстысьшдз фыдгулы кард, Лæвар дын уæд цæрæнбонтæм, Фæрнæй йæ дар кæддæриддæр! Сабаз кардмæ куы февнæлдта. Зæрæхсидты хуры тынтæм Нырттывта кард, цæхæр калгæ. Зæронд Тæга æфсымæрты Йæ хъæбысы æрбакодта, Æмæ ’ртæхтæ, къæвда боны Цъæх сыфтæртыл куыд æртулынц, Афтæ цадæг йæ цæссыгтæ Æруадысты йæ уадултыл: — Цæрут, цæрут, мæ хъæбултæ, Цæрут! Уæ ныфс мьш бирæ уа! Сабыргай уæд йæ цæстæнгас Арсæмæгитыл ахаста. 245
Арсæмæгмæ куы бацæуы — Хъæбыстæ йын куы фæкæны: — Куырттатæгтæ, тыхсты заман Кæддæриддæр нæ фарс вæййут. Нæ циныл цин куы фæкæнут, Уæ зæрдæтæм нæ маст хæссут, Фыдæлтæй уын куы баззади Æхсар æмæ уæздандзинад. Лæгдзинад та куы равдыстат, Фæдисы нæм æртахтыстут. Фæрнæй цæрут, хъæбатыртæ, Сæ фæндиаг уæ хистæртæн! Домбай кæнæд уæ иудзинад Нæ цины бон, нæ хъыджы бон! Ыстыр бузныг, нæ кæстæртæ, Æгайтыма сымахæн дæр Уæ зæрдæты, æвзонг уæнгты Фыцы, ’хсиды фыдæлты туг! Æмæ джиауыр «уæздæтты» раз Не ’ркъул кодтам нæ урс сæртæ. Уæ руаджы нын нæ чызджыты, Нæ уайсадæг ног чындзыты Уацайрæгтæй бадилатæ Сæ дзыккутæй нæ фæластой. Рухсаг фæу, хъæбатыр гуырд, — Домбайзæрдæ Сабазджери. Мигъ сыстади, урс пæлæзау, Уæлладжыры бæрзонд хæхтæй, Æнусон хъæд сæрбæрзондæй Йæ цъæх сæрыл ысхæцыди, Æмæ цинæй йæ къалиутыл Мæргътæ систой пæррæстытæ. Зæрæхсид та сырх адардта, Рæгътæ ’рттивынц, сызгъæринау. Æррадон48 дæр йæ зарджытæ Уынгæг кæмтты куы нывæнды. 246
Уылæнгæнгæ, кæраæдз хортæ Ныффæйлауынц æмвæтæнæй. Сур уадымсæн йæ сых-сыхмæ Зад æфсиртæ сæдæ ’взагæй, Сисынц симгæ, сусу-бусу. 247
ЦЬШПÆРДÆСÆМ ЗАРÆГ Бадилаты фæсивæдæн Сæ зыланг зард, сæ симды цагъд Нæры дардыл цъæх нæувæзæй. Хъазты фидауц — фæндырдзæгъдæг Йæ фæндыр рог куы айвазы. Даргъ æнгуылдзтæ, ивгæ-зилгæ, Рæвдз æрдавы амонæнтыл. Уым лæппутæ, æмдзæгъдгæнгæ, Фæндырдзагъдмæ куы базарынц: «Æрцæгъдут-ма, нæ чызджытæ, Нæ бæлццæттæ Уæлладжырæй Æртæрдзысты бæхрæгъæуттæ, Семæ та нын æркæндзысты Цумагæнæн фæсдзæуинтæ*. Над нæудзармыл сæрак дзабыр Нал æнцайы йæ хъыс-хъысæй. Нарæгастæу чызджытæ, дын, Тасгæ-уасгæ куы расимынц. Сæ хъазхъуыртæй сæ фæрдгуытæ, Риударæнтыл æгънæджытæ, Налхъуыт-налмас хъусдзæджытæ Цæхæр калынц ыстъалытау, Сæ хъазт æмæ сæ циндзинад *- Сæ бæлццæтты æрæздæхтмæ; Чи дзы бæллы йе ’фсымæрмæ, Чи уарзонмæ, чи йе ’рдхордмæ. Алимæт та сæ ру&зынгæй 243
Даргъ фæндагмæ куы нымдзаст й; Зæрдæ риссы сусæг рыстæй, Кæсы ’нхъæлмæ йæ бæлццонмæ. * Симæн фæзмæ, тæргæ бæхтæй, Фæзындысты фæдисæттæ! Сæ саулохты фындзты хъæлтæй Ныллæууыд хид цыхцырджытæ. Хъазты чегъре фæурæдта Уæд кафт æмæ фæндыры цагъд. Фæдисæттæ, фæткмæ гæсгæ, Рахизырдæм æрхызтысты,4^ Лæууынц сабыр сæ бæхты раз, Галиу къухты — сæ ехсытæ50. Сæ сау хабар куы ракодтой, Уæд фæсивæд æнæнхъæлæй Аззадысты уым сагъд дуртау. Кæуынтæ ’мæ ниуынтæ, дын, Куы райдыдтой сæ чызджытæ, Сæ цæсгæмттæм фæлæбурынц, Сæ дзыккутæ куы ныттонынц... Изæрмилты сæ бæлццæттæ Цагъдуæлдæйттæ уæнтæхъилæй, Сæргуыбырæй фæзындысты. Сæ мæрдты ’мæ уæззау цæфты Сау сынтытыл æрбахастой. Зæронд лæгтæ тымбыл къухтæй Сæ даст сæртæ куы ныххойынц. Мæрддзыгойы сылгоймæгтæ Æмбырд кæнынц чыртæ-чыртæй. Госæда дæр, тæрсгæ-ризгæ, Сæ бæлццæттæм куы рауади, Йæ зонгуытыл æрлæууыди, Дударыхъойæн йæ фæдджитæ Æрбатухы йæ хъæбысы: Афæрсы йæ тæрсгæ-ризгæ: — Мæ хъæбултæ цы баисты! Мæ цæст сыл ам куы нæ хæцы?! — 249
Уæд æй къахæй Дударыхъо Æгъатырæй куы асхуыста, Гызмæгæй йыл фæхъæр кодта: — Дæ дзæгъæлзад къæбылатæ Рацыдысты гадзрахатæй, Ныккодтам сæ куиты мæрдтæ. — Уæд Госæда фырадæргæй Къæхты бынмæ куы ныррызти. Афтæ ма-иу æрдуз’ астæу Тулдз бæлас дæр æд уидæгтæ Уад-дымгæмæ куы нызмæлы. Арвы риумæ уый асинтæ Авæрдтаид йæ фыртыхстæй. Дадалитæм фæлæбурдта, Йæ уæрджытæ куы æрхоста, Ратахт, мæгуыр, йæ хæдзармæ, Æмæ уайтагъд сæ къæсæрыл Хъарæг кæнын куы райдыдта. Йæ кæуынмæ, йæ мароймæ Сау хъæд калы йæ цæстысыг. Æмæ куыннæ! — йæ тæригъæд Айнæгмæ дæр куы бахъардзæн: «Уæ, мæ бындур куыд ныззылди! Мæ цæргæстæ, мæ дарджытæ... Мæ дуне мыл куы баталынг, Афтидæй уæ куы баззадтæн, Мæ фæрстæ уын æрбайхæлой, Топпы цæф лæг дойны кæны, Æмæ, миййаг, кæд дон куырдтат, Доназарæй уæ туг нуæзтат! Кæд тархъæды цъæх сыфтæртæй Комраз кодтат уæ хъæдгæмтты! Кæд мын, миййаг, уæ цæсгæмттыл Уæ туг ныппырх, сæуæртæхтау! Æнæ цæсгыл фæхæцæгæй Кæд, мæ хуртæ, уæ уд истат!— Уæд уæ мæгуыр ныййарæг мад Базырджын маргъ куыннæ фестад Æмæ уæм уый куыннæ фæтахт! Уæ, мæ къона куыд бауазал! Мæ арвы рухс ыстъалытæ, 250
Тархъæды уын кæд афонмæ Сау сынт къахы уæ цæстытæ! Гъе уын ахсæв дзæгъæл комы Кæд уе ’фхæрд буар хъæддаг сырдтæ, Миййаг, уæнггай куы рæдувой! — Уæд мæ къæхтыл куыд цæудзынæн? Рафтаудзынæн мæ сау рæхыс, Ме ’фцæгыл æй æртухдзынæн51, Æз мæ быдыргъ сау дарæсы Къулбæрзæйæ куы цæудзынæн. Уазал æмæ даргъ æхсæвты Къонайы был куы ниудзынæн, Маст ныхъуыргæ, зæрдæдзавдæй, Урс æртхутæг куы кæндзынæн. Мæ бон бакалд, цы ма кæнон, Ме ’гъдынцæйттæ, мæ ныфсытæ! Уæ, нæ удхор бадилатæ, Бахордтат мын мæ хъæбулты! Мæ хъæбулты тæригъæдæй Уе ’нæрвæссон сылгоймæгтæ Мæнау, ниугæ, зæрдæхæлдæй Сæ цард-бонтæ куыд фервитой. Уе ’взист гæрзтæ цъæх ызгæ суой, Уæ лыстæг сынк уæздан дарæс Ивд æрцæуа цъæх хъисынæй! Уæзгуытæй уæм уæ саулохтæ Барæгагур куыд фæуасой! Уæ ис, уæ бон нæ мæгуыртæн Уаринагæн куыд баззайой!» 251
ФЫНДДÆСÆМ ЗАРÆГ Мæйдар æхсæв. Хъуынтъыз у арв. Уæззау мигътæ фæлæгæрдынц. Хæзнидонæн йæ хæдзæрттæ Ысты мæрдцъынд, нæ сæ кæлы Мынæг рухс дæр. Ныкъкъуырма сты. Быгъдæг ысты йæ уынгтæ дæр. Кæддæрау дзы сæ фæсивæд Нæ кæнынц тезгъо ’нафонтæм. Сæ зарджытæ нæ райхъуысынц. Сабыр у хъæу. Йæ куитæ дæр Куы нæ рæйынц, нымбæхстысты. Цыма сæ хъæуы судзгæ маст Æрбайстой арф сæ зæрдæтæм, Æмæ æдзæмæй сау дарынц. Æрмæстдæр дымгæ, рог дымгæ, Сабыргай уынгты разилы. Цæуы ма рухс, хæрз мынæг рухс Ныллæг хæдзарæй хъæугæрон. Æнуд хъарæг дзы райхъуысы, Æмæ йæм дымгæ байхъусы. Æваст уым кæрты февзæрди Æнахуыр барæг. Бæласыл Æрбаста цырд дыууæ бæхы. Хъуызгæ-хъуызгæ уый фарасти, Фæйнæрдæм кæсгæ, хуыккоммæ, Сабыргай тарваз бахоста. Æнуд хъарæг æрбамыр и. 252
— Кæцы дæ? Чи дæ ац’ афон? — Ус радзырдта æрхæндæгæй. — Æл хицон дæн — туалгоймаг. О ма фæтæрс, мæ мады хай! Дуар байгом и, æрбахызти Æнахуыр бæлцнон мидæмæ. Уæнтæхъилæй, сæргуыбырæй Тæфæрфæсгæнгæ ’рлæууыдп. Зæронд ус æм, тæрсгæ-ризгæ. Нымдзаст æдзæм, мæрдонгъуызæй. — Мæ мады хай, фæфидар у! Дæумæ æз хорз уац не ’рхастон. Фæлтау мæхæдæг уыцы бон Куы стылдаин мæ сау туджы, Æмæ дын ныр куы нæ зæгъин, Кæй фæмарди Сабазджери. Ныхъхъус и ус, йæ цæстытыл Цæссыджы ’ртах нæ фæзынди. Уæд уазæг дæр фæтыхсæгау Цы ма зæгъа, уый нал зыдта: — Сабаз дæумæ мæн рарвыста, — Ысдзырдта ма æрæджиау. — Сабаз зæгъыс? Æгас ма у? — Фæсонтау ус, фæхъæр кодта. — Сабаз æгас у, ма йын тæрс. Нæхимæ ис, Уæлладжыры. Чысыл фæцæф, сæрæгас у. — Цытæ хъусын, дæ фæхъхъау фон, Фемæхстысты йæ цæссыгтæ. Ныттыхсти ус йæ уазæтыл, — -V Дæ фæхъхъау фон, æгайтма мын Мæ рыст зæрдæ ысрулс кодтай. Мæнæн та ам бадилатæ, Сæ туг, сæ рондзы самæцой, Сæ дыууæйы дæр мард хуыдгой. Мæхимæ дæр æртхъирæнтæ Куы кæнынц уыцы тугхортæ. Дæ фæнык, дам, дын дымгæмæ
Ныддымдзыстæм, дæхи, дам, дын Куыдзы ’ппæранæй фехсдзыстæм. — Æмæ хъæрæй ныдздзынæзта. — Мæ мады хай, чысыл фæхæц Дæхиуыл, цæй! Рæстæг нын нæй. Цæуæм хъæмæ — Уæлладжырмæ. Дæуæн нæй бонмæ баззайæн Æппындæр ам, куы сæ зоныс. — Кæдæм ма мæ фæхæсдзысты Кæдæм, мæ хур, мæ уæрджытæ! Фæлæ цæуын, цæуын уæддæр. Дæ хорзæхæй, кæй фырт дæ, кæ? Фыртыхстæй дæр дæ н’афарстон. — Тæгайы фырт Аслæмырзæ. — Тæгайы фырт! Дæ нывонд фон, Æмæ дæ хурæй бафсæдон. Тæгайы фырт, мæ хъæбул дæ. Фырцинæй йыл куы атыхсти. — Дæ хъæбул дæн! Дæ хъæбул дæн! Сабаз та у ныр ме ’фсымæр, Ды та — нæ мад, нæ уарзон мад. Фæстаг хатт ма æрзылди мад Йæ къонайыл, цæссыг калгæ, Æрбатыхта йæ хæррæгътæ, Нывæрдта сæ йæ дзæкъулы. Сабыргай кæртмæ рахызти, Йæ фæдыл та Аслæмырзæ, Æрлæууыд кæрты сагъд цыртау, Зæрдæмæ хъусгæ аззади. Фæкасти бирæ, тынг бирæ Æнæсыбыртт йæ хæдзармæ. Мæйдар æхсæвау саударæй Ныггуыппæг и йæ мæгуыр къæс. Цæстытыл тагъд-тагъд уадысты Йæ хъизæмар, йæ фыдбонтæ. Ам ацы саудар хæдзары Нæ федта иунæг рухс бон дæр. Сæ хурæй ам нæ-бафсæсти 254
Йæ хъæбултæн — йæ фаззæттæн. Йæ цард ам мадæн ингæн уыд, Уæлхъæдæй баруад, бахус и. Аслæмырзæ йæм саргъы бæх Хæстæг-хæстæг æрбаласта, Æмæ йæ саргъмæ сæргъæвта. — Æлгъыст фæу, мæ сау къона, Æлгъыст фæу, мæ сау ингæн! — Дзыназгæ мад фæхъæр кодта. Саргъы бæхты фæцагайдтой — Æрбатар ысты мæйдары. 255
ФÆСНЫХАС Ысгылд-иу мæй цæлхыдзагæй, Фæлгæсыд-иу сæрыстырæй, Æмæ та-иу сæуæхсидыл Хæхты фæстæ æрныгъуылди. Ленк кодта хур, цæхæр калгæ, Нывæзта уый зæлдаг тынтæ. Бон-иу атахт, æхсинæгау, Аз-иу ивта æндæр азы... Джихæй баззад тæгæр бæлас, Нал æй уыди бæрæггæнæг. Нал æм хъуысти бадилатæй Цины зарæг, фæндыры цагъд. Нал бадтысты йæ быны дæр Бадилаты зæронд лæгтæ Тыхбырстыты, уынаффæты. Сæ хъазæнвæз ныззаууат и. Нал дзы симдтой сæ фæсивæд. Æрмæст ма-иу ыстæм хатт ам Бадилаты тыхгæнджытæ Æрбадтысты изæрыгон. Æнкъардæй-иу мысыдысты Сæ рагбонты ныббырстытæ. Мысыдысты мæстæлгъæдæй, Уад-дымгæйау кæй адымдтой Лæбурдтыты рæстæджытæ. Зæронд тæгæр æрымысы, Бетъырбухмæ куырттатæгтæ 256
Уæрæсейы ус-паддзахмæ Минæвæрттæ куыд арвыстой, Цæмæй Ирыстон баиу уа Уæрæсеимæ ’нус-бонтæм. Æрымысы тæгæр бæлас, Хæхбæстæй уæд ирон адæм Куыд лыгъдысты тыгъд быдыртæм, Æдасæй дзы куыд цардысты. Фæлæ уæддæр цард хъулон уыд, Æбар уыди фæллойгæнæг, Хъæздыджытæ йæ бæрзæйыл Куы бадтысты æппынæдзух. Æрымысы тæгæр бæлас, Цытджын Уырысы кусæг кълас Куыд райхъал и йæ фынæйæ. Домбай уæнгтæ куыд айвæзта, Сæрибар цардыл карз тохмæ Æхсарджынæй куыд рабырста. Æрымысы тæгæр бæлас, Уырысы фæрцы Иры дæр Æфхæрд дзыллæ куыд сыстади, Нæ арф кæмтты куыд арыдтой Сæрибарыл йæ зарджытæ. Сылтаныхъхъы быдыры дæр Тырысатæ куыд фæйлыдтой. Æгъатыр тох куыд фæкодюй Сæ амондыл, сæ фидæныл. Æрымысы тæгæр бæлас, Йæ рагбонтæ, фыд-замантæ. Йæ зæрдæ мастæй баризы, Куы ныттилы йæ сыфтæртæ. * * Мæ кæстæртæ, мæ буц хуртæ, Куы-иу бафтат Сылтаньгхъмæ Æмæ, миййаг, тæгæр бæлас Куы ныттила йæ сыфтæртæ, Уæд зонут уый, æрымысы Йæ рагбонтæ, фыд-замантæ. Сыф-сыфгæнгæ йæ сыфтæртæй Фæдзуры уый йæ мæстьггæ. 17 Плиты Харитон
ФИППАИНÆГТÆ 1. Цъæй — Уæлладжыргомы хъæу æмæ ком, ис дзы фæлладуадзæн хæдзар æмæ санатори. 2. Быз — хæххон хъæу Уæлладжыргомы. 3. Сылтаныхъхъ — хъæздыг зæххы быдыртæ Дыгуры. 4. Бадилатæ — Дыгуры уæздæттæ ивгъуыд заманты. 5. Балхон — раздзог. 6. Думæдантæ — цырыхъхъытыл, дамбацайы хуымпъырыл, сахат æвæрæныл цыллæ æндæхтæй хуыд хæрдгæ нывтæ. 7. Стæр — фоскæныны тыххæй балц. 8. Тæлæт — искæй фосы байст, атард. 9. Гандза — горæт Азербайджаны (ныры Кирово- бад). Раджы заманты-иу уым уæй кодтой уацай- рæгты. Æмбисондæн баззади «Гандзайы хай бау», зæгъгæ. 10. Рацъ — Гуырдзыстоны хурныгуылæнырдыгæй бæстæ, ис æм Уæлладжыры комæй Бубы æфцæгыл ныххизæн. 11. Тæгиатæ — Хъобаны æмæ Арвыкомы уæздæттæ ивгъуыд заманты. 12. Биаслантæ — Кæсæджы зынгæдæр æлдæрттæ ивгъуыд заманты. 13. Ход — хæххон хъæу Уæлладжыргомы. 14. Хъивон — Ходæй Хохы Дыгуры æхсæн сæрвæг æмæ хосгæрсты стыр фæтæнты ном. 15. Дур-дур — быдырон хъæу. 258
16. Уырындыхъ — хъæдын сынтæг. 17. Мысыхъæу — хъæу Хохы Дыгуры. 18. .Хæзнидон — хъæуы ном Дыгуры. 19. Куырыхон — дзырддзæугæ, разагъды лæг, дзырдарæхст. 20 Ногъай — адæмы мыггаг, цæрынц Цæгат Кавказы быдырты. 21. Найфат — кувæндон, хъæуæй иуварс. 22. Мæхæмæт-пехуымпар — пысылмон дины рай- дайæг. 23. Æвал-æвидисæй — æнæфаудæй, æнæфидисæй. 24. Сæрзæнт — рагон хотых, сæрыл æркæнгæ сæ- ры æдасæн. 25. Мыдзыра — арц, джебогъ. 26. Тавиц — нымдджын, æфсæрмыгæнаг. 27. Ныхас — Уæлладжыргомы бацæуæны иу бы- нат, уырдæм-иу æмбырд кодтой стыр æхсызгон хъуыддæгтæ алыг кæныны тыххæй. Уый фæстæ сси кувæндон. 28. Комы дуар — Уæлладжыргомы нарæг бацæ- уæн, Ныхасы раз. 29. Местæ — ныллæгхъусджын сæрак дзабыртæ. 30. Нысан-бæрц — афтæ хуынди, нысанæн-иу цы бæрц æрæвæрдтой, уый. 31. Боброн — Бонвæрнон, сæууон стъалы. 32.'Емылыкк — æнæбадт бæх. 33. Кæрвæдз хор — хъæбæрхор, 6-тигъон. 34. Луары хъæу — Уæлладжыргомы хъæутæй иу. 35. Æрвгæнæн — фидары, гæнахы кæнæ мæсыджы дуар æхгæнæн. Уыди фидар хъæдæй иу тарвазæй иннæмæ/ 36. Сисдзæф — гæнахы, кæнæ мæсыджы мидæг топп адарæн. 37. Уадзавардæй нымдзаст сты — цавддурау фес- ты, афтæмæй кастысты. 38. Сау рæхыс кæртмæ рахста — искæйы сæрзæ- ды бынæй рæхыс рафтау æмæ йæ раппар, уый стыр æфхæрды хъуыддаг уыди. 39. Мæнгвæдæг — сампалы къахыл æрбахæцæн. 40. Цогойты мæсыг — Цогойты мыггаджы мæсыг. 41. Мæсыггæс — Мæсыджы бадæг хъахъхъæнæг, 259
знаг-иу куы æрбабырса, уæд фæхабар кæныны тых- хæй. 42. Фæлгуыр — мæсыджы сæрмæ æввахс хъадæй арæзт æрлæууæнтæ афæлгæсынæн. 43. Цъамад — хæххон хъæу Уæлладжыргомы. 44. Уайсуры — фæдисы, тагъд уайгæйæ. 45. Алтындзыхъхъ — саргъы раззаг гоппы бын- мæ, барæджы агъд кæуыл æнцой кæны, уый. 46. Згъæллаггæмттæ — идоны къæбæлтæ. 47. Уадсистæй — тæгтæ-тæгтæй, пирæнгæмттæй, къуынæзтæй. 48. Æррадон — Æрыдоны дон. 49. Рахизырдæм æрхызтысты — хъæргæнæг-иу йæ бæхæй æрхызти рахизырдæм. 50. Галиу къухты сæ ехсытæ — зианы рæстæджы, тæфæрфæстæ кæнгæйæ, барджытæн сæ ехсытæ уы- дысты сæ галиу къухты. 51. Ме ’фцæгыл æй æртухдзынæн (рæхыс) — хæ- дзары-иу фæстаг нæлгоймаг куы амард, уæд-иу хæ- дзары хистæр сылгоймаг сæ рæхыс йе ’фцæгыл баф- тыдта æмæ-иу адæмы æхсæнмæ хъарæггæнгæ ра- цыди, ома, мыггаг аскъуыд, зæгъгæ.
■СÆРГÆНДТÆ Ард 3 Уый ды дæ, о, нæ парти! Уый ды дæ, о, нæ парти! 7 Уый йæ фæстæ фарн ныууагъта 9 Серго Кавказы 11 Нæ зæрдæтау нæ бæстæ срухс и 13 Фарн — нæ куысты, фарн — нæ дзырды ... 14 Дæуыл зарæм 15 Кировæн 16 Индиж-дон 18 Каспи-денджыз 19 «Рæвдаугæ цæстæй» ....... 20 Лоэты сидтмæ худы хур 21 Цæгъд, мæ уарзон чонгурист! 23 Дагъистаны поэттæн 24 Ног азы куывды 26 Дæ фæдзæхст дын мæ зæрдæйы хæссын ... 27 0, дæ бонæй уай, Ирыстон! Мæ фыдæлты уæзæг 31 Хæлæрттæ 32 Æз къахæй къухмæ дæр дæу дæн 33 Горæт Орджоникидзе . ." 35 Кæм дæ, Къоста? 36 Тæх, мæ саулохаг! 38 261
Къухтæй мæ ерæдзыпп ахауд æваст . . . . 30 Айнæгмæ 40 Æрдз худы, йæхицæй ныббуц .' 42- Нигерæн 43 Сæгуыт 45 Сæууон балц 46 Рагуалдзæг 47 Ма тыхс! 48 Изæр 49 «Цъæх арвыл мæй худы, тæмæнтæ куы калы». 50 Мæйрухс у мæ зæрдæйы хуызæн 51 Ныр цы уромы хæстоны! Нæ кадджын æфсад 55 Тæхджыты зарæг 57 Ма кæн хъыг! 58 Ныр цы уромы хæстоны! 59 Сидзæр саби 60 Дидинджытæ 61 Дыууæ цæссыджы 62 Фæмысын æз 63 Мады зæрдæ 64 Цъити ’мæ мæйау кæрæдзи рæвдыдтам ... 66 Ныхас мæ бæхимæ ()7 Мæн тавта дæ цæстыты рухс 69 Зыланггæнгæйæ хъуыст мæ зарыь 70 Бæгъатырæн 71 Платаны бæлас 73 Æнæном хæстоны цырт 74- Быдыр, рæвдауыс,ды мæн... Колхозон бригад ^7 Зæрдæ ныррухс вæййы . . - 78 Нæфæззæг, нæ зымæг — фæрныг '9 Быдыр, рæвдауыс ды мæн 80 Иууыл сызгъæрин дæ °* Циу,,цымæ, æнæ дæу цард! °2 Сæумæ райсом &э Уæд æдзухдæр зары æмæ зары . - 84 262
Хæххон уалдзæг 85 Гыццимæ 85 Дыууæ чызджы зарынц 87 Хъæубæсты ’рхонæм! . . 88 Гъей-джиди! 89 Сабыр царды зарæг 91 Нæ фæсивæд зæрдырай хъуамæ уой 92 Уарзæтты зарджытæ Миййаг куы нал фембæлæм сом 95 «Зæрдæ æнцойад нæ ары» . . , . . . . . 97 «Сау æхсæв тарф фынтæй» ., 98 Дæуыл фембæлгæйæ 99 Æз хуры тын федтон йæ цæстыты ’нгасы . . . ЮО Рауай!.. 101 Æнкъард вæййын гъеуæд, æнкъард .... 103 «Уæ, мæ цæсты рухс, хъазтмæ» 104 Куы мын раттис дæ зæрдæ 105 Леуахийы былыл 106 Уæдæ мæ цæсты рухс кæм ис! 107 Тау мæныл дæ тынтæ, тау! 108 Мæнæн нæу уый зæгъын мæ бон 109 Чызджы сагьæс ’ 110 Ды кæй тыххæй зарыс? "111 Ма мын кæн дæ мидбыл худт æвгъау .... 112 Иуварс мæ цы айсыс дæхи? 113 Цымæ, цæмæн рауайы афтæ? 114 Кæд ма хæларæн мысай мæн 115 Куы рафтауы дидинæг розæ 115 Фиалкæты бæсты мах агуырдтам амонд . . . Ц7 Усгур барæг 118 Кæй хорз чындз уыдзæни 119 Хурау ракæс мæнмæ! 120 Мæ чысыл кæстæртæ Ленины амынд 125 Инал 126 Хуийæг х 127 Гæды æмæ йæ лæппынтæ 128 Сабийы бæллиц 130 263
Уалдзæг 131 Хъæлдзæг уалдзæг нæм æрцыди 132 Рауар, къæвда! . . . 133 Гоко мæм уасы . . . 134 Хæххон райсом , 135 Гыцци 136 Писмо. . «..,.. 137 Мæргъты фермæ 138 Хъæды 139 Суадон æмæ лæппу 140 Тузар 142 Æрæгвæззæг 144 Мæргътæ тæхынц 145 Хъызт боны 146 Наз бæлас 147 Сæлимæт (кадæг) 151 Фæндаг (кадæг) . . . . , 169 Уæлахизы кадæг. 181 Фиппаинæгтæ 258 Плиев Харитон Давидович ПРОИЗВЕДЕНИЯ Редактор А. И. Царукаев. Художник В. В* Лермонтов. Художественный редактор У. К. Кануков. Технический редактор А. А. Дзгоев. Корректор М. Б. Савкуева. Сдано в набор 29-У1-1959 г. Подписано к печати 1-Х-1959 г. Формат бумаги 70х921/32# Печат. лист. 9,65. Учетно-изд. лист. 8,8. Заказ № 2325. Изд. № 116. Тираж 2000. ЕИ01734. Цена 5 р. 40 к. Северо-Осетинское книжное издательство, г. Орджоникидзе, пр. Сталина, 11. Республиканская книжная типография, г. Орджоникидзе, ул. Джанаева, 20.