Текст
                    ÆРВЫЛМÆИОН ЖУРНАЛ
ТЪÆНДЖЫ МÆИ
ÆРТХЪИРÆНЫ МÆЙ ЖУРНАЛ ЦÆУЫ 1927 АЗЫ
ЯНВАРЫ МÆЙÆ ФÆСТÆМÆ
№1/2021
<Х><><Х>00000<><>С<><><><>000<>0<><>ОС«>00<><>00<>0^^
Журналы бындургæнджытæ сты: Республикæ Хуссар Ирыстоны
Фысджыты Цæдис æмæ редакцийы коллектив
Номыры ис:
ХЪОДАЛАТЫ ГЕРСАН - Æмдзæвгæтæ 3
ЧЕХОЙТЫ ОЛЯ - Абайты Васойæн (æмдзæвгæ) 17
ТЪЕХТЫ ВАЛЕНТИН - Æмдзæвгæтæ 18
ПУХАТЫ ЭАИНÆ - Æмдзæвгæтæ 26
КЪОЗОНТЫ ЖАННÆ - Æмдзæвгæтæ 26
СТЫР УÆЛАХИЗЫ БОНМÆ
ТЕДЕТЫ АСЛÆНБЕГ - Тедеты хæстон æфсымæртæ 33
ДРАМАТУРГИ
ТЪЕХТЫ УАСИЛ - Тæрхъусы амонд 36
ЗОНАД ÆМÆ ПУБЛИЦИСТИКÆ
ДЖИДЖДЖОЙТЫ СУРÆТ - Нæ историйæ 66
ЭТНОГРАФИ
МÆРГЪИТЫ ИРБЕГ - Адæмон хоскæныны мадзæлтæ 81
ПЛИТЫ ЛЕНÆ - Æрдз диссаг у! 88
НОГ НОМ
УАЛЫТЫ МИРАНДÆ - Гыццийы чысыл хуртæ 90
ФЫССÆДЖЫ МЫСÆН БОН
ГÆЛУАТЫ АКИМ - Æмдзæвгæтæ 138
ГАСАНТЫ ВАЛЕРИ - Бирæвæрсыг курдиат 142


ФИДИУАГ ЕЖЕМЕСЯЧНЫЙ ЖУРНАЛ СОЮЗА ПИСАТЕЛЕЙ ЮЖНОЙ ОСЕТИИ СÆЙРАГ РЕДАКТОР ХЪОДАЛАТЫ ГЕРСАН РЕДАКЦИОН КОЛЛЕГИ ДЖИОТЫ МУРАТ ДЖУСОЙТЫ КЛАВДИЯ КОКОЙТЫ ТАРЗАН ОСТЪАТЫ АЛАН (барнон нымардар) ХОЗИТЫ БАРИС ХЪАЗИТЫ МЕЛИТОН ЧЕХОЙТЫ ОЛЯ Корректор Гаглоева Мадина Компьютерный набор Санакоева Ирэна Верстка Кочиева Диана Авторы хъуыдыимæ редакци, гæнæн ис, разы ма уа. Иу мыхуырон сыфæй къаддæр уацмыс редакци фæстæмæ нæ дæтты. Сдано в набор 15.01.2021 г. Подписано к печати 25.02.2021 г. Формат бумаги 60х84716. Учет.-изд. л. 9. Усл.-печ. листов 9,7. Тираж 885 экз. Заказ типографии №58. Адрес типографии: г. Цхинвал, ул. Московская, 5. Тел.: 45-42-25,44-30-22. Адрес редакции: г.Цхинвал, ул. Московская, 7. Тел.: 45-22-65.
ХЪОДАЛАТЫ Герсан АЛАНТÆ Туаты Теминæ æмæ Бзарты Русланæн Уæм буц нæ фыдæлтæ - Алантæй, Кæй фарн æнус-æнус цæры. Историон æмбæхст анналтæй Нырма кæй тохмæсидт нæры. Æниу æнæхъæн зæххы къори Кæй бæхты къæхты бын æнкъуыст, Куыд ферох кæндзæн уый истори, Уæд хъуамæ уый фæуа æртхуыст. Незаманæй фæстæмæ дисæн Хæссинаг басгуыхты сæ ном. Уыдысты гуырд нæртон фæдисæн, Æрдаг, дзырдхъом æмæ хæстхъом. Сæ ном сын ныр кæнынц кæривæн Куырыхон азфысджытæ ’дзух. Æмæ, сæ цæрæнбонтæ бирæ, Сæ тарвæндаг кæнынц сын рухс. Сæ рагон фыдæлты бæстæ, дам, Кавказимæ уыдис æмхæст. Фæлæ сæ къабазджын хæствæндаг Зæххы кæрæттæм дæр æххæст. < < <<<<<(Е)
Æмæ гæрзифтонгæй, хæдбарæй Цыдысты стæрты, уæдæ цы? Нæ лæууыди сæ ныхмæ арæн Сæ фат, сæ фæринчы фæрцы. Сæ туг æнæвгъау калдтой тохы Хæлар, цæдисоны сæрыл. Æфтыдтой знаджы та фыдохыл, Мæнгард, уæйгæнæгæн - сæ рын. Сæхиуыл дæр нæ уыд хуыздæр бон, Нæ хæссы алхатт дурын дон. Сæ тугхъулон фæндаг - æгæрон, Ныссагъд-иу дзы кæддæр уæрдон. Ныр дæр та ног хъаймæт фæзынди, Фылдæртæн у фылдæр сæ тых. Æмæ сын ацы хатт фæзын и Фыдгулæн асæттын йæ ных. Нырма сыл разылдис мæнгардæй Сæ цæдисон - хъипчагъты бардз. Стæй, кæй куывтой ’хсарыгардæн, - Хуыцауæй сын нæ фæци барст. Мæрдты къæй фестæнт тæтæр-мангол, Дзыназæд зындоны Тимур, Кæй фыдæхæй æркодта сау бон Нæ сахъ фыдæлтыл Терчы цур! Магас - нæргæ столицæ - дардыл, Уым дурыл нал баззади дур. Фæкалдта мин-мин хæсгæ мардыл Йæ цæхæрджын цæссыгтæ хур. (7)>>>>> > >
Аланыстон фæцис æдзæрæг, Æрмæст ма цагъды уæлдæйттæн Фæдзæхста фæдисы дзæнгæрæг: «Цæугæ ут къæдзæхты бынтæм». Алантæ - ’нæрцæф, карз, сæрыстыр, Бæргæ сæ ныфс уыд Уастырджи, Фæлæ тых нал кодтой сæ рыстыл, Æмæ дызæрдыджы æвджид Лæгæтон цард сæ сæрмæ схастой, Æвдудон разындысты ног. Сæхи бæрзонд хæхтимæ сбастой Æмæ сæм нал сæххæсти знаг. Йæхи дзæнхъирд арвмæ ивазгæ, Сæ ердотæй ыскалд фæздæг. Сæ царды фæндаг фенкъуыст размæ, Нывæндын байдыдтой уæзæг. Гъе, афтæ рауади сæ хабар Скифтæ, сæрмæтты фырттæн. Сæ кад сын ды цъынд цæстæй ма бар: «Нæ нын ныууагътой зæхх, бынтæ». * * * Нæ дæн æппындæр семæ разы Алантæй чи ракæны хъаст. Сæ сæрыл ахæм куырой разылд - Сæ зынг фæцæйхуыссыд æваст. Æниу сæ цирхъ æмæ сæ фатæй Рыг дæр нæ акайдта фыдхæст. Куынал уыдаиккой алантæ, Уæд абон не ’рттивид нæ цæст. < < <<<<<©
Кæм нын уаид нæртон Сатана, Бæсты фарн Уырызмæг, Батрадз? Зæдвидыц Задалескы Нана, Æгасæй чи фестад æвдадз? Кæм нын уыдаид Ос-Бæгъатыр, Сæрхъызой лидер - цирхъæлвæст, Дон чи уагъта фыдгулты артыл, Хæлæрттæн чи уыд уд ’мæ цæст? Кæм нын уаид Сослан Цæразон, Бæстырæсугъд Тамар - хæрззонд? Гуырдзыстонæн кæд систы раздзог, Ирыстонæн та ном - бæрзонд. Кæм нын уаид Иссæ Плион, Кæй койæ дæр-иу не знаг рызт, Кæй æхсаргардæй калди пиллон, Легендæтæ кæуыл ис фыст? Кæм нын уыдаиккой хъыджы бон Антон, Чермен, Бега, Хазби, Æлдæрттæн чи дардта хъыцъыдон, Кæмæн уыд кадæггаг сæ ми? Кæм нын уыдаид махæн, Ирæн, Куырыхон Абайты Уасо, Кæй зонды рухсæй федтам ирдæй Ирон æвзаджы ивгъуыд, сом. Махарбег дæр, кæмæн ыссардта Æнахуыр ахорæнтæ æрдз, Кæй фæрцы Нарты гуыппырсартæ Нæ разы удгæстау лæууынц. > > > >
Æниу Вероникæ Дударон, Кæмæн нæма зыны æмсæр, Йæ курдиат ын чемæ барон, Кæд музæйæ лæууы уæлдæр? Нæ ферох Гергиты Валери, Йæ чысыл лæдзæджы тылдæй Æмгадæй чи слæууыди се ’мриу Æвæджиаг лæгтæн нымдæй. Гъе, афтæ сты, алантау, номджын Нырыккон Ир хæсты, куысты. Сæ зынгæтæй ма ’рфыссин ноджы, Фæлæ дæнцæгæн фаг ысты. Æппын кæд ницы, абон махæн Дыууæ Республикæйы ис. Кæд чидæртæ кæнынц хылкъахæн, Нæ зæхх сын «уаринаг» ыссис, Уæддæр нæ хъæр æгас дунемæ Ныр хъуысын байдыдта бæстон, Ис ноджы Уастырджи дæр немæ, Кæй фæрцы та ыстæм хæстхъом. Нæ ныл бахуддзæни сæ зæрдæ Нæрæмон фыдæлтæн мæрдты, Зæгъгæ, тæппудтæ сты, æвзæртæ, Нæ ахады сæ цирхъы ’рттывд. Уæдæ, хæлар, ды ма дзур афтæ: «Фæцис аланты фарн цыдæр». Куынæ уыдаиккой алантæ, Нæ уаиккам нæхæдæг дæр. Январъ, 2021 аз. < < <<<<<©
ХАЦЫРТЫ УАСОЙЫ РУХС НОМЫЛ (Балладæйы бæсты) Кæд бадтис йæ царды хъул сидзæрæн сах? Хæстæфхæрдæй иугæр куы фæхъуыд мæ фыд, - Ныссагъдис цъыфдзасты нæ «уæрдоны» цалх, Æниу нын уæдмæ дæр лæгъз рæтты нæ тылд. Фæсхæсты заман уыди, бæстæ-дæвдæг, Æмхасæнтæ кодта йæ къухтæм Гыцци. Цыппар даринаджы - бæгъæввад, бæгънæг. Сæ мæгуырдзинадæй фыдвæлахс ныцци. Мæ амондæн, разынд Хуыцауысконд Лæг, Йæ мыггаг уыд Хацыртæй, ном та - Уасо. Æмбисондæнхæссинаг ахуыргæнæг, Кæй фæрцы сындæггай ысуыдтон мæ сом. Йæ чысыл мыздæй-иу мын дзабырты ’хца Лæвæрдта, куы-иу федта миты ныууард. «Нæ дын баххуыс кæндзæн æппæтхъом Хуыцау, Куы фæрынчын уай, - дæ зæрдыл æй дар». Зыдта йæ: къæбæрцух æз арæх уыдтæн Æмæ-иу мæ кодта сæхимæ, цæмæй Хъæрмхуыпп æмæ цайæ рæвдыдтаид мæн, Рæстæмбис нымадæй - цыппар хатты мæй. Сæ мæгуыр хæдзары хъæзныг уыдтæн æз, Зæрдæйы хъарм - бирæ, хæлар цæстæнгас... Æхсæвы æмбисмæ нæ хуыссыд сæ зынг, - Зæрдиагæй кодтам дæргъвæтин ныхас. >>>>>>>
Тыдта уæд йæ зæронды бонтæ йæ мад, Йæ урс дадалитæй йын кодтон æфсæрм, Уæддæр мын-иу, ног чындзау, кодта лæггад, Мæ къæхтæ мын хъарм доны ’хсадта æхсæв. Мæ дзыппы мын сусæгæй ауал хатты Нывæрдта йæхибыд цъындаты фæлыст. Цæй, ахæм сылгоймагæн ма кад кæн ды! - Мæ зæрдæ йæ фæхъуыдыл судзгæ фæрыст... Уый дзæнæты бадæт, æрхизæм та ног Уасойæн йæхимæ... Йæ хæрзтæ нымад Нæма фесты... Ралыг кодтаид йæ цонг Мæ сæраппонд, ме ’нтыстыл тад æмæ рад. Ирон чингуытæ-иу мын кодта лæвар, Зыдта йæ: поэзи мæ уд уыд, мæ цæст Æмæ мыл æндзæрста йæ тæмæссаг фарн, Куыднæ дзы уыдаин уысмы бæрц иртæст. Йæхæдæг дæр уарзта поэтикон дзырд, Писмотæ дæр ма мæм стихтæй фыста. Йæ амидингæнæг уыд Хетæджы фырт - Кавказы мæгуырты сæрхъызой Къоста. Нæ комбæсты адæмæн уарзон уыдис, Цырагъы рухсæн сын - йæ куырыхон зонд. Сæ цинмæ, сæ хъыгмæ хæдвæндæй цыдис, Йæ ном дæр ын уымæн æвæрдтой бæрзонд. Бæрæгбонау мын - йæ урок лæвæрд, Мæ уæнгтæ-иу кодтой æхцонæй дыз-дыз. Йæ алы дзырд уагъта зæрдæйыл фæд. Зæрыбонты дæр сæ нæ рох кæнын æз. < <<<<<<&
...Стыр хæстмæ барвæндæй ацыд... Чъынды Нæ разынди тугыл... Сыгъдæг уыд йæ худ. Æрыздæхт... Кæйдæртау нæ марди цытыл, Йæ уарзон скъолайыл хъардта йæ уд. Йæхицæн, хъысмæты фæндонмæ гæсгæ, Нæ уыдис кæстæртæ... Хъæцыди уæддæр. Сыхæгты лæггад ын ыстыр уыд, уæзгæ, Йæ фæрæт ын истон йæ къухтæй æз дæр. Зымæгон фæндагыл йæ нæмыгдзæф къах Куы асаст, - кастилтыл цыдис ма тыхæй. Йæ уæлхъус лæууыдыстæм иудадзыг мах, Йæ зонды цырæгътæ кæмæн кодта хай. Фæндзай азы дæргъы фæкодта кæривд Суинæгты нæмттæ, уыдысты йæ цин. Хъыгагæн, нæ йын бантыст равзæрстаид Æнæуæрст адæмæй йæхицæн æфсин. Цыппар къулы æхсæн хæрзиунæгæй цард, Æнæцæстылхæцæгæй амард æхсæв... Уыдтæн æм мæхæдæг æбыхсæн ран, дард, Блокадон сахары лæг-бирæгъты ’хсæн... Æмæ мын нæ бантыст йæ сынты уæлхъус Сæркъулæй ыслæууын, æркалын цæссыг. Мæ табуйаг хистæрæн загътаин рухс, Æвидигæ уымæн у зæрдæйы маст. Р.5. Æз ацы æмдзæвгæ æндыгъдæй фыссын, Мæ уд мын æхсыны зындоны цъысым. Цæмæн вæййы хатгай Хуыцауысконд лæг Æнамонд, æвæстаг, мæлæтмæ бæллæг? 15.12.2020. >>>>>>
МАДЫ ЗÆРДÆ (ме ’фсинæн) Хъæбулы хъæбул дæр хъæбулыл - нымад. Æхсæрдæс хъæбулæн ды басгуыхтæ Мад. Нымадтай сæ алкæд зæрдиæгтыл, хурыл, Адджинаг нæ кодтай дæхицæн сæ цуры. Кæмæн дзы йæ авдæн фæлладæй уызтай, Кæмæн дзы дæ комдзаг йæ дзыхы тъыстай. Сæ уæлвæд сын радзырдты чиныг фыстай, Сæ джиппы уадзæны æнтысгæ куыстай. Дæ къухтæм æмхасæнтæ кодтай, уæддæр Хъæцыдтæ, нæ хордтой мæгуыры къæбæр. Гъе, афтæ æвиппайгæ схастой сæ рæз, Æрцагуырдтой фидæны цардæн фæрæз. Фæлæууыдтæ фидар, сæрфат дæм уыд фаг, Уæлдæр ахуырмæ сын рухс кодтай фæндаг. Дипломджынтæ систы сæ зонды фæрцы, Ысулæфыдтæ нын ды дæр, уæдæ цы! Хъысмæтæй нæй раскъæфын исты тыхæй, Сæхицæн куы ’рцагуырдтой амондæй хай, Уæд дæр та æрæнцад сæйраг уæз дæуыл: Куы баззайа хомæй дзы искæйы гуыл. Æмæ сын æндзæрстай сæ артдзæсты суг, Сæ царды суадон сын кодтай рæсуг... Гъе, афтæ дæ домдта сæ чъынды хъысмæт, Æниу дæм нырма дæр æмхиц у сæ мæт: Стайаздзыдæй дæр нæ уадзыс дæ куыст, Сæ царды, дам, ма уой мæ хъæбултæ тыхст... Нæ хъæбултæ абон æмбискарæй - хызт, Сæ зæрдæтыл сагъæс, хуымæллæгау, тыхст. Кæдæй нырмæ хъусынц нæ адæмы хъæр, Дыууæйæ дзы исынц пенситæ дæр, Хъæбулы номæй сæм ды дзурыс уæддæр, Нывонд сын фæкæныс дæ урсдзыкку сæр. ч < <<<44(п)
Ныййарæджы зæрдæ, цæй диссаг дæ, цæ! - Цыкурайы фæрдыг, сыгъзæрин, уæццæ. Поэтæн дунейы хуыздæр темæ нæй, Æмæ йыл нывæндын мæ зарæг фæрнæй. 5.05.2020 аз. АРФÆ Стай азы рацыд дæ райгуырды бонæй, Нæ куырыхон зиууон Цгъойты Хазби. Уæддæр дæ уынæм мах фæдисхъом, нæртонæй, Дæ ныхас - йæ раны, биноныг - дæ ми. Ирон фæрныг æгъдау дæ кувæндон басгуыхт, Мыдадзын цырагъау дзы судзы дæ уд. «Рæстдзинад» быдырау дæ цæсты раз айтыгъд, Ныр дæр дзы дæ сис-дзывыры фæд - рæсугъд. Дæ уæхсчытæ - фидар, æнцонæй фæразыс Уæзгæ дыууæ номы: фыссæг-журналист. Цы ныхдур æмбойны фæзыны дæ разы, - Æрцæуы дæ къæхты бын пырх кæнæ цъист. Æфондзыссæдз азы сæрты дæр нын афтæ Хъæддых ’мæ зæрдæрухсæй ц’ акæсай ды, Æуыцы баналон фыдæлтыккон арфæ Хуыцаумæ цы сыхъуыса, уый мæ фæнды! 2020 аз. КОКОЙТЫ ТАЙМУРАЗÆН (йæ райгуырæн бонмæ) Нæ царды мидæг баззад, куыд æмбисонд: Кæддæр, дам, номдзыд Диоген - бердзейнаг Мыдадзын цырагъ судзгæйæ æмбисбон Фæхæссы уынджы... Агуырдта уæццæ лæг...
Ирыстоны æвæджиаг уæзæгыл Цырагъы рухсæй агуринаг не сты Лæгау-лæгтæ... Дæ адресыл дæрзæг дзырд Нæ фехъуыстон... Егъау райгонд дæ фесты Дæ зонды рухс цы фæсивæдæн радтай, Кæй батавтай дæ уды хъармæй, уыдон. Сæ зæрдæтæм сын уаз фæндаг ыссардтай Æмæ сын у дæуыл фембæлд æхсызгон. Рæстдзинад у быцæу-тохы дæ хотых, Уæздан æмæ куырыхонтæн æмсæр дæ. Хуыцау дын радтæд ноджыдæр нæртон тых, Сæдæ азмæ цы уа куыстхъом дæ зæрдæ! 20.01.2021. БУЗНЫГ Дæ царлы кæн уæлахиз, Кулиджанов Гриша, Мæнæн дæ фæрцы нал ис Кæдæй-уæдæй грижа. Ды дæ, бæлвырдæй зонын, Сыгъзæрин къухты хицау. Æнæхъуаджы нæ хонын Æз дохтырты мæ Хуыцау. 2012 Идиллитсе ÆНУВЫД ХÆЛАР Ацы зæххыл ма мын Раздæр хъæды цардис, Иунæг хæлар ис, Хъæд - йæ мад, йæ фыд. Чи мын исы м’ амынд, Боны рухсæй радис, Чи ’нкъары мæ рис. Æхсæвæй - рæвдыд. <н <<<4(7з
Уазалæй, тымыгъæй, Абабау, нæ тарст. Рацыди тыгъды зæй, - Худæгау æм каст. Афтæмæй ысхъомыл, Цумахъом ыссис. Иу бон æм мæ номыл Сыхъуысти фæдис: 'Рызгъор æм æххуысмæ, Бахъуыд æй дæ сæр. Нал ацыди куыстмæ, Хабар у куыддæр. Уайтæккæ йæ дарæс Раивта æмæ Загътой йын: «Фæндараст Захъхъоры хъæумæ...». Райдыдта цæрынтæ Мах фæрныг къæсы. Бахæрон йæ рынтæ, Коммæ мын кæсы. Зивæгтæ нæ зоны, Хох ын у къæсæр. Балæгæрды доны, Ивылд ку’ уа, уæддæр. Рох дзы у йæхи зын, Никуы домы хос. Къæпсырджынæй хизы Мæн, - йæ сæйраг хæс. Сурæй хизы кулæй, Не сисы кæуын. Фæсдуар сæркъулæй Сахуыр ис лæууын. Сæрвæтмæ ыздахы Райсом раджы фос. Никуы стыхта къахыл Урс цъындайы бос. Иудадзыг - бæгъæввад, Фæлæ дард балцы Чи кæны уæнгвæллад, Уыдонæй у, цы?! О, æз дæр рæвдауын Базыдтон кæддæр. Арæх ын фæдауын Хъарм къухæй йæ сæр. Афтæ бонтæ тоны Мемæ, кæд тыхсы, Гъе, уæддæр уый зоны Сабырæй быхсын. Чи мæ-иу фæдзæхсы: «Фидар мын лæу дзæг!» Уый - мæ ныфсы мæсыг, Къадзоны лæдзæг. Февралъ, 2021 аз >>>> ► ► ►
УАЗÆГ-БЫНДЗ Кæдæй-уæдæй-ма федтон бындз Æмæ фæзынд мæ уды цин. Кæддæр уыди мæ цæстæн сындз, Æваст-иу м’ амæттаг фæци. Цæвиттон, цалдæр азы ныр Нæ сахары бындзы мыггаг Уыдис куынæг... Æниу бæлвырд Нæ зонын æз йæ аххосаг. Æнхъæлынц: пластикæйы тæф Уырынгонты кæны бындзагъд. Æвæццæгæн сыл уый æртæфст, Хъæдысыст уа, æви бындз уа. Фæсхæст... Нæ пырх хæдзæрттæ ног Фæсцалцæггондæй дарынц урс. Цæрæн корпустæ - арвы онг, Уым пластикæ нæ бахардз цъус... У диссаг цард: бындзы мыггаг Куынал уыдтон, уæд мын уыд зын. Цыдæр мын-иу нæ кодта фаг... Æнæнхъæлæджы ныр фæзынд, Бызбызгæнгæ, нæ къуымты ’рзылд, Стæй мæ разы абадт раст. Ныхилы тæбæгъмæ, - фырзыд, Мæнмæ тæригъæдау фæкаст Æмæ йын исдуг радтон бар Æмæ фыддæр ысгалиу уæд. Цæй, ацу, уазæг-бындзы мар, Уæлдайдæр хи куы ’нхъæла зæд. < < <<<<ЦС15
Фæлæ куы сбылцых ис æгæр, Нæ къухтылдæй куынæуал тарст, Уæд ме ’фсин фелвæста цыдæр, Æмæ фæтæппæлæг æваст. Гъе, афтæ уазæг-бындзæн мах Нæ разындыстæм хорз фысым. Сæрхъæн цыдæр, кæдæм нæм тахт, Цæмæн æй бахъуыди цъысым? 21-22. 08.2020. * # # Куы дæм лæбура вирус, - Ма йын-иу фæу лæгъстæмæ. Ныдздзæхст ын кæн йæ иу рус, Кæугæ фæзила фæстæмæ. 14.12.2020 > > > > >
ЧЕХОЙТЫОля АБАЙТЫ ВАСОЙÆН (Йæ райгуырдыл 120 азы сæххæсты бонæн) Мах хурау фæтавы Васойæн йæ кой дæр, Йæ сæр дзы бæрзæндты Ирыстон хæссы. Лæгæн ис ныхæстæй цъæх арвмæ дæр сисæн, Васойæн кæнæм мах йæ куыстытæн цыт. Уый Къобы хæхтæн уыд сæ хъæбысы хъомыл, Уæларвмæ уым систа ирон лæджы ном. Йæ уæздан мидбылхудт мах тавта зын дуджы, Æхсыстис йæ туджы фыдæлты хæд-зонд. Куырыхон удгоймаг уыдис уый, хуымæтæг, Мæгуыр лæгмæ, никуы, бæрзæндты нæ каст. Васойы хуызæн лæг нæ базæронд хистæр, Уадз, рухсы фæбадæт йæ ныййарæг Мад. Ирон æвзаджы уый нæмыггай ыскъахта, Гъе, уымæн ын сæвæрдтам цæрдхъомæй дæр цырт. Йæ сисы бырынкъæй знаджы цæст къахта. Цæгъддзæн нын йæ кадыл Къостайы фæндыр. ч ч <<<<<(^)
ТЪЕХТЫ Валентин Тъехты Валентинæн 2019 азы июны 77-аздзыд Валентинрегистрацигонд серцыд Усерсесейы рекордты ниныджы, куыд бирсе азты бакуссег (66 азы семсе фондз мсейы у йсе фселлойадон рсестсег). Уыцы рекордты ниныгмсе йсе бавдыста Дыгуры цсерсег, историк Хъарданты Тимур семсе йын зсегъсем стыр бузныг. Æхссезаздзыдсей райдыдтай кусын Хъсеуы севзонг сабиты бригады, Уседсей фсестсемсе дсе митсе хъусын, Дсе уды рсебын уарзон Ир бады. Ссеххсест дыл фсернсей севдай авд азы, Æхсай авд азы - фселлойадон куыст. Æхсай авд азы - ниныг дсеразы, Æхсай авд азы - адсемыл дсерыст. Абон баксессем «Рекордты ниныг», Æмсе нсем иуран бахуды дсе къам. Мах дсер ссевсердтам иумсе цины фынг, Æмсе дын исы Ирыстон дсе арм. Цсергсесты Олег - нсе Иры сахъ фырт, Удсегассей дын бюст ссевсердта дсеусен, Ирон алфавит йсе къухы бафтыд Æмсе йсе цинсен нал уыд фсеусен. ^8>»»> ► ►
Ацы алфавит кодтай тынг рагсей, Æртын фондз азы фсекодтай тухсен. Куыддсер Цсегатмсе рахызтсе рагъсей, Афтсе дсеразы - Олег ’мсе Тугъан! Ног алфавитсен радтай ног хуызтсе, Хуры ирд тынтау серттивынц дардмсе, Лсевар нын ксеныс сыгъзсерин хуынтсе, Бселлыс не ’взаджы сенусон цардмсе. Арфсе дын ксенын, нсехи Валентин, Ноджы дын фылдсер бантыссед царды! Зарсег дыл скодта нсехи Аавренти Æмсе азселыд а зсеххыл дардыл. Дидинсег калсед дсеусен дсер дсе цард, Абоны бонсей - сенуссей фылдсер. Хсерын дын, хсерын мсе удсей сез ард, Курын Хуыцаусей, раттсед дын фырт дсер! Арион Ирсаг МÆ ЧЫСЫЛ ХÆДЗАР Тбилисы куы цардтсен, усед иу нысыл хседзар мсехицсен сарсезтон къуыппыл, горсетгсерон. Иу сехссев дзы сбон кодтон, стсей мын сей дыккаг бон гуырдзисегтсе ныппырх кодтой. Уæ, мæ чысыл, бынсæфт хæдзар, Къаммæ ’ркæсын æмæ скæуын: Басыгъта нæ кæйдæр азар, 'Рымысын æй æмæ ’рхауын. Цыдаид мыл æртын азы, Хъуыды кодтон чындзæхсæвыл. Иу рæсугъд чызг уыдис разы, Хъуыды кодтон чындзхæсджытыл, < < <<<<(<((7^
Фæлæ мын дæу ныппырх кодта Иу сау куыдз-лæг, Калачы цард. Мæ уарзон чызг йæ сæр хоста, Мæ амонд та фæлыгъди дард. Ныззæронд дæн ныр иунæгæй, Иу дзæгъæл куыдзыл æртыхсын. Фыны сгæпп кæнын ингæнæй, Æмæ пирæнтыл æрхуыссын. Уыцы цъаммар раджы ныккуыдз, Йæ ингæныл куыйтæ хъазынц. Æз та уаты кæнын хæкъуырцц, Мæ муртæ мын алкуы давынц. Тæхуды-мæ хъæбул чи федта, Саби чысылæй кæй риуыл кафыди. Фырцинæй-иу топпæй чи фехста, Куывды-иу кæй уарзон зарыди. Кæд хъиу-хъиу кæнын иунæгæй, Уæддæр нæ рох кæнын мæ Иры! Хуыцау мæ бахизæд иу мæнгæй, Дæлзæхх - Иры туг чи цъиры!.. Газет «Рæстдзинад», 2020 азы сентябры мсей. ХАРЕБАТЫ РОЛАНДÆН (Хуссар Ирыстоны Хуыцъейы хъæуккаг æрмдæсны) Цæй-ма, ныззарæм Роланды кадæн, Уый у нæртонгуырд - æцæг Ирон лæг. Леуахидоны фæрдгуытæ арæг, Зæринагурæг, уæларвмæ тырнæг. (*>)»>> > > >
Лæггад кæнынмæ фыны дæр тырны, Сарæзта Дзауы ирон тымбыл фынг - Дунетыл ахæм ничи-ма уыны, Дис кæны дзыллæ, кафы Терчы фынк. Арфæ дын кæнын, нæхи сахъхъ Роланд, Де уæнгты ’хсиды сыгъдæг ирон туг. Дæуыл фысдзысты диссаджы роман, Дуне дыл зардзæн, уыдзæн ахæм дуг. Фæрнæй нын фæцæр дæхиуæттимæ, Иры фидæн дæр уæд дæ фæндиаг. Фæцæр нын бирæ схъæл рихитимæ, Иры фæлтæртæн рухс кæн сæ фæндаг. Газет, «Рæстдзинад», 2020 азы июны мсей. НОГАЗ Ногæй баст куыдзау ризгæ æмбæлын, Ног аз, ног-бон фæрнæй хæссæгыл. Рагæй бинонтæм ниугæ куы бæллын, Куы тайын Ирыл, хион - хæстæгыл. Ныр дæр та ногæй Ног азæй курын, Мæнæн дæр тæрхъус амонд куы ’рхæссид, Арæх Хуыцаумæ зæрдæйæ кувын, Мæ хъуырыл дæр мын - лæппын куы ’рхæцид. Куы уаид зæххыл сабыр рæсугъд цард, Куы сæфид сау тых мæнгард хъæндзинад. Куы хъуысид мæ хъæр дунетыл тынг дард, Уæд фылдæр тауин зæххыл Рæстдзинад! 23.12.2010 аз. < <<<<4 + (21)
О МÆРГЪТÆ, МÆРГЪТÆ! О мæргътæ, мæргътæ, тæхуды фæуат, Куыд æнцон уын у уæларвмæ тæхын. Æз дæр стæхын, ныууадзын мæ уат, Фыруарзтæй арæх сæррайæ тæрсын. О сагтæ, сагтæ, тæхуды фæуат, Куыд сиргæ хæссут уæ рæсугъд уæнгтæ, Æз дæр асимын, куы вæййы фадат, Аив фæисын мæ фæллад цæнгтæ. О дæттæ, дæттæ, тæхуды фæуат, Куыд хъалæй тындзут æдзухдæр размæ, Æз æй нал зонын - цы фæуон фæсуарзт, Мæ уарзон чызг мæ куы лидзы дардмæ. О хæхтæ, хæхтæ, æмбисонд фæуат, Куыд уæ нæ ласынц уæ цъити дæттæ. Мæнæн мæ цæссыг фæласта мæ уат, Мæхи мын къуымы бакæнынц бæтгæ. О лæгтæ, лæгтæ, тæхуды фæуат, Куыд сын фæразут уæ хъал æфсинтæн. Фæрнæй фæцæрат, размæ мын цæуат, Æз нал фæразын хъал усы митæн. О, Зæдтæ, Зæдтæ, сызгъæрин Зæдтæ, Зæгъут-ма мын æй, кæм ис мæ бæлон? Мæ риуы судзы мæнæн мæ зæрдæ, Кæдмæ йæм кæсон, кæдмæ йæм бæллон? 24.06.10 аз. > > > > >
БИТАРТЫ АЛАНÆН Ацы сенкъард зарседжы хъуысы Аланы бинойнаг Фатимсейы зсердсерыст хъселсес. Дзæнæты бадай, мæ уарзон Алан, Дæуыл æвзонгæй нытталынг бæстæ. Мæ царды мæсыг дæу æз куы хуыдтон, Ныр ма куыд цæрон уæд æз дæ фæстæ?! Адæмы фарнæй уыдтæ ды хайджын, Райстай нын зынаргъ бæрзонд хæрзиуæг. Æмгæртты уарзтай, уыдтæ сын кадджын, Дæ уæззау куысты нæ зыдтай зивæг. Хæстон машинæ дæ коммæ кастис, Ууыл азгъордтай кæйдæрты фæдыл. Зæдтæм дын куывтон, мæ зæрдæ тарстис, Уæддæр æй скъуырдтай фæсвæндаг - хъæдыл. Дæ ныййарджытæ, дæ дыууæ хойы, Уæлмæрды кодтой фыдбоны хъарæг. Мæнæн мæ зæрдæ фыррыстæй тоны, Цæмæн фесæфтис мæ царды дарæг. Уыдтæ нæ Ирæн иумæйаг хъæбул, Нæ нын бафсæстæ дæ Хурты цинæй. Чермен, Кристинæ - дыууæ бæдулы, - Куыд додой кæнынц хъысмæты хинæй. Куыд уæззау нын у дæ мæлæт, Алан, Хион-хæстæгæй ныддури зæрдæ. Нал фехъусдзыстæм дæ уæздан салам, Цы ма фæкæнæм нæ мæгуыр сæртæ?! Ч Ч <<<<4(23)
Нал ныффæрæзтой дæ ныййарджытæ, Дæ мæлæт сын, Алан, аскъуыдта сæ цард. Нæ кæртæй ногæй райхъуыст хъарджытæ. Æмæ нæ мастыл бафтыди ног маст! Рухсаг у, Алан, хæрзмæ ныл ауд, Суадз дæ ингæны сызгъæрин тала, - Дæ номыл рæза æмæ нын йæ уынд - Дидинау æнус цæхæртæ кала! Хуыцауæй курын ме ’нкъард зарæджы Мачиуал фенæд йе ’мкъайы мæлæт. Дидинæг калæд Дуне уалдзæджы Æмæ æвзонг туг макуал кæлæнт! 07.09.11 аз. ЦХИНВАЛ Мæ уарзон Цхинвал, Иры зæрин Хур, Сахъ Паддзахады хъæбатыр Сахар. Де знаг дын цал хатты нылхъывта дæ хурх, Цал хатты калдтай арты бын цæхæр? Фæлæ нæ састæ, сыгътæ кæронмæ, Тугæй ныхсадтай дæ рæсугъд уынгтæ. Сæдæ лæбурдта дæ иу хæстонмæ; Фæлæ дæ къуымты уагътой сæ мæрдтæ. Ныр дæ хъахъхъæны, хæдбар Паддзахад, Стыр Уæрæсе дæ фарсмæ лæууы. Тугдзых банкъардта састы судзаг ад, Æмæ йæ митыл фырмæстæй кæуы. »► ► ► ►
Цхинвал, дæ хуыздæр хъайтар хъæбултæ, Иры сæрвæлтау радтой сæ сæртæ. Æрттивынц дардмæ уæлмæрды сæ дуртæ, Хорзæй аудынц Ирыл сæ фæстæ. Мах дæр сæ никуы нæ рох кæндзыстæм, Нæ рыст зæрдæты цæрдзысты дарддæр. Сæ цырты раз карз ард хæрдзыстæм, Дæтдзыстæм Ирæн нæ тых, нæ цард дæр! 27.09.10 аз < < < <<<<<©>
ПУХАТЫЭлинæ СÆРДЫГОН ÆХСÆВ Æхсæв йæ хъæбысы æрдзы æрбакодта, Нал хъуысы цъиуты уынæр. Иунæг ын дзаг мæй æмбæхсын нæ бакуымдта, Калы йæ рухс тын цæхæр. Рог дымгæ уæлдæфы азилы, абухы - Цæсгомыл ’фтауы йæ лæгъз. Хъарм изæр æрдзыл уæлæнгай æрбатухы Цъусгай йæ рæсугъд пæлæз. Ферттивынц арвæй, фæрдгуытау стъалытæ, Худы тымбылдзæсгом мæй. Тар арвæй зæхмæ æркæсынц йæ цæстытæ Зæрдæйæн рухс уа цæмæй. ПАНДЕМИ ХУССАР ИРЫСТОНЫ Цымæ ма цы диссаг царды 'Рыййафдзæн мæ адæм сомбон? Сидын: ма мын фæкæн цагъды, Вирус, бамыр кæн дæ фæндон! Тухи царды, хъизæмары - Низ ныппарахат нæ бæстыл, Хуссар Ир та - зын уавæры, Хъарм сыг байдзаг вæййы цæсты. (Я)>>>>> > >
Иумæйаг знаг - сиу нæ кодта Дары алкæй дæр нæ тасы. Бирæты æнæвгъау хордта «Тагъд æххуыс» рынчынты ласы. Ис Хуыцауы фæстæ адæм - Рынчынтæн æххуыс фæразынц. Дохтырты æнусон кадæн - Хæсджын мах стæм сæ разы. Æхсæвæй-бонæй куысты мидæг, Хизынц рынчынты мæлæтæй. Се ’нкъард цæстæнгас уæм сиды: «Ма мæ ауадзут æнцæнттæй!» Алцыдæр цæуы Хуыцауæй, Раттæд уын тыхтæ, фæрæзтæ. Сымах стут æрвыст Уæларвæй, «Æххуысы къух» - Хуыцауы фæстæ. Ут нын алкæд дæр æнæниз, Бинонты фарнæй æфсæст ут! Стыр Хуыцау, рынæй нæ бахиз, Ма нын фенын кæн фыртыхст уд! Роберт Бернс ИВГЪУЫД БОНТÆН Зæронд хæлары рох кæнын Куыд бауадзон мæхи? Зæронд хæлары рох кæнын, - Ивгъуыд бонтæн сæхи? Хæлардзинады агуывзæ Кæронмæ баназæм. Ивгъуыд бонты амондæн Кæронмæ баназæм.
Дыууæйæ-иу куы лыгъдыстæм Нæ дидинзад хуымты. Фæллад къæхтæй куы цыдыстæм Нæ сабийы бонты. Цæугæдоны-иу, хъазгæйæ, Нæ бонтæ ’рвыстам мах, Фæлæ фурд не ’хсæн балæууыд - Фæхицæн кодта мах. Æмæ та мæнæ баиу ыстæм, Дæ арм мæ армы ис Æмæ цæй иумæ баназæм - Хæлардзинад кæй ис. Стырдæр мигæнæн ды райс, Бæгæны дзы æркæн. Кæронмæ, цæй, баназæм - Нæ рагбонты цытæн. (Англисаг севзагсей ПУХЛТЫЭлинсейы шселмац) 28} >>>>>> >
КЪОЗОНТЫЖаннæ РАЙГУЫРÆН ХЪÆУ Мæ зæрдæйы тæгтæ фæкæнынц ыскъуыдтæ, Куы фенын æдзæрæгæй хъæу кæнæ сых, Куы сызмæсти дуне, куы сæрра нæ сыхаг, Ысхæлиу нæм кодта кæфхъуындары дзых. Мæ райгуырæн уарзон хъæу сидзæрæй баззад, Æрдзон рæсугъд нывтæй бæргæ уыд фæлыст. Фæлæ йæм хæрам зæрдæ равдыстой гуырдзы, Æмæ дзы нæ зæрдæ фæхаудта, фæрыст. Рæсугъд фынау баззад мæ хъуыдыйы Карел, Уый никæдбон ферох уыдзæни мæнæй. Суканантубан, зынаргъ мын дæ, уарзон, Гыццийы мондæгтæ æз истон дæуæй... 17.05.2020 аз. УАЛДЗЫГОН НЫВ Пух къуыбыр райхæлди, сæрвæт фæцъæх, Талас цъæх сыфтæр - райсом æртæх. Уалдзыгон хур ыл узæлы рæдау, Æмæ æнкъары йæхи уый дзæбæх. < < <Щ<С29
Къалиуыл дидинты дзыгуыр фæзынд, Мыдыбындз цингæнгæ анцъырдта мыд. Тахтис дард балцы, нæй йын æфсис, Мингай дидинтæн сæ хицау æссис. О, æрдз! Куыд диссаджы конд у дæ уынд! Де ’рдаг хъæбысы улæфы мæ уд. Тæгæр йæ дæлбазыр бакæны мæн. Уахъæзы узæлд æхцон у, фæлмæн. Цъиутæн та фергом сæ уасын, сæ цин, Зымæг сæ фæндаг бабын, фæци. Уалдзæг йæ куыстагыл райгæ тындзы, Хъулон-мулон гауыз, зæххыл тындзы, 10.11.20 аз. ФÆЗЗÆГ ТА РАЙСТА ЙÆ БАРТÆ Фæззæг та райста йæ бартæ, Æмæ йыл нал ис æууæнк Кæрты, нæ уынджы - æмбатъæ1, Хизы йыл сабыргай дæркъ. Бур цæнкуыл сыфтæртæ зилынц, Айдзаг сæ вæййы нæ тыргъ. Сусхъæд йæ къабазтæ тилы, Калы сыл дымгæ йæ пырх. Нал у ныр хур дæр йæ тыхыл, Цъус цыма снарæг йæ уд. Бурсамдзелийæн йæ ныхыл Æрзæбул йæ урснымæт худ. 1 Æмбатъсе - хосхолладжы, хъæмпы бындзыг. <©>»>> >> >
Асины бынмæ æрхуыссыд Рыгъд æмæ ’нкъардæй Мила. Зымæг, хуыснæгау, æрхъуызы, Агуры ’хсæрæг мæра. 29.09.20. ДÆУÆН Мæ зæрдæ, мæ адджын, мæ цард. Дæ уарзтæн йæ цагъар - мæ уарзт. Мæ зæрдæйы ’рбадтæ бæстон, Фæнды мæ, дæ фæрсты цæуон, Уынон дын дæ мидбылты худт, Дæ сыгъдæг, дæ уарзæгой уд, Куыд судзы рæстдзинадæн буд. Мæ Зæрдæ, хæрын дын æз ард... Кæд дын нæу нывондаг мæ цард. Æууæнд мыл, кæмфæнды цæрон. Дæ уындмæ æз хъуамæ бæллон. Мæйдары дын судзгæ цырагъ Дæ разæй хæсдзынæн, уый зон, Дæ афтæ мæ удæн зынаргъ. 16.01.2020 аз. НОГ АХУЫРЫ АЗ Рахызтис хæрзкондæй кæртмæ, Райгæ скъоламæ фæраст. Хъазынц тугдадзинтæ уæнгты, Къухты - дидинджыты баст. ч ч <<<<Ч®>
Уый тындзы йæ мады фæрсты, Размæ ирддзæстæй кæсы Мæнæ ауадис йæ цæстыл Æмæ исдугмæ фæсым: Федта амонæджы дардмæ, Барухс ис йæ гыццыл уд. Загъта: уый нæ кæндзæн цардмæ, Фидæн - рухс æмæ рæсугъд. 24.09.2020 аз. ИУГАЙ-ДЫГАЙ... Иугай-дыгай сыджытмæ цæуынц, Нал æнцайы риссынæй нæ зæрдæ. Тæссаг низæн йæ авналæн дзæмбы Куы аххæссыди дунейы кæрæттæм... Æрмæст ма хъуысы хъарæджы мыртæ, Нынкъард стæм, куыд уыдзæнис нæ хъысмæт?! Адæм фесты фыр мæтæй æрдæг, Тынг зын у мæнæн дæр ныр фыссын. Цыма арв дæр рахæтыд ныл раст, - Таргъуыз бонтæн нал зыны сæ кæрон. Кæдмæ афтæ? Дæумæ, Хуыцау, мæ фарст Дæумæ дæттын, рыстзæрдæйæ, æз абон! 6.12.2020 аз. елГоХБЪо >>>>>>
СТЫР УÆЛАХИЗЫ БОНМÆ ТЕДЕТЫ ХÆСТОН ÆФСЫМÆРТÆ Хъорсеуы хъæуæй 76 адæймаджы ацыд Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ. Уыдонæй 22 фæмард знаджы дæрæн кæнгæйæ. Теде- тæ æмæ Гæздæнтæ тохы цæхæрмæ арвыстой æвдгай æф- сымæрты. Гæздæнтæ се ’ппæт дæр фæмард сты, æмæ сын цыртдзæвæн сæвæрдтой Дзуарыхъæумæ хæстæг. Тедеты хистæртæ Катя æмæ Павелæн тохы цæхæрæй æрыздæх- тысты æрмæстдæр сæ дыууæ фырты. Уыдон чындзæхсæвтæ скодтой се ’хсæз хъæбулæн. Фæзынди сын цот æмæ хъæбулы хъæбултæ. Тедеты æфсымæртæн, Егорæй фæстæмæ баззад цот. Фæлæ уыдон сæ хистæрты нæ хъуыды кæнынц. Егор Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ ацыд хæрз æрыгонæй. Хæсты размæ куыста геологтимæ. Хæстмæ та ацыд Цънели- сы фабрикæй. Æфсымæрты хистæр - Уанкъа 1941 азы ацыд тохы цæхæрмæ. Йæ уæзæгыл ныууагъта йæ бинойнаг Настяйы - дыууæ æнахъом лæппу æмæ чызгимæ. Настя тухæнтæй сха- ста йæ сабиты. Схъомыл кодта йе ’ртæ хъæбулы - Графы, Ленæ æмæ Гришæйы. Хæсты фæстæ Настя æрцард Горæтгæрон рай- оны. Никъолоз дæр ныууагъта йæ цоты: дыууæ фырты æмæ иу чызг, афтæмæй ацыд тохы цæхæрмæ æмæ фæмард 1944 азы. Тедеты Бури иннæ æфсымæртæй хицæн кодта йæ зæрдæхæ- лардзинадæй. Æрдзæй рахаста æмгар æмæ адæмуарзон. Бинон- тæ йæ уарзтой йæ уæздандзинад æмæ зæрдæхæлардзинады тыххæй. Хæстмæ цæугæйæ, Бури йæ бинойнаг Кетойы æвджид ныууагъта æхсæз чызджы. Уыдонæй дыууæ амард. Бури фæмард Фыдыбæстæйы Стыр хæсты - 1944 азы. Йæ бинойнаг Кетойæн йæ цоты хъомыл кæнынмæ æххуыс кодта паддзахад. Валя æмæ Мисурæт цæрынц Цхинвалы. Фатимæ - з* < < <<<<<@)
йæ райгуырæн хъæуы. Павелы фырт Сардо фæмард, нæ бæстæ знагæй сæрибар кæнгæйæ. Йæ бинойнаг Беппиты Надя æрцард Горæтгæрон районы. Сæ фырт Уазно цæры Стъараполы крайы. Йе ’фсымæртæй амондджындæр разынд Тедеты Павелы фырт Зæлиго. Æрыздæхт хæсты фæстæ йæ райгуырæн хъæумæ кадимæ æмæ æфсæддон хорзæхтимæ. Фæцард йæ бинойнаг Козаты Раисæимæ. Иумæ схъомыл кодтой сæ цоты: Любæйы, Жорикы, Ваня æмæ Темболы. Тедеты хæстонты бинойнæгтæ сæ мойтæн быдтой хъарм уæлæдарæс æмæ сæ æрвыстой фронтмæ. Тедеты æфсымæртæй фæллойы, цардархайды æмæ æндæр къабæзты стыр æнтыстдзи- нæдтæ бафтыд Митъушы къухы. Уый райгуырд 1917 азы. Каст фæци Дзауы астæуккаг скъола. Ахуыры хайады сæргълæууæ- гæй куыста Теделеты астæуккаг скъолайы. Хæсты райдайæны ацыд тохы цæхæрмæ. Дыууæ азы дæргъы службæ кодта баст- дзинады батальоны санитарон хайы. Митъушы хæстон фæндæгтæ райдыдтой Кавказы æмæ ахæццæ сты суанг Берлинмæ. Йæ хæдзармæ ссыд бирæ хæрзиу- джытимæ. Иудадзыгдæр æххуыс кодта йæ зынгхуыст хæстон æфсымæрты цотæн. Разæнгардæй куыста колхозы. Митъуш йæ райгуырæн хъæу Хъорсеуы фæцард йæ адзалы бонмæ. Тедеты хæстон æфсымæрты сгуыхтдзинад фæлтæртæн баз- зайдзæн лæгдзинады мысинагæн. Тедеты мыггагæй ма тохы цæхæры стыр лæгдзинад равды- стой Тедеты Ефим (Екти), Гæбила, Лександр. ТЕДЕТЫ ХÆСТОН ÆФСЫМÆРТЫ ЗАРÆГ Тедеты Аслсенбеджы ныхсестсе, Моргуаты Юрийы музыксе Фæдисхъæр райхъуыст нæ фыдыуæзæгæй, Ныббырстой знæгтæ нæ зæхмæ, ой, Сиды йæ фырттæм Фыдыбæстæ тохмæ, Сæ ныхмæ-ма фидар фæлæууæм, ой, Едиаты ком æмæ Хъорсеуы хъæуæй (34)У>>> >>>
Фæсивæд тохмæ цыдысты, ой, Тедеты фырттæ фондз æдзард лæппуйæ — заргæйæ, Уæд заргæйæ тохмæ цыдысты, ой. Тедеты Гæбила афтæ бадзуры, Карз тохы фидар фæлæууæм, ой, Хъæбатыр лæгæн нæй мæлæт æнусмæ тохы дæр, Сæ кады ном зарæджы ныннæрдзæн, ой. Бирæ сахъ фæсивæд хæсты быдырæй, Нал сыздæхт фыдыуæзæгмæ, ой, Нал æрцыдысты Тедейæн йæ фырттæ — Хъорсеумæ, Хъæбатырæй радтой сæ рухс цард, ой, Нæ Ирæй бирæ суинаг лæппутæ, Сæ удтæ радтой сæ бæстæн, ой, Зæгъæм сын рухсаг Тедеты хæстонтæн — рухсаг ут, Уæ рухс ном ныр цæрдзæн æнустæм. Газет «Рæстдзинад», 2020. < < < <<<4<Гз5
ДРАМАТУРГИ ТЪЕХТЫУасил ТÆРХЪУСЫ АМОНД Дыууæактон, астнывон пьесæ Тæрхъус Тæрхъусы лæппын Зыгъарæг Зыгъарæджы лæппын Бирæгъ Рувас Арс Хæрæг Халон ФЫЦЦАГ АКТ 1-аг ныв Хъседы астсеу рсесугъд сердуз. Йсе алыварс бсезджын къутсергпсе. Хъуысынц сехцон музыксейы зселтсе. Тсерхъус йсе лсеппынтиысе хъазы. Ксерседзи расур-басур ксенынц, кафынц. Чысыл фсестседсер сценсе фсеталынг, стсей та фсерухс. Лрвы нсерын хъуысы, стсей та бирсегъы гиуын. Тсерхъус йсе лсеппынтсем сиды. Тæрхъус. Мидæмæ рахизут. Тæрккъæвда уыдзæн æмæ ныххуылыдз уыдзыстут. Тæрхъусы лæппын. Чысыл-ма нæ бауадз. Т æ р х ъ у с. Нæ, нæ? Т æ р х ъ у с ы л æ п п ы н. Нæма уары. Куы райдайа, уæд ам- бæхсдзыстæм. (зв)>>>>> ► ►
Бирсегъы ниуын сербайхъуыст севвахсдсерсей. Т æ р х ъ у с. Мидæмæ! Бирæгъ кæмдæр хæстæгæй ниуы. Уæ- хи бахизут. Дыуусе лсеппын балыгъдысты, фселсе ма сæ иу хъылдымтсе ксены. Тæрхъусы лæппын(зары). Райхъусут мæм мидæгæй, Мидæгæй. Æз нæ тæрсын бирæгъæй, Бирæгъæй! Ой, уæрæйдæ, бирæгъæй, Бирæгъæй! Ой, уæрæйдæ, бирæгъæй, Бирæгъæй! Над уыдзæн тагъд бирæгъæн, Бирæгъæн! Сфæлдахдзынæн авд иу цæфæн, Иу цæфæн! Ой, уæрæйдæ, иу цæфæн, Иу цæфæн! Ой, уæрæйдæ, иу цæфæн, Иу цæфæн! Ой, уæрæйдæ, иу цæфæн, Иу цæфæн! Барæвдз кæнæм бирæты, Бирæты! Тагъд фæцæгъдæм бирæгъты, Бирæгъты! Ой, уæрæйдæ, бирæгъта, Бирæгъты! Ой уæрæйдæ, бирæгъты, Бирæгъты! Уыцы рсестседжы йын бирсегъ хуыккоммсе йсе фсендаг ахгседта. < < <<<<<0
Б и р æ г ъ. У-у-у! Мæнæ цы лæп-лæпгæнæг тæкъу дæ, мæнæ! Тæкъу-тæкъу. Ма тæрс, тæкъу, ма тæрс. Тсерхъус лсеппын йсе бынашы нынныгъуылд семсе зыр-зыр ксены. Бирсегъ ыл йсехи ныццавгпа семсе йсе йсе хъсебысы акодта. Тæрхъусы лæппын. Баххуыс мын кæнут! Баххуыс мын кæнут! Гыцци! Гыцци! Т æ р х ъ у с (фседисмсе ралыгъд). Сау бон мæ баййæфта!.. Фселсе йынуседмсе бирсегъ йселсеппыны аскъсефта, фсестейсе ма йсе бсергсе асырдта хъсергсенгсе, фселсе йсе нал баййсефта семсе усенгтсехъил семсе ссергуыбырсей, ксеугсе сербаздсехт йе ’ннсе лсеппынтсем. Ксеуы-зары: Цæмæн мæ сфæлдыстай, Хуыцау, Хуыцау, Чысыл, тæппуд æмæ æдыхæй? Кæд ме ’намондхъæбулы царм Ныр тоны мтонг бирæгъ йæ ныхтæй? Уæууай, нытътъæпп кодта дæ сæрмæ?! Кæд дын ныррæдывта дæ риу, Æмæ дые ахордта дæ зæрдæ? Тыхджын у алы хатт дæр раст - Лæвæрд ын бартæ ис Хуыцауæй! Кæмæ ма фæхæссæм нæ хъаст - Ис Хуыцауæй нæ Хуыцауæй! Оу, мæ хъæбул, кæм дæ агурон?! Тсерхъус ацсеуы. Сценсе фсеталынг всеййы. 2-аг ныв Тархъседы астсеу бирсегъы хуыкком. Бирсегъ бады дурыл, йсе хъсебысы тсерхъусы лсеппын. Б и р æ г ъ (зары ало-лай): Афынæй кæн, мæ хъæбул. Ало-лотæ, цы-цытæ Астыр уыдзынæ мæ тæкъу, Æрхæрдзынæн дæ дзæццытæ. <©>»» ► ► ►
Ох, куыд хорз у, куыд хорз у, Нард тæкъуйы фæлмæн фыд! Ахсæнæн уый цы хос у! Раст цыма у адджын мыд. Хурмæ зад - сæлхæры хай, Æз нæ кæнын æртхъирæн. Рæз мын бонгай, сахатгай, 'Мæ дæ тагъддæр æпирон! Тсерхъус сербахъуызыд семсе йын суссегсей йсе ныхасмсе хъусы. Б и р æ г ъ. Сырдты Арсы ныхмæ скæнын хъæуы. Сæ лæппын- ты давд уый æфсон куыд кæной. Сырдты паддзах куы суон, уæд сын фенын кæнин бæргæ, Бирæгъ чи у уый! (Фсейнсердсем акаст.) Мачи мæ фехъуса æндæра... (Тсерхъусы лсеппынсей.) Ныр та уал мæнæ ацы гыццылмæ хорз базилон, галыйас куыд суа, уæд йæ соцвæлыст стæджытæ мæ ахсæны царвау тайдзысты. Тæрхъус (тарстсей). Бирæгъ, курæг дæ дæн, куыд мад, афтæмæ бамбар... Б и р æ г ъ (тсгрхъусы куы ауыдта, усед тсерхъусы лсеппыны хуыккоммсе бадавта. Мсестыйсе). Ды та ам цы ми кæныс, тæппуд хъилхъус?! Т æ р х ъу с. Дæ мад, дæ фыды хатыр бакæн... Бирæгъ (сайдсей йсе хъавы серцахсынмсе). Кæй хатыр, кæ? Мæ уды гага - мæ ахсæны хъа-хъа... О, мæнæ кæй уынын! Мæ зынаргъ тæрхъус! Кæцæй фæдæ?Цы хур, цы къæвда дæ æрбахаста? Т æ р х ъ у с. Стыр бузныг, бирæгъ, афтæ мыл кæй æмбæлыс, фæлæ... Бирæгъ. Цы ныфсæрмы дæ... Рауай мæм. Кæд, мыййаг, истæуыл тыхсыс? Т æ р х ъ у с (нъызгсейсе). Нæ зонын, куыд æй зæгъон... Б и р æ г ъ (фсецсеуы йсем). Зæгъ æй, мæнæн æй зæгъ, мæнæн. Мæнæй цы æфсæрмы кæныс? Тæрхъус. Дысон мын мæ хъæбулы раскъæфтай, бирæгъ... Нырма йæ нæ бахордтай...
Б и р æ г ъ. Æмæ йæ чизоны арс аскъæфта?! Т æ р х ъ у с. Мæхæдæг дæ федтон, бирæгъ. Бирæгъ. Тæкъу, мæ хæлар! Цæмæн мысыс де ’рдхордыл тугтæ? Уый хорз нæу. Мæ фыд æмæ дæ фыд хæлæрттæ уы- дысты. Æз дæу дæр æмæ дæ хъæбулты дæр мæхи хъæбултау уарзын. Ис мын дыууæ лæппыны. Кæд сайын, уæд сын æз сæ фыдтæ ахæрон. (Бацсеуы хуыккоммсе.) Цъус мын галиу сты, уæлдайдæр, кæстæр. Фæлæ дæхæдæг зоныс: «Лæппуйæ рæдиаг нæ вæййы æвзæр». Уæдæ. Хах-ха-ха!.. Т æ р х ъ у с. Мæхи цæстæй федтон, куыд мын рахастай мæ лæппыны, бирæгъ, æмæ дæ курæг дæн, ратт мын æй фæстæмæ. Б и р æ г ъ. Æз дæ лæппыны?! Афтæ у, фылдæр кæмæн лæг- гад кæнай, фылдæр кæй уарзай, уый дыл фæстагмæ цъыф бакалдзæн. Ныртæккæ дын сæ дæ разы ’рлæууын кæндзынæн, æмæ кæд дæ лæппын се ’хсæн уа, уæд мыл фæхудæнт дæ зæрдæ. Раксены дыуусе лсеппыны дсер. Дыууæ дсер семхуызон дарсесы. Тсерхъусы лсеппын йсе мады куы ауыдта, усед сем йсехм фсецсейсеппсерста. Фселсе йсе бирсегъ йсе хъуссей ацахста. Тæрхъусы лæппын. Мæхи Гыцци! (Ксеуы.) Т æ рхъу с. Ма ку, мæ хъæбул, ма ку. Нæ дын дзырдтон... Тсерхъус ма цыдсер зсегъынмсе хъавыд, фселсе йсе бирсегъ нал бауагъта. Б и р æ г ъ. Уый дын æз дзырдтон, галиу у, зæгъын. Кæйдæрид- дæр фена, алкæйдæр йæ мад хоны. Барæй! Йæ фыр галиуæй! Т æ р х ъ у с. О, фæлæ уый æцæгæй дæр мæ лæппын у. Мæ хъæбул! Б и р æ г ъ. Гъе, уый дын, гъе! Æз ма дæ цæсгомджын тæр- хъус æнхъæлдтон (фырадсергсейсе ракъуыр-бакъуыр ксенылсеп- пынты.) У-у: мæ туг мæ сæрмæ ныццавта! Тæрхъусы лæппын (ксеуы). Гыцци! Тæрхъус. Мæхъæбул, уæ... Б и р æ г ъ. Цици! (тсерхъусмсе.) Цытæ дзурыс, цы? Искæйы кæртмæ æрбабыр æдзæсгомæй... Æмæ йын йæ лæппыны дæр дæхи схон! Худинаг дæм нæ кæсы?! Тæрхъус уæвгæйæ, ахæм <©>»►►► ► ►
ныхæстæ кæн! Бирæгъы раз! (Тсерхъусы лсеппынмсе.) Цом, мæ хъæбул, æндæра дæ ай хæргæ дæр акæндзæн. Тæрхъусы лæппын. Уый мæ мад у, ауадз мæ! Бирæгъ. Дæ бынаты æрлæу, æндæра!.. (Тсерхъусмсе.) Кæсыс æм, уый та дын хъæбул. Фесæфтысты нæ фæсивæд, фесæфтысты. Дæ ныййарæг мадыл дæ къух ис! Тæрхъус (йсехи нал баурседта). Бирæгъ! Уый æцæг дæр мæ лæппын у! Б и р æ г ъ. Гъеныр мæ ай йæхимæ нæ рæдийын кæны. Уæдта смæсты дæн, уæд та - бирæгъ, дам, дæ... Ардæм-ма рацæут! (Асеппынты иуран серлсеууын ксены.) Еныр мыл сымах зæрдæ фæхудæнт. Бакæсут-ма сæм - дыууæ фаззоны хуызæн не сты? Цыма мæ хъæлæсæй схаудтой. Асеппынтсей иу иннсейы хуызон нсеу} иу дзы зыгъарседжы у, иннсе тсерхъусы. Т æ р х ъ у с. О, фæлæ уæртæ уый мæ лæппын у. Б и р æ г ъ. Дæ лæппын?! Кæс дæ хорзæхæй! Йæ лæппын!!! Мæ хъæбулты мын мæ ныхмæ скæнынмæ хъавыс, хъилхъус?! Æмæ дæ ма аныхъуырон! Æй кæн ардыгæй!!! Тæрхъус (фсетарст). Æз хыл кæнынмæ не ’рбацыдтæн, фæлæ цæуын арсмæ. Хъæстмæ. Б и р æ г ъ. Хъаст кæн, кæдæм дæ фæнды, уырдæм! Ныр та адде у мæ кæртæй, цалынмæ дæ нæ акъæмс кодтон, уæдмæ!.. Фсеталынг. 3-аг ныв Халон. Къарр-къарр! Къарр-къарр! Къарр-къарр! Арсмæ хъæст кæнынмæ! Арсмæ хъæст кæнынмæ! Æдылы бирæгъ! Æдылы бирæгъ! Исчи ма ахæм холы йæхицæй уадзы? Куы йæ æрбаргæвстаит, уæд дзы чизоны мæнмæ дæр исты æрхаудаит. Сырдтæ цас фылдæр кæрæдзи цæгъдой, уый бæрц мæнæн фыл- дæр холы уыдзæн. Уадз кæрæдзи æргæвдой. Уыдон æргæвдгæ, æз та - хæргæ. Усенгтæхъил семсе ссергуыбырсей сербахизы тсерхъус, халон сей уыны. < < < « ч ч ч О
Къарр-къарр! Хъилхъус, Хъилхъус, Тынг дын тæригъæд кæ- нын, тынг дын тæригъæд кæнын! Къарр-къарр! Фæлæ дын мæ бон баххуыс ницæмæй у, ницæмæй. Къарр-къарр! Т æ р х ъ у с. Халон, уæдæ йæ зоныс, Бирæгъ мын мæ лæппын кæй аскъæфта? X а л о н. Къарр-къарр! Æз бирæ цыдæртæ зонын æмæ цы? Къарр-къарр! Т æ р х ъ у с. Халон, курын дæ, лæгъстæ дын кæнын, баххуыс мын кæн. X а л о н. Æз?! Æххуыс? Бирæгъы ныхмæ? Цытæ дзурыс, цы? Дæ сæры зонд фæцыд?.. Т æ р х ъ у с. Балæу мын æвдисæн, цæмæй мæ хъæбул фервæза. Халон. Йæ хъæбул фервæза! Къарр-къарр! Йæ хъæбул фервæза! Кæцæй - кæдæм? Цы хъуыддаг мæ ис мæн сырдтæм?! Æз мæргътæм хауын, æмбарыс! Мæргътæм!!! Къарр-къарр! Æмæ мæхи уæ чъизи хъуыддæгты нæ тъыссын! Тæрхъус. Халон, фæтæригъæд мын кæн, ау, дæуæн дæр лæппынтæ куы ис! Райсом дын дæ лæппын куы адава, уæд?.. X а л о н. Де ’взагыл цъутхал!!! Æвзæр, хъилхъус! Æз дæр уый тыххæй тыхсын, цæмæй мæ лæппынтæ æдас уой. Дæхи хуызæн æдылы мæ æнхъæлыс?! Уæдта мæм Бирæгъ смæсты кæнæ Арс. Уæд мæхи сафын?! Тæрхъус. Халон, тæрсгæ ма кæн. Арс дæм не смæсты уыдзæн, уый кæддæриддæр рæстдзинад фæхъахъхъæны. X а л о н. Фæлæу-ма. Чи мын дæ, чи?! Ды дæлæ кæм цæрыс, æз та уæлæ кæм цæрын. Къарр-къарр! Ничи йæм кæсы, цыдæр тæрхъусы лæппыны тыххæй мæ сæр фыдбылызы куы тъыссин! Т æ р х ъ у с. Халон. X а л о н. Ноджыдæр ма дын зæгъын, æз сырдты хъуыддæгты мæ сæр нæ тъыссын! Гукк! Алчи йæ хъуыддаг йæхæдæг æвзарæт. Хорзæй баззай! Дæлæ комæй цавæрдæр холыйы тæф кæлы æмæ тагъд кæнын. Къарр-къарр! Т æ р х ъ у с (Халоны фсестсе ксесгсейсе баззад). Уæдæ ма цы фæуон æмæ цы кæнон? Чи мын балæудзæн æвдисæн? (Сабыргай ацсеуы).
4-æм ныв Æрдуз, зыгъарсег зсеххы цыдсертсе къахы семсе йсехимидсег хъуыр- хъуыр ксены. Тсерхъус сербахизы сенкъардсей. Т æ р х ъ у с. Дæ бон хорз, зыгъарæг. (Зыгъарсег фсетарст, йсе ссер зазххы фæцавта.) Тæрсгæ ма кæн. Æз дæн, тæкъу. 3 ы г ъ а р æ г. О, æцæг, тæкъу куы дæ? Ед у... Афтæ фехъуы- стон... Т æ р х ъ у с. Цы? 3 ы г ъ ар æ г. Уæуу!.. Еед у, ницы... Т æ р х ъ у с. Цыдæр мæ æмбæхсыс? Зыгъарæг. Ницы... Мæнæ, дам... дынбирæгъ... дæ лæппын. Цыдæр æви куыддæр... Т æ р х ъ у с. Ома? 3 ы г ъ а р æ г. Ома, исты? Т æ р х ъ у с. Цы? 3 ы г ъ а р æ г. Исты, мыййаг, фехъуыстай? Т æ р х ъ у с. Ды цы фехъуыстай, уый зæгъ, уый. 3 ы г ъ а р æ г. Диссæгтæ!.. Æз ницы федтон. Ницы фехъуы- стон. Ницы зонын. Дæуыстæн. Т æ р х ъ у с. Нæ, зыгъарæг. Дæхи ма сай. Алцыдæр фехъуы- стай. Алцыдæр зоныс. 3 ы г ъ а р æ г. А?! Куыд алцыдæр? Т æ р х ъ у с. Зыгъарæг, ма бамбæхс. Æвдисæн мын балæу. Мæ хъæбул сæфы. 3 ы г ъ а р æ г. Цытæ дзурыс, цы?! Æз æвдисæн?! Дæу æмæ бирæгъы ’хсæн?! Ницы федтон, ницы зонын. Т æ р х ъ у с. Ма тагъд кæн, зыгъарæг. Зонын æй, æппæтдæр зоныс æмæ мын æвдисæн æрлæу. 3 ы г ъ а р æ г. Цытæ дзурыс, тæкъу?! Æниу, мæхи хъæбул куы уаид, уæд дæр... бирæгъы ныхмæ?! У-у-у!.. Т æ р х ъ у с. Æз дын хъæбатырдæр æнхъæл уыдтæн. Фыртасæй зыр-зыр куы кæныс. 3 ы г ъ а р æ г. Тæкъу, æмбарын дæ, фæлæ дын мæ бон бах- хуыс нæу. Тæрсын, мыййаг, мын бирæгъ мæхимæ дæр куы фæхъыг уа. Мæнæн дæр сабитæ ис, æмæ сыл хъуыды кæнын.
Стæй зоныс, тæкъу, æз фылдæр мæ хуыккомы вæййын æмæ уæ хъуыддæгтæм цы бар дарын? Т æ р х ъ у с. Ехх, зыгъарæг, зыгъарæг, мах æдых сырдтæ кæ- рæдзи хуыздæр куы æмбариккам, бахъуыды сахат-иу кæрæ- дзийы фарсмæ куы ’рбалæууиккам, уæд нæ тыхджынтæ нæ куынæг кæниккой. 3 ы г ъ а р æ г. Ома, куыд нæ кæрæдзийы фарсмæ? Т æ р х ъ у с. Еныр ды мæ фарс куы фæуаис, уæд фæцæуиккам арсмæ хъæстмæ. Бамбарид бирæгъ нæ куыд тынг хъыгдары. Æмæ йын йæ бæрзæй æрхоид æмæ нæ нал хъыгдарид. Куынæг- мæ нын нæ тæрид нæ туг-стæг! 3 ы г ъ а р æ г. Раст зæгъыс, тæкъу, фæлæ мах дыууæйæ би- рæгъы ныхмæ цы хъуамæ саразæм? Уый тыхджын у. Стæй арс дæр ууыл тынгдæр баууæнддзæн. Тыхджынтæ кæрæдзийы фарс фæхæцынц! Махæй сын цы пайда ис? Т æ р х ъ у с. Зыгъарæг, мах æдых стæм иунæджытæй, фæлæ бирæ куы уæм, уæд кæрæдзийы ныфсæй стыхджын уыдзыстæм. Нæ кæрæдзийы ныфсæй нæ тых фæфылдæр уыдзæнис! 3 ы г ъ а р æ г. О, фæлæ нæ арс бамбардзæнис? Æдыхы кæуын ничи хъусы. Т æ р х ъ у с. Бамбардзæнис нæ. Бирæгъы ныхасмæ сусæгæй байхъуыстон. Арс нæ цæмæй бамбара, уый зонын. 3 ы г ъ а р æ г. Нæ мын æй зæгъдзынæ? Т æ р х ъ у с. Рæстæг куы ’рцæуа, уæд æй базондзынæ. 3 ы г ъ а р æ г. Æцæг, тæкъу?! Тæрхъус. Æцæг, æцæг. Фарсхæцджытæ мын куы фæуа, уæд йæ уд мæ къухы ис. Зыгъарæг (хсердмсе фсехаудта фырцинсей). Ухх! Тæкъу, сразæнгард мæ кодтай. Ныр ма нæ ноджы исчитæ куы фæуаид, уæд æцæгдæр арсмæ бацæуиккам. Т æ р х ъ у с. Уæдæ, уæдæ! Зыгъарæг (сенкьардсей). Ех, тæкъу, фарон мæнæн дæр мæ лæппын хуыккомæй уæлæмæ схызт æмæ мын æрбатары. Т æ р х ъ у с. Уанцон нæу?! Æмæ йæ нал ссардтай? 3 ы г ъ а р æ г. Бæргæ базыдтон, чи йæ аскъæфта уый, фæлæ мæ ныфс нæ бахастон иунæгæй. Зæгъын мын ноджы мæхи куы фæзылынджын кæной. Æвдисæн мын нæ уыд. (*4)»>>> > >
Т æ р х ъ у с.Зыгъарæг, фæлæу-ма, фæлæу. Бирæгъмæ нод- жы иу лæппын федтон. Йæхи йæ хоны, фæлæ ’нхъæл дæн, дæ хуызæн уыд. 3 ы г ъ а р æ г. Æцæг зæгъыс, тæкъу? Т æ р х ъ у с. Кæд ма исты зонын, уæд дæ хуызæн тынг уыд. 3 ы г ъ а р æ г. Мæ ныфс мын ноджы фæтыхджындæр кодтай. Ныр разы дæн цæуылдæриддæр. Т æ р х ъ у с. Уый хорз у, ныфс дæ кæй бацыд. Ныфс у алкæм- æй хистæр. Стæй-ма раст куы уай, мах та стæм раст. Нæ хъæбулты тыххæй тыхсæм. Искæй куынæ дæлдзиныг кæнæм, мыййаг. Зыгъарæг (сехцонулсефт скодта). Ехх! Ныр ма рувас дæр нæ фарс куы фæуаид. Æнæмæнг нын исты бантысид. Т æ р х ъ у с (дисгсенгæ бакаст зыгъарсегмсеУ стсей фсейнсер- дсем семсе ныллсег хъселсессей афарста). Рувас, зæгъыс? 3 ы г ъ а р æ г. О, рувас. Уый дзырдарæхст у. Куы йæ бафæнда, уæд цыфæнды хъуыддаг дæр сараздзæн. Т æ р х ъ у с. Æмæ рувас дæр федта, бирæгъ мын мæ лæппыны куыд аскъæфта, уый? 3 ы г ъ а р æ г. О, федта. Мæхæдæг æм кастæн. Уый дæр тынг фæтарст бирæгъæй æмæ къутæрты абырыд. Тæрхъус. Нæ мæ уырны æмæ рувас сразы уа, фæлæ йæ уæддæр куы фениккам. Цы нæ вæййы, уый дæр хъæбулты хи- цауу. 3 ы г ъ а р æ г. О, о. Ноджы йын истæмæй ныфс бавæриккам æмæ, чизоны... Т æ р х ъ у с. Цæуæм! Цы уа, уый уæд! Ацсеуынц, сценсе фсеталынг. 5-æм ныв. Сценсе нысыл фсеивта. Хъуысы сехцон музыксе. Рувас къуыбырыл бады, стсей сыстад. Зары Р у в а с. Æз никуы феппæлын мæхицæй, Æппæлын уарзынц фыдуындтæ. Мæ иу бакаст дæр æз æвæрын Æппæт хъæды сырдты ныхмæ. < < <<<<<С45
Мæ зонд æппæт сырдтæн хæлæгæн, Мæ конд - æппæт сырдты фидыц. Мæ цармыл мын къуыдиппсæр адæ! Сæ быны-бындуртæ фидынц. Зæгъут-ма, чи уæ федта царды, Мæ уынд, мæ зонд æмæ сæрæн? Уæздан туг рахастон мæ фыдæй, Хуыцауæй амондджын фæдæн! Тæрхъус семсе зыгъарæг сæ иу, сценæйы иу фарсæй, иннæ гпа иннæ фарсæй сæ сæргпæ сдарынц. Рувас се ’рдæм куы фæзилы, уæд та амбæхсынц. Зарæджы кæрон тæрхъус йæхи нал баурæдта æмæ къуыбырæй ратылд. Йæ хъæлæбамæ рувас фæтарст æмæ амбæхст. Тæрхъус хуысгæйæ баззад. Рувас тæрхъусы куы ауыдта, уæд йæ былтæ асдæрдта. Йæ алыварс æрзылд. Р у в а с. Æмæ, дам, Хуыцау нæй. Кæйдæр загъдау: «Хуыцау дын куы дæтта, уæд дæм æй къуыбырæй дæр æрыппардзæн». Тæрхъусмæ куыд фæцæйæвнæлдта, афтæ зыгъарæг йæразы алæууыд. 3 ы г ъ а р æ г. Нæ руви, ма бакæн! Мах дæм æххуыс æнхъæл æрбацыдыстæм. Рувас. О, о! Æххуыс æнхъæл, мæнмæ?! 3 ы г ъ а р æ г. О, руви, дæумæ, æмæ ныл дæхи ма атигъ кæн. Бамбар нæ. Тыхст уды фарс балæу. Рувас. Гъе, уый дын, гъе! Тæрхъус æмæ зыгъарæг мæнмæ æххуысагур. (Ссе алыварс йсе былтсе сдсергсе, серзилы.) Цæй, дзурут, цы уæ хъæуы мæнæй? Тæрхъус (тарстсей). Мæ хæлар, руви, дæхæдæг æй зо- ныс, дæ хъыджы никуы бацыдтæн. Р у в а с (фестъселфыд). Уый цух-ма фæдæн! 3 ы г ъ а р æ г. Афтæ ма зæгъ, руви. Т æ р х ъ у с. Уый зæгъынмæ дын хъавын: фыццаг хатт дæм хатын. «Нæ» мын ма зæгъ, де ’ххуысæй. 3 ы г ъ а р æ г. Курæм дæ, Руви: дæ бон бирæ у æмæ нын бах- хуыс кæн. 4бЛ » » ► ► ►
Р у в а с. Цæй, цæй! Ниугæ ма кæнут, фæлæ мын хъуыддаг бамбарын кæнцт. Æз ахъуыды кэендзынæн, кæд мын дзы исты пайда уа, уæд гæнæн ис, æмæ, уæхæдæг æй зонут, æз æнæпайда мæ къæдзил уазал доны дæр нæ атулдзынæн. Тæрхъус. Руви, ды зондджын æмæ ныфсхаст дæ. Ды цыргъзонд æмæ арæхстджын дæ æвзагæй. Хъæды сырдтæй дæумæ чи нæ тæхуды кæны, ахæм нæй. Æмæ мах дæр бирæ фæхъуыды кодтам. Дæуыл нæхи бакъул кæнæм, æндæр нын баххуыс никæй бон бауыдзæн, зæгъгæ. Р у в а с. Бузныг, хъилхъус, дæ рæсугъд ныхæстæй. Раст мæ паддзахы бынаты авæрдтай. Афтæмæй гæнæн ис, мæ зæрдæ фæфæлмæн уа, фæлæ ахæмтæй сырдты мæхæдæг куы расай- басай кæнын, дæлдæр фæуай. 3 ы г ъ а р æ г. Ехх, руви, куы йæ зонис, æз æмæ тæкъуйыл цы фыд хабар æрцыд, уæд нын тынг фæтæригъæд кæнис. Æниу æй зоныс, фæлæ... (Йсезсердсе суынгсег.) Р у в а с. Цы уыл æрцыд, уагæры: æмхуызон цæуыл кæут?! Тæрхъус. Æрцыд, æрцыд, руви. Дысон мын бирæгъ мæ лæппыны аскъæфта. Р у в а с. Уанцон нæу? Стæй йын фыццаг хатт у? Æви, бирæгъ кæй у, уый уæ рох фæци?! Тæрхъус. Æз æм бацыдтæн, мæхи цæстæй федтон, мæ хъæбул уымæ кæй ис, уый. Стæй æрмæст уый нæ. Зыгъарæджы хъæбул дæр... Нард сæ кæны, цæмæй сæ бахæра. Р у в а с. Мæ бонылæй! 3 ы г ъ а р æ г. Мæгуыр сæ бон - афонмæ сын фыдмитæ кæны. Гæнæн ис, æмæ сæ хæргæ дæр бакæна. (Скуыдта.) Р у в а с. Бауадз-ма йæ! Стæй та стъиз. Тæрхъус. Загътон ын, цæмæй мын мæ лæппыны радта, фæлæ бадиссæгтæ кодта. Уый, дам, уæртæ мæ кæстæр хъæбул куы у. Йе стыр дзых мæм фæхæлиу кодта. «Ныртæккæ дæ аныхъуырдзынæн»! Мæ къæхты фæрцы ма аирвæзтæн. (Иу чы- сыл сенседзургсе алсеууыд.) Кæд нын æвдисæнæй балæууай арсы раз, уæд мæ, сæ байсыны ныфс ис. Р у в а с. Гъе, уый дын, гъе! Бирæгъимæ хæцынмæ хъавут?! Уæхи хъуамæ байсафат? Æмæ мæн дæр тъыссут, и?! < < <<<<(4(47)
Т æ р х ъ у с. Иумæ куы уæм, уæд тæрсгæ ма кæн. Р у в а с. Цытæ дзурут, цы?! Уæ сæры зонд фæцыд æви æфсон кæнут? 3 ы г ъ а р æ г. Мах нæ фæнд нал аивдзыстæм, руви, фæлæ... Т æ р х ъ у с. Мах дын ныфсджындæр æнхъæл уыдыстæм. Р у в а с. Кæс, дæ хорзæхæй! Мæлæты ныфсхастытæ! Æвæц- цæгæн уæ ферох, бирæгъæн уæ ныфсæй стырдæр дзых æмæ стырдæр дæндæгтæ кæй ис, уый?! Тæрхъус. Уый зонæм, фæлæ... нæ хъæбултæ та? Куыд сæ ныууадзæм уыцы стыр дзыхы цур? 3 ы г ъ а р æ г. Уæдæ... Уæдæ!.. (Ксеуы.) Р у в а с. Фæлæуут-ма, стæй мæ срæуæг кæнут. Бирæгъимæ сымах куыд хъуыды кæнут, афтæ æнцон хæцæн нæу! Тæрхъус. Нæу! Р у в а с. Сæрæй хъуыды кæнын хъæуы «Арсимæ кæрдо чи цæгъды»? (Иуварс ацсеуы. Йсехицсен.) Гъеныр адонæй мæнæн цы пайда ис?.. И?.. Бирæгъы ныхмæ, дам, рацу!.. Ссардтой мын æдылы. Уый бæсты лидзон æмæ бирæгъæн йæ хъусты бацæгъдон хабар. Чизоны мын йæ кусæрттæй исты фæхай кæна. Т æ р х ъ у с (Рувассен). Уæдæ, цæугæ арсмæ? Р у в а с. Цытæ дзурут, цы?!. Æз нæма сæрра дæн æмæ мæ сæр цæхæры тъыссон. Стæй уын раст куы зæгъон, уæд мæ æвдæлгæ дæр нæ кæны. Хорзæй баззайут! (Ацсеуы.) 3 ы г ъ а р æ г. Уæдæ-ма цы бакæнæм, тæкъу, нæ лæппынтæ сæфдзысты! Цæуæм. Ехх, исчи-ма нæ куы фæуыдаид, афтæ фæрсырдыгæй. Ноджы сау тыхæй æххæст чи уа... Т æ р х ъ у с (зыгъарсегмсе). Чи ма нын сразы уыдзæн, кæмæ æхсайы дæ зæрдæ? Зыгъарæг (нысыл ахъуыдыйы фсестсе). Мæ-гъа (севаст.) Хъилхъус, къуыбырæй куы акæсис! Хæрæг фæзы хызт, уым ма ис? Уымæй хуыздæр нын ничи баххуыс кæндзæн. Стæй йын арс дæр йæ раст уды тыххæй аргъ кæны. Бирæгъ ын йæ цæфхæдтæй арвыталынгы кæны. Тæрхъус. Раст зæгъыс, хæрæг растзæрдæ у (сызгъоры къуыбырмсе.) Уæртæ ис, уæртæ, махырдæм æрбацæуы. (^)>>>>> > >
Зыгъарæг. Фæдзур æм, фæтагъддæр кæнæд. Т æ р х ъ у с. Хъи-хъо! О, хъи-хъо! Згъоргæ ракæн, згъоргæ. Ардæм, ардæм! (Зыгъарсег дсер къуыбырмсе слидзы семсе йсем хъсер ксены.) 3 ы г ъ а р æ г. Хъи-хъо! Рауай-ма, тынг зæрдийæ нæ хъæуыс! X æ р æ г (фсессценсейсе). Кæцытæ стут? Фæцæуын. Т æ р х ъ у с. Æгайтма, фæзындтæ! 3 ы г ъ а р æ г. Бæдæйнаг, хъи-хъо! Дæ фенд хуры фендау у! (Згъорынц йсеразмсе. Хсерсег сербахызт кафгсе семсе заргсе.) X æ р æ г (зары). Æз хъи-хъо дæн. Хъи-хъо! Нæй мын бафсис куыстæй. Дæн тыхæй та - хо-хо-хо! Ма мæм дзур схуыстæй! Дон ’мæ сындз - мæ нозт, мæ хæрд. Æз нæ дæн уæзданхаст! Иу мын у, уырдыг уа, хæрд. Хъусджын та - мæ бакаст. Фæлæ сдзырдтай мæм тызмæг, - Уæд фæдæ æнæцъар. Нал дæ базондзæнис лæг, Ку кæндзæн дæ хæдзар! Нымдзаст тсерхъус семсе зыгъарсегмсе. Хах-ха-ха!.. Цæуыл тыхсут, мæ хæлæрттæ? Т æ р х ъ у с. Куыд хорз хъи-хъо дæ! 3 ы г ъ а р æ г. Дæ фендæй нæ зæрдæтæ хурварс абадтысты! Т æ р х ъ у с. Дæ хъæбулты цинæй бафсæд! Уыцы рсестседжы рувас йсе ссер къутсерты ’хссенсей сдары. Р у в а с. Цæй, сусæгæй сæм байхъусон. (Æмбсехсы.) Хæрæг. Уый уæ фендæй ныррухс мæ зæрдæ!.. Цы хабар уæм ис? Афтæ тыхстæй уæ никуы федтон. Тæрхъус æмæ зыгъарæг (иумсе). Фыдбылыз, Бирæгъ нын... Йæ хъæбулты фыдтæ бахæрæд... Нæ хъæбулты... X æ р æ г. Иугай дзурут. Уыдон та иумæ. Сæфæм... Нæ хъæбулты... Куыд бакæнæм? 4- < < < ч Ч < < <@>
Хæрæг. Куыд уæм кæсын, афтæмæй уæ хъуыддæгтæ хорз не сты. Фæлæ мын æй бамбарын кæнут. Чи зоны, мæ бон уын исты баххуыс кæнын суа... Т æ р х ъ у с (уынгсег хъселсессей). Нæ маст стыр у, хъи-хъо, стыр! X æ р æ г. Ау, зæгъæн ын нæй? 3 ы г ъ ар æ г. Зæгъæн та йын куыннæ ис... (Йсе зсердсе суын- гсег.) X æ р æ г. Омæ йæ зæгъут. 3 ы г ъ а р æ г. Тæкъу, ды йын æй радзур. Ды хъуыддаг дæхи цæстæй федтай. X æ р æ г. Хъусын дæм, тæкъу. Тæрхъус (уынгсег хъселсессей). Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ мын дысон бирæгъ мæ лæппынтæй иу аскъæфта (ныкку- ыдта.) X æ р æ г. Уанцон нæу?! Тæрхъус. Æз фæдисы ацыдтæн. Мæ лэеппыны уым бай- йæфтон, фæлæ... X æ р æ г. Фæлæ цы? Бахордта йæ?! Т æ р х ъ у с. Нæ, нæ, хæргæ йæ нæма бакодта, фæлæ мын æй нæ радта. Нырма йæ нард кæны, стæй та - хæргæ. X æ р æ г. У!.. Уыцы кæрæф!.. Искуы ма дæ мæ цæфхадæй иу хафт куы ныккæнин! Т æ р х ъ у с. Ай, дам, мæ кæстæр лæппын у. Стæй ма йæм ахст ис мæнæ зыгъарæджы лæппын. Уый дæр йæхи хъæбул хоны. Иугъуызон дарæс сыл скодта, æмæ афтæ, бакæс-ма, дам, сæм, мæнæ, дам, фаззæтты хуызæн куы сты. Уымæ дæр зилгæ кæны. X æ р æ г (йсе ссер банкъусы). Гъе, уый дын, гъе. Уый хорз ха- бар нæу, фæлæ исты æрымысын хъæуы. Рувас (аивсей, мсестсеймарсегау). Гъе, уый дын, гъе! Дæ сæр аных. Хæрæг уыдтæ æмæ хæрæгæй баззайдзынæ. Мæлæты зондджын! 3 ы г ъ а р æ г. Нæ зонын, хуыздæр цы æрымысæм? X æ р æ г. Уæдта йæм комкоммæ бацæуиккам æмæ сæ бай- сиккам? Бирæйæ куы стæм... (™)>>ууу > >
Тæрхъус. Цытæ дзурыс, хъи-хъо?! Ахæм мæсты ссис! Мæхи дæр мын фæцæйныхъуырдта! Бирæгъ, бирæгъ у. Зыгъарæг. Фæлæу-ма, тæкъу, дæхи æгæр ма тæрсын кæн. (Хсерсегсен.) Уæдта уал нæ хъаст арсмæ ахæссиккам? Арс уæддæр арс у. Чизоны йæм бирæгъ байхъуса æмæ нын нæ хъæбулты дзæбæхæй раздаха. Т æ р х ъ у с. Æмæ нæ амæй фæстæмæ дæр нал хъыгдарид. Рувас (аивсей). Цæуон. Науæд фæстæдæр байрæджы уыдзæн (алыгъд.) Т æ р х ъ у с. Хъи-хъо, зыгъарæг раст зæгъы, Арсмæ бацæуæм. Ау, куыннæ нæ бамбардзæн? Уæдæ-ма йæ нæхицæн хицауæй цæмæн равзæрстам? X æ р æ г. Раст зæгъут. Цæуæм, рæстдзинад махæрдыгæй ис. Бирæгъ тыхгæнæг у. Кæд искуы рæстдзинад ис, уæд арс мах фарс хъуамæ фæуа. Цæуæм, цалынмæ нæ байрæджы. Зыгъарæг. Цæуæм, хæлæрттæ, цæуæм. Иумæ куы уæм, уæд нын тас ницæмæй у. Тæрхъус (цингсенгсе зыгъарседжы хъсебыс ксены). Раст у, раст. Иумæ куы уæм, уæд нæ арс дæр хуыздæр айсдзæн. Ног- джы ма йын иу хабар дæр фехъусын кæнон. X æ р æ г. Цы? Т æ р х ъ у с. Уым æй базондзынæ. 3 ы г ъ а р æ г. Раст у, тых иудзинад æмæ рæстдзинады ис. Фсецсейцсеуынц. X а л о н. Къарр-къарр! Арсмæ хъаст кæнынмæ! Арсмæ хъаст кæнынмæ! Къарр-къарр! X æ р æ г. Халон, цом немæ, цас фылдæр уæм, уыйбæрц нæ ныхас тынгдæр бахъардзæн арсмæ. X а л о н. Мæнæн мæ зонд нæма фæцыд, æмæ бирæгъы ных- мæ тох кæнон. Ай диссаг нæу, иу æнæбары тæрхъусы лæппыны тыххæй ай æппæтæй уæ сæртæ фыдбылызы цæмæн тъыссут. Зыгъарæг. Цæмæн æрмæст тæрхъусы лæппын? Мæнæн дæр уым ис. X а л о н. Хъи-хъо æмæ ды та кæй кæхтыхъæрмæ кафыс? Дæу < < <<<<<(в7)
та цы нæ уадзы? Дæуæн дæ лæппын хæдзары куы ис. Уæд дæхи фыдбылызы цæмæн тъыссыс. X æ р æ г. Фыдбылызы бахауæгæн æххуыс хъæуы. Науæд дæ- хæдæг.куы бахауай, уæд дæ фарсмæ ничиуал æрбалæудзæн, æмæ иунæг та алыхатт дæр æдых у. Халон. Мæн уе ’ххуыс нæ хъæуы, æмæ мæ никуыдæр бахъæудзæн. Æз тæхгæ кæнын, тæхгæ! Къарр-къарр! (атахт.) X æ р æ г. Уæдæ тæх дæхи фæндиаг. (Иннсетсем.) Цæуæм. ДЫККАГ АКТ 6-æм ныв Бирсегъы хуыкком, тсерхъусы лсеппын йсе ссер хуыккомсей радардта семсе фсейнсердсем ахъахъхъседта. Айхъуыста семсе фсестсемсе бадзырдта. Тæрхъусы лæппын. Сабыргай рахиз, æрмæст дард ма ацу, æндæра дæ исты æрцахсдзæн. (Йсе ссерлсеппыны бынсейра- дардта.) Æцæг ма нæ бирæгъæй фыддæр цы хъуамæ æрцахса, фæлæ?.. Зыгъарæджы лæппын. Уый бирæгъ и, фæлæ баба у. (Æддсемсе рахизынц.) Тæрхъусы лæппын. Баба! Баба нæ, фæлæ бирæгъ! Зыгъарæджы лæппын. Цæй, иа та райдайæм быцæу кæнын, тæкъу. Æз рагæй ам дæн, æмæ бабайы ферох кодтон. Стæй мæ хæрз чысылæй раскъæфта æмæ сæ нæ хъуыды кæнын. Тæрхъусы лæппын. Омæ кæдмæ афтæ уыдзынæ? Ис- куы йæ хъуамæ бамбарай, бирæгъ чи у, уый. Махæй бирæгъы лæппын ничи у. Æз - тæрхъусы лæппын дæн, ды та - зыгъарæ- джы. Зыгъарæджы лæппын. Зыгъарæджы?! Æмæ зыгъарæг хорз у? Тæрхъусы лæппын. Тынг хорз. Зыгъарæг никæйхъыг- дары. Цæры æнцад-æнцойæ. Цом, дæлæ цады былмæ æмæ дзы дæхимæ ныккæс, æндæра бирæгъы хуызæн дæ. Цъус фалдсер бацсеуынц семсе цадмсе ссехимсе кæсынц.
Зыгъарæджы лæппын. Æцæг, мæнæ куыд рæсугъд дæн! Бабайы хуызæн бынтондæр нæ дæн. Уымæн стыр дзых æмæ стыр дæндæгтæ ис, стæй - мæсты цæстытæ. Æз та дæлæ куыд рæсугъд дæн! Тæкъу, æз та мæхи æндæрхуызон æнхъæлдтон. (Хъылдымтсе ксгны цады алыварс.) Тæрхъусы лæппын. Хъус-ма, уый дын баба нæу, фæлæ бирæгъ. Уый нæ дыууæйы дæр ракодта скъæфгæ æмæ нæ стыр кæны, цæмæй нæ стæй бахæра. Æз æм знон хъуыстон æмæ афтæтæ зарыд. Зыгъарæджы лæппын. Уæдæ, мæ мад æмæ мæ фыд дæр мæхи хуызæн рæсугъд сты? Тæрхъусы лæппын. Тынг рæсугъд, æмæ дæ агурынц. Фæлæ йæ кæцæй зонынц, ды ам кæй дæ? Зыгъарæджы лæппын. Тæкъу, абон бирæгъ æгæр æрæгмæ цæуы. Уæдта ахъуызиккам? Мæн фæнды хъуызын, фæлæ нæ зонын - куыд? Стæй, кæдæм ахъуызон, уый дæр нæ зонын. Тæрхъусы лæппын. Мæн дæр фæнды, фæлæ куы фæ- дзæгъæл уæм? Кæнæ ныл æндæр бирæгъ куы фембæла æмæ нæ куы бахæра. Зыгъарæджы лæппын. Сабыргай хъуызгæ ацæудзыс- тæм æмæ нæ нæ базондзæни. Æрбайхъуыст хъселсеба, стсей бирсегъы ниуын. Тæрхъусы лæппын. Тагъддæр - мидæмæ! Бирæгъ (лсенклсенкгсенгсе сербазгъоры). О, кæм стут, мæ хъæбултæ? Тынг уæм тагъд кодтон, зæгъын уæ, мыййаг, исчи куы бахъыгдара. Зыгъарæджы лæппын. Æз дæ хъæбул нæ дæн! Тæрхъусы лæппын (йседзыхынацахсы). Сабыр! Бирсегъ цыдсер хъуамсе загътаид, фселсе тсерхъусы лсеппын фсераздсер. Тæрхъусы лæппын. Бар нын ратт æмæ чысылуынджы ахъазæм. Рувас йсе ссер къутсертсей радары, фселсе сергом нсе усенды. < < <<<<(<{(53)
Бирæгъ. Цæй уынджы кой кæныс, цæ! Мидæмæ бахи- зут тагъддæр! Ничи сæм кæсы, тезгъо кæнын сæ бафæндыд. Æдылы къоппатæ! Нæ уынут, цытæ цæуы, уый! Нæ! Исчи уæ акъæмс кæндзæн æмæ мæ дзых хæлиуæй аззайдзæн. Бахизут мидæмæ. Хъæлæба дæр уæ куыннæ хъуыса, афтæ бакæнут! (Ба- кодта сæ мидсемсе, æмæ сыл дуар сыхгседта.) (Бирсегъ куыддсер дуар серыхгседта, афтсе рувас лсенклсенкгсенгсейсе йсе размсе рагсепп кодта), Бирæгъ (хсердмсе фсехауд). Арт дæ сæрыл сирвæзæнт!!! Æвзæр фæдитой!!! Мæ уд мын куыннæ ауайын кæнай, уæд. Рувас (лæнклæнкгæнгæйæ). Хатыр дæ курын, бегъыр, фæлæ дæм тынг ахсджиаг фарстимæ æрбацыдтæн. Б и р æ г ъ. Цы асайынмæ та мæ хъавыс? Æмæ дын дæ уд ма фелвасон! Дзур, цы дæ хъæуы, нæ мæ ’адæлы. Рувас. Цытæ дзурыс, бирæгъ, æз сайгæ?.. Дæ ныхмæ рас- тадысты лыстæг сырдтæ! Хæрæг семæ, афтæмæй, арсмæ хъасткæнынмæ фæцæуынц. «Бирæгъ, дам, нын нæ лæппынты аскъæфта». Мæн дæр семæ кодтой, фæлæ сын не сразы дæн. Зæгъын, æз бирæгъы никуы ауæй кæндзынæн! Сымах ыл, зæгъын, хахуыр кæнут! Уæдæ... (Йæ былтæ стæргæхуыккоммæ бакаст.) Æнæуи куыд хорз лæппынтæ сты... Бирæгъ (æртхъирæнгæнгæйæ). У-у-у! Уыцы хъи-хъо, уыцы хъи-хъо! Иннæтæ ницы сты, фæлæ, уый. Арсы равз куы балæууа, уæд мын мæ артыл дон ауаддзæн. Лидзон æмæ сæ разæй фæуон (рувасмæ.) Руви, ды мын ам сæ цуры фæлæу. Æрмæст дæ фæдзæхсын, мæнæ-мæнæ сыл исты æрцыд, уæд дæ ныскъуыдтæ кæндзынæн! - — Рувас. Цытæ дзурыс бегъыр, ^цæсты гагуыйау сæ хъахъхъæндзынæн. Б и р æ г ъ. Кæс сæм æмæ куы ’рбаздæхон, уæд дæ ’нæхай нæ ныууадздзынæн. Цæй, æз лидзон (алыгъд.) Р у в а с. Хорз, хорз! Дæ зæрдæ сæм ма ’хсайæд. (Йæ былтæ стъæргæ бацыд хуыккоммæ.) Мæнæ цы дзæбæх стут, мæнæ. Уæдта уæ... Фæлæ бирæгъ... (Рауай-бауай кæны.) Сæ дуар фи- 54} »>>>)► ►
дар æхгæд, кæдæм хъуамæ ацæуой. Сæ уд стонгæй схауы, ауай- он æмæ исты, чизоны, ссарон. Уæхи куыд æмбæлы, афтæ дарут. Фехъуыстат?! (Ацыд.) Зыгъарæджы лæппын. Фехъуыстай, æрæгмæ, дам, æрбацæудзæн. Тæрхъусы лæппын. Фехъуыстон, фæлæ дуар æгæр фи- дар æхгæд у. Мидæгæй нын нæ бакомдзæнис. Зыгъарæджы лæппын. Ацархайæм ыл. Чизоны йæ бакæнæм. Дыууæйæ йыл иумæ ахæцæм (хсецынц дуарыл, фселсе йын ссе бон ницы у). Тæрхъусы лæппын. Хуыздæр исты нæ æрымысын хъæуы, фæлæ цы? Зыгъарæг, дæ дæндæгтæй-ма йæ бафæлвар. (Зыгъарсег фселвары, фселсе ницы.) Фæлæу, фæлæу! Ды зæххы бынты бырын зоныс? Зыгъарæджы лæппын.Мæ-гъа,никуыбырыдтæн.Чи- зоны зонын, бафæлвардзынæн. Тæрхъусы лæппын. Уæдæ, афтæ: ды зæххы бынты абыр æмæ æддейæ дуар бакæн. Зыгъарæджы лæппын. Расту тæкъу! Æз, ныртæккæ! Тæрхъусы лæппын. Цы фæдæ, уæдæ, зыгъарæг? Зыгъарæджы лæппын (зсеххы бынты сбырыд). Мæнæ дæн! Ныртæккæ дын бакæндзынæн дуар! Архайы дуарыл. Баксены йсе. Разгъордтой седдсемсе семсе хъылдымтсе ксенынц. Æмæ, дам, зыгъарæг ницы у! Тæрхъусы лæппын.Цæуæм,науæднææрбаййафдзысты уыцы тугдзыхтæ. Зыгъарæджы лæппын. Лидзæм,фæлæчердæмлидзæм? Сдыуусердсем сты, цы фсеуой, уый нал зонынц. Тæрхъусы лæппын. Цомуæртæуыцырдæм. Зыгъарæджы лæппын. Фæлæу. Тагъд малидз. Æз дæр дæ æййафон. Алидзынц. < < <<<<<(55)
7-æм ныв Арсы лсегсет. Фсезыны бирсегъ лсенклсенкгсенгсе дыуусердсем разгъор-базгъор ксены. Б и р æ г ъ. Мæ разæй ма фæуай, мыййаг? Уæд мæ хъуыддаг хорз нæ уыдзæн. (Арсы лсегсеты ’рдсем йсехи байсы.) Арс (ксесы бирсегъы митсем, бахъуызыд семсе йсе йсе хъус ацахста). Æй, кæрæф куыдз! Куыд дæм кæсын, афтæмæй ды мæ фæстæ дæр райдыдтай зилын?! Б и р æ г ъ. Нæ, цытæ дзурыс?!. Æз... Дæ фæстæ?.. Уанцон нæу, Æрсой. Æз кæдфæнды дæр дæ дæлбар уыдтæн, дæ ныхасмæ хъуыстон. Пайдайæ дарддæр дын зиан никуы уыдтæн. Арс. Æввахс мæм ма цу! Дæ чъизийы тæф кæлы! Пуфф, пуфф. Æвæццæгæн, куы райгуырдтæ, уæдæй нырмæ æнæнад дæ! Б и р æ г ъ. Æрсой, æгæр мæ ма ’фхæр... А р с. Цы, дам?! Б и р æ г ъ. Ницы. Зæгъын, мæ хид дæ пайдайы тыххæй акалд. А р с. Ома, куыд иæн тыххæй? Дæ къухы ницы хуын уынын. Бирæгъ. Мæ къухы ницы ис, фæлæ уым ис (амоны нъылдымырдсем.) Арс. Ома?! Б и р æ г ъ. Ома, хæдзары, нæхимæ. Арс. Цы? Б и р æ г ъ (иуырдсем). Ай къуыдыр у, нæ йæ бамбардзæн. А р с. Цы хъуыр-хъуыр кæныс дæхимидæг?! Цы дæлгоммæ ныхæстæ кæныс? Æвзæр сыстбæрзæй!.. Æви дын дæ мукъутæ ныххойон?!. Бирæгъ. Бахатыр кæн, æрсой. Ма мæ асур, хъуыддаджы фæдыл дæм æрбацыдтæн... А р с. Дæ хъуыддаг дæр дæхи хуызæн! Хъуыддаг! Мæлæты хъуыддаг аразæг! У-у! (Йсехи уромы.) Хъуыддаджы фæдыл æрбацыдтæ æмæ дæ хъуыддагыл дзур. Мæ нуæрттæ мын ма хал, æндæра... Б и р æ г ъ. Хорз, хорз. Райдайон? (**)►» > > > >
А р с. Цæй, дзур æви дæ микрафон хъæуы? Б и р æ г ъ. Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ... Ед у... Мæнæ ед... А р с. Дзур дын зæгъын, еды хицау, стæй дæхи райваз-байваз кæн! Бирæгъ. Нæ зонын, куыд дын æй зæгъон... (Арс æм йсе цсестытсе базилы.) Ис мын дыууæ лæппыны... ома, дыууæ... о, афтæсты, фæлæ... А р с. Æмæ хæрзæккурæггаг мæнæн кæныс? Б и р æ г ъ. Дыууæ мын сты æмæ сæ мæхи хъæбултау хъомыл кæнын. А р с. Уый та куыд, дæхи хъæбултау? Дæхи не сты æви?.. Б и р æ г ъ. Хъомыл сæ æз скодтон, фæлæ сæ аргæ æз нæ нык- кодтон. А р с. Ома, давæггæгтæ, нæ? Б и р æ г ъ. Нæ, давгæ нæ! Ард дын хæрын... Иу давд дæр дзы нæ уыд! А р с. Уæдæ? Б и р æ г ъ (стыхст). Йед у... мæнæ ед... О, сæ ныййарджытæ... А р с. Сæ ныййарджытæ цы? Бахордтай сæ? Б и р æ г ъ. Нæ, цытæ дзурыс. Аппæрстой сæ дзæгъæл хъæды. Мæнмæ фæтæригъæд кастысты æмæ сæ схъомыл кодтон. Ныр сæ сæ хицæуттæ стырæй куы федтой, уæд сæ ’рхъуыдысты. Æртхъирæнтæ мæм кæнынц, мах, дам, дыр Арсмæ, ома дæумæ бахъаст кæндзыстæм! Науæд дæм уыдон се ’взæгтæ куы суад- зой уæд æз фæзылынджын уыдзынæн. А р с. Уæдæ сæ ссардтай, зæгъыс, и? Б и р æ г ъ. Гъо, ссардтон. А р с. Уæдæ дæхи хъæбултау, зæгъыс, и?! Б и р æ г ъ. Ард дын хæрын, Æрсой. Ар с. Æмæ кæд афтæ хæларзæрдæ рахастай, уæд лæппынты сæ ныййарджытæн цæуылнæ раттыс? Бирæгъ. Уый та куыд? Уымæн сыл фæфыдæбон кодтон, æмæ сæ ныр сæ ныййарджытæн радтон? А р с. Уæдæ ма дæрдтыл цы змлыс? Асайынмæ мæ хъавыс, æмæ дæ дæ гуырæй ма фæхицæн кæнон. Ч < <<ЧЧЧ<57)
Бирæгъ. Сайгæ нæ, фæлæ æз дæр фыдæбонгæнæг дæн. Стæй ды дæр, æмæ... А р с. Æмбарын дæ, æз дæр уарзын фыдызгъæл, фæлæ йæ æз дæуау скъæфгæ нæ кæнын. Бирæгъ. Месæфтфен... Дæхъуагæй... А р с. Цы мæ хъуагæй? Б и р æ г ъ. Æнæ дæу мæ ницы хъæуы. А р с. Цæй, бамбæрстон дæ. Дæ фарс куы рахæцон, уæд мæ пайда цы уыдзæн? Б и р æ г ъ. Дыууæйæ иу - дæу. А р с. Дыууæйæ иу. Иу дæу, иу та - мæн? Æндæр дæ ницы хъæуы? Дыууæ дæр мæн! Æмæ ныхас дæр нал, науæд дæ ’рбай- сафдзынæн! Бамбæрстай?! Б и р æ г ъ. Дæ дзырды сæрты хизын мæ бон нæу (фсерсыр- дсем.) Цы мæ бон у? А р с. Хъаст дыл чи кæны, уыдон чи сты? Б и р æ г ъ. Ныййарджытæ - тæрхъус æмæ зыгъарæг. Æвди- сæн та - хæрæг. А р с. Ныййарджытæ ницы сты, фæлæ хæрæгимæ зын дзурæн у. Уый куы ныццæхгæрмæ уа, уæд æй ничиуал басæтдзæн (сед- дейсе сербайхьуыст хьселсеба.) Б и р æ г ъ. Æрбахæццæ сты! А р с. Ды уал дæхи бааууон кæн. X æ р æ г (хьсер ксены седдейсе). Æрсой! Æрсой! Æмбæлы дæм мидæмæ? А р с. Уазæг, Хуыцауы уазæг. Мидæмæ рахизут. (Æрбахыз- тысты ссе ксерседзи фседыл.) Цы хур, цы къæвда уæ æрбахаста афтæ æмбырдæй? X æ р æ г. Хур, къæвда нæ куы ’рбахастаид, уæд та ма нын цы уаид, фæлæ... Ар с. Уагæры цы ’рцыд, афтæ цæуыл тыхсут? Зыгъарæг. Æрцыд, Æрсой, æрцыд. Æхсæвæй-бонæй нæ цæссыг калæм, æмæ нын иу баххуысгæнæг нæй. Ныр нæ ных дæумæ æрбатардтам. Дæ ныфс нæ тынг ис. Арс. Ды дзурынмæ кæддæриддæр рæвдз уыдтæ. Фæлæ мын, тæкъу, хъуыддаг ды куы бамбарын кæнис. <@>»>>> ► ►
Т æ р х ъ у с (нысыл размсе рахызт, йе ’мбселттсем бакаст, уыдон ын цсестсей амонынц, ома ма тсерс). Дæ хорзæхмæ бæллæм... Æз зæгъдзынæн æрмæстдæр цы зонынц, уый. А р с. Дзур, хъусын дæм. Тæрхъус. Уæдæ афтæ. Знон мæ лæппынтæ хъазыдысты кæрты. Æз дæр сæ цуры бадтæн. Уыцы рæстæджы сыл бирæгъ йæхи ныццавта. Æз йæ фæстæ ацыдтæн. Федтон, мæ лæппын уымæ кæй ис, уый. Бахатыдтæн бирæгъмæ, цæмæй мын мæ лæппын фæстæмæ радта. Фæлæ мæ дзурын дæр не суагъта. Ай, дам, мæ кæстæр лæппын у. Æмæ мын мæхи дæр фæцæйхордта. А р с. Æмæ, чизоны, æцæгдæр афтæ у. Кæд ыл хахуыр кæныс, уæдта? 3 ы г ъ а р æ г. Нæ йыл хахуыр кæны, мæхи дыууæ цæстæй йæ федтон... А р с. Дæ дзыхыл хæц дын загътон! Чи дын радта дзырды бар? Иууылдсер фсесабырсесты. 3 ы г ъ а р æ г. Арсæго, тæкъу нæ сайы, мæхи дыууæ цæстæй федтон. Бирæгъ ын йæ лæппыны куыд аскъæфта, уый, Арс. Кæс, дæ хорзæхæй! Мæхи дыууæ цæстæй, дам! Æмæ дæ цæстытæ æддæмæ куынæ зынынц, уæд цы федтай?! Æниу, æдзух зæххы бын куы дæ!.. 3 ы г ъ а р æ г. Уыцы рæстæджы зæххыл уыдтæн. Стæй мын айразмæ та мæхи лæппын аскъæфта. Арс (зыгъарсегыл фсехъсер кодта). Фæлæу-ма, дæлæ зы- гъарæг! Ам алчи дæуыййас куы дзура, уæд уыйбæрц рæстæг кæм ис?! Хæрæг. Хатыр, Арсæго, фæлæ мæнмæ æрбайхъус, æмæ дын æз алцыдæр радзурдзынæн. А р с. Хъусын дæм, цæй. Хæрæг. Арсæго, мæсты ма кæн. Мах хыл кæнынмæ не ’рбацыдыстæм, фæлæ æххуысагур. А р с. Йæ къахы сындз кæмæн фæныхсы, уый дæр мæнмæ æрбацæйлидзы. Цыма ам ед у... Цы йæ фæхонынц... Ай, мæ сæры зонд мын ’схæццæ кодтат. Цæй, дзур. < <<<Ч<<<59)
Хæрæг. Уæдæ афтæ. Адонæн сæ къæхты сындзытæ нæ фæныхст, дæлæ сын бирæгъ аскъæфта сæ лæппынты. Тæкъу сæ йæхи цæстæй федта бирæгъы кæрты. И у у ы л д æ р. Раст у, раст. А р с. Иугай дзурут, стæй мыл срæйут. X æ р æ г. Мах рæйгæ нæ, дзургæ кæнæм. Æмæ нæм хъуамæ байхъусай. Сырдтæ дæ сæхицæн хицауæй уымæн равзæрстой, цæмæй куы фæтыхсой, уæд сын баххуыс кæнай. А р с. Фæлæу-ма, хæрæг, æмæ ды та кæцы сырдтæм хауыс, и? Æви дæ ферох, æз арс кæй дæн, уый? X æ р æ г. Арс, дæ хъæртæй мæ нæ фæтæрсын кæндзынæ. Æз дын тæрхъус нæ дæн, мыййаг. Стæй, арс кæй дæ, уый дæр мæ нæ ферох. Фæлæ дæуæй дæр ма ферох уæд, æз адæмимæ кæй цæрын, уый. Дыууæ дзырды мæ хъæуы, æмæ... А р с (нысыл йсехиуыл фсехсецыд). Адæм, адæм! Адæм дæлæ сæ кæрæдзи куы хæрынц, уæд сæ махмæ ’вдæлы! X æ р æг. Равдæлдзæн сæ... А р с (йсехи фсефселмсен кодта). Ай диссаг нæу, мæхи цæстæй куынæ фенон хъуыддаг, уæд искæй ныхæстыл куыд баууæндон? Уæдта сымах æмдзырд бакодтат, цæмæй бирæгъы фесафат, уæд уыл хъуамæ баууæндон, нæ? Нæ, мæ хуртæ, нæ! Мæнæн алы сырд дæр зынаргъ у. Уæлдайдæр та - бирæгъ. Тынг сцъус сæ мыггаг. Æмæ уый тынг æвзæр æндавы æппæт æрдзы скондыл. Уæдæ! Т æ р х ъ у с. Омæ цом немæ, бирæгъмæ. Дæхи цæстæй фен, куыд дын хъавы дæ бынатмæ. Арс. Куыд?! Тæрхъус. Мæхи стыр хъустæй фехъуыстон, йæхиимæ куыд ныхас кодта. Хъуамæ дын сырдты дæ ныхмæ скæна. Арс. Мæнæн?! Т æ р х ъ у с. Дæуæн. Бирæгъ æрбаддзæнис дæ бынаты, æмæ сырдты артыл дон ауадздзысты. А р с. У-у, хуыргуыбын!.. X æ р æ г. Раст зæгъы, тæкъу, раст. Зыгъарæг. Раст у. Иууылдæр уырдæм ацæуæм, æмæ сæ нæхи цæстæй фенæм. (&>)»>> > ► ►
Хæрæг. Уым сæ фенæм! А р с (стыхст, цыма сараза, уый нал зоны). Цæут уал сымах. Æз дæр уæ феййафын! Хæрæг. Цæуæм, сабыргай. Ацыдысты, арс ссе фсестсе акаст, стсей бирсегъмсе. А р с. Цы фæдæ, цы, уыцы еæрæф куыдз? Б и р æ г ъ. Мæнæ дæн (фыртсессей зыр-зыр ксены.) Ар с. Алæ-ма, кæй бынатмæ хъавыс!.. (Нсемгсе йсе расур-ба- сур ксены.) Тагъд мæ разæй тæхгæ! Фæстæрхон ма кæд удæгасæй аирвæзай, уæд дыууæ лæппыны дæр ардæм куыд æрбамидæг кæнай! 8-æм ныв Бирсегъы ксерт. Тсерхъус семсе зыгъарседжы лсеппынтсе ксецсей ацыдысты, фсестсемсе уырдсем сербахдсехтысты. Ссе ссертсе радав- бадав ксенынц къутсерты ауусеттсей. Тæрхъусы лæппын. Ай, кæцæй ацыдыстæм, фæстæмæ уырдæм куы ’рбаздæхтыстæм. Зыгъарæджы лæппын. Бафæлладтæн. Мæ бон цæуын налу. Тæрхъусы лæппын. Ма хъæлæба кæн. Уæдта бирæгъ искæцæй фæзынд. Фæлтау нæхи бааууон кæнæм. Цæуæм, науæд нæ бирæгъ æрбаййафдзæн. Зыгъарæджы лæппын. Омæ, мæ бонцæуын налу, нал! Тæрхъусы лæппын. Сабыр. Хъæр ма кæн. (Æрбай- хъуыст бирсегъы ниуын.) Æмбæхсгæ! Æрбацæуы! Алидзынц, фсезыны бирсегъ, лсенклсенкгсенгсе. Иу нысыл алсеууы, стсей дуар гомсей куы ауыдта, усед ыл йсехи ныццавта. Афтид у хуыкком, уый куы базыдта, усед ма цы фсеуа, уый нал зоны. Б и р æ г ъ. Уæдæ цыфæуыдаиккой? Рувасы хъуыры ма аир- вæзæнт? Зыгъарæг, тæкъу, кæм стут? Рацæут, науæд уæ исты бахæрдзæн. Цымæ цы фæуыдаиккой. Арс мæ фæхты ных- хойдзæн. (Ралидз-балидз ксены дыуусердсем.) Афонмæ æрба- < < <<<«Ч<бГ)
хæццæ кæнынц. Иуæй хорз у, æмæ сæ кæй не ’рбаййафдзысты, фæлæ цы фæуыдаиккой? Æрбайхъуыст хъселсестсе. Бирсегъ дурыл абадт семсе йсехи ницызонсег скодта. Æрбацсеуынц арс, хсерсег, рувас, тсерхъус семсе зыгъарсег. Б и р æ г ъ (ссе размсе рауад). О, мæнæ мæ кæрты кæй уынын! Арсæго... Æгайтма мæ дæ сæрмæ бахастай. Мидæмæ, мидæмæ сымах дæр. А р с. Уæртæ ма уым æрбад! Стæй гæркъæраг фест! Мæнæ дыл адон хъаст кæнынц, цыма сын сæ лæппынты раскъæфтай. Æмæ кæд æцæг разына, уæд мын сар дæ къона кæны, дæ царм дын растигъдзынæн! Б и р æ г ъ. О, нæ кадджын Прсæго (ссерсей йын кувы.). Хъаст? Мæныл? Дæ хорзæх мæ уæд, Арсæго. Мæнæ дын мæ хæдзар, мæнæ дын мæ кæрт, мæнæ мæхæдæг, кæд дзы исты ссарат, уæд мын, цы дæ фæнды, уый кæн. Т æ р х ъ у с. Сайгæ кæны! Æз сæ мæхи цæстæй федтон (амо- ны хуыккоммсе.) Уæртæ сæ уым та æмбæхсгæ кæны. Б и р æ г ъ. Ныр дæм худинаг цæмæннæ исты кæсы, тæкъу? Мæхуызæн бирæгъыл тугтæ мыс (амоны хуыккоммсе.) Табуаф- си, фенут æй уæхи цæстæй. Иууылдсер хуыккоммсе бацсеуынц. X æ р æ г. Афтид у. Тæрхъус. Мæхи цæстæй йæ федтон (ксеуы.) Æвæццæгæн сæ бахордта. А р с. Кæд сæ дæхи цæстæй федтай, уæд кæм сты, уæдæ? Б и р æ г ъ.Афтæ у, афтæ. Мацыгæнаг уай, æмæ дыл афтæмæй тугтæ мысæнт! Т æ рх ъу с. Курæг дæ дæн, Арсæго... Æвæццæгæн сæ искуы бамбæхста. Нырма сæ райсом федтон мæхи цæстæй. 3 ы г ъ а р æ г. Арсæго, тæкъу сайгæ никуы фæкæны. Æз дæр мæхи цæстæй федтон, бирæгъ ын йæ лæппын куыд аскъæфта, уый. Б и р æ г ъ. Сайыс! <©>>►►►► ► ►
Р у в а с (сербагсепп кодта тарстсей). Цы хабар у?! Æнæ мæн сæ бахордтай, нæ? Тæрхъус (ныккуыдта). Мæ пухкъæдзил хъæбул, мæ фæрстæ дын куыд фехæлдысты!.. Зыгъарæг (ныккуыдта). Мæ рæсугъдтæ хъæбул, дардмæ ма дæ уæддæр куы фенин!.. Р у в а с (лсебуры бирсегъмсе, фселсе йсем сеххсест нсе усенды). Иунæгæй сæ апырдтай, нæ?! Дæ хъуылы аирвæстысты, нæ?! А р с (ныббогъ сыл кодта). Ныхъхъус ут! Къутсерты ’хссенсей райхъуыст хъселсестсе. Зыгъарæг. Æвæццæгæн сæ æмбæхсгæ бакодта. Хæрæг. Зыгъарæг, Тæкъу! Кæд искуыстут, уæд дзуаппрад- тут, ма тæрсут. 3 ы г ъ а р æ г. Ма тæрсут, дзуапп радтут. Зыгъарæджы лæппын. Мæнæ стæм, фæлæ тæрсæм бирæгъ æмæ рувасæй. Тæрхъусы лæппын. Мæнæ стæм, гыцци! Ам стæм, ам. Хсерсег, Тсерхъус семсе зыгъарсег базгъордтой къутсертсем. А р с (бирсегъмсе). У, кæрæф куыдз! Бирæгъ (зыр-зыр ксены). Æз сæ нæ бамбæхстон... Рувасы ныууагътонам... Р у в а с. Гъо-гъо! Мæ аххос та фæци!.. Арс. Уæ царм уын куы растигъон, уæд мæ-иу ма рахъаст кæнут. Бирæгъ. Арсæго, цæрæнбонты дын цагъар уыдзынæн, æрмæст мæ ма фесаф, ацы æнæюары лыстæг сырдты тыххæй. Æз дын уыдонæй пайдадæр уыдзынæн. А р с. Дæ хуызæн æнæфсис, æнæсæры тыххæй мæхи счъизи кæнон?! Б и р æ г ъ. Ма мæ фесаф, лæгъстæ дын кæнын. Дæ хъуагæй тæрхъусы хъус дæр никуыуал ныххиздзæни мæ хъуыры. Р у в а с. Мæнæн дæр. Ссе ксерседзийыл цингсенгсе сербацсеуынц хсерсег, тсерхъус семсе зыгъарсег ссе лсеппынтимсе. Халон сербатахт. < < < <<<<{СбЗ
Халон. Къарр-къарр! Къарр-къарр! Къарр-къарр! Бахху- ыс мын кæнут! Баххуыс мын кæнут! Фесæфтæн! Фесæфтæн! Арсæго! Хъи-хъо! Баххуыс мын кæнут, чидæр мын мæ лæп- пынтæ ахстонæй адавта. Мæ гыццыл лæппынты, мæ рæсугъд лæппынты!.. (Йсе ссер хойгæ ралидз-балидз ксены.) Ар с. Æрсабыр ма у! Æмæ нын хъуыддаг бамбарын кæн! Бирæгъ. Ай дæр та сæ ме ’фсон ма кæна?! Хорз у, æмæ тæхын нæ зоны. Халон. Къарр-къарр! Къарр-къарр! Æз сæ алкæй æфсон дæр кæнын! Мæнæ хæрæджы, рувасы, тæрхъусы, зыгъарæджы. Арсæго! Адон мæм мæсты уыдысты, æвдисæнæй сæм кæй нæ балæууыдтæн, уый тыххæй. Æмæ мын сæ адавтой, цæмæй мæ сæ маст райстаиккой. Къарр-къарр. Баххуыс мын кæн лæгъстæ дын кæнын. (Ксеуы.) А р с. Дæ дзыхыл ма чысыл фæхæц! Стæй дæ къарр-къаррæй бæстæ байдзаг кæн. Иутæй нæма фервæзтæн æмæ иннæ ме ’ккой æрбадт. X æ р æ г. Мах иууылдæр мæнæ Арсæгомæ уыдыстæм æмæ ницы федтам, фæлæ дæм агурынмæ фæкæсдзыстæм. Кæд нын дæхæдæг нæ баххуыс кодтай, уæддæр. X а л о н. О, мæ рæсугъд лæппынтæ! Мæ рæсугъд лæппынтæ! Зыгъарæджы лæппын. Махсæфедтам. Стыр бæласæй рахаудысты æмæ сæ мах къутæры бын бавæрдтам. Раст нæ зæгъын, Тæкъу! Тæрхъусы лæппын. Раст зæгъы. Ардыгæй куы алыгъ- дыстæм, уæд сæ ссардтам æмæ сæ къутæры бын бамбæхстам. Дæлæ стыр тулдз бæласы бын цы къутæр ис, уый бын. Зыгъарæджы лæппын. Раст у! Раст у! Стыр тулдз бæ- ласы бын. Ар с. Атæх æмæ дæ лæппынты сæ ахстоны сæвæр æмæ сæм æркæс, дзæгъæлы ратæх-батæхы бæсты. Халон. Стыр бузныг уын Тæкъу æмæ Зыгъарæг. Къарр- къарр! Бахатыр мын кæнут, кæй уын нæ баххуыс кодтон. Къарр- къарр! (Атахт.) . Б и р æ г ъ. Кæсыс, Арсæго, сæ лæппынты дзæгъæл ныууагъ- той, сæхæдæг сæ ме ’фсон фæкæнынмæ хъавыдысты. «)»»►►►
X æ р æ г. Ноджы дæхи раст кæныс?! Арсæго, ацы хатт бирæгъ æнæфхæрдæй куы баззайа, уæд сом дæр ахæм ми бакæндзæн. Арс. Раст зæгъыс Хъи-хъо, фæлæ цы стæрхон кæнæм? Хъæдæй фæтæрæм æви маргæ акæнæм? Б и р æ г ъ (йæ зоныгуылтыл æрхауд). Арсæго, ма мæ феса- фут, никуыуал бакæндзынæн ахæм хъуыддаг. Фæрæдыдтæн. Ныххатыр мын кæнут. Р у в а с. Æз ницы аххосджын дæн, Арсæго. Мæнæ мæ бирæгъ хъахъхъæнæгæй баурæдта, æндæр ницы æмæ... А р с. Мæнæ сæ бафæрсæм. (Амоны тсерхъус, зыгъарсег æмæ сæ лæппынтæм.) Æмæ уыдон куыд зæгъой, афтæ уыдзæн. Цæй, цы сын стæрхон кæнæм? Тæрхъусы лæппын. Тæригъæд ысты... Зыгъарæджы лæппын. Ацы хатт ма сын ныххатыр кæн, Арсæго. А р с (бирæгъ æмæрувасмæ). Сыстут æмæ сæ хатыр ракурут. Æмæ ма искуы!.. Уæд мын сар уæ къона кæны!!! Бирæгъ. Бахатыр нын кæнут, никуыуал уæ бахъыгдардзыстæм. Ма нæ фесафут. Халон. Къарр-къарр! Æссардтон мæ лæппынты, ссардтон! Стыр бузныг! Арс. Гъе мæ, тынг хорз! Алцыдæр тынг хорз рауад. Ныр кафгæ æмæ заргæ! Циндзинадыл цин хъæуы! (Кафынц.) Кæрон. сл^сХзЪо < < <<<<<(<х)
ЗОНАД ÆМÆ ЛУБЛИЦИСТИКÆ ДЖИДЖДЖОЙТЫ Сурсет НÆ ИСТОРИЙÆ ЧЫСЫЛ СКЪУЫДДЗАГ Æвзаг йæхæдæг историйы мад у, уый гуыры историйы тыгъ- дады æмæ у историйы æвдисæн дæр. Уыимæ ма æвзаг, дзырд, - йæ архив дæр. Дзырд историйы ихсийын нæ уадзы. Ныббы- ры, нымбæхсы арф архивы, гъе - чиныджы æмæ йæ амондмæ æнхъæлмæ кæсы, уæздан, рæсугъд чызгау, кæд фæзындзæн йæ агурæг, йæ иртасæг, йæ райгуырды бæлвырдгæнæг. Ахæм историон ирон дзырдтæ парахат сты дунейы æппæт бæстæты - Ираны, Сирийы, Венгрийы, Турчы, Китайы æмæ афтæ дарддæр. Гуырдзиаг оригиналтæм гæсгæ мæм ис цалдæр дзырды, кæцытæ, гæнæн ис, рухсы цъыртт бауадзой нæ историйы та- лынг къуыммæ. Цы нысан кæны дзырд «Картли»? Гуырдзиаг Советон энциклопедийы 10-сем томы 465 фар- сыл ксессем: «Картлис» етимологиа, саболоод, ар арис дадгенили, гаркъ- веули...». Иронау: «Картлийы этимологи кæронмæ бæстон бæлвырд нæу», бæттынц æй гуырдзиаг знæмтæ (томты) иумийаг номи- мæ: Карти - Карту кæнæ та Карта (шемогъобили адгили) æм- бондгонд бынат. Персаг æвзагæй æрбайсгæ дзырд у. Иронау - Кæрт. Ардыгæй стæй ахызтис æндæр дзырдтæм - Галуан, Стыр æмбондгонд, Фидар, Мæсыг. Цыбыр ныхасæй, Кæрт у ирон дзырд æмæ амоны, хæдзары раз æмбондгондмæ, кæнæ нæ фыдæлтæ фос кæм дардтой, уыцы æрæмбондгонд бынат, скъæтмæ. Гуырдзиагау «Æ» зæл нæй, йæ бæсты фыссынц æмæ дзурынц «а». Зæгъæм, ном Мурæты бæсты дзурынц - Мурат, бб) » ► > > ► ►
Сурæты бæсты - Сурат. Дзырд Картвели та нысан кæны кæртæй рацæугæ адæймаг. Картвели - кæртаг Соплели - хъæуккаг Джавели - Дзауаг Цхинвалели - Цхинвайлаг. Карт-в-ел-и, Руст-в-ел-и - зæронд гуырдзиаг æвзаджы сæвзæргæ дзырдтæ сты. Хъуамæ уыдаиккой Руст-ел-и, Карт-ел-и, фæлæ гуырдзи- аг æвзаджы «в» у цæугæ дамгъæ æмæ кæмдæрты фæзыны иунæгæй æмæ дзырды нысаниуæг фæлæмбынæгдæр кæны - Жинвали, Цхинвали, «И» дамгъæ та номон хауæны нысан у. Абоны гуырдзиаг æвзаджы Руствели ивд æрцыд Руставели- йæ, Карт-ели та Карт-вели-йæ. Шота «Стайыцармдарæджы» йæхи хоны Руствели. «Руствели» зæронд гуырдзиаг дзырд у, æмæ цадæггай ивд æрцыд Руставелийæ. Цхинвалы Рустав, дам, рагон ирон горæт у, зæгъынц ирон историйы зынгæ иртасджытæ Руслан Бзарты æмæ Блийы фырт. Ирон Рустав, рагон центр кæй у, ууыл дзурæг у, зæронд гуырдзиаг литературæйы истори иртасæг, Къорнели Къекъе- лидзейы хъуыды, уый зæгъы: Шота Руставели, дам, фыццаг ахуырад райста, Руставмæ æввахс, Тъбеты моладзандоны. Уæды рæстæджы Цъунар дæр Тъбетмæ хауди, Цъунар ном ыл рæджы сæвæрдтой, куыстой Тъбеты æмæ Никозы моладза- дон дæр æмæ бынтон дзæгъæлы не скодтаид Тъбеты моладзан- доны кой. Къорнели Къекъелидзейы фæндыди Шота Руставелийы ыс- гуырдзиаг кæнын, æмæ цыдæриддæр Шотатæ ссардта гуыр- дзиаг æвзаджы, уыдоныл фæзылдис æмæ сæ фæиртæста, фæ- лæ сæ стайыцармдарæджы автор ничи разынди. Æмæ кæм хъуамæ разындаид, кæд æмæ ацы ном Сослан-Давид йæхæдæг æрымысыд? Сослан æмæ Тамары номы инициалтæй - Шо+та= Шота рауад. Къекъелидзе «Стайыцармдарæджы» хъуыды афтæ сызмæс- та, æмæ профессор Къонстантине Чъичъинадзе афтæ зæгъы: ч <<<<<ц(бт)
«Къорнели афтæ сызмæста, поэма «Стайыцармдарæджы», æмæ йæ иу адæймаг нал сраст кæндзæн. Æхсæнадон хъуыды, дам, хъæуы бамбарын, скусынкæнын: Къорнели Къекъелидзе ма Шавтелийы Ода «Абдулмесиа»-йы сгуырдзиаг кæнынмæ дæр рæвнæлдта, фæлæ йæм иртасæджы цæстæй цы ахуыргонд æр- кæса, уый йæ фæхатдзæн, æнæ бындур кæй сты йæ бæлвырд- гæнæнтæ. Стæй ма йын йæ æмкусджытæ загътой, Чахрухадзейы «Та- мариани» дæр ма, дам, рацараз, æмæ сгуырдзиаг кæн. Æмæ, дам, уым Сослан-Давидæн лæппу райгуырд æмæ йын ницы гæнæн ис. Ахæмтæ сты гъе нæ цъаммар сыхæгтæ. Уæды рæстæджы ма Кæрт-æй равзæрдис дзырд Пативцему- ли, комкоммæ тæлмацæй - фаджыс, сæнар кæуыл сæмбæлдис, уыцы адæймаг. Гуырдзиагау Сæнар Пативи хуыйны, Цемули та - сæмбæлд (уымæй над). Сæнар-æй над, сæнар кæуыл сæмбæлд, уыцы адæймагмæ амоны. Кæрты фосимæ уыдысты Колхидайы æмæ-иу равзаргæдæр адæймагмæ баппæрстой нæ буц фыдæлтæ Сæнар (уый сыгъ- той), уымæ гæсгæ-иу æй схуыдтой «цытджын». Абон дзурынц «пативцемуло масцъавлебело», «пативцемуло директоро». Хуыздæр адæймагмæ-иу æй баппæрстой, сæ зæрдæмæ чи цыд, лæгдæрæй кæй хатыдысты, æмæ уымæн хуыдтой партивцему- ли. Пативцема ма нысан кæны лæггадкæнын дæр. Балæггад мын кодта - пативи-мца - сæнар, дам, мæм æрбаппæрста. Уæдæ афтæ, пативи гуырдзиагау нысан кæны лæггад кæнын дæр æмæ фаджыс дæр. (Мах сын фаджысæй лæггад кодтам.) Ацы дзырд - фаджыс-сæнар-ы ма гуырдзиагау «Цъива» дæр хонынц, фæлæ ацы терминæй гуырдзиаг кусæг кълас нæ пайда кæны, фæлтау æй хмели пативи схондзæн (хус фаджыс). Фен Меликишвили, Мусхелишвили, Бердзенишвили «Кар- тули Сабнъота енциклопедиа» («Гуырдзиаг Советон Энцикло- педи»), 10 том, 165 ф., 1985 аз. 68}УУУ>> > >
Г. Пот раздæр хуындис Фазис - фæд-ис, ирон дзырд, стæй йæ уырыссаг дзырд Порт-мæ гæсгæ фæивтой Пот-æй. Сæ кæфтытæ: Лекъури- лекъаг кафт. Багъдадури - багъдадаг кафт. Къинтъаури - сомихаг къинтъоты кафт. 1989 азы фæстæ Лекъурийы рахуыдтой картули цекъва - гуырдзиаг кафт, Багъдадурийы та - Шалахо. Симд-ы та Карту- ли цекъва Симди - гуырдзиаг кафт Симд. Кафгæ-кафын сæ дзыхыдзаг хъæр кодтой: «Асса! Осса!». Асæн - Иронæн, Ас, номхуыдæй Ас-æн - Ирон-æн. Цæмæн? Мæнмæ гæсгæ Ирæттæн цыдæр лæгъстиаг уыдысты. («Ас» æмæ «Ос» иу дзырд кæй сты, уый бæрæг у. 1989 азы фæстæ æз кæмдæрты мæ коллегæтæм Ас, Ос-ы кой ракодтон, æмæ уæд сæ кæфтыты нæмттæ дæр фæивтой. Дзырд «Рахиани» гуырдзиаг дзырд у, ирон бындур рихи- имæ. Уыдонмæ нысан кæны-сирæн, цæсгомджын адæймаг. Гуырдзиагау рихи улваши хуыйны. Нæ рагфыдæлтæ рихи дардтой æмæ йын аргъ дæр кодтой. Уый аккаг лæджы, хорз нæлгоймаджы нысан уыд. Исты-иу чи фæрæдыд, уымæн-иу йæ рихитæ адастой, уымæй-иу æй бафхæрдтой. Уымæ гæсгæ гуырдзымæ баззад нæ дзырд йæ нысаниуæгимæ: «Къарги рихиани къациа» - хорз рихиджын лæг у, ома хъаруджын, цæсгомджын лæг. Нæхимæ та рохуаты баззад. Ацы хъуыды æз мæ фыд Антонæй арæх хъуыстон. Ам æй нæ ахуыргæндтæй кæмæндæр дзырдтон æмæ фæдисау, æз, дам, æй никуы фехъуыстон. Æниу, алчи алцы нæ фехъусы. Фæлæ мæ фыд Антон царди XIX -XX æнусты, зыдта 5 æвзаджы; ирон, гуырдзи- аг, уырыссаг, тæтæйраг æмæ французаг. Алавердийы згъæрдур цы французаг лæг кусын кодта, уымæ хæринаггæнæгæй куы- ста мæ фыдæн йæ фыдыфсымæр Димитр æмæ уый мæ фыды 12-аздзыдæй акодта йæхицæн æххуысгæнæгæй, суанг 1917 азы революцийы агъоммæ уым цардис, ус дæр уым ракуырдта, мæ хистæр æфсымæр дæр 1915 азы уым райгуырдис.
Революци куы фæуæлахиз Уæрæсейы, уæд французаг йæ ис, йæ бон, йæ хæдзары дæгъæлтæ мæ фыдæн ныууагъта, фæлæ мæ фыд дæр уым нал ныллæууыд, рацыд Карелмæ, Кробанмæ, йæ фыдæлты зæхмæ. Рахаста йемæ фæллой, мигæнæнтæ, зынаргъ фæлындзæнтæ æмæ сæ уыцы хæццæ дуджы мæ мад æмæ мæ фыд сæхи рахастой. Уæды мигæнæнтæй ма нæм баззад къухæй хуыйæн машинæ «Зингер», мæ мад хуыйæг уыд æмæ йын æй уымæ гæсгæ французаг балæвар кодта. Уымæй дарддæр ма бронзæйæ фæлыст цæххойæн (мигæнæн æвæрд ис мæ чызг Залинæмæ). Мæ фыдыфсымæр Димитр, куыд ма йæ зыгътон, уымæ гæс- гæ Тбилисы цардис. Йæ хорзы кой ис Цабаты Уасойы чиныг «Юго-Осетиский театр»-ы, Цхинвалы уагъд, 1961 азы, 31 фарс. Мæ фыд тынг дзырддзæугæ æмæ уæздан лæг уыд, зыд- та кæсын-фыссын, нæ уарзта гæдыныхæстæ. Афтæмæй ацы «Рихи»-йы хабар дæр, æвæццææн, кæмæйдæр фехъуыста кæнæ йæ кæмдæр бакаст, уымæ гæсгæ йыл хъæуы æууæндын. Кæддæр нæ ахуыргæндты зынгæдæртæй сæ иуы бафарстон, зæгъын, Кикодзейы историйы кой гуырдзиаг ахуыргæндтæй никуы никæмæн ракодтат, цæмæннæ йæ хæссынц рæгъмæ? Куыннæ, афарстон, дам-иу сæ æмæ, дам, мын-иу афтæ: уый кой, дам, ма кæнут, уый, дам, ничи у. Æмæ сыл мах уæд дæр, æнæхин æмæ раст адæм уæвгæйæ, æууæндыдыстæм. Ныр та йæ уынæм, абоны бон 2008 азы хæст мах (уырысы) аххос куыд кæнынц æмæ йæ дунетæн куыд уырнын кæнынц, афтæ сæм кæсын нæ хъæуы, æппæт амæлттæй дæр сын хъæуы сæ ных бакъуырын. Уый нæ, фæлæ ма И. Джавахишвили, Н.Бердзенишвили æмæ С. Джанашиа дæр афтæ куы зæгъынц, нæ фыдæлты, дам, цæугæдæттæ Тигр æмæ Ефраты алыварс хъуамæ агурæм, уæд ма нын нæ истори сæхиуыл цæмæн фыссынц æмæ сын «макæ» цæмæннæ хъуамæ зæгъæм? Мæнмæ гæсгæ абон интернеты фæрцы Дунейы размæ рахæссын хъæуы ацы фарстытæ æмæ сæ, уадз, æмæ зоной, цæствæлдахæг æмæ мæнг историтæ чи фыссы, уыдонæй иу Гуырдзыстон кæй у. Козаты П. сын бæргæ (то)>>>> >> >
æцæгтæ фæдзуры комкоммæ æмæ сын сæ ницæйаг митæ бæргæ бахахх кæны, фæлæ уæддæр сæхи дæлæмæ нæ уадзынц, æгæрыстæмæй, сæхи зæххон адæм дæр нæ хонынц. Афтæмæй та уыдон сты иууылдæр гæдыныхæстæ, дунейы историйы æмбал кæмæн нæй, ахæмтæ. Фæлæ сын уæддæр тулы. Махæн та нæ "цæг ныхас дæр никæй уырны æмæ ма нын нæ фыдæлты зæхмæ, не ’гъдæуттæм, «Нартæм» лæбурынц æмæ сæ сæхиуыл бафыссынмæ хъавынц. Уымæ гæсгæ нæ истори иртасджыты сæр бахъуыд, ацы хæццæ дуджы информацийы тыгъдад хъæуы бацахсын, истыгъуызы рамбулын, сæ ныхмæ фидар фæлæууын. Гуырдзыйы фашисттæ æнæуыйдæр афтæ дзурынц, ирæттæм, дам, историктæ нæй æмæ, дам, нæ хъуыддæгтæ нæхи куыд фæнды, афтæ бакæндзыстæм. Нæ нацийы сæрхъызой, нæ сæр бæрзонд кæмæй хæссæм, уыцы Нафиимæ-иу арæх фембæлдтæн, цыдæртæ-иу мын аца- мыдта, цæуылдæрты-иу тæрхон кодтам. Æмæ йын иухатт куы загътон, зæгъын, Дауыт æмæ Тамары галуанон поэты Одатæй «Оси» æмæ «Аси» цы куымтты уыд оригиналы, уыдон, зæгъын, нæ сыхæгтæ уырыссаг æвзагмæ нæ р’атæлмац кодтой, уæд æй нæ бауырныдта, уый гæнæн, дам, нæй. Стæй йын гуырдзиаг æмæ уырыссаг чингуытæ йæ разы куы æрæвæрдтон æмæ сæ йæхи цæстæй куы федта, уæд йæ дисæн кæрон нал уыд, ай, дам, зыгъуыммæ ми куы у, уæд, дам, æцæгдзинад куыд æмбæхсынц? Уый уыдис, кæмдæр, 2006-2007 азы, стæй 2008 азы хæсты цаутæ куы зыгъуыммæ кодтой æмæ сæхи пайдайæн æцæг факты иннæрдæм куы æвдыстой, уæд æй бауырныдта, æцæг цæствæндахæг адæм кæй сты нæ фашист сыхæгтæ, уый. Æз историк нæ дæн, филолог дæн, гуырдзиаг æвзаг æмæ литературæйы дæсны. Истори æмæ литературæ та хо æмæ æфсымæр сты, мæхимæ цы уаргъ исын, уымæн дзуапп дæттын фæразын, уымæ гæсгæ мæхицæн мæ хъуыды зæгъыны бар дæр дæттын. Гуырдзыйы зынгæ зонадон кусджытæй чидæртæ æмхуызон зæгъынц, сæ фыццаг цæрæнбынат Кавказ кæй нæу, уый. Уыдо- ны агъоммæ ам цардысты дæргъæццонсæртæ, Астæ. Алантæ, Скифтæ, Сæрмæттæ та сты нæ рагфыдæлтæ. < Ч <<<<<(Т1)
Иване Джавахишвили фыссы: «Гуырдзиæгтæ æмæ соми- хæгтæ Кавказы сæйраг æмæ рагон цæрджытæ нæ уыдысты, уыдон ацы бæстæм куы ’рцыдысты, уæд фембæлдысты æндæр адæмыл. Кавказы ацы рагон цæрджыты немыцаг профессор Вирхов сыгъдæг ариаг адæм, дæргъæццон сæр адæм хоны. Уыцы ариæгтæ, Астæ та уыдысты нæ рагфыдæлтæ. Кавказы рагон уæлмæрдтæ зынынц Х-Х1-æм æнусты, æмæ кæд Вирховы хъуыды раст у, уæд гуырдзиæгтæ Кавказы фæзындаиккой 1Х-æм æнусы, уымæн æмæ уæлмæрдты дæр- гъæццонсæртимæ кæмдæрты фембæлæн ис иугай тымбыл- сæронтыл дæр. (Мæнмæ гæсгæ, уыдон уыдысты ирæтты æх- хуырстытæ, сæ цагъартæ - гуырдзиæгтæ - С.Д.). Дарддæр Джавахишвили фыссы: «Кæд енырмæ афтæ æнхъæлдтам, цыма гуырдзиæгтæ рагон историон æвдисæндартæ Гуырдзыстоны зæххы бын агурын нæ хъæуы, уæд ацы рæдыд, нæ сæрæй хъуамæ аппарæм æмæ гуырдзиæгты фыдæлты агурæм Кавказы Хусса- ры, Чырыстийы агъоммæ Х1-УШ-æм æнусты. Хуссарæрдыгæй сæ знæгтæ цы Кæртты (гуырдзиæгты) сырдтой, уыдонæн æн- дæр гæнæн нал уыд æмæ цыдысты Цæгатырдæм. И. Джахашвили ам гуырдзиæгты «Картвелеби» нæ хоны, фæлæ «Картеби» - дамгъæ «а»-йы бæсты «æ» куы æрæвæрæм, уæд уайы «Кæрт»-еби» - «Кæртæгтæ», кæртæй рацæугæтæ. Къоте Гачечиладзе нын институты кастис Гуырдзыстоны истори æмæ-иу афтæ дзырдта, И. Джавахишвилийæ растдæр, дам, Гуырдзыстоны истори ничи фыссы: Æмæ сæ, уæдæ, XIX- ХХ-æнусты сæ зынгæ ахуыргонд, профессор дзæгъæлы не схондзæн «Карт»-еби - «Кæрт»-æгтæ не схондзæнис. Дарддæр И. Джавахишвили фыссы: «Нæ зæронд матиане (зæронд истори) «Мокцевай Картлиса» дæр æй хорз зоны, гуыр- дзиæгтæ Кавказы фыццаг цæрджытæ кæй нæ уыдысты, уый. Ацы чиныджы комкоммæ загъд ис, кæд æмæ куыд æрцыдысты гуырдзиæгтæ Кавказмæ æмæ дзы кæд æрцардысты. Цыдис алыгъуызон тохтæ, хæццæдзинæдтæ (уыдон историмæ хауынц æмæ дардыл дзуринаг сты. - СД.). Ацы донласæн уылæнты аирвæзтысты æрмæстдæр уыцы гуырдзиæгтæ, знæмтæ, кæ- (Т2)»>>> ► ►
цытæ цардысты Сау Денджызы Хуссар - Скæсæнырдыгæй донбылгæрæтты». И. Джавахишвили «Гуырдзиаг адсемы исто- ри», 1-аг чиныг, Урауагъд, Тбилиси, 1960 аз, 434-444 ф.ф. И. Джавахишвили дарддæр зæгъы: «Кавказ гуырдзиæгты райдиан цæрæнбынат нæу æмæ уымæ гæсгæ йæ рагон бацæ- уæнтæ æмæ культурæ 1-æм æнусæй раздæр ам агурын нæ хъæуы. Иверийы фæзбынæтты (ома Къолхидæйы - С. Д.) уыдоны уæлæдарæс сомихæгты æмæ персæгты (скъифты) уæлæдарæсы хуызæн уыдис, æмæ сæ хæхты чи цардис, уыдоны цардуавæр та уыдис сæрмæттæ æмæ скъифты царды хуызæн». 1928 азы уагъд «Картвели ерис история» (1928 азы уагъд «Гуырдзиаг адæмы истори»), 30 ф. Скъифтæ æмæ сæрмæтты хуызæн уыдис сæ цардуавæр, уы- мæн æмæ иумæ цардысты, ирæтты æххуырстытæ æмæ фый- йæуттæ уыдысты. Уæдæ нын фидарæй ис æууæндæн, Геронтъи Кикодзе дæр бынтон рæстытæ кæй дзуры, ууыл. Уымæн æмæ историйы æвдисæнтæм гæсгæ, нæ эрæйы агъоммæ П-1 æнусты æмæ нæ эрæйы I æнусы Тигр æмæ Ефраты цы гуырдзиæгтæ æрцæрын кодтой, уыдон ирæтты фæрцы аирвæрзтысты, фæлæ сæ ахæм хуызы зæгъынц, цæмæй йæ алчи ма бамбара, дзырд кæуыл цæуы. Геронтъи Кикодзе, гуырдзиаг зынгæ ахуыргонд, философ, историон зонæдты доктор, фыссы: «Абоны онг бæрæг нæу, кæцæй стæм æмæ чи стæм, зæххыл нын æрвадæл адæм нæй, нæ йæ зонæм, нæ амонд нæ чердæм хæссы... Бирæ дзурынц, цыма Тигр Ефраты донбылгæрæтты цардыстæм, фæлæ нæ уым ничи уарзта, нæ сыхæгтæ нæ цæрын нæ уагътой. Цы фæуыдаиккам, уымæн ницыуал зыдтам. Афтæ нæ бонтæ æрвыстам иунæгæй, цыма арвæй æрхаудыстæм. Не ’взаг иннæ адæмты æвзæгтæй никæй хуызæн уыд, цардмæ нæ цæстæнгас уыд æндæргъуызон, уыимæ нæ характерон миниуджытæ дæр. Ис нын нæхи традицитæ æмæ хицæндзинæдтæ. Нæ сыхæгтæ нæ нæ зæххытæй фæсырдтой, ницыуал нын ныууагътой. Æмæ нæ Алантæ (абоны ирæтты фыдæлтæ) ба- < < <<<<4(тз)
рæвдыдтой, фæтæригъæд нын кодтой, зæххытæ нын радтой, æддагон знæгтæй нæ бахъахъхъæдтой, æмæ нæ семæ «æрцæрын кодтой». Газет «Сакаргпвело», Газет «Гуырдзыстон» 1917 аз. Ацы хъуыды ма ис VII къласы географийы чиныджы дæр æмæ æвæрд у Кокойты Шалвамæ, цæры г. Дзæуджыхъæуы, Куйбышевы уынг, №31. Иннæ ахуыргонд, профессор, фыццаг Абеты чиныг «Деда ена»-йы («Мадæлон æвзаг») автор Иакъоб Гогебашвили зæгъы афтæ: «Ирыстон, раст у, Гуырдзыстоны æцæг хай нæу, фæлæ нæм афтæ æввахс у, æмæ нын йæ базонын пайда уыдзæн. Ирыстонæй йæ иу хай Кавказы хохы Цæгатырдыгæй ис, дыккаг хай та - ацы хохы Хуссарфарс. Хонгæ дæр сæ афтæ кæнынц: Цæгат Ирыстон æмæ Хуссар Ирыстон. Ирæттæ хицæн адæм сты, гуырдзыимæ сын ницы иудзинад ис. Ирæттæ ахуырмæ тынг рæвдз сты. Аразынц скъолатæ æмæ алыгъуызон культурон уагдæттæ. Сæ сæйраг горæт у Кавказ. «Самшоблос агъцъера», («Райгуырæн бæстæйы афыст»), Кута- ис, 81-2 ф.ф. Мæ фыд Антонæй нын ахæм уæздан, гуманон фæдзæхст баз- зад: «Мæ хъæбултæ! Хæстæг æмæ сыхагæн баивæн нæй, цахæм сты, ахæмæй сæ райсут, зонут сын сæ хорздзинад дæр æмæ се ’взæрдзинад дæр, сæ хорздзинæдтыл сын цин кæнын фæразут, се ’взæрдзинад сын рæгъмæ макуы рахæссут. Сæ фæивыныл, се сраст кæныныл макуы архайут, нæ сæ фæивдзыстут. Бирæгъ бирæгъæй баззайы, фыс та - фысæй. Гъо, фæлæ бирæгъæй кæй зонай, уымæ дæрддзæг лæуу, æмæ йæ хъæстæйæ дæхи хиз, сусæгæй дыл æй макуыцæй æрбакала.» Адон бæргæ хорз фæдзæстытæ сты, нæ буц фыдæлтæ-иу се знаджы уацары ракодтой, уæд-иу æй фæстæмæ фидарæй, рæвдыдæй ссæрибар кодтой æмæ-иу æй афтæмæй арвыстой. Адон иууылдæр хорз æмбарæм, цард хъуамæ фæбарын æмæ уарзондзинадыл амад уа, фæлæ дæ сыхаг бирæгъæй-бирæгъдæр куы кæна æмæ хæцаг куыдзæй куыдздæр куы разына, æдзух дЫл сусæгæй фæхæцыныл куы архайа, уæд ын ницы зæгъын хъæуы? (к)»>>> > >
Махæн та нæ абоны сыхаг, нæ рагон цагъар, нæ «Кæрт»- аг, «Кæрт»-али йæ сусæгæй хæцын нæ уадзы æмæ нæ йæ зæрды сайæн митæй «Сыгъдæг быдыр» аразынмæ æрхъавыд. Уæд мах та сабыр бадæм æмæ барæм? Æмбисæхсæв фынæй горæтыл æрхъула кодтой, æнхъæлдтой, фыртæсæй лидзынмæ фæуыдзыстæм æмæ сын нæ зæхх ныууадздзыстæм. Æрцæ- уæггæгтæ уыдон сты, нæ фыдæлты ’руаджы адæмы ном райстой, Советон дуг дæр ма сæм бафтыд, Ирон лæг Сталин сæ раразмæ кодта æмæ сын уыйбæсты фæцыд. Цæй Гуырдзыстон дзы уы- дис? Хицæн знæмтæ - Картли, Къахет, Имерет, Гуриа, Саме- грело. Гуырдзыстон иу никуы уыд. Козаты П. сын æй æргомæй загъта æмæ сын æй ноджыдæр дзурын хъæуы, сæхæдæг кæй сты уазджытæ æмæ нæ фыдæлты зæххытыл кæй цæрынц. Цæрæнбонты сын фæдисонтæ æмæ сæ сæрылхæцджытæ кæй уыдыстæм, уый сæ ферох æмæ ирон адæмы лæггадæн аргъ ни- куы скодтой, ноджы ма ныл сайдæй зылдысты. Иу ахæм цæвиттон ма ис æрхæссæн XIV æнусы историйæ. 3. Чъичъинадзе фыссы дарддæр: «1320 году царем Картли стал Георгий V... К тому времени осетины занимали земли до реки Кури и владели Горийским крепостью. (Дарддæр иронау - С.Д.). Георгий У-æн йæ мад ирон уыдис æмæ хорз зыдта ирон æгъ- дæуттæ æмæ традицитæ. Ирон хæстон раздзогæй æрдомдта, цæмæй йын Ирыстоны зæххытæй егъау хай балæвар кодтаик- кой, фæлæ йын не сразы сты. Стæй та сæм бахатыд, цæмæй йын сомихæгты ныхмæ тохы баххуыс кодтаиккой. Ацы хъуыддагыл ын ирон хæстонтæ сразы сты æмæ ирæтты хъæппæрис тохы фæрцы Георгий V сомихæгтыл фæуæлахиз. Ацы уæлахизы фæстæ (бузныджы бæсты - СД) Георгий V æрхъавыд, цæмæй сыл сайдæй рацæуа. Æртæ азы дæргъы йæ алыварс чи уыд, уыцы гуырдзиаг хæстонтæй арæзта къордтæ ацы ирæтты ныхмæ. Стæй, ома кæй мын баххуыс кодтат, уый тыххæй уæ бузныг дæн æмæ уын Цивгомборы бахизæны ара- зын куывд. Æмæ уырдæм фæхуыдта, сомихæгты ныхмæ тохы йын чи баххуыс кодта, уыцы ирæтты персоналон æгъдауæй. Ирæттæ та (цæрæнбонты æнæхин адæм - СД.) ацы хуындыл дæр сразы сты.
Георгий V Цивгомборы бахизæны тыгъд быдыры фынгтæ æрæвæрдта цалдæр мин адæймагæн, быдыры алыварс хъæды та бамбæхста йæ хотыхджын гуырдзиаг къордты. Ирæтты фæ- расгуытæ кодта æмæ та сæ зæххытæ æрдомдта. Ирон æфсады сæргълæуджытæ, раздзогтæ та ацы хатт дæр не сразы сты, æмæ уæд фæсидт сусæгæй йæ гæрзифтонг æф- садмæ æмæ нозтджын ирæтты быныскъуыд скодтой. Ацы бонæй фæстæмæ ’рæвнæлдтой ирон хъæуты бацах- сын æмæ скуынæг кæнынмæ, Мцхетайæ райдайгæйæ, суанг Сураммæ. Ирæттæн æндæр гæнæн нал уыд æмæ ныууагътой Гуры фидар (Горис цихе) æмæ йæ алыварс зæххытæ дæр. Ацы цъаммар Георгий У-ы йæ мад йæ Цæгаты, Ирыстоны хъомыл кодта. Паддзахы бынат æм кæй æмбæлд, уымæ гæсгæ йын тарст, цæмæй йын æй гуырдзиæгтæ ма амарой. Фæлæ йæ цъаммар гуырдзиаг туг уæддæр скуыста йæ мадыфсымæрты ныхмæ. 1948 азы С. Джанашиайы редакцийæ уагъд «Сакартвелос историа»-йы («Гуырдзыстоны истори») 265 фарсыл фæрсæм: «Гуырдзыстоны ирæттæ сбирæ сты, Гуры фидар дæр сæ къухы бафтыд, уым дзырдæуы, Гуры фидар дæр, дам, ирæтты арæзт у. Ирон Адæмон сфæлдыстадмæ гæсгæ XII æнусы уыдис «Осо- ба» ирæтты заманы. Ацы дуджы ирæттæ уыдысты сæрбодзтæ, гуырдзыйыл къухдариуæггæнджытæ æмæ сæ территорийы, сæ зæххыты æнæхъæндзинад хъахъхъæнджытæ. Тамар æмæ Дауыт-Сосланы хуыдтой ирон паддзæхтæ. Да- уыт-Сосланы та адæм хуыдтой «Гуырдзыйы Хуыцау» æмæ «Стайыцармдарæджы» - 1666 строфæйы цы «гуырдзиаг хицау Дауыты» кой кæны, уый у йæхæдæг, Ирон Сослан. Сæ галуанон поэттæ Шавтели æмæ Чахрухадзе нæ ратæлмац кодтой сæ Одаты «Ас» æмæ «Ос» цы строфæты уыдис, уыдон. Нæдæр «Стайыцармдарæджы» райдайæн æмæ кæронбæттæн сты уырыссаг æвзагмæ тæлмац. 1987 азы Тбилисы Паддзаха- дон Университет Менабде Леуаны къухдариуæгадæй уырыссаг æвзагыл цы чиныг рауагъта «Древнегрузинская литература» (У-УШ вв), уым дæр ацы бынæттæ не сты тæлмац. (к)»>>>> >
Афтæмæй та ацы Одатæн æмæ «Стайыцармдарæг»-æн сæ ирон хуыз ацырæтты æвдыст цæуы. Дунейы ахуыргæндтæ та уырыссаг вариантимæ сты зонгæ, афтæмæй поэмæйы æцæг хъуыды аууоны зайы. Ахæм хинæй- дзаг æмæ цæствæлдахæг адæм сты нæ сыхæгтæ æмæ сын сæ мардыл дæр æууæнк нæй. Мцхета æмæ йæ алыварс цы археологон æрмæджытæ ссард- той, уыдон иууылдæр сты нæ рагфыдæлты уæлмæрдтæ æмæ æрмæджытæ, фæлæ уыдон дæр сæхиуыл æрфыстой. Мæнмæ гæсгæ сын «ма-кæ» зæгъын хъæуы, цæмæй зонадон дунейы ма сайой æмæ историйы алкæмæн дæр йæ бынат бæрæг уа. 1966 азы Парижы уагъдцæуæг зонадон конференцийы сын цалынмæ Абайты Уасо загъта, гуырдзиаг «Тарелиани» æмæ «Амиран Дареджаниани» «Стайыцармдарæг»-мæ гæсгæ, поэмæйы руаджы, уый тæвагæй равзæрдысты, уæдмæ афтæ нымадтой, цыма поэмæйы сюжет уыцы аргъæуттæй ист у. Стæй фашисттæ сæ хъуыды фæивтой æмæ Уасоимæ сразы сты. Æмæ уый фæстæ фыстой, ацы аргъæуттæ, дам, поэмæ «Стайыцармдарæджы» æндæвдады бын сæвзæрдысты. Фæлæ сын «Стайыцармдарæджы» «Бацæуæн» æмæ «Кæрон- бæттæн» уырыссагмæ кæй нæ тæлмац кæнынц, уый сын сæ цæстмæ ничима бадардта. Цæмæннæ тæлмац кæнынц Шавтели æмæ Чахрухадзейы одаты «Оси» æмæ «Аси» цы сторофæйы ис, уыдон? Шота - «Стайыцармдарæджы» автор йæхи хоны Руствели, абоны цæстæнгасæй - Руставели - Рустауаг. Уый фыссынц æмæ бæлвырд кæнынц гуырдзыйы Руствело- логтæ. Шота нæдæр Къахеты рустауаг у, нæдæр Тбилисмæ хæстæг рустауаг æмæ йæ Цхинвалмæ æввахс Рустауы цæмæннæ агурынц? Æви сæ нæ фæнды рæстдзинад зæгъын? Мæнæн мæ хъæр дардмæ нæ хъуысы, ахуыргонд нæ дæн, фæлæ кæй хæс у, уыдон æй хъуамæ уæндонæй зæгъой, цæмæй дунейы адæм зоной, чи цы у, уый. Советон дуджы, XIX æнусы, æмгуыст куы кодтам, уæд нæ уырныдта, не ’хсæн знагиуæг фæцис æмæ дарддæр кæрæдзи < Ч < <<<<(77)
æмбаргæйæ, æмцæдисон цард кæндзыстæм. Фæлæ Цæдисы фехæлды фæстæ равдыстой, сæ туджы фашисты гентæ кæй бады, æмæ аскъуыддзаг кодтой, цæмæй ирæтты скуынæг кæной æмæ мауал фылдæр кæной. Уый тыххæй Гуырæн хæдзары дох- тырты бафæдзæхстой, ирон сывæллон куы райгуыра, уæд æй бынаты бардуз æмæ сомбон ирæтты мауал фылдæр кæной. Ацы абуалгъ хъуыддаджы амæддаг фæцис нæ горæты цæрæг гуырдзиаг сылгоймаг, кæцы нæхи гуырæн хæдзары ирон дох- тыртыл нæ баууæндыд æмæ ацыд Гурмæ. Гуры ирон сывæллоны райгуырд хорзы боны нæ фæцис йæ мадæн, абон уыцы лæппу у рынчын. Ацы хабæрттæ фыссы Елбачиты Афрæнг, уый советон дуд- жы цардис Тбилисы, лекцитæ каст машинæаразæен ахуыр- гæнæндоны; Елбакидзе фыст кæй уыд æмæ гуырдзиагау сыгъ- дæг кæй дзырдта, уымæ гæсгæ йæ гуырдзиаг æнхъæлдтой æмæ йæ цæсты раз цыдысты ацы митæ иууылдæр æмæ сæ уыдта. Йæ лекцитæй йын-иу студентты акодтой, ирæтты ныхмæ тохмæ, дам, сæ цæттæ кæнæм. Цхинвалмæ-иу арæх æрбацыд, историон зонæдты кандидат Цхуырбаты Иванæн сæ-иу дзырдта, дыууæ институтмæ дæр- иу бацыдысты, тыхстысты, фæлæ сæм ничи байхъуыста. Нæ областы къухдариуæггæнджытæ-иу бадиссæгтæ кодтой, уый гæнæн, дам, нæй. Фæлæ стæй цы ’рцыд, уый федтам. Йæ мыг- гаджы фæрцы сæ дæластæрдон архивмæ дæр баирвæзт. Ахæм æдзæсгом адæм сты, æмæ сæхи «Гъвтис швиле- би» - «Хуыцауы байзæттаг» хонынц, афтæмæй сæ цæуæты мæнг историтыл хъомыл кæнынц æмæ æнхъæлынц, Дунейыл уыдонæй хуыздæр адæм нæй. Æгæрыстæмæй ма уый дæр æрымысыдысты: Хуыцау зæххытæ куы уæрста, уæд, дам, мах, гуырдзиæгтæ, байрæджы кодтам æмæ, дам, нæ Хуыцау куы бафарста, цæмæн æрæгмæ цыдыстыт, зæгъгæ, уæд, дам, Хуыцауæн загътам, мах, дам, цæл кодтам æмæ дæуæн куывтам. Мæнæн, дам, куыв- тат? - афарста, дам, нæ Хуыцау. Уæд, дам, мæхицæн цы зæхх (™)>>>>> > >
ныууагътон, уый, дам, уын лæвар кæнын. Хуыцауы дæр, дам, фæсайдтам, нæ ныхæстæ, дам, æй бауырныдтой. Цæрæн- бонты адон цагъартæ уыдысты æмæ сахуырысты сайын æмæ цæстмæмитыл. Дæ цуры дын «генацвале» («Дæ низтæ, дæ нывонд) зæгъдзæн æмæ дын фæсфæд та дæ фæсонты кард ныссадздзæн. Ирæттæ та - Ариæгтæ, Астæ, Алантæ, Сæрмæттæ - алыхатт дæр уыдысты сæрбодзтæ, сæрибар. Цагъардзинад сæ сæрмæ нæ хастой, фæлтау-иу намысджын ныфсæй знаджы ныхмæ лæууын фæрæзтой, худинаджы бæсты мæлæтыл разы уыдысты. Æмæ тæтæр-манголты æрбабырсты рæстæджы сæхи рауæлдай кодтой, гуырдзы та къутæрты бын бамбæхстысты. Бæстæ куы ’рсабыр, уæд рабырыдысты æмæ нын нæ фыдæлты хъæзныг ис- тори адавтой æмæ йæ сæхиуыл ныффыстой. Мæнг историтæ фыссынæй сæхицæн академикты æмæ про- фессоры чинтæ сарæзтой, афтæмæй та уæлейæ цы раиртасинаг хъуыддæгтæ æмæ проблемæтæ ис, уыдонæй иу дæр кæронмæ иртæст не ’рцыд. Æмбæхсынц æцæгдзинад, гæдыдзинадæн та фидар бындур нæ вæййы. Цы мæ фæнды зæгъын? Уыдысты нæ рагфыдæлтæн æххуырстытæ, Колхидæйы сын сæ фос хызтой, цардысты кæртыты. Знæгтæй сæ нæ фыдæлтæ бахъхахъхъæдтой æмæ бавæрдтой, цæрынц нæ фыдæлты зæх- хыл, - æмæ ма уæдæ чи у æрцæуæггаг æмæ уазæг? Мæнмæ гæсгæ, нæ быныскъуыдмæ уымæн бæллынц, æмæ тæрсынц, сомбон чидæр раст фыссæг куы фæзына æмæ сын хурмæ куы ракала сæ цæствæлдахæн митæ, уымæй. Сæ хинтæ æмæ кæлæнтæ сæхи уæнт, махæн та нæ сомбоны фæндаг Стыр Хуыцау рухс кæнæт! Гуырдзиæгтæ сæхи бæргæ «Гъвтис швилеби»-Хуыцауы бай- зæддæгтæ хонынц, фæлæ цагъартæ кæй уыдысты, æмæ ирæт- ты фæрцы адæмы рæгъмæ кæй рацыдысты, ууыл дзурæг у Туркаг ном «Гурджи». Ацы дзырд нысан кæны - цагъар, æмæ ма сæ ирæттæ дæр «гуырджийæгтæ» куы хонæм, уæд уый < < <<<<<(79
ницæуыл дзурæг у? Æмæ сæ митыл, сæ цæстмæ митыл нæ зыны цæрæнбонты дæлбар кæй уыдысты, уымæ гæсгæ кæй сахуыр сты цæстмæ митæ æмæ гæдыдзырдтæ. «Гурджи» - цагъар кæй нысан кæны уый Абайты Васо дæр бахах кодта йæ дзырдуаты. Васо ма уый дæр загъта термин Са- картвело Советон дуджы агъоммæ кæй нæ уыд, æмæ сын сæ знæмтæ Сталин кæй баиу кодта. Иу «сыгъзæрин эпоха» сын Сослан-Давид сарæзта, иннæ та Иосеб-Сосо Дзугаты, æртыггаг та - æрра Сагкайы фырт Иунæг тох дæр æнæ ирæтты фæрцы, никуы рамбылдтой. Нæ истори нын сæхиуыл бафыстой, нæ уæздан - Ариаг æгъдæуттæ сæхи рахуыдтой, æмæ нæм фæстагмæ бынтон цæгъдынмæ æр- хъавыдысты, фашисттæ! Æз чинтсе нсе домын, сенхъселцау нсе дсен, Нсе сомыл сагьсессей, фыдсехссев фседсен, Знаджы фсендиаг, нсе сомбон ксенсем, Рсестдзинад агурсег, фсецсеуон кседсем? 16.08.2020. ел?сХ5Ъо 80) УУУУУУ >
ЭТНОГРАФИ МÆРГЪИТЫ Ирбег АДÆМОН ХОСКÆНЫНЫ МАДЗÆЛТТÆ Незамантæй фæстæмæ ахæм адæмы хатт стæм разындзæн, æмæ адæймагæн хос кæныны фæрæзтæ чи нæ зыдта. Уымæ гæсгæ нырыккон зонадон медицинæ дæр адæмон медицинæйы бындурыл равзæрд. Ирон адæмон медицинæйæн рагон уидæг- тæ ис, ууыл дзурæг сты историон гуырæнтæ, куыд фыссынады ратæдзæнтæ, афтæ археологон æрмæджытæ дæр. Рынчынмæ зилын æмæ хостæй дзæбæх кæнын зонадон æгъдауæй цы æн- тыстытæ уыд ирон адæмы фыдæлтæм, уый зын зæгъæн у, фæ- лæ алцæмæ дæр сæ хъус лæмбынæг дардтой æмæ хос кодтой, сæ авналæнтæ куыд уыдысты хосгæнджытæн, уый хынцгæйæ. Æмбисондæн баззад Нарты фæткъуы æмæ мæрдтыбæсты Аза- __ бæласы сыфтæ, уыдон уыдысты алæмæттаджы хостæ рынчын адæйма- гæн. Уæдæ Нарты Сослан дæр йæ усы райгас кæны цыкурайы фæрдыджы руаджы. Фыдæлтыккон уæлмæрдты цы хосгæнæн мигæнæнтæ разынд, стæй ма стæгдарты уæлæ цы хоскæныны бавнæлдты нысæнттæ ис, уыдонæй Рагон ирон хосгæнджыты мигсенсентсе. 6* <<<<<<< («?)
бæлвырд цæуы, нæ фыдæлтæм кæй уыд ацы фадыджы стыр зонæнтæ, афтæ ма кæй уыдысты дæсны хосгæнджытæ дæр. Хос кодтой хъæдгомæн, дæндæгты низтæн æмæ а.д. Ууыл ма дзурæг сты хицæн таурæгътæ æмæ легендæтæ дæр. Царциаты таурæгъты иуы дзырдæуы, зæгъгæ-иу, Царциатæм сæры кæхц куы фегом хæстон архайды фæстиуæгæн, уæд-иу æй æрхуыйæ кæй бахуыдтой. Ахæм сæры кæхцытæ ма ныр дæр ссардæуы хицæн рагон ингæнты æмæ астæуккаг æнустыккон дзæппæзты дæр. Нæ рагфыдæлтæ раджы раиртæстой æрхуы, сызгъæрин, æвзист æмæ æндæр згъæртæ адæймаджы æнæниздзинадыл иттæг хорзæрдæм кæй аудынц, уый. Зæгъæм, цæмæй туджы цыд фæлæууа, уымæн ахъазгæнæг у æрхуы, стæй ма дзы хос код- той рыст фæуромынæн дæр, æцæгæлон буарæтты (инфекци- ты) та адæймаджы буарæй фесафы. Сызгъæрин æмæ æвзист та ахъазгæнæг сты æндæр æмæ æндæр низтæй дзæбæх кæнынæн. Хоскæныны хъуыддаджы Ирыстоны бирæ дæсны адæймæг- тæ уыдис, æмæ иу сæ зонындзинæдтæ дæттой фыдæй-фырт- мæ, мадæй уымæйдæр чызгмæ æмæ, уый фæстиуæгæн, сæ зонындзинæдтæ нæ сæфтысты. Æрмæст сæм уыд ахæм уырны- над, зæгъгæ, ацы зонындзинæдтæ æрмæстдæр иу адæймагæн ис бацамонæн, стæй дæр æрдзон курдиатæй хайджын чи у, ахæмæн, уымæ гæсгæ сæ алкæмæн нæ амыдтой. Скифты ингæнты ссарæггаг мигæнæнтыл нывæф- тыЬтæ Ирон адæмон хосгæнæн фæрæзтæ бирæвæрсыгон æмæ алы- хуызæттæ уыдысты. Дæсны хосгæнджытæ хос кодтой, сæйра- ^)»» ► ► ►
джыдæр, кæрдæджытæй, цæрæгойты сойæ, хицæн згъæртæй, урсагæй æркæнгæ хæлцадæй, алыхуызон зайæгойты фых дæттæй, суæрттæй, уырынгонтæй æмæ а.д. Уыдис ма ахæм фæрæзтæ хоскæнынæн, кæцытæ цыдысты дунейы зонадон медицинæйы разæй, зæгъæм, æрра куыдз æмæ æрра бирæгъы хæстæнуæдырæстæджы иронхосгæнджытæ хос кодтой. Ирыс- тоны арæх чи æмбæлы, ахæм сау хъæндилтыл-иу карз арахъхъ ныккодтой æмæ-иу æй рынчынæн дардтой бон 2-3 хатты 100 граммы бæрц. Уыцы хос-иу афæдзæй-афæдзмæ хосгæнджытæ æвæрдтой, æмæ-иу куы бахъуыд, уæд дзы хос кодтой алкæмæн дæр. Уыцы хосæй ма бирæ низтæн хос кодтой, уыцы нымæцы, æхсинты низæн дæр. Тæссаг низтæй иу уыд халера, æмæ дзы стæм рынчын дзæбæх кодта, фæлæ йын ирон хосгæнджытæ амал кодтой хуымæтæджы фæрæзтæй. Ацы низæй-иу чи фæ- рынчын ис, уымæн-иу йæ буар æлхынцъытæ кодта, æмæ-иу ахæм адæймагæн нурыйы ссæст уыцы бынаты сæвæрдтой, стæй ма-иу йын йæ къæхтæ уазал цæугæдоны нывæрдтой, æмæ рынчын дзæбæх кодта. Хъус рыстæн хоскæныны мадзал та уыд, адæймагæн йæхи доныхуыпп цалдæр æртахы хъусы æртагътой æмæ-иу рыст дæр æрлæууыд, низæй та-иу цæрæнбонтæм фер- вæзтысты. Æстæгнизæн (æнтъыснæгæн) та хос кодтой алыхуы- зон кæрдæджытæй, уæлдай дæр та, фугæйæ. Цуайнаджы-иу сæ доныл рафыхтой, æмæ-иу рынчын уым йæ къæхтæ æрдæг са- хаты бæрц фæдардта. Афтæ цалдæр хатты, æмæ-иу рынчын сдзæ- бæх. Сæрстой ма-иу рынчыны къæхтæ ар- сы æмæ згъарæджы сойæ дæр. Хъæдгомæн ХъаныхъуатыУ.ныз дæр бирæ мадзæлттæ уыд. Хос ын кодтой адæймаджы доныхуыппæй, хæлуарæджы тынæй æмæ бирæ цæмæйдæрты. Лыг-иу кæм уыд, уым-иу < < < <<<<(зз)
байзæрстой гæдыйы дымæджы (тысячелистник) хус згъæлст кæрдæг æмæ-иу цыбыр рæстæгмæ байгас. Хъæдгомæн æмæ туг фæуромынæн тынг æххуыс кодта Габейы кæрдæг (бальза- мин-недотрога). Габейы кæрдæджы ахадындзинад та сбæрæг ис афтæ: Габе уыд Гæззатæй Хъорнисы зылды Чъециаджы хъæуккаг, кæддæр хъæдмæ ацыд суг кæнынмæ æмæ фæрæтæй йæ зæнг алыг кодта. Хъæдгом афтæ стыр уыд æмæ йæ туг цыхцырæгæй ныллæууыд. Габе стыхст, уынæг дæр æй ничи уыд æмæ йæ фарсмæ цы кæрдæджытæ задис, уыдон ратыдта æмæ сæ хъæдгомыл сæвæрдта. Цыбыр рæстæгмæ туг æрлæууыд, æмæ сындæггай хъæумæ æрцыд. Ацы кæрдæджытæй йæ нод- жы хæдзары бæстон бабаста æмæ къахы хъæдгом цалдæр бонмæ байгас. Ацы хабар адæмæн радзырдта, æвдадзы хос кæй у хъæдгомæн æмæ туг æруромынæн. Афтæ адæм базыдтой ацы кæрдæджы ахадындзинад æмæ йæ рахуыдтой Габейы кæрдæг. Ирон хосгæнджытæ ма хос кодтой, дæндаджы-иу мæра куы уыд æмæ-иу куы рыст, уæд. Цъындайы къæбæл-иу стæвд код- той æмæ-иу дзы дæндаджы мæрайы нуар басыгътой æмæ-иу рыст æрлæууыд. Цæмæй уыцы архайд адæймаг урæдтаид, уый тыххæй-иу йын иу сыкъа карз арахъхъ адардтой æмæ-иу рыст афтæ тынг нал хатыд. Хос кæныны фæрæзтæ бирæ уыдысты, зæгъæм, хуыфæг, рæуджыты низæн хос кодтой арсы, згъарæджы æмæ сæгъы сойæ. Рынчынæн-иу дзы дардтой тæвд æхсыримæ. Стæй ма-иу йын дзы йæ риу дæр байсæрстой. Уыдырны дæр ив- гъуыд рæстæджы арæх хæцыд адæмыл, æмæ уымæн дæр бирæ хостæ уыд. Сæрмагондæй-иу хосгæнæг судзины бырынкъæй уыдырны кæм уыд, уыцы бынатæй систа уыдырныйы лыстæг уидæгтæ æмæ-иу æй стæй байсæрста, тагъд чи гас кодта, ахæм хостæй æмæ-иу рынчын сдзæбæх. Хос ма йын кодтой залгъæды доныфыхæй, стæй ма уыдырныхосы (манжеткайы) доныфыхæй дæр. Туджы æлхъывдад-иу бæрзонд куы уыд, уæд-иу уымæн та йæ буар кардæй чысыл фæлыг кодтой æмæ-иу туг иудзæвгар куы рацыд, уæд-иу адæймагæн фенцондæр. Хос ма йын кодтой арсы мастæй дæр, донимæ-иу йын æй дардтой. Ахсæны низтæн дæр’ бирæ мадзæлттæ уыд. Рынчынæн-иу дардтой стуры, фысы маст цалдæр хатты, æмæ-иу тынг фæахъаз ис рынчынæн. <©>»>► > > ►
Ирон адæмон медицинæйæн стыр æнтыстытæ уыд саст æвæрын æмæ дзæбæх кæныны хъуыддаджы. Къах, гъе къух куы асаст, уæд-иу йæм хосгæнæг дзæбæх æркаст, басгæрста æмæ- иу саст стæг йæ бынаты сæвæрдта. Уый фæстæ-иу халсас- къы (окопник лекарственный) уидаг ныххафта, хæцъилы йæ стыхта æмæ йæ афтæмæй æвæрдта саст бынатыл, æддейæ-иу ыл фæйнæджы цыбыр лыггæгтæ (къæлæттæ) сæвæрдта æмæ иу сæ æнгом бабаста. Къуыри-иу сæ дыууæ хатт ысыхæлдта, хъæцъил-иу раивта, æмæ-иу афтæмæй цадæггай саст стæг бай- гас. Халсаскъы уидагæй ма-иу хос кодтой къах, гъе къух куы фездыхст, уæд уымæн дæр, æвæрдтой йыл-иу халсаскъы доны æвдылд хæцъил æмæ-иу цалдæр сахатмæ рæсыд æрбадт. Ахæм рæстæджы ма-иу хос кодтой рæсыдбадæн кæрдæджы (гореча- евка семираздельная) доныфыхæй дæр. Калм-иу искæуыл куы фæхæцыд, уæд-иу хæсты бынат рахсадтой скъæлдзойы (полынь горкий) донфыхæй, стæй ма дзы рынчынæн кодтой даргæ дæр. Ахсæны, тъæнгты æмæ игæры низтæн диссаджы ахъазгæнæг уыдысты æрдзон суар дæттæ дæр, уыцы нымæцы: Бæгъиаты суар, Сыбайы, Дзауы, Хуыцъейы, Лесейы, Нагутнийы, Дзимы- ры æмæ æндæртæ. Дзимыры суар ма иттæг тынг æххуыс кæны сæкæры низæн дæр. Хуыцъейы хъæуы цур та ис смудгæ дон æмæ уымæй та хос кодтой астмайы низæн. Адæмон медицинæйы руаджы æндæр æмæ æндæр низтæн чи хос кодта, уыдон уыдысты Згъуыбиры хъæуккæгтæ Хæны- къаты Гис æмæ Фаризæт, Сыбайы хъæуккаг Абайты Цоца, Ерманы хъæуккаг Быгъуылаты Сандро, Тырсыгомы - Хъара- ты хъæуккаг Уртаты Цицкъо. Къуыдаргомы Хуыгаты Довлет æмæ Илар - саст æвæрæг, Джуссойты Къатъи æмæ Хъоцыты Аникъо - дæндаг исынмæ, саст æмæ хъæдгоммæ зилынмæ уыд иттæг дæсны, Болататы Нуца - Потнисагомæй, мойгонд та уыд Балтайы хъæумæ, уыд дæсны хъæууон хосгæнæг. Бузалайы хъæуккаг Гасситы Уасил - састæвæрæг, Рукъгомæй Плиты Да- уыт, Дзауы зылды Тедеты Дауыт, Чилæхсаты Карум хос кодта хуылфы низтæн, уь^дырныйæн, хъæдгомæн. Чилæхсаты Соло- ман æмæ Сардо хос кодтой саст æмæ æлвæстæн, афтæ ма цармы < < <<<<4С35
нызтæн дæр. Саст æмæ æлвæстæн тынг дæсны хосгæнæг уыд Къæбысты Тъура дæр. Тъехты Парса - хос кодта стæгхъæнтæн. Кæркуысты Сикъо Кæркуысты хъæуккаг, фæстæдæр æрцард Дампъалеты хъæуы, æлвæст æвæрынмæ æмæ стæгхъæнтæм зилынмæ уыд стыр дæсны. Сикъойы æфсымæр та иттæг хорз зыдта фосы низтæ æмæ сын хоскæныны амæлттæ дæр. Низы ныхмæ-иу ирон хосгæнджытæн сæ бон куы ницы цы- дис амал æссарын, уæд та-иу рынчынтæн хос кодтой уырны- нады бындурыл - дæсныты амындтæй. Низы фæзынд адæмон хъуыдыкæнынадмæ гæсгæ баст уыд кæцыдæр бардуæгтæ æмæ зæдтимæ дæр. Уыдис ахæм зæдтæ, кæцытæм-иу куывтой иуæй-иу низ- ты тыххæй, зæгъæм, Аларды æмæ Рыныбардуагмæ куывтой, цæмæй сæ тæссаг низæй фервæзын кæна æмæ бахиза. Ацы зæдты номыл-иу кодтой кусæрттæ æмæ бæрæгбонтæ дæр. Мады Майрæммæ куывтой, цæмæй сын фылдæр сывæллæт- тæ радта æмæ уой æнæниз. Бинонтæй- иу исчи куы фæрынчын, уæд-иу скод- той æртæ уæливыхы, æмæ-иу хæдзары хистæр скуывта Сфæлдисæгмæ. Уæззау рынчынты-иу акодтой дзуар- мæ æмæ уым дзуарылæг куывта, цæ- мæй йын йæ тæригъæдтæ ныххатыр кæна æмæ йæ сæнæниз кæна. Цы зæд æмæ дзуарæн скувын хъуыд, уый та сын-иу бацамыдта дæсны. Уыцы дæсны-иу фарста фаттæй æмæ æндæр цæмæйдæрты, æмæ-иу æй куы базыд- та, кæцы дзуар сæм фæхъызыд, уæд- Кæркуысты Сикъо. Иу йæ номыл нывондæгтæ æрхастой, зындгонд хосгæнæг рынчын та, дам-иу, снæниз ис. Рынчын адæймагмæ дæр сын аудгæ ахаст уыдис æмæ сæрма- гонд хъусдард. Хъæубæсты мидæг-иу исчи куы фæрынчын, зæронд уыд, æви сывæллон, æмæ-иу куы райхъуыст, уæд æм рынчынфæрсæг цыдысты дæрддзæф хъæутæй дæр. Цыфæнды хæцгæ низæй рынчын ма уыдаид, уæддæр æм цыдысты, ома, 8Ч > > > > > > >
дæ Хуыцау куы нæ мара, уæд нæ амæлдзынæ. Уæззау рынчыны- иу дзæгъæлы никуы ныууагътой. Æхсæв та йæм бадтысты фæ- сивæд. Хынцыдтой йæ хуыздæр хæринæгтæй, йæ зæрдыл-иу цы æрбалæууыд, уый-иу йын уайтагъддæр ацарæзтой. Цæмæй рынчыны ирхæфсой, уый тыххæй-иу зарыдысты зарджытæ, кодтой аргъæуттæ, цагътой фæндырыл кæнæ та дыууадæстæнон фæндырыл. Ирон адæмон хоскæныны мадзæлтты хицæн хуызтæ прак- тикон æгъдауæй тынг аудыдтой адæймаджы æнæниздзинадыл, уымæ гæсгæ уыдонæй абондæр ис спайдакæнæн дохтырты амындтæм гæсгæ æмæ сыл хъæуы лæмбынæг дæр ахъуыды кæнын. ехГсХэЪ^ Ч Ч Ч Ч < < < Св7
ПАИТЫАенæ ÆРДЗДИССАГУ! Æнахуыр рæсугъд рукъаг райсом. Хъом хизыны рад мæнмæ æрхаудта, раджыгомау сыстадтæн æмæ мæхи арæвдз кодтон. Мæ ахызт кæртмæ æмæ сæУæхсиды фæзынд баиу сты æмæ мын мæ разæй фæкодтой дыууæ хъæуы стурты. Хъуамæ сæ фæсрагъмæ сæрвæтмæ хизынмæ аскъæрдтаин. Цалынмæ хуры тын хæхтыл нæма аныдзæвыди, уæдмæ - хорз. Тæвды хъом дзынгатæй тыхсын райдайынц æмæ зын аскъæрæн вæййынц... Какæтты сæрмæ нæ бирæ нал хъуыд, афтæмæй иу рæсугъд бæрз бæласæй цъиу цыдæр дæргъвæтин рæсугъд хъæлæсæй ба- зарыд. Йæ зард мæ зæрдæмæ фæцыд æмæ йæ афæзмыдтон. Нæ зард æмхуызон рауад, æмæ та цъиу ногæй базарыд. Æрбадтæн бæласы бын, æмæ нын зард бацайдагъ; куы - æз, куы - уый, куы - иумæ, афтæмæй афæстиат дæн, хъомтæ дæр мæ æрбайрох сты. Цъиу мæм хæстæгдæр къалиумæ æртахт, комкоммæ мæм кæсы, йæхимидæг къалиуыл тымбыл зилы, тынг зæрдиагæй цъыбар-цъыбур кæны, æз æй сфæзмын, æмæ та уый дæр база- ры. Æвæццæгæн, дзурын куы зыдтаид, уæд изæрмæ фæныхас кодтаиккам. Уалынмæ мæ фарсмæ нæ æрмахуыр урсдзых гал æрбалæууыд, æмæ мæм комкоммæ кæсы, куыд зарын дзибаимæ иумæ... Галы хизын тынг фæндыд, какæтты ’хсæн кæрдæг нæ уыд. Хур дæр уайтагъд хохыл аныдзæвыд, хъомтæ дзынгатæй тыхстысты, æмæ мын се скъæрын фæзын, чи дзы хъæды ’рдæм лыгъди, чи (88)»>>> > >
та - хъæуы ’рдæм. Цъиуы ма зарын фæндыди, фæлæ фескъуыди нæ зарæг... Хъомтæ ныххæлиу сты, æмæ ма сæ удисгæйæ схæццæ код- тон рагъмæ. Мæ цæст куы ахастон уыцы рæсугъд кæмттыл, уæд мæ фæллад æрбайсæфт. Хъомтæ зыдæй цъæх нæууыл хи- зын райдыдтой. Уыгæрдæнтæ та бынтон рæсугъд уыдысты. Галвæндагыл мæхи фæцæуæг кодтон комы ’рдæм. Дзоныгътыл мæкъуылтæ уыцы фæндагыл ластой рагъмæ. Урсдзых гал та дæлвæндагæй мæ цурмæ схызт æмæ йæхи мемæ фæцæуæг код- та, зыдта йæ, комы уазал суадон ис, æмæ дзы нæ дыууæйы дæр хъуыдис... ел?с)(?Ь^ < < < <<<<Сз9
ног ном УААЫТЫ Мирандсе ГЫЦЦИЙЫ ЧЫСЫЛ ХУРТÆ, КÆНÆ МÆГУЫРÆЙДÆР СÆРЫСТЫР’ Фидауынгæнæг тыхтæ. Куыд цыбыр у ацы дзырдбаст фæлæ уымæ ’нæ кæсгæйæ та, цас хорздзинæдтæ æмæ ныфсы тæгтæ хæссын кæны адæмæн сæ сомбоны цардæн! Хуссар Ирыстоны 90-æм азты цы цаутæ цыдис, уыдон никæцы ирон адæймагæн, кæцыфæнды континентмæ цæрынмæ ма фæцы даит, уæ ддæр сæм куыдфæндыйы цæстæй йæ бон кæсын нæ бауыдаит. Хæстон сау хабæрттæ бонæй-бон куыдфæраздæронæй бырстой алы ирон хæдзармæ дæр, кæцытæ мæгуыр адæмы зæрдæтыл уагътой туджы фæдтæ. Бирæ зæрдæскъуыйæн хабæрттæ хъуыст Хуссар Ирыстоны районтæ æмæ хъæутæй дæр. Знаг кæд Цхинвалмæ æрбахизын нал уæндыдис, уæддæр сæ фыдракæндтæ хъуы- стысты нæ Респбликæйы районтæй æмæ хъæутæй: ам дæр та кæй маргæ кодтой, кæйты та цагъары кодтой, сыхтой сын сæ хæдзæрттæ, паплой цыдысты сæ фæллæйттæ. Иудзырдæй, Хус- сар Ирыстоны алы къуымы дæр фысымиуæг кодта геноцид. Хъыгагæн Комианы фæдзæхстытæ дæр парахатæй æххæст цыдысты: знаджы къухæй мардысты сабыр цæрæг адæм, удæ- гæстæ та архайдтой сæ удтæ фервæзыныл. Цалынмæ фида- уынгæнæг тыхтæ хæццæ кодтой, уæдмæ мардысты, куыд сабыр цæрæг адæм, афтæ фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ дæр. 11 июль 1992 аз. Уыцы сæрд уæлдай тæвд уыдис Цхинвалы. Уæд хæст йæ тæккæ тæмæны уыдис. Уый размæ бонты ма-иу 1 Кæрон. Райдиан «Фидиуæг» №4-6, 2020. 90) > > > > > > >
кæд кæддæрты се ’хсынæй фæлæууыдысты, уæд ныр гуырдзыйы фашисттæ, цымæ ма, рæстæгæй апайда кæнынмæ хъавыдысты, уыйау сын æрлæуд нал уыд. Ныры хуызæн горæтыл никуыма æрхъула кодтой. Бæстæ цæхæр фестад. Ирыстоны хъæбатыр лæппутæ дæр сын, аккаг дзуапп дæттгæйæ, хъахъхъæдтой го- рæтмæ æрбахизæнтæ. Се ’хсæн бацайдагъ карз тох. Тимурæн кæд постмæ цæуынæн йæ рад нæ уыд, уæддæр уымæ нæ кæс- гæйæ йæ автомат йе уæхскыл баппæрста æмæ уый дæр иннæ хъахъхъæнджытимæ ацыд йæ постмæ: - Ды та ам цы кусыс?! - афарста йæ лæппутæй сæ иу. - Ды цы кусыс, æз дæр уый! - дзуапп ын радта Тимур. - Æмæ ды кæй бæсты рацыдтæ, уый йæхæдг та кæм ис!? - мæсты фарст æй акодта лæппутæй сæ иу... Нæмыгæй алчидæр тæрсы æмæ дзы кæд Тимур дæр тар- стис, уæддæр йе ’мбæлтты ’хсæн йæхи тæппудæй никуы равды- ста. Кæддæриддæр-иу уый дæр се ’хсæн ныфсхастæй лæууыд. Æвæццæгæн, бирæ хатт æфсымæртæ дæр афтæ хъæрмуд нæ вæййынц, ацы лæппутæ кæрæдзийыл куыд уыдысты. Алкæй дæр сæ фæндыд, цæмæй йæ бæллиц сæххæст уыдаид, цæмæй афтæ тынг цы Ирыстоны уарзтой, уый та ногæй йæ къахыл слæууыдаит, федтаиккой ын йæ сæрибардзинад æмæ знагимæ тохгæнгæйæ та сын уыцы хъуыды дæтта хъару æмæ ныфс. Бирæ хъæбатыр лæппутæ фæмард Ирыстоны сæрыл тох- ты. Уыдон ’хсæн йе ’взонг, цардбæллон уд нывондæн æрхаста Тимур дæр. Йæ дыууæ æнахъом сабийы æмæ йæ цардæмбалы хъысмæты хивастæй ныууадзгæйæ. Куыд тынг æнхъæлмæ каст Ирыстоны сæрибары бонмæ. Йæхицæн мæлын æнхъæл ни- куы уыд, æмæ кæй уыдта, уыдон-иу фæдзæхста, цæмæй хæсты рæстæджыты сæхи æхстытæй бахызтаиккой, дзырдта сын-иу, цæмæй æнæхъуаджы ныккæндтæй æддæмæ макуыдæм хыз- таиккой. Æмбарын сын кодта, Фидауынгæнæг тыхтæ Хуссар Ирыстонмæ æххуысмæ кæй æрцæуынц æмæ уæдмæ та знаг ноджы карзæрæй-карздæр кæй равдисдзæнис йæхи, нæ адæмы нын ноджы æнауæрдондæрæй кæй куынæг кæндзысты... Тимур фæмард карз тохы. Уый йæ пулеметимæ лæууыд горæты æрбахизæнтæй сæ иуы, йæ нæмгуытæ исынмæ куыд нывнæлдта, афтæ йын снайперы нæмыг йæ цард аскъуыдта. Йæ дыууæ къухæй ма йæ цæсгом ахгæдта æмæ æрхауд. Кæд кæддæр < <<ЧЧ<<<©)
йæхæдæг гуырдзиаг æвзонг лæппуйы мæлæтæн нæ радта, уæд ыл ныр сæхæдæг нæ бацауæрстой. Иæ хæстон æмбæлттæ ма йæм æххуысмæ бæргæ балыгъдысты, фæлæ ма уый йе ’мбæлттыл йæ цæст ахæсгæйæ, цыдæр зæгъыныл бæргæ архайдта, фæлæ йæ бон нал бацис. Æвæццæгæн афтæ тынг цы сывæллæтты уарзта, уыдон ма йæ фæндыд йе ’мбæлттæн афæдзæхсын, фæлæ йын æгъатыр мæлæтæн йæ цæст уый зæгъын дæр нал бауарзта. Тимуры æнамонды хабар фехъусгæйæ, Мари цавддурау азза- дис, йæ зæрдæ ныддур, нал дзы хаудис цæссыджы мур дæр, афтæ йæм каст, цыма, йæ амондджын цард куыд фæцис, афтæ дунетыл дæр цард æрлæууыдис... Фæлæ, кæд йæ сæр къултылхойын дæр æмбæлдис, уæддæр уый йæхицæн фæстæдæр фидарæй загъта: - Хæст æгъатыр у, уый тæригъæд никæмæн зоны, никæуыл ауæрды! Ногæй та фæмард сты Ирыстоны хъайтар лæппутæ, семæ мæхи Тимур дæр. Тимуры бавæрдтой Цхинвалы 5-æм астæуккаг скъолайы кæрты 14-æм июлы. Уыцы бон Хуссар Ирыстонмæ æрхæццæ сты æмхæццæ Фидауынгæнæн тыхтæ, фæлæ сæ уый нал ба- зыдта. Уый йæ фæстаг фæндагыл цæугæйæ, эстафетæ радта йе ’мхæстон æмбæлттæм æмæ Фидауынгæнæг тыхтæм, се ’рцыд ирон адæмæн уыд стыр Бæрæгбоныл нымад. Фæлæ Тимур се ’рцыдыл нал бацин кодта. Ногæй та бабын ’сты Ирыстоны лæппутæ, ногæй та Ирыстон сæ фæстаг балцы фæндараст код- та Иры хъæбатыр лæппуты. Уыдонимæ уыд Тимур дæр. Бæргæ сын бирæ фæндтæ уыдис сæ дарддæры царды, фæлæ сыл хæст йæ тугæйдзаг къæхтæй балæгæрста. Мари афæдздæргъы тынг арæх цыд Тимуры уæлмæрдмæ. Ам ын йæ хъуыдыты ничи хъыгдардта. Æрмæст-иу æй, æвæц- цæгæн, хаттæй-хатт хъæддаг мæргътæ дæр æнæфæхатгæ нæ фæуыдаиккой йæ зæрдæ йæ куыстæй цалдæр уысммæ куыд æрлæууыд, уый. - Куыд дæ, мæ зынаргъ? - афарста-иу æй æмæ та йын сырх уардитæ йæ цырты раз æрæвæрдта. Куыд тынг æй нæ фæфæн- ды, йæ уарзон дидинджыты йын йæ уæлмæрдмæ хæссын, фæлæ йын сæ уæддæр æрбахæссы. - Уæдæй ардæм бирæ рæстæг нæ рацыд. Уыцы азты мидæг дæ фæстæ æрвылаз дæр дæ уарзон сырх дидинджытæ цалдæр хатты рафтыдтой æмæ цалдæр хатты та хус баисты. Фæлæ та 92Л УУУУУ> >
дын сæ æз абон ногæй æрбахастон рæсугъдæй. Йæ зæрдыл ын æрбалæууын кæнынц - йæ гуырæнбонмæ-иу ын дидин- джыты баст цингæнгæ куыд æрбацæйскъæфта. Йæ хъуыдытæ та йæ ахæссынц æппын рæджы ма сæхи амондджынæй кæм æнкъардтой, уыцы рæттæм. Йæ цырты раз æрбадт æмæ та йæ уынгæг хъæлæсæй афарста: - Цы митæ мын бакуыстай мæ цардæн, мæ зынаргъ? Цæмæн дæ ам? Цæй тыххæй? Æвæццæгæн ды ам, де ’нусон бынаты, дæхи амондджынæй æнкъарыс. Фæлæ æз та, æз? - Кæмфæнды ма уы- даид, уæддæр æм иууыл æнхъæлмæ кастис. Йæ амæлæты фæстæ йын бирæ рæстæджы дæргъы ’вæрдта фынгыл йæ хæринаджы къус сырх сæны агуывзæимæ, уæд иу, цыма, йæ зæрдæйæн, бирæ фенцондæр ис. Афтæ йæм каст, цыма, та дуар æнæнхъæлæджы фегом уыдзæнис æмæ цингæнгæ æрбадзурдзæнис: «Тыхсгæ ма кæн, мæ зынаргъ! Æз мæнæ дæн!». Йæ цæстæнгас-иу дуарæй нал иста... Уыдон хисайæн хъуыдытæ кæй уыдысты, уый бæргæ хорз æмбæрста, фæлæ йæхи басæттын дæр йæ бон нæ уыд, цыма йæ уыдæттæй йæ зæрды фæстæмæ раздахын уыд. Зæрдæйæ-зæрдæмæ ныккæсæн нæй, æндæра-иу уæд чизо- ны кæцыдæртæ бамбариккой, куыд зын у уарзон удыхай феса- фын. Тимуры амæлæты фæстæ Мари йæ царды ныфс кæмæйты æвæрдта, уыдон радгай сæхи дард исын райдыдтой. Чизоны уый размæ дæр ахæм уды хицæуттæ уыдысты, фæлæ сæ уæд рæстмæ нæ зыдта. Адæймаджы хорздзинад, дам, бахъуыдыйы рæстæджы рабæрæг вæййы. Уый Тимуры цур кæддæриддæр ныфсджын уыдис æмæ сын сæ фæлитой митæн уадиссаг нысаниуæг нæ лæвæрдта. Уæд уый йæхи иууыл амонджындæр адæймагыл нымадта! Ныр, уыцы амондджын бонты мæлæтхæссæг хæст цыма дард кæдæмдæр фехста, уыйау дзы адæймаджы зæрдæйы маст æмæ дудгæбон йеддæмæ ницыуал аззадис. Ацы хæцæг лæппу- тæй алкæцы дæр сæ цардвæндаджы кæронмæ тох кодта знад- жы ныхмæ намысджын æмæ хъæбатырæй. Уыдон тох кодтой, сæхи бахъахъхъæнын сæ бон кæмæн нæ уыд, уыдон сæрыл дæр. Сæ цард лæвæрдтой, цæмæй сын закъонмæ гæсгæ сæ фыдæлтæй цы зæхх баззад, уый бахъахъхъæдтаиккой. Уый та у æцæг хъæбатырдзинад! < < < <<<<С93
Бынтон æнахъомæй æнæ фыдæй аззадысты Тимуры хъæ- бултæ дæр - Амагæ æмæ Аидæ: Аидæйыл цыдис æртæ азы, Амагæйыл та - афæдз. Кæддæр, цалдæр азы размæ фидар, хъæрмуд бинонты цард цæдджинагау кæм фыхтис, уый иу уысммæ æртхутæг фестад... Тимур, æндæр ирон лæппутау, тынг бæллыд хæсты фæудмæ, фæндыд æй, цæмæй та ногæй йæ бинонты иу ранмæ æрбамбырд кодтаид æмæ та дарддæр иумæ хъæрмуд цард кодтаиккой. Æмæ мæнæ йæ иууыл бæллиццагдæр бон - 14 июль 1992 аз. Бирæ тухитæ бавзарæг адæм цины æнкъарæнтимæ рахызтысты уынгтæм æмæ бузныджы ныхæстимæ æмбæлдысты фидыдад хæссæг салдæттыл. Уыцы бон канд бæрæгбоныл нымад нæ уыд, фæлæ ма йемæ æрхаста царды бæрæгбон дæр. Бæрæгбоныл канд Хуссар Ирыстоны цæрæг ирæттæ нæ цин кодтой, фæлæ ма æгас дунейы цы ирæттæ цардис, уыдон дæр, кæцытæ зæрдæйæ тыхстысты, цæмæй Хуссар Ирыстоны тагъд рæстæджы хæст æрсабыр уыдаит. Адæм бæргæ цин кодтой, фæлæ Марийæн йæ зæрдæмæ рухсы цъыртт никуыцæйуал калд. Уыцы бон уый йæ фæстаг балцы фæндараст кодта йæхи Тимуры. Тимурæн кæд фадат уыд уæды Советон Гуырдзыстоны кæцы- фæнды горæты дæр йæ дарддæры цард скодтаид, уæддæр æй йæ къах йæ Ирыстонæй дарддæр никуыдæм ахаста. Æвæццæгæн æй цахæмдæр магнитон тых, йæ уарзон Ирыстонмæ уымæн æлвæста, цæмæй йæ фыдæлты зæххыл хъайтары мард акодта- ид æмæ цæрæнбонтæм йæ ном фыст æрцыдаид Ирыстоны ног историйы. Знагимæ хæцгæйæ, Тимуры къухы уыд пулемет, кæцыйы мардæй дæр нæ фæндыд радтын... Хъысмæт тынг æгъатыр разынд ацы дыууæ уарзæгой удмæ, æмбисондæн баззад, зæгъгæ, дам, мæ фыдзæрдæйы сылыстæг дæр æвзонгæй искæйы уæзæгыл идæдзæй ма баззайæд. Фæлæ хъысмæты фыдæнæн Мари уæддæр æддæмæ йæхи æвдыста фидарæй æмæ йæ цæстысыгтæ дæр йæ иууыл æввахсдæр æм- бæлтты цур йеддæмæ никуы равдыста. Сылгоймаг йæ удыхайæ куы фæиппæрд вæййы, уæд фыцца- джыдæр, йæ сидзæр сывæллæттыл фæхъуыды кæны æмæ кæд ТиМуры амæлæты фæстæ Марийыл 28 азы йеддæмæ нæма цыд, уæддæр уый фидарæй аскъуыддзаг кодта, цы дыууæ æнахъом 5*) »»►►►
сидзæр сылыстæджы номыл баззад, уыдонæн йе ’взонг цард кæй ’снывонд кæндзæнис. Зын у сылгоймагæн дугимæ æмдзу кæнын! Уæлдайдæр та дын уыцы дуг демæ йæ тыхтæ æвзарын куы ’рымыса, уæд. Цæ- виттон нæ фæлтæргæ фæкæны, бауыдзæнис нæ бон йемæ стох кæнын, æви нæ, гъе та ма нæм уыцы ныхмæлæуды фæстæ нæ хорз миниуджытæй исты аззайдзæнис æви нæ?! Фæлæ адæймаг æппæтæн дæр фæразон у!.. * * * Давид дæр йе ’мкъай Мадинæимæ хуыздæр цардагур фæ- цыдысты .Уæрæсейы горæттæй сæ иумæ. Уыдон дæр сæ сывæл- лæтты сомбоныл хъуыдыгæнгæйæ, фыдæбæттæ кодтой æмæ сын æнтысгæ дæр кодта. Комиан ма йæ удæгасæй сæ уындмæ бæргæ бæллыд фæлæ, мара зæгъ, йæ амæлæты бонмæ сæ йæ тæфтыл цæугæ дæр ничиуал акодта. Афтæ-иу дзырдта, зæгъгæ: - Гъа, чынд зы нал хæрам кæнын, куыд бамбæрстон, афтæмæй æз уымæн æппындæр ничи дæн, фæлæ Давид та Давид, уый та ’ввахс цæмæннæуал цæуы, Кæд-иу кæддæрты Ирыстонмæ йæ хъуыддæгты фæдыл æруадис, уæддæр-иу æм уыйбæрц лæджыхъæд нæ разындис, цæмæй йæ гыццийы абæрæг кæна, кæд-иу æм кæддæрты бауад, уæддæр-иу хæрз цъус рæстæгмæ йæ цуры абадтис, стæй-иу цомы къахыл ныллæууыд. Уæд ын иу хатт Комиан афтæ зæгъы: - Иу-цалдæр бон уæддæр куы аззадаис, ам дæр дын адæм дæ хæдзар хонынц, дæ фыды фæстæ йæм къух æвнæлд дæр нал уыд, хорз уаид æмæ йæ куы бацалцæджытæ кæнис: - Нæ мæ ’вдæлы, гыцци! Тынг бирæ хъуыддæгтæ мын ис аразинаг! - Уæд та сывæллæтты демæ куы ракодтаис, цæмæй ма сæ мæ удæгасæй иу уынд уæддæр фæкæнон, æви мын уый дæр уæ цæст нал уарзы. Зæронд ус æй бæргæ æмбæрста, Давиды йæ хорз цардæй уыдæттæм æвдæлгæ дæр кæй нал кæны, цард сæ цас буцдæр кодта, афтæ дзы уыдон та фылдæр домдтой. Мадинæйæн рагæй фæстæмæ йæ бæллиц уыд, цæмæй хъæздыг цард кодтаид, ныр йæ къухты куы бафтыд, уæд æй йæхи цард йеддæмæ ницыуал æндæвта. Ничиуал æй хъуыд йæ цæгатæй дарддæр. Мари сын сæ митæм бæргæ мæсты кодта, фæлæ йе < < <<<<4С?5
’фсымæры хатырæй ницы дзырдта. Уæд ын иу бон йæ сыхаг ус Раисæ афтæ зæгъы: - Мари, ныр дæм кæдæй-нырмæ мæ хъус дарын æмæ мæм, чизоны, хъыг дæр фæуай, фæлæ мын æй æнæзæгъгæ дæр нæй: - Хъусын дæм, Раисæ, æз æй зонын, ды ахæмæй ницы зæгъдзынæ, цæмæй дæм фæхъыг уон. - Дис мæм кæсы де ’фсымæр Давиды хабар, куыд никуы дæ абæрæг кæны. Мæнгæй нæ фæзæгъынц «Хойы зæрдæ, дам æфсымæрмæ, æфсымæры зæрдæ та - хъæдмæ». Мæгуыр цард кæнынц?! Адæм æндæр куы ницы дзурынц: «Сæ цард, дам, сæ сæртæй кæлы». Дзырд - исты радтыныл нал цæуы, цы сын ис, уы- дон сын тайæн уæт, фæлæ дæ мадызæнæг тыхст уавæры уа æмæ йæ уал азы дæргъы макуы абæрæг кæнай, уый мæнмæ раст нæ кæсы! Ды иунæг удæй дæхи алы ’рдæм раскъуын-баскъуын кæныс æмæ дæ фæрсæг нæй! Зын у ахæм æвзонгæй дыууæ æнахъом сывæллонимæ иунæгæй баззайын... - йæ уайдзæфæй нал лæууыд ус. - Рæстытæ зæгъыс, Раисæ, демæ разы дæн. Фæлæ тыхмийæ ми нæй. Мæн Давидæй æппындæр ницы хъæуы. Мæ зæрдæ йын зæгъы, цæмæй йæ бинонтимæ уа æнæниз æмæ амонд- джын! Йæ царды йын ахæм хорз æнтыстытæ кæй ис, уый мæ- нæн æхсызгон у! Æз ын æрмæстдæр йæ уындмæ фæбæллын, уый йеддæмæ мæн йæ дæттæккаг никуы бахъуыдис. Æниу мæ ахæм адæмæй хъæугæ дæр ницы кæны, хæрз цыбыр рæстæгмæ сæ дывæрæй фæстæмæ фæдомынц. Пайда сын куынæ уай, уæд дæм фæрсмæ дæр ничи фæкæсдзæнис. Тимуры амæлæтæй кæд æхсæз азы рацыд, уæддæр уыцы æхсæз азы мидæг мæнмæ бæрцæй кæд æрбауадаид иу хатт, уæдæй фæстæмæ нæ тæфтыл цæугæ дæр нал акодта. Хатт ахъуыды кæнын, зæгъын, чизоны æз дæр цæмæйдæрты сæ разы рæдийын, æвæццæгæн мæныл дæр æмбæлы, цæмæй сæм кæддæрты ныууайон, фæлæ мын иуæй уый фадат нæй, цæмæй сæм Уырысмæ ацæуон, иннæмæй та кæд æмæ сæхæдæг æввахс нæ цæуынц, уæд, уый афтæ цæуы æмæ сæ мæ бацыдмæ дæр ничи ’нхъæлмæ кæсы. Ницы кæны, бирæ хорз адæм ис нæ алыварс, уыдонæй чи маххуызæн , чи та сæ махæй фыддæр уавæры ис, уыдон куыд кæной, æз дæр афтæ. Адæймаг ныфсытæй цæры! 9б) »►►►►►
Марийæн кæд йæ сыхаджы ныхас йæ зæрдыл уадиссаг нæ рамбæлд, уæддæр æй æргомæй нæ равдыста. Нæ йæ фæндыд, йæ чысылæй фæстæмæ афтæ æнувыд цы æфсымæрыл уыдис, уый ныр бынтон æцæгæлон адæймаджы раз æрдæлæмæ кодтаит. Фæлæ Раисæ дæр хæраймаг нæ уыд, уал азы дæргъы фæрстæй- фæрстæм цæрынц æмæ йын йæ фыдæбæттæ йæхицæй хуыздæр чи зоны. Ныр нал фæлæууыд æмæ йын уый дæр йæ хъуыды æргомæй загъта. Кæд ма Марийы фæндыд йæ иннæ хиуæтты кой дæр ракæнын, уæддæр йæ цæсгом нал бахъæцыд. Раисæйæн сæ дзурын дæр нæ хъуыд, уый алцы дæр уыдта йæхи цæстытæй, Тимуры удæгасæй сæ хæдзар зонгæтæ æмæ хиуæттæй никуы сихсыд, ныр сæ тæфтыл ничиуал цæуы, уый йеддæмæ. Марийæн йæ сывæллæттæ дæр йæхийау уарзæгой сты æмæ та-иу сæ хæларзæрдæйæ хиуæттæй алкæмæдæр цæуаг уыдысты. Фæлæ куыдфæстагмæ уыцы «хиуæттæн» сæ цæстæнгасыл бæрæгæй зынын райдыдта, сæ бацыд сын уадис- саг æхсызгон кæй нæ вæййы. Сывæллон, дам, зæрдæ зоны æмæ ма-иу сæм кæд Амагæ æмæ Аидæ кæддæрты сæ нанамæ бацы- дысты, уæддæр зивæггæнгæ. Мари йæхæдæг алцы дæр хорз æмбæрста, фæлæ йын йæ хъомылдзинад уый бар никуы рад- та æмæ йæхи сæ разы хъуынтъызæй равдыстаид, чысыл ма-иу сæм абадтис æмæ-иу стæй цæуынмæ фæцис. - Æвæццæгæн царды сконд у ахæм, хъуамæ дæ исчи исты æнхъæл уа, кæннод дæм фæрсмæ дæр ничи фæкæсдзæнис. Ам дæр та хъуыддаг афтæ рауад, æмæ сын цалынмæ Тимур лæггад кодта, уæд нæм арæх цыдысты, фæлæ сæ йæ амæлæты фæстæ нæ тæфтыл цæугæ дæр ничиуал акодта. Уый йæхæдæг, хион уа æви æддагон - алкæуыл дæр зæрдыйæ уыдис. Хатт-иу йæ уæлæйæ дæр йæ дарæс раластаид æмæ-иу æй йе ’мгарæн, йе та, йæ хионæн балæвар кодтаид. Куыд фæзæгъынц: «Мæгуырæй дæр, дам, сæрыстыр». Æз сæ мæ къах никæмæуал бавæрдзынæн! Сæхæдæг мæ куыд бæрæг кæной, æз дæр афтæ! Фæлæ цыфæнды мæгуырæй дæр æз мæхи уыдонау чъындыйæ никуы равдисдзынæн. Цæмæй мæ бон уа, уымæй сын лæггад кæндзынæн! - уыдис-иу йæ ныхас Марийæн. Кæд æй йæ цæст æфхæрын нæ уарзта, уæддæр иу хатт Тимурмæ дæр йæ хæларзæрдæйы тыххæй рамæсты, йæхæдæг йæ удæгасæй кæд адæмæн лæггæдтæ кодта, уæд ын ныр йæ 7* ч < < <<<4С?7
сывæллæттæм фæрсмæ дæр ничиуал кастис. Фæлæ, æвæццæ- гæн, ахæм адæймæгтæн уыцы миниуджытæ æрдзæй дæтгæ вæййынц, ды сын цасфæнды уайдзæфтæ ма кæнай, уæддæр сæ нæ басæтдзынæ. Амагæ æмæ Аидæйы байрæзтæй Марийæн йæ цард бирæ- бæрцæй фæивта, сывæллон коммæгæс куы уа, уæд ма уæдæ ныййарæгæн уымæй æхсызгондæр цы хъуамæ уа: - Мæ цард æмæ мæ бон дæр ацы сывæллæттимæ у баст. Стæйдæр, Тимуры ингæны раз æз фидарæй дзырд радтон, кæй сæ схъомыл кæндзынæн æмæ суыдзысты аккаг хъæбултæ, - дзырдта-иу Мари. Сывæллæттæ сæ мады сæ фыдæй арæх афæрсаг уыдысты, фæлæ сын йæ бон рæстмæ дзуапп раттын никуы бацис. Бæргæ йæ фæндыд, цæмæй сын сæ хорз фыды тыххæй истытæ загътаит. Æмæ сын дзургæ дæр цы хъуамæ ра- кодтаид? Кæд æмæ йæхи царды дæр ферттывта сæумæрайсомы стъалыйау æмæ хурыскастимæ æдзæмæй æрбайсæфт. Давиды йæ райгуырæн бæстæмæ æрцæуынмæ нал æвдæлд, йæ хорз цардæй йæ йæ къах уазæгуаты æруайынмæ дæр нал хаста. Хуыбылонмæ та йæ хæдзар ныууадзыны фæнд нæ уыд. Мари æмæ-иу æм йæ сывæллæттæ арæх хатыдысты, цæмæй сæм зымæгон уæддæр рацыдаит, фæлæ сын уый нæ разы кодта. Æмæ та-иу уæд Марийæн йæхи бахъуыд йæ цæгатмæ цæуын. Фæлæ ацы зымæг йæхицæн фидарæй загъта, цæмæй Хуыбыло- ны сæхимæ ракодтаид. Иу бон та сывæллæтты хæдзары фæуа- гъта, йæхæдæг йæхи йæ цæгатмæ цæуынмæ рарæвдз кодта: - Сымах уал уæ уроктæ ахуыр кæнут. Æз гыццийы кæнынмæ цæуын æмæ тагъд фездæхдзыстæм! - загъта сывæллæттæн. Сæ гыццийы коймæ уыдон дæр бацин кодтой. - Æвæдза куыд рæсугъд у зымæджы бонты нæ горæт! Бын- тон æрæджы ма дзы кæд фæззæг йæ фæлмæн хъарм тынтимæ фысымиуæг кодта, уæд ныр боныгъæд фæуазалдæр. Бæлæстæ дæр уал иудзæвгар саудалынгæй фæлæууыдысты, стæй уыдон дæр миты рауардæй сæ хуыз скалдтой, цы иугай сыфтæртæ ма сыл аззад, уыдон дæр миты уазалæй æрызгъæлдысты æмæ та быгъдæг бæлæсты дæр зымæг йæ урс кæрцæй арф ныттыхта. Боныгъæдмæ гæсгæ Мари дæр йæхи хъарм дарæсты стыхта æмае æнæзивæгæй йæ фæндаг йæ цæгаты ’рдæм акодта. Иу ран ма йын йæ зонгæ лæппу хæдтулгæ дæр фæурæдта: (98)>>>> >> >
- Мари, æз дæр сымахырдæм цæуын, цом æмæ дæ феввахс кæнон! - Нæ, бузныг! Тагъд никуыдæм кæнын! Ахæм боныгъæдты фылдæр къахæй цæуын уарзын, - мидбылхудгæ йын дзуапп радта чызг. Мит дарддæр уарыд стыр тъыфылтæй æмæ-иу чызгæн куы йæ рустыл бадон сты, куы та - йæ къухты уæлæ, фæлæ уымæ ’нæ кæсгæйæ, миты уардыл йæхинымæр цин кодта. Нал æфсæст йæ уарзон уынгтæм кæсынæй. Тимуры амæлæты фæстæ, цыма, зымæгон æрдз ахæм рæсугъд фæлыстæй фыццаг хатт федта, афтæ йæм каст. - Æвæдза куыд диссаджы рæсугъд у нæ горæт, алы афонæн > дæр дзы йæхирдыгон рæсугъддзинад куыд ис: сæрдыгон бон- ,ты æрдз вæййы цъæх-цъæхид, уый фæстæ йæ фæззæг сахуры алыгъуызон ахорæнтæй. Бирæтæ ма йæ уалдзæгимæ абарын дæр зонынц, уымæн æмæ йæ алкæцы сыф дæр вæййы дидинæджы хуызæн, фæлæ нæ уый уыцыхъулон фæлыстæй рæстæгмæ ба- буц кæны; фæззыгон уазал къæвдатæй та уыцы алыгъуызон сыфтæртæ дæр зæххыл февзæрынц, æмæ та уыимæ æрдз дæр фенкъарддæр вæййы. Фæлæ ницы кæны! Куыд фæзæгъынц: «Æрдзæн, дам, æвзæр боныгъæд никуы вæййы, æрмæст дзы алкæцымæ дæр хъуамæ уай цæттæ». Фæлæ ныртæккæ Марийæн йæ цины æнкъарæнтæ æрмæст боныгъæдыл баст нæ уыдысты, уый цин кодта Тимуры фæстæ ма йæм æрдз йæ мидбылты кæй бахудт æмæ та дзы алкæцы афоны рæсугъддзинад зæрдæйæ кæй банкъардта, ууыл. Уал азы дæргъы йæм дуне æнуд кастис. Йæ уд бафæллад йæ ивгъуыд амондджын цард мысынæй, уыцы рыст уд та йын йæхицæй дарддæр ничи ’мбæрста. Ныр зымæгон бон, йæ уар- зон горæты уынгтыл цæугæйæ, йæхицæн ныфсытæ æвæрдта, фæндыд æй, цæмæй йæ сывæллæттимæ сæ сомбоны фæндагыл цыдаиккой райзæрдæйæ. Ныры хуызæн хъæлдзæгæй никуыуал цыд нæ горæты иууыл рæсугъддæр уынгтæй сæ иуыл, - Октя- бры уынгыл. Иннæ уынгтæм абаргæйæ, кæд уадиссаг ницæмæй хицæн кодта, уæддæр бирæтæн уыд иууыл уарзондæр уынгыл нымад. Уый рагæй фæстæмæ ’лвасы нæ горæты цæрджыты йæхимæ, уæлдайдæр та фæсивæды. Арæх дзы фæтезгъо кæ- нынц уарзæттæ, фæхъазынц дзы сабитæ. < < < <<<<С99
Мæнæ дзы ныртæккæ дæр бандоныл бадынц дыууæ уарзæ- гой уды æмæ сын цæуылдæр карзæй ныхас ацайдагъ. Уыдон- мæ кæсгæйæ, йæ зæрдыл æрбалæууыд Тимуримæ-иу ацы дæр- гъæй-дæргъмæ уынджы иумæ адджын ныхæстæгæнгæ куыд фæцæйцыдысты. Уый бирæ уарзта худæг царды хабæрттæ дзурын, Мари та-иу йæм нырма сабырæй фехъуыста, стæй-иу дзырд куы фæцис, уæд-иу зæрдæбынæй ныххудтис æмæ ма йын æрлæуд дæр кæм уыд. Фæлæ-иу кæддæрты быцæу дæр раисты, уыдон уыдысты бынтон хуымæг быцæутæ, сæ царды сын иу- уыл сæйрагдæр уыдис барындзинад æмæ йын аргъ дæр кодтой, уымæ гæсгæ сæ хыл бирæ нæ хаста, уайтагъд та-иу бафидыдтой. Нырма кæд бынтон æвзæнгтæ уыдысты, уæддæр æмбæрс- той, царды барындзинадæн стыр нысаниуæг кæй ис, уæлдай- дæр та бинонты ’хсæн. Се стыр уарзондзинад æргомæй никæ- мæн æвдистой, æвæццæгæн æй сæ зæрды уыдæттæй уыд ба- хъахъхъæнын. Тимур-иу йæ фарсмæ куы уыд, уæд-иу Мари йæхи æнкъардта зæххыл иууыл амондджындæр адæймагыл. Кæд фыццаг базонгæйæ, йæ зæрдæмæ уадиссаг нæ фæцыдис, уæддæр ын уый бирæ нæ ахаста, сæ кæрæдзийыл афтæ сахуыр сты, æмæ æнæ кæрæдзи бынтондæр нал фæрæзтой. Чи йæ зоны, йæ хъуыдытæ та йæ кæдæм фæхастаиккой, фæлæ йын миткалæн хæдтулгæйы уынæр йæ мидхъуыдыты хал фескъуыдта. Мари та ацы хатт дæр йæ мадæн бæргæ фæ- лæгъстæ кодта, цæмæй сæм рацыдаид. Фæлæ та сылгоймаджы дзуапп ацы хатт дæр уыд цыбыр. - Мæ хæдзарыл гуыдыр нæ сæвæрдзынæн. # # # 1990-æм азтæ. Уыцы азтæ мæгуырауырдæм бандæвтой, канд Хуссар Ирыстоны цæрджытыл нæ, фæлæ ма æгас Уæрæсейыл дæр. Мæгуыр дуг бонæй-бон æнауæрдондæрæй бырста нæ ирон адæмы хæдзæрттæм дæр, фæлæ сæ иууыл тынгдæр нæ сыхæгты цыфыддæр митæ мардтой. Уæд адæм кæрæдзийыл æнувыддæр уыдысты, æмæ сын уый ахъаз кодта сæ дарддæры цардæн, уы- дон сæ сæрибардзинадмæ цыдысты стыр хъару æмæ ныфсимæ. Кæрæдзийæн сæ фæстаг къæбæр дæр нæ хæлæг кодтой. Уый та куыд æмæ дæ сыхагмæ цыдæр ис æмæ дæ дзы мацæмæй фæхай кодтаид, кæнæ йын дæхæдæг дæр мацæмæйты алæггад кодта-
ис. Гуырдзыйы ’рдыгæй æхстытæй кæд адæм стыр дудгæбæттæ æвзæрстой, уæддæр сын уымæ ’нæкæсгæйæ, сæ кæрæдзиимæ хъæрмуд ахастытæ уыдис. Æнæхъæн æхсæвты ныккæндты бад- гæйæ кæд æгъуыссæг æхсæвтæ ’рвыстой, уæддæр-иу райсомæй сæ митæ бакодтой, мидбылхудгæйæ кæрæдзийæн адджын са- лæмттæ кодтой. Æвæццæгæн адæймаг алы уавæрыл дæр са- хуыр вæййы. Хъыгагæн, адæм дæр иууыл иугъуызон нæ разынынц, се ’хсæн ис ахæмтæ, кæцытæ дын сæ фæстаг къæбæр дæр нæ ба- хæлæг кæндзысты, фæлæ дзы разыны ахæмтæ дæр, кæцытæ дын уыцы дæттæккаг къæбæр дæр, гæнæн куы уаит, уæд дын æй дæ къухтæй дæр стондзысты... Иу бон Мари куыстæй тынг мæстыйæ æрбацыд. Йæ сыхаг ус Раисæ йæ ахæм хуызы куы ауыдта, уæд æй афарста: - Исты æвзæр хабар фехъуыстай, мыййаг? Сыхаджы фарстæй чызгæн йæ зæрдæ ноджы тынгдæр суын- гæг æмæ загъта: - Цæмæн афтæ æнæраст митæ ис цардмæ, Раисæ?! Цæмæн ис не ’хсæн ахæмтæ, кæцытæн ды хорздзинад аразыс, уыдон та дын цыфыддæр митæй дæ зæрдæ къахынц. Æмæ сын кæд фæбарын, уæддæр уый нæ нысан кæны æмæ мын сæ ныхмæ зæгъинаг ницы ис! Мæнмæ дæр сæ ныхмæ бирæ зæгъинæгтæ разынит, фæлæ мæ нæ фæнды, цæмæй мæхи кæйдæр æнæсæр ныхæсты тыххæй сдзырдтаг кæнон. Адæймагæн алы хатт уый фадат нæ вæййы æмæ алкæмæн хорз араза, фæлæ кæддæриддæр йæ бон у, цæмæй æнæхъуаджы искæмæн æвзæрдзинад ма ара- за, - йæ дзурынæй нал сабыр кодта чызг. Марийæн йæ дзырды сæр цæуыл уыд, уый Раисæйæн зын бамбарæн нæ уыд, фæлæ уал, цæмæй чызг йæ зæрдæйы маст кæронмæ загътаид, уый тыххæй йæм сабырæй фехъуыста, стæй йын афтæ зæгъы: - Ме ’взонджы бонты мын иухатт кæцыдæр зондджын адæй- маг йæ хъуыды афтæ бамбарын кодта æмæ йæ æз та хъуамæ дæуæн зæгъон: «Цыфæнды зындзинады сæрты дæ хизын ма бахъæуа, уæддæр дæхи дæлæмæ макуы хъуамæ æруадзай, дæ цæсгомыл дæр иууыл худæндзаст цæстæнгас ма хъуамæ дарай, хъуамæ дын дзы уа чысыл уазал цæстæнгас дæр æмæ дæм уæд ч < < <ч<4@)
ничи бауæнддзæнис æмæ дын уыимæ та дæ царды æнæхъуаджы проблемæтæ нæ сæвзæрдзæнис». Мæсты мацæуыл кæн, мæ хур, цасфæнды сæм ма мæсты кæнай, уæддæр цард кæддæриддæр махæй зондджындæр ра- зыны æмæ та уый алцыппæт дæр йæ бынаты æрæвæрдзæнис. Ды кæд кæцыдæр æнаккаг адæймаджы кой ракодтай, уæддæр уый ууыл дзурæг нæу æмæ адæм иууыл иугъуызон сты, ам дзырд æрмæстдæр цалдæр адæймагыл цæуы, адæм та бирæ сты æмæ се ’хсæн æвзæртæ куыд ис, афтæ дзæбæхтæ дæр ис. Искæй дзых голлаг нæу, бæндæнæй йæ нæ бабæтдзынæ. Уый гæнæн нæй æмæ адæм иууыл иугъуызон уой, иу нæ иннæмæй бирæ цæмæйдæрты хицæн кæны, куыд не ’ддагбакастæй, афтæ нæ миддунейæ дæр. Хатт мæм афтæ дæр фæкæсы æмæ зæххы къорийыл куы фæзилай, уæд дзы дæхи хуызæн адæймагыл ни- куы амбæлдзынæ. Фæлæ уый афтæ нæу! Мæнæ еныр ды кæйты кой ракодтай, уыдонæй дын дæ цардмæ æппындæр ничи ницы бар дары, хорзæй дæр æмæ сæ æвзæрæй дæр алчидæр йæхицæн аразы. Уыдон дæм хæлæг кæнынц, мæ къона, хæлæг! Ды та хъуамæ зондджындæр разынай æмæ сын сæ ныхæстæ мисхал дæр мацæмæ дарай. Хъуыды-ма кæныс, Тимуры дыууиссæдзæм боны фæстæ дын уæ хæстæг Таймураз цы зæндджын ныхæстæ загъта, уый? Уæдæй ацырдæм кæд дзæвгар рæстæг рацыд, уæддæр мæ ныры онг дæр нæ рох кæнынц, уый дын æй бам- барын кодта, сæр дæ кæй бахъуыд, цæмæй дæ сидзæрты сæ къахыл слæууын кæнай. Уымæн æмæ дæхицæй дарддæр никæй хъæуынц, сæ алы хъуыддаг дæр дæхимæ кæсы. Цыма знон уыдис, уыйау ныр дæр йæ ныхæстæ мæ хъустыл уайынц. Ды Тимуры нывы раз æнкъардæй куы лæууыдтæ, уæд дæ цурмæ бацыд, дæ сæр дын йæ риумæ æрбакъул кодта æмæ дын афтæ зæгъы: - Кæсыс, хъæбул! Дæ зын рæстæджыты дæ фарсмæ ничиуал аззадис! Алчи сæ йæ фæрныг хæдзармæ атындзыдта, ды та ног мæрдджынæй дыууæ æнахъом сидзæр сывæллонимæ иунæгæй аззадтæ, ууыл хионæй дæр æмæ æддагонæй дæр хъуыдыгæнæг ничи разындис, алчи дæр сæ æрмæстдæр йæхи цардыл хъуы- ды кæны. Рæстытæ дын загъта Таму, мысæггагæй дзы ницы ис. Цард’цахæм у, ахæмæй дын æй бамбарын кодта! Нырмæ кæд уыцы сывæллæтты нæ фесæфтай, уæд æй ныр фидарæй зо- 102) УУУУУУ >
нын, дарддæр дæр сæ кæй нæ фесафдзынæ. Æрмæст дæ курæг дæн, цæмæй сæ разы дæхи æнкъардгъуызæй макуы æвдисай, уыдонæн се ’скаст æрмæстдæр дæумæ у æмæ дæ афтæмæй куы уыной, уæд сын сæ гыццыл зæрдæтæ фæриссын кæндзынæ! Хайджын дæ адæмы хорзæхæй дæр, уымæй та кæддæриддæр уыдзынæ ныфсджын æмæ дын дæ кад та дæлæмæ никуы æруадз- дзæнис. Сывæллæттæ дæр схъомыл уыдзысты. Фæзæгъынц, зæгъгæ, дам: «Сидзæр сывæллоны, гуыл, æрæгмæ фыцы, фæлæ куы сфыцы, уæд та дзы алкæцыйы дæр йæ хай фæвæййы!.. # * * Зымæг дæр та уалдзæгæн йæ бартæ зивæггæнгæ кæй лæвæрдта, уый йæ уазал бонтыл дæр бæрæгæй зындис. Стыр миты ныууарды фæстиуæгæн ма дзы ранæй-рæтты цы мит аз- зад, уымæ дæр уыцы уазал бонты фæстиуæгæн батайыны фæнд нæма уыдис. Æвæдза, дзæвгар рæстæг ахæссынц ахæм бонтæ дæр, хатт ма нæм уыцафон мит дæр рауарараг вæййы, ф’æлæ нын уый мæстæймарæн митæ цы акæны, уый йеддæмæ йæ бон ницыуал вæййы, цалынмæ та сыл хуры цæст не сныдз’æвы, уæдмæ, стæй батайы æмæ та цыбыр рæстæгмæ зæхх уымæлæй аззайы. Сыфтæртæ дæр цалынмæ нæ райхæлынц, уæдмæ уал нырма æнкъард бакаст вæййы уалдзæгæн. Бæлæстæ уал иу- дзæвгар быгъдæгæй фæлæууынц, стæй уыдон дæр уыцы хъарм бонты ракъуыбыр кæнынц æмæ цыбыр рæстæгмæ бæстæ ди- дин фесты. Быдырты дæр фæзынынц фыццаг уалдзыгон дидин- джытæ... Ахæм райдзаст бонты Амагæ æмæ Аидæ дæр горæты астæу цы рæсугъд парк арæзт ис, уым се ’мгæрттимæ фæтезгъо кæ- нынц æмæ, кæд иумæ хъæлдзæг рæстæг фервитынц, уæддæр сæм уым сæ нанаимæ абадын хуыздæр фæкæсы. Уый сæ фæзон- гæ кæны æрдзы рæсугъддзинадимæ, фæдзуры сын йæхи цар- дæй ист хабæрттыл дæр, царды сусæгдзинæдтыл, уыдон та йæм фæхъусынц цымыдисæй. Парчы сæ фарсмæ бадæнтыл арæх фенæн вæййы гыцциты æмæ дадаты сæ сывæллæтты сывæллæттимæ, уыдонæн сæ иу баузæлдыл дæр бæрæгæй фæзыны, сæхи сывæллæттæй дæр сæ фылдæр кæй фæуарзынц. Мари та сæм фæкæсы мидбыл- худтимæ... Ч Ч < < < < < ПОЗ
Чысыл ма куы уыдысты, уæд сын-иу уарзта аргъæуттæ кæ- нын дæр æмæ-иу æй кæд тынг фæндыд Комианы аргъæуттæй кæцыдæрты радзурын, уæлдайдæр та «Зымæг æмæ Уалдзæджы аргъау», уæддæр сын æй йæ бон никуы бацис радзурын, йæ зæрдыл-иу ын æрбалæууын кодтой йæ хъæлдзæг æмæ ’нæмæт сабибонтæ æмæ-иу ын уыцы рæстæджы, цыма, йæ хъуыр исчи ахгæдта, уыйау йæ бон дзурын дæр ницыуал бацис... У1 2008 аз Хуссар-Ирыстоны адæмæн нымад æрцыд фæстаг, фæлæ иууыл дудгæбондæр азыл. Кæд кæддæр Комианы фæ- дзæхстытæн уадиссаг нысаниуæг нæ лæвæрдтой, уæд ныр æп- пæтфарсонæй дæр æххæст цыдысты. Гуырдзыйы фашисттæ та Хуссар Ирыстоны сабыр цæрæг адæмыл радон хатт дæр нæ бацауæрстой сæ алыгъуызон хæцæн- гæрзтæй згъалын. 7 августы изæрæй сæ телеуынынады Гуырдзы- стоны президент Михаил Саакашвили ирон адæмæн фидарæй ныфс бавæрдта, зæгъгæ, рагæй фæстæмæ гуырдзы æмæ Ир «хæларæй» кæй фæцардысты, уымæ гæсгæ сæ семæ хæцын нæ фæнды æмæ нырæй фæстæмæ æхстытæ кæй æруромдзæнис. Фæлæ хъуыддаг куыд рабæрæг, афтæмæй, уыдон æрмæстдæр фæдсафæн ныхæстæ уыдысты. Адæмæй дæр ыл кæд бирæтæ нæ баууæндыдысты, уæддæр дзы се ’хсæн разынд ахæмтæ, кæцыты бауырныдтой йæ ныхæстæ æмæ сæ хæдзæрттæм ныфсджынæй бацыдысты, фæлæ хæрз цыбыр рæстæгмæ фыдæнхъæл фе- сты. Æмбисæхсæвмæ ’ввахс сыл сæ хуыссæнуæттæм ихуарæгау нызгъæлстой алыгъуызон уæззау æхсæнгæрзтæй æмæ ма кæмæн йæ бон уыд куыд, афтæ фæстæмæ ныккæндтæм лыгъдысты, бирæтæн дзы лидзын дæр нæ бантыст. Мари дæр сывæллæтты фестын кодта, тагъд-тагъдæй ма сыл сæ уæлæдарæсæй йæ къухты цы бафтыд, уыдон акодта æмæ цæсты фæныкъуылдмæ уыдон дæр иннæтимæ ныккæнды февзæрдысты. Сæ ныццыдмæ дзы сыхæгтæй къух бакæнæн нал уыд. Адæргæй ма Амагæ æмæ Аидæйы йæхимæ нылхъыв- та æмæ ма Хуыцау æмæ Ирыстоны Зæдтæм кувын райдыдта. Хистæр фæлтæр адæм, фыццаджыдæр, архайдтой ууыл, цæмæй сывæллæтты цур сæ эмоцитыл фæхæцыдаиккой. Уыдон дæр цыма бæрцæй цалдæр бонмæ куырыхонтæ фестадысты, сæхи Ю4) УУУУ>> >
ахæм æмбаргæ дардтой, æрмæст-иу рæстæгæй-рæстæгмæ куырдтой дон, кæцы, хъыгагæн, уыцы рæстæджы афтæ æнцон ссарæн нæ уыд. Æхстыты фæстиуæгæн фыццаг уæладзыгмæ схизынæн дæр тæссаг уыд. Æвзонг хæцæг лæппутæ дæр адæмы рохуатæй нæ уагътой. Ныккæндтæм-иу фæмидæг ’сты æмæ сын-иу ныфсы ныхæстæ акодтой: «Уырыс йе ’фсад рарвы- ста æмæ нæм кæд тагъд хæццæ кæниккой»... Фæлæ уыдонмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ знаджы нæмыгæй адæм уæддæр мар- дысты, удæгæстæ та архайдтой сæ удтæ фервæзын кæныныл. Чысыл фæстæ хæдзæрттæ дæр судзын райдыдтой. Сыхæгты 15-аздзыд лæппу Алан уый куы базыдта, 5-æм уæладзыджы йæ иухатæнон фатер дæр райдыдта судзын, уæд иу гæпп фæкодта æмæ лидзынмæ фæцис. Йæ гыцци ма йæ фæстæ бæргæ ахъæр кодта, цæмæй йæ фæстæмæ раздæхтаид, фæлæ йæм уый йе уæхсчыты сæрты бадзырдта: - Гыцци! Куыд мæ бадын кæныс иу ран, кæд æмæ нæ фатер дæр судзын райдыдта, уæд! Махæн уыцы иу къуымæй дарддæр æндæр къуым никуы ис æмæ нын уый дæр куы басудза, уæд цы фæуыдзыстæм?! Цыбыр рæстæгмæ сæгæй дзæгтæй, фæлæ худгæбылæй фæстæмæ фездæхт... Ныккæнды адæм фылдæрæй-фылдæр кæнын райдыдтой. Иу афон дзы цалдæр цæф лæппуйы дæр æрбахастой æмæ сын сылгоймæгтæ сæ цæфтæ бастой. Немæ ма уыдис æвгъæддон сылгоймаг дæр. Цалдæр боны размæ сыхæгты ус Мальвинæ йе ’взонг чындзы хъуамæ Цæгат Ирыстонмæ арвыстаид æмæ йæм бæлвырдгæнæн гæххæттытæ кæй нæ разындис, уымæ гæсгæ йæ æрдæгфæндагæй фæстæмæ раздæхтой æмæ уый дæр махимæ хъизæмæрттæ ’рвыста. Уæдмæ йын гуырыны нысæнттæ дæр райдыдтой. - Мари, мыййаг мæ чындзæн йæ гуырын афон куы ’рцæуа, уæд мæм дæ хъус фæдардзынæ? - афарста йæ Мальвинæ. Сыл- гоймаджы æнæнхъæлæджы фарстæн йæ бон дзуапп дæттын ницы бацис, уыцы уысм æй æхстытæ æмæ йæхи сывæллæттæ дæр æрбайрох сты, йæ сæры ма зилдух кодта æрмæстдæр иу хъуыды: «Цы ми кæндзыстæм ацы сылгоймагæн?». Фæлæ уæд- дæр йæ разы йæхи фæныфсджын кодта æмæ загъта: - Тыхсгæ мацæуыл кæн, мæ хæлар, уыныс, не ’хсæн медици- нон хотæ дæр ис æмæ нæм уыдон дæр фæкæсдзысты, фæлæ ма < < < <<<<О05
афтæ дæр зæгъынц, зæгъгæ, дам, Уырысы ’фсад дæр ныр æввахс кæмдæр сты æмæ се ’рцыдæй æхстытæ дæр кæд фæсабырдæр уаиккой, стæй кæд Цæгаты ’рдæм дæр фæндаг фæсæрибардæр уаид. Нæ чызгæн дæр цыдæр йæ рыстытæ фæкъаддæр сты... - ныфсы ныхæстæ йын акодта Мари. Йæхæдæг адæргæй йæхи- нымæр, цæмæй ма дзæбæхæй аирвæзтаид, уый тыххæй Хуы- цаумæ нылæгъстæ кодта. Цалдæр боны дæргъы адæм афтæ тынг цы цардхæссæг хъæ- батыр уырыссаг лæппутæм æнхъæлмæ кастысты, уыдон дæр Хуссар Ирыстонмæ æрхæццæ сты. Нæ адæм кæддæриддæр бахъуыды рæстæджы кæрæдзи фарсмæ балæууынмæ рæвдз сты. Æгæрыстæмæй-иу, æхстытæ куыддæр фæсабырдæр сты, афтæ-иу сыхæгтæ дæр кæрæдзимæ бæрæггæнæг лыгъдыс- ты, иннæахæм та уый, æмæ-иу бæлвырд кодтой, кæм кæцы агъуыст ныппырх кæнæ та кæм кæцы бæстыхай судзы. Ахæм рæстæджыты та æхстытæй кæд хи бахизын хъуыдис, уæддæр не ’мбæстæгтæй бирæтæн басæттæн нæ уыд. Бауадысты-иу рудзынггæронмæ æмæ архайдтой æхст кæцæй фæцыдис, уый рабæрæг кæныныл. Се ’нæрхъуыды митæй дæр дзы бирæ адæм бабын ис. 2008 азы - иу ахæм æхстытæ куы фæсабырдæр сты, уæд Марийæн дæр йæ зæрдæ нал фæлæууыд, ныккæндæй схызт æмæ хъавгæ æддæмæ йæ сæр радардта. Кæсы, æмæ сæ куы- сты ’мгæрттæй иу сылгоймаг сæ хæдзары ’рдæм тагъд-тагъд фæуайы. Мари йæ ахæм уагæй никуы федта æмæ йæ зонгæ дæр нал бакодта, цалынмæ йæм уый йæхæдæг не сдзырдта, уæдмæ: - Мари, куыд стут?! - Хуыцауы фæрцы нын нырма ницы у, фæлæ ды дæ ныфс куыд бахастай айхуызæны æддæмæ рахизынмæ? - Сывæллæттæ та дын кæм сты? - афарста та йæ сылгоймаг. - Иууылдæр ам стæм! Уый æнхъæл кæцæй уыдыстæм, æмæ ныл ахæм бон акæндзæнис! Фæлæ хорз уаит, цалынмæ та æхс- тытæ не сцырын сты, уæдмæ кæнæ фæстæмæ аздæхай, кæннод та уал мидæмæ рахиз, - загъта йын Мари. Фæлæ уый уæддæр хæдзæртты ’хсæнты тагъд-тагъд сæхи хæдзары ’рдæм азгъор- ста. Æфсæдтонты æрцыды хабар апарахат æнæхъæн горæтыл, ныккæндты бадгæйæ дæр адæм алы информацийæ ифтонг уы- 10б) У > > > > > >
дысты. Цины цæссыгтимæ æмбæлдысты сæ ирвæзынгæнæг салдæттыл. Зары фæндагыл адæм æдæрсгæйæ кæй нæма цыдысты, уый тыххæй Мари дæр нал зыдта цы акодтаид: банхъæлмæ уал кæстаид æви уый дæр уыцытæккæ йæ сывæллæттимæ Цæгат Ирыстонмæ ацыдаит... Мæгуырæг, Мари! Фæззыгон дымгæ йæ уæлных цы хус сыф- тæры фелвасы, уыйау дæу дæр цард йæ уæлныхты систа æмæ дын дæ мæгуыр удæй хъазы йæ уды фæндиаг. 11 августы уавæр бирæбæрцæй фæсабырдæр æмæ уæд Ма- рийæн дæр йæ сывæллæттимæ бантыст Цæгат Ирыстонмæ ацæуын. Йæ хиуæттæй уадиссаг йæ ныфс никæмæ бахаста, фæлæ тыхст адæмы цы санаторитæ æмæ иумæйаг цæрæн- дæттæм æрвыстой, уый дæр уыдонимæ ацыд. Чысыл куы ’рбынæттон сты, уæд йæхицæн фидарæй загъта, кæй нал аз- дæхдзæнис Хуссар Ирыстонмæ, фæлæ кæй ныфсæй, ууыл уыцы тæккæ йæ тыхстæй хъуыды дæр нал акодта: «Адæймаг а бæстыл иу хатт йеддæмæ нæ цæры æмæ йæ хъуамæ рацæра сæрибар æмæ амондджынæй!» Сæ ныццыдæй уал горæтгæрон цы иумæйаг цæрæндон уы- дис, уырдæм сæ куы бакодтой, уæд зонгæтæй кæуыл æмбæлд, фыццаджыдæр уал-иу уыдоны Мальвинæйы чындзæй афарста. Фæлæ йын бæлвырдæй ничи ницы дзуапп дæдта. Уæд бахизæны стъолыл цы газетты рæдзагъд лæууыд, уыдонæй иу систа æмæ дзы сæ сыхæгты чындзы ныв йæ сывæллонимæ куы ауыдта, уæд рабæрæг, лæппу йын кæй райгуырдис æмæ сæ дыууæ дæр сæхи дзæбæх кæй хатынц. Мари фырцинæй йæхи нал баурæдта, йæ цæсгом ма йæ къухтæй амбæрзта æмæ кæуынмæ фæкъæртт... Цæгат Ирыстоны иудзæвгар куы аззадис, уæд йæ фæндтæ бирæбæрцæй фæивтой, кæд æмæ ам дæр йæ ирон адæмы ’хсæн уыдис, уæддæр йæ зæрдæ Хуссар Ирыстоны уыдис. Иу бон ын дзы мæйы бæрцау уыд, мысыд йæ хæдзар, йæ уынгтæ, йæ чы- сыл парчъы, цыран-иу тезгъо кодтой йæ хъæбултæ æмæ йæ зонгæтимæ. Афтæ йæм каст, цыма йын йæ уарзон горæты алы бæлас æмæ алы къутæр дæр сæрæй ныллæг фæкувынц æмæ йын ныр йе ’рцыдмæ та æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсынц. Ныры хуызæн никуы æрымысыд йæ райгуырæн къуым, фæлæ йын иу- уыл тынгдæр та Тимуры уæлмæрд нæ лæвæрдта æнцой, фæндыд Ч Ч < <<<< 1107,
æй цæмæй та йæ абæрæг кодтаид, раргом та йын кодтаит йæ зæрдæйы сусæг сагъæстæ. Марийæн йæ дыууæ хъæбулимæ сæ ахуыр афтæ уыд, арæх абæрæг кæнынц сæ зынаргъ адæймаджы уæлмæрд, æдзæмæй йæ цырты раз фæлæууынц æмæ та йын йæ уæлмæрдыл æрæвæрынц йæ уарзон сырх розæты баст. Йæхимæ та исты сусæг дзуринæгтæ куы æрæмбæрд вæййы, уæд иунæгæй фæндзæм скъолайы кæртмæ хъуызæгау дæр акæны, цæмæй та зæрдæбын ныхæстæ фæкæна, йæ уарзтæй кæмæн нæ бафсæст, уыцы æмкъайæн. Хатт æй уайдзæфты бын дæр фæкæны, афтæ æвзонгæй йæ йæ дыууæ сидзæры бæрны кæй фæуагъта, уый тыххæй... ...Мæнгæй нæ акæнынц: «Сидзæрæй, дам, адæм дардмæ лидзынц...». Хиуæттæй алчи дæр хъуыды кодта æрмæстдæр йæхиуыл, сæ фарсмæ ма тыхст адæймаг дæр ис, уый хъаргæ дæр никæмæ кодта. Тимуры амæлæты фæстæ Марийæн бæр- гæ стыр ныфсау уыдысты, фæлæ сæ ныр алкæй дæр базыд- та. Нырыхуызæн йæ царды никуы фæтыхст æмæ йæм ныры- хуызæн уазал цæстæнгасæй та кæсгæ никуы кодтой. Марийæн зæгъын дæр ницыуал хъуыд, бæрæг уыд Цæгат Ирыстоны баззайæн ын кæй нæй æмæ ма йæ кæд фæндыд, цæмæй ма иу-цалдæр боны сывæллæтты фæуагътаид, уæддæр ницыуал загъта: «Мæгуырæй дæр сæрыстыр» та загъта йæхицæн æмæ фæстæмæ йæ сывæллæттимæ баздæхтысты, йæ адæм цы иу- мæйаг цæрæндоны уыдысты, уырдæм. Стæй Хуссар Ирыс- тонмæ дæр уыдонимæ рыздæхтысты. Хиуæттæй ма йын кæ- цыдæртæ æнæбары зæгъдтытæ дæр кодтой: «Уæд та ам куы баззаис, чизоны ма дзы исты куыст дæр ’ссарай» - фæлæ уыдон æрмæстдæр ныхæстæ уыдысты. - Никæй джиздарын у мæ бон. Ныр Хуссар Ирыстоны Уæ- рæсейы ’фсад сты æмæ уыдоныл ничиуал фæтых уыдзæнис! Чизоны ма нæм нырæй фæстæмæ уæхæдæг арæхдæр цæуат! Та- буафси! Мах никæуыл атигъ кæндзыстæм нæхи! - загъта сын йæ хъуыды. Æмæ афтæ дæр рауад! Адæм здæхын райдыдтой сæ пырх къуымтæм æмæ та алчи ногæй архайдта йæ цард сæндидзын кæныныл. Мари дæр йæ сывæллæттимæ уыдонимæ æрыздæхт йæхæдзармæ æмæ уыдон дæр райдыдтой сæ къуымтæ сыгъдæг кæнын. Сæг æмæ авджы цъæлтæй мидæмæ бахизæнтæ нал 108) ►►»►► ►
уыдис, гом рудзгуытæй мæстыгæр дымгæ сæрибарæй хатæн- ты зилахар кодта. Хæринагаразæн хатæны рудзынгыл цы æм- бæрзæн ауыгъд уыд, уымæн дæр ма йæ бызгъуыртæ кæрæдзийыл гæзæмæ хæцыдысты. Уыцы ныв фенгæйæ уал се ’ртæ дæр къæсæргæрон сагъдæй аззадысты, æфснайын ма кæцæй рай- дыдтаиккой, уымæн ницыуал зыдтой. Фыццаг уал æй авджы цъæлтæй асыгъдæджытæ кодтой, уый фæстæ сæ цæмæй дымгæ мауал джиздардтаид, уый тыххæй сыл рæстæгмæ хуыссæн æм- бæрзæнтæ ныххуыдтой æмæ афтæмæй сæ куыст дарддæр код- той. Æххуысæнхъæл никуыцæй уыдысты, алкæмæн дæр сæ йæ сæр йæ кой уыдис, æрмæст-иу сæ нæлгоймаджы æххуыс кæм бахъуыдис, уым-иу сыхаг лæгтæм бахатыдысты. Мари сæ æнæкæрон бузныг уыд алкæмæй дæр. Кæд йæ хæдзары æрмæстдæр сылгоймæгтæ уыдис, уæддæр никуы хъуыды кæны æмæ сæм исчи ’нæгъдауæй сдзырдтаид. Иæхицæн дæр куыд йæ бон уыд, ахæм лæггæдтæ сын кодта: хистæртæн - хистæры лæггад, кæстæрæн та - кæстæры. Алкæцы адæймагмæ дæр фæлмæн ахаст дардта æмæ дзы уымæ гæсгæ сæхæдæг дæр аргъуц кодтой. Ныр кæд уыдон дæр тыхст уавæры уыды- сты, уæддæр сæ рохуаты нæ уагътой: «Исты бахордтат? Кæд, мыййаг, æххормагæй архайут?!» æмæ та сæм-иу хъуамæ исты хæринаг бадæттаиккой. Хъысмæт! Æвæдза дæм хатт куыд æнæраст æмæ куыд æгъа- тыр митæ ис! Иуты царды æвæлмæцгæ лæгъз æмæ амондджын фæндæгтыл фæкæныс, иннæтæм та дæ ’ргом аздахгæйæ сæ цар- дыл æрмæстдæр мæгуырау ’рдæм æндавын зоныс. Æцæг хатт, цыма, дæ намысыл æрхудыс, уыйау сын кæддæрты сæ размæ цъæмæлтимæ хæрзиуджытæ баппарын дæр зоныс, стæй, цыма, уыдоныл дæр фæсмон æркæныс, уыйау сын сæ сæ къухтæй сто- ныс æмæ та сæ дарддæрдæр хъизæмæртты хай фæкæныс! Раст ахæм æнæраст митæ фæкодтай Марийы цардæн дæр! Фæлæ уыцы чызг дæуæй зондджындæр æмæ хъаруджындæр разын- дис æмæ дæ фыдæнхъæл дæр уымæн фæкодта. Цæйбæрц йæ бон уыд, уыйбæрц дæ ныхмæ фæлæууыд æмæ дын фæрæзта дæ цыфыддæр митæм! - Ныр æй фидарæй зонын, адæймагæн йæ хъысмæт йæхи- цæй аразгæ кæй нæ у! Æндæра мæхицæй тынгдæр кæй фæндыд, цæмæй Тимуримæ иумæ нæ сывæллæтты схъомыл кодтаиккам æмæ æмзæронд бауыдаиккам. Фæлæ нæ æгъатыр хъысмæт
кæрæдзийæ фæхицæн кодта æмæ уыимæ та быцæугæнæн нæй! - уыдис-иу йæ ныхас чызгæн. # # # Мари райсом раджы фестад æмæ верандæйæ йæ хъус дард- та, сæрдыгон æрдз куыд хъал кодта, уымæ. Кæд знон, хъæумæ цæугæйæ, Амагæ æмæ Аидæйæн дзырд радта райсомæй сæ ра- джы кæй райхъал кæндзæнис, уæд сæ ныр йæ цæст хъал кæнын нæ бауарзта. Фыдыбæстæ дзæнæтыл нымад у: уым адæймаг ад- джын фынæй фæкæны, хæринаг та дзы æнагъæттаджы хæрзад у. Уый зæххыл иууыл хъæлдзæгдæр æмæ амондджындæр бына- тыл нымад цæуы! Уæлдайдæр та сæрдыгон. Цалынмæ хатæнтæм хуры цæст не ’рбарттивы, уæдмæ уал дзы нырма уазал вæййы æмæ уал чызджытæ дæр сæхи хъарм къуымбилын хъæццулты арф ныттыхтой, афтæмæй адджын фынæй кодтой. Мари сæ цурмæ бацыд æмæ ма хъæццулы бынæй гæзæмæ сæ фындзтæ цы зындысты, уый йеддæмæ зынгæ дæр никуыцæйуал кодтой, уæлдайдæр та Амагæ, йæ чысылæй фæстæмæ уазалгæнаг у. Фæлмæн мидбылхудтимæ сын сæ уат барæстытæ кодта, стæй дуар сабыргай рахгæдта æмæ фæстæмæ верандæмæ рахызт. Æвзæр дугмæ æрхаудысты сæ сабибонтæ ацы сывæллæттæн дæр. Иуæй хæрз чысылтæй аззадысты сидзæрæй, иннæмæй та сæ райгуырдæй фæстæмæ хæст йеддæмæ ницы федтой. Йæ зæрдыл та æрбалæууыдысты Гуырдзыстоны ’рдыгæй-иу æхстытæ куы сцырын сты, уæд-иу тасæй сæхицæн бынат куыд нал ардтой. Ахæм рæстæджыты та-иу сæ Мари куыд æрсабыр кодтаид, уымæн йæ сæрæн ницыуал зыдта. Уæд сын иу хатт афтæ зæгъы: - Æхстытæ куы вæййы, уæд-иу уæхи æнæхъуаджы ма тæр- сын кæнут! Фыццаджыдæр мын-иу кæсут мæ цæстытæм æмæ кæд æз нæ тæрсон, уæд-иу сымах дæр мацæмæй тæрсут... Сывæллæттæ дæр æй сæ зæрдыл бадардтой æмæ -иу уый фæс- тæ гуырдзыйы ’рдыгæй фарс æхстытæ куы сцырын сты, уæд- иу йæ цурмæ балыгъдысты æмæ-иу ын йæ цæстæнгасмæ ка- стысты, стæй-иу æй мидбылхудгæ куы ауыдтой, уæд-иу уыдон дæр ныссабыр сты. Ахæм хъæлдзæг хуыз-иу сарæзта, цыма æхстытæ нæ, фæлæ сын гуырдзы сæ зындгонд мелодитæй «Ша- лахо» кæнæ «Картули» демонстраци кодтой... ио) > > > > > > >
Хъæууон цард горæты цардмæ нæ абардзынæ, хъæуæн йæхи æгъдæуттæ ис: хъуамæ кæркуасæнты фестай æмæ цалынмæ хуры цæст не сныдзæвд а зæххыл, уæдмæ дæ куыстытæ конд фæуай. Фæлæ, хъыгагæн, ацы ’гъдæуттæй Мæнæуджын хъæу рагæй нал пайда кæны. Дуджы ивындзинæдтимæ уый дæр фе- дзæрæг ис æмæ йæ цæрджытæ хуыздæр цардагур ныпырхытæ сты алы къуымты, кæй та дзы йе ’нусон бынатмæ афæндараст кодтой. Бæрцæй ма дзы кæд аззадаит фондз хæдзары, уыдонæн дæр сæ фылдæр зæрæдтæ. Кæд ма дзы кæцыдæртæ сæрдыгон бонты улæфынмæ æрбауайынц, уый йеддæмæ йæм уадиссаг цæугæ дæр ничиуал кæны. Бæргæ сæ фæфæнды сæ райгуырæн бæстæм æруайын, фæлæ ног дуг уыдоны дæр сæ уацары бакодта. Кæддæр ма-иу йæ гыцци дæр уарзта райсом раджы фестын æмæ-иу цалынмæ йæ зылдтытæ кæнынмæ не ’рывнæлдта, уæд- мæ-иу фыццаг хъуамæ верандæйæ йæ цæст æрдзыл ахастаид, Мари йæм цасфæнды ма хатыдаид, уæддæр æй уыцафон йæ цæст райхъал кæнын никуы бауарзта. Ныр ам лæугæйæ йæ хъу- стыл уадысты йæ гыццийы уайдзæфтæ: «Æнæуый дæр бонсауизæрмæ уынгты цъылынæй хъауджы- дæр нæ дæ, ноджы ма дæ райсом раджы хъал кæнон?! Фæлæ- иу чызг кæддæрты уыцафон райхъал æмæ-иу æй верандæйы цур лæугæ куы ауыдта, уæд-иу уый дæр хъуамæ йæ фарсмæ алæууыдаид, йæ астæуыл ын-иу йæ къухтæ æрбатыхта æмæ -иу кастысты, æрдз куыд хъал кодта, уымæ. Кæрты астæу сын цы дзулфыцæн тымбыл пец (торне) лæууыд, уымæн ныр кæд йæ агъуыстæй кæрæдзиуыл ницыуал хæцыд, уæддæр нырма дзулфыцæн æнæхъæн уыд. Цал æмæ-иу цал хатт фестад Мари райсом раджы тæвд дзулты тæфмæ. Уатæй-иу куыддæр рахызт, афтæ-иу йæ тъæпп пецы фарсмæ фæцыд. Тæвд кæрдзынæн-иу йæ кæронæй раскъуыдта, уазал доны-иу æй атылдта, цæхх ыл- иу æрæзæрста æмæ-иу æй зыдæй ахордта. - Гыцци, æрвылрайсом ахæм цымыдисæй цæмæ фæкæсыс? - афарста йæ иу райсом Мари. Зæронд усы йæ хъуыдытæй кæй фæиппæрд кодта, уый йын, цыма, зын уыдис, уыйау иудзæвгар ницы сдзырдта, стæй йын йæ хъуыды загъта: - Иу райсом иннæйы хуызæн никуы вæййы, мæ хур. Алкæцы райсом дæр дзы йæхи ивындзинæдтæ хæссын зоны, стæй бо- ныгъæдмæ гæсгæ дæр у, алкæцы райсомæн дæр йæхирдыгон ч < <<<<ц(ш)
бакаст вæййы. Зæгъæм, мæнмæ дзы иууыл рæсугъддæр сæрды- гон ирд райсом кæсы. Æрдзмæ хуымæтæг цæстæнгасæй кæсын нæ хъæуы, хъуамæ йын йæ алы бонæн дæр аргъ кæнын зонай! Зæгъæм, сисæм сæрдыгон райсом: цыфæнды æнкъард зæр- дæйы уагимæ дæр ыл уыцафон мæ цæст куы ахæссын, уæд мын мæ зæрдæ цавæрдæр æхцондзинадæй айдзаг кæны, кæцыйы ныхæстæй нæ бамбарын кæндзынæ, стæй мын уый æнæхъæн боны фаг вæййы. Афтæ мæм фæкæсы, цыма, уыцы бон мæ зæрдæ бирæ райдзастдæр у! Уæд Мари нырма сывæллон уыд æмæ зæронд усы ныхæстæн уыйбæрц æмбаргæ дæр ницы кодта. Фæлæ ныр, боны ’рбацъæхæй, йæ зæрдыл æрбалæууыдысты йæ гыццийы ныхæстæ: «Сæрд адæмæн хъæлдзæгдзинад хæссын зоны!» Бон кæнын куыд райдайы, афтæ сæумæрайсомы мигътæ дæр быдыртæ æмæ хъæдтæй цадæггай сæфын райдайынц. Сæрдыгон даргъ боны райдианыл мæргътæй та булæмæргъæй раздæр ничи бацин кæны. Йæ алыгъуызон цъыбар-цъыбурмæ йын иннæ цъиутæ дæр фæиу вæййынц æмæ сæ ног боныл иумæ хъæлдзæгæй сæмбæлынц». Ададжы чысыл цæугæдон та кæд хæдзармæ би- рæ дæрддзæф у, уæддæр уыцафон, йæ нарæг къæдз-мæдзытæ фæндагыл згъоргæйæ йæ уынæр дардæй дæр фæхъуысы. Чы- сыл фæстæ та хур дæр йæ тæмæны бацæудзæнис æмæ та нæ йæ райдзаст тынтæй барæвдаудзæнис... * # * Фесты сæрдыгон бонтæ, уыимæ та фæззæгæн дæр фадат фæцис йæ бартæм æрæвналынæн. Амагæйæн дæр æрцыд йæ паддзахадон фæлварæнты рæстæг Цæгат Ирыстоны уæлдæр ахуыргæнæндæттæй сæ иуы. Райста хорз нысæнттæ, хæрзбон загъта студентон цардæн, æрæздæхт йæ уарзон Хуссар Ирыс- тонмæ æмæ райдыдта кусын йæхи сферæйыл. Йæ уæздан æмæ йæ хорз ахасты тыххæй адæмæн уыдис уарзон, æгæрыстæмæй ма дзы кæйдæрты дæр фæндыд, цæмæй сæ чындз бауыда- ид. Фæлæ Амагæ йæ цард скæныныл нæ тагъд кодта, уый йе скондмæ гæсгæ уыд уæзбын æмæ йæ алы хъуыддагмæ дæр лæмбынæгæй кæсын уарзта. Фæлæ цасфæнды ма хъуыдытæ кодтаид, уæддæр ын хъысмæт саккаг кодта йæхихуызæн уæздан лæппу æмæ бинонты. Мады зæрдæ, дам, фиппайаг вæййы - 112% » > > > > ►
фæзæгъынц æмæ Мари дæр сразы йæ чызджы фæндоныл. Æр- барвыстой минæвæрттæ, бадзырдтой чындзæхсæвы боныл дæр. Ацы бон кæд цины боныл нымад у, уæддæр уыцы тæккæ Маримæ афтæ нæ каст. Алцы хъуыддаг дæр йæхимæ кастис æмæ архайдта ууыл, цæмæй уазджыты раз мацæмæй фæхудинаг уыдаит. Йæ сыхæгтæ дæр йæ фарсмæ балæууыдысты æмæ иумæйагæй архайдтой хъуыддаг куыд хуыздæр рауадаит, ууыл. Йæ къух æй куыд амыдта, афтæ фынг æрцæттæ кодта æмæ æнхъæлмæ кастысты чындзхæсджыты æрбацыдмæ. Мари тынг æнхъæлмæ каст Тимуры хиуæтты æрцыдмæ, фæндыд æй, цæмæй иумæ фæцин кодтаиккой сæ иунæг зынг- хуыст фыртæн йæ хъæбулы амондыл. Фæндыд æй, цæмæй йын йæ къух истæмæйты фæрог кодтаиккой. Уымæй размæ бонты сын Амагæ цалдæр хатты бæргæ загъта, фæлæ уый фагыл нæ ба- нымадтой æмæ æнхъæлмæ кастысты официалон хонджытæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, сæ ныхæстæ Марийы хъустыл дæр æруадысты æмæ сæм тынг рамæсты: Кæд сæ Тимуры хæдзармæ хонын хъæуы, уæд сæм уæдæ æз æндæр хонæг нал арвитдзынæн, уыдон æнæхонгæйæ афон- мæ дæр хъуамæ нæ фарсмæ уыдаиккой. Кæд мæн тыххæй нæ цæуынц, уæд уæдæ мæнæн уымæй ницы фыддæрадæн ми кæнынц, фыццаджыдæр хъуамæ Тимур æмæ йæ сывæллæттæй бафсæрм уаиккой! Уый сын æфсон фæцис! Ницы кæны, мæ бон цæйбæрц бауа, уыйбæрц та архайдзынæн, - загъта йæхицæн. Йæ зæрдæйы сагъæстæ кæд æргомæй не ’вдыста, уæддæр йæ иу бакастыл дæр бæрæгæй зынд, алы хъуыддаг дæр йæхи удмæ кæй каст æмæ йын уый та удæнцой кæй нæ лæвæрдта. Уыйа- дыл сын Тимуры хиуæттæ сæ чындзæхсæвмæ æрцæуынмæ сæ сæрмæ хæсгæ дæр нæ бакодтой. Йе ’фсымæр Давид æмæ дзы йе ’мкъай Мадинæ кæд уыдысты, уæд иу ирон æмбисонд куыд зæгъы: «Мидæггагонæй цы фæриссы уый, дам, æдддагон нæ фæзоны»... Сæ хорз цардæй буц кæй уыдысты, уымæ гæсгæ сидзæры чындзæхсæвы уазджыты бадт цы фæкодтой, уый йед- дæмæ дзы уадиссаг архайын нæ сарæхстысты. Адæмæй куынæ худинаг кодтаиккой, уæд æм, æвæццæгæн, уыдон дæр не ’рба- цыдаиккой. Фæлæ сæ Мари уæддæр никæмæй рахъаст кодта, алкæмæ дæр каст хæлар зæрдæйæ. Иæ зæрдыл æрбалæууыдис 8« < <<<<<<{ (пз)
Омар Хайамы рубайатæй сæ иу: «Æнцон у цъыфæй къниазмæ схизын, фæлæ алы кънийаз дæр хъуамæ йæ зæрдыл дара, къни- йаз æнусон нæу, æнусон у цъыф». - Æппындæр мацæуыл тыхс, Мари! Фезмæлыны фыдæй нын ницы баззайдзæнис! Дзырд дын дæттæм, алцыппæт дæр нывыл кæй ацæудзæнис! Ды æрмæст тыхсгæ ма кæн! - ныфсытæ йын æвæрдтой йæ сыхæгтæ. Æмæ хъуыддаг афтæ дæр рауад. Кæд дардыл хонджытæ нæ фервыста, уæддæр дзы цы цъус адæм æрбамбырд ис, уыдон фæминас кодтой æмæ хъæлдзæг рæстæг арвыстой... Уый фæстæ ма зонгæтæй кæуыл æмбæлд, уыдон ма-иу ын уайдзæфы хуызы дæр загътой: - Фыццаг цинаг арæзтай дæ хъæбултæн æмæ нæ куыднæ фæхонгæ фæдæ?! - уыцы ныхæстæ кæд иуæй йæ зæрдæйæн зын уыдысты, уæд ын иннæмæй та ныфсы ныхæстæ уыды- сты. Æхсызгон ын уыд, афтæ зæрдиагæй сæ кæй фæндыд сæ чындзæхсæвмæ æрбацæуын. Сæ разы ма йæхи бæргæ рæстытæ кодта: - Æмæ уый чындзæхсæв дæр куынæ уыд. Чындзæхсæвæн бирæ фæрæзтæ хъæуы, мæ хæлæрттæ, мæн та мæ къух уый- бæрцтæ нæ амыдта. Сæйраджыдæр архайдтон ууыл, цæмæй йæ æгъдауыл йæ фыды хæдзарæй арвыстаин... Амагæйы ацыдæй Марийæн йæ зæрдæйæн бирæ фенцондæр ис: фæцыд куыстуарзаг æмæ æгъдауджын бинонты ’хсæнмæ æмæ дæ сылгоймаджы ахæм амонд куы фæуа, уæд æм зæрдæ дæр нæ фехсайы... Тагъд рæстæджы баисты хъæбулты хицау дæр... Мари æмæ Аидæ дæр дарддæр сæ цард кодтой. Амагæ куы- ста скъолайы ахуыргæнæгæй, Аидæ та ахуыр кодта Хуссар Иры- стоны Паддзахадон Университеты. Кæд дыууæ чызджы дæр ахуырмæ æвзыгъд уыдысты, уæддæр Мари уымæн нысаниуæг нæ лæвæрдта, уый фылдæр архайдта ууыл, цæмæй сывæллæттæ схъомыл уыдаиккой аккаг хъæбултæй æмæ ныр ныфсджынæй йæ бон у зæгъын, кæй сæххæст кодта Тимуры раз йæ ныхас. - Мсе зынаргъ Тимур, кседдсер дын дсе ингсены уселхъус лсеу- гсейсе фидарсей дзырд радтон, ксей схъомыл ксендзынсен нсе сывселлсетты семсе мсе цахсемфсенды зындзинседты ссерты хи- зынма бахъсеуа, уседдсер сын ксей бафсераздзынсен, цсемсей нын суой аккаг хъсебултсе. Хатт мсем-иу мсе тыхстсей ахсем хъуы- ды дсер фсемидсег, цсемсей мсе тыхстсей искуы мсе ссер стра- (7м)>>>> ► ► ►
усау змисы фсецсевон семсе максейуал уынон, гъе та, мацыуал хъусон, фсендыд мсе, цсемсей фселыгъдаин дард бсестсем семсе мын куы бантыстаид, усед, севсеццсегсен, сенсерлсеугсейсе дсер лыгъдаин семсе лыгъдаин... Фселсе-иу сывселлсетты сенкъард цсестсенгасмсе куы фемдзаст дсен, усед-иу бамбсерстон, уы- дон седылы адсеймаджы ссенттсе ксей сты. Ацы мсегуырзсердсе сывселлсетты фарсмсе ма сез дсер куынсе уон, усед уседсе цы хъуамсе фсеуой семсе та-иу мсе зсердсе мсехиуыл серхудт^ бам- бсерстон, сендсер фсерсез мын ксей нсей семсе та-иу сез дсер, хъысмсет мынмсеразы цы фсендаг ныв кодта, ууыл седсерсгсейсе мсе цыды хай кодтон! Тыхст рсестседжыты-иу сецсегселон адсемыл дсер мсехи ба- къул кодтон семсе та мын-иу уыдонсей ксецыдсертсе цсест- уарзонсей зонд ацамыдтой, ссе ныфссевсерсен ныхсестсе мын-иу мсе зсердсе ссеттын нал бауагътой... Ксей зсегъын сей хъсеуы, адсем дсер иууыл иугъуызон не сты, хъыгаган, не ’хссен ра- зыны ахсемтсе дсер, ксецытсе дын сеххуысы бсесты дсе разы цселхдуртсе цы ’рывсерой, уый йеддсемсе дын хорзсей ницы са- раздзысты. Фселсе адсеймаг алцсеуыл дсер ахуыр ксены. Куыд- фсестагмсе сын, севсеццсегсен, ссе фыдмитыл мсехседсег дсер са- хуыр дсен семсе фсерсезтон, иу мисхал дсер ссе ницсемсеуал дард- тон. Мсен исксей дзсегъселы ныхсестсем хъусынмсе севдселгсе дсер нсе кодта. Мсе ссеры сермсестдсер уыд иу хъуыды - цсемсей нсе сывселлсетты ссе къахыл слсеууын кодтаин семсе ссе адсемы рсегъмсе ракодтаин. Уседсей нырмсе дзсевгар рсестсег рацыд семсе дын ныр мсе бон у фидарсей зсегъон, цсемсей ссем дсе зсердсе мацсемсейуал сехсайа. Ссеххсест нсе иумсейаг бселлиц! Ссе дыуусе дсер раст фсендагыл лсеуд ксей сты, ууыл сез дызсердыг нал ксенын. Уал азы дсергъы сыл дсе бсесты дсер фсезселыдтсен, ныр та Амагсейы сывселлсеттыл дсер фсецин ксенын. Фсезсегъынц, цсессыгимсе, дам, сенахъом сабийыл нини цин ксены, фселсе цасфсенды мсехиуыл ма хсецон, уседдсер мын нсе уайы... Уыдзсе- нис рсестсег семсе куы сыстыр уой, усед сей базондзысты, хорз дада сын ксей уыд, фселсе йын ксей нсе бантыст цсерын, ксей серхаста йсе ссер Ирыстоны ссервселтау семсе дын Ирыстоны хъсебатыр лсеппуты ’хссен дсе ныв куы уыной, усед дсе уыдон дсер ссербсерзонд уыдзысты. < < < <<<<Спз
Фселсеуал абонмсенсенсенсе дсеузыну, Тимур!Зыну алцсеуыл иунсегсей хъуыды ксенын семсе архайын! Фсезсегъынц, зсегъгсе, дам, «Сидзсерсей, адсемдардмселидзынц»,растуыцысембисонд дсе хъсебултыл дсер серкодта. Сылгоймаг та йсехи цасфсенды фидсерттсе ма дара, уседдсер сылгоймаг у семсе йе скондмсе гсесгсе лседжы ’мбсерц архайын йсе бон никуы бауыдзсенис, - йæ цырты раз та йын рыстудæй йæ ныхæстæ фæкодта Мари. Йæ къухтæ та йын йæ цыртыл фæлмæн æруагъта æмæ та йын йæ цæссыгтæ сæрфгæ хæрзбон загъта ... Махæй алчидæр ацы царды уадзы йæ фæд, фæлæ уыцы фæдтæй иутæн вæййы фенæн, иннæтæ та бынтондæр нал ра- зынынц. Уадзгæ фæдтыл та цард йæхи бабар кæны æмæ сæ хъахъхъæны, ауды сыл... Удæгæстæн та, кæд сæ нæ уынæм æмæ нæ фæзонæм, уæддæр сæ фæдтæ баиу вæййынц æндæр фæдтимæ... Уый царды сконд у ахæм æмæ йын фæивæн нæй... # * # Хæсты цæхæр Хуссар Ирыстоны цæрæг адæмæй чи нæ бав- зæрста, ахæм, æвæццæгæн, нæ разындзæнис. Уый, хъæддаг сырдау, æнæауæрдгæйæ бырста алкæй сабыр цардмæ дæр, цы- ран уагъта æрмæстдæр туджы фæдтæ, бабын кодта мæгуыр фæллойгæнæг адæмы. Фæлæ кæрон алцæмæн дæр æрцæуы æмæ та ногæй Уæрæсейы æххуысæй нæ бæстæм дæр æрцыд сабырад. 2015 аз. Нæ республикæйы цæрджытæн дæр сæ царды уавæр- тæ хуыздæрæй-хуыздæр кæнын райдыдтой, уыцы боны ’рцыдмæ бирæ азты дæргъы æнхъæлмæ кастысты нæ адæм дæр. Кæд бирæ азты дæргъы адæм бæллыдысты сæ цард фæхуыздæр кæнынмæ æмæ сæ къухы та не ’фтыд, уæд ныр æрлæууыд уыцы дуг. Махæй бирæтæ хорз хъуыды кæнынц Советон дуджы рæс- тæджытæ. Уæд ма сæрдыгон бонты нæ горæт дидинæрттывд кодта. Уый алы аз дæр уыд ног æмæ йемæ та адæмæн хаста ног хæрзиуджытæ, ивындзинæдтæ, хъæлдзæгдзинад, сæ сомбоны цардæн æвæрдтой ног рæсугъд пълæнттæ æмæ сын æнтысгæ дæр кодта, цалынмæ сыл хæст йæ сау фæд нæ райдыдта уадзын, уæдмæ!.. Нæ республикæ кæд 21 æнусы бахизынмæ уадиссаг нæ тагъд кæны, уæддæр арæхсгай архайы йæ размæцыдыл. Ног дуджы æр- (иб)»>> > > >
балæудæй адæм архайдтой сæ цард сæндидзынкæныныл, уæд- дæр сæ йæ сомбонæн ног пълæнттæ æвæрын йæ ныфс ничиуал хаста. Йæ къух кæй куыд амыдта, афтæ архайдта йæ цардыл. Марийæн дæр, уыдонмæ абаргæйæ, кæд йæ фæрæзтæ бирæ мæгуыраудæр уыдысты, уæддæр йæ тых цæйбæрц уыд, уыйбæрц архайдта йæ цардыл. Адæймагæн йæ кæстæртæй йæ зæрдæ куы рухс кæны, уæд царды кæддæриддæр ныфсджындæр вæййы. Иу бон Мари йе ’мкусджыты цавæрдæр журнал кæсгæ бай- йæфта: - Уый уæм цæй журнал ис? Афтæ цымыдисæй цы фæрсут? - афарста сæ Мари. Уыдон сæ фæрсын фæуагътой æмæ се ’ргом Марийы ’рдæм разылдтой. - Æвæдза хæстон темæ ныффыссын дæуæй хуыздæр никæ- мæн бауыдзæнис йæ бон, - загъта сæ иу, йæ фæстæ иннæтæ дæр сæ хъуыды загътой æмæ йын журнал йæ къухты фæсагътой: - Ницы уын бамбæрстон уæ ныхæстæн, - дисгъуызæй сын загъта чызг. - Æркæс журналмæ æмæ æппæтдæр дæхæдæг бамбардзынæ, бынтон æрæджы дæр ма ацы темæйыл дæ уац бынæттон газет- тæй сæ иуы куы рацыд мыхуыры. Куыд рабæрæг, афтæмæй журналы фыст уыдис, цæмæй Хус- сар Ирыстоны хæсты темæйыл 1989-2008 азмæ бавдыст æрцы- даид æрмæджытæ, фæуæлахизуæвджытæ та хорзæхджын кæй æрцæудзысты призон бынæттæй. Мари уал уац кæронмæ ба- каст, стæй сын уый дæр йæ хъуыды загъта: - Æмæ сымахмæ куыд кæсы, уыцы темæ мæнæй хуыздæр никæмæн бауыдзæнис йæ бон ныффыссын? Кæцы хæстон æз дæн?! Уыцы хабæрттыл, знаджы ныхмæ чи хæцыд, уыдон хъуамæ фыссой, уый йеддæмæ сын æз та цы зонын? Цалдæр хатты газеты Тимуры тыххæй ме ’рмæджытæ мыхуыры рацы- дысты, уый ууыл дзурæг нæу æмæ журналист дæн. Нæ, фæлтау уæхицæй исчи бафæлварæд. Цынæ вæййы?... - йæхæдæг къла- сы журнал йæ дæларм акодта æмæ йæ урокмæ атындзыдта. Кæд йе ’мкусджытæн йе ’нæразыдзинад равдыста, уæддæр ын йæ хъуыдытæ æнцой нал лæвæрдтой: - Уæд та куы бафæлварин, цынæ вæййы? - загъта йæхины- мæр æмæ ’рывнæлдта фыссынмæ: < << <4<{<((П7)
Уадз, æмее Ирыстоны цъæх арвы бын сæрбæрзондсей фæйлауа æхсарджын ирон тырысаШ Кæд Хуссар Ирыстон æмæ гуырдзыйы хæстæй дзæвгар рæстæг рацыд, уæддæр уыцы фыдбонтæ адæмæй æнцонтæй нæ ферох вæййынц æмæ ма нæ рох дæр фæуыдзысты искуы? Уый уæззау фæд ныууагъта нæ ирон адæмы зæрдæты. Æмæ канд ирон адæмы нæ, фæлæ ма уыцы трагикон цаутæ - 1989 азтæй райдайгæйæ - 2008 азтæм айхъуыстысты æгас ду- нетыл дæр, æмæ уыдонæн дæр сæ зæрдæты ныууагътой зæрдæмæхъаргæ фæд. Кæд-иу нæ рæстудты сæрыл кæцыдæр бæстæтæ митингтæ дæр арæзтой, уæддæр сын сæ ныхас уæлæмæ ничи суагъта. Ирыстоны дарддæр дæр хæст йæ кæнон кодта æмæ трагикон цаутæ бонæй-бонмæ, сау халæттау, бырстой нæ сабыр цæрæг адæмы хæдзæрттæм, сæ цыфыддæр митæй куынæг кодтой Хуссар Ирыстоны сæрибаруарзаг ирон адæмы. Ахæм бон-иу нæ баизæр, æмæ мацы сау хабар райхъ- уыстаид, уæлдайдæр та, нæ районтæй кæнæ хъæутæй: хо- тыхджын знаг гæрзифтонгæй иста æмæмардта амынæтты исæг адæмы, истой сын сæ фос, сæ хæдтулгæтæ, иудзырдæй, цæрæнбонты цы фæллæйттæ фæкодтой, уыдон та сын хæрз- цыбыр рæстæгмæ цыдысты куынæг. Уыцы тугкалæн хæсты знаг ирон адæмы куынæг кодта уый тыххæй, æмæ кæй уыдысты ирæттæ, дыккаг та уый, æмæ сæ кæй нæ фæндыд Уырысы скондæй рахизын. Рагæй фæстæмæ ирæттæ сабырцæрæг адæмыл нымад уыдысты æмæ та сæ кæд ныр дæр фæндыд, цæмæй та гуырдзыимæ дарддæр дæр хæларæй цардаиккой, уæддæр сын уыдон уый фа- дат нæ лæвæрдтой æмæ сын быхстой сæ цыфыддæр митæн. Фæлæ, хъыгагæн, уыцы барындзинад нæ сыхæгтæ раст нæ бамбæрстой, уыдон уыцы ахаст нымадтой тæппуддзинадыл æмæ уæд сæхимидæг ныфсджынæй фæндон рахастой, цæмæй ацы фарст скъуыддзаг æрцыдаид хæцæнгарзы руаджы. Ацæргæ адæм, кæцытæ 1920 азты сæхи сæртыл бавзæрс- той агрессор Ное Жорданиайы геноцид, уыдон-иу кæстæрты арæх фæдзæхстой: «Адоныл æууæнк нæй, куыддæр та сын фа- дат фæуа, афтæ та ныл нæ бацауæрддзысты. Сæ бон у æмæ та ногæй сфæлхат кæной 1920 азты геноцид». Зæгъæм, мæ гыццимæ ахуырдзинад иу кълас дæр нæ уыд, фæлæ нæ уый дæр из) УУУУУУ >
арсех фæдзæхста: «Куыддæр та сын чысылдæр фадат фæуа, афтæ та нæ ссе късехты бын нысссенддзысты. Ныр цал азы рацыдуæдæй абонмæ, фæлæ сылуæддæр кæронмæ не (ууæндын. Сæ мæлгъæвзаг ныл цы уадзынц, уый йеддæмæ нын нæ хорз- дзинадмæ никуы бабæлдзысты...». Æвæццæгæн та уыцы зæ- ронд усæн зæрырдæм йæ зæрдæ цыдæр фиппайдта, æндæра нæ уæдæ афтæ арæх цæмæн фæдзæхста? Фæлæ йын мах уæд йæ ныхæстæн уадиссаг нысаниуæг нæлæвæрдтам, дзырдтам, зæгъгæ: «20-æм азты хабæрттæ йын йæ цардыл ахæм сау фæд ныууагътой, кæцыты йæ амæлæты бонмæ дæр нал рох кодта. Уæд ыл бæрцæй кæд цыдаид дæс азы æмæ сывæллонæй та цы фенайу уый цæрæнбонты дæр дæ хъуыдыйæ никуы фе- рох уыдзæнис...» Хъыгагæн, 1989 азæй 2008 азы онг хæстон хабæрттæ нæ адæмы цæрдтытыл мæгуырау ’рдæм бандæвтой. Цард нæм цыма истæуыл тæргай фæцис, уыйау нæм йæ чъылдым здахын райдыдта, уыимæ та бонæй-бон æххæст кодтой нæ гыццийы фæдзæхстытæ дæр. Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны ныхмæ хæст кæй расидтис, уый дызæрдыггаг никæмæнуал уыд, алцыппæт дæр æххæст цыдис нæ цæстытыраз. Уыцы хæсты та бонæй-бонмæ мард бирæ адæм, удæгæстæ та архайдтой сæудтæ фервæзын кæныныл. Уæдæй нырмæ кæд дзæвгар рæстæг рацыд, уæддæр сæ цы- фыддæр митæй нæ адæмы зæрдæты ныууагътой сау фæд, ныр дæр ма сæ бирæтæ сæ тæссаг фынты дæр фæуынынц. Мæнгæй нæ фæзæгъынц: «Рæстæг, дам, алцæмæн дæр хосгæнæг» æмæ та уыцы æмбисондмæ гæсгæ махæй алчи дæр йсехи рæстæджы дæлбар бакæны æмæ та фæархайæм сæ ферох кæныныл. Фæ- лæ сын рохгæнæн дæр куыд ис?! Куыддæр та мысæн бонтæ æрбалæууынц - æмæ уыдон Хуссар Ирыстоны иутæ æмæ дыууæтæ нал сты: уый дын Ереды трагеди, Присы траге- ди, Зары трагеди, афтæ та нын сæ нæ зæрдыл æрбалæууын кæнынц, ногæй та хæсты цаутæ нæразы ирдæй февзæрынц... Уыцы бонты цасфæнды дсехи æндæр хъуыдытыл ма ир- хæфсай, уæддæр дын нæ рауайдзæн, æрдз дæр нын æй цыма йе ’нкъарддзинадæй фембарын кæны, уыйау адæймагæн вæй- йы æрхæндæг зæрдæ... Дæхи цæстытæй кæй фенай, уымæй цасфæндырæстæгмарацæуа, уæддæр сын æнцонтæй рохгæнæн < < < <<<<<Гп9
нал всеййы. Чизоны-иу кседдсер мсе гыцци дсер ссе ферох ксеныныл афтсеархайдгпа, фселсеуымсендсернсебантыст, йсезсерыбонты дсер ма-иу йсе зсердыл сербалсеууыдысты. Йсе дзырды ссер цсеуыл уыд, уыйма ныр бсергсе бамбсерстам, фселсема цафон... 8 августы райсомы 4 сахатыл сехстытсей фатерты баз- зайын тсессаг уыд семсе ма цсемсей нсе удтсе аирвсерзтаиккой, уый тыххсей та нсе ныкксендмсе хизыны ссер бахъуыд. Нсе ныццыдмсе дзы адсемсей къух баксенсен дсер нал уыд. Цалдсер уысммсесыхсегтсе иууылдсеруымфевзсердысты, сегсерыстсемсей ма нсе алыварс цы бирсеуселадзыгон хседзсерттсе уыд, уыдонсей дсер ма ксецыдсертсе, ныкксендтсе ксемсен нсе уыдис, уыдон дсер ма ссе тыхстсей ссехи махырдсем сербаппсерстой. Цсемсей сывселлседтсе ма тарстаиккой, уый тыххсей хистсер кар адсем ссехиуыл хсецыдысты. Сывселлсетты-иу ссе риутсем нылхъыв- той семсе сенхъселмсе кастысты, сехст ксед фсесабырдсер уы- дзсен, уымсе. Цыбыр рсестсегмсе, цыма, сывселлсеттсе нсе фсе- лсе куырыхонтсе уыдысты, ссехи афтсе сембаргсе дард код- той. Æрмсест-иу рсестсегсей-рсестсегмсе куырдтой дон, фселсе сын, хъыгагсен, нсе бон баххуыс ксенын ницсемсей уыд, сехсты- тытсей фыццаг уселадзыгмсе схизын дсер йсе ныфс ниниуал ха- ста. Рсестсегсей-рсестсегмсе-иу нсем севзонг лсеппутсе дсер бау- адысты семсе-иу нын ксед ныфсы ныхсестсе акодтой, уседдсер иу ссе цсесгсемттыл бсерсегсей зындис уыдон хуымсетсег ныхсестсе ксей уыдысты, ссехседсег дсер бселвырдсей ксей ницы зыдтой. Сыхсегты лсеппу Юрсе нсем-иу арсех сербауайаг уыд: - Ныр мацсемсейуал тсерсут. Аседжыхъседмсе нсе бирсе нал хъсеуы! Уырысы сефсад сед техниксе туннелы дзыхмсе серхсеццсе сты, сермсест ма сенхъселмсе ксесынц бардзырдмсе семсе ксед нсе лсеппутсе дсер фсессерибардсер уаиккой, - дзырдта-иу уый. Фселсе адсемы ксед уадиссаг йсе ныхсестсе нсе уырныдтой, усед- дсер-иу ссе цыдсер ныфс бацыдис семсе ссе уый та алксемсен дсер пайда цы хаста, уый йеддсемсе сын зиан дсер ницы уыд. Йсе ныхсестсе алксемсен дсер уыдысты ныфс семсе ма ксед чысыл раздсер адсем ссе зсердсемсе ныхъхъуыстой, усед ныр се усехс- нытсе фетынгдсер сты семсе иумсе сенхъселмсе кастысты Усе- рсесейы сефсады ’рцыдмсе. Фселсе сехстытсе уседдсер дарддсер дсер ссе ксенон кодтой, семсе фатертсе дсер судзын райдыдтой. Сау пиллон арт, сенсе- 120)УУ>У> > >
хонгсе уазсегау, парахатсей зылд хседзари-хседзар. 15-аздзыд лсеппу Алан куы фехъуыста, 5-сем уселадзыджы йсехседзар дсер судзын райдыдта, усед ссент гсепп фсекодта семсе лидзынмсе фсеци. Йсе гыцци ма йсе фседыл бсергсе рахъсер кодта, цсемсей ма ацыдаит, фселсе йсемуый фсестсемсе фсезылд семсе йын загъ- та: «Гыцци, ам мсе куыд бадын ксеныс, ксед семсе мах хседзар дсер судзын райдыдта, усед». Алан фсестсемсе ныкксендмсе фсезынд ссегсейдзагтсей, фселсе худгсебылсей Аланы мидбыл- худт та уый нысан кодта семсе йын ксей бантыст йсе хседзар ахуыссын ксенын. Æмсе ма уыимсе судзын нсе бауагъта ссе сыхсегты дыуусехатсенон фатер. Аланы фарсмсе ма басыгъд йсе сыхаг Уалыты Шотайы хседзар, уый ахуыссын ксенын йсе ныфс нсе бахаста. Куыддсер сехстытсе фселсеууыдысты, афтсе ма бсергсе лыгъд йсе хседзармсе, фселсе ма йын цы йсе бон уыд, сенседзургсейсе ма ссе сыгъд късессеры раз лсеууыд... Сыхсегтсе ма йын ксед ныфссевсерсен ныхсестсе кодтой, уседдсер уымсе нал хъуыстысты, сенкъард хъселсессей ма-иу сын дзуапп рад- та: «Ницы ксены. Ссейраджыдсер ныл удызиан не ’рцыдис, уый йеддсемсе та удсегас адсеймаг истытсе ксендзсенис». Фселсе уы- дон сермсестдсер ныхсестсе уыдысты, махсей алчи дсер зыдта йсе зсердсейы цы дудгсебон серфидар, уый. Шота къухджын лсег уыдис семсе ксед йсе сыгъд хседзарсен йсе бон аразын ницыуал ба- цис, уседдсер йе ’ххуысы къух фседаргъ кодта сыхсегтсем. Иры- стоны трагикон цаутсе йсе зсердсемсе афтсе арф айста семсе 2009 азы йсеуарзсегой зсердсе йсе кусынсей банцад... Уымсей цалдсер боны раздсер та мсе сыхаг Малъвинсе ар- хайдта йе ’вгъседдон чындз Агуындсейы Цсегат Ирыстонмсе ’рвитыныл. Фселсе йсем бселвырдгсенсен гсеххсеттытсе ксей нсе разынд, уый тыххсей йсе фсендагсей фсестсемсе раздсехтой семсе уый дсер махимсе ныкксенды тухсентсе кодта. - Мари, мыййаг мсе чындзсен йсе гуырын афон куы ’рцсеуа, усед мсе дсе фсексесыны ссер бахъсеудзсенис. Курсег дсе дсен, цсемсей мсе цурсей мачердсем ацсеуай, - бахатыд мсем Малъвинсе. Сылгоймаджы сенсенхъселседжы фарстсей ме усенгтсе анд- зыг сты, адсергсей мсе сехстытсе дсер семсе мсе дыуусе чызг дсер сербайрох сты. Ныкксенды йын сенсе уавсертсей цы ми код- таиккам, уымсен ницыуал зыдтам. Фселсе ма йын уседтсер ныфсытсе авсердтон: < < < <<<<021
- Тыхсгсе ма ксен, мсе зынаргъ. Нсе фехъуыстай, Уырысы Æфсад, дам, горсеты сербахизсены сты семсе ксед сехстытсе дсер серлсеууиккой, усед сымахсен дсер фалсемсе цсеуынсен фа- дат фсеуыдзсенис, Малъвинсейы ксед мсе ныхсестсе бауыр- ныдтой, уседдсер мсехи уырнгсе дсер нал кодта семсе ма искуы уыцы дудгсебсеттсен ксерон серцыдаид. Æрмсест ма куывтон Хуыцау семсе Ирыстоны зседтсем, цсемсей искуы айсеппсет хъи- зсемсерттсен ксерон серцыдаит. Æмсе хъуыддаг афтсе дсеррау- ад Усерсесейы сефсады серцыдсей уавсер бсерсег фсехуыздсер. Фыццаг дыуусе бон тассей змселын дсер нал усендыдыстсем, фселсе уый фсестсе нсе тас цадсеггай ссефын райдыдта, уымсен семсе нсе алксецыдсер уыд хъуыддагыл лсеуд. Адсеймаг сеххуыс- сенхъсел} тугкалгсе дсе уселхъус куы сербалсеууа, усед ын уседсе цы дсе зсерды ис, ксей зсегъын сей хъсеуы, хъуамсе йын фыц- цаг сеххуыс баксенай. Иу ахсем хсестон лсеппутсей ксецыдсер цæфтсей махмсе дсер сербахауд. Хорз уыд, ницы дзуапп рад- та семсе не ’хссен разынд дыуусе медицинон хо семсе сын ксед уыйбсерц фадсеттсе нсе уыд, уседдсер куыд ссе бон уыд, уыцы сеххуыс ын бакодтой, мах дсер ссе фарсмсе лсеууыдыстсем семсе сын сеххуыс кодтам... 10 августы райсомсей ксед фсендсегтыл адсем нырма седассей нсе цыдысты, уседдсер Малъвинсе йсе сывселлсеттимсе ацыд Цсегат Ирыстонмсе. Дыккаг бон мсенсен дсер мсе чызджытимсе бантыст ацсеуын. Фсендагыл цсеугсейсемынАгуындсейылхъуы- ды сенцой нсе лсевсердта семсе куыддсер ныххсеццсе стсем, афтсе зонгсетсей ксеуыл сембселдтсен, уыдон-иу фыццаг уымсей афар- стон, фселсе мын бселвырдсей дзуапп ничи радта. Хабар ба- зыдтон, газеты фарсыл Агуындсе семсе йсе сывселлоны ныв куы ауыдтон, усед. Куыд рабсерсег, афтсемсей куыддсер ныххсеццсе сты, афтсе йсе рынчындонмсе баластой семсе йын райгуырд лсеппу. Фырцинсеймсе цсессыгтсе нал баурседтон... Фондз боны мидсег нсе адсем уыйбсерц тухитсе бавзсерстой семсе, севсеццсегсен, цсерсенбонтсем ссе зсердсетсей никуыуал схи- цсен уыдзысты. Фсестаг бонты ксед мобилон бастдзинад дсер сербайссефт, уседдсер уый цсерджытыл уадиссаг нсе бандсевта. Горсеты алксецы район дсер ифтонг уыд сенсемсенгхъсеусег ин- формацийсе. 122)уууу>>>
11 августы мсе дыуусе нызгимсе Цсегат Ирыстонмсе куы ныххсеццсе стсем, усед мсехицсен фидарсей загьтон: «Адсеймаг а бсестыл иу хатт йеддсемсе нсе цсеры семсе куыд сембселы, афтсемсей йсе хьуамсе рацсерай. Фселсе дзы цалдсер боны куы аззадтсен, усед сей бамбсерстон, ам мсе ксей ницы уромы... Мсе хьуыдытсе мсе фсехастой мсе райгуырсен бсестсем. Мсе хседзар, мсе уынгтсе, мсе зонгсетыл хьуыдыгсенгсейсе-иу мсе зсердсе серсенкьард. Хатт мсем-иу афтсе дсер фсекаст, цыма мын мсе уарзон горсеты алы бселас дсер «дсе бон хорз» фсезсегьы семсе мын дзы алксецы та мсе зсердсейсен адджын у семсе мын ныр мсе ныццыдмсе та сенхьселмсе ксесынц. Фселсемынмсе сывселлсетты фыдыуселмсерд та иууыл сенцой нсе лсевсердта. Уый йсе уарзон Ирыстоны хьахьхьсенгсейсе фсемард 11 июлы 1992 азы, йе {нусон бынат ссардта сендсер фыдыбсестсе хьахьхьсенджытимсе - 5-сем скьолайы ксерты. Бселлыд, цсемсей та йсе уарзон Ирыстоны федтаид ссерибар семсе дидинкалгсейсе. Фселсе йын знаджы нсемыг уыцы фа- дат нал радта... Йсе амселсеты фсестсе хорзсехджын серцыд «Фыдыбсестсе хьахьхьсенседжы» майдансей. Никсей бон ма ба- цисхьысмсеты ныхмсе фселсеууын... НырХуыцау зсегьсет, семсе афтсе тынг цы Ирыстоны уарзта семсе ксемсен аргь кодта, уым йсе сывселлсеттсе ссе адсемимсе цсерынсей бафсседой!.. Рагацау хатыртсе курын, цсемсей мсем мачи фсехьыг уа, фселсе мын иу хьуыддаг уседдсер сенсезсегьгсе нсей. Æз иууыл тынгдсер аргь ксенын уыцы адсемсен, ксецытсе мсе хьыг семсе мсе цины рсестседжыты уыдысты мсе фарсмсе. Уал азы дсергьы ксерседзийсен ныфс куынсе уыдаиккам, усед, севсеццсегсен, уыцы дудгсебсеттсен фсеразгсе дсер нсе бакодтаин. Ксед алксемсен дсер зын фадсеттсе уыд, уседдсер зыдтам ксерседзимсе кьух фседаргь ксенын... Æмсе, севсеццсегсен, уыцы тухитсен быхсгсе дсер уымсен бакодтам. Фселсе рагацау йсехи ардыгсей чи ай- ста семсе йсе бинонты хсесты цсехсерсей чи бахызта, уыдон дсер хсераймаг не сты. Алы адсеймагсен дсер йсе цард йсе бар у семсе ксей куыд фсенды, афтсе ксены. Уыцы азты нсе адсем уыйбсерц хьизсемсерттсе бавзсерстой семсе фсестагмсе се ’нсе- низдзинадыл мсегуырау ’рдсем сендавын райдыдтой. Алы семсе алыхуызон низтсей фсемард бирсе адсем. < < < << 44(123
Ксеронбсеттсены мсе фсенды раарфсе ксенын мсе уарзон хсес- твселлад адсемсен! Фыццаджыдсер уал сын мсе зсердсе зсегъы, цсемсей уой сенсениз семсе амондджын! Уадз, семсе Ирыстоны зсеххыл макуыуал серцсеусед хсест семсе Ирыстоны хъсебулты та макуыуал бахъсеусед ссе къухмсе хсецсенгарз райсыны ссер! Нырæй фсестæмæ Ирыстоны цъсех арвы бын ссербсер- зондæй цы фсейлауа сехсарЬжын ирон тырыса!!! Мари йæ уацы сыфтæ иуварс æрæвæрдта æмæ ма йæ уарзон адæм сæрæгас æмæ амондджын кæм уыдысты, ногæй та йæ йæ хъуыдытæ уырдæм ахастой. Афтæ рæвдзæй йæ афыстаид, уый æнхъæл йæхæдæг дæр нæ уыд. Райсомæй ма йыл йæ цæст иу хаст акодта, стæй йæ уый дæр æмбæлон ранмæ бавдыста. Цалдæр боны фæстæ ра- бæрæг, жюрийы уæнгтæ йын йæ уацæн аккаг аргъ кæй скод- той æмæ кæй бацахста призон бынат, мыхуыры ма йын рацыд бынæттон газеттæй сæ иуы. Уый фæстæ та йын æрвыст æрцыд Америкæйы иугонд Штаттæм, штат Калифорнийы газеттæй сæ иу «Диаспорæ»-мæ æмæ та йын уым дæр иууыл хуыздæр уацыл нымад кæй æрцыдис, уымæ гæсгæ йын мыхыры рацыд 11 авгу- сты 2015 азы. Марийы цард банымайæн ис стыр нывæцæныл, цыран иу рæдыдæн дæр ссарæн нæй! Уый у æнкъард, фæлæ сыгъдæг ис- тори. Кæд ын цард йæ сонт удæн дзæвгар тухитæ æвзарын код- та, уæддæр уый ныфсджын къахдзæфтæй тырныдта размæ. Йæ гыццийы амындтыты фæстæ уымæн уадиссаг амонын ницы- уал хъуыд, зыдта адæймагæн йæ фæндаг иууыл лæгъз кæй нæ вæййы, кæй дзы разыны зын фадæттæ дæр. Фæлæ уый цард у ахæм, кæцы æрвылхатт дæр разыны раст æмæ дзы махæн та нæ бон рацаразын ницы бауыдзæнис! Æвæццæгæн адæймагæн йæ райгуырдæй хъысмæт цы сныв кæна, уымæй йын ирвæзæн нæй. Æндæра Марийæн йæ ивгъуыд цард йæ бон, фæивын куы уаид, уæд æй бирæбæрцæй амондджындæрæй рацардаид... Царды мысынад бирæ тыхджындæр у иу адæймаджы мысы- надæй. Æрмæстдæр адæймагæн у йæ бон мацы зонын, мацы уынын æмæ мацы ’нкъарын. Гæнæн ис æмæ адæймаг алцы дæр ферох кæна, фæлæ цардæй ницы рох кæны æмæ уæд сфæл- дисы диссæгтæ, æгæрыстæмæй сæ мах куынæ фæзонæм, куы- 124) УУУУУУ >
нæ сæ фæуынæм æмæ сæ куынæ фенкъарæм, уæддæр уымæ ’нæкæсгæйæ, уыцы фæдтæ баззайынц царды мидæг. Йе ’нусон бæстæм чи ацæуы, уыдоны фæдтæ та сты, махæн цы бынтæ ны- ууагътой, уыдон... УИ 2017 аз. Хуссар Ирыстоны хæсты фæстиуæгæн цы бæсты- хæйттæ ныппырх сты уыдон Уæрæсейы æххуысæй дарддæр- дæр цалцæг цыдысты. Уымæй уæлдай ма горæтгæрæтты дæр арæзт цыдысты, бирæуæладзыгон хæдзæрттæ, сывæллæтты рæвдауæндæттæ... Цыбырдзырдæй, нæ горæт та мифи- кон маргъ Фениксау, фæнык фестыны фæстæ ногæй дардыл айтыгъта йæ арæзтадон къабæзтæ. Адæм æнæкæрон цин код- той сæ ног райдзаст фатертыл. Мари дæр 1992 азæй фæстæмæ бæргæ æнхъæлмæ каст Тимуры номыл фатер райсынмæ, фæлæ цæмæнгæсгæдæр уал азы дæргъы йæ рад нал æмæ нал хæццæ кодта. Ныр ног Президенты æрбалæудæй та йæ номыл ногæй куырдиат ныффыста æмæ æнхъæлмæ каст дзуапмæ. Йæ фыц- цаг æрлæудæй фæстæмæ дзы адæм тынг ныфс æвæрдтой, уы- донимæ Мари дæр. Фæзæгъынц, зæгъгæ, дам, «Къодах йæ фыц- цаг цæфæй дæр бæрæг вæййы». Кæд уый размæ æндæр бæрнон бынæтты йæхи æмбæлонæй равдыста, уæд уæдæ æндæр куыд хъуамæ уа! Æмæ та мæгуыр адæм, стыр ныфсимæ æнхъæлмæ кастысты сæ сомбоны цард фæхуыздæр уæвынмæ. Йæ куырдиат бадæттынæй кæд дзæвгар рæстæг рацыд, уæд- дæр Мари йæ ныфс нæ саста: «Йæ разы ма æндæр кæйдæр куырдиæттæ дæр ис. Фæлæ йæ зæрдæйæ хатын, иннæ хæттытау мын ныр лагъзы æфснайдæй кæй нал баззайдзæнис. Æмæ хъуыддаг афтæ дæр рауад, иу бон æм телефонæй фæдзырдта иу æнæзонгæ нæлгоймаг: «Уæ бонтæ хорз, уæ куырдиаты фæдыл уæм Президенты Администрацийæ дзурæм. Базонгæ уын стæм уæ куырдиатимæ æмæ нын алцы дæр æмбæрстгонд у. Æрмæст уæ, цалынмæ къамис йæ куыст фæуа, уæдмæ банхъæлмæ кæсын бахъæудзæнис...». Тимуры бинонтæ 27 азы дæргъы бæргæ æнхъæлмæ касты- сты фатер райсынмæ, фæлæ цæмæдæр хъуыддаг йæ бынатæй не змæлыд. 1992 азы, Тимуры амæлæты фæстæ сын горæты Администрацийы ’рдыгæй рахицæнгонд æрцыд 2-хатæнон фа- < < < <<44<Г125
тер. Фæлæ сæ уыцытæккæ сæ дудгæбонæй æппындæр ницы- уал æндæвта. Уый фæстæ ма сæм бæргæ бацыдысты, фæлæ йæ уæдмæ кæйдæр разæй скодтой: «Бахатыр кæнут, рæстæгыл нæ нæ абæрæг кодтат, ныр уын нæ бон баххуыс ницæмæйуал у». Ахæм дзуапп райсынмæ Мари бæргæ не ’нхъæлмæ каст, фæлæ сын сæ ныхасмæ ницыуал сфæрæзта дзурын. Йæхинымæр ахъуыдытæ кодта, зæгъгæ, нын кæд Тимуры номыл фатер хи- цæнгонд æрцыд, уæд нæм æмбæлы». Уыйадыл уый дæр æм- бæлон гæххæттытæ сарæзта æмæ сæ кæдæм æмбæлд, уырдæм бавдыста. Фæлæ хъуыддаг йæ бынатæй не змæлыд. 1992 азæй 2008 азмæ-иу уыцы гæххæттытæ куы сæфгæ кодтой, куы та- иу цыдæр æфсæнттæ дæр рауардтой. Уæдмæ дзы кæцыдæр бинонтæ та дыгай хæттыты дæр баисты фатерты хицæуттæ. Уыцы æнæрæстдзинæдтæм кæсгæйæ-иу Марийæн йæ ныфс бынтондæр асаст... Ахæм рæстæджыты-иу йæ зæрдыл арæх æрбалæууыд Не- красовы чысыл уацмыс «Рохгонд хъæу»-æй мæнæ ахæм дзырд- тæ: «Мæнæ хицау æрцæудзæнис æмæ уый алцы дæр равзар- дзæнис...» Ацы уацмысы дæр зæронд хицауæй адæм ницы- уал ныфс æвæрдтой æмæ æнхъæлмæ кастысты ног хицауы æрлæудмæ. Уымæй алчи дæр йæхицæн ныфсытæ æвæрдта, кæй сæм æрбацæудзæнис æмæ сæ алкæмæн дæр йæ хъуыддаг за- къонмæ гæсгæ кæй аскъуыддзаг кæндзæнис æмæ уыимæ та сæ цардыуаг дæр кæй фæхуыздæр уыдзæнис. Алчидæр сæ бæллыд уавæр фæхуыздæруæвынмæ фæлæ йæ æргомæй зæгъын ничи уæндыд, æрмæст стыр ныфсимæ æнхъæлмæ кастысты, цæмæй истыгъуызты сæ хъуыддаг хуыздæрырдæм фæивтаид... Мари йæхæдæг дæр кæд хæсты фæмард уæвджыты Коми- теты уæнг уыдис, уæддæр 2008 азы фатер райсынмæ йæ гæх- хæттытæ нæ бавдыста. Уый йæхицæн фидарæй дзырд рад- так, зæгъгæ уал: «Фатертæ фыццаджыдæр æмбæлынц уыцы адæммæ, кæцытæн хæсты фæстиуæгæн сæ хæдзæрттæ басыгъ- дысты, кæнæ ныппырх сты». Фæлæ та ам дæр æнæрастдзинад фæуæлахиз. Фатерты æмæ хæдзæртты хицæуттæ та баисты ахæмтæ, кæцытæн ма уыд цалдæргай хæдзæрттæ, бирæтæ дзы еуал азы дæргъы ам дæр нæ цардысты, афтæмæй æвæлмæцгæйæ хæдзæрттæ райстой. Уыцы æнæраст митæм кæсгæйæ Марийы йæ къах уыцы Комитетмæ цæуынмæ дæр нал бахаста. 126) » >► >► > > >
1990-æм азæй фæстæмæ бирæ хъизæмæрттæ фервыстой не ’мбæстæгтæ. Мæйгæйтты куыстуæтты адæмæн мызд нæ фыстой, æгæрыстæмæй ма дзы, кæцыдæр куыстуæттæ æхгæд дæр æрцыдысты. Кæрон нал уыд гуырдзыйы агрессийæн дæр, фæлæ уыцы зын уавæрты цæргæйæ, Мари уæддæр никуыдæм ацыдис, кæд уый дæр бирæтау, тыхст уавæрты цардис, уæддæр æй йæ райгуырæн зæххæй йæ къах цæуынмæ никуыдæм ахаста, стыр ныфсимæ æнхъæлмæ каст, ирон адæм бирæ азты дзергъы цы сæрибардзинадмæ бæллыдысты, уый æрбалæудмæ. Уыцы сæрибардзинад та адæмæн хаста хорз цард. Уæрæсейы фæрцы нæ Республикæ дæр ссис иумæйаг арæзтадон фæзуат, арæзт цыдысты цæрæн бæстыхæйттæ, сывæллæтты цæхæрадæттæ, скъолатæ, арæзтой сын сæ сыгъд æмæ пырх хæдзæрттæ... Ныр кæд уыцы ног фатертæ дæр куыд æмбæлы, афтæ раст уæрст æрцæуиккой æмæ уыдонимæ та Тимуры бинонтæн дæр, уал азы дæргъы цы фатермæ æнхъæлмæ кæсынц, уый ныр кæд сæ къухты бафтид. Æмæ хъуыддаг афтæ дæр рауад, ацы бинонтæн дæр рахицæнгонд æрцыд, бирæ азты дæргъы цæмæ æнхъæлмæ кастысты, уый. Уыдон фыццаджыдæр уæлдай бызныг сты Уæрæсейæн йе ’нæкæрон æххуысы тыххæй, Хуссар Ирыстоны Президентæй, афтæ ма къамисы уæнгтæй дæр, кæцыты руаджы хæдзæрттæ æрцыдысты уæрст. Мари ма йæ бузныджы ныхæстæ загъта бынæттон газеттæй сæ иуы дæр: «Мах æнæкæрон бузныг стæму Тимуры номыл нын фатер рахицæнгонд кæй фæрцы æрцыдис, уыцы адæмæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый Тимур æрцыд хорзæхджын, куыд «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг», афтæ. Хъыгагæн, йæхицæн нал бантыст аф- тæ тынг цы Ирыстоны уарзта, уый сæрибарæй фенын. Ацы фатермæ мах бахиздзыстæм сыгъдæг зæрдæимæ. Ферох кæн- дзыстæм, уал азы дæргъы нын кæцыдæр ниновниктæ цы мæс- тæймарæн митæ фæкодтой, уыдæттæ. Нæхи Хуыцау æмæ Ирыстоны зæдтæм кувдзыстæм, цæмæй нæ ног фатеры æр- мæстдæр уа цины хабæрттæ. Чи нæма райста хæдзæрт- тæ, уыдонæн та мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй тагъд рæстæджы сæ бæллиц сæххæст уа. Фæлæ сæм горæтæн кæцы фарс æр- хаудзæнис, уымæн нысаниуæг дæттын нæ хъæуы. Фыцца- джыдæр уал дзы зæрыбонтæм сæ бинонтимæ æнæниз æмæ æнæмастæй цы цæрой». <<<<<< ч С127,
* * * Уыдис фæззыгон боны сæумæрайсом, уæлдæф байдзаг зы- мæджы комытæфæй æмæ бæрæг уыд, а ввахс рæстæджыты нæм хъарм бонтæ кæй нал уыдзæн. Ацы райсом Мари сыстад бынтон ног хъуыдытимæ, абон æй йæ ног фатермæ хъæудзæнис ахизын, бæргæ йæм йæ куыстæй дзæвгар рæстæг ауайын хъæу- дзæнис. - Æвæдза диссаг у цард! 27 азы иу ран фæцæрдыстæм, мæ куыст мæ къæсæрыл, дæ алыварс алыгъуызон дуканитæ, ныр нæ горæтæн йæ иу кæронæй иннæмæ хъæудзæнис цæуын. Цæй, ницы кæны, нæ зæронд фатер æнæхъæнæй дæр цалцæг кæнинаг у, ног фатер та алцыппæтæй дæр ифтонг. Уал азы дæргъы цы бынаты фæцæрай, уырдыгæй зын вæййы ацæуын. Фæлæ цас- фæнды йæхицæн ныфсытæ ма ’вæрдтаид, уæддæр æй йæ хъуы- дытæ уæгъд нал уагътой. Уыцы темæйыл ма райсомæй йæ сы- хагимæ дæр ныхас кодта: - Цæй, куыд у, мæ чызг, уæ ног фатер дæ зæрдæмæ куыд фæцыдис? Лидзынвæнд æм нæма кæнут? - Фатер цы у, уый у. Стæй йæ район дæр мах районæй ницæ- мæй хуыздæр у, - æнкъардгъуызæй йын дзуапп радта Мари. - Куыд дæм кæсын, афтæмæй уыцырдæм цыдæр зивæггæнгæ цæуыс. - Раст дæ, Фаризæт. Уырдæм ацæуын мын хуыздæр кæй уы- дзæнис, ууыл дзырд дæр нæй, фæлæ мæ куыдфæстагмæ уæддæр ардыгæй цæуынмæ мæ къах нал хæссы. Æвæццæгæн, ме ’взонг бонтæ ам кæй арвыстон, стæйдæр мын сыхæгтæй кæцыдæртæ мæ зæрдæйæн тынг æввахс систут. Уым та мæ цахæм адæмимæ бахъæудзæнис цæрын, уый бæрæг нæу. - Ма æнкъард кæн, мæ хæлар! Адæм алы ран дæр иугъуызон сты - хорзтæ æмæ æвзæртæ алы ран дæр ис. Стæй адæймагæн йæхицæй дæр бирæ аразгæ у. Ды дæхæдæг хæлар зæрдæйы хи- цау дæ æмæ уый гæнæн нæй, æмæ дæ хуызæттæ се ’хсæн ма ра- зына. Ныр дæ цал азы дæргъы зонын æмæ мын хи хъæбулæй хъауджыдæр нæ дæ. Уал азы дæргъы дæ иу æнæгъдау ныхас дæр мæ зæрдыл никуы бадардтон, кæй зæгъын æй хъæуы, дæ ацыд мæн бынтондæр нæ фæнды, фæлæ дын æнæцæугæ нæй. Нæ сыхы хорздзинад цы байтыдтай, уый йеддæмæ дæ æвзæрæй ничи ницы дары йæ зæрдыл æмæ уымæй та дæ ацыд алкæмæн 12з) » ► ► ► ► >
дæр зын у. Фæлæ дын æй æргомæй зæгъын, уыдæттæй дæуæн ницы пайда ис. Акæс-ма, хæст куы фæцис уæдæй ардæм сæ алкæмæн дæр йæ царды уавæртæ цас фæхуыздæр сты? Кæцыдæртæ ма дзы сæ хæдзæрттæ цалдæр хæттыты алцæмæй сифтонг кодтой. Дæуæн та алцыдæр дæхимæ кæсы, мæхур æмæ дæ иу мыздæй уыдæттæ нæ фæцараздзынæ, къух фæдаргъгæнæг дæр дæм ничи ис. Ахæм рæстæг æрцыд æмæ ма алчидæр æрмæстдæр хъуыды кæны йæхи цардыл. Афтæ, мæ хур, фæстæмæ кæсын нæ хъæуы, кæс æрмæстдæр размæ æмæ уæд дæ цард бирæ хуыздæр уыдзæнис. - Рæстытæ зæгъыс, Фаризæт. Тимуры амæлæты фæстæ мæ ам цæргæйæ бирæ зындзинæдты сæртыл бахъуыд рахи- зын æмæ кæд алцæуыл дæр разы уыдтæн, уæддæр мын уæззау фæд ныууагътой мæ зæрдæйыл. Уæлдай зын дæр та мын уый у, æмæ мæ фарсмæ кæй ничи æрбалæууыд. Ныр мæн дæр нал фæнды ацæугæ хабæрттыл дзурын, сæ рымысын мæ зæрдæйæн зын вæййы. Марийы ныхæстæм хъусгæйæ, Фаризæтæн йæ зæрдæ суын- гæг, æрбахъæбыс æй кодта æмæ загъта: - Ныр уыдæттыл мауал хъуыды кæн, мæ хур. Хуыцау, адæйма- гæн йæ бон цас у, уымæй фылдæр хъизæмæрттæ не ’рвиты. Хорз æй хъуыды кæнын, нырма уыдтæн хæрз чысыл, мæ мад мын-иу каст иу æмбисонд: «Цыдысты дыууæ лæджы æмæ алчи дæр йе ’ккой хаста йæ дзуары. Æрмæст æй сæ иу хаста разыйæ, фæлæ иннæ æнæкæрон куырдта: «Хуыцау, ме ’ргъом мын фæрогдæр кæн!» Æмæ йын Хуыцау дæр йæ дзуар фæцыбырдæр кодта. Фæлæ та цасдæр рæстæджы фæстæ тухигæнæг ногæй кувын райдыдта. Йæ ног дзуар дæр та йын уæззау разынд. Афтæ фæ- куырдта Хуыцауæй, цалынмæ йе ’ргъом бынтон рог нæ ныццис æмæ йæ балцвæндаг та хи ирхæфсыны мадзал, уæдмæ. Дыккаг та йæ хъысмæтимæ бафидыдта æмæ хъæцыд йæ уавæрыл. Гъе, æмæ иу хатт бахæццæ сты сæрсæфæн бынатмæ æмæ дзы иннæ фарсмæ ахизынæн æппындæр ницы фадат уыд. Æмæ уæд йæ уавæрыл чи сразы, уый сæрсæфæны былыл æрæ- вæрдта йæ дзуар æмæ фæбæрæг, фаллаг фарсмæ ахизынæн æрмæст уый дæр фаг кæй уыд». 9* < < < <<44{129
Афтæ, гъе, мæ чызг, Хуыцау дын цы схай кæна, ууыл хъуамæ сразы уай æмæ уæд алцы дæр уыдзæни хорз. Ды æрмæст ууыл æууæнд. Марийы кæд йæ ног фатермæ цæуынмæ йæ къах нæ хаста, уæддæр æй зыдта, æнæцæугæ дæр ын кæй нæй... Фыццаг бонты уал ын дзы бæрæг зын уыд, стæй дзы куыд- фæстагмæ æрцахуыр. Рæстытæ йын загъта Фаризæт, ам дæр кæд бирæ хорз адæм разынд, уæддæр-иу йæ зæрдыл арæх æрбалæууыдысты йæ уынг, йæ хæдзар, уал азы дæргъы йе ’взонг бонтæ цы адæмимæ арвыста, уыдон, фæлæ... фæлæ цард цард у æмæ нын ацæугæ цард та цасфæнды зындзинæдтæ ма сæвзæрын кæна, уæддæр æй фæмысæм... æмæ та ныр дæр, йæ гыццийау, алцы дæр рæстæджы бæрны бакодта... Фæззыгон æхсæвы раивта зымæгон райсом. Нæ горæтмæ та ногæй æрцыд зымæг æмæ уынгты, фæндæгты, машинæты, бандæтты æмæ хæдзары раз сывæллæтты хъазæн фæз æрæм- бæрзта митæй. Адæм цин кæнынц фыццаг митыл, зымæгыл! Мари та лæууыд йæ ног фатеры рудзынджы раз æмæ стыр цымыдисимæ каст дард кæдæмдæр, фæндыд æй, бæргæ, уый- йас фыдæбæттæ бавзарыны фæстæ сæ цард кæдæй-уæдæй сæ фæндаг куы уаид - даргъ æмæ амондджын! Куы сын уаиЬ мин аххосаджы худынæн, мастсен та - иу дæр нсе! # # # Хур кæд дзæвгар акъул, уæддæр ма Хуыбылон дарддæр дæр архайдта йæ фæззыгон куыстытыл. Йæ хъæбултæ Давид æмæ Мари дæр куыд сæ бон уыд, афтæ сæ цардыл архайдтой, кæд æй арæх бæрæг кодтой, уæддæр фылдæр йæ царды бонтæ иунæгæй æрвыста. Цынæ йын кодтой йæ сывæллæттæ, цæмæй сæм ацыдаид, фæлæ, мара зæгъ, никуы сæ никæмæ акуымдта. - Хуыбылон дæ бирæ бинонты фæстæ а-да-гъа æмæ иунæ- гæй бафæразай! Деттæ бавдæл æмæ Дзæуæджыхъæумæ дæ фыртмæ ацу. Уым дын дæ удæн бирæ хуыздæр уыдзæнис, - дзырдтой йын йæ сыхæгтæ. -, Нæ, цалынмæ ма мæ бон уа, уæдмæ никуыдæм ацæу- дзынæн. Стæй та йæ дарддæрдæр рæстæг æвдисдзæнис. Бæр- гæ мæ зæрдæйæн зын вæййы - не стыр стъолы фарсмæ кæр- 130) » > )► ► ► ►
дзын хæрынмæ иунæгæй куы ’рбадын, уæд, фылдæр хатт мæ хæринаг цæссыгтимæ бахæрын, фæлæ цы гæнæн ис, лæг ал- цæуылдæр ахуыр кæны. Кæддæр мæ бинонтæ уыцы стъолыл цæугæ дæр нæ кодтой æмæ-иу уæд Марийы фылдæр хатт бахъуыд, йæ фарсмæ цы диван лæууыдис, уым абадын æмæ- иу нæм уырдыгæй хатыдис: «Дзул-ма мæм радæттут, ныр та ма мæм цæхх радæттут, йæ къусы хæринаг-иу йæ уæрджытыл авæрдта, афтæмæй-иу хордта. Кæддæр-иу ме ’фсин, мæрдты цы хуыздæр ис, уый йæ хай, куы-иу æм хатыдыстæм, цæмæй хъæуæй горæтмæ рацыдаид, уæд-иу нын ахæм дзуапп радта: - Зын у, уал азы дæргъы кæм фæфыдæбон кодтай æмæ кæм фæцардтæ. уыцы уæзгуытæ ныууадзай æмæ ацæуай. Уæд йæ дзырды сæр цæуыл уыдис, уый æз не ’мбæрстон, уæд ма æвзонг уыдтæн æмæ мæм царды алцы дæр æнцон каст. Ныр мæхæдæг дæр йæ кармæ куы бахæццæ дæн, уæд бамбæрстон, хæдзарæн афтæ ныууадзæн кæй нæй. Мæ цæхæрадоны дыргътыл куы азилын, уæд сæ зæнгтыл мæ къухтæ æрхæссын, цæвиттон-ма нырмæ дæр нæ лæджы армæйдзаг сты. Кæддæр ма Инал дæр сæ алыварс афтæ рауай-бауай кодта. Иууыл сæм сывæллоны зылд кодта, иннахæм - йæ сæнæфсиртæ. Уæлиау сæ дардыл апарахат кодта æмæ йын дзы цынæ сорт сæнæфсиртæ ис. Сæ быны ма сын рæсугъд стъол æмæ бандæттæ дæр сарæзта, сæ алыварс сын алыгъуызон дидинджытæ ныссагъта æмæ ма сæрдыгон уымæй хуыздæр кæм абаддзынæ. Сæ быны слæууы æмæ сыл дардыл йæ цæст ахæссы. Иу фæззæг Инал йе ’мбалимæ уазæгуаты ацыдысты Ныгуы- лæн Гуырдзыстонмæ æмæ уырдыгæй æрхаста алыгъуызон сæ- нæфсиры талатæ. Цæмæй ратау кодтаиккой, уый тыххæй уал сæ рæстæгмæ æрдæгæй дæлæмæ цæхæрадоны сыджыты æртъыста. Уалдзæджы сæ абæрæг кодта, фæлæ уыдонæй иу дæр не схæцыд æмæ сæ уыйадыл иуварс аппæрста... Уыцы рæстæджы Мари цæхæрадоны йæ фарсмæ хъазыдис, къæцæлты иумæ æрбамбырд кодта æмæ та сæ уый дæр ногæй, йæ бабамæ гæсгæ цæхæрадоны кæрон æрсагъта. Рацыд дзæвгар рæстæг æмæ куыд рабæрæг, афтæмæй сæнæфсиры талатæй иу дæр нал фæмæнг. Инал сæ куы ауыдта, уæд ма йæ цинæн кæрон дæр кæм уыдис. Уырнгæ дæр æй нæ кодта, ай уыцы гыццыл къалиутæ таутæ суагътой, уый. Ныр уыцы талатæ уæлиау дардыл апарахат сты. < < <<4<<((131)
Уарзы Хуыбылон йæ къуым æмæ йæ йæ къах дæр уымæн ничердæм хæссы цæуынмæ. Мари йæм кæд дæрддзæф цæры, уæддæр æй æнæабæрæггæнгæ никуы фæвæййы. Куы йын цы хæрзад хæринаг ацæттæ кæны, куы та-цы æмæ та йæм фæцæйуайы. Се стыр стъолыл фынг авæрынц æмæ иумæ адджынæн бааходæн кæнынц. Уæд ын иу хатт Хуыбылон йæ хъуыды æргомæй загъта: - Мари, нæ зонын, мæ ныхас дæм куыд фæкæсдзæнис, фæлæ дын æй уæддæр хъуамæ зæгъон. Æхсæв мæ сæр базыл куыддæр æрывæрын, афтæ мæ мæ хъуыдытæ кæдæмыты нæ фæхæссынц. Куыд хъæрмуд æмæ куыд хъæлдзæг бинонты хицау уыдтæн, фæлæ-иу сын хаттæй-хатт сæ ныуæрттæ айхалын дæр зыдтон. Уæлдайдæр та не ’фсинæн. Ныр ма бæргæ фæсмон кæнын, фæлæ ма цафон, хъыгагæн, уыдонæн рарастгæнæн нал ис. Сæттын ыл, иууыл мæхи ныхасгæнаг кæй уыдтæн, æмæ уый цас раст уыдис? Не ’фсины къухы чындзы цард нæ кодтон, фæлæ чызджы цард. Хæдзары хъуыддæгтæ иу афтæ бæстон куыст бакодта, цæвиттон, ног æрдавгæ чындз уыдис. Ныр ма бæргæ фæсмон кæнын, фæлæ ма цафон. Эхх, цы загъдæуа æвзонгдзинадæн, уый лыстæг луарæнæй нæ фæлуары. - Дæхи æнæхъуаджы мауал æфхæр, нана, мах дæ алыгъуы- зонæй дæр æмбæрстам. Хатт ма нæм-иу дæ уайдзæфтæ худæгау дæр кастысты. Мæ царды мæ никуы ферох уыдзæнис, иу хатт дын баба дæ хъазтæн арахъхъ дарынмæ куыд æрхъавыд, уый. Уæд иу бон æрбацыд æмæ нын рахабар кодта, кæддæр иу лæг, уый дæр, æвæццæгæн, уынгæджы уыд сæ хъазтæй æмæ сын сусæгæй арахъхъ куыд бадардта. Йе ’фсин сæ кæрты хаудæй куы ауыдта, уæд йæхиуыл балæууыд æмæ йæ лæгмæ дзуры: «Нæ лæг, æддæмæ ма ракæс, мæнæ нæ хъазтыл цыдæр фыдбылыз æрцыдис». Ус сæ цалынмæ аппæрстаид, уæдмæ уал ын, цæмæй бынтон ’нæфтиаг ма фæуыдаиккой, уый тых- хæй уал сын сæ бамбули быныл æртыдта, уый фæстæ сæ кæмдæр фæсфæд аппæрста. Цасдæр рæстæджы фæстæ хъазтæ сæхимæ æрцыдысты æмæ сæ кæрты раз балæууыдысты. Ус сæ фыдмиййаджы хуызæнæй куы ауыдта, уæд йæхиуыл ба- лæууыдис. Бамбæрста, уыдон йæ лæджы хъуыддæгтæ кæй сты.1. Дæуæн дæр ахæм ми кæнынмæ бæргæ æрхъавыд баба, фæлæ йæ ныфс нæ бахаста, тæригъæд, дам у, йæхæдæг дæр, дам, 132% У У > > > > >
сæ фæстæ исты кæндзæнис. Маримæ хъусгæйæ. Хуыбылонæн фырхудæгæй йæ цæссыгтæ дæр фæкалдысты. - Дæ баба иууыл хъæлдзæг ныхæстæ кæнын уарзта, ам дæр та мæ рæдыдыл сæттын, йæ худæг ныхæсты тыххæй йын-иу кæй уайдзæфтæ кодтон, уый тыххæй. Зæгъын, хæдзары дунейы куыстытæ ис, ай та пыр-пыр æмæ чыр-чыр кæны. Еныр ма йын бæргæ æрбаймысын йæ ныхæстæ, фæлæ ма цафон... Уарзта Инал уазджытимæ аминас кæнын дæр, уый фæстæ иу-сын зарын дæр бацайдагъ. Уæд алкæцы ирон хæдзарæй дæр арæх хъуыстис хъæлдзæгдзинад. Инал йæхæдæг дæр уарзта зарын, æмæ йын кæд уадиссаг нæ уадис, уæддæр фæстæ нæ лæууыд. Уæд ын иу хатт Мари афтæ зæгъы: - Баба, афтæ мæм кæсы, цыма зарынмæ бынтон рæвдз нæ дæ. Иналмæ уыцы ныхас хъыг фæкастис, амæсты æмæ йын уый дæр йе нæразыйы дзуапп загъта: - Чи нæ зоны зарын?! Æмæ дзы мæнæй цъæхснагдæр хъæ- лæсæй куыничи фæзары, уæд чердæм нæ зонын зарын? Стæй ма зарæджы ныхæстæ дæр мæнæй хуыздæр куыничи бахъуыды кодта, уæд ма зардыл сыкъа вæййы, æви ма уыдон мæнæй уæлдай консерваториатæ фесты! Фæззæджы æрбалæуд фылдæр сентябры мæйы фæудыл фæзыны. Уæд цæхæрадæтты тыллæг цадæггай афтид кæнын райдайы. Дымгæ дæр æнæауæрдонæй бæлæсты къалиуты дыу- уæрдæм тилын сисы. Къæвдатæ дæр уал фыццаг сæхи уæзданæй февдисынц, иучысыл уал рапырхытæ кæнынц, стæй уый фæстæ фæкъæртт вæййынц æмæ бæстæ сыгъдæг цыхцырджытæ фестын кæны. Бæлæстыл дæр ма цы иуæг бур сыфтæртæ аззайы, уыдон дæр уазал къæвдаты фæстиуæгæн рызгъæлынц. Ахæм бонты адæймаг сыгъдæг уæлдæфæй риуы дзаг бæргæ сулæфы, фæлæ зæрдæ мидæгæй цæмæдæр гæсгæ нынкъард фæййы. Цæуыс дæ фæндагыл æмæ дæ цæстыты раз февзæрдзысты дæ уарзон адæймæгты цæсгæмттæ, сæ фæлгæнцтæ, канд не ’хсæн чи ис уыдон нæ, фæлæ ма а-дунетæй чи ахицæнис, уыдоны дæр: тарфынæйæ райхъал вæййынц фыдæлтыккон цаутæ дæр. Æнæхъæн цард цæсты фæныкъуылдмæ дæ разы фестдзæнис, зæрдæйæ сæ банкъары адæймаг, цыма бынтон æрæджыйы ха- бæрттæ уыдысты. Фæззæгмæ ма ис иу ахæм миниуæг дæр - < < < <<<<Озз
тæхаг мæргътæ. Уыдон арвы бын иумæ чыртæ-чыртæй æр- батыгуыр вæййынц æмæ атæхынц хъарм бæстæм. Æмæ та уыйадыл зымæг дæр йæ бартæм рывналы. Иу ахæм фæззыгон бон Хуыбылон Мари æмæ Давидæн дыууæ дихæй сæ фæззыгон халсæртты хæйттæ рцæттæ кодта æмæ æнхъæлмæ каст сæ фæзындмæ. Фыццаг уал æм Мари бауад, йæ хæссинæгтæ столыл авæрдта æмæ та сын уый адыл адджын бадт ацайдагъ. - Мари, иу сæрдыгон бон Мæнæуджын хъæумæ куы бауаик- кам. Мæ удæгасæй ма йæ иу хатт уæддæр фенон. Бæргæ мæ уырдæм цæуынмæ уадиссаг мæ зæрдæ нæ хæссы, федзæрæг, дам ис, бынтон, фæлæ мæ уæддæр тынг фæнды бауайын. - Раст зæгъгæйæ, ныр кæдæй-нырмæ мæхи дæр тынг фæнды уырдæм ацæуын. Иууыл мæ фынты уыцы уæзгуытыл рауай- бауай кæнын æмæ хорз уаид иу бон куы бауаиккам, уæд - йæ разыйы ныхас загъта Мари дæр. Бонтæ кæрæдзи ивгæйæ æрбалæууыд сæрд дæр, уыимæ мад æмæ чызгæн æрцыд сæ хъæумæ цæуыны рæстæг дæр. Сæхи арæвдз кодтой æмæ иу райдзаст сæрдыгон райсом араст сты сæ уарзон къуыммæ. Афæдзы рæстæджытæ иууылдæр рæсугъд сты, фæлæ дзы уæддæр æмæ уæддæр сæрдæй рæсугъддæр никæцы у! Йе ’рба- лæудмæ йын чысылæй-стырæй алчидæр тынг фенхъæлмæ кæ- сынц, уый йемæ хъарм æмæ райдзаст хур бонтæ хæссæг у! Цин кæныс дæ алыварс алцæуыл дæр, æгæрыстæмæй ма къæвдайыл дæр, йæ хæдфæстæ та дæ сæрмæ ирд ахорæнтæй ныв цы арвы рон рарттива, уый та дын бынтон бахъæлдзæг кæндзæнис дæ зæрдæ. Хъæлдзæгдзинадæй дæ цух нæ ныууадздзысты тæхаг мæргътæ дæр, кæцытæн сæумæрайсомæй суанг изæрмæ сæ цъыбар-цъыбурæй æрлæуд нал вæййы. Сæрдыгон бонты æрдз уæлдай рæсугъддæр æмæ райдзастдæр вæййы, сфæлындзы йæ алыгъуызон рæсугъд дарæсы. Уынгмæ рахизгæйæ, цин кæныс алцæуыл дæр æмæ та тагъд фæззæгæн дæр æнæрбалæугæ кæй нæ уыдзæнис, йæ фæстæ та зымæг дæр йæхи кæй нæ бааууон кæндзæнис ууыл ахъуыды кæныны рæстæг дæр дын нал вæййы. Раст ахæм райдзаст сæрдыгон райсом Хуыбылон æмæ Мари араст сты Мæнæуджыны хъæумæ. б^)>>> > > > >
Хæдтулгæйæ куы æрхызтсты, уæд зæронд ус хæрды цæ- уынмæ бæргæ бакатæйттæ кодта, фæлæ ма йын цы гæнæн уыд, фæстæмæ здæхæн дæр ын нал уыд. Марийæн кæд зæгъгæ ницы кодта, уæддæр æй чызг йæ иу бакастæй дæр фембæрста, ус хæрды цæуынмæ кæй базивæг кодта: - Цæугæ, нана, цæугæ, Мæнæуджыны хъæумæ нын ацы цыд фæстаг хатт у æмæ истыгъуызты хъуамæ сивæрзæм. - Нæ, мæ чызг æмæ æз куыницы зæгъын. Кæд дæ гыцци бынтон зæрондæй дæр ардæм йæ цæуынæй не ’рллæуыд, уæд кæд ныр мæнæн дæр ницы уаид. Фæндагыл цæугæйæ, сæ дыууæ дæр цыдысты сæхи хъуыдытимæ, æрмæст Хуыбылон иу рæстæджы тæвды афтæ стыхстис, æмæ ма йæ сæрбæттæн рауæгъд кодта æмæ йæ йæ фæскъæбут алхынцъ кодта, ныр ын рог дымгæйы радымдæй бирæбæрцæй фенцондæр ис. Схæццæ сты сæ уарзон Тулдз бæласы цурмæ дæр. Мари йæ дардæй куыддæр ауыдта, афтæ йæ цыд фæцырддæр кодта æмæ, цæстыфæныкъуылдмæ, йæ разы февзæрд, йæ уындæй йæ зæрдæ суынгæг, дардыл йæ къухтæ айтыгъта æмæ йын йæ хырыз ставд зæнгæн адджын хъæбыс ныккодта: «Дæ бон хорз, мæ уарзон бæлас! Куыд тынг дæ ’рымысыдтæн. Мæ гыц- цийау, дæ æз дæр бирæ уарзын». Раст, цыма, уал азы дæргъы кæрæдзийы уындмæ бæллыдысты, уыйау кæрæдзи нал уæгъд кодтой. Мари йын цыма йæ зæрдæйы сагъæстæ сусæгæй дзырдта, уыйау йæ ныхасæй нал лæууыд. Тулдз бæлас дæр æй йæ цъæх къалиутæй æрбатыгъта æмæ йын цæвиттон уый дæр йæ ныхæстæм лæмбынæгæй хъуыста. Цы загъдæуа цардæн, уый цыфыддæр митæ дæр тынг зоны, уый хатт алкæй дæр æмæ алцы дæр йæ къæхты бын ныссæнды, нæ бацауæрста Мари æмæ Тулдз бæласыл дæр. Марийы - йæ зынвæндæгтыл цæугæйæ, Тулдз бæласы та - Марийы æмæ йæ адджын адæмы уындмæ бæлгæйæ. Фæлæ сæ дыууæйæн дæр йæ ныхмæ сæ бон ницы у саразын. Дугивæнæн алцыппæтдæр къоппæй йæ хъуыры аир- вæзт. Бæласы фарсмæ цы суадон ис, уымæ дæр хæмпæлæй бахизæнтæ нал уыд. Даргъ хæдæвзæрд кæрдæджытæ æмæ пы- сыратæй йын йæ раз асыгъдæджытæ кодтой æмæ йæм хъавгæ бахызтысты. Ардыгæй акæсгæйæ, æрдз цъæх-цъæхидæй æрт- тывта алырдыгæйтты. Уый та ацы аз дæр хæрзкондæй æнæр- < < < <<<<Оз5
хъæцæи æнхъæлмæ кастис, кæд еныр уæддæр разынид хъæу- бæстæйисчи... Сæ фæндаг ракодтой Дзуарыкомыл. Уый фæстæ, цæмæй хъæумæ бахызтаиккой, уый тыххæй уал фæзылдысты, ададжы фарсмæ цы цæугæдон цыд, уыцы ’рдæм. Йæ зæрдыл ын æрба- лæууын кодта, кæддæр æй зымæгон цæугæдон куыд фæхъыг кодта, стæй уый фæстæ куыд схæлар сты æмæ сын иумæ хъазын куыд бацайдагъ, уыцы цау дæр. Йæ царды ма баззадысты æр- мæстдæр мысинæгтæ... - Мари, хъæумæ куыд æввахс кæнæм, афтæ мæ адæргæйæ мæ къæхтæ размæ нал хæссынц. Куыд кæсын, афтæмæй хъæу дæр бынтондæр схъæд ис, - бакатай кодта Хуыбылон. Æмæ хъуыддаг афтæ дæр уыд. Хæдзæрттæн ма сæ пырх дуртæ цы зындысты, уымæй дарддæр сæ ницыуал аззадис. Мари ма æдзы- нæгæй лæууыд æмæ дисгъуызæй каст йæ уарзон хъæу æдзæллаг уавæрмæ куыд æрцыдис, уымæ. Бæргæ маст кодта, фæлæ ма мастæй дæр цы уыд рахæссæн. Чи зæгъдзæнис æмæ кæддæр ацы хъæуы дæр цард кæй фыхтис цæдджинагау! Зæрæдтæ цытджын æгъдауæй кæй бадтысты Ныхасы, алырдыгæй кæй хъуыстис сывæллæтты хъæлдзæг хъæлæбатæ, кæрты ауын- дзæнтыл кæй сур кодтой дзаумæттæ æмæ уыдæттæй та цард уыдис дзаджджындæр, сæ цард дæр бонæй-бонмæ умæн уыд хъæлдзæгдæр æмæ амонджындæр. - Рæстæгыл куы ацæуиккам, кæннод ныл мыййаг, куы баи- зæр уа, - загъта Мари. Фæстæмæ цæугæйæ ма Мари Тулдз бæласмæ фездæхт хæрзбон зæгъынмæ, уый фæстæ араст сты сæ фæндагыл. Фæндагыл кæд Хуыбылон йæ носталгион мысинæгтимæ йæ дзурынæй нал лæууыд, уæддæр Мари цыд йæхи хъуыдытимæ. Æрмæст ма иу хаттæй-хатт йæ нанайы фарстатæн цыдæр дзуапп дæр рауардта... • * * Хуыбылон зæрыбонтæм иунæгæй фæцард йæ хæдзары. Уый фæстæ йæ бон архайын куыницыуал уыд, уæд æй йæ фырт акодта Цæгат Ирыстонмæ. Бæргæ нæ куымдта, йæ къах æй никувдæм хаста йæ хæдзарæй цæуынмæ, фæлæ йын æндæр гæнæн дæр цы уыд. Фæстагмæ бамбæрста, æнæцæугæ йын кæй нæ ис, æмæ семæ ацыд. Уырдæм цæугæйæ сæ Мари ба- 13б)УУУ>>> >
фæдзæхста, цæмæй йæ ирон музыкæйы зæлтæм хъусын код- т)аиккой. Йæхæдæг фæндырыл тынг аив цагъд кодта. Арæх иу скодта йæ бирæ бинонтæн Хуыцауы ’хсæвы уæливыхтæ, йæ- къухмæ иу йæ фæндыр райста æмæ-иу йæ рæсугъд мелодитæм хъусгæйæ, бинонты зæрдæтæ хъæлдзæг кодта. Цы цъус дзы фæцис, уымæй йæм йæ фырт æмæ йæ чындз хорз фæкастысты. Йæ зæрдыл-иу арæх æрбалæууыдысты йæ уарзон къуымтæ, йæ кæрт, йæ цæхæрадон, фæлæ сæм уый нал ’рыздæхт, фæцард 92 азы кармæ æмæ йæ Ног боны хæдразмæ, 23 декабры 2020 азы афæндараст кодтой йе ’нусон бынатмæ. Цхинвал, 2019 аз. Р.5. Ацы уацмысы авторы бузныджы ныхсестсе зсегъын фсенды курдиатджын поэт, Хетсегкаты Къостайы номыл Паддзахадон премийы семсе Националон премии «Нарты Фсеткъуы»-йы лауреат, РХИ «Кады Орден»-ы кавалер, жур~ нал «Фидиуседжы» ссейрагредактор Хъодалаты Герсансен. Герсан Зурабы фырт у цымыдисон адсеймаг семсеуымсе гсесгсе Мирандсе дсер уарзы йемсе аныхас ксенын, фседзурынц литера- турон тематыл дсер. Иугсер сем сусендыд, усед ын иу хатт рар- гом кодта йсе суссег фсендон - йсе мысинсегтсе ныффыссын ксей хъавы. Усед ын Герсан Зурабы фырт афтсе зсегъы: «Цалынмсе дсе мысинсегтсе гсеххсетмсе нсе рахсессай, уседмсе дын удсенцой нсе ратдзысты. Стсей ма, ссейрагдсер дзы у, уый бахъуыды ксен: ссе ныффыссын хъуамсе дсе зсердсейсе рацсеуа, уымсен семсе зсердсейсерацсеугсе аивадон ныхас нсе фсесивсед се сфселдыстадон фсендаджы райдианы зонд базоныны сенхъсел бирсейсе цы цсеуой, уый йын нсе цсест уарзы, уымсен семсе нсе фсесивседимсе уый ку- сынрагсей зоны семсе йын сей нсе цсест уарзы. Æз та йын ноджыдсер зсегъын - БУЗНЫГ. КÆРОН елГсХ5Ъо < < <<<<<Оз7
Фыссæджы мысæн бон ГÆАУАТЫАким Йсе райгуырдыл ссеххæст 100 азы НÆ ИУГÆНÆГ ÆВЗАГ Дæттæ иууылдæр арф фурдмæ æзгъорынц, Уылæнтæ ысфæйлауынц бæрзонд. Дзыллæтæ уырыссаг æвзаг зонынц, Уый кæны нæ адæмты æмзонд... Æз фæнды Мæскуыйы уон фысыммæ, Йе - поляк, китайагимæ цон, - Ис нын хистæр ахъаззаг æфсымæр, Уый æвзагыл дзурын у æнцон. 138) » >► ► > ► ►
Уарзæм бирæ мадæлон æвзагау Мах уырыссаг адæмон æвзаг. Уыцы ’взагыл къух уæлæуæз даргæ Ног дуг расидт мах фæтæг фыццаг. Уыцы ’взагыл стыр Горький куы фыста, Маяковский йе ’мдзæвгæтæ каст. Парти Ленины амындтытæм хъуыста, Царды Сталин уыдон хаста раст. Уыцы ’взагыл негр Робсон зары, Дзуры ууыл Турчы фырт Хикмет. Уый фæрцы дунейы цард æмбары Латвийаг, ирон, казах, туркмен. Уый фæрцы æз сахуыр кодтон, кастæн Коммунизмыл тохы манифест. О, рæсугъд уырыссаг æвзаг, уастæн, Ныр дæу аккаг фаг дзырдарæхст фест! УЫРДЫГЫСТÆГ Фæцæуын мæ райгуырæн зæххыл Сæрыстырæй, барджын, цытджынæй. Цæст не ’ххæссы уый æрдзы цъæхыл, Цæст не ’фсæды уымæ кæсынæй. Фæнды мæ йæ рындзыл æрхуыссын, Куыд хъусон йæ зарын, йæ худын. Æмæ йын йæ сæрыл æрхæссын Йæ бахъуаджы сахат мæ уды. Фæнды мæ йæ дæтты хи найын, Ныххизын йæ арф риумæ арфдæр, Йæ сидтимæ цыппæрвадæй уайын, Дзыхыдзаг ныхъхъæр кæнын афтæ: < < <<< < < V39,
«Куыд бирæ дæ уарзын, мæ бæстæ, Фырты хæс дæ дарын, фырты хæс. Кæдмæ уынон дуне мæ цæстæй, Уæдмæ дын лæудзынæн уырдыг æз!» ИФТЫНДЗÆГ Раджы сырдтæ кодтой бархи тезгъо, Мард хæлæгæй хъандзал зæнгтæм лæг, - Бон-изæрмæ къахихсыдæй фезгъор, Де стæры хуыздæр амæттаг - дæркъ... Уæд æрцахста уадæмдзу зыст байраг, Æмæ гоби уацарыл æрбадт, - Гъай-дæ-гъа, йæ æрхъуыдыйæ байрад, Нал ардтой йæ фæндæттæ бынат. Радыгай цæрæгойты ифтындзы: Сагтыл уайы тундрæйы былтыл; Куыйтыл уазал полюсы фæтындзы. Хурджын бæсты - теуатæ, пылтыл. Дымгæ дæтты сахсæнтæй уромы, - Райдыдтой фæсдзæуинтау лæггад. Атом дæр ын ифтындзын ныр комы, Ууыл хъавы афтынмæ уый дард. Сом планеттыл бафтаудзæн сæрбостæ Сынтысинаг байзæддаг нæ хур, Дун-дуне уыдзæн йæ цæрæн бæстæ, Сифтындздзæни зæххы риуыл хур! »»► ►
ФÆНДАРАСТ Хæрдмæ тæхынц цыллæ æврæгътæ, Æдæрсон, тъыфылбазыр мæргътæ. Ыслидзынц дзæбидыртæ рæгътæм, Цъæхбын арвы дари сцъупп хæхтæй. Сæууон ирдгæ сæрвæттæ фасы, Фæхилынц дæрдбæлццæттæ фахсыл. Хæххон æрдз æрынцой нæ зоны, Æппæт хæрдмæ быцъынæг тоны. Æрмæст Терк æзгъоры уырдыгмæ, Хъызт цъитийыл ради фæрдыгау, Фыццагдæр-иу андызæвыд хурыл, Тахт, рухс тынау, айнæджы къулыл, Цыргъ тигътыл рæуæгдæр уыд цъиуæй, Ысхъиудта зæбул рындзы риуæй. Уынгæг цъассы цъистæй ныхъхъæрзы Ныр, лæнчы лæсæнтæ æвдæрзы. Тындзы дон, дæлæмæ фæуайы, Йæ цыхцырты куыстæй нæ сайы, - Ныззилы сырх турбинтæ ГЭС-ты, Цæстырухс фæрныг уæтты фесты. Дайраны дугъ уадзы тъæбæрттæй, Сой скъæфы нæ гæрæм тъæпæнтæм. Ныр цадæггай денджызмæ араст Улæфынмæ. Кусæг, фæндараст. Газет «Рæстдзинад», 2020. ч ч ч ЧЧЧЧ 141
ГАСАНТЫ Валери БИРÆВÆРСЫГ КУРДИАТ Поэгп, прозсшк, драматург, публицист, нывгсенæг Чеджем- ты Георы райгуырдыл ссеххсест 80 азы Адæймаджы зæрдæ хицæн стыр дуне кæй у, йæ уд æмæ зонд та йæ райгуырæн уæзæджы æрдз, хистæрты фарныл кæй æнцой кæны, уый йæ царды æмæ йæ алывæрсыг сфæлдыстадон архайдæй чи равдыста, уыцы дзырдаивады дæсны- тæй иу уыд курдиатджын поэт, прозаик, драматург, нывгæнæг, публицист, РЦИ- Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг, Гæдиаты Цомахъы номыл премийы ла- уреат Чеджемты Зæкæриайы фырт Геор, Чеджемы-фырты чи зыдта, уыцы хæлæрттæ йæ бахъуыды кодтой уæздан, фæлмæнзæрдæ, хиуылхæст, æцæг ирон лæгæй. Йæ уды æппæт мидыскондæй дæр Геор йæхи сфæлдыстадон куыстæн нывондæн кæй хаста, афтæ куы зæгъон, уæд рæдыд нæ уыдзæн. Уымæн дзы йæ зæрдæйы арфæй, æрттигъау, æрттывта йæ бирæвæрсыг курдиат. Æмæ йæ йæ дзыллæйæн йæ царды фæстаг бонтæм йæ уды кувæндоны кувæггагау арфæйагæй æмæ рæдауæй лæвар кодта. Геор уыд УФ-йы Фысджыты æмæ Нывгæнджыты цæдисты уæнг. Мыхуыры йын рацыд стдæс чиныгæй фылдæр: «Хаз- би кафын зоны», «Чичи æмæ Бечи», «Æрдæгфыст писмо», «Цины хабар», «Скачите, олени», «Бæбу мигъагур куыд ацыд», 142) >>>>>> >
«Чичи зарджытæ куыд фыста», «Тæнæгбазыр, авдхуызон», «Зæххы зарæг», «Зæринæг», «Дзегуындæ», «Арвы бæлæстæ», «Цола», «Фыдæлты хæзна». Йæ зæрдæйы уагæй куыд фæлмæн уыд, афтæ йæ уацмыстæ дæр сты фæлмæн æмæ парахат, рухс æнкъарæнтæй дзаг. Цæрæгойты дуне, æрдз, адæм, йæ уацмы- сты архайджытæ се ’ппæт дæр сты сыгъдæгзæрдæ. Æмæ уымæ гæсгæ чиныгкæсджыты зæрдæтæ, йæ уацмыстæ кæсгæйæ, бай- дзаг вæййынц сыгъдæг, æрвыгау, ирд тæлмæнтæй. Геор цы чингуытæ ныффыста, уыдонæн нывтæ скодта йæ- хæдæг. Цалдæр хатты йæ нывтæй аивгонд чингуытæ систы Æппæтцæдисон равдыстыты уæлахиздзаутæ. Ирыстоныл бирæ поэттæ ныффыстой зæрдæагайгæ æм- дзæвгæтæ, фæлæ дзы Геор йæ райгуырæн уæзæгыл йæ зарæг цы хуызы систа, афтæ иу поэты бон дæр нæ баци, Ирысто- ныл зæрдæагайгæ, сæрмагонд нысаниуæгмæ чи амоны, ахæм хъуыдытæ дзы равдыста. Кæд Ирæн йæ цины бон æнкъард уа, йæ хъыджы рæстæг та цин кæна, уæд йæхи поэтыл нæ, фæлæ адæймагыл дæр нал нымайы, фæлæ йæхи хоны, уайсахат йе сæфт кæмæн æрцыд, ахæм мæлдзыг. Зæххыл адæймагæн цард чи радты, дунейы рухс ын чи фе- нын кæны, уый у мад. Фыццагдæр, уый баузæлы хъæбулул, фыццагдæр, саби уымæй фехъусы мадæлон æвзагыл авдæны зарæг, фыццагдæр ын уый ракæны аргъау, ныййарæджы хъæ- бысæй акæны фыццаг къахдзæфтæ зæххыл. Ныййарæджы зæр- дæ, уæларвон зæдау, сыгъдæг у, фæлæ йæ хъару куыд бирæ æмæ æнæбасæтгæ у, ууыл дис кæны поэт æмæ фыссы: Мин-мин фыдсебоны Нсе басастой Ныййарседжы. Æвсеццсегсен ыл Уымсен сарсезтой Мин-мин зарседжы. Чеджемты Геор йæ адæмæн, куыд фыссæг, поэт, драматург, канд афтæ стыр æмæ ахадгæ хæрзты нæ бацыд, фæлæ ма йæм < < < <<44{143
иртасæджы хигъæдон курдиат кæй уыд, уый базондзыстут, æрæджы йын рауагъдад «Ир»-ы цы чиныг «Фыдæлты хæзна» рацыд, уый куы бакæсат, уæд. Хаст æм æрцыдысты, автор На- рты кадджыты, таурæгъты, аргъæутты, нæ фыдæлты цардыл дзурæг æрмæджытæ иртасгæйæ, цы хатдзæгтæм æрцыд, æмæ сæ бындурыл цы æвæджиауы цымыдисаг æрмæджытæ ныф- фыста, уыдон. Ацы чиныгмæ тынг зæрдиагæй æнхъæлмæ кас- тысты æвзагиртасджытæ, фысджытæ, ахуыргæнджытæ, биб- лиотекæйы кусджытæ, аспиранттæ, студенттæ. Йæ саразæг æмæ редактор, РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг Дзуц- цаты Зæлинæ бакодта стыр арфæйаг куыст Георы номы æмæ ирон адæмы раз, цæмæй ацы чиныг аивадон æгъдауæй æмæ мидисæй хæрзцæттæйæ æмæ биноныгæй рухс фена, ууыл. Кæд не ’хсæн нал ис Геор, уæддæр ын йæ ном ацы æмæ йæ иннæ чингуыты фæрцы дæр цæмæй нæ зæрдыл дарæм, мысæм æй, уый аккаг у. Йе сфæлдыстадон хъуыдыйæ, йæ миддунейы, йæ зæрдæйы, арвæрдынау, цы курдиæттæ баиу сты, уый æвдисæг хуынтæ - йæ чингуытæ уыдзысты ирон адæмæн цæрæнбонты дæр æхсызгонæй кæсинаг, йæ ном та уыдзæн мыггагмæ мыси- наг райгуырæн уæзæгæн, адæмæн куыд лæггад кæнын хъæуы, уыцы зонды хосæн. Газет «Рæсгпдзинад», 2020 144} > » ► ► ► ►