Чиныгуадзæнæй
Хаджы-Мурат
Текст
                    то
о/
&л
повесттæ
ХЪАЗАХЪХЪ. ХАДЖЫ-МУРАТ
ЗÆНДЖИАТЫ ВÆВУЙЫ ТÆЛМАЦ
ЧИНЫГУАДЗÆН «ИР»
ОРДЖОНИКИДЗЕ * 1978


Р1 , Т53 ЧИНЫГ МЫХУЫРМÆ БАЦÆТТÆ КОДТА ТЕДТОЙТЫ ЗИНÆ НЫВГÆНÆГ Е. Е. ЛАНСЕРЕ Толстой Л. Н. Т53 Повесттæ. Тæлмацгæнæг Зæнджиаты Б. Чи- ныг мыхуырмæ бацæттæ кодта Тедтойты 3, Орджоникидзе, «Ир», 1978. 368 ф, Толстой Л И, Повести. 70303-10 19а-78 Р1 М131(03)*-78 © ИздатеЛьство «Ир», 1978 г., преднсловие.
ЧИНЫГУАДЗÆНÆЙ Ацы аз æххæст кæиы 150 азы стыр уырыссаг фыссæг Лев Николаевич Толстойы райгуырдыл. Арф æмæ æнæ- юæрои у, Л. Н. Толстой йæ диссаджы аивадæй кæй сфæлдыста, уыцы дуие. Зæххы къорийы географион кар- тæйыл, æвæццæгæн, ахæм бæстæ нæ разындзæни, гени- алон фыссæджы уацмыстæ кæм нæ кæсынц, кæм ын нæ кæнынц стыр аргъ, кæм ын не ’мбарынц йæ хъуыдытæ, йæ зæрдæйы рыст, йæ адæмы уарзондзинад. Лев Николаевич Толстой райгуырди 1828 азы 28 ав- густы Тульскы губернийы йæ фыдæлты зæхх Ясная По- лянæйы. Ахуыр кодта Казаны университеты, фæлæ йæ зæрдæмæ нæ фæцыди уыцы рæстæджы уæлдæр скъола- ты ахуыры фæтк æмæ йæ ныууагъта. 1851 азы æрцыди Кавказмæ, службæ кодта æфсады. 1854 азы ивд æрцы- ди Хъырыммæ, архайдта, Севастополь хъæбатырæй чи хъахъхъæдта, уыцы æфсæддонты рæнхъыты. Йæ рагуацмысты Толстой æвдисы æрыгон дворянты психологи, зæронд æлдарады дуне, зæхкусджыты уæз- зау уавæр. «Севастополаг радзырдты» тынг ирдæй рав- дыста уырыссаг хæцæнгарзы тых, хуымæтæг салдæтты æнæкæрон хъæбатырдзинад. 1857 азы Толстой абалц кодта фæсарæнтæм. Йæхи цæстæй федта буржуазон Хурныгуылæны цард. Æнад, зæрдæсæттæн æикъарæи- тæ йæм сæвзæрын кодта евроиæйаг хшгпæлой цивилиза- ци. 1863 азæй 1869 азмæ Толстой ныффыста йæ тæккæ стырдæр уацмцс, «Хæст æмæ фидыд». Уым йæ æгæрон курдиаты тыхæй сныв кодта уырыссаг адæмы хъæба- тыр тох 1812 азы Фыдыбæстæйы хæсты. Хицæн адæй- 3
мæгты характертæ æмæ æппæт дзыллæйы иумæйаг ныв, историон цауты æцæг уидæгтæ æмæ Уæрæсейы хъысмæт, æхсæнады æнæраст царды фæтк æмæ адæмы æнæбасæт- гæ ныфс—æппæт уыцы хъуыддæгтæ океаны уылæнтау цардæгасæй тæлфынц гениалон эпопейы. Критикон реализмы тæккæ егъаудæр уацмыстæй иу—роман «Анна Каренина»-йы (мыхуырæй рацыди 1875—77 азты) Л. Н. Толстой равдыста уæлдæр æхсæна- ды фæлывд æмæ мæнгард æгъдæутты ныхмæ æрлæууæг адæймаг—уæздан мыггагæй рацæуæг уырыссаг сылгой- маджы трагеди. Йæ иннæ роман «Воскресение», зæгъгæ, уæм стыр фыссæг æгъатырæй æрлæууыд буржуазн æмæ зæхджын æлдæртты æхсæнады ныхмæ. Толстой йæ уацмысы,— æрымысæм В. И. Ленины ныхæстæ,— «обру- шился со страстной критикой на все современные госу- дарствснные, церковные, общественные, экономические порядки, основанные на порабощении масс». Тынг бирæ литературон бынтæ ныууагъта Л. Н. Тол- стой йæ фæстагæттæн. Тынг бирæ хорз хъуыддæгтæ са- рæзта педагогикæйы дæр. Ясная Полянæйы ’мæгуырты сывæллæттæн байгом кодта скъола, уагъта педагогикон .журнал «Ясная Поляна», ныммыхуыр кодта бирæ ста- тьятæ хъомылкæныны вазыгджын фарстатыл. Толстой æгъатырæй критикæ кодта реакцион уырыссаг, фæса- рæйнаг, уæлдайдæр уæдыккои немыцаг педагогикæ, домдта, цæмæй рæзгæ удтæм каст цæуа гуманистон цæ- стæнгасæй. Официалон дины ныхмæ кæй тох кодта, уый тыххæй йыл 1901 азы синоды фæндæй дзуар хъоды ба- кодта. Л. Н. Толстой йæ тыхдокын реализмæй æвдыста æхсæна- ды æппæт хæрам хъуыддæгтæ, æргом амыдта, сæ уи- дæгтæ кæцæй цæуынц æмæ цæуыл хæцынц, уый. Уыйимæ егъау нывгæнæг адæмы æхсæн хæлиу кодта ирвæзыны хо- сау дин, фыдæхæн тыхмийæ ныхкъуырб нæ бæттыны теори. Толстойы сфæлдыстад ирдæй æвдисы революцийы агъом- мæйы милуаигай уырыссаг зæхкусæг дзыллæты зæрдæ- йы хатт, æхсæнады æнæбафидаугæ ныхмæлæуддзинæд- 4
тæ. Уымæ гæсгæ йæ Владимир Ильич Ленин хоны «уы- рыссаг революцийы айдæн». Октябры революцийы агъоммæ дæр ирон дзыллæйы æхсæн уыди Л. Н. Толстойы кой. Кæй зæгъын æй хъæ- уы, кæсын æмæ фыссын чи зыдта, уыдон иугæйттæ уыдысты, фæлæ сахуыр кæнын йæ къухы кæмæн бафтыб фæсивæдæй, адæм уыдонæй хъуыстой стыр куырыхон лæджы кой. Рухстау ирон адæмтæй дæр бирæтыл фæзынди Тол- стойы философийы тæфаг. Æмæ уыдонæй иу уыди ацы чиныджы тæлмацгæнæг Зæнджиаты Бæбу. Царды зын хæсгæйæ, адæмы хъизæмар уынгæйæ æрыгон лæппумæ фервæзыны хосау фæкасти Толстойы фарн, йæ филосо- фи «Фыдæхæн тыхмийæ ныхкъуырд нæ дæттын». Бæбу баууæндыд: æрмæст фæлмæн зæрдæ æмæ адæмы уар- зондзинадæй ис сдзæбæхгæнæн хæрам æхсæнады тарф хъæнтæ. Лæппуйæ Бæбу Толстоймæ цы сыгъдæг уар- зондзинад дардта, уый мынæг нæ, фæлæ тыхджындæ- рæй-тыхджындæр кодта, йаз( цардвæндагыл куыд дард- дæр цыди, зынтæ æмæ къуылымпытæ цас фылдæр уыдта, уыйас. Октябры революцийыл æхсызгонæй сæмбæлд Бæбу. Бамбæрста, дин æмæ фыдæхæн ныхкъуырд нæ дæтты- ны теори цас мæнг æмæ тæссаг сты, уый. Зæнджиаты Хъасайы фырт Бæбу райгуырди 1869 азы Уæллаг Мызуры. Дзуары скъола каст куы фæци, уæд æй йæ фыды æрдхорд Сохиты Дрис йемæ аласта Кутаисмæ (уым хъæды хæдзарады куыста). 1898—99 азты Бæбу каст фæци Кутаисы ахуыргæнджыты семи- нар. Уыйфæстæ ахуыргæнæгæй куыста Беслæны, Æры- доны, Алагиры æмæ æндæр рæтты. Амард 1937 азы. Зæнджиаты Бæбу ирон литературæйы ныронг бæр нымад у тæккæ бæсныдæр тæлмацгæнджытæй иуыл. Æртынæм азты Тыбылты Алыксандыр фыста: «Куыд тæлмацгæнæг Зæнджиаты Бæбу æвдисы стыр дæсны- йад. Кæй ивы ирон æвзагмæ, уыцы уацмыстæн Ьæбу тынг хорз æрцахсы се стиль, сæ фæлгонцтæ, се ’взаг. 5
Афæтæмæй йæ тæлмацгондæй уыцы уацмыстæ ирон зев- загыл къаддæр нæ рауадысты сæ оригиналтæй: ницы фæхъуыдис сæ аив миниуджытæй». Ахæм стыр аргъ кодта зындгонд критик æмæ литера- туровед Тыбылы фырт Бæбуйæн. Л. Н. Толстойы повесттæ «Хъазахъхъ» æмæ «Хадзы-Мурат»-æй уæлдай ма Бæбу ирон æвзагмæ р^- ивта Неверовы «Ташкент — хорджын горæт», Горь- кийы «Челкаш» æмæ æндæртæ.
ХЪАЗАХЪХЪ (КАВКАЗАГ ПОВЕСТЬ)
I Алцыдæр æрсабыр Мæскуыйы. Æрмæст ранæй-рæт- ты хъуысы цæлхыты хъыррыст зымæгон уынджы. Рудз- гуытæй рухс нал цæуы, фанартæ дæр ахуыссыдысты. Аргъуанты дзæнгæрджыты гуыв-гуыв, азæлгæйæ, хæ- лиу кæны фынæй горæты сæрмæ æмæ æмбарын кæны, сбопмæ бирæ кæй нал ис, уый. Уынгты иу цъиуызмæ- лæг дæр нæй. Ранæй-рæтты æхсæвбадæг бæхтæрæг йæ дзоныгъы нарæг хъустæй змис митимæ бамхæццæ кæ- ны æмæ уынгæн йæ фаллаг фарс, фисыны цур, чи йæ баххуырсдзæн, уымæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, бафынæй вæййы. Фæцæуы зæронд ус аргъуанмæ; уым сызгъæ- рин цырагъдарæнтыл ранæй-рæтты иугай, хæццæ-мæц- цæ æвæрдæй, сырх тæлмытæ уадзгæйæ, судзынц мы- дадзын цырæгътæ, сæ рухсы тынтæй цырагъдарæнты фæлгуырыл хъазгæйæ. Кусæг адæм даргъ æхсæвы фæстæ уæлæмæ стын байдыдтой. æмæ алчи йæ куыстмæ цæуы. Æлдæрттæ æмæ хицæуттæн та нырма ныр байдыд- та изæр кæнын. Шевальейы æхгæд рудзгуыты зыхъхъыртæй æнафо- ны иу ранæй рухсыцъыртт цыд. Æддейы, дуармæ, кæ- рæдзимæ хæстæг лæууыдысты къарет, дзоныгъ æмæ бæхтæрджытæ. Посты уæрдон, æртæ бæхы ифтыгъдæй, уым сæ хæд раз лæууыд. Дуаргæс кæрцы мидæг тых- тæй, тымбылæй фæскъулмæ йæхи нылхъывта, цыма æмбæхсгæ кодта фисыны аууон, уыйхуызæн. «Ныр цы дзæнгæда цæгъдынц æнæсæрфатæй?— хъуыды кодта хинымæры лæггадгæпæг, хуыссæгхъуаг рыст цæсгомимæ тыргъы бадгæйæ.— Фыдбылызау 9
ссæдз мæныл æрцæуы, мæ радмæ йæ æрхæссынц!» Сы- - хаг сонтрухс уатæй хъуыстис æхсæвæрхæрæг æртæ лæппулæджы ныхас. Уыдон бадтысты мидæггаг уаты фынджы алыварс; фынджы уæлæ уыд, æхсæвæрæй ма чи аззад, уыцы хæринæгтæ æмæ сæн. Иучысыл сыгъ- дæг къæсхуыр, фыдцъылыс адæймаг бады æмæ кæсы бæлццонмæ зæрдæхæлар, фæлмаст цæстæнгасæй. Ин- иæ бæрзопд, йæхи фæстæмæ ауагъта афтид æвгтæй дзаг стъолы цур æмæ хъазы йæ сахаты дæгъæлæй. Æр- тыккаг, пог цыбыр кæрцы мидæг, уаты рацу-бацу кæ- ны фæлæуу-фæлæугæнгæ æмæ йе ставд тыхджын æи- гуылдзтæй, сыгъдæг ныхбыптимæ, адджын æнгузтæ къæрццытæ кæпы æмæ æдзух цæуылдæр хинымæр йæ мидбылты худы; йæ цæстытæ цæхæртæ калыпц, цæс- гом арт уадзы. Уый зæрдиагæй дзуаппæй дзуры йæ къухтæ тилгæйæ, фæлæ бæрæг у, йæ зæрдæ йæм цы дзырдта, уыдон зæгъып кæй пæ фæрæзта, дзырдтыл нæ хæст кодта; цы дзырдтæ ахста, уыдон та зæрдæйы хъуыдытæ радзурынæн фаг пæ уыдысты. Уый æппыпæ- дзухæй йæ мидбылты худтис. — Ныр мыц мæ зæрдæйы ныхæстæ ракæныпы амал ис!— загъта бæлццон.— Æз мæхи раст, минйаг, нæ кæнып, фæлæ мæ фæндыдис, ды мæ уæддæр куы бам- бæрстаис, мæхæдæг мæхп куыд æмбарын, -афтæ. Уый- псдтæмæ хъуыддагмæ цъаммартæ, æнахъинонтæ цы цæстæй кæсыпц, уыцы цæстæн кæсып æм нæ хъæуы. Ды афтæ зæгъыс, уыцы сылгоймаджы раз къæмдзæстыг, аххосджыи æз дæп,— загъта уый, зæрдæхæлар цæстæп- гасæй йæм чи каст, уымæи. — О, бæгуыдæр, дæу аххос у,— радта йып дзуапи 1ыццыл фыдцъылыс, æмæ цыма йæ цæстæнгас фыцца- гæй ноджы тынгдæр, хæлардæр æмæ фæлмастдæр уыд, уыйхуызæн зынд. — Æз зонып, цæй дымæгмæ* афт;æ' зæгъыс, уып,— дарддæр иыхас кæнгæйæ загътй" 6æ)1щ(оп.— Дæуырды- гопау, куы деЬ уарзтæуа, уæд уып Цыма дæхæдæг уар- зыс, уыйхуызæн амондджын, зæрдæрУхс хъуыддаг у æмæ дып иу хатт куы баптыса, иу хатт* æй куы бавза- рай, уæд æгъгъæд у адæймагæн йæ амæлыны бонмæ дæр. — О, бæгуыдæр, æгæр дæр ма у, мæ зæрдæйы рухс! Уымæй фылдæр хъæугæ дæр иæ Кæны,-*- загъта чысыл фыдцъылыс, йæ цæстытæ тъæбæрттытæ кæнгæйæ. ^— Фæлæ мæхæдæг дæр цæуылиæ хъуамæ бауар- зои!—загъта бæлццоп сагъæс кæпгæйæ æмæ йе’ мбал- 10
мæ кæсгæйæ, цыма йыи тæрпгъæд кодтя, ахæм цæстæи- гасæй.— Цæй тыххæй хъуамæ ма уарзон? Зæрдæмæ* нæ цæуы... Пæ, æнамонддзннад у, куы дæ уарзтæуа, уæд, уымæи æмæ дæхимæ аххос куы хæссан æмæ дæм уый цы зæрдæ дары, ды йæм ахæм зæрдæ куы^пæ да- рап, уæд уый æз стыр æнамонддзипадыл пымайын. 0 мс скæпæг хуыцау!—Æмæ йæ къух ауыгъта.—Хъуыд- дæгтæ иудадзыгдæр зонды фæдыл арæзт куы уаиккоп, уæд хорз, кæнпод куыддæр, дæ зæрдæ-мæ зæрдæ, дыз- 1ъуынмæ, æнæсæрфатæй, мæпырдыгопау пæ, фæлæ сæ- хи" куыд фæнды, афтæ. Цыма æз уыцы зæрдæйы уаг, уыцы зæрдæйы фæпдоп давгæ ракодтоп, уыйхуызæп цæуы. Ды дæр афтæ æнхъæл дæ, афтæ æмбарыс, нæ йыл сæтдзыиæ, дæ зæрдæ ме ’вдисæн, æпæ афтæ хъуы- ды кæнæн дæр дын нæй, фæлæ дæ бауыриæд, сомы мæ нæ кæпын кæпыс, мæ цæрынæй мæ хæрыпмæ æнæсæр- фат, æнаккаг хъуыддæгтæй цыдæриддæр бакодтон,— кæнгæ та дзы чысыл пæ фæкодтои,— се ’ппæ- тæй дæр æрмæст уыцы иу хъуыддагæй æвæсмон дæп, стæй дзы фæсмон кæнипагæп уæвгæ дæр пицы ис. Йæ райдианæй йæ байдиапмæ кæддæриддæр æргом уыдтæн, уыцы сылгоймаджы раз дæр, мæхи раз дæр гæды ныхас мæ сæрмæ никуы бахастоп. Мæпмæ афтæ каст, кæд искуы бауарзтоп, уæд гъеныр, стæй мæм æрæ- джиау æпдæр зопд æрцыд; уый уарзопдзинад иæ, фæлæ æнæбары æвæндоп гæдыдзинад уыд, афтæ уарзæн нæй, æмæ уыцы æгъдауыл дарддæр нал ацыдтæн; уый уæд- дæр зæрдæйы фæдыл ацыд,— афтæ у йæ арæзт сылгой- магæн. Цы аххосджын дæн æз, мæ боп кæм пæ цыд, уым? Уæдæ цы хъуамæ бакодтаин, дæ фыдыстæн? — Цæй, ныр цы фæци, уый фæцп, хъуыддаг алыг!— загъта йæ хæлар лæг тамако судзгæйæ, йæ хуыссæг цæ- мæй алыгъдаид, уый тыххæй. Иу хъуыддаг дзы ис æр- мæст: ды нырма никуыма уарзтай æмæ пе ’мбарыс, уарзондзииад цы у, уый. Цыбыр кæрцы мидæг чи уыд, уый та цыдæр зæгъып- мæ хъавыд æмæ йæ сæрмæ февпæлдта, фæлæ цы зæ- гъыимæ хъавыд, уый йæ къухы нæ бафтыд, зæгъып æй нæ бафæрæзта. — Нæ уарзтоп! Уый æцæг у, раст зæгъыи хъæуы, пæ уарзтон, фæлæ мæ зæрдæ зæгъы бауарзын. Афтæ) тыхджып, афтæ тыпг, æмæ йып зæгъæн дæр нæй! Ин- пæрдыгæй та мæ зæрдæ ’хсайы — уæвгæ ахæм уарзоп- дзпнад ис цымæ? Алцыдæр цыдæр æрдæгдзæфтæй, 11
куыддæр æнæсæр, æнæкæронæй баззайы. Æниу цæй, цы ныхасаг, цы дзырддаг у! Мæ цард схылы-мылы, сæм- тъеры кодтон. Фæлæ ныр хъуыддаг ахицæн, уымæй ды раст дæ, раст загътай. Ныр мæм мæ зæрдæ дзуры, æм- барын æй, ног царды къахыл кæй ныллæууыдтæн, уый. Бæлццон æрмæст йæхи кой кæнын байдыдта. Не ’мбæрста, уыцы хи кой кæнып йæхимæ куыд дзæбæх каст, иннæты зæрдæмæ йын афтæ кæй нæ цыд, уый. Адæймаг йæ хъæлдзæг зæрдæйыл куыд хиуарзон вæй- йы, афтæ æнæуый никуы вæййы. Афтæ фенхъæлы, цыма уыцы сахат адæм иууылдæр уый цæрайæ цæрынц æмæ уымæй диссагдæр, уымæй рæсугъддæр æгас дунейыл ни- цы ис, уыйау. — Дмитрий Андреевич, бæхтæрæг нал лæууы!— ми- дæмæ цæугæйæ загъта йæ кусджытæй иу, кæрцы ми- дæг æмæ хъуырбæттæнæй тыхт.— Бæхтæ дыууадæс са- хатæй нырмæ ам лæууынц, ныр та цыппар у. Дмитрий Андреевич бакаст йæ Ванюшæмæ. Иæ хъуырылтыхт хъуырбæттæн, йæ нымæт цырыхъхъытæ, йæ фырхуыстæй нарст цæсгом ып дзырдтой, æндæр цардмæ йæм кæй сидынц,— куыстарæх, фыдæбои æмæ тухийæдзаг цардмæ. — Цæй уæдæ, хæрзбои у!— загъта бæлццои, йæ уæлæ йе’ нæвæрд къæндзы агургæйæ. Бæхтæрæгæн иу арахъхъы аргъ авæрын хъæуы, æмæ та уæд фæлæудзæн, зæгъгæ, йын дзырдтой, фæлæ уый уæддæр ницы ком радта, йæ худ йæ уæлæ акодта æмæ уа- ты бæрæгастæу слæууыд. Кæрæдзийæн батæ кæнын си- 4 стой, иу хатт, дыккаг хатт, стæй исдуг алæууыдысты æмæ та æртыккаг хатт аба кодтой. Цыбыркæрцджын йæхи фынгмæ баласта, пуазæн систа, анызта йæ, стæй гыццыл фыдцъылысæн йæ къухыл ныххæцыд æмæ фæ- сырх. — Нæй,— зæгъгæ, загъта,— уæддæр мын æй æргом æиæ зæгъгæ нæй... Мæн æмæ дæу æхсæн хъуамæ сусæг- дзинад ма уа, уымæн æмæ дæ уарзын, адджын адæй- ма^г мын дæ. Куыд дæм кæсын, афтæмæй ды уыцы сыл- гоймаджы æпæуарзгæ нæ дæ. Æз афтæ æнхъæл дæн. Куыд зæгъыс? Раст пæ дзурын? — Бæгуыдæр,— загъта йын йæ хæлар, йæ мидбыл- ты ноджы фæлмæндæр худгæйæ. — Чи зоны ’мæ... — Курын уæ, æмæ агъуыст суæгъд кæнут, цырæгъ- тæ ахуыссын кæпыны дзырд рацыд,—загъта лæггад- 12
гæнæг фырхуыстæй нарст цæсгомимæ; сæ фæстаг ньь хæстæм сын хъуыста æмæ йæхинымæр хъуыдытæ код- та, ацы æлдæрттæ цымæ кæддæрнддæр уыцы иу ны- хас цæмæн кæнынц.—Хардз кæуыл пыффыссон? Дæ- уыл?—зæгъгæ, фæкодта бæрзопдмæ дзургæйæ; раздæр дæр ып хъуыдыгонд уыд, кæмæн цы зæгъып хъæуы, уый. — Мæныл,— загъта бæрзонд.— Цас сты? — Æхсæз æмæ ссæдз сомы. Бæрзонд исдуг асагъæс, аджис-къус кодта, фæлæ дзургæ иицы скодта æмæ хардзы гæххæтт нæ дзыппы атъыста. Иннæ дыууæ сæ пыхас кодтой. — Фæндараст, алыпп адæймаг дæ, лæгæй лæг зæ- гъын хъæуы,— загъта чысыл фыдцъылыс æфсармджыи цæстытимæ. Дыууæйæн дæр сæ цæстытæ доны разылдысты æмæ æддæмæ рацыдысты. — Хæдæгай, куы мæ рох кодта!— загъта бæлццон æфсæрмыгæнгæйæ æмæ бæрзоидмæ дзургæйæ:— Шева- льейæн цы ’мбæлы, уый куыд зоиай, афтæ бакæн æмæ мæм-иу ныффысс. — Хорз, уымæ дæ зæрдæ ма ’хсайæд,—загъта, бæрзонд йе ’рмкъухтæ кæнгæйæ.—Куыд дæм хæлæг кæ- нын, уый куы зонис!— æнæнхъæлгæйæ æваст сдзырдта бæрзонд, куыддæр дуарæй æддæмæ рахызтысты, афтæ. Бæлццон дзоныгъы сбадтис, кæрцы йæхи æрбатыхта æмæ загъта: «Цæй ныр нæ фæндаг дарæм, араст уæм». Дзоныгъыл фалдæр бабадт æмæ йын афтæ чи загъта, хæлæг дæм кæпын, зæгъгæ, уымæи быиат радта. Дзур- гæ-дзурын бæлццонæн йæ хъæлæс зыр-зыр кодта. Йæ фæдыл чи рацыди, уый загъта: «Хæрзбоп, Митя, хуыцау дын раттæд...» Иæ ныхас кæроимæ нал ахæццæ кодта, уымæн æмæ, цæмæй тагъддæр араст уыдапд, æндæр хуыздæр пицæмæ бæллыд. Исдуг ныхъхъус сты. «Фæндараст!»— загъта дык- каг хатт чидæр. «Æгъи зæгъ, цæугæ!»— фехъуыстис кæйдæр хъæ- лæс, æмæ бæхтæрæг йæ мидбынатæй фснкъуыст. — Елизар, цы фæдæ, дæ уæрдон æрбатæр!—фæ- хъæр кодта, бæлццоны фæдыл чи рацыд, уыдонæй иу. Бæхтæрджытæ базмæлыдысты æмæ бæхтæм дзургæ- йæ бозитæй дыууæрдæм кодтой. Салд къареты цæлхы- ты хъыс-хъыс митыл ссыд. 13
— Æвæдза, дзæбæх лæппу у ацы Олсшш,— загъта, йæ фæдыл чи рацыд, уыдонæй иу.— Ныр æй цы фыд- былызы къах хæссы цымæ Кавказмæ? Исты ма куы уы- даид, фæлæ дæлæмæ дæр \æмæ уæлæмæ дæр юпкер! Мæпмæ гæсгæ, уый æдылы хъуыддаг у. Рапсом спхор клубы нæ кæндзынæ? — Кæндзынæн, ай-гъай. Æмæ фæйиæрдæм афардæг сты. Бæлццоп кæрцы мидæг æнтæф кæпып байдыдта. Дзоныгъы хуылфы сбадт æмæ йæ кæрцы тæрттæ фæй- нæрдæм аппæрста. ’ Æртæ ифтыгъд бæхы арцбадт, хъуынтъыз хъуынимæ бараст сты, зивæг кæнгæйæ, та- лынг уыигæй æндæр уынгмæ, Оленин кæй никуы федта, ахæм æнахуыр хæдзæрттимæ. Олепиимæ афтæ зыпд, цыма уыцы уынджы æрмæст бæлццæттæ фæцæ- уыпц, уыйау. Йæ алфамбылай уыд талыпг, адзæм, æн- тъысиæг, йæ зæрдæ та дзаг уыд рагоп хъуыдытæй, уар- зондзинадæй, фæсмоидзипадæп æмæ зæрдæуыпгæггæ- нæн цины цæстысыгтæй... •''■'• II «Уарзып, уарзыи мæ уды бæрц! Иттæг дзæбæх! Хорз!»—дзырдта уый хипымæры æмæ йæм кæуып æр- цыд. Фæлæ йæм кæуып цæй тыххæй цыд? Чи уыдысты уыцы дзæбæхтæ? Кæй уарзта афтæ тыпг? Уый бæрæ- гæн йæхæдæг дæр пицы уыйас æмбæрста. Хаттæй-хатт-иу ссдзынæг ныккаст искæйы хæдзармæ æмæ-иу дисы ба- цыд: цымæ цæмæн афтæ æиахуыр копд у? Хаттæй-хатт- иу аха^м сагъæсы дæр бацыд: а бæхтæрæг æмæ Ваню- шæ йæм æцæгæлоп уæвгæйæ афтæ æввахс цæмæн сты, цæмæи сæ цæгъды пумæ уæрдоп æмæ цæмæн кæпыпц æмызмæлд, кæройпаг бæхтæ æваст куы атъæпп ласынц æмæ салд гæрзытæ куы алвасыпц, куы атынг нæйпыиц, уæд? Æмæ та иог дзурын байдыдта: «Иттæг дзæбæх, уарзып!» Иу хатт афтæ дæр ма сдзырдта: «Куыд фæ- лæбурдта! Тыпг хорз!» Æмæ йæхæдæг дæр фæдис код- та, уый та цымæ йæ зæрдыл куыд æрæфтыд, цæй фæ- дыл афтæ загъта, æмæ йæхæдæг йæхи афарста: «Кæд расыг, миййаг, дæн?» Раст зæгъгæйæ, иуазгæ дæр акод- та: дыууæ сæпы авджы акъахта, фæлæ йын айдагъ уы- цы сæпы аххос дæр нæ уыд. Йæ зæрдыл-иу æрбалæу- уыдысты уарзондзинады æмæ хæлардзинады зæрдæбын! хицон пыхæстæ, æфсæрмыгæнгæйæ йын аивæй, æнæбары- хуызы кæй дзырдтой йæ рарасты агъоммæ. Иæ зæрдыл æр- 14
балæууь1дысты, кæрæдзи къухтыл фидар куыд ныххæ- цыдысты,х сæ цæстæнгас, æнæдзургæ, æдзæм бадт æмæ цавæрдæр хъæлæс, афтæ йæм чи сдзырдта дзоныгъы куы сбадтис, уæд: «Хæрзбон у, Митя!» Æрымысыд йæхи пыфсджып зæрдпагон ныхæстæ. Уыдæттæ иууылдæр йæ зæрдæмæ хæстæг хаста. Цы боп раст кодта, уыйагъом- мæ айдагъ йæ хæлæрттæ, хæстæджытæ æмæ раст адæм пæ, фæлæ æнæуый æцæгæлон æпæзæрдæмæдзæугæ адæм, йæ дзæбæхдзинад кæй нæ бафæндыдаид, уыдон сс ’ппæт дæр æвиппайды, цыма дзургæ бакодтой, тынг- дæр æй бауарзæм, зæгъгæ, æмæ йып бахатыр кæнæм, адæй- маг зароба исгæйæ кæпæ йæ мæлæты сахат куыд фæ- кæпы, афтæ. «Чи зоны, æмæ Кавказæй нал раздæхдзы- пæн æмæ кæрæдзийы цæсгом нал фсндзыстæм»,— хъуыды кодта йæхинымæры. Æмæ йæм афтæ зынын байдыдта, цыма уарзы йæ хæлæртты, ноджыдæр ма уарзы кæйдæр æмæ йæхицæи тæригъæд кæнын байдыд- та, фæлæ хæлæрттæм цы хъарм зæрдæ, цы уарзондзп- пад дардта, уый йып афтæ пс сфæлмæп, пс сбæрзопд кодта йæ зæрдæйы уаг, æмæ, уырнын кæй нæ фæрæз- та, уыцы зондхъуаг, æнæсæрфат иыхæстæ уый дымæг- мæ, миййаг, нæ кодта; уæдæ сылгоймаджы уарзондзи- пад дæр пæ, уымæн æмæ цæргæ-цæрæпбопты пикуы нн- кæйы уарзта. Фæлæ йæм ахæм зæрдæ ’рцыд хиуарзон- дзипады сæраппонд, стæй йæ зæрдæйы хорздзинадæй цыдæриддæр уыд (пыртæккæ та афтæ æнхъæл уыд, æмæ йæм айдагъ хорздзинæдтæ йедтæмæ æпдæр пицы уыди), уыдон кæй уарзта цардæнхъæл лæппуйы уарз- тæй, уый тыххæй: ахæм цæстæй каст йæхимæ, гъсуый нæ кæуыи кодта, гъеуый йын дзурын кодта уыцы схъиуд, æнæсæрфат ныхæстæ. Олснип уыд.лæппу, каст никуы фæци, паддзахады куыст-никуы кодта (æрмæст кæмдæр нымад уыд номы, разагъды тыххæй). Бынхор, йæ бынтæн се-’рдæг смарз- та; цыппар æм(ае ссæдз азмæ бæрæг бæлвырд куыстыл пæ фæхæст, стæй куысты мыггагæй пикуы ницы бакод- та. Иудзырдæй/ Мæскуыйы уыцы дуджы стыр адæмы ’хсæн «лæппулайг» кæй хуыдтой, уыдопæй уыд. Стдæсаздзыдæй Олснинæн йæ бар йæхи уыд, цы йæ фæндыд, уый кодта, «ма кæ» зæгъæг ын пæ уыд. 1840 азты уырысы хъæздыг адæмæй чысылæй нырмæ сидзæ- рæй чи схъомыл æмæ уый куыд сæрибар уыд, афтæ сæ- рибар уыд Олспип дæр. Æгъдау, æфсарм кæй фæзагъдæ- уы, чи йæ урæдтаид, пæхнуыл æп чи хæцын кодтаид, 15
ахæмæй йæм ницы уыд. Цы нæ бакодтаид æмæ цы нæ уыд æмæ йæ уæвгæ хъæугæ дæр нпцы кодта, уромæг дæр æй нæ уыд, баст ницæмæй уыд. Нæ йын уыд би- нонтæ дæр, фыдыбæстæ дæр, дин дæр, хъуаг дæр ницæмæй уыд. Уыцы æгъдæутты мидæг уæв- гæиæ, æитъысн&г, æнкъард, хъыггæнаг, миййаг, нæ уыд, айдагъ ныхæстæй дæр йæхи нæ хаста, фæлæ хъуыддæгтæм йæ зæрдæ æхсайдта — сыр- сыр кæнын уарзта. Уарзондзинад нæй, зæгъгæ, ахæм зондыл лæуд уыд. Афтæмæй та-иу æвзонг рæсугъд сыл- гоймаджы цур тайын байдыдта æмæ-иу цы ракодтаид, уы- мæн иицыуал зыдта. Рагæй нырмæ дзырдта: стыр ном, кад, цыт — уыдæттæ йæ цæсты ницы сты, хынджылæггаг ми- тæ сты, зæгъгæ, фæлæ-иу æм искуы хъазтизæры кънйаз Сергей куы бацыд æмæ-иу æй рæвдауæн ныхæстæй куы бабуц кодта, уæд-иу ын æхсызгон уыд, йæ зæрдæ-иу æвæндонæй бахъæлдзæг. Зæрдæвæндон хъæлдзæг хъуыд- дæгты бацæуын уарзта бархийæ, æрмæст уыцы æгъда- уæй, æмæ баст куыд ницæмæй уыдаид, афтæ. Куысты мидæг уæвгæйæ-иу куыддæр бамбæрста, ныр дзы иучы- сыл афыдæбон, атухи кæнын хъæудзæн, зæгъгæ, афтæ- иу уайтагъд йæхи сцух кодта æмæ та-иу фæстæмæ сæ- рибар царды бацыд. Ахæм æгъдау, зонд^æмæ зæрдæи- мæ бацыд царды мидæг, кодта паддзахады æмæ хæдза- рады куыст, уыцы æгъдауимæ байдыдта музыкæйы куыст, иу рæстæджы йæ зæрдæ тынг кæй райста, уыцы æгъда- уимæ лымæн кодта æмæ уарзта сылгоймæгты дæр, кæд æй уарзондзинад нæ уырныдта, уæддæр. Адæй- магмæ уыцы иунæг хатт йæ цæргæцæрæнбон ахæм зæр- дæ, ахæм пыфс æрцæуы, æмæ йæхицæй дæр, стæй, куыд æнхъæл вæййы, ацы дунейыл дæр, цы йæ бафæнда æмæ^ цы пæ скæндзæн, йæ къухы цы нæ бафтдзæн. Æцæг ахæм адæмтæ дæр вæййы, æмæ уыцы ныфс, уыцы зæр- дæ кæмæ пе ’рцæуы, фæлæ æвиппайды царды тымыгъы чи смидæг вæййы, фыццаджыдæр цы хамутимæ фæдзы- хæвæрд вæййы, уый йæ уæлæ чи ’ркæны æмæ зæрдиа- гæй, æнæаиппæй чи кусы мæлæты бонмæ. Фæлæ Оле- нин уыцы адæмæй нæ уыд. Лæппуйы ныфс æмæ тых æм æиæхъуаджы бирæ уыд, æмæ йæ зæрдæ агуырдта æнæ базыртæй тæхын, йæ риуы æмбæрц цæуын, фæстиат нæ фæцадаид, йæ сæр быимæ, афтæмæй æиæбын хъоргъы йæхи^ баппарыи, цæмæн æмæ цæй фæдыл, уымæй та йæ ды бафæрс, йæхæдæг дæр ыи ницы зыдта. Ахæм æгъдау æм кæй уыд, уыйадыл йæ сины сæрыл хæцыд, йæхи сæ- 16
рыстыр ко’дта æмæ йæ йæхæдæг дæр не ’мбæрста, аф- тæмæй уый\сæраппонд амондджын уыд. Абоны опг иу- нæг йæхи удæй фæстæиæ æндæр никуы никæй уарзта, стæй йын йæхи æнæ уарзгæ дæр иæ уыд, уымæн æмæ хорздзинады йедтæмæ йæхимæ ницы æвзæрдзинад, ницы аипп хаста æмæ йæ зæрдæ йæхиуыл никуы ницæмæй фæхудт.’М^æскуыйæ куы р^раст, уæд йæ зæрдæйы дзæ- бæхыл æмæ хъæлдзæг уыддАмондджыи лæппу адæй- маг йæ рагон рæдыдтæ куьг\ бамбары æмæ йæхицæн афтæ зæрдæтæ куы февæры: ныронджы митæ ницæйаг уыдысты, уыдæттæ иууылдæр æнæбары хъуыддæгтæ уыдысты, абоны онг дзæбæх, æгъдауыл цæрыны фæнд дæр нæ кодта, фæлæ ныр, Мæскуыйæ куы рахицæн, уæ- дæй фæстæмæ ног цард ралæудзæн, æмæ уыцы фыцца- джы рæдыдтæ нал æрцæудзысгы, иæ дзы уыдзæи фæсмондзинад дæр, фæлæ дзы æнæмæнгæй уыдзæн æр- мæст амонд æмæ зæрдæрухсдзинад,— раст уыцы зонд, уыцы зæрдæйы уаг уыд уыцы сахат Оленинмæ. Кæддæриддæр дард балцы фæндагыл афтæ вæййы: дыууæ-æртæ станцæйы адæймагæн йæ зæрдæ, цы бы- натæй рараст кæны, уыимæ фæдзуры, стæй, иу-дыууæ боны фæстæ, зæрдæ æхсайын байдайы, кæдæм æмæ цæ- мæн цæуы, уымæ, æмæ рагагъоммæ фæндагыл митæй мæсгуытæ амайы. Уыцы æгъдауы мидæг уыд Оленин дæр. Горæтæй куы рахицæн æмæ митджып быдыртыл йæ цæст куы ахаста, уæд бацин кодта, уыцы быдырты ас- тæу æрмæст уый зыбыты иунæгæй кæй уыд, ууыл, кæрцы йæхй ныннорста, дзоныгъы гуыффæйы йæхи ауагъ- та, зæрдæ æрсабыр, æмæ йæ хуыссæг æрцахста. Йæ хæ- лæрттимæ куыд хицæн кодта, уый йын йæ зæрдæ ба- фæлмæн, бауынгæг кодта, æмæ сæрысуанг зæрдыл лæу- уын байдыдтой, фæстаг зымæг Мæскуыйы йæ бонтæ куыд æрвыста, уыдæттæ æмæ, чи аивгъуыдта, уыцы цар- ды нывтæ; тар хъуыдытæ æмæ уайдзæфтæ кæрæдзи сæр- ты хаулæйæ, кæрæдзийыл тыхсгæйæ, хæддзуйæ, йæ сæр- мæ бырсын байдыдтой. Йæ зæрдыл æрбалæууыд, йæ фæдыл чи рацыд, уы- цы хæлар æмæ, кæй кой кодтой, уыцы чызгимæ се’ хсæн цы ’гъдау уыд, уыдæттæ. Чызг уыд хъæздыг адæймаг. «Куыдæгъдауæй æй хъуамæ бауарзтаин æз, кæд мæ чызг йæхæдæг уарзта, уæддæр?»— хъуыды кодта уый, æмæ æнаккаг гуырысходзинæдтæ йæ сæры абадтысты. «Ахъуыды кæнгæйæ, бирæ цъаммардзинæдтæ ис адæмы 2 Повсстгæ 17
хуылфы. Фæлæ уæддæр, раст зæгъгæйæ, цæй тыххæй цымæ пæ уарзтоп æз?»— афарста пæхæдæг йæхи. «Иу- уылдæр мып афтæ куы дзурынц æз нæ уарзтон, зæгъ- гæ. Ау, æмæ æцæг афтæ хæлд æпахъшюп адæймаг дæн?» Æмæ йæ зæрдыл лæууын байдыдтой, йæ лæп- пуйæ цы æпæсæрфат, рог мшæ кодта, уыдон. Æрымы- сыд, фыццаг хатт царды куы/бацыд, уыцы рæст^ег, æры- мысыд йæ хæлæрттæй иуы /ойы, бирæ бонтæ кæимæ арвыста изæрæй, цырагъы /рухсмæ стъолы цур бадгæ- йæ. Исты ми кæпгæйæ уыцы чызгæп цырагъы рухсмæ бæрæгдæр зыидысты йæ парæг æнгуылдзтæ æмæ йæ рæсугъд лыстæг цæсгом æрдæгæй дæлæмæ. Р1æ зæрдыл æрбалæууыдысты сæ даргъ, æиæкæрон ныхæстæ, кæрæ’-' дзимæ куыд æфсæрмы кодтой, куыд пæ уæпдыдыстьй æргом, уæпдоп пыхæстæ кæпып, æмæ йып куыд зып, куыд хъыг уыд уыцы пæуæндондзинад, уыцы æмбæхст зæрдæ. Уыйфæстæ æрымысыд хъазтпзæр æмæ рæсугъд Д.*-м'-имæ мазуркæ куыд кафыд. «Цы уарзт ып бакод- тон уыцы ’хсæв, цы амопджып уыдтæп! Цы хъыг, цы зæрдæниз мын уыд, дыккаг бон райсомæй куы райхъал дæн æмæ куы бамбæрстоп, пикуы ’мæ та ппцы, сæри- бар тадæн! Кæм ис уыцы уарзопдзипад, цæуылнæ мæм æрцæуы? Цæуылнæ мын сбæтты мæ къухтæ ’мæ’ мæ къæхтæ?— хъуыды кодта уый.— Цæй уарзондзипад æмæ цæй æндæр у; нæй уарзопдзипад! Мæ сыхаг æх-" син, æдзух уыцыиу ныхас чи кæны мæпæн, Дубровинæн’ æмæ уæздæтты сæрдарæн, стъалыты уарзын, зæгъгæ, уый дæр уый нæу». Æмæ хъæутæм йæ зæрдæ ахсапта иæ хæдзарады куыстытæ æмæ хъуыддæгтæм, фæлæ цæ- мæй бахъæлдзæг уыдаид, цæуыл бацин кодтапд, ахæ- мæй дзы ппцы ссардта уым дæр. «Мæ рацыды кой уы- дон бирæ фæкæидзысты?»—абадтн йæ сæры ахæм хъуы-’ ды. Фæлæ уыцы «уыдон» чи уыдысты, уый йæхæдæг дæр пæ зыдта. Уып хæд фæстæ, йæ зæрдæ йын чи б&- мæгуыр кодта æмæ йæ цæсгомыл чи фæбæрæг, ахæм хъуыдытæ пæ сæры абадтысты æмæ æнæсæрфат йы:' хæстæ скодта. Йæ зæрдыл æрбалæууыд мосье Капсле æмæ йæ хуийæгæй 678 сомы кæй фæхæсджып, стæй йып куыд лæгъстæ кодта, иу афæдз-ма йын’куыд багæдзæ, куыд бахатыр кодтаид, уый тых’хæй, æмæ хуийæджы цæс- гом, джис-къус кæпгæйæ, куыд дзырдта: «Барæй лæудзы- нæн, æпæбары, æниу мæ бон циу, куы пæ лæууоп уæд- дæр». «Уæ мæ рафæлдисæг, мс скæпæг хуыцау!»— дзырдта уый æмæ, цъыпддзастæй кæсгæпæ, уыцы зæрдæ- 18
ипз хъуы/^ытæ йæ сæрæп сырдта. «Фæлæ уæДд#р уымзе дæр не ’ркаст, афтæмæй мæ уарзта,— ахъуыды кодта, Мæскуыпæ куы раст кодта, уæд ныхас цы чызджы тых- хæй æрцыд, уый тыххæй.—Куы йæ ракуырдтапп, уæд æнæхæс уыдаии, хъæлажк, ныр та хæсджынæй баззад- тæн Васильсвæй». Йæ цæстытыл ахъазыд фæстаг изæр, уыцы чызгæп комкоммæ к);убмæ куыд ацыд, уым Васп- льевимæ къамгей куыд хъазыд, æгады лæгъстæтæ пып куыд кодта, ахъазæм-ма, зæгъгæ, фæлæ Васильсв къæрттæй цъула нæ фæци æмæ йын фæстæмæ æвæпдоп, уазал, дурзæрдæ адæймаджы дзуапп радта, нæй амал, зæгъгæ. «Иу афæдз мæхиуыл куы фæхæцон, уæд æнæ- хæс суыдзынæп, бафиддзыиæп сæ æмæ сæ хæйрæг ба- хæрæд...» Фæлæ кæд йæ зæрдæ фидар уыд бафидыпы æгъдауæй, уæддæр та-иу сæ дзыхъыппогæй нымайын байдыдта, цы хæстæ ма йыл баззад, уыдоп, сс ’мгъуыд- тæ æмæ сæ кæд хъуамæ бафида, уый. «Хæдæгай, Ше- вальейæ педтæмæ ма Морслæй дæр куы фæхæсджып дæи, Морелæй!» Æмæ йæ зæрдыл æрбалæууыд, уый- бæрц цы ’хсæв амбулып кодта, уый. Уыцы æхсæв ци- гантæп хæрд æмæ иозт сарæзтой, æмæ семæ гуыпп кодтой Пстербургæй æрцæуæг адæм: Сашкæ Б**, флп- гель-адъютант, къийаз Д-*** æмæ уыцы цытджын гуып- пырсар зæронд лæг... «Цымæ уыцы «господатæ» сæхи цæсты афтæ бæрзопд æмæ каджып цæмæп сты?— ахъуыды кодта уый хинымæры.— Стæй, адæмæй хъау- ’джыдæр, хицæн къорд цæмæп сты, æмæ ипнæтæй искæ- мæп уыцы къордмæ бацæуæп номыл æнæ кадыл цæмæи иымайыпц. Æрмæст уый тыххæй, æмæ флигель-адъю- тапттæ кæй сты? Мардæрцыды хъуыддаг та куыппæ у, æвæдза, цæуылпæ амæлы лæг, куыд æдылы æмæ æнак- кагыл пымайынц иппæты! Æз сып, гæды пыхас циу, уый бамбарып кодтон, уыдопимæ балымæН мæ хъуыдыйы дæр кæй пæй, хъæугæ дæр мæ кæй пицæмæн кæны, уый. Фæлæ уæддæр, раст зæгъгæйæ, мæ хæдзарады уыиаф- фæгæнæг Апдрей, цæвиттоп, бамбæрста, Сашкæ Б'!:*!:,:', булкъоп, флпгель-адъютапт, мемæ куыд хицоп ’æмæ лымæп у, уый, уæд стыр дисы бацыдаид. Æниу дзы уы- цы изæр мæпæп фылдæр чи бапызта? Иу дæр нæ. Ци- гаптæн дæр пог зарæг æз бацамыдтоп, æмæ йæм сс’ ппæт дæр хъуыстой. Кæд бирæ æпæсæрфат, æдылы митæ код- _топ, уæддгср дзæбæх лæппу дæи, мæ фыдыстæп дзгс- бæх»,— дзырдта хипымæры уый. Æртыккаг стапцæйы райсомæп цай бацымдта, стæй 19
Вапюшæпмæ пу дзопыгъæй иннæмæ дзауМ&^та^, чёМб- дантæ-псдтæ бахаста, бафснайдта сæ æмæ се ’хсæн æм- баргæ, раст æмæ рæвдз бадт скодта; зыдта, кæм цы æфсиайд ис, уый: æхцатæ кæм сты, цас сты, йæ пас- порт, йæ фæндаджы гæххæттытæ кæм сты. Уыдæттæ йæм зондыл арæзт уынаффæджын митæ фæкастысты, йæ хицæй ныббузныг, бахъæлдзæг, , æмæ йæм йæ дард балц æнцоп, хи ирхæфсæгау кæсын байдыдта., Æпæхъæн райсом æмæ бонæмбис æрмæст нымайы- ны куыст кодта: цал версты рацыд, цал версты ма ис хæстæгдæр станцæмæ, цал —хæстæгдæр горæтмæ, си- хæрттæм, цай цымын афонмæ, Стъараполмæ, стæй, ны- ропг цас рацыд, уый йæ фæпдагæп йæ кæцы хай у. Нымадта йе ’хцатæ дæр: цас æм ис æхца, цас ма йæм баззайдзæп, цас æй бахъæудзæн йæ хæстæ бафидынæн, стæй цы ’фтиаг, цы пайда йæм хауы, уымæн йæ кæцы хай хардз кæндзæп иу мæй. Банымадта фæсцай изæры- рдæм: Стъараполмæ йæ фæндагæн баззад йæ 7/п хайы; йæ ис, йæ мулчы 7в хайы бæрц ыл хæстæ баззад. Аф- тæмæйты зæрдæ æрсабыр, йæхи æрбатыхта, дзоныгъы хуылфы арфдæр абырыд æмæ та ног бафынæй. Зæрдæ æмæ зонд Кавказимæ дзурын байдыдтой. йæ цæсты- тыл хъазыдысты Амалат-бектæ, черкесаг рæсугъдтæ, хæхтæ, айнæг къæдзæхтæ, сахатæ, зæйтæ æмæ тасдзи- нæдтæ. Уыдæттæ-йедтæ дзæбæх нæ иртæста, не ’взæрста, фæлæ уæддæр стыр тасы мидæг дæр кадмæ бæлгæйæ, кадмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, зæрдæ рухс вæййы. Куы стыр æхсар, хъæбатырдзинад æмæ адæмæн æмбисонды тыхы руаджы пыццæгъды æмæ басæтты æнæнымæц хæххон адæмы, куы та, куыд хохаг лæг, хæххон ’адæми- мæ уырысы пыхмæ иыллæууы æмæ семæ сæ сæрибар- дзипады тыххæй тох кæны. Куыддæр сæ лыстæгæй æв- зарып байдайы, афтæ хъуыддаджы йæ зæронд мæскуыйаг зонгæтæ дæр кæцæйдæр февзæрынц. Сашкæ Б'1'** ам кæиæ уырысимæ, кæнæ хæххои адæмимæ йæ ныхмæ хæцы. Кæй фесгуыхт, кæй басаста, уый тыххæй йын цы кад, цы цыт сарæзтой, уыцы циндзинады,— цы хур, цы къæвда йæ æрхаста, хуыцау дæсны,— фæлæ дзы куыд- дæрмæрддагæй хуийæг мосье Капель дæр хъуыддаджы фæци. Кæд ын уыцы æгъдауы мидæг йæ рагон æгаддзи- нæдтæ мæ ’рæдыдтæ æрымысынц, уæддæр сæ кой æх- сывгон йедтæмæ хъыг, миййаг, нæ вæййы. Цы зæгъын æй хъæуы, хохбæстæйы сахаты, черкесаг рæсугъдты æмæ тасдзинæдты æхсæн уыцы рæдыдтæ дыккаг 20
хатт пш æрцæудзысты. Иугæр сыл йæхæдæг кæм ба- саст, кæм æрфæсмои кодта, уым дзырддаг иал пс, ахи- цæн сты. Иу зынаргъ бæллиццон фæндон ма ис, лæппу адæймаджы зæрдæ кæимæ дзырдта æмæ йæ сæрæй чи нæ цух кодта. Уый уыд сылгоймаг. Æмæ уым, хæхты æхсæн, йæ цæстытыл хъазы цагъайраг черкесаг чызджы хуыз, хæрзконд, гуырвидауц, даргъдзыкку æмæ æфсарм- джын сылгоймаг коммæгæсаг къуырф цæстытимæ. Р1æ цæстытыл хъазы хæхбæсты хибарæй хæдзар. Хæдзары къæсæрыл лæууы уыцы чызг, уымæ æнхъæлмæ кæсгæ- йæ, фæстæмæ йæм куы æрбацæйздæхт фæлладæй, ры- гæйдзагæй, тугæй ахуырстæй, стыр кад, стыр цытимæ, æмæ æмбары æцæджы хуызæп æнкъард чызгæи йæ ба- тæ, йе уæхсчытæ, йæ адджын хъæлæс, йæ сабырдзинад. Чызг у нæртон рæсугъд, фæлæ æпахуыргопд, хъæддаг, æнæхсæст. Даргъ зымæгон æхсæвты йæ ахуыр кæнын байдайы. Зæрдæгъæвд, æмбаргæ, тыхджын райгуыргæ зондæй, æмæ уайтагъддæр фæхæст вæййы, æхсызгондæр æй чи фæхъæуы, уыцы зонды хъуыддæгтыл. Æмæ цæй тыххæй нæ? Тыпг æнцон базонид æвзæгтæ, сахуыр уа- ид фраицусагчингуыты кæсын, æмбаридсæ. „Ыо1ге, Оат йе Раг18" у1 дзырдæн зæгъын, йæ зæрдæмæ бацæуид. Францусагау дæр дзурид. Иæ мад, йæ фыды гуыбы- иæй цы хорздзипæдтæ рахаста, йæ туджы хъæды чи ис, уыдоны руаджы, сæмбæлгæйæ, йæхи хуыздæрæй равди- сид, стыр адæмы æхсæиæй чи рацыд, уыцы æхсинтæй. Заргæ дæр кæнид æнæ гæдымитæй, тыхджын æмæ зæр- дæбынæй. «Уæуу, мæнæ диссæгтæ, ацы æдылы хъуыды- тæ та (кæцæй бадтысты мæ сæры?»— дзырдта хины- мæры йæхицæн. Раст уыцы сахат æрхæццæ сты цавæр- дæр стаыцæмæ; уым сæ хъуыд иу дзоныгъæй иннæмæ бахизын æмæ бæхтæрæгæн арахъхъы аргъ авæрып. Фæ- лæ та уыцы æдылы хъуыдытæм фæстæмæ йæ зæрдæ ахсайдта, дзыхъхъынногæй сæ агурын байдыдта, æмæ та йæ сæры абадтысты уыцы черкесаг чызг, цыт æмæ кад, уыцы номдзыд рæсугъд, зæрдæмæдзæугæ ус, стæй Уæ- рæсемæ куыд раздæхт æмæ флигель-адъютант куыд сси. «Фæлæ уарзондзинад куынæ ис,— дзырдта хины- мæры.—Æниу кад æмæ цыт цы сты? Мурдæр ницы. Уæд 678 сомы та? Æмæ цы бæстæ байстам, басастам, уый мын мæ мæлæты бонмæ цы хъæуы, уымæй фыл- дæр куы радта мулк, хъæздыгдзинæдтæ. Æвæдза, уы- 1 «Парижы мадымайрæмы аргъуан». 21
цы хъæздыгдзин&дтæ еæрмагонд дæхи бакæи, уын цас хорз уыдзæн, уымæн цæсгом дæр хъæуы. Бапуарын сæ хъæуы. Æрмæст кæмæн? 078 сомы Капелæп, уынфæстæ феидзыстæм, бæрæг уыдзæи...» Æмæ бынтон тар, кæ- уыл иал хæст кодта, кæй нал иртæста, ахæм цыдæртæ ма æрдæгдзæфтæй уыдта, æмæ Вапюшæйы хъæлæс æмæ дзоныгъы æрлæуд бахъыгдардтой лæппу адæйма- джы тар фынæй. Ног станцæйы ипнæ дзоныгъмæ куыд бахызт, уымæи ницы базыдта, афтæмæй дарддæр араст. Дыккаг бон дæр афтæ,— уыцы стаицæтæ, уыцы лæ- вæрттæ бæхтæрджытæн, уыцы бæхты синты змæлд, уыцы цыбыр ныхæстæ Ванюшæимæ, уыцы тар хъуы- дытæ, уыцы рæдзæ-мæдзæ кæпын изæрæй, хъуыссæг ахсгæйæ æмæ æнæниз, фæлмаст лæппулæджы тар фы- нæй æхсæв-бонмæ. III Цас дарддæр кодта Олепип Уæрæсейы центрæй, аф- тæ, кæй мысыд йæ зæронд цардæй,- уыдон æм дардæй- дарддæр зыпдысты; цас хæстæгдæр кодта Кавказмæ, афтæ йæ зæрдæ дæр хъæлдзæгдæр æмæ рухсдæр кодта. «Бынтондæр афардæг у æмæ фæстæмæ макуыуал раз- дæх, адæммæ хæстæг мауал цу,— ахæм хъуыдытæ дæр- иу абадтысты йæ сæры иуæй-иу хатт.— Ам цы адæм уы- пын, уыдон мæнæн адæм не сты. уыдоиæй мæн ничи зоны, Мæскуымæ дæр сæ ничи бахаудзæн, æз цы адæ- мы аехсæн цардтæн, уыдонмæ, æмæ мын мæ ныроиджы царды хъуыддæгтæ ничи бамбардзæн. Стæй уыцы адæ-г мæй ничи базопдзæн, ацы адæмимæ цæргæйæ, цы ми- ,гæнæг дæн уый.» Фæидагыл кæуыл æмбæлд æмæ, йæ зæронд мæскуыйаг зонгæты хуызæн, адæмыл кæй нæ ны- мадта, уыцы æнæконд адæмы æхсæн æм быитен пог зæрдæйы уаг æрцыд, ’цыма йæ зæронд цардæй акицаф1 æма?г^нæфсæрм, уæгъдибар сси, уыйау. Цас æ!(Зеко;нд- Дæр;'уыдысты адæм,*н,ас къаддæр сæм уыдис ахуыр^онД- дзинады бæрæггæнæптæ, уыйас æнæфсæрмдæр æвде йын æнцондæр уыд. Стъарапол йæ фæндагыл уыд æмæ йын’йæ з&рдæ чысыл бамæгуыр, бамæстджыи кодта. Вывёскæ- тæ",'ноджы францусагау фыст, æхсинтæ коляскæты, бæх- тæрджыты лæуд сæ файтоптимæ лæгъзы, бульвар *-æмæ, пу (осподин къабазджын цинел æмæ сгæллад худы ми- дæг, бульвары цæугæйæ, фæстæмæ куыд фæкаст цæу- джытæм,— уыдæттæ йын зæрдæнизы хос фесты. «Чи1 зоиы ’мæ ацы адæм мæ зонгæтæй искæйы зочдзы- 22
сты»,— æмæ та йæ зæрды æрæфтыдысты клубтæ, хуий&г, къамтæ æмæ гуыппырсарты цард... Фæлæ Стъараполæй фæстæмæ алцыдæр фæхуыздæр: æнахуыр бæстæ, но- джы райдзаст, рæсугъд æмæ хæстон арæзт. Æмæ Оленин куыдфæстæмæ хъæлдзæгæй-хъæлдзæгдæр кодта. Хъа- захъхъ уæд, бæхтæрджытæ уæд, станцæты хицæуттæ уæд,— се ’ппæт дæр æм хуымæтæджы, хуыцауы конд адæмы хуызæн зыидысты. Чи сæ кæцы мыггагæй у, кæй туг сæ хуыздæр у, дæлдæр, уæлдæр сæ чи у, уыдæт- тæ ма хъуыды кæн, афтæмæй æнæ сæрнизæй семæ хъаз- гæ-худгæйæ ныхасгæнæн уыд хицон æгъдауæй. Æниу сæ цы хъауджыдæр ис, се ’ппæт дæр адæмы мыггагæй уыдысты, æмæ Оленин се ’ппæтмæ дæр æнæмбаргæйæ хъарм зæрдæ дардта; уыдои дæр æм, æпæ иу цухæй, хицон, уарзон цæстæй кастысты. Доны Æфсады Зæххыл сæ дзоныгъ цыппæрдзæлхыг уæрдоиæй аивтой; Стъараполæй æддæмæ афтæ фæ- хъарм, æмæ Оленин æнæ кæрцæй цæуын байдыдта. Уал- дзæг ралæууыд æиæнхъæлæджы,— хъæлдзæг уалдзæг Оленинæн. Æхсæвыгон хъазахъхъы хъæутæй адæмы цæуын иал уагътой æмæ рагагъоммæ изæрæй дзырдтой, æдас нæу, зæгъгæ. Ванюшæ чысыл тæрсын байдыдта æмæ йæ топп-уæрдоны цæттæйæ ифтыгъдæй дардта. Оленин поджыдæр фæхъæлдзæгдæр. Иу ран сын стан- цæйы хицау рапыхас кодта, æрæджы фæпдагыл цы æнæгъдау мард æрцыд, уый хабар. Гæрзтæджын адæм сыл æмбæлын байдыдтой. «Гъе, гъе, йæ цæвæнмæ æр- хæ’ццæ стæм!»—загъта хннымæры Оленин æмæ йын арæх кæй кой кодтой, уыцы хæхты фендмæ бæллын байдыдта. Иухатт бæхтæрæг — погъайаг ехсы дыда- гъæй мигъы аууон хæхтæ ацамыдта. Фæлæ асæст бон уы^, хæхтыл мпгъ бадт, æрдæгæй уæлæмæ пæ зынды- сты. Оленин уыдта цыдæр цъæх, урс, къæбæлдзыг къуы- былæйттæ æмæ йæ удæй цыд, æнувыдæй каст, фæлæ хæхты бакасты хорздзипадæй ницы ссардта, афтæмæй сæ хорзы коп бирæтæй фехъуыста, бирæ бакаст чин- гуыты дæр. Йæхинымæры ахъуыды кодта, хæхтæ æмæ мигъ бакастæй иу сты, хъауджыдæр сæ нæй, æмæ мит- джын хæхты стыр расугъддзинады кой Бахы музыкæ æмæ сылгоймаг уарзыиы хуызæн мысгæ ныхæстыл, хъæды хъуыддæгтыл бапымадта æмæ хæхтæм йæ зæр- дæ нал æхсайдта. Дыккаг бон, райсомæй раджы, сæууон уазалмæ райхъал йæ уæрдоны мидæг æмæ æвæндопæй рахизфарсырдæм иу каст фæкодта. Бон уыд сыгъдæг, 23
мигъы цъупп никæцæй зынд. Æвиппайды иу-ссæдз сан- чъехмæ ’ввахс,— афтæ йæм фæкаст фыццаг бакастæн,— ауыдта дынджыр хæхтæ сæ сонт урс-урсид, арвмæ чи хæццæ кодта, ахæм цъуппытимæ æмæ сæ буц, зæрдæ- хъæлдзæггæнæг диссаг рæсугъддзинæдтимæ. Куы бам- бæрста, хæхты стырдзинад, куы бамбæрста, хæхтæ æмæ арв кæрæдзимæ цас дард сты, стæй хæхтц æнæкæрон рæсугъддзинад куы банкъардта, уæд хæлиудзыхæй аззад, фæтарст, кæд фын кæнæ æндæр исты у, зæгъгæ. Фынæйæнхъæл йæ мидбынаты йæхи бацагъта, базмæлынтæ кодта, цæмæй райхъал уыдаид, уый тыххæй. Фæлæ хæхтæ цы уыдысты, уымæй базза- дысты. — Уый циу? Цы сты уыдон?—афарста бæхтæрæджы. — Уыдон — хæхтæ,— дæ зæрдæ-мæ зæрдæйæ йын радта дзуапп ногъайаг- — Æз дæр сæм рагæй кæсын,— загъта Ванюшæ,— Цы дзæбæх сты! Нæхимæ сæ нæ бауырнид. Тæргæ-бæхæй зыввыт ласта уæрдон лæгъз фæндагыл, æмæ афтæ зынд, цыма хæхты сырх цъуппытæ райсомы хур- мæ æрттывдтытæгæнгæйæ уæрдонимæ æмызгъорд код- той арвы кæрæттыл. Райдианы хæхтæ Оленииы æрмæст дисы бафтыдтой, стæй йæ бахъæлдз^æг кодтой. Уыйфæ- стæ сæм лыстæгдæр куы ’ркаст уыцы лидзæг, кæрæдзи- йыл рæхысау баст хæхтæм, быдыры астæу зæххы бынæй куыд сфардæг сты, уæд сын куыдфæстæмæ чысылгай- чысылгай æмбарын байдыдта сæ рæсугъддзинад æмæ бапдæвта, хæхтæ цы сты, уый. Уæдæй фæстæмæ цыдæ- риддæр уыдта, цыдæриддæр хъуыды кодта, цыдæрид- дæр æндæвта,— алцыдæр æм хæхтæм гæсгæ бæрæг стырдæр, беречетдæрхуызы . зындысты, алцæмæ дæр ног, хуыздæр цæстæй акаст. Мæскуыйы цардæй йæ зæр- дæмæ кæй хаста: фæсмон кæнын, æфсæрмы кæнын, Кавказы тыххæй цы æнæуаг хъуыдытæ кодта, уыдон се ’ппæт дæр цыдæр фесты, æрбасатар сты æмæ фæ- стæмæ зæрдæмæ хæстæг никуыуал æрцыдысты. «Гъе- ныр райдыдта»,— цыма йæм афтæ цавæрдæр цытджын хъæлæс сдзырдта. Фæндаг уæд, дардæй бæрæг чи дардта, уыцы Терчы дон уæд, хъазахъхъы хъæутæ уæд, æрдумæ дæр кæй нæ дардта ныронг, уыцы ницæйаг адæм уæд,— се ’ппæт дæр йæ цæсты фæкадджындæр, фæбæрзонддæр сты, хъазахъхъау æм нал кастысты. Арвмæ скæса — хæхтæ йæ зæрдыл æрбалæууыпц. Иæ- ,\имæ кæиæ Ванюшæмæ бакæса — уæддæр та уыцы хæх- 24
тæ. Мæнæ дыууæ хъазахъхъаджы æрбацæуыиц бæхтыл, сæ топпытæ агъудты мидæг уыцы иу æгъдауыл æмхуы- зон змæлд кæнынц се ’фцæджы, сæ бæхты урс æмæ цъæх къæхтæ æмхæццæ кæныиц, æмæ сæ чи кæй у, уыи цæст нæ иртасы, фæлæ хæхтæ та... Терчы фаллаг фар- сæй зыны хъæу, фæздæг, фæлæ хæхтæ та... Хур скæсьг æмæ хъамылы фæсте Терчы доны хъазгæ æрттывд кæ- ны, фæлæ хæхтæ та... Хъæуæй иу уæрдоиджыи рараст, сылгоймæгтæ цæуынц, рæсугъд æмæ æрыгон сылгой- мæгтæ, фæлæ хæхтæ та... Абырджытæ хæтынц быды- ры, æз дæр мæ цыды кой кæпып, уæдæ цы кæнон, нæ тæрсын, сæ лæджыхъæд æмæ сæхæдæг, мæнмæ дæр топп, тых, лæппуйы ныфс, фæлæ хæхтæ... IV Терчы бæсты дæргъæй-дæргъмæ ’иу-80 верстмæ æв- вахс адаргъ сты гребенаг хъазахъхъы хъæутæ, æмæ уыцы иу уагыл, уыцы иухуызон сты сæ бæстыхъæд дæр æмæ сæ адæмыхатт дæр. Терк цæуы хъазахъхъ æмæ хæххон адæмæп се ’хсæнты æмæ сæ дыууæ дихы кæны; йæ дон у лакъон, цæуы тагъд, хæлиуæй æмæ æнæхъуыр- хъуыргæнгæйæ; æппынæдзухæй хæссы æмæ æвæры цъæхбын змис рахиз фарсы хъамылджын ныллæг был- тыл æмæ хæры, гæрды галиу фарсы ныллæггомау кæрз къул былтæ, хæры фондзыссæдзаздзыд тулдз, бутъро) тæрс бæлæсты æмæ тала бæлæсты бындзæфхæдтæ æд уидæгтæ. Рахизфарсырдыгæй цæрыпц, чи æрсабыр, уы- рысы ныхмæ чинæуал лæууы, фæлæ ма æдас кæмæн нæу, хæстхъом ма чи у, ахæм хъæутæ. Донæн йæ галиу- варсырдыгæй, донмæ хæстæг, версты æрдæджы бæрц се ’хсæн, афтæмæй адаргъ сты хъазахъхъы хъæутæ, кæ- рæдзийæ кæм авд, кæм аст верстмæ ’ввахс. Раджы за- маны уыцы хъæутæн сæ фылдæр донæн йæ хæд былыл цардысты, фæлæ Терк азæй-аз тынгдæр хурпыгуылæ- 25
НЫрДаеМ сс&ста, &æ з&хх сын ХорДта æМæ Сæ ЛйДЗ&Р фæкодта. Ныр дæр ма дзы зыпьшц бæзджып хæмпæ- лæй дзаг хъæууæттæ, цæхæрадæттæ, дзсдыргег æмæ, хъæддаг сæнæфсир кæуыл стыхст, ахæм кæрдо, æхсын- цъы æмæ хæрис бæлæстæ. Иу уд цæрæг дзы нал ис уым, æрмæст ма бæрæг дарыпц змисы уæлæ сагты, би- рæгъты, тæрхъусты æмæ хъæддаг кæрчыты фæдтæ, уы- цы бæстæ кæмæп фæадджындæр æмæ йыл стырзæрдæ чи пæ кодта. Хъæуæй-хъæумæ цæуы, хъæды мидæг кæй’ айгæрстой, ахæм фæндаг, йæ дæргъ сармадзаны æхст- бæрц. Фæидагыл арæзт сты постытæ; уым фæбадынц хъазахъхъ. Посты æхсæн фæлгæсæитыл лæууынц хъахь- хъæнджытæ. Æрмæст иу-æртæфондзыссæдз сардзины йæ уæрх кæмæп у, ахæм нарæг, хъæдарæхджын, хъæз- дыг зæххы уадздзаджы хицау сты хъазахъхъ. Уыдоны æмхæст цæгатырдыгæй фарс адаргъ сты Ногъайы æмæ Мæздæджы быдыртæ се змисджын арыхъхъытимæ æмæ дард, хуыцау зоны, кæм баиу вæййынц Туркмены, Аст- раханы æмæ Киргиз-Кайсаччы змисджын быдыртимæ. Хуссарырдыгæй, Тсркæп нæ фаллаг фарс—цæцæпы бæ- стæ, кочкалыковаг стыр хохрагъ, стæй митхæхтæ, æр- мæст дардæй чи зыпы, фæлæ адæймаджы къах кæм ни- куыма уыд. Гъеуыцы хъæздыг, х>æдарæхджын зæххыл цæрынц незамаиæй нырмæ зæроид дингæнæг хъазахъхъ, уырысы адæмыхаттæй гребенаг хъазахъхъ кæп хопыпц, уыдон. Раджы кæддæр, незаманы сæ зæронд дипгæпæг фы- дæлтæ Уæрæсейæ ралыгъдысты æмæ Тсрчы фаллаг фарс цæцæны æхсæн æрцардысты хæстæг хъæдарæх- джын рагъыл, стыр Цæцæны. Цæцæпы æхсæп цæргæ- пæ хъазахъхъ семæ бахæстæджытæ сты æмæ хæххои адæмæн райстой сс ’гъдæуттæ, сæ царды уаг, сæ царды æвæрд æмæ сс ’фсæрмдзипад. Фæлæ се 'в?аг æмæ сæ зæ- ронддпинæ аивтой—фыццаджы хуызæн сыгъдæгæн баз- задысты. Сæ фыдæлтæй баззайгæ ныхæстæ зпоиы хуы- зæн хъуыды кодтой æмæ уымæ гæсгæ дзырдтоп, пад- дзах Ивап Грозный, дам, Терчы бæстæм æрцыд, зæропд лæгтæм æрсидын кодта, зæххытæ сын лæвæрдта Тер- кæн ацы фарсырдыгæй, дзырдта сып, дзæбæх, хæларæй куыд цæрой, афтæ, æмæ сын зæрдæ бавæрдта: хъалоп- дар сæ ие скæндзæн, сæ дип дæр сын нæ аивын кæн- дзæц Ныр дæр ма хъазахъхъы мыггæгтæй цæцæнимæ хæстæгдзипад, æрвадиуæг чи кæньт, ахæмтæ ис, æмæ сып æндæр мацы ратт — сæрибардзинад, уыимæ магуса, 26
стнгъып земæ хæстмондагдзинад. Уырысы къухы кæй уыдысты, уый сын хорздзинадæй пицы лæвæрдта: сæ бартæ сын истой, æхсæны лæгтæ æвзаргæйæ; сæ хъæу- ты чи цард кæнæ сæ бæстыл чи цыди, уыцы æфсæдтæ’ сæ тыхсып кодтой æмæ сын сæ дзæгæрджытæ истой. Хъа- захъхъаг, йæ туджы æмæ йæ зæрдæйы уагмæ гæсгæ, хо- хаг саг адæймагмæ, йе ’фсымæры марæгмæ, йæ тудж- джынмæ афтæ хæрам пæу, уырыссаг салдатмæ куыд у, йæ хъæу ыи чи хъахъхъæны, йæ хæдзары фатсры чи цæры æмæ йып æй афтæмæй тамакойы фæздæг æмæ смагæй чи фесафы. Хохаг знаг адæймаг йæ цæсты кад- джындæр у салдатæй. Салдатмæ уазалдæр зæрдæ да- ры æмæ йæ æлгъаг, æцæгæлопыл нымайы, хъыгдарæг æмæ тыхгæиæг кæй у, уый тыххæй. Дардыл æй цы дзу- рæм, цыбырныхасæй, уырыссаг музуккаг хъазахъхъаджы цæсты уыд æцæгæлоп, æиахъипон, æиæконд, хъæддаг æмæ, былысчъилтæ кæуыл кодтой., ахæм æлгъаг цыдæр. Музуккаджы хуызæн ма хуыдтой æмæ ахæм зæрдæ дардтой æрлидзæггаг хахолмæ æмæ, сæм-иу чп бафтыд, уыцы базаргæнджытæм. Уыдонмæ «шаповал», зæгъгæ, æндæр номæй дзургæ дæр нæ кодтой. Уæлæдарæс дзау- майæ сæхи æвдисынц, сæхи хъал кæнынц, хæххоп адæймаджы фæзмгæйæ. Гæрзты хуыздæр къухты æфты хæххоп адæмæй, бæхты хуыздæр дæр æлхæнынц æмæ давынц уыдонæй. Лæджыхъæдджып хъазахъхъаг пæ сины сæрыл хæцы, йæхицæй æппæлы тæтæйраг æвзаг зоныиæй æмæ къуылых позтджыиæй йе ’фсымæримæ дæр тæтæйрагау фæдзуры. Уæддæр уыцы чырыстон адæм дард æцæгæлон бæсты, æрдæгхъæддаг адæмыæмæ салдæ’пы æхсæи цæргæйæ сæхи дæлæмæ нæ уагътой, сæ\и хуызæп, се ’мсæр пикæй хуыдтоп зопдæй, æгъда- уæй, ахуыргопддзинадæй æмæ æрмæст хъазахъхъаджы пымадтой адæмы мыггагыл. Иннæ адæммæ, чпфæнды фсстæнт, æлгъаджы цæстæй кастысты. Хъазахъхъаг йæ царды боптæ фылдæр æрвыста постыты, хæсты, цуапы æмæ кæсагахсыпы куысты. Хæдзары куыст, афтæ искуы-иу хаттæн нæ зопын, уыййсдтæмæ пикуы кодта. Уазæгуа- ты æгъдауыл-иу стæммæ хъæумæ æрæфтыд æмæ-иу ноз- тыл фæци. Æнæсæп хæдзар ис ссардзыиæ хъазахъмæ, се ’ппæтмæ дæр ис. Расыг кæнып сæ туджы, мнййаг, нæй, се ’ппæты зæрдæ дæр æй кæм агурдзæи, фæлæ се ’гъдаумæ гæсгæ æпæ иуазып хос пæй; чи нæ нуаза, уый атъдаухалæг у, адæмимæ цæрæг нæу. Сылгоймагмæ 27
хъазахъхъаг кæсы кусæджы цæстæй, йæхи дзæбæхдзи- иады тыххæй. Чызгæн ма бартæ дæтты, фæлæ усы йе ’рцыдæй йæ зæропды бонмæ куысты баппары æмæ, ху- рыскæсæнырдыгæй цæрæг адæммæ цы æгъдауы ми- дæг æвæрд у сылгоймаг, уыцы æгъдау дзы агуры — коммæ кæсыи æмæ фыдæбон, æнæбанцайгæ куыст. Ахæм цæстæй йæм кæй кæсы, уый сæраппонд сылгой- маг сфæлтæры, сфидар, стыхджын вæййы буарæй дæр æмæ æгъдауæй дæр, æмæ, кæд цæстмæ коммæгæсæг йæхи скæны, уæддæр хæдзары, бинонты царды мидæг бар- джындæр æмæ дзырддзæугæдæр вæййы. Сылгоймаг æх- оæны куыстæй цухгонд кæй у æмæ лæджы уæззау куыст кæй кæны, уый йын хæдзары мидæг фылдæр бартæ, фылдæр тых дæтты. Хъазахъхъ æцæгæлон адæймаджы цур йæ усæн зæрдæлхæнæн митæ кæнæ хицæн ныхæстæ кæнын йæ сæрмæ нæ хæссы, худинагыл сæ нымайы, фæлæ йыл хибарæй, лæгæй-лæгмæ ус уæлахиздæр кæй кæны, уый тынг хорз æмбары. Хæдзар, мулк, хæдзарады арæзт иууылдæр усмæ кæсы, иууылдæр усы туджы фæллой сты. Хæдзар уый руаджы лæууы йæ къæхтыл, уый у йæ астæуыккаг цæджыидз. Хъазахъхъаджы тынг уырны, кусын нæлгоймæгтыл кæй нæ фидауы, худинаг кæй у, уый. Куыст уыйырдыгонау, фидауы æрмæст но- гъайаг æххуырстыл æмæ сылгоймагыл. Фæлæ мидæгæй йæ зæрдæ æнæ ’мбаргæ нæу, йæхи кæй хоны æмæ цæ- мæй цæры, уыдон иууылдæр куысты æмæ фыдæбоны фæдыл кæй сты, уый. Иæхицæн кусæг, æлхæд кæй хо- ны, уыцы сылгоймаджы къухы пс йæ цард, уый у йæ дарæг, æмæ уыцы сылгоймаджы куы бафæнда, уæд æй фæцух кæндзæп ахæм æввонг, æнæмæт цардæй. Стæй, хъазахъхъаг сылгоймаг æппынæдзух нæлгоймаджы уæззау куыст кæй кæны æмæ хæдзары мæт дæр иуда- дзыг уымæ кæй хауы, уымæ гæсгæ гребенаг сылгоймаг куыдфæстæмæ сси сæрæн, лæджыхъæдджын, йе) уæнг- ты копдмæ гæсгæ фидар, йæ удыхъæдмæ гæсгæ ныфс- джып, хæд-зопд, хъаруджып. Хъазахъхъæи сæ сылтæ сæхицæй тыхджындæр, æмбаргæдæр æмæ рæсугъддæр сты. Адæмæн æмбисонды рæсугъд цот цæуы сыгъдæг хохаг лат а^мæ тыхджын, стæвдтæарæзт уырыссаг сыл- гоймагæй, уый сæраппонд сты ахæм номдзыд рæсугъд гре- бенаг хъазахъхъаг сылтæ. Хъазахъхъы сылтæ æмæ хохаг сыл^æ уыцы иу дарæс дарынц: хæдон, цыбыр куырæт æмæ дзабыртæ, фæлæ сæры кæлмæрзæн уырыссаг конд кæнынц. Хъалдзинад, сыгъдæгдзинад, аив æмæ рæсугъд 28
дарæс, æфснайд хæдзар се ’гъдауы мидæг уыд, æмæ æнæ афтæ цæрыи дæр нæ зыдтой. Устытæ, уæлдайдæр, чызджытæ, лæгтимæ цæрынц бархийæ, кæй куыд фæн- ды, афтæ. Райдианы хъазахъхъ æрцардысты Новомлип- скæйы; уый уыд хъазахъхъы хъæутæн сæ бындур, сæ’ уидаг. Гребенаг хъазахъхъы зæроид æгъдæуттæ уыцы хъæуы куыд тыхджынæй, куыд зæрдиагæй кодтой, афтæ сæ иннæ хъæуты нæ кодтой. Сæ сылтæ афтæ номдзыд рæсугъд уыдысты, æмæ сæ рæсугъды кой дардыл хъуыст рагæй нырмæ æгас Кавказыл. Сæ цæрæнхостæ сты сæнæфсиры æмæ дыргъы цæхæрадæттæ, харбыз æмæ на- сы хуымтæ, кæсаг ахсын, цуан, нартхор æмæ еууы куыст, стæры цæуын, хæсты æгъдауæй æфтиаг. Новомлинсчы хъæуæй Терчы доны былмæ уыдзæн æртæ версты. Сæ дыууæйы æхсæн ис æнæхæрд тархъæд. Хъæуыл цы фæндаг цæуы, уымæн йæ иуырдыгæй фарс ис цæугæдон, иннæ фарсырдыгæй цъæх дарынц сæнæфсиры цæхæрадæттæ æмæ зынынц Ногъайы быды- ры змисджын арыхъхъытæ, дымгæ кæй фæхоста æмæ æрæвæрдта, ахæмтæ. Хъæуæн йæ алфамбылай ис сы- джытæй арæзт æмбонд; æмбонды уæлæ какоп сагъд кæрæй-кæронмæ. Хъæуæй æддæмæ æмæ хъæумæ мидæ- мæ цæуынц бæрзонд цæджындзтыл арæзт æмæ хъамы- лæй æмбæрзт кулдуарыл. Кулдуары фарсмæ быны- хъæдтыл æвæрæдæй лæууы фыдкæндтæ сармадзан, иу- фоидзыссæдз азы кæмæй нæ фехстæуыд æмæ кæддæр раджы заманы хъазахъхъ кæй байстой, ахæм. Хъахъ- хъæпæг хъазахъхъаг кард æмæ топпимæ, æгъдаумæ гæсгæ дарæсы мидæг, дуары раз куы лæууы, куы нæ æмæ йæ рæзты цæуæг афицертæп кæмæп æгъдау рад- ты, кæмæн нæ. Кулдуары сæрмæ, æмбæрзты бып, урс фæйнæджы гæппæлыл сау ахорæпæй фыст у: «Хæдзæрт- тæ — 266, нæлгоймæгтæ — 897, сылгоймæгтæ — 1012». Хъазахъхъы хæдзæрттæ се ’ппæт дæр цæджыидзтыл арæзт сты, зæххæй иу адлийы бæрзæндæн, æмæ дзæбæх æфснайд æмбæрзт сты хъамылæй бæрзоид цъупгонд рагъимæ’- уæлейы. Кæд се’ ппæг ногконд не сты, уæддæр раст æмæ сыгъдæг сты алы- хуызон дæлбазыртимæ æддейы, йæ бацæуæнырдыгæй, стæй кæрæдзийыл ныхæст нæ. фæлæ дæрддзæф æмæ аив, рæсугъд æвæрд сты дæргъмæ æмæ цæхгæрмæ арæзт уæрæх уынгты. Бирæ хæдзæрттæн сæ дыиджыр рухс рудзгуыты раз, кауы æдде хæрдмæ сфардæг сты æма* хæдзæртты сæрты кæсынц тарцъæхбын хæрис бæлæстæ 29
æмæ буц, рухс сыфтæрджын акъацитæ сæ урс æхсыз- гон тæфгæнæг дидинджытимæ; оæ хæд раз — къæйных, æдзæсгом, æрттнваг æхсынæнты чъиритæ, тыхсаг мæц- къор æмæ сæиæфснры бæлæстæ. Уæрæх лæгъзы зынынц æртæ дуканийы сæ базайрæгтимæ — хъуымац, æхсы- нæнтæ, сæгъысыкъатæ æмæ пряпиччытимæ, æмæ бæр- зонд быруйы сæрты, рæнхъсагъд зæронд хъæды бæлæ- сты фæстæйæ, бæлвырд бæрæгдæр зыиы полчъы хицауы даргъ æмæ бæрзопд хæдзар йæ гомгæнгæ рудзгуытимæ. Кусгæ боп, уæлдайдæр сæрдыгон, адæмæй бирæйы пæ фендзыпæ хъæуы уыпгты.Хъазахъхъ паддзахады куысты вæййынц кæнæ постыты, кæнæ хæсты. Зæрæдтæ цуапы, кæсаг ахсынмæ, па уый нæй устытимæ кусынц цæхæра- дæтты, æрмæст хæрззæрæдтæ, æиахъом сывæллæттæ æмæ рынчынтæ баззайынц сæ хæдзæртты. V Æрмæст Кавказы кæй фспдæуыдзæн, ахæм диссаг дзæбæх изæр скодта. Хур хæхты аууоп фæци, фæлæ ма уæддæр рухс уыд. Дыдзы хур арвæп йс ’ртыццаг хай бацахста, æмæ йæ рухсмæ хæрзбæрæг дардтой фæ- лурс æвзистхуыз хæхты бæрзæндтæ. Уæлдæф кадавар сабыр, æпæзмæлгæ уыд, æмæ дзырд дзæбæх хъуыст. Дæргъæй-дæргъмæ нукъорд всрсты аивæзти быдырыл хæхты аууоп. Быдыры, допæп йæ фаллаг фарс, иу цъиуызмæлæг нал уыд. Искуы-иу хатт-пу исчердыгæп барджытæ куы фæзыпдысты, уæд-иу посты хъазахъхъ æмæ пæцæи сæ хъæуы сæ хъустæ схъил кодтой, дис- гæнгæйæ-иу сæм ныккастысты, базонæм сæ, зæгъгæ, чп уаиккой цымæ ацы гуырысхойаг адæм? Куыддæр нзæр- далынгтæ æрвæйны, афтæ адæм, кæрæдзп тасæп хæ- дзæрттæм сæхи хæстæгдæр ласып бапдапыпц. Æрмæст ма сырд æмæ маргъ æдæрсгæйæ. зæрдæвæпдопæп хæ- тынц уыцы æдзæрæг бæсты. Сæнæфспры мæцкъор- тæ чп баста, уыцы хъазахъхъаг чызджытæ, кæд ма хурæй бахæццæ уаиккам, зæгьгæ, цæхæрадæттæй тагъд-тагъд кодтоп хъæлдзæг ныхæстæгæнгæ. Цæхæра- дæгты дæр æмæ сæ алфамбылай дæр иу удызмæлæг пал нс. Фæлæ уыцы афоп, дыууæ изæры æхсæп, хъæ- уы мидгсг цард йæ тæккæ тынгыл вæййы. Алырдыгæй адæм хъæумæ цæуыпц, чи фпстæгæп, чи та хъипцгæпаг уæрдоны. Чызджытæ, сæ хæдæттæ сæ сипы сагъдæй упс- 30
Т& Сæ къухы, афтæмæй згъордтоп цъыбар-цъыбург&Н- "гæ хъæуы кулдуарырдæм хъомы размæ. Рыг æмæ къо- гъойæ азмæлæнтæ нæ уыд, рæгъауы сæрмæ мигъау сбадтысты æмтъсрыйæ, æмæ хъом уыцы рыджы мидæг хъомпалæй цыдысты. Заммапай нард хъуццытæ æмæ къамбецтæ уыпгты алырдæм пыххæлиутæ сты, æмæ хъазахъхъаг чызджытæ хъулоп къуырæтты мидæг ра- тæх-батæх кæпынц сс’ хсæпты. Хъуысы сæ хъæрæп пы- хас, хъæлдзæг худт æмæ сæ цъæхахст хъомы уасты æх- сæнæй. Уым, постæй йæхи æмгъуыдмæ чи ракуырдта, ахæм хъазахъхъаг бæхыл йæ хæдзармæ æрбахæццæ æмæ бæхыл бадгæйæ рудзынг хойын байдыдта. Уы- цы бахостмæ хъазахъхъаг чызгус йе ’взонг рæсугъд сæр рудзыигæй радардта æмæ мидбылты худты бынæй хъуы- сыиц адджын рæвдауæп ныхæстæ. Уым фæтæпцæсгом- джыи погъайаг æххуырст бызгъуырты мидæг быдырæй æрбахæццæ æмæ хъамылæй дзаг хъинцгæнаг уæрдоп баздæхта ссаулы сыгъдæг уæрæх кæртмæ æмæ дардæй’ хæдзары хицаумæ тæтæйрагау иугай пыхæстæгæпгæ æфсондзы бынæй зпæт галтæ феуæгъд кодта. Æгас уыиг чи бацахста æмæ уал азы адæм кæй алфамбылай зилынц, уыцы цъыфдзасты цур, быруйы рæбыпты, йæ- хи кауыл пыхасгæйæ, зыптæй, арæхстгай фæцæйцыд бæгаæввадæй хъазахъхъаг ус, йæ урс къæхты сæрмæ йа* хъаймагъ кæпып байдыдтой. Чызг арт æндзары, мад кул- гъом йс ’ккой, афтæмæй. Цуапæй чи æрбацæйздæхт, ахæм хъазахъхъаг—цуапоп æм хъæр кæны хъазгæйæ: «Уæлдæр ыл схæц, худинаггæпæг»,— æмæ йæм топп фæ- дардта. Хъазахъхъаг ус йæ хæдон дæлæмæ æруагъта, æмæ пæ суджы æргъом зæхмæ æрхауд. Зæропд хъа- ’захъхъаг, уæлæмæ счънл хæлафы къæхтимæ, халас, хъуыпджып, гом рпуимæ кæсагахсыпæй а^рбацæйцыд; пе ’ккойы хызыны мидæг удæгас æвзистхуыз кæсæгтæ цъыллипджытæ кодтон. Хæстæгдæрты рауайоп, зæгъ- гæ, хизы пæ сыхаджы хæлд кауы сæрты, йæ куырæты фæдджи кауы михæп уæгъдгæнгæпæ. Бæстæ сæ сæрыл систой хъазахъхъы сывæллæттæ сæ цъæхспаг хъæрæп, лæгъз рæтты сæрбихъуырæйттæгæпгæпæ æмæ цъилæй хъазгæйæ. Кауы сæрты, дардыл азилынмæ зивæг кæи- Гæпæ, хпзыпц хъазахъхъы устытæ. Псцы срдойæ хæрд- мæ згъоры æхсызгоп тæфгæиæг сæпары фæздæг. Æп- цад, æдзæм æхсæвы размæ алы кæртæй хъуысы адæмы зма\лд æмæ архайд. Ахуыргæнæг-хæрупжийы зæропд ус Улиткæ, иннæтæ 31
куыд фæкæнынц, афтæ уый дæр æДДæмæ, кулдуары размæ, рацыд. Иæ чызг Марьянкæ уынгты хъом æрба- цæйтардта, æмæ уый æрбацыдмæ æнхъæлмæ кæсы. Зæ- роид ус кулдуар кæпып нæ бафæрæзта, афтæ дынджыр сыл къамбсц, йæ хъузæттæ, къогъотæ, йæ алфæмбылай, афтæмæй уасгæ-уасын дуар йсмæ байста æмæ кæртмæ бараст; йæ фæдыл сабыргай цыдысты нард, æфсæст хъуццытæ, хæдзары хицаумæ кæсгæйæ, æмæ сæ дым- джытæй æмхуызон, уыцы иу æгъдауыл, сæ фæрстæ хойгæйæ. Гуырвидауц, рæсугъд Марьяпкæ кулдуарыл бацыд, йæ уис аппæрста, кулдуар ахгæдта æмæ, йæ рог цырд къæхтæй згъоргæйæ, хъомты алкæй йæ бынатмæ здæхта. «Дæ дзабыртæ ралас, уæртæ хæйрæджджын,—» хъæр кæны мад,— дыууæ боны фаг ын не сысты». Ма- ды цæф кæм риссы: хæйрæджы номæй йæм кæй сдзырд- та, уый чызгмæ, хъыг, миййаг, нæ фæкаст, фæлæ йæ буц рæвдауæн ныхасмæ бамбæрста æмæ дарддæр хъæл- дзæгæй йæ хъуыддаг кодта. Марьянкæйы цæсгом нæ зыпд тыхт кæлмæрзæны бынæй; йæ уæлæ уыд тарбын- сырх хæдои æмæ цъæх цыбыр куырæт. Нард ставд хъо- мы фæдыл хъасбахы смидæг æмæ уырдыгæй йæ дзурын хъуыст, къамбецæн буц æмæ цины ныхæстæ куыд кодта, уый. «Мæнæ цы и, мæнæ! Иу ран нæ фæлæудзæн! Ма1 кæ, кæннод дæ ахæм фæуыдзæн æмæ... нæ, нæ, нæ дарæг, хорз дæ, хорз». Уалыпджы чызг зæронд усимæ ;къасбахæй хæдзармæ æрбацыдысты. Сæдыууæдæр сæ къухты фæй- нæ дынджыр дурыны æрбацæйхастой — абоны æхсыр. Æлыгæй амад ердойæ уайтагъд фæздæг скалд. Æхсырæй хъаймагъ кæнын байдыдтой. Чызг артæндзары, мад кул- дуарырдæм йæхи райста. Изæрдалынгтæ æрци. Уæлдæф халсары, фосы æмæ тæфгæнаг сæнары фæздæджы сма- гæй байдзаг. Кулдуæртты цур æмæ уынгты дыууæрдæм рауай-бауай кæнынц хъазахъхъы устытæ, сæ къухты судзгæ хæцъилы гæппæлтæ, афтæмæй. Кæрты хъуысы фосы нæтын æмæ сынæры цагъд; хъуысы устыты æмæ сывæллæтты хъæлæс, кæрæдзимæ осъæргæнгæйæ, кæр- тыты æмæ уынгты мидæг. Кусгæ бон, искуы-иу. боны йедтæмæ, расыг лæджы/’хъæлæс нæ фехъуысдзæн. Хъазахъхъы устытæй иу зæронд, бæрзонд, къæсхуыр, ныфсджын сылгоймаг уыигæн йæ фаллаг фарсæй æр- бацыд зæронд Улиткæмæ зынггур, йæ къухы хæцъилы скъуыддзаг. — Гъы, нæ мад, æфснайд фестут?— загъта ус. — Чызг арт æндзары. Зынг дæ, миййаг, кæд хъæуы?— 32
загъта зæронд Улиткæ; йæхицæй ныббузныг, исты рат- тыны фадат ын кæп ис, уымæп. Дыууæ усы хæдзармæ бацыдысты. Йæ куыствæл- тæрд дæрзæг къухтæ лыстæг митыл ахуыр нæ уыдысты æмæ зынаргъ спичкæйы къоппы сæр гомгæнгæйæ зыр- зыр кодтой. Уыцы заман Кавказы спичкæтæ тынг стæм уыдысты. Чи ’рбацыд, уыцы ныфсджып усæн йæ зæрды аныхæстæ кæнын уыд æмæ къæсæрыл æр- бадт. — Уæ адæм ма, нæ мад, скъолайы сты?—афарста ног æрбацæуæг ус. — 0, мæ хур, о! Сывæллæтты ахуыр кæны. Фыста, бæрæгбоитæм пæхимæ уыдзыиæи,— загъта хæрунжи- йы ус. — Цы зæгъыи æй хъæуы, æмбаргæ адæймаг у. Æгас мыст ма ’рбахæсс дæ хæдзармæ, уыййедтæмæ алцыдæр пайда у. — Пайда та куыппæ у. — Мæ Лукашæ дæр посты бады; йæ хæдзармæ йæ пæ уадзынц,— загъта, чи æрбацыд, уыцы ус. Хæрунжи- йы ус уыцы хъуыддаг æнæ зонгæ кæй нæу, уый æмбæр- ста, фæлæ, цæмæй Лукашкæйы тыххæй пьтхас æрцыда- ид, уый тыххæй йын йæ кой исты æфсонæп ракæнын хъуыд. Æрæджы йæ хъазахъхъаг сидтмæ бацæпæ кодта æмæ йын ныр хæрупжийы чызг Марьянæйы ра- курын йæ зæрды уыд. — Æмæ ма посты вæййы? — Уæдæ цы вæййы, нæ мад. Бæрæгбопæй ардæм пырма иæ хæдзары нæма уыд. Айфыццаг ын Фомушкæ- имæ хæдæттæ арвыстон. Куыд дзурынц, афтæмæй дзы хицæуттæ разы сты. Æвæццæгæн та абырджыты агу- рынц. Лукашкæйы дзæбæх, хъæлдзæг хонынц. — Цы ма дæ фæнды уæдæ? Æгайтма дзæбæх у!— загъта хæрунжийы ус.— Раст зæгъып хъæуы, сахълæп- ПУ У>— Урваи, Урвап. Лукашкæйы Урвап хуыдтой йæ сахъдзинады æмæ хъазахъхъаг лæппуйы допæй кæй раласта, кæй йæ фервæзын кодта, уый тыххæй. Хæрунжийы ус, Лукаш- кæйы мады зæрдæ балхæнон, зæгъгæ, уыцы хъуыдда- джы кой барæй ракодта. — Хорз фырт мын у, мæ мад, хорз; хъаст пицæмæй кæнын. Мæхи у, уый тыххæй, миййаг, нæ зæгъыи, уæд мын амæлæд. Фæлæ дзы æппæлынц иууылдæр, сæрæн у, зæгъгæ,— дзырдта Лукашкæйы мад.— Æрмæст ма 3 овссттæП ^З
мын ус куы ракурид, уæд мæрдтæм æнæмæтæй бацае- уин. — Ууыл та мыи цы тыхсыс, чызджытæй фылдæр цы нс пх хъæуы!—загъта хииæйдзаг хæруижийы ус, йæ мызгъуыр къухтæй арæхстгай, æпувыдæй спичкæйы къоппы сæр æхгæнгæйæ- \ — Бирæ, бирæ, дæ фæхъхъау æрбауон,— загъта Лукашкæйы мад йæ сæр тилгæйæ.— Чызг зæгъ æмæ Маринкæ! Гъсуый дыи чызг! Чызг ахæм куы нæ уа, уæд уадз æмæ лæууа. Хæрупжийы ус æмбæрста, Лукашкæйы мад цæмæ хъавы, уый, æмæ, кæд Лукашкæмæ æвзæр цæстæй нæ каст, хорз æй хуыдта, уæддæр, æвæццæгæн, йæхи- цæп лæгъстæ агуырдта, æмæ нæзонæг, æндæр ныхæстæгæнæг йæхи скодта, уымæи æмæ иуæй афице- ры ус æмæ хъæздыг уыд, Лукашкæ та хуымæтæджы хъазахъхъаджы фырт у, уыимæ ма сидзæр. Дыккагæй, уымæн æмæ йæ йæ чызгимæ ахицæн нæма фæндыд. Уæлдай тынгдæр та уымæн, æмæ уæздан æгъдау афтæ кæнын амыдта. — О, йæ афонмæ куы ахæццæ уа, уæд Марьянкæ дæр чыпдздзон чызг уыдзæи, уæдæ цы уыдзæн,— дзырд- та хæрупжийы ус хиуылхæцгæйæ, цыма йæ чызгæй раппæлын æфсæрмы кодта, уыйхуызæп. — Курджытæ уæм æрбарвнтдзыстæм, мæиæ ма нæ цæхæрадæттæ бафснайæм. Æрмæст иæ дæ хорзæх уæд, æндæр нæ ницы хъæуы,— дзырдта Лукашкæйы мад.— Илья Васильевичæн дæр балæгъстæ кæндзыстæм. — Илья, загътай ? Æмæ дзы уый та цы у?— зæгъ- гæ, фæкодта оæрыстырæй хæрунжийы ус.— Дзурын мемæ хъæуы. Фæлæ алцæмæн дæр афон ис. Лукашкæйы мад хæрунжийы усы карз цæсгомы ахæстмæ гæсгæ бамбæрста, дарддæр дзурын аив, пайда кæй нæу, уый. Спичкæ асыгъта, хæцъилыл æй бадардта, сыстад æмæ загъта: — Дæ зæрдæйы хорзæх цард дын фестон, дæ. зæр- дæйы хорзæх. Мæ ныхæстæ мын ма ферох кæп. Цон, арт кæнын мæ хъæуы. Уынгæн йæ фаллаг фарсмæ куыд фæцæйцыд, йæ къухæй дардыл судзгæ хæцъил тилгæйæ, афтæ йыл Ма- рьянæ фембæлд æмæ йын йæ сæрæй акуывта. 1 «Уымæй дзæбæхдæр ма цæмæ бакастæуа! Куыст- уарзон чызг,— ахъуыды кодта йæхинымæры, рæсугъд чызгмæ кæсгæйæ.— Кæдæм ма рæза! Мой кæнын афон
ын у, æрмæст хорз хæдзармæ. Бæззы Лукашкæйæн*. Зæронд ус Улиткæ дæр æнæмæт, æнæхъуыддаг нæ уыд. Къæсæрыл куыд бадт, афтæ бадгæйæ баззад æмæ цæйдæр тыххæй стыр сагъæс кодта, цалынмæ йæм йæ чызг нæ бадзырдта, уалынмæ. VI Хъазахъхъæй лæджы ном кæуыл ис, уыдон сæ цард æрвитынц кæнæ хæсты, кæнæ постыты. Зæронд дыууæ усы кæй кой кодтой, уыцы Лукашкæ изæрырдæм лæу- уыд Дæллаг-Протоцкæйы фæлгæсæныл. Уыцы пост Терчы донæн раст йæ хæд былыл арæзт уыд. Йæ цæнг- тæй фæлгæсæны са^рхъæдыл æнцайгæйæ, цъынддзастæй дардмæ каст Терчы фаллаг фарсмæ кæнæ дæлæмæ бын- мæ йе ’мбæлттæм æмæ-иу семæ стæммæ иугай ныхæстæ кодта. Хур хæстæг кæнын байдыдта митсæр хæхтæм. Уыцы хæхтæ къæбæлдзыгхуыз мигъы сæрмæ урс дард- той. Хæхты бын мигъ дыууæрдæм зилдухгæнгæ куыд- фæстæмæ тарæй-тардæр кодта. Уæлдæф изæрырдæм рæсуг æмæ сыгъдæгдæр кæпын байдыдта. Тар æиæ- хæрд хъæдæй ирдгæ кодта, фæлæ ма посты цур æптæф уыд. Ныхасгæнгæйæ хъазахъхъы хъæлæс бæлвырд тыхджындæр æмæ дарддæр хъуыст уæлдæфы. Терчы бур тагъд доп йæ риуы æмбæрц размæ бырста æмæ йæ дыууæ æпæзмæлгæ фарсы æхсæнæй бæрæг дардта йæхи. Дои йæ ивылдæй æрбадт æмæ ранæй-рæтты, былгæрæгты æмæ змисдзæстыты, погæвхрд змис бур кæныи бай- дыдта. Посты бакомкоммæ, фаллаг фарс, æдзæрæг уыд, æмæ æрмæст æпæкæроп ныллæ»гомау хъамыл суанг лохы рæбынтæм хæццæ кодта. Чысыл иуварсырдыгæй, фæсвæд рап, допæп йæ пыллæг былыл цæцæйнаг хъæ- уы æлыгæй сæрст сахъари хæдзæрттæ, лæгъз тæпъæн- сæр уæлхæдзæрттæ æмæ, куыд уæлæмæ, уæрæхдæр срдотимæ. Хъазахт-хъ цæцæнырдыгæй æдас пæ уыдысты, абыр- джьпы æрбабырстмæ алы сахат дæр æпхъæлмæ касты- сты, уæлдайдæр майы мæйы, хъæд йæ тæккæ бæзджы- ныл куы Всгййы, Терк та йæ тæккæ тæиæгыл æмæ рп- пæй-рæтты æнцон ауайæн куы вæйиы йæ тæпджыты, уæд. Уый дымæгмæ дыууæ боны раздæр полчъы хица- уæй ахæм гæххæтт æрбахæццæ: нс сгарджыты пыхæ- стæм гæсгæ, а дыууæ бопы Теркæп ацы фарсмæ æрба- хизынвæнд кæнынц аст лæджы, æмæ уыпадыл хъазахъхь 35
цæттæ куыд уой, афтæ, фæлæ посты хъазахъхъ уæддæр стырзæрдæйæ сæ хъус уыйас нæ дардтой. Хъазахъхъ цыма сæ хæдзæртты уыдысты, уыйау кæй цы фæндыд, уый кодта æмæ æнæсаргъ бæхтыл, æнæ гæрзтæй чи кæсаг ахста, чи цуан кодта, чи та-иу нозтыл фæци æмæ расыг кодта. Æрмæст дежурнæйы бæх саргъæвæрдæй, æрты- къахыг сахсæн йæ уæлæ, афтæмæй хъæды дымæгмæ какæт- ты æхсæнты рацу-бацу кодта æмæ хъахъхъæнæг хъазахъ- хъаг, цæттæйæ, æд топп, æд кард йæ куысты уæлхъус лæу- уыд. Урядник, бæрзонд, къæсхуыр хъазахъхъаг, æви- дауц даргъ гуыримæ, чысыл къæхтæ æмæ къухтимæ, ронбæгъдæй, айдагъ куырæты мидæг бадти хæдзары къулы тæрхæгыл æмæ, хицауы хуызæн, зивæггæпаг æн- къард цæсгомы ахастимæ, цъынддзастæп, йæсæр куы йæ иу къухы, куы иннæ къухы æнцой радгай æвæрдта. Ацасргæ хъазахъхъаг фæтæн урсæмхæццæ сау зачъети- мæ, ропбастæй, айдагъ хæдоны мидæг, раст допæн йæ хæд былыл хуыссыд æмæ, зивæггæнгæйæ, кастуыцы иу- хуызоп хъуыр-хъуыргæнаг Тсрчы фæзнлæны зилдухмæ. Иннæтæ дæр афтæ — æнтæфæй сфæлмæцыдысты æмæ æрдæгбæгънæгæй чи Терчы допы йæ дзаумæттæ æп- хъæвзта, чи идон æлхыпцъытæ кодта, чн та допы был зæххы, тæвд змисы уæлæ хуысгæйæ, йæхппымæры зар- джытæ кодта. Хъазахъхъæп ’ну, фыдхуыз æмæ хурæй сыгъд цæсгомимæ, фыдрасыгæй, йæ сæр-йæ фат нал æмбæрста, афтæмæй уæлгоммæ хуыссыд хæдзары къу- лы цур, чысыл раздæр аууоп кæм уыд, ныр та фæрсыр- дыгæй комкоммæ хуры судзаг тыптæ кæдæм кастысты, уым. Фæлгæсæпыл чи лæууыд, уый уыдЛукашкæ, бæр- зонд, рæсугъд ссæдзаздзыд лæппулæг, раст йæ мады æпгæсæп, цæрмыстыгъд æй бакодта. Лæппу уæвгæйæ, кæд йæ асмæ, йæ кармæ нæма ахæццæ, уæддæр йæ цæсгом æмæ пс уæнгты æвæрд æвдыстой тых, ныфс æмæ йæм æфсарм кæй уыд, уый. Кæд хъазахъхъаг æрæ- джы бацп, уæддæр йæ цæсгомы ахаст, йæ цæстæнгас æмæ йæхиуыл йæ зæрдæ кæй дардта, уыдонмæ гæсгæ бæрæг уыд, хъазахъхъагæй дæр, æнæуый дæр гæрзти- мæ чи схъомыл, ахуыр сыл чи у, уыдон куыд æхсар- лжып, пыфсхаст, зæрдæджын æмæ хæстæргом вæпйынц хи цæсты, уыдоп куыд хъалбып, хъаларæзт вæййынц; ху^мæтæджы исты, мнййаг, кæй иæу, фæлæ хъазахъ- хъаг Ксгп у сгмæ шг сæрæи аргъ кæнын кæп базондзæп, уый Т-1æ уæлæ уæрагх, ранæй-рæтты скъуыдтæ цухъхъа, 36
йæ худ фæстæмæ счъил, цæцæн куыд дарынц, афтæ^зæн- гæйгтæ уæрджытæй дæлæмæ уагъд. Фæлыст, миййаг, нæ уыд дзаумайæ, фæлæ йыл дзаума бадгæ * дзæбæх кодта, кгей фæзмыдтой, уыцы цæцæныл куыд фидыд- та’ афтæ. Æцæг хъæбатыр адæймаг кæддæриддæр дард- та’ уæрæх скъуыдтæ дзаума, фæлæ зынаргъ гæрзтæ. Фæлæ уыцы скъуыдтæ дзаума æмæ гæрзтæ æнгом, рæсугъд, аив дарын искуы-иу йедтæмæ ничи зыдта. Уы- цы аивдзинад хохаг адæймаг кæнæ хъазахъхъаг уай- тагъд уыцы иу бакастæн æмбæрста. Лукашкæ дæр уын- дæй уыцы хъæбатыр уыд. Йæ карды сæрыл хæцгæйæ-иу цъынддзастæй лыстæг пыккаст, дарддæр" цы хъæу ис, уымæ. Лыстæгæй æвзаргæйæ, йæ ца^сгомы æвæрд рæ- сугъд нæ уыд, фæлæ æпæуый уыцы иу бакастæй, йæ хæрзконд хъуыр æмæ йæ сауæрфыг цæсгомы хатмæ гæсгæ, чидæриддæр æнæ зæгъгæ иæ фæцаид: «Дау æм пæй, саг лæппу у!» — Бæстæ усæй байдзаг, гуылфæитæ кæныпц хъæ- уæй!—загъта Лукашкæ цъæхсиаг хъæлæсæй, зивæг кæпгæйæ, йæ сæнтурс дæидæгтæ æвдисгæйæ, бæлвырд бæрæг пикæмæ дзырдта, афтæмæй. Назаркæ бынæй хуыссыд, æваст йæ сæр фæхъил кодта æмæ загъта: — Дондзаутæ сты, æвæццæгæн. — Багæрах сæ кæпип, афтæ тæрсыиы гæрах?— загъ- та Лукашкæ худгæйæ.— Хæрзаг кæрæдзи сæрты хауик- кой! — Нæ дын бахаудзæн. — Цы? Уый та цы хоныс? Уый тыххæй йыл мæ зæр- дæ дарын, сæ сæрты дæр ма афардæг уыдзæн. Гъæй, мæнæ сæ бæрæгбоп æрхæццæ кæпы, Гирей-ханмæ мын ачгæ цæугæ нæй арфæтæм æмæ махсымæ нуазынмæ,— загъта та Лукашкæ, мæстæй æдзæсгом къогъотæ сур- гæйæ. Хъæдæй цавæрдæр сæр-сæр фехъуыст, æмæ хъазахъхъ уыцырдæм сæ хъус адардтой. Хъулонæмхæццæ цуанон куыдз, фæд агургæйæ æмæ йæ гæмæх дымæг тилгæ- йæ, сыллыпк-сыллынкгæпгæ, постмæ æрбацæйзгъордта. Лукашкæ базыдта йæ сыхаг цуанон Ерошкæйы куыдзы; уымæн йге хæд уæлвæд ауыдта хъæдæн йæ тæккæ бæз- джыны мидæг æрбацæйлæсгæ Ерошкæйы дæр. Ерошкæ уыд стæвдтæарæзт, бæзæрхыг хъазахъхъаг, Урс, миты хуызæн, фæтæн зачъетимæ, уæрæх уæхсчытæ азмæ уæрæхриуджыи, фæлæ хъæды мидæг кш’имæ йæ абар* 37
стæуыдаид, ахæмæй дзы ницы уыд æмæ, уымæ гæсгæ, цы уыд, уымæй цыбырдæр зынд. йæ уæлæ уыд скъуыд- тæ куырæт, йæ фæдджитæ йæ сины сагъд, йæ къæхтыл сагдзармæй конд къогъодзитæ зæнджы хъулты онг рæх- сæнтæй баст, йæ сæрыл—дæрдджын гыццыл урс худ. Йе ’ккой иуырдыгæй уыд хъуызæн дзаума (кобылкæ1) æмао голладжы мидæг хъæддаг карк æмæ цъиусур—хъæрцпы- гъа сайæнтæ, иннæрдыгæй—гæрзы скъуыддзагыл баст хъæддаг гæдыйы мард; фæсте йæ синыл хызын; хызы- ны мидæг—нæмгуытæ, топпыхос æмæ дзул, стæй бæхы дымæг-къогъотæ сурæн æмæ дыууæ хъæддаг мард кар- чы; йæ фарсыл — стыр хъама хæлд кæрæттæ æмæ ту- гæйдзаг кæрддзæмимæ. Ерошкæ постмæ бакаст æмæ фæлæууыд. — Гей, Лям!—зæгъгæ, фæхъæр кодта, куыдзмæ дзургæйæ, ахæм гуыр-гуыргæнаг хъæлæсæй, æмæ йæ хъæр дард хъæды мидæг ныййазæлыд. Дынджыр пи- стонджын топп йе ’фцæджы баппæрста æмæ йæ худ зына-нæзына сæрæй фæхицæн кодта.— Уæ бонтæ хорз, мæнæ дзæбæх адæм!—загъта хъазахъхъæн фыццаджы хуызæн тыхджып, хъæлдзæг хъæлæсæй æмæ афтæ хъæрæй, цыма доны фаллаг фарсмæ нскæмæ дзырдта, уынхуызæн, барæй, миййаг,» пæ, фæлæ йæ дзырды æгъ- дау афтæ уыд. — Æгас нæм цу, Ерошкæ, æгас!—загътой йып хъæл- дзæгæй лæппу адæм хъазахъхъæгтæ. — Цы хабæрттæ уæм ис? Истытæ-ма мып радзу- рут,— злгъга Ерошкæ, йæ цухъхъайы дысæй йæ фæтæн сырх цæсгомы хид сæрфгæйæ. — Хъусыс мæм, Ерошкæ? Мæнæ ам тæрс бæласыл замманай хъæрццыгъа цæры. Ахæм марннаг пикуы пс. Куыддæр изæр ралæууы, афтæ ам зилдух кæнын байда- йы,—загъта Назаркæ, йæ цæст пыкъулгæйæ, йс уæхск æмæ йæ къах змæлынгæнгæйæ. — Хынджылæг куы пæ скъæрис,— гуырысхогæпгæ- пæ ^загъта зæроид лæг. — Æцæг зæгъын, æцæг, хъазынæнхъæл ма у. Бабад- ма йæм,— загъта та Назаркæ, йæ мидбылты худгæйæ. Хъазахъхъ бахудтысты. Назаркæ хъæрццыгъа дæр нæ федта æмæ пу дæр, фæлæ лæппу адæм фæцахуыр сты æмæ-иу сæм Ерошкæ к>ы рбафтыд, уæд-иу æй сайдтой. 1 Цуанон æй разæй фæхæссы, истæмæ хъуызгæйæ. 33
— Гæды ныхæстæ йедтæмæ йын мацы ратт,— æр- дзырдта Лукашкæ уæлейæ фæлгæсæнæй Назаркæмæ. Назаркæ уайтагъд ныхъхъус. ~ Бабадын дæр хорз у. Цы кæны, абаддзыстæм,— загъта зæронд лæг. Хъазахъхъ бахъæлдзæг сты: æх- сызгон сын уыд йæ ныхас—Йæд та... Иæд та... Хуытæ, миййаг, цы федтаиккат? — Афтæ æнцон у хуытæ фенын!— ратул-батулгæн- гæ æмæ йæ дыууæ къухæй йæ даргъ фæсонтæ ныхгæйæ загъта урядник хъæлдзæгæй, хи аирхæфсыны фадат ып кæй æрцыд, уыйадыл.— Ам хуьщо нæ, фæлæ абыр- джытæ ахсын хъæуы.— Дæ хъусыл ницы æрцыд æп- пын?— загъта урядник цъынддзастæй кæсгæйæ æнæ исты æфсонæй æмæ йæ урс æнæхъуыд дæндæгтæ æв- дисгæйæ. — Абырджытæ, зæгъыс?— загъта зæроид лæг,—■* Нæ, ахæм хабарæй ницы фехъуыстон. Уыдæттæ-йедтæ ма фæуадз, фæлæ уæм æппын ахуыпп кæнинагæй пицы ис, сæн,миййаг? Фæхъæстæ-ма мæ кæп, ме ’фсымæры хай. Фæлмæст дæн, ды цæрай. Кæд мæ къухы исты бафта, уа\д уый зоп, æмæ æнæ хай нæ уыдзынæ. Мæхн бар мæ уадз, рохуаты нæ баззайдзыиæ. Фæлæ кæд аназипаг ис, уæд рахæсс,— ской та кодта зæронд. — Цы уыпаффæ дæм ис, бабадынмæ хъавыс, мий- паг?— афарста йæ урядник, цыма йын йæ пыхас иæ бамбæрста, уыйау. — Иу æхсæв бафыдæбон кæнынмæ хъавын. Кæд бæрæгбонмæ мæ къухы исты бафтид. Уæд, хъæлæкк, исты уаид. Æнæ дæу кæй бахæрон, уый мын хæрам фестæд. — Ерошкæ! А-у-у, Ерошкæ!— цъæхснаг хъæлæсæй уæле æрхъæр кодта Лукашкæ. Хъазахъхъ æм се ’ппæт дæр фæстæмæ фæкастысты.— Уæллаг суадонмæ-ма дæ- хи слас, уым стыр æрдонг1 хæты. Гæды пыхæстæ кæнып æнхъæл мын ма у. Ме ’цæгæй зæгъыи, бауырнæд дæ! Айфыццаг æрæджы мах хъазахъхъæй иу хуыйы фехста. Æцæг, æцæг, нæ хъазын,— загъта та уый, йæ топпы къæдзыл хæцгæйæ. Йæ хъæлæсы хаттæй бæрæг уыд, сайгæ йæ кæй нæ кодта, уый. — А-а, Лукашкæ-Урван дæр ам куы ис, сæрæй!— загъта зæронд лæг уæлæмæ кæсгæйæ.— Кæцы раи æй фсхста? 1 Хуыты рæгъау. 39
.— Цыма йæ нæ федтай, уый фарст кæиыс! Раст донхæрдæн йæ тæккæ былыл,— загъта Лукашкæ æнæ- хъазгæйæ.— Донхæрды былтыл фæцæйцыдыстæм, аф- тæ æвиппайды къæр-къæр ссыд. Мæ топп фыдбылызау агъуды мидæг уыд, фæлæ йыл æй Иляскæ иыххуырс- та. Æз дыи æй фенын кæндзынæн уыцы бынат,— дард нæу, хæстæг у, бауадз мæ, мæиæ мæ равдæла. Æз ып, ме ’фсымæры хай, йæ цæуæптæ хорз зонын. Моссв!— бадзырдта Лукашкæ урядникмæ уæндопæй, пыфсха- стæй, цыма йыл йæ бар цыд, уыйау.— Афон у аи- вынæн!— йæ топп райста æмæ урядничы уынаффæмæ дæр нал фæкаст, афтæмæй фæлгæсæнæй дæлæмæ хи- зын байдыдта. — Рахиз!— загъта ма æрæджиау урядпик æмæ йæ алфамбылай йæ цæст ахаста.— Дæ рад, миййаг у, Гур- кæ? Цæугæ! Дæ Лукашкæйæ лæг рацæудзæп, сагдзи- нæдтæ йæм ис,— загъта урядник, зæроид лæгмæ дзур- гæйæ.—Дæуæй уæлдай нæу, иу рап æрбадæн ып нæй, хæтып уарзы. Айфыццаг дзы иу афæлдæхта. VII Хур апыгуылди. Изæрдалынгтæ æрци. Хъазахъхъ посты цур сæ куыстытæ ф’есты æмæ хæдзармæ æхсæ- вæр хæрынмæ æмбырд кодтой. Æрмæст ма зæропд лæг, тæрс бæласы бын хъæрццыгъамæ æнхъæлмæгæсгæйæ, бадти æмæ йæ къахæй баст цъиусуры змæлын кодта. Хъæрццыгъа бæласыл бадт, фæлæ дæлæмæ каркмæ йæ- хи пæ уагъта. Лукашкæ сабыргай, арæхстгай какæтты æхсæн, кæрчыты цæуæиты, синагæй цæгтæ арæзта кæр- чыты ахсыны тыххæй æмæ зарджытæ кодта иу иннæйы фæдыл..Кæд ставдкъухджыи æмæ бæрзонд уыд, уæд- дæр бæрæг уыд, кæй арæхсы æмæ йæ къухы алы куыст дæр кæй фидауы, уый. -- О Лука!—хæстæг, къудзиты æхсæнæй фехъуыст Назаркæйы цъæхспаг хъæлæс.— Хъазахъхъ æхсæвæр хæрынмæ фæцæуынц. Назаркæйæп’ удæгас хъæддаг уасæг йæ дæлармы, афтæмæй какæтты æхсæнты лæстæйæ, къахвæпдагмæ рацыд. — Гъæй,-- загъта Лукашкæ, йæ дзырд уромгæйæ.— Кæм бафтыд дæ къухы уыцы уасæг? Æз афтæ зæгъып, æМæ йæ мæ къæппæг æрцахста. Назаркæ Лукашкæимæ æмгæрттæ уыдысты, æмæ уый дæр ауалдзæджы бацыд службæдоæ. 40
Уый уыд бакастæй фыдуындгомау, тæллусоид, сæры- магъджын, йæ цъæхахстгæнаг хъæлæс зæлланг кодта хъусты. Лукашкæимæ сыхæгтæ æмæ лымæптæ уыды- сты. Лукашкæ пæууыл тæтæйраг бадт кодта æмæ си- пагæй цæгтæ арæзта. — Нæ зопыи кæй, æвæццæгæн, дæууоп уыдаид. — Къахæны фале, миййаг, тæрс бæласы бын? Уый уæдæ мæп у, зноп æй сарæзтоп. Лукашкæ сыстад æмæ хъæддаг уасæджы рауын- бауын байдыдта. Йæ къухмæ йæ райста æмæ йын йæ тарцъæхбып сæр æрсæрфтытæ кодта. Уасæг-иу тæссæй йæ бæрзæй раивæзта æмæ-иу йæ цæстытæ азылдта. — Абон плау хæрдзыстæм. Цу, аргæвд æй æмæ йæ асыгъдæг кæн. — Цы уыиаффæ дæм нс, пæхæдæг æй хæрæм æви йæ урядникæн раттæм? — Æмæ йæ гуыбып пæ фæрисдзæп? Æгъгъæд ып у. — Æргæвдып мæм зып кæсы, мæ зæрдæ нæ комы,— загъта Назаркæ. — Ардæм æй рахæсс уæдæ. Лукашкæ йæ хъамайы кард йæ кæрддзæмæй сласта æмæ йып йæ къубал æрбадзæпгæл ласта. Уасæг йæхи сцагъта æмæ йæ базыртæ нæма ахæлпу кодта, афтæ йæ сæр æрдыдагъ, æмæ йæ гæпдзæхтæ цæгъдын байдыдта. — Гъе, афтæ-иу кæн, мæ лымæн, гъс!—загъта Лу- кашкæ æмæ уасæджы иуварсырдæм аппæрста.— Плау дзы ахæм рацæудзæп æмæ диссаг: дæ комыдæттæ йæм згъордзысты. Назаркæ уасæгмæ кæсгæйæ фестъæлфыд. — Хъусыс мæм, Лука, нæ хæйрæг та нæ ахсæв ба- дыимæ æрвитдзæн,— загъта Назаркæ урядникæй æмæ уасæг йæ къухмæ систа.— Фомушкины сæнмæ арвыста, уый рад уыд. Ныр цал æмæ цал æхсæвы цæуæм фæд- фæдыл. Æрмæст мах ссардта. Лукашкæ æхситгæнгæйæ постырдэем араст.; — Синаг демæ рахæсс!— фæхъæр кодта фæстæмæ. Назаркæ йын йæ фæндои сæххæст кодта. — Тæккæ абон мып æнæ зæгъгæ пæй; фæкæс-ма, кæд- дæра йын нæ зæгъип!—сдзырдта Назаркæ.— Арæби, бафæлмæцыдыстæм æмæ нал цæуæм, æндæр ма дзы исты ис. Ды-ма йып зæгъ, дæумæ хуыздæр байхъусдзæн. Ай цæй хæрæджы дымæг у! — Ныр цæуыл дзурыс, уый бæрæг пæй!— загъта Лу- кашкæ, йæхпнымæры æндæр цыдæртæ хъуыдыгæнгæ- 41
иæ.—Уый та цы дзырддаг у! Хъæуæй нæ куы ’рвитик- кой, уæд ма цы зæгъыс, уый зæгъ, уым ма дæ бон хъæлдзæгæй арвитдзынæ, фæлæ ам та цы хъауджыдæр у — посты æви æндæр рап искуы. Гъе-уæууæй, гъе. — Хъæумæ, миййаг, æрбацæудзынæ? — Бæрæгбонты æнæ цæугæ нæй. — Гуркæ цы дзырдта, уый зоныс? Дæ Дунайкæ, дам, цыма Фомушкинимæ хæты, афтæ зæгъы,— сдзырд- та Назаркæ æнæнхъæлгæйæ. — Хæйрæджы амæттаг фæуæд, мурдæр мæ ницæ- мæн хъæуы!—загъта Лукашкæ æнæхудгæйæ æмæ йæ урс æмхæст дæндæгтæ æвдисгæйæ.— Æндæр не ссар- дзынæн, æви цы зæгъыс? —. Гуркæ куыд дзырдта, афтæмæй йæм бацыд; йæ мой сæхимæ нæ уыд. Фомушкин йæхицæн бады æмæ хæры. Иучысыл абадт æмæ рацыд. Рудзынджы бынæй сæм сусæгæй байхъуыста æмæ ус Фомушкинæн дзырдта: «Ацыд уыцы хæйрæг. Цæуылпæ ахæрыс, цæ, мæ уд? Хъусыс, хуыссыпмæ уæхимæ ма ацу, ам баззай».— Уæд сæм Гуркæ рудзынджы быпæй бадзырдта: «Уый чи бæззы, уый у». — Гæдытæ дзурыс. — Æцæг зæгъын, мæ фыдыстæи. Лукашкæ ныхъхъус. — Гауарда, кæд æндæрыл фæхæст, уæд. Чысыл дзы пс? Уыйас дæр ма дæ хъæуæд. Уæддæр æм мæ зæрдæ нал ради, схъыг дзы дæн. — Иблистæй дæ ды!— загъта Назаркæ.— Гъæй, хæрунжийы чызг Марьянкæмæ-ма дæхи балас, Цымæ никæимæ хæты. Лукашкæ йе ’рфгуытæ фæтар кодта. — Æмæ иннæтæй уæлдай циу Марьянкæ дæр? Цы уæлдай ис, иу сты,— загъта Лукашкæ. — Куыннæ, зæгъыны йедтæмæ дæ ницы хъæуы; ав- зар ма уæдæ... — Æмæ уæд цы ’нхъæл дæ, дæ зæрдæйæ? Хъæуы дзы чысыл ис?— Æмæ Лукашкæ æхситгæнгæйæ посты цурты араст, бæлæсты къалиуты сыфтæртæ тонгæйæ. Къудзиты æхсæн цæугæйæ. æвиппайды иу рæхсиа^г лæгъз уисыл йæ цæст фæхæцыд, фæлæууыд, йæ хъама- йы кард сласта æмæ йæ æрбадзæнгæл ласта. — Топпы фатæн ахæм никуы ис,— загъта Лукашкæ, уцсæй уæлдæфы хъазгæйæ; дзæбæхау æм каст уисы цъыччытæ æмæ æхситт уæлдæфы. 42
Хъазйхъхъ бадтысты зæхбын, æлыгæн сæрст посты тыргъы нохаг фынджы алыварс. Æхсæвæр хæргæйæ ныхас æрцыд, кæй рад у ахсæвы ’хсæв сусæг раи ба- бадын, уыи\ тыххæй. — Чи хъуамæ ацæуа ахсæв?— бадзырдта урядникмæ дуарæй мидæмæ иу хъазахъхъаг. — Чи хъуамæ ацæуа, зæгъыс?—радзырдта фæстæмæ урядник.— Бурлак йæ рад арвыста. Фомушкип дæр аф- тæ,—дзырдта гуызавæгæпгæйæ урядиик.— Сымах та, мий- паг, ацæуиккат? Ды ’мæ Назаркæ, —загъта та Лукаш- кæмæ дзургæйæ.— Уæд та Ергушов дæр уемæ ацæуæд, хуыссæгæй бафсæстаид, æвæццæгæн. — Дæуæн дзы куы нæ ис бафсис, уæд уый цы код- та дæуæй хъауджыдæр!—загъта Назаркæ* сусæггомау. Хъазахъхъ бахудтысты. Къулы рæбыи фыдрасыгæй цы хъазахъхъаг хуыссыд, уый уыд Ергушов. Нырма ныртæккæ бацыд тыргъмæ йæ цæстытæ æууæрдгæйæ. Лукашкæ уыцы сахат сыстад æмæ йæ топмæ зылд. — Æрмæст афойнадыл ацæут, æхсæвæр бахæрут а:мæ,— загъта урядник. Сæ фæпдоп сыи пæма бамбæр- ста, ацæудзысты æви нæ, афтæмæй дуар йæ фæдыл ас- сыдта, æвæццæгæи сыл йæ зæрдæ иæ дардта коммæ бакæсыны тыххæй.—Хицæуттæй дзырд куы нæ уаид, 43
уæд уæ нæ батыхсын кæнии, фæлæ пæй æнДайр амал, æвиппапды сотнпк куы ’рбалæууа, уымæй /тæрсын. Ноджы ма ахæм пыхæстæ дæр кæиыиц, абырджытæ аст лæгæй ацы фарсмæ æрбахызтысты, зæгъгæ. / — Цæуын хъæуы,— загъта Ергушов. ’— Æгъдауы сæрты хизæн пæй! Рæстæг афтæ амоны. Æз зæгъын, æмæ цæуын хъæуы. Лукашкæ сæ цуры, йæ дыууæ къухæй уасæджы сгуы йæ дзыхмæ даргæйæ, ракæс-бакæс кодта куы урядник- мæ, куы Назаркæмæ, цыма сын сæ митæм йæ хъус нæ дардта æмæ сыл хипымæры худти, уыйау. Хъазахъхъ æхсæв бадынмæ нæма араст сты, афтæ Ерошкæ дæр талынг тыргъы æрбалæууыд. Бонсауизæр- мæ тæрс бæласы бып дзæгъæлы фæбадти. — Ца^й, лæппутæ!— ныггуыр-гуыр кодта иыллæг тыргъы мидæг йæ бæзджып хъæлæс, афтæ тыпг, æмæ уый хъæлæсы йсдтæмæ пицыуал хъуыст. — Мæнæ æз дæр сымахима> цæуып. Сымах цæцæымæ бабаддзыстут, æз та хуытæм. VIII Хæрз мæйдар æрци, афтæ Ерошкæ æмæ æртæ хъа- захъхъаджы, топпытæ со ’фцæджы, нымæттæ сæ уæлæ, афтæмæй аивгъуыдтой Тсрчы былтыл сæ сусæг бадæн бынатмæ. Назаркæмæ цæуыны уынаффæ нæ уыд, фæ- лæ йыл Лука фæхъæр кодта, æмæ уайтагъд сæхи арæвдз кодтой. Хъазахъхъ иукъорд санчъехы æнæдзургæйæ акодтаиккой, афтæ донхорыгæй иуварсырдæм цæхгæр фæзылдысты æмæ хъамылы æхсæн, чысыл бæрæг дард- та, ахæм лыстæг къахвæпдагыл Теркмæ бацыдысты. Донæи йæ тæккæ хæд былыл, дон- кæй раппæрста, ахæм ставд сау хъæды къуылдых лæууыд, йæ алфамбылай ногссæст хъамыл. — Лм бабадгæйæ куыд уаид, цымæ?— загъта На- заркæ. — Уæдæ ма уæ цы хъæуы? Æгæр хорз у?— загъта Лукашкæ.— Ам уал сбад, æз ныртæккæ фездæхдзыпæн, мæпæ Ерошкæйы бахæццæ кæиои. — Хуыздæр бынат нал еембæлы; ничи нæ уыпдзæи, пæхæдæг уындзыстæм,— загъта Ергушов.— Хуыздæр бадæпæи скæнæп дæр ма пæй, барæй конд цыма у, уый- хуьрæн. Назаркæ Ергушовимæ пымæттæ байтыдтой æмæ 44
хьæды хаууон.æрбынат кодтой. Лукашкæ дарддæр ЕроШ- кæпмæ апыд. — МсГше ам хæс’пгг у, Ерошкæ,—загъта Лукашкæ, арæхстгапДфæлмæн къахдзæфтæгæнгæйæ æмæ зæропд лæджы разæй цæугæйæ.—Кæуылты ацыдысты, уый дып фенып кæндзцнæн. Мæхи уды псдтæмæ йæ ничи зоны. — Фепыи мьш æй кæн, фёнын. Æвæдза, саглæппудæ, иудзырдæй — У^ван, — сусæгæй дзургæйæ загъта зæ- ронд лæг. \ Лукашкæ иукъорд къахдзæфы акодта, стæй фæлæу- уыд, доны кулмæ æргуыбыр кодта æмæ фехситт кодта. — Мæнæ уыныс, дон нуазынмæ кæуылты ацыды- сты,— загъта Лукашкæ сусæгæй дзургæйæ æмæ йæ къухæй ног фæд амонгæйæ. — Уастырджи де ’мбал. Чырысти дын баххуыс кæ- нæд,— загъта зæропд лæг.— Уый, æвæццæгæн, донхо- рыджы фале уыдзæи, уый мып цы зопып хъæуы. Ныр æй мæ бар уадз. Ды фæстæмæ аздæх, æз æм бабаддзы- иæн. Лукашкæ йæ нымæтыл уæлдæр схæцыд, иуиæгæп фæстæмæ допы былтыл араст, фæйпæрдæм ракæс-ба- Кс^сгæпгæ, куы галиуварсырдæм амад къулы хуызæп хъамылмæ, куы та Теркмæ, йæ хæд цур къардиуы бып хъ^ыр-хъуыргæпгæ зилдух чи кодта, уымæ. «Æвæццæ- гæн, уый дæр хъахъхъæпы, науыйнæй, искуы сусæгæй хъуызы»,— ахъуыды кодта пæхипымæры цæцæйпаджы тыххæй. Æвиппайды цæйдæр хыбар-хыбур æмæ доны цæлахъхъ фæцыд. Лукашкæ фсстъæлфыд æмæ топмæ фæлæбурдта. Къардиуы бынæй футтытæгæнгæ хъæддаг пæл хуы расæррæтт ласта, йæ сау æндæрг допы сæры æрттиваг хуызæй фæиппæрд æмæ цæстыфæныкъуылд- мæ хъамылы смидæг. Лукашкæ ма æвиппайды топп хъæлæкк фелвæста, хуымæ йæ фæцарæзта, фæлæ йæ æхст нал бафæрæзта. Нæл хуы хъамылы мидæг фæцы- дæр. Лукашкæ фырмæстæй ату кодта æмæ дарддæр араст. Бынатмæ куы баввахс, уæд фæлæууыд æмæ чы- сыл фехситт кодта. Йе ’хситмæ фæстæмæ æхситт фе- хъуыст, æмæ йе ’мбæлттæм бацыд. Назаркæ йæхи батыхта гемæ тымбылæй хуыссыд. Ергушов бадти, йæ къæхтæ йæ быны дзуарæвæрд скод- та, афтæмæй; йæхи чысыл иуварс айста æмæ Лукаш- кæйæн бынат радта. — Амæй хуыздæр быиат ма уыдзæн,— хъæлдзæг, æдас!— загъта Назаркæ.— Бахæццæ йæ кодтай? 45
— Вацамыдтон ын æй,— дзуанп ын раДта Лу^ашкæ нымæт таугæйæ.— Ныртæккæ иу дынджыр хъæбæр нæл хуынмæ дзыхæвæрд фæдæн; раст мæ тæккæ хæд разæй доны былæй рагæпп ласта. Кæй кой кодтам,ууый уыда- ид, æвæццæгæп. Йæ къæрццытæ йып фехъуыстаис? — Фехъуыстон, бæгуыдæр, æмæ йæ уайтагъд ба- зыдтон, сырд кæй уыд, уый: мæхинымæр^ы загътоп, Лу- кашкæ сырд фæтæрсыи кодта, зæгъгæ/- загъта Ергу- шов йæхи нымæты тухгæйæ.— Æз ныр/афынæй уыдзы- нæн. Куыддæр кæрчытæ иыууасой, афтæ-иу мæ сыхъал кæн, уымæи æмæ æгъдау афтæ амоны. Æз уал иу-> чысыл æркъул кæндзынæн, уыйфæстæ та ды ахуысдзы- нæ, æз абаддзынæн... Афтæ, афтæ. — Бузныг, æз не схуысдзынæн, нæ мæ ахсы хуыс- сæг.—загъта Лукашкæ. ; Æхсæв уыд мæйдар, хъарм æмæ æнæдымгæ. Æр- мæст иуырдыгæй фарс арвыл æрттывтой стъалытæ, иннæрдыгæй арвæп йæ фылдæр хай æмхæст мигъæп пæ зынд. Тар мигъ хæхтыл фæзынд, æмæ æпæдымие боп, уæзбын цыдгæнгæ, дардæй-дарддæр йæхи систа, æмæ йæ хæрдмæзылд къабæзтæй хæрзбæрæг уыд, арф стъалыджын арвæй хнцæнгонд кæй у, уый. Хъазахъ- хъагмæ разæй зындысты æрмæст Терк æмæ дард быгъ- дæг бæстæ; фæстейы æмæ йæ дыууæ фарсырдыгæй та лæууыд, къулы хуызæн, бæзджын хъамыл. Цыма æпæ исты æфсонæй, афтæ йæхи æгъдауæй, уыйау-иу искуы- иу хатт хъамыл базмæлыд æмæ сыр-сыр кодта, кæрæ- 46
дзийьКп ныдзæвгæйæ. Дæле хъамылы зыр-зыргæнгæ цокора^æ арвы рухсмæ бæласы бæзджын цæнг- ты хуызæн зындысты. Разæй йæ тæккæ къæхты бын, къардиун, аууои, цæллахъхъытæ æмæ зилдух кодта хъуыр-хъуыргæнгæ цæугæдои. Дарддæр æрттиваг цæу- гæдоны бурбын фæйлауæнтæ уыцы пу æгъдауыл, æм- хуызон зыр-зыргæнæгау змæлыдысты кæрæтты æмæ тæнджыты. Нс\джы дарддæр дон уæд, доны былтæ уæд, мигъ уæд — иууылдæр мæйдаримæ баиу сты, æмæ цæст ницыуал акста. Доны сæрты лæсыдысты бындзæф- хæдты æмæ къала бæлæсты сау æндæргтæ, æрмæст хъа- захъхъаджы ахуыр цæст кæй иртæста, кæй æвзæрста, ахæмтæ. Искуы-иу хатт-иу арвы ферттывды схъиуæг- гаг рухсмæ донæн йæ фаллаг фарсы ныллæг былтæ фæ- зындысты. Æхсæвыгон æмхуызон уынæр æмæ хъæртæ, хъамылы сыф-сыф, хъазахъхъы хуыр-хуыр, къогъоты гуыв-гуыв æмæ цæугæдоны хъæр исдуг фæхъус, фе- дзæм вæййынц дардæй æхст топпы гæрахы хъæрæй, кæнæ къардиуы былы ныххауды тъыллуппæй, кæнæ стыр кæфы цъыллинджы уынæрæй, кæнæ ногдзыд тала æмæ къудзиджып тархъæды мидæг стыр сырды къæрц- цытæй. Иухатт сидахъ Терчы сæрты дон-дои атахт æмæ тæхгæ-тæхын йæ базыртæ раст æртыккаг фæхъилæн кæ- рæдзийыл цавта. Хъазахъхъæп сæ тæккæ хæд сæрмæ хъæдырдæм фæзылд æмæ бæласмæ куыд хæстæгдæр кодта, афтæ йæ базыртæ алы фæхъилæн кæрæдзийыл къуырдта, стæй, зæронд тæрс бæласыл бадгæйæ, бирæ ракæ-бакæ фæкодта. Ахæм уынæр, къæрцц кæнæ хъæр- иу искæцæй æнæнхъæлгæйæ куы фæцыд, уæд, хъазахъ- хъæй фынæй чи нæ уыд, уый-иу йæ хъустæ фæхъил кодта æмæ-иу æнувыдæй, цъынддзастæй хъусын бай- дыдта, сабыр, арæхстгай йæ топп сгаргæйæ. Æхсæв бирæ нал уыд. Тар мигъ аивæзт хурныгуы- лæнырдæм, фæдихтæ ис, æмæ йе ’хсæнæй фæзынд ирд стъалыджын арв, æмæ фæстæмæ фæлдæхт сызгъæрин, æрдынхуыз мæй сырх рухс суагъта хæхты сæрмæ. Сæу- уон ирдгæ уазал хаста. Назаркæ фехъал, аныхæстæ кодта æмæ та фæстæмæ бафынæй. Лукашкæ бадынæй схъыг, сыстад, йæ хъамайы кард сласта æмæ рæхснæг уисæй топпы фат амапын байдыдта. йæ сæрмæ алы хъуыдытæ бырстой: уым, хохы цъассы куыд цæрынц цæцæн, сæ саг фæсивæд ацы фарсмæ давынмæ куыд цæуынц, хъазахъхъæй куыд нæ тæрсынц æмæ æндæр ран доны куыд æрбахпздзысты. Æмæ-иу йæ сæр ра- 47
дардта, дои-дон-иу акаст, фæлæ йæ цæст ницæу^Гл хæст кодта. Стæммæ дардмæ доны былтæм æмæ догаæ каст, æмæ мæйы мæгуырау дыдзы рухсмæ донæн йæ фаллаг был бæрæг дардта — цæст иртæста, донæй куыд хицæи кодта, уый. Цæцæнимæ йæ зæрдæ иал дзырдта æмæ æр- мæст сбонмæ, æмбæлтты сыхъалмæ æмæ/хъæумæ цæ- уыпмæ æнхъæлмæ каст. Хъæуы мидæг /йæ цæстытыл ахъазыд Дунькæ, йæ зæрдæйы рухс,/иæ хуры хай,— æндæр номæй нæ дзырдтой хъазахъхъусæ хæзгултæм,— æмæ зæрдæнизимæ уый тыххæй хъуьщытæ кодта. Бон- ивайæны пысæиттæ: æвзистхуыз миг;ь доны сæрмæ урс адардта, лæппын цæргæстæ хæстæг^ей цъæхахст æхситт скодтой æмæ сæ базыртæ сцагътой... Фыццаг уасæджы зарып дардмæ хъæуæй фсхъуыст, йæ фæстæ дыккаг уасæджы дæргъвæтии хъæлæс, уалынджы ипнæтæ дæр кæрæдзимæ уасыи байдыдтой. «Стын афон»,— ахъуыды кодта Лукашкæ, йæ топпы фат сцæттæ, æмæ йыл хуыссæг тых кæпын байдыдта. йе ’мбæлттырдæм куы фæзылд, уæд сыи сæ къæхтæ ра- пртæста, чи сæ кæй у, уый. Æвиппайды йæм афтæ фæ- зынд, цыма Теркæп йæ фаллаг фарс цыдæр фæпæл- лахъхъ кодта, уыйау æмæ ма иу каст фæкодта æрдып- хуыз фæстæмæзылд мæйы бын, сæууои рухсмæ хæхты цъуппытæм арвгæрон, «стæй допæн йæ фаллаг былы арæнтæм, Теркæн йæхимæ æмæ, пыр цæст дзæбæх ах- сып куы байдыдта, уыцы донласт къуындзихтæ æма- бындзæфхæдтæм. Афтæ йæм фæзынд, цыма йæхæдæг змæлгæ, цæугæ кодта, Терк та æд къуындзихтæ иурап æнцад лæууыд, уыйхуызæп. Фæлæ уый æрхъæцæй фыл- дæр нæ ахаста. Дзыхъхъынногæй æнувыдæй кæсын бай- дыдта. Иу дынджыр цонгджын сау кæлдым æй йæхи- мæ æркæсын кодта. Куыддæр æнæхуыз, æнæзмæлгæ, æнæзилдухгæнгæ, ленк кодта донæн йæ тæккæ бæрæг- астæу. Афтæ дæр ма йæм фæзынд, цыма дон-дон нæ, фæ- лæ Терчы цæхгæрмæ гæрста йæ тæнæджырдæм, уыйау. Лукашкæ йæ сæр радардта æмæ йæм лыстæг ныккаст. Къуындзих ленк кодта змисдзæстмæ, стæй ныл- лæууыд æмæ куыддæр æнахуыр змæлд скодта йæхими- дæг. Фын фенæгау Лукашкæйæн йæ цæст ацахста, цыма къуыпдзихы быпæй адæймаджы къух фæзынд, уыйхуызæн. «Мæнæ мын цы фадат æрцыд, зыбыты иунæгæй абырæджы амардзынæн!»— ахъуыды кодта йæхи- ньщæры; топмæ арæхстгай бавнæлдта, саджилæг тагъд- гомау ацарæзта, топп ыл æрæвæрдта, сабыргай йæ сæр- 48
гъæвтадиæ улæфт фæурæдта æмæ зæрдиагæй ныхъхъа- выди мьгсанмæ. «Хъал никæй скæндзынæн», зæгъгæ, загъта хииымæры. Фæлæ мидæгæй риуы зæрдæйы гуыпп-гуытт афтæ тынг ссыд, æмæ йæхи фæурæдта æмæ та хъу^ьш байдыдта. Къуындзих æвиппайды фæ- тъупп ласта æмæ та доны цæхгæр ацы фарсырдæм æр- баленк кодта. \Куы нæ йæ февгъуин»,—ахъуыды кодта, æмæ мæйы дыдзы рухсмæ æрхъæцмæ иу зынд фæкодта тæтæйраг сæр къ\ындзихы разæй. Топп раст сæрмæ фæ- царæзта. Оæр æл* топпы кæсæнæй хæрзхæстæг фæ- каст, цыма хæтæльк бырынчъы уæлæ уыд, уыйхуызæн. Кæсæны сæрты ма иæм иу каст фæкодта. «Абырæг у, æпæмæнгæй»,— ахъуыды кодта цингæнгæйæ æмæ æвип- пайды йæ зонгуытыл абадт; топп та йæм фæцарæзта, цæст топпы даргъ хæтæлы кæсæи ацахста, йæ чысылæй нырмæ цы ’гъдауыл сахуыр, уымæ гæсгæ загъта: «Фы- дæп æмæ фыртæн»,— æмæ гæдывæдæг фелхъывта, æмæ дæ балгъитæг афтæ. Топп цæхæртæ акалдта, йæ рухс- мæ исдуг дон æмæ хъамыл фæрухс сты. Топпы гæрахы цыбыр къæрцхъæр айхъуыст уæлдæфы æмæ кæмдæр дард йæ гуыр-гуыр ссыд. Къуындзих цæхгæрмæ нал, фæлæ дæлæмæ дон-дон афардæг хъеллау æмæ зилдух- гæнгæ. — Æз дын зæгъып, хæц ыл!—фæхъæр кодта хуыс- сæпхъæлдзæгæй Ергушов æмæ, йæ топп сгаргæйæ, кæл- дымы фæстæ йæ сæр сдардта. — Ныхъхъус у, дæлимоп!— сабырæй дзырдта Лу- ка.— Абырджытæ! ,— Кæй фехста?— бафарста Назаркæ.— Цы фех- стай, Лукашкæ? Лукашкæ ницы дзырдта. Уый йæ топп ифтыгъта æмæ каст, къуындзихы дон кæцырдæм ласта, уымæ. Хæстæг, донæн йæ тæнæджы, къуындзих банцад, æмæ йæ бынæй фæзынд дынджыргомау цыдæр æмæ доны фæйлауæнтимæ æмызмæлд кодта. — Цы фехстай? Дæхи куы ныхъхъус кодтай? — сдзырдтой йæм хъазахъхъ. — Абырæджы дын куы загътон,— фæстæмæ сын радта дзуапп Лукашкæ. — Ныр цы гæды пыхæстæ кæпыс, кæй афæливын- мæ хъавыс? Æвæццæгæн, дæ топп феваст. — Абырæджы амардтон! Кæд уæ уырны, уæд!— сдзырдта ризгæ хъæлæсæй Лукашкæ уæлæмæ стгæйæ.— Лæг æрбацæйлепк кодта...— загъта уый, йæ къухæй 4 По’зесттæ 49
змисдзаст сакъадахмæ амонгæйæ.— Æз æй амардтон. Цæстытæ дыл нæй? Акæс-ма дæлæ. / — Æгъгъæд у! Ныр цы гæды ныхæстæ/ кæпыс!— загъта та Ергушов йæ цæстытæ æууæрдгæйа^ — Уый та цы хоныс? Акæс-ма, акæс’/ Уыныс дæ- лæ?—загъта Лукашкæ æмæ Ергушовы Уæхсчытæм фæ- лæбурдта; йæхимæ йæ афтæ тынг æрт/сын кодта, æмæ йæ хъихъхъ фæцыд. / Ергушов акаст, Лукашкæ йын ка/дæм амыдта, уыр- дæм, æмæ марды куы раиртæста, уæд æндæр хъæлæсæй, æндæр дзыхы уагæй дзурын байдыдта. — М-м,— зæгъгæ, фæкодта,—^æз дын зæгъын, иунæг нæ уыдаид, æмбæлттæ ма йын уыдзæн. Ме ’цæгæй зæ- гъын, бауырнæд дæ!—Æмæ йæ топп рæвдз кæныныл фæци.— Уый сæ раздзог уыд. Кæнæ ам, кæннод та фал- лаг фарс искуы хæстæг уыдзысты. Уымæп æнæ афтæ хос нæй. Лукашкæ йæ роп сыхæлдта æмæ йæ цухъхъа ласы- ныл фæци. — Кæдæм, кæ, гуымиры, кæд де сæфт не ’рцыд, уæд?— фæхъæр кодта Ергушов.— Бавзар-ма æрмæст, допыкъусы сæфт фæкæндзынæ, æцæг дын зæгъын, æцæг. Кæм æй амардтай, уым дып никæдæмуал алидздзæн. Æри-ма дæ тогГпыхосдои, æз мæ топпы хъусы топпыхос авгæнон. Ис дæм? Назар! Цырд згъоргæ постмæ, æр- мæст, хъусыс, доны былтыл ма ацу. Амардзысты дæ, уый дын зæгъын. — О, зæгъыны йедтæмæ дæ ницы хъæуы? Куыд нæ дын ацыдтæн иунæгæй! Дæхæдæг цы ми кæныс, цæуыл- иæ цæуыс?— загъта мæстыйæ Назаркæ. Лукашкæ йæ цухъхъа фелвæста æмæ доны былмæ бацыд. — Ма цу дын куы зæгъын,— сдзырдта Ергушов йæ топпы хъусы топпыхос æвгæнгæйæ. Уыныс, змæлгæдæр нал кæны, йæхи куыд ныхъхъус кодта, æз æй æмбарын, ма тæрс. Бонмæ бирæ нал ис, уалынджы постæй дæр хæццæ кæндзысты. Цæугæ, Назаркæ! Мæнæ цы тæп- туд у, сымахыстæп! Ныр цæмæй тæрсыс? Ма тæрс дын куы зæгъын æз! — Лука, о Лука!—загъта Назаркæ.— Радзур-ма нын, дæ хорзæхæй, куыд æй амардтай, уый. Лукайы уыцы сахат донмæ бахизын пал бафæндыд, ’æрфæсмон кодта. — Цæугæ постмæ! Цырддæр у! Æз уал ам абад- 50
дзынæн. Хъазахъхъæн зæгъ, фæдисы йгурæг цзеуын хъæуы, зæ!\ьгæ. Кæд ацы фзрсырдыгæн разынсй, уæд сæ æрцахсыХ хæудзæи. — Æз афтæ затъып, æмæ апрвæздзысгы,— загъта Ергушов стгæиæ.— Уымæй раст зæгьыс, æрцахсып сæ хъæуы. \ Ергушов Наэяркæимæ сыстадысты, сæхиуыл дзу- æрттæ бафтыдтоиЧæмæ постмæ араст сты, доны был- тыл нæ, фæлæ фæсвæдты, какæтты æхсæнты æмæ хъæ- ды къахвæндагмæ бахызтысты. — Хъусыс, Лука, цырд лæуу, змæлгæ дæр ма кæ,— загъта Ергушов,— кæннод дæ ауæлгоммæ кæндзысты, сух-мух митæ нæй. Бахъахъхъæн дæхи, стырзæрдæ ма у, æз дын афтæ зæгъын. — Цæугæ, зонып,— сдзырдта Лука, йæ топп арæв- дзытæ кодта æмæ та кæлдымы аууон сбадт. Лукашкæ зыбыты нуиæгæй бадт, алырдæм каст æмæ хъазахъхъмæ йæ хъус дардта, цымæ иæма æрба- цæуыпц, зæгъгæ. Пост дæрддзæфгомау уыд, æмæ йæ удæй цыд, кæй амардта, уымæп йе ’мбæлттæ зæфцыфы- дæй куы аирвæзой. Сагъæсы бацыд, мæстæй мард ды- сонизæр хъæддаг нæл хуы куыд аирвæзт, афтæ ныр абырджытæ дæр куы аирвæзой. Алырдæм йæ алфамбы- лай ракæс-бакæс кодта, донæп йæ фаллаг фарсмæ дæр- ну бакаст, кæд ма дзы мæ цæст искæуыл æрхæцид, зæгъгæ. Фæндыд ма йæ, саджилæг куы æррæвдз кæппд æмæ искæй куы багæрах кæпид, уый. Иæхи йын амар- дзысты, уын йæ зæрдæпы кæрои дæр пæ уыд, хъуыды дæр æп нæ кодта. IX Боп цъæх кæпып байдмтга. Цæцæйиаджы мард уы- цы иу ран лæууыд, зына-нæзыпа доны фæйлауæнтимæ æмызмæлд кодта æмæ ныр дзæбæх зынд. Æвиппайды хæстæгæй хъамылы къæрцц фæцыд, къæхты хъæр фз- хъуыст, æмæ хъамылы цокоратæ базмæлыдысты сæхи- мидæг. Хъазахъхъаг топп сæргъæвта æмæ хипымæры загъта: «Фыдæн æмæ фыртæп». Фæлæ топпы къæрццы хæд фæстæ къæхты хъæр фæхъус. — Гъей, хъазахъхъ, зæронды ма амарут, мачн фсх- сæд,— фехъуыст зопгæ бæзджып хъæлæс, æмæ Ерошкæ хъамыл ссæндгæйæ хъазахъхъаджы уæлхъус алæууыд. — Чысыл ма бахъæуа, фæцæй дæ мардтон, дæу цы хуыцау скодта, уыйыстæп,—загъта Лукашкæ. 51
— Цы фехстай уый?— афарста пæ зæронд/лæГ. Зæронд лæджы хьæлæс пыййазæлыд хуæды æмæ дон-дон дæлæма\ ггмæ хъазахъхъаджы алфэшшлап п,ы æдзæмдзипад æмæ сусæгдзипад уыд æхсæвыгон, уый цыдæр фæци, фесæфт. Цыма æвиппайды фæстæ фæхуыз- дæр æмæ фæхъæлдзæгдæр, афтæ сси. — Дæуæн дæ цæст ницæуыл æрхæДыд, фæлæ дзы æз иу сырд афæлдæхтон,— загъта Лукашкæ æмæ стгæ- стын, топпы сампал дæлæмæ æруагьта, йæхи, цы нæ уыд, уымæй зæрдæджып, ныфсджындæрæй æвдисгæйæ. Зæронд лæг æдзынæг каст марды фæсонтæм. Ныр дзæбæх зынд, урс дардта, æмæ йæ алфамбылай Терчы лы- стæг фæйлауæнтæ змæлыдысты. — Бæласы цонг йæ астæуыл баст, афтæмæй ленк кодта. Æз æй бахъуыды кодтон... Ацырдæм-ма ракæс! Уæртæ уыныс? Цъæх хæлафы мидæг: цыма йæмтопп дæр ис... Уыныс æви нæ?— загъта Лука. — Цас уыпипаг у,—йæ зæрдæмæ кæсгæйæ, загъта зæронд лæг карз цæсгомы хаттимæ.— Сахъ лæг амард- тай,— загъта, цыма тæригъæд кодта, уыйау. ^ — Афтæ мæхицæн бадып, кæсын, æмæ фаллаг фарс цавæрдæр сау æидæрг фæзынд. Æз æй бахъуыды код- тон, уым ма куы уыд, уæд. Афтæ мæм фæзынд, цыма лæджы хуызæн цыдæр æрбацыд æмæ доны ныххауд. Уæуу, мæиæ диссаг, зæгъгæ, загътон мæхинымæры. Кæ- сып, æмæ дынджыр къуыпдзих ленк кæны, дои-дои пæ, фæлæ цæхгæрмæ. Уалынджы дын йæ бынæй лæджы сæр фæзынд. Ай та цавæр диссаг уа? Бахъавыдтæн æм, æмæ мæм хъамылæй дзæбæх нæ зыпд. Мæ бынатæй сыстад- тæн æмæ,— хæйрæг кæм не сты,— æвæццæгæн, йæ хъу- сыл исты æрцыд, донæн йæ тæпæгмæ æрбалæст æмæ алырдæм ракæс-бакæс кæны. «Гæды зæгъыс, нал аир- вæздзынæ»,—ахъуыды кодтон мæхинымæры. (Уæуу, мæ хъуыр мын цыдæр бахгæдта). Æз мæ топп арæвдз кодтон, уæдæ цы уыдаид, ныхъхъус дæн, æнхъæлмæ кæсын. Уый иучысыл алæууыд æмæ та алепк кодта,— мæй кæдæм каст, уырдæм куы бахæццæ, уæд йæ фæ- сонтæ фæзындысты. «Фыдæн фыртæн æмæ сыгъдæг удæн». Кæсын, æмæ фæздæджы аууонæй йæ цыппæртæ цæгъды. Цыма схъæрзыдта, афтæ дæр мæм фæзынд, «Хуыцау, дæуæй разы,— ахъуыды кодгон мæхинымæ- ры,— амардтон æй!» Дон æй кæронмæ куы раппæрста, уæд раргом бынтондæр; стыныл ма афæлвæрдта, фæлæ йæ бон нал баци. Атухитæ ма кодта иуцъусдуг, стæй 52
пæхй ауагъта. Ныр дзæбæх зыны. Кæсыс æМ, змæл1'а$ дæр нал кæны, æвæццæгæн, ныммард. Хъазахъхъ пост- мæ фсзгъорыпц,— кæд пе ’мбæлттæ пæ апрвæзпккой. — Ницыуал æрцахстат,— загъта зæронд.— Ныр уыдон сæхи \ айстаиккой,— æмæ та æнкъардæй, йæ хуылфмæ кæсгæйæ, йæ сæр банкъуыста. Уыцы сахат’ фистæг æмæ бæхджын хъазахъхъ хъæ- рæй дзургæйæ æмæ къалиутæ къæрццытæгæпгæ æрба- зындысты. — Æвæццæгæн, бæлæгъ æрбаласынц,— фæхъæр код- га Лука. — Саг лæг дæ, Лука. Дæ рынтæ мæ гуыбыны. Рала- сут æй доны былмæ,— хъæр кодта хъазахъхъæй иу. Лука бæлæгъ æрбахæццæмæ дæр пал фæлæууыд, фæлæ йæ дзауматæ ласыпмæ фæци, мардмæ йæ цæсты зул даргæйæ. — Фæлæуу уал! Назаркæ бæлæгъ куы æрбаласы!— хъæр кодта урядпик. — Æдылы сæр, кæд ма æгас у, мпййаг, марды æф- сон кæд йæхи барæп иыхъхъус кодта. Хъама уæддæр ахæсс,— фæхъæр кодта хъазахъхъаг. — Ныхæстæ кæпыс!— йæ хæлаф ласгæйæ загъта Лу- ка. Цырд йæ дзауматæ раласта, йæхиуыл дзуар бафтыд- та, йæ мидбынаты хæрдмæ йæхи фехста, æмæ доны йа\ цæлхъ фæцыд. Йæ астæу бæрзонд даргайæ йæ урс къухтæ дардмæ æлвæста æмæ æмдзæхгæр нвазгæ лепк акодта. Хъазахъхъ доны былыл иукъордæй пыхасгæп- гæйæ æмдзырд кодтой. Æртæ бæхджыны сгарæг аиы- дысты. Бæлæгъ фæндаджы фæзилæнæй фæзынд. Лу- кашкæ тæыæджы йæ къæхтыл алæууыд, æргуыбыр код- та æмæ марды иу-дыууæ фæлдæхты акодта. — Мардæй йæм дау нæй!— æрбайхъуыст уырдыгæй Лукайы цъæхснаг хъæлæс. Цæцæйнагæн нæмыг раст йæ тæккæ сæрыл сæмбæлд. Йæ дзауматæ — цъæх хæлаф, хæдон, цухъхъа, йæ гæрзтæ — топп, хъама — се ’ппæт дæр йæ фæсонтæм сбаста. Уыдоны уæлæ баст уыд дынджыр бæласы цонг, райдианы Лукашкæйы чи фæсайдта, уый. Дзæбæх сардзан кæфыл фæхæст дæ, лымæн!—загъ- та, марды алыварс зиллаклæудчи кодта, уыцы хъазахъ- хъæй иу, марды бæлæгъæй куы раргъæвтой æмæ йæ,' допы был кæрдæг ссæндгæйæ куы адаргъ кодтой, уæд. — Цы бур-бурид у йæ буар,— загъта иниæ. — Нæ адæм кæдæм ацыдаиккой цымæ? Æвæццæ- 53
гæн, фаллаг фарсмæ ахызтысты. Ай сæ раздзог/уыдаид, уыййедтæмæ пæ иунæгæн, кæд йе ’сæфт не ’гщыд, уæд цы фыдбылыз хаста, кæдæм мын цыд!— загута æртык- каг. / — Ипнæтæй хъауджыдæр йæхи кæм суæлдай кодта, уым æнæлæг пæ уыд. Сæ тæккæ сæрæидæртæй!— хъаз- гæмхасæн, хыиджылæггæнæгау загъта ’ Лукашкæ йæ хуылыдз дзаума лæмаргæйæ æмæ æдзух фсстъæлф- фестъæлфгæнгæйæ.— Йæ зачъетæ ахуырст æмæ æлвыд сты. — Иæ цухъхъа хызыны мидæг фæсонтыл бабаста. Æмæ афтæ хъуыд, ленк кæнынмæ йын æнцондæр уыд,— загъта чидæр. — Хъусыс, Лукашкæ!— бадзырдта урядник, йæ къу- хы марды хъама æмæ топп даргæйæ.— Ды баздæх, æмæ а хъама дæхицæн уадз, цухъхъа дæр афтæ, а топп чи у, уымæн дып æртæ сомы ратдзынæп, æрбацу-иу. Тыпг хæзиа нæу, гæды пыхас æхсптт кæны,—загъта уый, топпы хæтæлы фугæнгæйæ.— Афтæ мæм дæ номыл фæ- дарып дзæбæхау кæсы. Лукашкæ йæм фæстæмæ ницы сдзырдта: хъыг ып уыд уыцы мæгуыргурдзипад, фæлæ æпдæр амал æмæ æнæ афтæ баксцпæн нæ.уыд. — Ничи йæм кæсы; уыцы хæйрæгмæ!—загъта уый, йæхн фæтар кæпгæйæ, æмæ цæцæйнаг цухъхъа зæххыл пыццавта.— Истæйаг цухъхъа дæр ма куы уаид, фæлæ цыдæр байгуш. — Хъæдмæ цæуыпмæ уæддæр бæззы,— загъта иннæ хъазахъхъаг. — Мосев, пæхимæ ауайынвæнд мæм ис,— загъта Лу- кашкæ урядникæн: йæ маст æй ферох æмæ йын лæвар кæй бакодта, уып æнæуый истæмæй баххæст кæпынмæ хъавыд. — /Смæ цы кæиы, æгайтма дæ фæнды,— цæугæ! — Марадзут, посты æддæмæ йæ аласут,— загъта уряд- ник хъазахъхъæп йæ топп рауын-бауынгæнгæйæ.— Хур æм цæмæй нæ кæса, уый тыххæй нсты тапкагонд аразын хъæудзæн. Æвæццæгæн, хох сæ мард нæ пыу- уадзысты, æлха~!ныпмæ йæм æрцæудзысты. — Тас ын нæу, пырма уыйбæрц æнтæф пæма у,— загъта чидæр. 1— Хъæддаг куыдз æй куы акъабæзтæ кæпа, мнй- йаг? Уæд хорз уыдзæн?— баппæрста йæ пыхас хъазахъ- хъæгтæй иу. 54
— Хт&хъхъæнджыты æрæвæрын хъæудзæн, кæннод æй куы ’лхаЦюй,— къабæзтæй хорз нæ уыдзæн. — Гъæй, Лукашкæ, дæ бар дæхи, фæлæ дæ фæси- вæдæн иу >ведра æрæвæрын хъæуы,— загъта хъазгæ ’мхасæн хъæлдзæгæй урядник. — Æнæ уый та уæдæ куыд!— сдзырдтой алырдыгæй хъазахъхъ.— Хуыцау ын цы амонд радта, йæ хъул сах абадт: æнæ исты фенгæйæ, æнæ фыдæбонæй абырæджы афæлдæхта. — Хъама æмæ цухъхъа балхæи. Æрмæст æхца фыл- дæр рахæсс. Хæлаф дæр уæй кæнын. Кæмæ мын цæ- уынц,— дзырдта Лукашкæ.— Мæныл уæддæр не ссæу- дзæн. Стæвдтæ уыд, йæ мард фесæфа! Цухъхъа иу хъазахъхъаг сомæй алхæдта. Хъама- йыл иннæ радта дыууæ сæны ведрайы. — Цæй, куйтæ уæ бахæрæнт, иу ведра уын æвæрын, нуазгæут, лæппутæ,—загъта Лукашкæ.— Хæсгæ дæр ма уын æй мæхæдæг æрбакæндзыпæп хъæуæй. — Хæлафæй та чызджытæн сæрбæттæитæ скæрд,— загъта Назаркæ. Хъазахъхъ ныккæл-кæл кодтой. — Цæй-ма, уæ худын нал ныууадздзыстут?— сдзырдта урядник.— Адде йæ кæнут ардыгæй уыцы æл- гъаджы! Хæдзары цур æй цы æрæвæрдтат? — Ныр цы слæууыдыстут? Раласут æй ацырдæм!— барджын хъæлæсæй фæхъæр кодта Лукашкæ. Хъазахъхъ уыйагъоммæ зивæггæнгæйæ æвнæлдгой мар- ды буармæ, фæлæ Лукашкæ, цыма сæ хицау уыд, уыйау ын йæ ныхас сæххæст кодтой. Марды иукъорд къах- дзæфы æддæдæр.аластой йæ къæхтæй æмæ йæ æрæп- пæрстой, сæхæдæг сæхи чысыл фæстæдæр айстой æмæ исдуг æнæдзургæйæ йæ уæлхъус алæууыдысты. Мар- дæн йæ сæр йæ быны фæци. Назаркæ бацыд, сæр мар- ды бынæй раласта æмæ йын йæ цæсгом æмæ йæ мæнг- дзæсты сæрмæ топдзæф дзæбæх куыд зындаиккой, афтæ йæ сарæзта. — Бæрæггæнæн ын æвзæр не скодта, æвæдза! Дзæ- бæх ранмæ йын бахъавыд! Раст йæ тæккæ сæрымагъзы хъапмæ,— загъта хъазахъхъæй иу.— Нал фесæфдзæн, хионтæ йæ йæ гаккæй базондзысты. Ничи йæм ницы сдзырдта, фарн се ’хсæнты атахг, æмæ та æрсабыр сты. Хур дзæвгар уæлиау ссыд æмæ йæ тынтæй рухс кодта æртæхджып цъæхснаг кæрдæгыл. Хъæд райхъал, 55
æмæ Тсрк йæ хъæбысы гуыр-гуыр кодта. Райсомыд’ цингæнгæйæ х’йæддаг уасджытæ хæрзæггурæга/кæрæдзи- мæ уасыдысты. Хъазахъхъ марды уæлхъус таодæрфæсгæ- нæджы лæуд кодтой æмæ йæм кастысты. Марды нуар- джып цæнгтæ æмраст хъæддыхæй лæууыдысты фæрсты æмбуар. Цъæхбын погдаст тымбыл сæр, туг кæм ба- цахст, уыцы топдзæфтимæ фæстæуæз æвæрд уыд. Ху- рæй сыгъд лæгъз ных æргом бæрæгдæр уыд даст сæ- ры цармæй æмæ хицæн хуызы йæхи æвдыста. Авгхуыз дзагъыр цæстытæ арф хауд гагуытимæ хæрдмæ дзæ- гъæл кастысты. Цæхгæр æлвыд сырх рихиты бын на- рæгвæст былтыл баззад зæрдæхæлар зына-нæзыиа мид- былты худт. Хъуынджын гыццыл къухты æпгуылдзтæ сырх ахуырст ныхтимæ мидæмæ таст уыдысты. Лукаш- кæ пырма йæ дзауматæ йæ уæлæ пæма скодта. Уый уыд хуылыдз, йæ бæрзæй фыццагæй сырхдæр уыд, йæ1 цæстытæ уæлдай тынгдæр æрттывтой, фæтæп рустæ рæстæгæй-рæстæгмæ стъæлфæгау зыр-зыр кодтой, урс æнæннз тыхджып буар зына-иæзына тæф уагъта рай- сомы уазал дымгæмæ. — Уый дæр, æвæдза, адæймаг уыд,— загъта Лукаш- кæ марды зæрдæмæдзæугæ сурæтмæ кæсгæйæ. — Фадат ран дыл куы фæхæст уыдаид, уæд куыд ра- ирвæзтаис, уый лæппутæ федтаиккой: мысты хуыпкъ туманæй агуырдтаис. Фарн се ’хсæнæй атахт. Хъазахъхъ та базмæлыды- сты, ныхас кæнын байдыдтой. Дыууæйæ уистæ кæпын- мæ ацыдысты тапка саразынæн. Иннæтæ постырдæм сæхи айстой. Лукашкæ æмæ Назаркæ хъæумæ цæуып сфæнд кодтой æмæ азгъордтой сæхи арæвдз кæ- нынмæ. Сахаты æрдæг рацыдаид — нæ, афтæ Лукашкæ Назар- кæимæ хъæуæй Терчы æхсæн тархъæды мидæг фæдисы згьорд кодтой сæ хæдзæрттæм, æнæскъуйгæ ныхасгæи- гæйæ. — Хъусыс, мæ кой-иу ма скæп, фæлæ бацу æмæ йæ мой сæ хæдзары ис, нæй, уый бæрæг хабар мын-иу ра- хæсс,— дзырдта Лука йæ цъæхснаг хъæлæсæй. — Æз та Ямкæмæ бауайдзынæн. Гъæй, цæй æмæ абоны бон нæ бонтæй иу арвитæм, иучысыл нæхи ба- хъæлдзæг кæнæм. Цы зæгъыс, мæ лымæн?— афарста коммæгæсаг Назаркæ. 1 — Уæдæ ма кæд, кæд, хуыздæр бонтæ ма пыл кæд скæпдзгсн?—дзуапп ып радта Лука. 56
Хъæумæ куы бацыдысты, уæд хорз банызтой æм# схуыссыдысты изæрмæ æмгъуыдæй. Уыцы хабæртты фæстæ æртыккаг боп Кавказаг фи- стæг пъолкæй дыууæ ротæйы æрцыдысты цæрынмæ Но- вомлинскы хъазахъхъаг хъæумæ. Хъæуæн йæ бæрæга- стæу лæгъзы мидæг æрбадтысты æмæ сæ бæхтæ суæгъд кодтой. Касгæнджытæ дзыхъхъытæ скъахтой, алы æгуы- дзæг рæттæй суджы лыггæгтæ фæхастой æмæ кас фых- той. Фельдфебельтæ æхцатæ уæрстой. Бæхтæмзилджы- тæ михтæ къуырдтой бæхбæттæнгæп. Фатсры койгæн- джытæ хицон адæмау ратæх-батæх кодтой уынгты, афицертæ æмæ салдæттæн сæ фатертæ амонгæйæ. Уым уыд цъæх асыччытæ рæнхъæвæрдæй. Уым уыд цып- пæрдзæлхыг уæрдæттæ æмæ бæхтæ. Уым уыд касфы- цæн æгтæ. Уым уыд капитаи, поручик æмæ фельдфе- бель, Онисим Михайлович. Уыдонæн се ’ппæтæн дæр рагагъоммæ æмбæрстгопд уыд, ацы хъæуы мидæг кæй уыдзæн сæ цæрæпбыпат, уый. Уыйадыл цыма сæхи хæ- дзæртты æрцардысты, уыйхуызæн сæм зынд. Цæмæн ацы ран æрцардысты? Чи сты ацы хъазахъхъ? Ам кæй æрцардысты, уый хъазахъхъы зæрдæмæ цæуы, нæ цæ- уы? Зæронд дингæиджытæ сты æви пе сты? Уыдæттæ- йедтæ йæ зæрдæйы кæрон, йæ хъуыдыйы дæр никæмæп уыд. Уæгъдибар, фæлмаст рыгæйдзаг салдæттæ хъом- палæй, хъæлæбагæнгæ, ногдзыд мыдыбындзыты хуызæн пыххæлиу сты хъæуы уынгты æмæ лæгъзыты. Хъа- захъхъ сæм цы æвзæр цæстæнгас дардтой, уый йæ фæ- сс::хр::æджы дæр пикæмæн уыд, афтæмæй дыгæйттæй, æртыгæйттæй, хъæлдзæг ныхæстæгæнгæ æмæ топпытæй зыланг-мылупггæнгæ хæдзæрттæм æиæфсæрмæй быр- стой, дзауматæ къултыл ауыгътой, голджытæ райхал- байхал кодтой æмæ хъазахъхъы устытимæ хынджылæг скъæрдтой. Салдæттæ сæ уарзон касфыцæн бынатмæ æмбырдтæ кæнынц дзыгуыртæй æмæ, сæ лулæтæ сæ дзыхты, афтæмæй ракæс-бакæс кæнынц, æнæзынгæйæ, хъуызæгау уæларвмæ чи сфардæг æмæ уым урс мигъау чи сбадт, уыцы фæздæгмæ, кæнæ кæсыиц, сыгъдæг уæлдæфы тад авджы хуызæн зыр-зыргæнгæ чи хъазы, уыцы арты цыренмæ. Хъазæн пыхæстæгæнгæйæ, сæхи ирхæфсыпц æмæ хъазахъхъ сæ сылтимæ уырысы хуы- зæп кæй нæ цæрыиц, сæ царды уаг, сæ царды æгъдæут- тæ æпдæр кæй сты, уыдæттыл худынц. Алы кæрты змæ- лыпц салдæттæ, æмæ хъуысы сæ хъæлдзæг худт, сæ кæл-кæл; хъуысы, салдæтты сæ хæдзæрттæм чи нæ уа- 57
дзы, дон, дзаума сын чп нæ дæтты, уыцы хъазахъхъаг устыты цъæхахст хъæлæс æмæ хъæр. Гыццыл сывæл- лæттæ, сæ мадæлтыл кæнæ сæ кæрæдзийыл сæхи ны- хасгæйæ, тарстхуызы мидæг дисгæнгæйæ кæсынц, кæй никуыма федтой, уыцы салдæтты змæлдмæ æмæ дар- дæй сæ фæдыл згъорынц. Зæронд хъазахъхъæгтæ хæ- дзæрттæй æддæмæ лæсынц, къулы тæрхæгыл сбадынц æмæ æнæистыдзургæйæ, æнтъыснæгæй салдæтты ракæ- бакæмæ кæсыпц, цыма алцæуыл дæр сæ къух ауыгь- той, ахæм цæстæнгасæй. Олении иыр æртæ мæйы Кавказы пъолчы бакуыста. Фатер ын радтой хæрунжий Илья Васильевич æмæ йæ ус Улиткæйы хæдзары, хъæуы мидæг хæдзæрттæн сæ тæккæ хуыздæры. — Нæ раны стæм, Дмитрий Анреевич! Бæрæг нæм уыдзæн, цъысымы бахаудыстæм,— дзырдта Ванюшæ Оленинæн хæстулæфтгæнгæйæ, цухъхъайы мидæг хъæл- дзæгæй фондз сахаты цыды фæстæ сæ ног фатеры кæр- ты куы æрбалæууыд, уæд, Грознайы цы кæсгон бæх балхæдта, ууыл бадгæйæ. — Æмæ цы хабар у, Иван Васильевич?— бафарста Оленин, бæхмæ æвзидгæйæ хъæлдзæгдæры тыххæй æмæ Ванюшæмæ кæсгæйæ. Ванюшæ, мæгуыр, ныртæккæ æр- бахæццæ уæрдонимæ æмæ уыцы хидæйдзагæй, пыхцыл сæрыхъуыптимæ мæСтыхуызæй дзауматæ æфснæйдта. Оленин бакастæй йæхи хуызæи нал уыд, æндæр адæймаг фестад, нал æй базыдтаис. Быныл даст цæс- гомы бæсты йыл уыд лæппын хъуын, гыццыл рихитæ æмæ зачъетæ. Æнæ хуыссæгæй фæлмæст цæсгом аивта æнæниз хурсыгъд уадултæй, ных æмæ фæсхъустæй. Ног сау фрачы1 бæсты дардта урс чъизи фæтæнсинтæ цухъхъа æмæ хæцæнгарз. Ног сыгъдæг крахмал æфцæг- готы бæсты йыл уыд зæлдаг куырæты æфцæггот йæ хурæй сыгъд хъуырыл. Черкесаг дзаума дардта, фæлæ йыл хорз нæ фидыдтой. Йæ фыццаг бакастæй бæрæг уыд, хохаг кæй нæу, фæлæ уырыссаг кæй у, уый. Цыдæрид- дæр цыма куыд æмбæлд, афтæ æгъдауыл конд уыд, фæ- лæ цыма афтæ дæрнæ уыд, уыйхуызæн зынд, фæлæ уæддæр’ æдде бакæсгæйæ, æнæниз, хъæлдзæг кæй у, йæ- хицæй разы кæй у, йæхæдæг йæхи зæрдæмæ кæй цæуы, уый бæлвырд уыд, уый гуырысхойаг нæ уыд. ’— Дæумæ худæг кæсы,— загъта Ванюшæ,— фæлæ- Уæлæдарæс дзаума. 58
ма дæхæдæг авзар, цу ’мæ аныхас кæи семæ. Æппын лæджы ницæмæ дарынц. Дзырд циу, уый дæр сæ нæ рафæлгъаудзынæ.— Ванюшæ мæстыйæ ведра къæсæр- мæ баппæрста.— Цы мæрдтаг сты, ард сæ фæнычы ба- цæуа, уый бæрæг нæй, уырысы хуызæн дæр не сты. — Хъæуыхицауимæ цæуылнæ аныхас кодтай? — Хæйрæг базонæд, чи сæ кæм цæры, æз сын ницы зонын,— тæргайхуызæй, бустæгæнгæ загъта Ванюшæ. — Уæддæр дæ афтæ чи ’фхæры?— афарста йæ Оленин алырдæм кæсгæйæ. — Æмæ сын чи цы ’мбары! Тфу! Хицау бæрæг дæр дзы нæй. Кæдæмдæр, кæсагахсынмæ, дам, ацыд! Сæ зæ- ронд ус — усбирæгъ никуы федтай? Абабау, хуыцау мæ уымæй бахизæд! Ам куыд фæцæрдзыстæм, уымæн ницы зонын! Афтæмæй сæ чырыстон хонынц, уайдзаг бауæнт; тæтæйраг куы загъдæуа, уый дæр бирæ хуыз- дæр, бирæ уæздандæр у. Ацыди, дам, ацыд. Цы хæйрæг æй ахаста, уый бæрæг насй!— бафтыдта ма Ванюшæ æмæ Оленинмæ йæ чъылдым фе дæхта. — Нæхимæйы хуызæн нæу гм уæдæ, н?—загъта Олснин, хъазгæмхасæн, мæстæймарæга ’, бæхыл бадгæйæ. — Бæх ардæм æри,— загъта Ваиюшкæ йæ гхуыр æгъдаумæ гæсгæ æмæ ног царды уагыл ди;гæпгæйæ. — Уæдæ тæтæйраг уæздандæр у, зæгъыс, Ваиюшæ, н?—дыккаг хатт æй афарста Оленин. Бæхæй рафнстæг æмæ саргъы баз йæ къухæй æрхоста. — Дæумæ худæг кæсы, фæлæ йæ бамбардзынæ!— загъта Ванюшæ мæстджын хъæлæсæй. — Фæлæуу-ма, дæ хорзæхæй, мæсты ма кæ, мæсты Иван Васильевич,— загъта Оленин йæ мидбылтьг худгæйæ.— Кæс-ма уæдæ мæнмæ, æз сæм бацæуон, кæддæра хъуыддаг дзæбæх нæ ацæуид. Афтæ цæрдзы- стæм, æмæ хуыздæр пал æмбæлы! Æрмæст ды мæсты ма кæ. Ванюшæ йæм ницы дзырдта, æрмæст цъынддзастæй, æвзæр, æлгъаджы цæстæнгасæй йæ барины фæдыл акаст æмæ йæ сæр батылдта. Кусæг барипмæ æмæ барин кусæгмæ цы цæстæй фæ- кæсы, уыцы цæстæй кастысты кæрæдзимæ Олснин æмæ Ванюшæ. Исчи сын афтæ куы загътаид, дыууæ хорз хæлары сты, зæгъгæ, уæд стыр дисы бацыдаиккой. Фæ- лæ йæ сæхæдæг дæр нс ’мбæрстой, афтæмæй стыр дыу- уæ лькмæны уыдысты. Ванюшæ æмæ Олепнн æмгæртгæ, иуазыккæттæ уыдысты. Иуæндæсаздзыдæй Ванюшæйы’ 59
барины хæдзармæ райстой. Олениныл фынддæс азы цьь Даид, афтæ иуахæмы Ванюшæйы чиныджы ахуыр кæ- нын байдыдта æмæ йын францусагду кæсын дæр баца- мыдта. Уыцы æгъдауæй-иу Ванюшæ йæхи сæрыстыр кодта æмæ йæ сины сæрыл хæцыд. Йæдзæбæх зæрдыл- иу куы уыд, уæд-иу ныхасгæнгæйæ францусаг ныхæстæ дæр фæтъыста æмæ-иу йæхæдæг æдылы худт бакодта. Оленин хæдзары дæлбазыры асинтыл суади æмæ тыргъы дуар басхуыста. Марьянкæ фæтарст æмæ "фес- хъиудта, къулынцой алæууыд æмæ йæ хæдоны уæрæх дысæй йæ цæсгсмы дæллсг æмбис амбæрста. • Марьяп- кæ æрмæст афтид хæдопы уыд: афтæ уыд се ’гъдау хъазахъхъы устытæп мидхæдзары. Олепнн дыккаг ду- ар бакодта æмæ дыдзы рухсмæ ауыдта бæрзопд, хæрз- коид, æвзонг хъазахъхъаг чызджы сурæт. Йæ цæсты- тæй йæ ахордтаид, ахæм лæппулæджы цæстæпгасæй нæм бакаст. Уайтагъд йæ цæст ацахста тæнæг хъуы- мац хæдоны бын тыхджын, æнæниз сылгоймаджы гуырвидауц æмæ рæсугъддзинæдтæ, сыпты базыры хуы- зæп сатæгсау рæсугъд цæстытæ, æвзонг адæймаджы тарс'1хуыз æмæ йæм чи фемдзаст, уыцы сырддзаст æмæ æмбаргæ цæстæнгас. «Мæнæ ис, гъеныр æй ссардтоп, гъе, кæд ма исты зопын, уæд»,— ахъуыды кодта Оле- иии. «Ахæмтæ ма дзы поджыдæр бирæ уыдзæп»,—сдзырд- та та йæм уыйфæстæ йæ зæрдæ, æмæ хæдзары дуар ба- кодта. Зæронд ус Улиткæ, йæ чызджы хуызæп уый дæр айдагъ хæдопы мидæг, гуыбырæй, йæ чъылдым уазæ- джырдæм здæхт, афтæмæй уат марзта. — Дæ бон хорз, пæ мад!—Æз дæм фатеры тыххæй æрбауадтæн...— байдыдта мæлгъæвзагæй дзурып Олс- нин. Зæронд ус йæ астæу не стасын кодта, афтæмæй йæм пæ тызмæг, карз, ныр дæр ма рæсугъд цæсгом фæзылд- та. — Цы ’рбабырыдтæ? Хынджылæг кæнынмæ нæ хъа- выс? И? Æз дын бацамондзынæн, куыд хынджылæг кæнын хъæуы, уый. Рып уыл сыста,— фæхъæр кодта ус, тар æрфгуыты быпæй зулдзастæй кæсгæйæ. Олепин афтæ æпхт æл уыд, æмæ фæлмæст хъæбатыр кавказаг æфсæдтæм, йæхæдæг дæр нымад кæуыл уыд, уыдонмæ кæмдæриддæр цингæнгæйæ, дзæбæх цæстæп ра’кæсдзысты, уæлдайдæр та хъазахъхъ, сс ’мфсæддои хæпæг адæм, æмæ уымæ гæсгæ стыр дпсы бацыд, цы '|*ъдау ын радтой, ууыл. Фæлæ уæддæр нæ фефсæрмы 60
æмæ зæронд усæн бамбарын кæнынмæ хъавыд, йæ фа- терæн ын æхца фидынвæнд кæй кæны, уый, фæлæ йын зæ- ронд ус йæ дзырд кæронмæ ахæццæ кæнын нæ бауагъта. — Цы ’рбалæстæ? Цы гуыбынниз дæ хæры? Даст хæмхудтæ! Фæлæуу, мæнæ нæ лæг æрбацæуа, уый дын бацамондзæн дæ бынат. Цы сæ кæнын де ’взæр æхца- тæй? Мах ахæмтæ бирæ федтам! Тамакойы смагæй хæ- дзар фесæфдзæи, æмæ йæ æхцайæ баххæст кæнынмæ хъавы. Атъæпп уа мын дæ сæр!—бæстæ хъæрæй йæ сæрыл систа зæронд ус. Оленинмæ дзы дзырды бар нал æрхауд. «Куыд уынын, афтæмæй Ванюшæ раст у!—ахъуыды кодта Оленип.— Тæтæйраг бирæ уæздандæр у»,— æмæ, Улиткæйы судзаг арфæтæ йæ фæдыл цæугæйæ, афтæ- мæй дуары æдде фæци. Æддæмæ куы рацæйцыд, уæд Марьянкæ тыргъы мидæг йæ цурты æнæнхъæлгæйæ æваст фæселф ласта афтид хæдоны мидæг æмæ урс кæлмæрзæнæй тыхт цæсгомимæ. Бæгъæввадæй, асины къæхтыл гуыпп-гуыпгæпгæ цырд æрызгъордта, фæ- лæууыд, худæицæстæнгасæй лæппулæгмæ уыциу каст фæкодта æмæ хæдзары фисыпы аууон фæци. Æвзопг чызджы уæндон цыд, цæхæрцæст сырддзаст урс кæлмæрзæны бынæй, хæрзконд, тыхджыиарæзт, пæртон рæсугъд чызджы буар Оленипы зæрдæ тыпг балхæдтой. «Æвæццæгæн, уый!», зæгъгæ, загъта хины- мæры. Фатеры мæт дæр æй тыиг пал уыд, афтæмæй чызгмæ фæкæс-фæкæсгæнгæйæ Ваиюшæмæ бацыд. — Кæсыс, сæ чызг дæр сæхи хуызæн хъæддаг у! Сындзы бынæй сындз цæуы,— загъта Ванюшæ уæрдо- пимæ архайгæйæ,— емыльжк ефсæй уæлдай нæу. Ла- фам\ цы хуыцау æй дæтты,— бафтыдта ма уый хъæ- рæн> бæзджып хъæлæсæй дзургæйæ, æмæ йæхæдæг ху- дæгæй уæлгоммæ ахауд. XI Изæры хæдзары хпцау кæсагахсыпæй æрбаздæхт æмæ куы бамбæрста, фатерæп ын æхца фидынвæнд кæнынц, уæд йс ’фспиы æрсабыр, æрлæгъз кодта æмæ дзы Ва- нюшæ цы домдта, уыдопыл сразы пс. Сæ ног фатсры сæ цард алцæмæм дæр счсвдз год- тсй. Хгдзары хицæуттæ баивтой хъарм агъуыстмæ, 1сП- 1 Сылгоймаг, 61
керæн та радтой уазал уат мæй æртæ сомыл. Оленин бахордта, схуыссыд æмæ бафынæй. Изæрырдæм рай- хъал, йæхи цæхсадта, йæ дзауматæ асыгъдæджытæ код- та, сихор бахордта, бапъироз ссыгъта æмæ уынджыр- дæм фæрссаджы цур сбадт. Æнтæф фæсаст, фæуазал- дæр. Хæдзары аууон иуварсырдæм зулаив адаргъ ры- гæйдзаг уынджы æмæ базылди сыхаг хæдзары бынду- рыл дæр. Иæ бакомкоммæ, уынгæн иннæрдыгæй фарс, хъамылæй æмбæрзт хæдзары кæрз къулсæр тæмæнтæ калдта хуры рухсмæ, хурæн йæ ныгуылæнмæ ’ввахс. Уæлдæф куыдфæстæмæ уазалдæр кодта. Хъæубæстæ уыд сабыр, æдзæм. Салдæттæ фатертæ бацахстой æмæ æрсабыр сты. Хъом нæма ссыдысты. Адæм сæ быдыры куыстæй нæма æрбаздæхтысты. Оленины фатер уыд хъæуæн йæ кæронмæ ’ввахс. Стæммæ дард, Терчы фаллаг фарсæй, бæрæг нæ уыд, кæцæй, цæцæнæй æви хъуымыхъхъы быдыртæй, хъуы- стысты топпы гæрæхты æмыр хъæртæ. Æртæ мæйы æф- сæдтимæ быдырты парды фæстæ Оленинмæ йæ ныры цард дзæбæх каст. Чъизидзинады фæстæ æхсад цæс- гом æмæ сыгъдæг буар Оленипы сног кодтой, уæнгтæ сæ фæллад суагътой æмæ фæхъæддыхдæр, фæцырддæр сты. Зæрдæ дæр фæрухсдæр, фæхъæлдзæгдæр. Оленин æрымысыд хæсты заман æмæ тас рæстæг. Йæ зæрдыл æрбалæууыд, тас рæтты йæхи куыд дзæбæх дардта,æв- зæрдæр кæй никæмæй уыд æмæ Кавказы хъæбатыр къордыл нымад куыд æрцыд, уыдæттæ. Мæскуыйы хъуыддæгтæ адард сты, зæрдæ сæм иал æхсайдта. Фс- рох ис зæронд цард дæр, ралæууыд пог, бынтоп ног цард, рæдыддзинад кæм нæма уыд, ахæм. Ныр ын амал уыд ам ног адæймагæй æцæгæлон адæмы ’хсæн йæхи равдисын, йæ цард хорз уагыл сæвæрын, дзæбæх цæ- стæй йæм цæмæй ракæсой æмæ йæ хорзы ном цæмæй баззайа, йæ зæрдæ дзаг уыд, æнæ исты ’фсонæй, ног царды циндзинæдтæй. Фæрссагæй æддæмæ уынгмæ каст. Уым лæппутæ аууон ран цъилтæй хъазыдысты. Уыдонмæ æмæ йс ’фснайд фæтермæ кæсгæйæ хъуыды- тæ кодта, йæ цард куыд хъæлдзæг, куыд дзæбæх сараз- дзæп ацы ног хъазахъхъаг хъæуы мидæг. Скæстытæ кодта хæхтæм æмæ арвмæ дæр, æмæ ма йæ фыццаг хъуыдытыл бафтыд ног фæндонтæ бæсты стырдзинад æмæ рæсугъддзинæдты сæраппонд. Мæскуыйæ куы цыд, >æд куыд æнхъæл уыд, уыцы æгъдауыл æвæрд не ’рцыд йæ цард, фæлæ æнаенхъæлгæйæ хуыздæр рацыд. Хæх- 62
тæ, хæхтаё, хæхтæ, йæ цæстытыл хъазыдысты æмæ нæ цух кодтой йæ зонд æмæ йæ зæрдæйæ. — Гадзайæн аба кодта, дурыи басдæрдта! Зæронд Ерошкæ гадзайæн аба кодта,— схъæр кодтой æваст хъазахъхъаг лæппутæ, уыйагъоммæ цъилæй чи хъазыд рудзынджы бын, уыдоп.— Гадзайæн аба кодта! Хъама арахъхъыл ауæй кодта!—хъæр кодтой гыццыл сывæл- лæттæ, кæрæдзимæ æнгом лæугæйæ æмæ размæ лидз- гæйæ. Уыдон мæстæй мардтой зæронд лæг Ерошкæйы. Ерошкæ цуанæй æрбацæйцыд, топп йе ’фцæджы, хъæд- даг уасджытæ йæ астæуыл йæ роны сагъд, афтæмæй. — Мæ аххос у, мæ аххос, лæппутæ!—дзырдта Ерош- кæ цæугæ-цæуын хъæлдзæгæй, рог-рог йæ къухтæ тилгæйæ æмæ дыууæрдæм хæдзæртты рудзгуытæм кæс- гæйæ.— Ауæй кодтон мæ гадза арахъхъыл, мæ аххос у æцæг, мæ аххос!— загъта Ерошкæ дыккаг хатт, æвæц- цæгæн, мæстыйæ, фæлæ йын цыма хъыг пæ уыд æмæ сæ ницæмæ дардта, афтæ æвдыста йæхи. Олеиин стыр дис фæкодта, лæппутæ зæропд цуаион- мæ цы дзыхы уагæй дзырдтой, ууыл, ноджы диссагдæр та йæм фæкаст, Ерошкæ кæй хуыдтой, уымæн йæ зæр- дæргом, æмбаргæ цæсгомы хатт æмæ йæ тыхджын уæпгты æвæрд. — Зæронд лæг! Уæ хъазахъхъаг!— бадзырдта йæм Олепин.— Ардæм-ма хæстæг æрбацу. Зæронд лæг рудзынгмæ фæкаст æмæ ныллæууыд. — Дæ бон хорз уæд, хорз лæг!— загъта Ерошкæ, йæ уæлæнгай æлвыд сæрæй йæ гыццыл худ уæлæмæ ис- гæйæ — Æгас нæм цу, хорз лæг, æгас,— дзуапп ын радта Олёнин.— Цы дæм дзурынц уый сывæллæттæ? Ерошкæ фæрссагмæ хæстæгдæр бацыд. — Цы дзурын æнхъæл сын дæ. Мæстæй мæ марынц, зæронд лæджы. Æмæ уый ницы кæны. Æз уарзын сы- вæллæттимæ хъазын. Уадз æмæ мыл цин кæной,— загъта уый тыхджынæй, дзырдтæ ивазгæйæ, æмæ, зæ- ронд æгъдауджын адæймаг цы дзыхы уагæй фæдзуры, уыцы æгъдауæй.— Ды, æвæццæгæн, фистæг салдæтты хицау уыдзынæ? — Нæ, æз юнкер дæн. Уыцы хъæддаг уасджытæ та кæм амардтай?— афарста йæ Оленин. — Хъæды æртæ карчы амардтон,— загъта зæронд лæг æмæ фæрссаджырдæм йæ фæтæн чъылдым фæзылд- 63
та. Фæсте æртæ хъæддаг карчы, сæ къубæлттæ роны сагъдæй, дзедзыкка кодтой, туджы æртæхгæ калгæйæ цухъхъайыл. — Никуы сæ фсдтай, æвæццæгæн?— афарста йæ зæропд лæг.— Кæд дæ фæнды, уæд дзы иу-дыууæ дæ- хицæн айс. Гъа!—зæгъгæ, йæм рудзынгæй дыууæ кар- чы балæвæрдта.— Цуанон нæ дæ?— афарста йæ зæ- ронд. — Бæгуыдæр дæп цуанон. Хæстмæ цæугæйæ дзы фæндагыл мæхæдæг дæр цыппар амардтон. — Цыппар, зæгъыс? Æгæр фæдæ уæдæ!— загъта зæронд лæг, Олениныл худгæйæ.— Уый дæр афтæ фæ- уæд, фæлæ аназынмæ та куыд дæ? Сæнимæ лымæи нæ дæ? — Цый тыххæй нæ, аназын дæр уарзып. — Э-е-е, куыд дæм кæсын, афтæмæй сахъ лæг цы- дæр дæ. Æз æмæ ды цыма стыр лымæнтæ уыдзыстæм, афтæ мæм зыны,— загъта лæг. — Мидæмæ рацу,— загъта Олснип.— Фæпнæ сæпы дæр аназдзыстæм. — Мидæмæ дæр цы кæны, хорз у,— загъта зæронд лæг.— Кæрчытæ айс дæхпцæп. Зæроид лæджы цæсгомыл бæрæг уыд, юнкер йæ зæр- дæмæ кæй бацыд, уый. Цы бамбарын æй хъуыд, юн- кермæ йын лæвар баназыны амал кæй уыд, уый, æмæ йын уымæ гæсгæ æпæзивæгдæрæй дыууæ карчы балæ- вар кодта. Иукъорд мипуты фæстæ дуарæй æрбазынд Ерошкæ. Оленин æрмæст пыр равзæрста уыцы лæгæн йæ мы- зыхъхъ, стæвдтæарæзт, тыхджын уæнгты æвæрд. Йæ тарбып сырх цæсгом бæзджын урс-урсид зачъетимæ ставд æнцъылдтæй дзаг уыд, зæронд æмæ тыхджын фæл- лойгæиæг адæймаджы бæрæггæнæптæ: къухтæ, къæхтæ æмæ уæхсчыты хæцъæфтæ, лæппу адæймагæн куыд вæййынц, афтæ дзаг æмæ хъæддых уыдысты. Р1æ сæ- рыл ныллæгæлвыд сæрыхъуынты бынæй зындысты дын- джыр арф постæ. Ставд иуарджыи бæрзæй, раст мидæг хорæй хаст галы бæрзæйы хуызæн, чырыптæ-чырынтæ æнцъылдтæ уыд æнæласт дыууæрдæм конд хуымы хуы- зæн. Мызгъуыр къухтæ хæлд æмæ цъæррæмыгъдтæ уы- дысты. Зæроид лæг цырд æмæ аив бахызт къæсæрыл, йæ топп йе ’фцæгæй систа, къуымы йæ æрæвæрдта, уы- циу фæкастæй хæдзары дзауматыл йæ цæст ахаста æмæ базыдта, чи циу, уый, æмæ къогъодзиты мидæг йæ зы- 64
лын къæхтæй фæлмæп саичъехтæгæнгæ уаты астæумæ бацыд. Йемæ уатмæ бахаста сæн, арахъхъ, топпыхос æмæ ахст туджы æмхæццæ, тыхджын, æвзæр смаг. Ерошкæ дзуæрттæн бакуывта, йæ рихитæ адаудта, Оленинмæ хæстæгдæр бацыд æмæ йæм йæ сау ставд къух бадаргъ кодта. — Кошкильды!— загъта уый.— Уый тæтæйрагау аф- тæ у: æнæниз у, фарн уе ’хсæны. — Кошкильды!Æмбарып æй, æмбарын,—загъта Оле- нии йæ къух дæтгæйæ. — Ницы æмбарыс, нæ зоныс æгъдæуттæ! Æдылы дæ,—загъта Ерошкæ, уайдзæфгæнæгау йæ сæр тилгæ- йæ.— Афтæ дын куы загъдæуа: «Кошкильды»,уæл ын-иу зæгъ: «Ала рази бо сун», ома, хуыцауы хорзæх дæ уæд. Афтæ, мæ фыд, афтæ, уыййедтæмæ кошкильды зæгъын æтъдауы нæ цæуы. Æз дæ, хуыцауы фæндонæй, бирæ цæуылдæрты сахуыр кæндзынæн. Ам нæм иу цард Илья Мосеич, зæгъгæ, сымахæй уыд уый дæр, уырыссаг, мемæ тынг хæлар уыд. Лæгæй дæр ахæм никуы уыд, æвæдза, раст зæгъын хъæуы, саг, лæджыхъæдджын адæймаг; расыггæнаг, хуыснæг, цуанон; хуымæтæджы цуанон дæр нæ, фæлæ хорз, хорз, иттæг хорз! Æз æй алцæуыл дæр сахуыр кодтон. — Мæн та уæд цæуыл сахуыр кæндзынæ?— афар- ста йæ Оленин; куыдфæстæмæ йæм тыпгæй-тынгдæр йæ зæрдæ æхсайын байдыдта. — Цуаны дæ акæндзынæн, кæсаг ахсын дын баца- мопдзынæн. Цæцæйиæгты дын фенын кæидзыиæн, уды- 5 Попесттæ 65
гага дæ куы бахъæуа, уæд дын æй æрбахæццæ кæндзы- пæп. Æз, мæ хур, ахæм лæджы мыггаг дæи, цы мæ хо- ныс уæдæ. Хъазаг дæн, æцæт! — Æмæ зæропд лæг ныххудт.- - Цæй æмæ сбадон, мс скатпът, фæллад дæн. Карга?— фæзмæгау загъта зæропд лæг. — Карга та цы хопыс?— афарста йæ Олснпп. — Уый гуырдзиагау у «хорз». Æз афтæ фæдзурыи, уарзон ныхас мын у. Карга, карга куы дзурон, уæд уый зон, æмæ хъазгæ кæнын. Уыдæттæ иууылдæр хорз, ме скæиæг, фæлæ дæм аназинагæй æппын ницы ис? Салдат кусæг дын пæй? Æцæг, æцæг? Иван! — зæгъгæ, фæхъæр кодта зæронд лæг.— Сымахмæ алы салдат дæр Иван хуины. Дæууон дæр Иваи уыдзæн, æвæццæгæн? — О, мæнæн дæр Иван хуины. Вапюшæ! Марадз- ма, мæ хур, хæдзары хицауæй сæн рахæсс. — Иван æмæ Вапюшæ иу сты, хъауджыдæр сæ нæй. Цымæ уæм цæмæн афтæ у, иууылдæр кæд стут Ивантæ. Иваи!—зæгъгæ, фæхъæр кодта зæроыд лæг.— Æвпæлд боцкъайæ ракур. Адопы сæнæп хуыздæр æгас хъæуы мидæг дæр нæй. Хъусыс, æхсæз суарийæ фыл- дæр ведрайы æстæймаг хайæн ма ратт, кæннод уыцы кæлæпгæнæг цы иæ бакæндзæн, æууæнк ыл нæй... Мах адæмы цы хонут, цъаммар сты, æдылы адæм,— дзырд- та Ерошкæ хицои, зæрдæргом æгъдауæй, Вапюшæ æд- дæмæ куы рацыд, уæд.— Уыдоиы цæсты адæмыл нымад дæр пе стут. Уастæп тæтæйраг куы загъдæуы! Уы- донæп дæр уæ фыддæр хопыпц. Æлгъагыл уæ пыма- йынц. Мæнырдыгонау та, кæд салдат у, уæддæр адæй- маг у, уæдæ циу, уый дæр хуыцау скодта, уымæн дæр уд ис. Раст пæ зæгъын? Илья Мосеич салдат уыд, фæ- лæ ахæм адæймаг кæм уыд — зæд, сызгъæрнн. Афтæ нæу, ме скæпæг? Мæнмæ гæды сох-мох митæ пæй, раст фæ- дзурын кæддæриддæр, уарзгæ дæр мæ уый тыххæй пæ кæнынц. Фæлæ сæ хъуыды дæр нæ кæиын, мæнæн хъау- джыдæр нæу. Æз хъæлдзæг адæймаг дæн, æппæты дæр уарзын. Æз Ерошкæ дæн, Ерошкæ! Афтæ, ме скæнæг, афтæ. Æмæ зæропд лæг буцдæрæн лæппулæджы уæхск æрхоста. XII ’Вапюшæ уыйагъоммæ хæдзарады хъуыддæгтæ ба- кодта, бафснайдта, йæхи адаста дасæгмæ, йæ хæлафы 66
къæхтæ цырыхъхъьпы хъусты æдде дæлæмæ æруагъта, салдæттæ уæрæх, парахат фатерты кæй æрцардысты, уый дымæгмæ, æмæ иттæг зæрдæхъæлдзæг уыд. Ерош- кæмæ æдзынæгæй, фæлæ æвзæр цæстæнгасæй бакаст, цыма æнахуыр, æнæфепгæ хъæддаг сырд уыд, уыйхуы- зæн; æмæ уайдзæфгæнæгау йæ сæр батылдта, пъолтæ кæй счъизи кодта, уый тыххæй. Тъахтины бынæй дыу- уæ авджы райста æмæ хæдзары хицауырдæм ацыд. — Уæ боптæ хорз, мæ уарзон адæм,— мæлгъæвза- гæй байдыдта дзурын Ванюшæ. Ацы хатт йæхи сабыр æмæ уæздаиæй равдисын фæпд скодта.— Барин сæн æлхæны, æмæ ма базивæг кæпут, раттут мын сæн, мæ хуртæ. Зæронд ус æм пицы сдзырдта. Чызг гыццыл тæтæй- раг айдæпы раз лæууыд æмæ, кæлмæрзæн йæ сæрыл куыд аивдæр батдзæп, ууыл архайдта. Ванюшæмæ æнæдзургæйæ фæстæмæ фæкаст. — Æз уып æхца бафиддзынæн, цытджып адæм,— загъта Ванюшæ, йæ дзыппы сау æхцатæй дзæгъ-дзæгъ- гæпгæ.— Сымах нып дзæбæх куы уат, уæд уып мах дæр дзæбæх уыдзыстæм, æмæ афтæ хъæуы, афтæ хуыз- дæр у,— бафтыдта ма Вапюшæ. — Бирæ дæ хъæуы?— æпæ уæлдай гæдымитæй афарста зæропд ус. Дыууæ авджы. — Цу, цард дын фсста мæ уд, æрфа:рсудз сып,-- загьта зæропд ус Улигæ, чп:гмæ дзургс.пæ.— Æспæлд •бсцкъайæ сын æркæ. Чызг дæгьæлтæ æмæ графип раьста æмæ Вапюшæи- мæ хæдзарæй рацыд. — Дæ хорзæхæп, зæгъ-ма мып, чи у уæртæ уыцы ’сылгопмаг?—афарстр Олепин зæронд лæджы æмæМа- рьяпæмæ ацамыдта. Марьяпæ уыцы сахат рудзыпджы бынты фæцæйцыд. Зæронд лæг пæ цæст фæпыкъуылдта æмæ лæппулæ- джы йæ рæмбыпыкъæдзæй басхуыста. — Фæлæуу, сабыр у,— загъга зæронд æмæ рудзып- Гссй æддæмæ йæ сæр радардта.— Кьылы-къыхы!— зæгъгæ, схуыфыд зæропд лæг.— Марьяпкæ! Уæ Марь- янкæ! Бауарз мæ, мæ чысыл хур. Æз хъазын уарзын,— сус&гæй загъта зæронд лæг, Оленинмæ дзургæйæ. Чызг æп хъуыды дæр не ’ркодта æмæ йæ цыды кой кодта, пæ къухтæ тыхджын æмæ аив тилгæйæ, хъазахъ- 67
хъаг чызджытæ куыд хъал æмæ рæвдз цыд фæкæнынц, уыцы цыдæй. Æрмæст йæ сатæгсау цæстытæ сабыргай зæрондыл ахаста. — Бауарз мæ æмæ амондджын уыдзынæ,— ахъæр та кодта Ерошкæ æмæ йæ цæст ныкъулгæйæ фæрсæгау Оленинмæ бакаст.— Цы мæ хопыс, æз сахъ лæг дæн, сахъ лæг, худæг,— бафтыдта ма уый.—Цы дзы загъ- дæуа,— паддзахы чызг, цыбырныхасæй! Афтæ нæу? Цы зæгъыс? — Рæсугъдæй йæм дау нæй,— загъта Олснин.— Ардæм-ма йæм æрбасид. — Нæ, уый гæнæп нæй,— загъта зæронд лæг.— Лу- кашкæйæн æй курынц. Лука саг хъазахъхъаг у, айфыц- цаг æрæджы абырæджы дæр амардта. Уый циу, æз дыи хуыздæр дæр ма ссардзынæн. Ахæм дын’ ,ссардзынæн, æмæ айдагъ даритæ æмæ æвзисты мидæг чи цæуа. Æз, йæ дзырд дыууæ чи акæна, уыдонæй нæ дæн. Иугæр мæ1 дзыхæй ныхас схауд, уæд кæй уыдзæн, уый зон. Мæй- тæ æмæ хуртæ кæмæй кæсой, ахæм рæсугъд дын æрба- мидæг кæндзыпæи. — Зæрондлæг куы дæ, ахæм пыхæстæ цæмæн кæ- пыс,— загъта Олеиин.— Тæригъæд у, афтæ ма дзур! — Тæригъæд? Уый та цы хоныс? Цæй тæригъæд!— цæхгæр загъта зæронд лæг.— Рæсугъд чызгмæ бакæ- сын тæригтæд у? Йемæ рæстæг аргзитын тæригъæд у? Кæннод бауарзын тæригъæд у? Уый кæд сымахмæ аф- тæ у? Нæ, мс скæпæг, уый тæрпгъæд нæу, фæлæ уды- бæстæ у, царды хос у^ Д:^у дæр хуыцау сфæлдыста, чызджы дæр хуыцау сфæлдыста. Иууылдæр уый уыд, уый, нæ кæнæг хуыцау. Афтæ, мæ хур, афтæ, рæсугъд чызгмæ кæсын тæригъæд нæу. Цæмæй йæ уарзæм æмæ йыл цæмæй цип кæнæм, уый тыххæй конд у... Æз иу лæгæй афтæ хъуыды кæнын, хорз лæг. Марьянæ кæртыл ауад, иу талынг, уазал, боцкъа- тæй дзаг къæбицы смидæг, йæ ахуыр æгъдаумæ гæсгæ бакуывта, боцкъамæ бацыд æмæ дзы гоцъобн ауагъта. Вапюшæ ю æсæрьтл лæууыд, касти йæм æмæ мидбыл- ты худти. Стыр худæг æм каст, чызг андагъ хæдопы ми- дæг кæп уыд- иоджы худатдæр та — йæ фæдджи нæ С1М!Ы сагъд, йæ хъуырыл æвзнст сомырдджытæ конд кæй уыд, уый. Йæхннымæры ахъуыды кодта: цæвиттон, чызг уыцы хуызы мндæг Уæрæсейы сæхимæ фсстад, уæд адæм худæгæй тьæппытæ ахаудаиккой, «Ла филь ЯЗ
ком се тре бьех., бæззы. Афтæ мын æнæ зæгъгæ иабй ба- ринæн»,—ахъуыды кодта хинымæры Ванюшæ. — Ныр цы ныхъхъен дæ? Сагъдæй куы баззадтæ!— æнæнхъæлгæйæ æваст фæхъæр кодта чызг.— Графиы уæддæр æрбалæвæрдтаис. Марьянкæ графин сырх сæнæй байдзаг кодта æмæ йæ Ванюшæмæ балæвæрдта. Æхца мæ мадмæ ратт,— æмæ Ванюшæйы къух æхцатимæ иуырдæм акъуырдта. Ванюшæ бахудти. — Цæмæн афтæ мæстыгæр дæ, мæ хуры чысыл?— загъта Ванюшæ, куы йæ иу, куы йе ’иннæ къахыл йæ) буары уæз уадзгæйæ, чызг боцкъайы сæр куы æмбæрз- та, уæд. Чызг бахудти. — Æмæ сымах фæлмæнзæрдæ адæм стут? — Æз æмæ мæ барин сабыр, хорз адæм стæм,— зæр- дæбынæй загъта Ванюшæ.—Мах афтæ зæрдæхæлар адæм стæм, æмæ кæмдæриддæр цардыстæм,— хъаст пæ никуыма ничи ракодта, никæй хæрамы бацыдыстæм, пууылдæр нын арфæгæнæг уыдысты. Цæмæн афтæ уыд, зæгъгæ, мæ куы бафæрсай, уæд уымæн, æмæ уæздан лæг у. Чызг фæлæууыд æмæ хъуыста. — Уæд йсд та... Ус ын нс дæ папæн?—афарста чызг. — Нæй! Мæ барип нырма лæппу у, ус ын иæма ис. Уый уымæн, æмæ стыр уæздан адæм, сс ’гъдаумæ гæс- гæ, ус æрæгмæ курынц,— дзуаип радта Ванюшæ зонд амонæгау. — Кæмдæр дзы лæппу ис, мидæг хорæй хаст къам- бецæй уæлдай нæу, ус курын та, дам, ын раджы ма у! Æфсæдтæн се ’ппæты хицау у? — Мæ барин нырма юнкер у. Уый уымæ цæуы, æмæ афицер нæма у. Фæлæ æнæуый пом æмæ мыггагæй инæ- ларæй дæр хистæр у. Стыр лæг у. Иæ булкъоп уый цур цну? Ницы. Паддзах æй йæхæдæг дæр зопы, — сæры- стырæй, йæ сипысæртыл хæцгæйæ загъта Вапюшæ.— Мах иннæтыл ма бар, кæйдæрты хуызæп гæвзыкк ие стæм. Йæ фыд йæхæдæг сснатор у. Мип зæгъои, æмæ йын бирæ фылдæр кусджытæ пс, махæн дæр æхца мшь гай æрвиты. Уæдæ пæ цæмæн уарзынц, зæгъыс? Уы- мæи нæ уарзынц кæддæриддæр, уымæн. Уыййедтæмæ 1 Диссаг хорз чызг у, æвæдза (францусагау), 69
кашдтан дæр фест, дæ дзыппы куы ницы уа, уæд. Цæ- мæн у, цы пайда у? — Цæй, дæхи айс, дуар æхгæнгæ кæнын,— цæхгæр ын йæ ныхас фæлыг кодта чызг. Ванюшæ сæн бахаста æмæ Оленинæн францусагау загъта: «Ла филь се тре жули»1 æмæ æдылы хутгæнгæ- йæ æддæмæ рацыд. XIII Уыцы афоп хъæуы астæу лæгъзы изæры цагъд нык- кодтой. Адæм сæ быдыры куыстæй æрбаздæхтысты. Хъомвос æмбырдтæ кодтой сызгъæринхуыз рыг æвра- гъы мидæг æмæ кулдуæртты цур сæ уасын ссыд. Чыз- джытæ æмæ устытæ ратæх-батæх кодтой уыпгты ’мæ кæртыты фосы койгæнгæйæ. Хур аныгуылд дард мит^ джын æфцæджы фæстæ. Тар цæхæрадæтты сæрмæ стъалытæ зына-иæзына дыдзы рухс кодтой, æмæ хъæуы мидæг фос æмæ адæмы уынæр чысылгай æрсабыр. Ус- тытæй, йæ фос чи бафснайдта, уыдон уынгты фисынтæм цыдысты æмæ æхсынæнтæ къæрццытæгæнгæйæ сæ бæ- рæгон бынæтты, хæдзæртты къулты тæрхæджытыл бадтысты. Иу ахæм къордмæ, йæ дыууæ хъуджы æмæ йæ къамбец куы радыгъта, уæд Марьянæ дæр бацыд. Уыцы къорды уыд иу-цалдæр усы æмæ чызджы æмæ иу зæропд хъазахъхъаг. Абырæджы марды хабар кодтой. Хъазахъхъаг уац- хъуыд хаста, устытæ хъуыстой. — Стыр хæрзиуæг ын ратдзысты, æвæццæгæп?— дзырдта хъазахъхъаг ус. — Æнæ уый та уæдæ куыд? Дзурынц, крест ын ра- цæудзæн, зæгъгæ. — Мосев дæр дзы йæхирдæм фелхъывта, йæ зæрдæ- худты бацыд. Топп йæхирдыгæй фæкодта, фæлæ йын цыма нæ батад. Хъызлары хицæуттæ йæ базыдтой. Йæ цæсгомæн мып тæрсы Мосев? Ц^ьаммардæр’ лæгæи скæнæн дæр ма нæй. —- Афтæ куы дзырдтой, Лукашкæ æрбацыди, зæгъ- гæ,— загъта чызджытæй иу. — Назаркæимæ Ямкæмæ нуазынц. Всдрапы æрдæг, дам, анызтой. (Ямкæ хæтаг сылгопмаг уыд æмæ арахъхъ уæй кодта). — Урванæи йæ амонд абадти,— загъта чидæр.— (Æцæг Урваи у, æцæг. Раст зæгъыи хъæуы, хорзæй та * Тадиг рæсугъд чызг у(францусагау), 70
ма Дзь* цы загъдæуа, дау æм нæй, саг лæппу у! Раст адæймаг. Иæ фыд Кирьякы цæрмæстыгъд бакодта—уый дæр афтæ уыд. Куы йæ амардтой, уæд адæм ууыл цы ныккодтой! Æгас хъæу æм кæугæйæ фæцыдысты. Уæр- тæ цыма уыдои æрбацæуыпц,— загъта, ныхас чи кодта, уыцы ус æмæ къухæй ацамыдта, чи сæм æрбацæйцыд уынджы, уыцы хъазахъхъырдæм.— Ергушов дæр йæхи кæм нæ фæтъысдзæн, кæцæй та сæм бахæццæ! Расыг- гæнаг! Лукашкæ, Назаркæ æмæ Ергушов ведрайы æрдæг банызтой æмæ чызджытырдæм сæхи райстой. Сс ’ртæ дæр, уæлдайдæр та зæронд хъазахъхъаг, се ’цæг хуы- зæй сырхдæр уыдысты. Ергушов фыдрасыгæй гакъæт- тæ кодта æмæ хъæрæй худгæйæ Назаркæйы фæрстæ ба- схой-басхой кодта. — Цы уыл æрцыд, цæуылнæ зарут, гадзатæ?— фæ- хъæр кодта Ергушов чызджытыл.— Æз уып зæгъып, мах хъæлдзæгдзипады тыххæй уæддæр азарут.> — Алыбон æгас цæут! Æгас цæут,— фехъУыстысты алырдыгæй арфæтæ. — Цæуыл хъуамæ зарæм? Бæрæгбон, миййаг, куы пæ у?—загъта иу ус.— Ды дзы пыххырхтап æмæ цæ- уылнæ зарай. Ергушов пыккæл-кæл кодта æмæ Назаркæйы бас- хуыста. — Цæй, ды азар! Æз дын бахъырндзынæи, нæ зо- пыи æнхъæл мын ма у, æз дын зæгъын, дæсны дæн. — Цыма уыл фæуарыди, уый каст куы кæнут, рæ- сугъдтæ! Фынæй баистут?— загъта Назаркæ.— Постæй ардæм акувынмæ æрбауадыстæм. Мæнæ Лукашкæйæн акуывтам. Лукашкæ æмбырдмæ бацыд, сабыргай йæ худ систа æмæ чызджыты комкоммæ сæ разы æрлæууыд. Йæ фæ- тæн уадултæ æмæ йæ бæрзæй сырх уыдысты. Лукаш- кæ лæууыд æмæ сабыргай дзуаппæй дзырдта. Фæлæ уыцы сабырдзинад, уыцы хиуылхæцгæ змæлд зæрдæ- мæдзæугæдæр æмæ рæсугъддæр уыдысты Назаркæйы тентекк, рог митæй æмæ дзæнгæда цæгъдынæй. Хъал- хаст уырс хъилдымæгæй фыррыччытæгæпгæ куы атæхы æмæ цыма йæ садзгæ ачынд, уыйау æвиппайды куы ныллæууы, раст гъеуый зæрдыл лæууын кодта ацы сахат Лукашкæ дæр. Лукашкæ сабыр лæууыд чызджыты уæл- хъус æмæ сæм худæндзастæй каст, дзырдта стæммæ æмæ-иу куы йæ нозтджын æмбæлттыл, куы та чызджы- 71
тыл иæ цæст ахаста. Марьянкæ^ныхасмæ куы ’рбахæцца^ уæд ын Лукашкæ сабыргап, аивæп’ Гпе худ снста, фæн- даг ын радта, йæ пу къах чысыл фæстæдæр айста æмæ фæстæмæ йæ бынаты йæ комкоммæ слæууыд æмæ, йæ хистæр æнгуылдзтæ йæ роиы тъыстæй, афтæмæй йæ хъамайæ хъазыд. Марьянкæ йын йæ саламмæ йæ сæ- рæй сабыргай акуывта, къулы æнцой тæрхæгыл йæ бæ- рæгон бынаты æрбадт æмæ йæ ронæй æхсыиæитæ си- ста. Лукашкæ Марьяпкæйы йæ цæстытæ ныссагъта æмæ, æхсынæнтæ æхсынгæйæ, тутæ кодта. Марьяпкæ куы æрбацыд, уæд се ’ппæт дæр сæ ныхас фæурæдтоп. — Кæдæй-уæдæй ма дæ федтам. Кæдмæ фæуыдзы- пæ ам?— афарста иу хъазахъхъаг ус Лукашкæйы. — Ардыгæй райсоммæ,— дзуапп ын радта уый. — Мæ хуры чысыл акæ,— загъта зæропд хъазахъ- хъаг Лукашкæйæн.— Æхсызгоп мын у дæ хъуыддаг, ныртæккæ ма дæ кой кодтон. — Æз дæр афтæ зæгъын,— баппæрста йæ ныхас Ергушов дæр худгæйæ.— Уазджытæй бæ’стæ байдзаг!— бафтыдта ма уый, чи фæцæйцыд, уыцы салдæттæм кæе- гæйæ.— Цы сын уарзып салдæттæн, уый сæ арахъхъ,—- хорз у! — Махмæ дæр дзы æртæ удхæссæджы æрбакодтой. Нæ зæропд хъæуыхицаумæ хъæстмæ дæр ма бацыд, фæлаш æпдæр амал нæй, зæгъгæ, йып загътой. — А-а, зындзинад бамбæрстой?— загъта Ергушов. — Тамакойы смагæй бæстæ фесæфтаиккой, æвæц- цæгæп?—афарста устытæй чндæр.— Æдде, кæрты, дæ зæрдæ цас зæгъы, уыйбæрц дым, фæлæ мидæмæ, хæ- дзармæ, æрбауадзæн нæй. Æниу хъæуыхицау йæхæдæ>\ куы æрбацæуид! Ноджы сæ къухтæ дæр кæй нæ лæууынц, мардæрцыд уый у. Хъæуыхицау йæхи гуылы бып æн- дзарын хорз зоны — йæхимæ никæйы бауагъта. Дæл- зæхдзæуæг у, цы йæ хопут! — Нæ уарзыс!— загъта та Ергушов. — Куыд дзурынц, афтæмæй чызджытæ- салдæттæи сæ хуыссæнтæ кæидзысты æмæ сæ мыдджын сæпæй хорз уындзысты,— загъта Назаркæ, Лукашкæйы хуы- зæп йæ къах фæстæдæр айста æмæ~уыйау йæ худ къæ- бутыл акодта. Ергушовыл худæг бахæцыд æмæ йæм хæстæгдæр цы чызг лæууыд, уый йæ хъæбысы акодта. — Стæ-ма дæхи, писи!— сцъæхахст кодта чызг.— Фæлæуу, æз дыл де ’фсины куынæ сардауон. 72
— Цæмæй мæ тæрсын кæны! Зæгъ, чи нæ дæ уа- дзы,— загъта Ергушов æмæ иннæ чызджыты кæрæдзи - фæдыл æнæмихцухæй хъæбыстæ кæнын байдыдта. — Мæпæ цы и, мæ арт бауазал, удхæссæг!— худæ- гæй мæлгæйæ, суасыд сырхуадул, тымбылдзæсгом Ус- тспькæ æмæ йæ къух ныццæвынæввонг дард фæхаста. Хъазахъхъаг йæхи фæстæмæ айста æмæ, чысыл ма бахъæуа, фæцæйхауд. — Чызджытæм, дам, хъару пæй, фæзæгъынц; уæдæ уый циу, — фæцæй мæ мардта. — Дæхи айс, писи. Кæцæй фæци, кæ, хæйрæджы хай!—загъта Устснькæ пыррыччытæгæнгæйæ æмæ йæ- хи фæтигъ кодта.— Абырæджы æрбацыд нæ базыдтай, бафынæй дæ! Уый дын дæ сæр, хъæлæкк, акъуырдтаид, æмæ, æвæдза, хуыздæр уыданд. — Дæ цæссыггæ та уаптаис!— бахудтп Назаркæ. — О, мæхи дыл мардтапп, æидæп мæт мæ пæй! — Хъарджытæ та кодтаид, пæ? Æццæй, Назаркæ?— загъта Ергушов. Лукашкæ æнæдзургæйæ æдзух æдзыиæгæй Марьяп- кæмæ каст. Чызг уымæй чысыл æфсæрмы кодта. — Марьяпкæ, æпхъæлдæи æмæ уæм хицауы æрцæ- рын кодтой?—загъта Лукашкæ æмæ йæм йæхн хæстæг- дæр баласта. Марьянкæ, кæддæрпддæр куыд кодта, афтæ ныр дæр уантагъд дзуапп нæ радта, фæлæ сыпдæггай усО- лæмæ- хъазахъхъагмæ скаст. Лукашкæ дæр æм худæп- дзастæй каст. Уыцы сахат се ’хсæн цы пыхæстæ цыд, уыдоп дард уыдысты, сæ зæрдæйы хуылфы цы фæндон- тæ уыд, уыдонмæ. — Дыууæ уаты кæмæп ис, уыдопæп та циу!— Ма- рьяпкæйы бæсты йæхи радавта иу ус.— Уæртæ Фомуш- кинтæм дæр хицауы æрцæрын кодтой æмæ, куыд дзу- рынц, афтæмæй уаты дзаумайæ фездыхсæн пал ис, сæ- хи бинонтæ та сæ сæр кæм фæттыссой, уымæн ницыуал зонынц. Искуы ма уый æрцыд,— æгас рæгъау хъæумæ æрбаскъæр! Фæлæ цы бачындæуа! — загъта та уыцы ус.—Æниуцæмæн хъæуынц, цы ми кæндзысты? Емыпæ сыл сыста уастæн! — Цыма Теркыл хид араздзысты, афтæ дзырдтой,— загъта иу чызг. — Мæпæн та афтæ дзырдæуыд,— загъта Назаркæ, Устенькæмæ йæхи хæстæгдæр ласгæйæ,— цыма уæрм къахдзысты æмæ чызджыты уырдæм æппардзысты, 73
лæппуты кæй нæ уарзьшц, уый тыххæй,— æмæ чыз- джытæм худæг чи фæкаст, ахæм æнахуыр зылд нык- кодта. Ергушов Марьяикæйы рад фæуагъта æмæ иу зæ- ронд хъазахъхъаг усы хъæбыстæ кæнын систа. — Марьянкæйы цæуылнæ кæныс дæ хъæбысы? Михцухæй ницы, фæлæ уыцы иудадзыг кæрæдзи фæ- дыл,— загъта Назаркæ. — Нæ, мæ зрæонд адджыидæр у,— хъæр кодта хъа- захъхъаг зæронд усæн батæгæнгæйæ. Зæронд ус, мæ- гуыр, мæ сæр ма дзы куы фервæзид, зæгъгæ, йæхи ра- тоныныл архайдта. — Ныххурх мæ кæндзæн,— худти уый. Уынгæн йæ иу кæронырдыгæй æмхуызоп къахдзæф- ты хъæр сын сæ худын фæурæдта. Æртæ салдаты цп- пелты мидæг, топпытæ сæ уæхсчытыл, афтæмæй, сæ къæхтæ æмистгæнгæйæ, цыдысты æхцайы чырын хъахъ- хъæнджыты аивынмæ. Ефрейтор, крестджын, талынг- æрфыгæй хъазахъмæ кæсгæйæ, салдæтты йæ фæдыл афтæ акодта, æмæ Лукашкæйы Назаркæимæ иувар: глæу- уып хъуыд фæпдаг раттыны тыххæй. Назаркæ фæстæ- дæр йæхи айста, фæлæ Лукашкæ салдæттырдæм йæ сæр æмæ йæ фæтæн уæхсчытæ разылдга, цъыпддза- стæн сæм бакаст, фæлæ йæ мндбынатæн нæ фезмæ- лыд,— куыд лæууыд, афтæмæй баззад. — Фæндаг уæрæх куы у, уыпыс, адæм лæууыпц, уæд азнл,— загъта Лукашкæ æмæ салдæттæм зулдза- стæй бакаст. Салдæттæ сæ рæзты ацыдысты рыгæйдзаг фæида- гыл сæ къухтæ æмхуызонæй æмистгæнгæйæ. Марьянæ бахудти; бахудтысты йæ фæстæ иннæ чыз- джытæ дæр. — Кæсут-ма сæм, хуымæтæг сты, дæлвæд-уæлвæд даргъ фæдджиджып сауджынтæ,— загъта Назаркæ салдæттæй æмæ сын сæ цыд уынджы афæзмыдта. Уый адæммæ цы худæг фæкаст, æмæ се ’ппæтæн дæр худæгæй ницыуал уыд. Лукашкæ чысылгай Марьяпæмæ йæхи хæстæгдæр баласта. — Хицауы та кæм æрцæрын кодтат?— афарста уый. Чызг исдуг пицы загъта. — Ног хæдзармæ йæ бауагътам,— загъта чызг. — Зæронд у æви лæппулæг у?— афарста та Лукаш- кæ æмæ йæ цуры хæсгæг æрбадт. 74
— Æмк йæ фæрсгæ исты, миййаг, бакодтон,—дзу- ппп ыи радта чызг. ~- Сæпмæ йын ацыдтачт, фодтон <тй Врошкæпмæ ^рудзынджы цур бадгæ, сырх цыдæр^ у. Дзаума дупе фрбаластой, уæрдон йæ тæккæ дзагæй. Æмæ йæ цæстытæ дæлæмæ æруагъта. — Цы æхсызгон мын у, постæй рацæуыны фадат мын кæй фæци!— загъта Лукашкæ чызгмæ йæхи но- джыдæр хæстæгдæр ласгæйæ æмæ йып йæ дыууæ цæст- мæ æдзыпæг кæсгæйæ. — Бирæ фæуыдзыпæ ам?—афарста йæ Марьяпæ зы- па-пæзыпа йæ мидбылты худгæйæ. — Ардыгæй райсоммæ. Де ’хсынæнтæй-ма мæиæп дæр авæр,— загъта Лукашкæ æмæ йæм пæ къух ба- даргъ кодта. Марьяиæ йæ мидбылты æргомдæр бахудт æмæ пæ хæдопы тæрттæй иу байгом кодта. — Се ’ппæт ма сис,— загъта чызг. — Мæ зæрдæ дæумæ æхсайдта; рагæй дæ кæй пал фсдтон, уый тыххæй хъыг кодтон^ æцæг зæгъып, хуыцау ме ’вднсæн,— загъта Лука сабыргай, чызджы роиæй æхсынæптæ исгæйæ. Чызгмæ хæстæг йæ сæр, æруагъта æмæ йын йæ хъусы сусæгæй цыдæртæ дзурып байдыдта худæндзастæй кæсгæйæ. — Дæ гæпдзæхтæ куы ацæгъдай, уæддæр пæ ба- цæудзынæн дын куы загътон,— æвиппайды хъæрæй сдзырдта Марьянæ, йæхи тигъгæпгæйæ. — Æцæг, æцæг... Цыдæр дын зæгъинаг уыдтæн,— сусæгæй загъта Лукашкæ.— Мæ мард феп, куы иæ æр- бацæуай. Марьяпæ «нæ», зæгъгæ, йæ сæр батылдта, фæлæ худти. .— Марьянкæ! Уæ Марьянкæ! Напа дæм дзуры, æх- сæвæр хæрынмæ, дам, рацу,— æрбахъæр кодта згъор- гæ-згъорын Марьянæйæи йæ гыццыл æфсымæр. — Ныртæккæ фæцæуып,— загъта чызг.— Ды >ал цæугæ%, азгъор, мæ хур, иунæгæй, æз дæр дæ феййафын. Лукашкæ сыстад æмæ йæ худ фелвæста. — Цон æмæ м!æ хæдзармæ афардæг уоп. Афтæ цы- ма хуыздæр уыдзæн, уыйау мæм кæсы,— загъта Лука- шкæ йæ худæг уромгæйæ æмæ, цыма зæрдиагæй дзырдта, уыпхуызæн, йæхæдæг хæдзары фисыны аууон фæци. Æхсæв хъæуы мидæг дæр йе гъдау кодта, æмæ æр- мæйдар. Цæхæрцæст стъалытæ талынг арвыл тæмæп- тæ калдтой. Талынг уынгты иу цъиуызмæлæг пал уыд. 75
Назаркæ, къулы тæрхæгыл бадгæйæ, чыздяштимæ баз- зад, æмæ уырдыгæй сæ худыны хъæр хъуыетис. Лукаш- кæ сабыргай чызджытæй йæхи раласта/ фæгуыбыр кодта æмæ, йæ къæхты хъæр куыд нæ Уьуыстаид, аф- тæ уынджы дæлæмæ атахти йæ хъамайыл хæцгæйæ, сæхимæ нæ, фæлæ хæрунжийы хæдзарырдæм. Дыууæ уынджы фæстæ иучысыл цæхгæрмæ уыпджы фæзылд, йæ цухъхъайы фæдджитæ æрбамбырдтæ кодта æмæ кауы аууон зæххы дзуццæджы абадт. «Хæрунжийы чызгмæ пæ кæсыс, хуымæтæг у!— ахъуыды кодта йæ- хинымæры Марьянкæйы тыххæй.— Хъазын дæр йæ сæрмæ пæ хæссы! Фæлæуу, фендзыстæм!» Хæстæгæй сылгоймаджы къахдзæфты хъæр ын йæ зæрдæ бахъæлдзæг кодта. Æнувыдæй хъусып байдыдта æмæ хипымæры бахудтис. Марьянæ, зæхмæ кæсгæ- йæ, рог æмхуызон санчъехтæгæнгæ, комкоммæ Лукаш- кæйырдæм æрбацæйцыд, упсы къалиуæй кауы михтæ къæрццытæгæнгæ. Лукашкæ иæ мидбынаты фестад. Ма- рьянкæ фестъæлфыд æмæ æваст фæлæууыд. — Мæ хæдзарыл, мæнæ хæпрæджджын! Мæ уд мæ къæхты бынæй ауад. Уæхимæ цæуинаг куы уыдтæ, уæд дыл цы ’рбамбæлд? — загъта чызг æмæ йæ хъæлæсы- дзаг ныххудти. Лукашкæ йæ ну къухæй чызджы йæ хъæбысы æрба- кодта, иннæ къух ын йæ цæсгомыл æрбатыхта. — Цы дын зæгъынмæ хъавыдтæн... хуыцауæн йæхи стæн?— йæ хъæлæс зыр-зыр кодта æмæ дзургæ-дзурын къуылымпы кодта. — Цæй ныхасаг ссардтай ныр æхсæвыгон? Нана мæм æнхъæлмæ кæсы, цу уæртæ дæ уарзонмæ афар- дæг у. Чызг йæхи атыдта æмæ иукъорд къахдзæфы алыгъд. Сæ кæрты каумæ куы бахæццæ, уæд фæлæууыд æмæ лæппумæ йе ’ргом фездæхта. Лæппу чызджы йæхицæй цух нал уагъта æмæ йын лæгъстæ кодта, иу сахат-ма аныхæстæ кæнæм, зæгъгæ. — Цæй, цæй цы зæгъынмæ хъавыдтæ, æхсæв- хæтæг?—æмæ та йæм бахудти. — Худгæ мыл ма кæ, Марьянæ, мæ хур! Уарзон мын кæй ис, уый койаг дæр нæу. Уый мæтæй дын мæ- лын, мур дæр мæ ницæмæн хъæуы’ Æрмæст мын ды мæ вæрдæ барухс кæн, дзæбæх ныхас мын зæгъ. Афтæ дæ1 уарздзыпæн, афтæ, æмæ дын æй куыд зæгъон: дæу цæ- райæ цæрдзынæп, дæу цы фæнда, уый йедтæмæ ницы 76
бакæндз^шæн. Мæнæ сты, уый зоп! (Æмæ лæпиу иæ дзыппы æлцатæ бадзæгъ-дзæгъ кодта). Ныр цæрын ба- зондзысталл. Адæм цардæй хынджылæг кæнынц, >æд æз цы кодтУш, мæгуыр мæ бон? Æппын мын мæ зæрдæ- мæ рухсыцъыртт никæцæй уадзыс, Марьянкæ! Чызг æм\ницы дзырдта, йæ разы æпцад лæууыд æмæ йе ’нгуыадзты ’хсæп уисы къалиу лыстæг къæцæл- тæ кодта. — Уый циу, æдзух æнхъаушæ æмæ æпхъæлмæ кæс! Кæд ма дæ æз нæ уарзын, уæд нæ зонын! Дæ бар дæн, æмæ дæ цы фæнды, уый мыи кæн,— загъта æвиппайды Лука мæстыйæ, йе ’рфгуыты бынæй кæсгæйæ, æмæ йын йæ дыууæ къухыл ныххæцыд. Марьянæ йæ цæсгомы æмæ йæ хъæлæсы хатт пæ аивта, уыцы иу æгъдауыл æнцад йæхи дардта. — Дæхицæй цы нæ дæ, уый ма кæ, Лукашкæ, фæ- лæ-ма ныхасмæ байхъус,— загъта чызг, йæ къухтæ хъазахъхъаджы къухты ’хсæп даргæйæ, фæлæ йæ йæ- хицæй дарддæр алæууыи кодта.— Æз сылгоймаг дæн, фæлæ мæм уæддæр байхъус. Мæ бар мæхи иæу, фæлæ мæ кæд уарзыс, уæд дын ме ’цæгæй зæгъын. Мæ къух- тæ мын суадз, ма тæрс, никæдæм алидздзынæн. Комгæ дын бакæндзынæн, фæлæ уымæй дарддæр исты æвзæр- дзинад, æдылы митæ дæ фæсонæрхæджы, дæ зæрдæйы кæрон дæр ма уæнт, уый иикуы уыдзæн,— загъта чызг йæ цæсгом лæппуйырдæм здæхтæй. — Комгæ мып кæй бакæндзынæ, уый æгъгъæд нæу, фæ- лæ мæ уарзгæ бакæ, уарзгæ, Марьянкæ, мæ хур,— дзырдга Лука æмæ æвиппайды тарæрфыг, æптъыснæг Лукашкæ сабыр, коммæгæс æмæ зæрдæхæлд буц адæймаг фесгад æмæ, мидбылты худгæйæ, гæды фиумæ куыд кæса, уый каст кодта чызджы цæстытæм. Марьянæ йæм æнгом балæууыд æмæ йын йæ был- тæн æндæрг аба кодта. — Мæ чысыл хур!—сусæг хъæлæсæй загъта чызг æмæ йæ фæд-фæдыл иукъорд хатты йæ хъæбысы акод- та, стæй æвиппайды пæхи атыдта, алыгъд æмæ фæстæ- мæ дæр нал фæкаст — сæ кулдуары мидæгæй фæци. Хъазахъхъаг ма йын бæргæ лæгъстæ кодта, иу ми- нут-ма мæм фæлæуу, цыдæр дыи зæгъоп, зæгъгæ, фæ- лæ йын Марьяпæ ком нал радта, афардæг. — Цæугæ! Фендзысты нæ!— фæдзырдта ма йæм чызг.— Кæсыс, уыцы хæйрæджы хай, нæ фатеры цæ- рæг, æнхъæлдæн æмæ кæрты рацу-бацу кæны. 77
«Хæрунжийы чызг фæткъуы у!— ахъуыды/ кодта хинымæры Лукашкач—~ Бакомдзына-н, дам, дон, Ба- комын дпссаг нæу, фæлæ мæ уарзга бакæ, уарзгæ». Лукашкæ Назаркæйы Ямкæмæ банйæфтаг æмсе уы- пмæ иучысыл абадтысты, пуазгæ дæр акодтой, уæдæ цы, стæй Лукашкæ уырдыгæй Дуняшкæмæ/ацыд, æмæ, æндæр ног хæзгултæ кæп скодта, уымæ /дæр ын нал æркаст, фæлæ йе ’хсæв уым арвыста. XIV Олсиии æцæг рацу-бацу кодта кæрты, Марьянкæ кулдуарыл куы бахызт, уæд, æмæ афтæ куы загъта: «Уæртæ уыцы хæйрæг, нæ фатеры цæрæг рацу-бацу кæпы». Æпæхъæп изæр Олепип Ерошкæнмæ арвыста йзе? пог фатсры тыргъы. Уатæй æддæмæ фыпг, самавар, сæп, судзгæ сопын цырагъ рахæссып кодта æмæ уыц цай цымгæйæ æмæ спгар дымгæпæ Зæронд лæджы ха- бссрттæм хъуыста. Зæропд лæг пæ цуры бынæп асипы кгæхтыл сбадт æмæ афтæмæй пыхас кодта. Дымгæ боп пæ уыд, фæлæ уæддæр цырагъы цырсн фæплауæп æ кодта алырдæм æмæ-иу куы асипы цæджыпдз, куы фынг, куы авджып дзаумæттæ, куы та-иу зæронд лæджы) урс сæр срухс кодта. Æхсæвцæрæг гæлæбутæ ратæх-ба- тæх кодтой сæ базырты рыг калгæйæ, æмæ-иу кæм фынгыл сæхи пыццавтой, кæм-иу агуывзæйы смпдæг сты, кæм цырагъы цырспыл сæхи асæрфтой æмæ-иу фæаууон сты тар уæлдæфы, цырагъы рухс кæдæм иæ хæццæ кодта, уым. Олепин æмæ Ерошкæ дыууæйæ фондз авджы сæп анызтой. Ерошкæ-иу агуывзæйы сæп æркодта æмæ, Оленинмæ сидгæйæ, æппынæдзух æвæл- мæцгæйæ дзырдта. Ерошкæ йыи хъазахъхъы зæропд царды хабæрттæ кодта, стæй йæ бæзæрхыг, домбай фы- ды кой дæр ракодта, дæс путы чи ласта, ахæм хъæддаг хуыйы мард йе ’ккой куыд хаста æмæ уыцы иу æрбад- тæн дыууæ ведрайы сæн куыд позта. Рад:ырдта йып йæхи æмæ йæ лымæн Гирчикы хабæрттæ, адæмыл смы- иæ куы сыстад, уæд-иу уыдоп та Тсрчы фаллаг фарсæп ацы фарсмæ нымæттæ куыд ластой. Раныхас ып кодта, иу райсом цуапы дыууæ саджы куыд амардта. Радзырд- та йын йæ уарзоп хæзгулы хабар дæр, æхсæвыгон-иу æм йæхи къахæй постмæ куыд цыди. Ерошкæ йын уы- цы’хабæрттæ, куыд уадзымыс лæг, афтæ дæспы, афтæ рæсугъд дзырдта, æмæ Оленпп, рæстæг куыд аивгъуыд- та, уый нæ базыдта. 78
— Афтæ, ме скæнæг, афтæ,—дзырдта Ерош- кæ,— иæ мæ зыдтай, мæ рæстæг куы уыди, уæд, æз дын, хъæлæкк, би- рæ цыдæртæ фенын кодтаин. Ныр та ма циу Ерошкæ? Ныр сын Еро- шкæ дурын сдæрæг сси, уыййедтæмæ йæ рæстæ- джы Ерошкæ цы уыд, уый лæппутæ зыдтой, хъæлæкк. Æгас пол- чъы Ерошкæйæ лæгдæр иæ уыд, йæ ном дæрд- тыл хъуыст. Кæмæ уыд бæхты хуыздæр? Чн дардта гурдайы1 конд кард? Кæмæ-иу цыды- сты баназыцмæ æмæ рæ- стæг арвитынмæ? Кæй æрвыстой хохмæ Ахмæт- хапы марыпмæ? Æр- мæст Ерошкæйы. Уæ- дæ сып Ерошкæйы йед- тæм-æ пикуы ницы уыд. Кæй уарзтой чызджыгæ? Ерошкæ- йы. Уымæи æмæлæг уыд, саг лæг, барæг, расыггæнаг, хуысшæг, хохæй-иу æгас бæхы рæгъæуттæ тардтон; за- рынмæ та — æниу исчн хæйрæг куы фестадаид,— мæни- мæ ничи рахъазыдаид. Иу цыбыр ныхасæй, чердæм мæ фездæхтаис, кардæй уæлд’ай нæ уыдтæн. Ныр та цæй хъазахъхъаг ис? Нал ис хъазахъхъаг, нал. Сæ бакастæй дæр зæрдæ мæгуыр кæны. Зæххæй уæлæмæ иæ зындзæн (Ерошкæ къухæй зæххæй адылипы бæрц ацамыдта) мæл- дзыджы хуызæн, афтæмæй цырыхъхъытæ ссæрфы æмæ йæхимæ куынæг нæ кæсы, цинæй сыл мæлы. Кæннод ныррасыг уыдзæн. Æмæ баназын дæр лæджы хуызæн нæ зонынц, фæлæ куыддæр, куыд зонай, афтæ. Фæлæ æз чи уыдтæн, уый зоныс? Æз Ерошкæ уыдтæн, мæ хæлар, Ерошкæ, хуыснæджытæн сæ тæккæ бынæйласгæтæй. Хъа- 1 Гурдайы копд æхсаргæрдтæ æмæ хъаматæй хуыздæр Кавказы пæ уыд. 79
захъхъы хъæуты мæ афтæ нæ зыдтой, хохы ш^ куыд зыдтой. Æлдæрттæ фысыммæ мæнмæ цыдысты. Æз алкæ- имæ дæр цæрын зыдтон, се ’ппæтимæ дæр лымæн уыд- тæн: тæтæйрагимæ — тæтæйраг, сомихаги^æ — соми- хаг, салдæттимæ — салдат, афицеримæ — ашицер. Мæ- пæп сæ хъауджыдæр иæ уыд, æрмæст рассыггæнаг уæд, уыййедтæмæ. Кæимæ цæрыс, уыдонæй дæхи ссыгъдæг касн, зæгъгæ, ’мын дзырдтой: салдæттимæ, дам, ма пуаз, тæтæйрагимæ ма хæр. / — Чи дыи дзырдта афтæ? — афапста йæ Оле- нин. I — Чи куы зæпай, уæд нæ динамс/нджытæ. Молло кæнæ тæтæры кадимæ-ма байхъус. Уыдон афтæ фæзæ- гъыиц: «Сымах раст дингæиджытæ не стут, джауыртæ стут, хуыйы фыд цæмæп хæрут?» Алкæмæ дæр йæхн а,пдау хорз кæсы. Æз та афтæ зæгъын, æмæ сæ хъау- джыдæр нæй. Се ’ппæты дæр хуыцау скодга адæйма- джы зæрдæрухсдзинады тыххæй. Цæй тæригъæд æмæ цæй æндæр. Сырдтæм-ма бакæс, уыдоп махæй дæсны- дæр сты. Уыдон тæтæйраг хъамылы дæр цæрынц, махс- пы дæр цæрынц. Кæм ыл бахеæв уа, уым йæ хæдзар. Цæуыл фембæла, <, уый æвдæрзы, лы- стæгæй сæ пе ’взары. Махонтæ та афтæ дзурынц: уы- дæтты тыххæй мæрдты тебæтæ сдæрдзыстæм. Мæнмæ гæсгæ та уыдæттæ иууылдæр гæдыдзинадыл арæзг сты,— загъта Ерошкæ æмæ фæхъус. — Гæдыдзинад та цы хоныс?—афарста ;йæ Олснин. — Мæпæ динамонджытæ кæй дзурынц, уый. Мах- мæ, Червлёнæйы, иу булкъон мæ лымæн уыд. Кæм уыд ахæм саг лæг, мæнæ мæ хуызæн. Цæцæны фæмард, мæ- гуыр. Афтæ дзураг-иу уыд: «динамонджытæ мысгæ кæ- нынц сæхи сæрæй. Куы ныммæлай, уæд дæ уæлмæр- дыл кæрдæг æрзайдзæн, 1æндæр ницы, ууыл хъуыддаг ахицæн уыдзæп»,— зæронд лæг ныххудти.— Æхсар- джын, саг лæг уыди æвæдза. — Цал азы дыл цæудзæн?— афарста Оленин. — Æмæ сын чи цы зоны. Иу-дæс æмæ æртиссæдз мыл цæудзæп, зæгъгæ, зæгъын. Мæнæ сымахмæ ус-пад- дзах куы уыд, уæд чысыл нал уыдтæп, лæг уыдтæн. Гъеныр баиымай, цас мыл цæудзæн, уый. Дæс æмæ æр- тиссæдзы мыл цæудзæн? — Ай-гъай, цæудзæн дыл, афтæмæй ма сæрæн дæ. *— Цæуылнæ уон, хуыцауæй разы,æнæниз дæн, хъыгдарæг мæ нæй. Æрмæст мæ мæ хæйрæг æфснн ба- 80
домдта, мæ тæригъæд æй баййафа, мæ цард мын фе- хæлдта. \ — КуыДуый та? — Афтæ,^фехæлдта. — Куы Хмæлай, уæд кæрдæг æрзайдзæн, и?— йæ пыхас ып ракотта Оленин. — Æмæ уаедæ цы ’пхъæл уыдтæ? Баназ-ма, цэсй,дæ хорз зонд дзыД миййаг, куы нæ сафдзынæ,— фæхъæр кодта Ерошкæ, Цлснинмæ сæны иуазæп дæтгæйæ. \ XV — Цæй тыххæи, дзырдтон, ферох мæ ис, сымахы- стæн!—байдыдта та Ерошкæ хъуыдыгæнгæйæ.— Уæ- дæ æз ахæм лæджы мыггаг дæп, мæ хур, ахæм! Æз цу- анон дæн, цуанон. Мæ хуызæн цуаноп æгас полчъы дæр нæй. Æз дыи алы сырд, алы маргъ ссардзынæп æмæ феныи кæндзынæн. Кæм цы ис, уыдоп пууылдæр зонын, æнæсгæрст раи мын нал баззад. Мæнмæ куыдз дæр ис, дыууæ топпы, кæсагахсæн хыз, кобыл- кæ, уарп — алцыдæр мæм ис хуыцауы фæрцы. Кæд æцæг цуанон дæ æмæ дæхицæй пе ’ппæлыс, уæд дып æз цыдæриддæр фенып кæндзынæн. Æз ахæм адæймаг дæи! Иугæр мæ цæст сырды фæд æрцахста, уæд мып амопыи нал хъæуы, зонып, цавæр сырд у, уый, зонын, кæм æр- хуысдзæн, дон кæм пуаздзæн, кæм сæвдулдзæн, кæм ратул-батул кæндзæн,— уыдæттæ мыи хъуыдыгонд сты иууылдæр. Мæхицæн бадæн саразын бæласыл кæ- нæ æндæр искуы æмæ бадып æхсæв, хъахъхъæпын. Уæ- дæ хæдзары бад, уый цы пайда у! Ныррасыг уыдзынæ æмæ ма исты тæригъæды дæр бацæудзынæ. Кæнæустытæ æрбацæудзысты, æмæ сын нæ зоныс сæ сусу-бусу ны- хæстæ, кæнæ лæппуты хъæр æмæ ахст; ныммæстджын- тæ* ма уыдзæн лæг. Фæлтау изæррухсæй афардæг у, дæхицæн дзæбæх бынат равзар, хъамыл дæ быны æрыс- сæнд, сбад æмæ уыцы бадгæйæ æнхъæлмæ кæс. Хъæды цыдæриддæр æрцæуа, уый æмбарыс, уымæн æмæ йын зоныс йе ’гъдæуттæ. Арвмæ скæс æмæ стъалытæм гæс- гæ зоныс, Бонвæрнонмæ ма цас ис, уый. Дæ алфамбы- лай акæс, æмæ хъæд змæлы, сыр-сыр кæны, æмæ æн- хъæлмæ кæсыс: ныртæккæ къæрцц фæцæудзæн, æмæ иæл хуы æрбацæудзæн йæхи æвдулынмæ. Хъусыс лæп- пыи цæргæсты цъист-цъист, сæ фæдыл уасджыты уа- сын кæнæ хъазты хъæр хъæуы мидæг. Хъазтæ æмбис- æхсæвы опг фæхъæр кæнынц, афгæ у се ’гъдау. Уыдæт- 6 Птегттаг 81
тæ иууылдæр зонын, амонын мын сæ нæ хъæу#. Науый- нæй искуы дард топпы хъæр фæцыд, æмæ зæрдæ алыр- дæм адзуры. Ахъуыды кæныс: уый чи фехотаид цымæ? Кæд, миййаг, хъазахъхъаг, мæиæ мæнау/сырдмæ ба- бадт æмæ йæ кæд нæ амардта, фæлæ йæ æрмæст æр- дæгдзæф фæкодта,— уæд афардæг уыдз/сн, мæгуырæг, хъамылы мидæг, дзæгъæлы туг калгæйæ. Нæ уарзын! Уымæй æвзæрдæр мæм пицы кæсы! Пæмæп фæсахъат кодта сырды, уыцы æдылы, ард йæ /æдзары бацæуа! Кæннод хинымæры ахъуыды кæныс: «Кæд цæцæйнаг абы- рæг æвзонг æдылы лæппу-хъазахъжьаджы амардта». Уыдæттæ-йедтимæ зæрдæ æпæ адзургæ кæм вæййы. Уæд’ дып иухатт доиы был бадып; кæсыи æмæ дып уæлæ дон иу авдæн раласы. Быптон æнæхъæн, æрмæст йæ иу кæроп саст. Уый та кæй уа цымæ? Мæхинымæры ахъуыды кодтон: æвæццæгæп та уыцьт хуыцауæй æлгъыс- тытæ, сымах салдæттæ, цæцæнæй уацайрæгтæ—устыты рахастой, сывæллоны пу цъаммар амардтаид: йæ къæх- тыл ып фæхæцыдаид æмæ йæ къулыл; пыффæртт ла- стаид. Афтæ ома нæ бакæпдзысты, зæгъыс? Дурзæрдæ, æиахъиноп адæм сты, цы сæ хоныс, цы нæ бакæндзы- сты, ахæм сып нæй! Уыцы хъуыдытæ мæ сæры абадты- сты, æмæ мæ зæрдæ суынгæг, срыст, æмæ йыи тæригъæд кæнып байдыдтон. Хъуыды кодтоп: авдæп аппæр- стой, усы ахастой, хæдзар басыгътой, фæлæ сахъ лæп- пу топп райста æмæ ацы фарсмæ, махырдæм сгæры ра- цыд. Афтæмæй бадыс æмæ æдзух хъуыдытæ кæныс. Куыддæр бамбарай,— рухсы æрдопг æрбабырсы,— аф- тæ мидæгæй зæрдæ скафы. У, мардзæ, фестыйнæгтæ, ацырдæм, ацырдæм! Æрмæст тæрсыс: уыцы фыдæбоны смаг бамбæрстой, уæд сыл дæ цæст дæр нал фæхæц- дзæн. Бадыс, змæлæны мыггаг иæй, зæрдæ мидæгæн— гуыпп-гуыпп-гуыпп! — лæджы афтæ хæрдмæ æппары. Ауалдзæджы иу стыр æрдонг æрбацыд, йæ сау æндæрг’ фæзынд. «Фыд æмæ фырты...»— зæгъгæ, сæм топп фæ- царæзтои. Гъеиыр фехсоп, зæгъгæ, афтæ мад чи у, уый уыцыиу хуыррыт фæкодта йæ хъыбылтыл: «Туг иыл æр- уарыд, сывæллæттæ, уæртæ лæг бады!»— æмæ цæ- стыфæныкъуылдмæ къудзиты ’хсæи къæрццытæгæнгæ фæцыдæр сты. Мæ хæсгæ мардыл, гъс, зæгъгæ, загьгоп, мæ иу цонг хауд куы уыдапд, æмæ уæ æрмæст иу къæп- ,мæ куы æрбаййæфтаип! Афтæ йæ дæндагæй бахордта- ип фырмæстæй дзæргъы. — Æмæ дзæргъ куыдæгъдауæп загъта йæ хъыбыл- 82
тæн, уæрта лæг бады, зæгьгæ?— афарсга йæ ОленйН. - УæдаХ куыд æнхъæл уыдтæ? Лфтæ æнхъæлдтай, а:мæ æдылыу сырд? Уып дæ фæсопæрхæджы дæр ма уæд; лæгæй З^мбаргæдæр у, пæ пом хуы кæй хуины, уымæ йын ма\кæс. Æмбаргæ алцыдæр кæпы. Дзырдæн зæгъæм: адæйм&г сырды фæд фсны æмæ пицы бамба- ры, фæлæ дын хуы дæ фæд куы ссара, уæд фæфутт кæ- ны æмæ атымыпцласы, йæхи бафснайы. Уый уымæ цæ- уы, æмæ .йæм зоцд ис: ды дæхи смаг пе ’мбарыс, уый дын æй æмбары. Ды йæ марынмæ хъавыс, уый та хъæ- ды удæгасæй хæтыи фæпды. Дæумæ ахæм æгъдау ис, уымæ та æидæр æгъдау. Уый хуы у, фæлæ уæддæр дæ- уæй фыддæр нæу. Уый дæр хуыцау куы скодта. ’Гъе-уæу- уæй-уæууæй! Æдылы куы у адæймаг, æдылы хæрзæды- лы,— загъта зæропд лæг иукъорд хатты уыцы пыхас, пæ сæр дæлæмæ æруагъта æмæ хъуыдытыл фæци.» Олснип дæр сагъæсы бацыд, тыргъæй дæлæмæ æр- хызт, пæ къухтæ пæ фæсонтыл сæвæрдта æмæ æпæ- дзургæнæ кæрты дыууæрдæм рацу-бацу кæпып бай- дыдта. Ерошкæ куы æрпомыл, уæд йæ сæр фæхъпл кодта æмæ æдзынæг кæсып байдыдта, цырагъы сæрмæ ра- тæх-батæх чи кодта æмæ цырспыл йæхи чи цавта, уы- цы æхсæвцæрæг гæлæбутæм. — Æдылы къоппа! Æдылы къоппа!—дзырдта Ерош- кæ.— Кæдæм тæхыс, кæд де сæфт не ’рцыд, >æд. Мæ- пæ фæлхæрстытæ!— Ерошкæ сыстад æмæ йæ къухы ставд æнгуылдзтæй гæлæбуты сурын байдыдта, куы ба- судзой, уый тæссæй. — Басудздзынæ, фæлхæрст, мæнæ ацырдæм ратæх, быпат.дзы чысыл куы пæ ис,— дзырдта Ерошкæ фæл- мæн, рæвдауæн хъæлæсæ:} æмæ сæ æп’æбахъыгдаргæйæ арæхстгай йе ставд æнгуылдзтæй ахста сæ базыртæй, стæй-иу сæ суагъта.— Дæхæдæг дæхп сафыс, æз та ма дып тæрпгъæд кæныи. Ерошкæ бирæ фæбадт пæхипымæры цыдæртæ ды- гъал-дыгъулгæпгæ æмæ ав;жы хъуырæй нозта. Оле- пии та кæрты дыууæрдæм рацу-бацу кодта. Æвиппай- ды йæ хъусыл æрцыд, цыма кулдуары æдде чидæртæ, сусæгæй ныхас кодтой, уыйау, æмæ дисы бацыд. Йæ улæфт æвæпдопæй фæурæдта, æмæ йæм дзæбæх фс- хъуыст сылгоймаджы худын, лæджы хъæлæс æмæ æп- дæрг байы уыпæр. Барæй, йæ къæхтæй кæрдæджытыл сæр-сæргæнгæ, кæртæй йæ пу кæронæй иипæмæ ацыд. 83
Чысыл фæстæдæр къæрццыгæ фæцыд. Хшзахьх’ьаг, тарбын цухъхъа æмæ урс уæлдзарм худы уиидæг, кау- рæбынты сивгъуыдта, бæрзонд сылгоймаг/та урс кæл- мæрзæны мидæг Олснины фæрсты æрбаселф ласта. «Мæн демæ, дæу та мемæ ницы хъуыддаг ис»,— цы- ма йын Марьянæйы ныфсджын цыды ашст афтæ загъ- та, уыйау æм фæзыпд. Оленин хæдзаръ1 къæсæры онг чызджы фæстæ уыцы кæсгæйæ баззад, стæй мидæгæй хæдзары йæ кæлмæрзæп сæрæй куыд/систа æмæ тъах- тиныл куыд æрбадт, уый дæр ма йæ иæст ацахста. Оле- иин æвиппайды æрæнкъард, сагъæсьгæмæ мæты бацыд; йæ зæрдæ байдзаг, дзæбæх кæй нæ ахста, фæлæ суын- æнхъæл кæмæн уыд, ахæм зæрдæвæндон хъуыдытæй æмæ хæлæгдзинæдтæй. Рухс пикæцæйуал цыд. Хъæу æрсабыр, иу уынæр никæцæйуал хъуыст. Каутæ уæд, кæрты мидæг зына- нæзына урс чи дардта, уыцы хъомвос уæд, хæдзæртты сæртæ, рæхснæг хъал гæдыбæлæстæ уæд — се ’ппæт дæр цыма тарф, æнæииз, куыствæллад фыны мидæг уыдысты, афтæ зыпд. Æрмæст ма цъыфдзастæй хæф- сыты æнæбанцайгæ зæлланггæнаг уасын дардмæ хъуыс- тис. Хурыскæсæнырдыгæй стъалытæ мынæггæнгæ цы- дысты æмæ цыма сæууои рухсы тадысты, уыйхуызæн зынд. Комкоммæ арвæп йæ бæрæгастæу арфдæр æмæ арæхдæр уыдысты. Зæронд лæгыл хуыссæг тыхджын кæиын байдыдта, йæ сæр йæ быцæу æмæ æвæрд къух- тыл æруагъта æмæ арæдзæ-мæдзæ кодта. Уынгæн йæ фаллаг фарсæй уасджыты уасып фехъуыст. Лæппу фæ- сивæды зарæг йæ хъусыл æрцыд. Олснип каумæ йæхп хæстæг баласта æмæ -зæрдиагæй хъусын байдыдта. Лæппу адæм хъæлдзæг зарæг кодтой, æмæ дзы иуы хъæлæс бæлвырд бæрæгдæр хъуыст. — Чи зары, уый зоныс?— загъта зæронд лæг, куы æрыхъал уæд.— Уый сахъ Лукашкæ у. Айфыццаг ’цæ- цæйнаджы дæр куы амардта. Ныр цин кæпы. Фæлæ дзы цы циндзинад ис, уый æз не ’мбарып. Æдылы у, мæгуыр йæ бон, æдылы! — Ды дæр искуы лæг амардтай?— афарста йæ Оле- нин. Зæронд лæг йæ рæмбыныкъæдзтæй йæхи систа æмæ Оленины цæсгоммæ йæхи бахæстæг кодта. 1 — Хуырым!—фæхъæр ыл кодта зæропд .лæг.— Цæмæй мæ фæрсы? Исчи ма ахæм ныхæстæ кæны! Дæ- хи æмбойны æрбайсафдзынæ, уый зон. Де ’хсæв дæхи 84
ф&эдиаУ, ме скæнæг, нозтджын, хæрдджып, хьæетаГ ннцæмæХ дæн,— загьта зæронд лæг стгæстын.— Рай- сом цуань! цæудзыстæм? Уæд æрбацæуоп. — Æраацу. — Хъусыс, раджы-иу сыст. Афойнадыл куы пæ сы- стай, уæд ивар бафыстай, уый зоп. — Ма мып тæрс уымæй, дæуæй фæраздæр уыдзы- нæп,— загъта Олениы. Зæроид лæг рацыд. Зарып иикæцæйуал хъуыст. Къæхты хъæр æмæ хъæлдзæг пыхас пæ хъусыл æр- цыд. Иу цъусдуг рацыдаид, афтæ та дардæй зарып ссыд, æмæ Ерошкæйы тыхджын хъæлæс бафтыд фыц- цаг хъæлæстыл. <-Адон цавæр адæмы мыггаг сты æмæ чсрдыгоп цард у сæ цард!»— ахъуыды кодта Олеыиы, дæлнауæп ыыуулæфыд æмæ пушогæй йæ уатмæ бацыд. XVI Ьрошкæ цардп зыбыты нунæгæй. Уый уыд, паддза- хы куыстæп бьппопдæр чи схыцамк ахæм хъазахъхъаг. Йæ ус ссæдз азы размæ чырыстон дип райста, стæй кæйдæр ф&^дыл алыгъд æмæ ну уырыссаг фсльдфсбель мой скодта. Зæпæг ыы нæ уыд. Зæронд замапы йæ рæ- стæджы æгас хъæуы мидæг уый хуызæп саг лæг ыæ уыд, фæлæ, йæхи койгæпгæйæ, уыцы æгъдауæй æпыæлаг пæ уыд. Йæ рагон сагдзппады тыххæй æпæхъæп полчъы мидæг, номдзыд уыд, æмæ йæ уыйадыл æыæзоыгæ ничи уыд. Иу æмæ дыууæ нæ, фæлæ къорд удгоймаджы тæ- ригъæды бацыд цæцæпæй дæр æмæ уырысæй дæр. Стæ- ры хохмæ цыд, фæлæ уырысыл дæр нæ ауæрста: давта сыи сæ фос æмæ дыууæ хатты ахæстоны дæр ныддауд- та. Р1æ цардыбонтæ фылдæр æрвыста цуаны, хъæ- ды мидæг. Бонсауизæрмæ-иу хъæды афтид дзулы къæ- бæры æвджид баззад æмæ-иу доны йедтæмæ йæ дзыхмæ ницы схастаид. Фæлæ-иу хъæумæ бафтгæйæ нозтыл фæцп, бæфспс ыы пæ уыд æмæ-иу боп-изæрмæ гъæйтт кодта. Оленинæй сæхимæ куы æрцыд, уæд пу-дыууæ сахагы афыпæй, стæй сæударæй фехъал æмæ йæ хуыссæны мидæг йæ ног зонгæйы тыххæй хъуыдытæ кодта. Оленин йæ зæрдæмæ тынг бацыд, сæрыстыр, зынæрвæссоп кæй пæ уыд, уыйадыл (сæн арæхæй кæй лæвæрдта, уымæн æм афтæ фæзынд). йæхииымæры дис кодта, ацы уырыс æнæзыпæрвæссоп æмæ хъæздыг цæмæп сты, стæй цæмæп афтæ у, цымæ: сс ’ппæт дæр 85
йкуЫргокГД уæпгæйæ .æмбаргæ Ннцы кæныиц. Уыдæтта*- йедтыл хъуыдигæигæна\ Оленинæп цы ратоион/цы ра- фæлгъауоп, уыимæ йæ зæрдæ дзырдта. Хъазахъ/ьы усты- тæ, сæ ахуырмæ гæсгæ сыгъдæгдзинады кой тынг кодтой; Ерошкæйы уат та тыпг æпæфспайд æмæ гьизи уыд, дзауматæ алыран дæрæн-хæрæиæп лæууыдысты. Стъо- лы уæлæ лæууыдысты тугæйдзаг куырæт æмæ дзулы æрдæг, сæ фарсмæ —лæгуын, æрдæгхæрд дзæгъып- . дзæджы мард, йæ уарийы холы. Тъахтипыл пырхæй лæууыдысты æрчъиаг кгогъозитæ^ топп, хъама, хызын, хуылыдз дзауматæ æмæ пысултæ-йедтæ. Хæдзары къуымы тъæпæнæджы, смаггæпаг доны мидæг, уыдæсты- сты æпдæр æрчъиаг къогъозитæ. Зæххы, фæйнæгбып уаты, лæууыдысты кæсагахсæн хыз æмæ цалдæр хъæд- даг карчы марды. Стъолмæ æпвахс йæ пу къахæй баст хтæддаг карк рацу-бацу кодта æмæ цыдæртæ уидзгæ- пæ йæ бырыпкъæй фæйпæджытæ къуыртт-къуыртг кодта. Уазал псцы хуылфы саст хъæдып къусы мидæг цыдæр æхсырхуыз тæпгъæд уыд. Пецы сæр цъиусур бадт æмæ цъиу-цъиугæпгæ йæ синаг атопыпыл æвзæр- ста. Йæ цуры пецы къулы былыл бадт лæгуын уари æмæ-иу зулаив хъæддаг каркмæ бакаст кæнæ-иу рахиз- фарсырдæм йæ къубал къæлæтау сыздыхта. Ерошкæ йæхæдæг къул æмæ пецыч ’хсæн йæ цыбыр сынтæгыл уæлгоммæ хуыссыд афтид хæдоны мидæг æмæ, йæ къæхтæ хæрдмæ пецыл æвæрдæй, афтæмæй йе ставд æнгуылдзтæй йæ мызгъуыр къухты хæлмæгтæ къахта. Уарийы йæ къухыл æнæ æрмкъухæй хаста, æмæ йын сæ уый уыйадыл ныцъæррæмыгъдтытæ кодта. Уаты ми- дæг, уæлдайдæр зæронд лæгæп йæхимæ ввахс, уæлдæ- фы ахъардта, чи никуы дзы цух кодта, ахæм тыхджып, фæлæ куыддæр æвзæрæмхæццæ смаг. — Быиаты дæ, нæхиои?— фехъуыст рудзыпгæй цъæхснаг хъæлæсы хгæр. Ерошкæйæп цы базонын хъуыд хъæлæсмæ гæсгæ йæ сыхаг Лукайы. — Мæнæ дæн, мæпæ! Мидæмæ рацу!— рахъæр кодта мпдæгæй зæронд.— Кæцæй фæдæ сæумæдæвдæ- гæй? Постмæ цæуын сфæнд кодтай, æвæццæгæн? Уари фæпæррæст ласта, пæ базыртæ сцагъта æмæ йæ бæттæн аивæзтытæ кодта. .Зæронд лæг Лукашкæйы хъулоп уарзт кодта, лæп- пу (фæсивæдæй æрмæст иупæг уымæ каст дзæбæх цæ- стæй. Лукашкæ æмæ йæ мад, куыд сыхæгтæ, дзæбæх уыдысты Ерошкæйæн, йæ бахъуаджы сахат-ну æм æиæ 86
фæкæсгæ нæ лæууыдысты, цæмæй хъуаг уыд, уымæн, æмæ йьш-иу кæм сæн, кæм хъаймагъ барвыстой. Ерош- кæ йæ царды мидæг кæддæриддæр йæ зæрдæйы фæдыл цыд æмæ уымæ гæсгæ алцæмæ дæр пайдайы цæстæй каст. «Æмæ цы? Цæрæг адæм сты,— зæгъгæ-иу дзырд- та йæхинымæры Ерошкæ.— Æз сып кæм карк, кæм æндæр исты авæрын, уыдон дæр мæ, гæды ныхас, пæ рох кæнынц,— куы гуыл, куы сойыфых мын æрбарвн- тынц хаттæй-хатт». — Алыбон æгас цу, Марка! Æхсызгоп мын у дæ уынд,— æмæ Ерошкæ лæппулæгау цырд йæ къæхтæ зæхмæ æрæппæрста, фæтæррæст ласта, иу-дыууæ къах- дзæфы фæйиæгбып уаты акодта, йæ зылын къæхтæм æркаст æмæ йæм худæг смидæг; йæ бæгъæввад зæвæт- тæй дыууæ къуырды æркодта æмæ æпахуыр зылд нык- кодта.— Куыд дæм кæсын, мæ лымæи, и?—афарста Лу- кайы, йæ гыццыл цæстытæй æрттивгæйæ. (Лукашкæ йæ мидбылты бахудт.)—Постмæ цæуыны уынаффæ дæм пс, æвæццæгæн?— афарста зæропд. — Мæнæ дып иучысыл сæн æрбахастоп; айфыццаг дыи посты зæрдæ куы бавæрдтоп. — Уæ, Чырыстийы арфæ дыл сæмбæла!—загъта зæронд лæг æмæ зæххæй, къæхты бып чи лæууыд, уы- цы халат æмæ куырæт систа, йæ уæлæ сæ акодта, рон æрбабаста йæ астæуыл, саст къусæй йæ къухтыл дон æркодта, зæронд хæлафыл сæ асæрфта, сæрвасæны са- стæй йæ зачъетæ адаудта æмæ Лукайы раз алæууыд,— Æз цæттæ дæп!— загъта Ерошкæ. Лукашкæ куыси райста, йæ къухтæй йæ асæрфта, сæнæй йæ байдзаг кодта, баидопыл æрбадт æмæ пуа- зæн Ерошкæмæ бахаста. \ — Цæй, дæ цæрæнбон мын бирæ уæд!— загъта зæ- ропд лæг æмæ цыма стыр хъуыддаджы бацыд, уый ист ракодта пуазæн.— Дæ зæрдæ цыдæриддæр зæгъы, уый дæ къухы бафтæд, саг лæг у, крест бакус! Лукашкæ дæр ракуывта, сæнæй ацахуыста æмæ йæ стъолыл æрæвæрдта. Зæропд лæг йæ бынатæй сыстад. . Хус кæсаг æрбахаста, дуары къæсæрыл æй æрæвæрд- та, лæдзæгæй йæ æрхоста фæлмæндæры тыххæй, йæ мызгъуыр хæлмагджын къухтæй йæ йæ иунæг цъæх тæ- бæгъы æрæвæрдта æмæ йæ стъолмæ бахаста. — Хъуаг пицæмæй дæн, алцыдæр мæм ис, цы аца- ходæм, уый дæр, хуыцауы фæрцы,— загъта зæронд лæг, йæхиуыл чи ферву^ссыд, ахæм стырсæр, хъалдзырд- 67
88
ГÆнæг лæджы æгъдауæй.— Мосевимæ та цы бадæ?— афарста йæ зæропд. Лукашкæ радзырдта, урядпик ыи йæ топп куыд бай- ста, уый, æвæццæгæн æй ракъахыпмæ хъавыд, кæддæра зæропд лæг цы зæгъид, зæгъгæ. — Топпыл дæ къух аунгъ, суæлдай йæ кæи,— загъ- та зæронд лæг,— топп куы нæ радтай — хæрзиуæг нæ райсдзынæ. — Цæй хæрзиуæг ратдзысты лæппулæгæи, пад- дзахы службæйы чи нæма бацыд, уымæп. Топпæп та ахæм пикуы уыд, хъыримаг, аст туманы аргъ. — Ныккуйты нæ уадз, дæ фыдыстæн. Æз дæр ма афтæ фæерыс дæп ницæй тыххæй сотпикимæ — кæд мын куырдта мæ бæх. Æри, дам, дæ бæх, æмæ дæ афи- цермæ бавдпсдзыпæп. Æз ып уæддæр нæ радтоп æмæ пицæмæй баззадтæп. — Мардæрцыд у, бæх æлхæпын мæ кæй хъæуы. Куыд дзурынц, афтæмæй донæн фаллаг фарс бæх фондз туманæй асламдæр кæсынмæ дæр пичи ратдзæп. Мæ мад пырма сæп дæр нæма ауæй кодта. — Гъе-уæууæй, гъе! Уæдæ уыдæттæ мах хъуыды дæр пæ кодтам,— загъта зæроид лæг.— Æз дæ карæп куы уыдтæн, уæд Ногъайæ æнæхъæи рæгъæутгæ тард- топ æмæ-иу Терчы фалс бæх арахъхъы авгыл качгæ иы- мæтыл æрбауæй кодтоп. — Афтæ аслам сæ цæмæп лæвæрдтай? — Æдылы куы дæ, Лука, æдылы!— загъта былыс- ч~ н"тæгхпгæйæ зæронд лæг.— Нæ уыд æндæр амал: хуыспæг лæгыл мæрддзæст нæ фидауы, давгæ дæр уы- мæн кæны. Сымах, æвæццæгæп, бæхрæгъæуттæ куыд тæрынц, уый уæ цæстæй дæр никуы федтаиккат. Цы ныхъхъус дæ, мæ лымæн? — Æмæ цы зæгъон уæдæ? Æвæццæгæп, сымах хуызæн адæм пе стæм. — Куы дын амардаин — пицы æмбарут, мæгуыр уæ бон, иицы! Сымах хуызæн адæм, дам, пе стæм,— загъ- та зæронд лæг, лæппу хъазахъхъаджы фæзмгæйæ.—Дæ карæпæй æз ахæм хъазахъхъаг пæ уыдтæп. ^ — Уæдæ цы бачыпдæуа?— афарста Лукашкæ. Зæронд лæг былысчъилтæгæпгæ йæ сæр банкъуыста.- — Ерошкæ, мæ хæлар, парахат лæг уыд, уый зоп; фæстæмæ пицæуыл хæцыд, иицæуыл ауæрста. Æгас цæ- цæны мыггаг мемæ хæлар уымæп уыдысты. Мæ лымæн- тæй мæм-иу исчи куы фæзынд, уæд-иу æй арахъхъæй 89
хорз федтон, барæвдыдтон-иу æй, мæ цуры-иу æй схуыс- сын кодтон; йæхимæ-иу ын куы цыдтæн, уæд-иу ын нсты лæвар мемæ ахастон. Лæг 1пгу, уый афтæтæ фæ- кæиы, мæ лымæп,1- афтæтæ. Уыййедтæмæ пыр куыдтæ æмæ цытæ кæпынц, уый пицы у. Ныры лæппутæ хи ирхæфсынæн хуыздæр куыстæн уый ссардтой, æмæ æх- сынæнтæ къæрццытæ кæныиц æмæ сын сæ цъæрттæ ту- тæ кæнынц,— загъта лæг былысчъилтæгæнгæ æмæ, лæппу хъазахъхъ æхсынæнтæ куыд æхсынынц æмæ сын сæ цъæрттæ куыд тутæ кæнынц, уый фæзмын байдыдта. — Уый зонын æз дæр,— загъта Лукашкæ.— Уымæй раст зæгъыс! — Саг лæг уай, уый дæ куы фæнда, уæд музукка- джы хуызæп ма у, фæлæ дæм пыфс æмæ сахъдзинад уæд. Уыййедтæмæ бæх балхæнын диссаг пæу; бæх му- зуккаг дæр балхæндзæн — æхца акалдзæн æмæ бæх райсдзæн. Сæ дыууæ дæр исдуг пыхъхъус сты. — Хъæуы дæр æмæ посты дæр, адæймаджы зæрдæ цæмæй барухс уа, ахæмæй дзы пицы пс. Лæг йæхи кæм равдиса, кæм аиваза, ахæм рап дæр пæй. Дзырдæн На- заркæйы райсæм. Айфыццаг цæцæйнаг хъæуы уыды- стæм. Гирей-хан пæ Ногъаймæ бæхтæ тæрынмæ хуыд- та. Уый бахъуыды кæп æмæ пичи акуымдта. Æз дæр ма нупæгæй цы бакодтаин? — Уæд æз цы ми кæнын? Мæ гæрзтæ æрæвæрдтои, ома? Уый æнхъæл ма у. Нырма мæ зæрдæ мæ мидæг ис, уый зон. Æри-ма уæдæ бæх, кæддæра пыртæккæ Ногъайы нæ балæууин. — Дзæгъæл ныхас ницæмæн у,— загъта Лука.— Фæлæ Гирей-ханимæ цы бакæнон, уый-ма мын зæгъ. Афтæ зæгъы, бæхтæ Теркмæ æрбахæццæ кæ, уыйфæстæ сæ мæ бар уадз, æнæхъæн рæгъауæн дæр, дам, бынат скæндзынæн. Нæ’ зонып, фæлæ уыцы гæмæхсæрыл дæр куыд баууæндыдæуа. — Гирей-хаи æнæсайд лæг у, баууæндæн ыл ис. Уыцы мыггаг се ’ппæт дæр хорз сты. Йæ фыд мæ хорз хæлар уыд. Мæнмæ хъус æрмæст. Æз дæ æвзæрдзина- дыл нæ сардаудзынæн. Ард ын куы бахæрын кæнай, уæд,ыл дæ зæрдæ дар, йæ ард нæ фæсайдзæн. Фæлæ уæддæр, цы вæййы, куыд вæййы, цы нæ æрцæуы, æмæ йсмæ цæугæйæ фæндагыл стырзæрдæ ма у, сайд дыл æрцæудзæи, дамбаца цæттæ дар, уæлдайдæр бæхтæ 90
уарынмæ куы æрцæуат, уæд. Иухатт мæ афтæмæй иу цæцæйнаг, чысыл ма бахъæуа, фæцæймардта. Æз дзы бæхæн туман куырдтон. Æууæндгæ кæ, фæлæ æнæ топ- пæй хуыссæнмæ дæхи ма ’руадз. Лукашкæ зæрдиагæй хъуыста зæронд лæгмæ. — Уæд йед та...—зæгъгæ, загъта Лукашкæ,— Афтæ фехъуыстон, халæнгæрдæг дæм ис, зæгъгæ. — Халæнгæрдæг мæм нæй, фæлæ) дып æй амонгæ бакæпдзынæн, цæй, цы дын чындæуа, уæдæ, дзæбæх лæппу дæ, гæды ныхас циу,— зæронды дæр нæ рох кæ- ныс, æрхъуыды йæ кæныс. Бацамонон дып æй уæдæ? — Куы мын бацамонис, хъæлæкк! — Уæртджыпхæфс зоныс? Дæлимонтæй у уый дæр. — Зонып. Уый та чи нæ зоны! — Цæвиттоиы хъуыддагæй, баздæх æмæ уæртджин- хæфсы ахстон ссар æмæ йын йæ алфамбылай кау æр- би, мидæмæ йын бацæуæп куыд нал уа, афтæ. Уый æр- бацæудзæи æмæ йæ алыварс æрзилæнтæ кæидзæн, стæй фæстæмæ афардæг уыдзæп, халæнгæрдæг ссар- дзæп, æрбахæсдзæп æй æмæ кау ф^халдзæн. Дыккаг бон райсом сæударæй уым балæуу. Кæс, æмæ кау хæлд кæм разына, раст гъсуыцы рап зæх>ы галæпгардтг лæудзæп. Сис æй æмæ йæ демæ хæсс, кæдгхм дæ фæн- да, уырдæм. Цæй гуыдыр æмæ цæй дуарæхгæпæп,— дæ цæстæй дæр сæ пал фсндзыпæ. — Дæхæдæг дæр æй бавзæрстаис? — Нæ, мæхæдæг æй, гæды ныхас, пæ бавзæрстоп, фæлæ йæ зоидджып адæм дзырдтой. Мæимæ æрмæсг уы- цы иу хос уыд: æз, гъа ныр бæхыл сбадон, зæгъгæ, аф- тæ-иу загътоп: «Æгас цæут». Куыд мæ уыныс, пичи мæ амардта, цардæгас дæн. ^ — Уагæр цавæр «æгас цæут» у? — Æмæ йæ пæ зоныс? Æ, мæгуыр уæ бон, гъс, сы- мах дæр дзы адæм стут-Зæрондæн йæ фыпдз амæрз æмæ йæ зондæй бафæрс. Мæи-иу афæрс, мæн. Хъус уæдæ, мæ фæдыл дзур: Æгас цæут, Сионы цæрджытæ. Лй дæ паддзах у. Мах сбаддзыстæм бæхтыл. Сафоние хъæрæй дзырдта, Захарие ныхас кодта. Нæ фыд Маидрыче — Адæймадж’ы æнусмæ уарзæг, 91
—.-. Æнусмæ, æнусмæ уарзæг,— дыккаг хатт та загъ- та зæронд лæг.— Бамбæрстай? Цæй-ма, уæдæ йæ зæгь! Лукашкæ бахудти. — Æмæ дæ уый тыххæй, миййаг, нæ амардæуыд? Уый та кæй бауырндзæн. — Æгæр æмбаргæ стут. Сахуыр æй кæ йегас дæр æмæ йæ радзур. Уымæй дæ ницы сæфы, ницы дыл æр- цæудзæп. Азардзынæ «Мапдрычс» æмæ æнæфсæрм уы- дзынæ.— Зæронд лæг йæхæдæг ныххудти.— Фæлæ уæд- дæр, Лука, Ногъаймæ ма сфæнд кæ! Цæй тыххæй, уый зоныс? — Цæй тыххæй? — Цæй тыххасй куы затъай, уæд ахæм рæстаг нал у, сымах дæр фыццаджы адæмæй пс стуг. Ницæйаг хъазахъхъ сты ныры хъазахъхъ. Уырыс дæр стыхджып сты. Ахæстоны бахауынæй дæр æдас нæу. Æцæг зæ- гъын, ма сфæнд кæн. Сымах аккаг хъуыддаг пæу. Æз æмæ Гпрчпк фыццаг заманы-иу куы... . Æмæ зæронд лæг йе ’нæкæрои хабæртгæ радзурын- мæ хъавыд, фæлæ Лукашкæ рудзынгмæ фæкаст. — Бон æрбацъæх,— зæгъгæ, фæкодта Лука æмæ йып йге ныхас фæлыг кодта.— Афон у, байрæджы мып ис, абæрæг-иу нæ кæ искуы. — Чырысти де ’мбал, æз дæр салдæтты, хицаумæ цæуын: зæрдæ йын бавæрдтоп/ цуапы дæ ахондзынæи, зæгьгæ. Куыд æм кæсып, афтæмæй дзæбæх адæймаг чи у, ахæм у. XVII Ерошкæтæй Лукашкæ сæхпмæ бацыд. Сæ хæдзар- мæ куы бахæццæ, уæд уымæл, сæлфгæ мигъ зæххæй йæ- хиуыл схæцыд æмæ хъæуыл æрбадт. Уыйагъоммæ хъомвос иæ зындысты мигъæй, пыр алырдыгæп змæлып байдыдтой. Уасджытæ арæхдæр æмæ тыпгдæр кæрæдзи- мæ уасыдысты. Уæлдæф рæсугъддæр, сыгъдæгдæр код- та, æмæ адæм стын байдыдтой. Мнгъ сæлфыпæгау кодта. Лука сæхпмæ куы бахæццæ, уæд ауыдта сæ уы- малл кау, сæ бацæуæи лсии æмæ гом дуар. Кæрты, суг- тæ сæтгæнæ, хъуыстп фæрæты хъæр мпгъ’ы мидæг. Лу- кашкæ уатмæ бэцыд. Йæ мад сыстад æмæ пецы уæл- хъус лæугæйæ псцы хуьпфмæ сугтæ калдта. Сынтæджы хуыссыд æпзонг чызг — йæ хо. ., — Дæ мондæгтæ та суагътай? Хорз та фæралли- 92
балли кодтай,— загъта сабыргай йæ мад.— Кæм та уыд- тæ дысон-бонмæ? — Хъæуы уыдтæн,— æвæндонæй йын радта дзуапп фырт; йæ топп агъудæй сласта æмæ йæ рауын-бауын кодта. Мад йæ сæр батылдта. Лукашкæ топпы хъусы топпыхос ныккодта, дзæкъул райста, йæ бæрцагъудтæй иукъорд афтид бæрцы сла- ста, алы бæрцы дæр æхстбæрц топпыхос ныккодта æмæ сын сæ дзыхтæ æнгом ахгæдта пысулты мидæг тыхт нæмгуытæй. Иннæ бæрцытæн дæр дæндагæй сæ пысул- гæ сласта, æркасти сæм æмæ фæстæмæ дзæкъул йæ бынаты æрæвæрдта. — Нана, афтæ дын куы загътон, бæхы хызын бам- пъуз, зæгъгæ. Бампъызтай йæ æви нæ?—загъта лæппу. — О, дысон къуытты цыдæртæ æмпъызта. Æмæ дæ постмæ дæ цæуынафон æрхæццæ? Куыд тагъд, нырма дæм дзæбæх кæсгæ дæр куы нæ бакодтон? — Мæхи куыддæр арæвдз кæнон, афтæ цæуын хъæуы,— загъта Лукашкæ, дзæкъулы ком бæтгæ- йæ. — Къуытты та кæм ис? Æдда?мæ-искæдæм ацыд? — Æвæццæгæн, сугтæ сæтты. Дæ мæтæй батад, æдзух дæ кой кæны. Йæхи нал æвдисы, æппын ыл мæ цæст над хæцы, зæгъгæ, зæгъы дæуæй. Йæ къухæй йæ цæсгом ацамоны, стæй йæ æпгом йæ зæрдæйыл авæ- ры, ома, дæуæй афтæ: «Тæригъæд ын кæнын». Ба- дзурон æм? Куыд дæ фæнды? Абырæджы марды хабар дæр бамбæрста. — Бадзур,— загъта Лукашкæ.— Дæ разы ма мып уым иу сæрдæны мур аззад, демæ-иу æй рахæсс,—мæ кард бансæрдинаг у. Зæронд ус æддæмæ рауад, æмæ иукъорд минуты фæстæ хъпнцгæнаг аспныл хæдзармæ æрбацыд Лукаш- кæйæн йæ къуытты хо. Хо æфсымæрæй æхсæз азы хп- стæр уыд, бакастæй, раст йе ’фсымæры æнгæсæн уыда- ид, нвддзаг фæцадапккой, цæвиттоп, къуыттытæн се ’гьдаумæ гæсгæ йæ цæсгомы хатт къуымых æмæ фæли- ваг куы пæ уыданд, уæд. Йæ уæлæ уыд дæрдджын, æм- нъызтытæ хæдон, пæ къæхтæ бæгьа^свад æмæ цъыфæй- дзаг, сæрыл дæрдджын цъæх сæрбæпæп. Б г;-зæй, къух- '1æ æмæ цæсгом нуарджыи, раст мулуккпг .* æтæи куьгд Бæййынц, афтæ. Бæрæг уыд, йæ дарæсхн дæр æмæ æнæ- уый алцæмæй дæр куысгвæлтæрд кæй уыд æмæ ладжы 93
уæззау куыст кæй кодта, уый. Чызг йæ хъæбысы дзаг сугтæ æрбахаста æмæ сæ пецы раз æркалдта. Стæй æфсымæрмæ цингæнгæйæ бацыд æмæ йын худгæйæ (йæ цæсгом кæмæй нынцъылдтæ, ахæм худтæй) йе уæхскыл- йæ къух авæрдта æмæ къухæй, цæсгомæй, буары змæл- дæй йемæ ныхæстæ кæнын байдыдта. — Хорз, хорз, сахъ чызг дæ, Степкæ!—дзуапп ын лæвæрдта æфсымæр йæ сæрæй кувгæйæ.— Алцыдæр бавæрдтай, барæвдз кодтай, бафснайдтай, саг чызг дæ, дæу хуызæн кæм ис. Гъа, мæнæ дын лæвар!—зæгъгæ, йæ дзыппæй дыууæ пряниччы систа æмæ сæ чызгæн радта. Къуыттыйæп сæ цæсгом фæсырх æмæ фырцинæй ’куыддæр æпахуыр хъæртæ байдыдта. Пряниччытæм фæ- лæбурдта. Ноджы рогдæр дзурын байдыдта пысæпттæй æмæ йæ къухæй, арæх иуварсырдæм амонгæйæ, йæ хи- стæр æнгуылдз цæсгомыл æрхаста æмæ-иу æрфгуытæ адаудта. Лукашкæйæи цы бамбарын хъуыд, кæй кой йын кодта, уый, æмæ йæ мидбылты худгæйæ, йæ сæрæй '<.о» кодта. Къуытты æфсымæрæп дзырдта: чызджытæп адджинæгтæ арæхдæр куыд æлхæна, чызджытæ йæ би- рæ уарзынц, æмæ чызджыты хуыздæр Марьянкæйы зæрдæмæ дæр цæуы. Марьянкæйы койгæпгæйæ йæ къу- хæй уыдопырдæм амыдта æмæ-иу Гьт сæр батыпдта. «Уарзын» та афтæ амыдта: йæ къух-пу пæ риуыл авæрд- та æмæ йып-иу аба кодта. Мад фæстæмæ хæдзармæ æр- баздæхт æмæ къуыттыйы пыхæстæ куы бамбæрста, уæд йæхинымæры бахудт æмæ йæ сæр батылдта. Къуыгты йып йæ пряниччытæ равдыста æмæ та фырцинæн хъыл- листытæ кæнып райдыдта. — Айфыццаг Улитæйæн дзырдтон, минæвæрттæ дæм æрвитдзыпæн, зæгъгæ,— загъта мад.— Мæ пыхæстæн уæлдай нипы загъта, цыма йæм дзæбæх фæкастысты. Лукашкæ æнæдзургæйæ йæ мадмæ бакаст. — Ныр куыд, иана? Сæн ласып хъæудзæп. Бæх балхæнын хъæуы. — Йæ афои куы ’рцæуа, уæд аласдзыпæн. Боцкъа- ты кой уал бакæнон,— загъта зæропд ус, фæлæ фырт хæдзары уыпаффæйы йæ дзырд кæй æппæрста, уый йæ зæрдæмæ нæ цыд, нæ пæ фæпдыд.— Куы цæуай, уæд дæ разы тыргъы голлаг дсмæ ахæсс. Æфстæутты ба- ( цыдтæй Дæу тыххæй, бавæрдтоп дып сæ. Хордзеиты дып сæ цæвæрин? — КуыД дæ фæнды, афтæ,-— загъта Лукашкæ.—Ги- Р4
реп-хан, миййаг, куы фæзына, уæд-иу æй постмæ сар- дау, кæннод мæ ныр тагъд пал суæгъд кæндзысты. Хъуыддаг мæ ис йемæ. Лукашкæ йæхи рæвдз кæпыпыл фæци. — Хорз, хорз, Лукашкæ, арвитдзынæп æй. Дысоп- бонмæ та Ямкæмæ уыдаиккат, æвæццæгæп? Æмбисæх- сæв хъом абæрæг кæнынмæ рацыдтæн, æмæ цыма уыр- дыгæй дæ хъæлæс хъуыст, афтæ мæм фæзынд. Лукашкæ йæм фæстæмæ ницы сдзырдта, тыргъмæ рацыд, хордзентæ йс ’ккой баппæрста, йæ фæдджнтæ йæ спны асагъта æмæ къæсæрыл слæууыд. — Хæрзбои у, мæ мад,— загъта лæппу мадæн йæ фæдыл дуар ссопгæйæ.— Назаркæимæ мын уыцы боц- къа æнæ рарвитгæ ма фæу — лæппутæн зæрдæ бавæрд- тон; ауылты æрбауайдзæп. — Чырыстийы фæдзæхст у, Лукашкæ! Стыр хуыца- уы уазæг! Ног æнæвнæлд боцкъайæ дын арвитдзынæн, дæ зæрдæ ма ’хсайæд,— загъта зæронд ус, йæ фæдыл цæугæйæ.— Байхъус мæм,— бафтыдта ма зæроид, ус, кауыл йæ риуæй æпцойгæпгæйæ æмæ кауы сæрты кæсгæйæ. Хъазахъхъаг фæлæууыд. — Ам иучысыл дæ фæллад суагътай, дæхн аирхæф- стай, æмæ цы кæпы, хорз у уый! Лæппу адæймагæи æпæ афтæ кæпын дæр кæм ис? Хуыцауæй (дæр уæдæ хъæстаг пицæмæй дæ, хорз дып бахуысс кодта, амоид. дын радта. Уый дæр хорз у. Фæлæ дарддæр стырзæрдæ ма у, дæхи хъахъхъæ! Уæлдай тынгдæр дын уый фæдзæх- сын: хицауы зæрдæ æлхæн, нæй гæнæн æнæ афтæ, уый зон. Æз сæн ауæй кæндзынæн æмæ дын æхца бæхы аргъ бавæрдзынæн, стæй дын ус дæр ракурдзынæн. — Хорз, хорз!—дзырдта йæм фæстæмæ фырт æрф- гуыты бынæй. Къуытты дæр æм фæсте адзырдта,— йæхимæ йæ кæ- сын- кодта. Сæр æмæ къух ацамыдта — ома дасг сæр, цæцæйнаг. Стæй йæ цæстыта^ фæтар кодта æмæ? цыма истæмæ хъавгæ кæпы, афтæ йæ къухтæ ацарæз- та æмæ хъæртæ кæныи систа йæ сæр тилгæйæ. Уыцы митæй æмбарын кодта, иу цæцæйпаг ма цæмæй амард- таид Лукашкæ, уый. Лукашкæ йæ бамбæрста, бахудти æмæ цырд, рог къахдзæфтæгæнгæ æмæ нымæты бын топпы къæдзыл хæцгæйæ фæаууон тар мигъы мидæг. Зæропд ус æнцад-æнцойæ, æнæдзургæйæ кулдуары 95
цур алæууыд, стæй фæстæмæ хæдзармæ æрбаздæхт æмæ йæ куысты уæлхъус æрлæууыд. XVIII Лукашкæ постмæ афардæг, Ерошкæ дæр уыцы са- хат куитæм фехситт кодта, стæй кауы сæрты ахызт, фæсвæдты Оленины фатермæ бацыд (цæвиттоны хъуыд- дагæй, цуаны цæугæйæ устытæй йе сæфт уыдта, нæ сæ уарзта, фыдæмбæлæг сæ хуыдта). Оленин ма хуысгæ кодта. Ванюшæ райхъал, фæлæ йæ хуыссæнæй нæма сыстад æмæ алырдæм ракæс-бакæсгæнгæйæ хъуыды кодта, сыстын афон у æви нæ, афтæ Ерошкæ дæр, топп йе ’фцæджы, цуанон-арæзтæй, дуар байгом кодта. — Лæдзджытæ! Мæнæ нæминаг адæм,— фæхъæр кодта Ерошкæ йæ бæзджын хъæлæсæй.— Фæдис! Цæ- цæн æрбафсæрстой! Иван! Баринæн самовар æвæргæ. Ды та уæлæмæ сыст! Цырд у!— фæхъæр кодта зæ- ронд. — Махмæ афтæ кæнынц, хорз лæг! Уæртæ ма чызджытæ дæр куы сыстадысты. Рудзынгæй-ма дæ цæст адар, уыныс! Донмæ фæцæуынц, ды та ма хуысгæ кæ- ныс. Оленин фехъал æмæ фæгæпп ласта. Цыма сног, уы- йау бахъæлдзæг зæронды æрбацыдæй æмæ йæ хъæлæсы зæллангæй. — Цырд, мардзæ фæуинаг! Цырд у дын куы зæ- гъын, Ванюшæ!— фæхъæр та кодта зæронд.— Цуаны афтæ фæцыдæуы? Адæм кæд æмæ кæд сыстадысты, аходæн хæрын афон куы у, ды та ма хуысгæ кæныс. Лям! Кæдæм, кæ, дæ бындар дæ счындæуа!—фæхъæр кодта куыдзыл.— Дæ топп рæвдз у æви нæ?—^ъæр кодта зæронд, цыма уаты дуне адæм гуылфæнтæ код- той, уыйау. — Мæ аххос у, раст зæгъгæйæ, сæттын ыл, фæлæ цæй цы бакæнон. Топпыхос, Ванюшæ! Пысултæ!— бадзырдта Оленин. — Иван!—хъæр кодта зæронд. — Дю те.вулеву?1 — загъта Ванюшæ францусагау, йæ мидбылты худгæйæ. — Ды махæй нæ дæ! Хæйрæджыты æвзагæй дзу- рыс, дæлгоммæгæсæг!— фæхъæр ыл кодта зæронд, йæ дæндæгты бындзæфхæдтæ зыхъхъыргæнгæйæ. 1 Цай дæ хъæуы? 96
— Фыццыг хатт мын хатыр фæуæд,— загъта Оле- нин хъазгæмхасæн йæ дынджыр цырыхъхъытæ кæн- гæйæ. — Цæй, цы дыи бачыидæуа, фæуæд хатыр фыццаг хаттæн, фæлæ дыккаг хатт афойнадыл нæ сыстадтæ, уæд мын цы ’нхъæл дæ, хъаст мæ-иу ма ракæ, сæны ведра бафиддзынæ. Куыддæр хур зæхх батава, афтæ саг гандзайы хай бауыдзæн, йæ дымгæ дæр ын нал фендзынæ. — Æниу æй куы баййафай, уæд цы бакæнинаг дæ? Махæй зондджындæр куы у,— загъта Оленин, зæронд1 лæгæн йæ дысоны ныхæстæ фæзмгæйæ,— нæ йæ фæсай- дзынæ! — Худæгæй мыл мæл! Маргæ уал исты акæ, стæй уыйфæстæ пыхас кæн. Цæй, цырддæр у! Кæсыс, уæр- тæ дæм хæдзары хицау дæр æрбацæуы,— загъта Ерош- кæ рудзынгæй æддæмæ кæсгæйæ.— Уыныс, йæхи куыд ацарæзта, ног цухъхъа акодта. Дæ цæстмæ афтæ кæны: афицер кæй у, уый дын зоныи кæпы. Уæвгæ, æвæдза, адæм худæг сты, худæг! Æмæ æцæг, Ванюшæ æрбацыд æмæ загъта, хæдза- ры хицауы фæнды барины феныи. — Ларжан,1—загъта Ванюшæ, арф хъуыдыгæнгæ- йæ. Рагагъоммæ йып æмбарын кодта Оленипæп хæ- рунжийы æрбацыды хабар. Уымæн йæ хæд фæстæ хæ- рунжий йæхæдæг уаты æрбалæууыд, афицеры пъагæтта! йе уæхсчытыл, ног цухъхъа æмæ сыгъдæг цырыхъхъыты (хъазахъхъ цырыхъхъытæ арæх нæ дардтой), ху- дæндзастæй, узгæ æрбацыд æмæ сын бæрæгбоны арфæ- тæ ракодта. Хæрунжий, Илья Васильевич, уыди ахуыргонд адæмыл нымад, Уæрæсейы чи ахатти, ахæм, скъолайы* ахуыргæнæг,, уыимæ ма ноджы уæздæттæй. Афицер, уæвгæйæ, йæхиуыл фервæссыд, йæхи сæрыстыр дард кодта, уæзданæй йæхи æвдыста, аивдзинæдтыл йæхи хъардта ныхасæй дæр æмæ æнæуый алцæмæй дæр. Фæлæ уæддæр бæрæг уыд, хуымæтæджы хъазахъ- хъаг кæй уыд, уый, цыбырныхасæй, дæлвæд-уæлвæд— Ерошкæ. Афтæ кæй уыд, уый бæрæг уыд йæ хурсыгъд цæсгомæй дæр, йæ къухтæй дæр æмæ йæ сырх фын- дзæй дæр. Оленин æй сбадын кодта. — Æгас нæм цу, нæ фыд Илья Васильевич!— 1 Æхца (францусагау). 7 Псшеспæ 97
Загъта Ёрошкæ уæлæмæ стгæйæ æмæ ныллæг Кувгæйæ, æмæ, Оленинмæ куыд фæзынд, афтæмæй хынджылæггæ- нæгау. — Бирæ цæрай, Ерошкæ! Ды дæр та ам куы дæ, сæрæй?— дзуапп ын радта хæрунжий æмæ йын æпæ- барыгомау йæ сæрæй акуывта. Хæрунжий уыд иу-дыууиссæдзаздзыд адæймаг, урсæмхæццæ, куыд дæлæмæ цыргъарæзт зачъетимæ, къæсхуыр, нарæг, лыстæгарæзт рæсугъд лæг æмæ йæ азтæй лæппудæр хуыз. Оленинмæ куы бацыд, уæд, хуы- мæтæджы хъазахъхъыл æй куы банымайа, уымæй тæрс- гæйæ, йæхи хуыздæрæй бавдисынмæ хъавыд. — Ай Ъ\ысырых бæстæйы Нимврод2 у,— (Нимврод Египетский), зæгъгæ, загъта хæрунжий Ерошкæйы тых- хæй худæнбылæй, йæхицæй разыйæ—ома, мах дæр уый- бæрц æгуыдзæг не стæм, нæ, цыдæртæ зонæм.—Хицæут- ты раз хи дарынмæ ахæм никуы ис. Чердæм æй фез- дахай,—йæхицæн æмбал нæй, кардæй уæлдай нæу. Уый бамбарын дæхицæн саккаг кодтаис? Ерошкæ йæ хуылыдз къогъодзиджын къæхтæм каст æмæ сагъæсгæнгæйæ йæ сæр тылдта, цыма хæрунжийы дæсныдзинад, арф зонд æмæ стыр ахуыргонддзинадыл дис кодта, уыйау, æмæ хинымæры дзырдта: «Нимрод гицкий! Æвæдза, цы иæ æрхъуыды кæцдзæи, ахæм ын нæй!» ; — Цуапы ауайынвæнд кæнæм,— загъта Оленип. — Цæмæйдæриддæр хъуыддагæй афтæ у æцæгдзи- надæй,1— сдзырдта хæрунжий:.— Мæн демæ иучысыл- гомау хъуыддаггонд ис. — Цы зæгъинаг дæ? Чи йæ сæххæст кæндзæн, уый æз. — Ды уæздан лæг кæм дæ,— байдыдта хæрун- жий,— æз дæр мæхи куыд æмбарын æмæ, цæвиттоны хъуыддагæй, мæнмæ дæд афицеры æгъдау кæм ис, уым, æвæццæгæн, куыдфæстæмæ кæрæдзи бамбардзы- стæм, уæздан адæмæн куыд æмбæлы, афтæ. (Хæрун- жий исдуг фæхъус æмæ йæ мидбылты худгæйæ зæронд лæг æмæ Оленинмæ бакаст). Фæлæ дæ кæд фæнды, æз куыд’ уон, афтæмæй, уымæн æмæ мæ ус нæ мыггаджы æдылы сылгоймаг у æмæ’ ацы сахат дзæбæх нæ бам- бæрста дæ дысоны ныхæстæ. Уый тыххæй, æмæ нæ фа- ’Мысыры бæотæ — Египет. 2 Нимврод номдзыд цуанон Мысыры бæстæйы. 98
тер полчъы адъютантæн лæвæрд уыд æнæ скъæтæй æхсæз сомыл, фæлæ лæвар æз кæддæриддæр, куыд уæз- дан лæг, мæхицæй асурдзынæн. Фæлæ дæу кæм фæн- ды, уым æз, афицеры æгъдау мæм кæм ис, уым сæрма- гонд демæ . алцæуыл дæр сразы уыдзынæн æмæ не ’гъдауы фæдыл нæ, фæлæ амы бæсты цæрæг кæй дæн, алцæмæй дæр не ’хсæн цы ’гъдæуттæ уа, уыдон сæх- хæст кæнинаг дæн... — Дзæбæх сыгъдæгæй йæ куы аскъæрдта, лымæн. Дзурынмæ та,— æниу, искæмæн йæ мæрдтæ дæр ма куы æрцæуиккой,— сбæр-бæр кодта оæронд лæг Ерошкæ. Хæрунжий ма уыцы æгъдауæй бирæ фæныхæстæ кодта. Уыцы ныхæстæй Оленин стыр зынæй бамбæрста хæрунжийы фæндондзинад: фатерæн мæй æхсæз сомы кæй агуры, уый. Оленин æнæ иу уæлдай ныхасæй сра- зы ис æмæ дзы куырдта, иу цайы агуывзæ куыд сак- каг кодтаид, афтæ. Хæрунжий нæ бакуымдта. — Не ’нæзонд, æдылы æгъдаумæ гæсгæ,— загъта хæрунжий,— мах тæригъæды хуызæн нымайæм искæй агуывзæйæ цай бацымып. Æз, куыд ахуыргопд лæг, хъуамæ æмбарон уыдæттæ, фæлæ мæ къай адæймаджы лæмæгъдзинæдтæм гæсгæ... — Уæдæ саккаг кæндзынæ иу цайы агуывзæ? — Кæд мын бар дæттыс, уæд æз мæхи агуывзæ æр- бахæсдзынæн, сæрмагонд мын у,— загъта хæрунжип а\мæ æддæмæ рауад.— Агуывзæ-ма радав!—бахъæр кодта хæрупжий сæхимæ. Иукъорд минуты фæстæ дуар байгом, æмæ уырды- гæп æрбазынд æвзонг сылгоймаджы хурсыгъд къух розæхуыз хæдоны дысы мидæг агувзæимæ. Хæруижий бацыд, агуывзæ райста æмæ чызгимæ сусæгæй цыдæр- тæ адзырдта. Оленпн хæрунжийæн цай æркодта йæхи сæрмагонд агуывзæйы, Ерошкæйæп та хуымæтæг агуывзæпы. — Æгæр уæ фæстиат кæпып,— загъта хæрунжий æмæ йæ былтæ судзгæнæ йæ цайы агуывзæ ацымдта.— Æз дæр тынг уарзыи кæсаг ахсын. Ныртæккæ мæ куы- стæй уæгъдгонд кæп дæн, ам дæр уый тыххæй дæн. Мæн дæр фæнды мæ амонд бавзарып, кæд мæи дяср Тсрчы лæвæрттæй ну мæ хай фæуид. !Лæ зæрдæ дарып, ды дæр мæ искуы бабæрæг кæндзынæ «фæннæ» бана- зынмæ пæ хъæуы атъдаумæ гæсгæ,— бафтыдта ма ф:о- стагмæ хæрунжий. Хæрунжий Оленпнæн хæрзбон загъта, йæ къух ын 99
райста æмæ рацыд. Цалынмæ Оленин йæхи рæвдзытæ кодта, уалынмæ хъуыста хæрунжийы барджын хъæлæс, хæдзары бинонтæн уынаффæгæнгæйæ. Иукъорд мину- ты фæстæ Оленин ауыдта хæрунжийы рудзынджы бын- ты фæцæйцæугæ, йæ хæлафы къæхтæ уæлæмæ фæл- дæхтæй бацæвитты онг, скъуыдтæ куырæт йæ уæлæ, кæ- сагахсæн хыз йе ’ккой, афтæмæй. — Дæлгоммæгæсæг, фæлитой!—загъта Ерошкæ, йæ цай иумæйаг агуывзæйæ цымд куы фæци, уæд.— Ныр ын æцæг фидынвæнд кæныс æхсæз сомы? Искуы ма уый æрцыд? Хуыздæр уат нал ныууадздзынæ, ахæм дыууæ сомæй баххуырсдзынæ. Ахæм хин æмæ кæлæн никуы уыдзæн. Æз дын уæртæ мæ уат æртæ сомыл дæттын. — Нæй, ракæ-бакæйæ ницыуал, ам баззайдзынæи,— загъта Оленин. — Æхсæз сомы! Æвæццæгæн дæм æрра æхцатæ бирæ ис? Мæнæ царциатæ!— загъта зæронд лæг.— Иван, сæн-ма рахæсс! Сæ цæуынмæ ’ввахс Оленин зæронд лæгимæ хорз банызтой, бахордтой, стæй райсомæй аст сахаты уыда- ид, афтæ æддæмæ, уынгмæ рацыдысты. Кулдуары цур хæрхæмбæлд фесты ифтыгъд уæрдо- нимæ. Йæ цæсгом цассгыты онг урс кæлмæрзæнæй тыхт, цыбыр куырæт æмæ хæдопы мидæг, йæ къæхтыл цырыхъхъытæ, йæ къухы даргъ рæхснæг уис æмæ сæр- бос, афтæмæй Марьянæ разæй галты сæрыл хæцыд. — Мæ зæды хай,— сдзырдта зæронд æмæ йæм цы- ма фæлæбурынмæ хъавыд, афтæ йæхи фæкодта. Марьянæ уис дард фæхаста æмæ йæм февзыста, стæй сæ дыууæмæ дæр йæ рæсугъд цæстытæй хъæлдзæ- гæй бакаст. Оленин ноджы тынгдæр бахъæлдзæг. — Цæй, цом, нæ фæндаг дарæм! — загъта Оленин йæ топп йе ’фцæджы æфтаугæйæ æмæ чызджы цæстæн- гас æмбаргæйæ... — Гъæ! Гъæст!— фæзыланг кодта сæ фæстæ Ма- рьянæйы хъæлæс, æмæ уæрдоны хъииц-хъинц ссыд. Цалынмæ фæндаг фæсвæдты, хъæугæрæтты хизæн- тыл цыд, уалыпмæ Ерошкæ йæ ныхасæй пæ банцад. Хæрунжнй йæ сæрæй нæ цух кодта, æлгъысга, фаудта йæ. * — Цæмæ гæсгæ йæм афтæ нзгард дæ?— афарста зæронды Оленин. — Мæрддзæст у! Хæлну къухæй дзы дон не ’ртæдз- юо
дзæн. Нæ уарзын ахæмты,—загъта зæронд лабг.—-Куы- дзы мард ныккæндзæн, æмæ йын дзæгъæлы баззайдзы- сты. Кæмæн мын æмбырд кæны? Дыууæ хæдзары скодта. Дыккаг цæхæрадон йе ’фсымæрæй байста.Тæх- хæтт ныффыссынмæ ахæм кæм ис, хъæбæр дæсны у, ничи йыл фæтыхджындæр уыдзæн! Иннæ хъæутæй дæр уымæ цæуынц гæххæтт скæнынмæ. Куыддæриддæр ныф- фысса, афтæ йын æнæ рауайгæ нæй. Амонын ын нæ хъæуы. Фæлæ мын кæмæн кæны бынтæ? Дæлæмæ дæр æмæ уæлæмæ дæр иунæг лæппу æмæ иунæг чызг. Моймæ пæ куы радта, уæд ма дзы чи баззайдзæн? Æвæццæгæн, чызгæн йемæ исты раттынмæ хъа- вы æмæ кæд уый тыххæй æмбырд кæны,— загъта Оленин. — Цытæ мын дзурыс, цы? Ахæм нæу. Чызджы курджытæ ис, хорз чызг у, гæды ныхас, дау æм нæй. Фæлæ хæйрæгимæ чи бафидаудзæн, зындзырд у. Æр- мæст æй хъæздыг хæдзармæ дæттынвæнд кæны, ирæд бирæ кæмæй рафæлгъауа, ахæммæ. Лука мæ сыхаг æмæ ме ’фсымæры лæппу у, хъазахъхъаг у, æцæг; фæ- лæ сагдæр адæймагæн скæнæн дæр ма нæй, æрæджы цæцæйнаджы чи амардта, уый. Рагæй йыл дзуры, фæ- лæ йын^æй нæ дæттынц. Рафсон-бафсон кæнынц: æв- зонг чызг, дам, у зæгъыиц, афон ын нæма у-тæ-йедтæ. Фæлæ мидæгæй мæ зæрдæйы хуылфы цы ис, уый нын амонын нæ хъæуы, ахæмтæ бамбараг дæн. Цæвиттон, сæхицæн лæгъстæ агурыиц. Уæддæр йæ фæстаг Лукаш- кæмæ цæуы, уымæй йын аирвæзæн пæй. Цæй тыххæй, зæгъгæ, мæ куы бафæрсай, уæд уый хуызæн хъазахъ- хъаг нæ хъæуы мидæг нæп, пæ разы ничи æрбалæу- дзæн, саг лæг у, абырæджы амардта, крест ып рацæу- дзæн. — Уæд уый та цы уыдаид, цымæ? Дысон æз кæртьь куы рацу-бацу кодтон, гуæд хæдзары хицауы чызг ца- вæрдæр хъазахъхъагимæ батæ кодта,—загъта Оленин. — Хынджылæг-ма ма кæ,—фæхъæр кодта зæронд лæг. — Мæ фыдыстæн! Æцæг зæгъын, æцæг. Хъазын æн- хъæл мын ма у. — Сылгоймаг хæйрæджы мыггагæй у, æууæнк ыл нæй,— хъуыдыгæигæйæ загъта Ерошкæ.— Цыхуьпæн уыд хъазахъхъаг? — Цыхуызæн уыд, уый нæ равзæрстон, — Цавæр худ ыл уыд? Урс, миййаг? 101
— Æнхъæлдæн. — Сырх цухъхъайы мидæг? Асæй дæумæ гæсгæ, нæ? — Нæ, мæнæй баерзонддæр. — Уæдæ уый уыдаид.— Ерошкæ зæрдиагæй ных- худти.— Уый та уыд, уый, мæ Лука. Æз æй Маркæ хо- нын Лукашкæйы, буцдæрæн, хъазгæйæ. Уый уыд æнæ- мæнгæй. Уарзын ахæмты. Мæхæдæг дæр афтæ уыдтæн, мæ хæлар. Кæсын сæм нæ хъæуы. Цы нæ кодтон мæ лæппуйæ, æвæдза! Мæ зæрдиаг, мæ уарзон-иу йæ мад æмæ йæ чындзимæ хуыссыд, афтæмæй-иу сæм ба- лæстæн. Маринаг та куыннæ уыдтæн, уæвгæйæ. Сæ хæ- дзар бæрзонд уыд. Мад — сылбирæгъ, хæйрæг. Мæнæй йе сæфт уыдта. Мæ хæлар, Гирчик, æй хуыдтой, уыи- мæ сæм-иу бацыдыстæм. Æз-иу Гирчикы уæхскыл слæу- уыдтæн æмæ-иу рудзынг байгом кодтон. Чызг кæддæ- риддæр рудзынджы цур хуыссыд, æмæ-иу æй мæ къу- хæй асгæрстон. Кæддæр æй афтæмæй фехъал кодтон. Мæн нæ базыдта æмæ фæхъæр кодта, чи дæ, зæгъгæ, Мæ- нæн та, ахъуыды-ма кæ, дзурæн нæ уыд. Мад хуыссæны мидæг базмæлыд. Æз мæ худ фелвæстон æмæ йæ чыз- джы дзыхы атъыстон. Худы былтæм гæсгæ мæ уай- тагъд базыдта. Æддæмæ расæррæтт ласта. Хъæугæ нæ ницы кодта, фæлæ уæддæр хъаймагъ уæд, сæнæфсир’ уæд,— цынæ-иу хаста. Уыцы иунæг мын, миййаг, куы нæ уыд. Бирæ мын уыд ахæмтæ. Цы рæстæг, цы цард нын уыд, æвæдза! — Æмæ ныр цы кæны? — Ныр уал куыдзы фæдыл цом. Хъæддаг уасæджы стæхын кæпдзыстæм, æмæ, бæласыл куы абада, уæд’ æхсыны кой кæ. — Уый дæр афтæ уæд, фæлæ цымæ Марьянæ къу- хы ницы æгъдауæй бафтид? Авзарис? — Куитырдæм дæ цæст дар. Изæры’ фендзыстæм,— -загъта зæронд æмæ къухæй йæ уарзон куыдз Лямы- рдæм ацамыдта. Исдуг фæхъус сты. Иу-фондзыссæдз санчъехы ныхæстæгæнгæйæ, ацы- даиккой, афтæ зæронд лæг фæлæууыд. Фæндагыл цæх- гæрмæ иу уис лæууыд, æмæ йæ Ерошкæ уымæ æркæсын кодта. — Куыд æнхъæл дæ ды?— загъта Ерошкæ.— Ома Уый ницы у, зæгъыс? Нæ, мæ боп. Ацы лæдзæгæи пæ> лæуды æгъдау хорз нæу, уый зои. — Цæмæй нæу хорз? 102
Ёрошкæ бахудтй. — Куы дын амардаин! Куыд дæм кæсын, афтæмæп’ ницы æмбарыс. Мæнмæ байхъус. Лæдзæг афтæ куы лæу- уа фæндагыл, уæд йæ сæрты макуы ахиз, фæлæ-иу иу-' варсырдæм азил, на уый нæй,— сис æй æмæ йæ фæс- вæндагмæ аппар æмæ бакув: «Фыдæн, фыртæн æмæ сыгъдæг удæн» æмæ дарддæр дæ фæндаг дар. Ницы- уал тас дын у уæд, уый зон. Афтæ мын амыдтой зæ- ронд лæгтæ. — Уый ницы у! Уыдæттæ-ма ныууадз, фæлæ-ма мын Марьянæйы хабæртгæ ракæп. Куыдæнхъæл дæ. Лукаш- кæимæ хæты, цымæ? — С-с! Дæ дзыхыл хæц,— сабырæй загъта зæронд лæг æмæ йын йæ ныхас фæлыг кодта.— Ардæм хъус. Мæнæ афтæ хъæдыл ацæудзыстæм. Æмæ зæронд лæг сабыр, арæхстгай санчъехтæгæн-. гæйæ разæй араст нарæг къахвæндагыл. Фæндаг цыд бæзджын, чи срухс, ахæм тархъæдмæ. Ерошкæ иукъорд хатты мæстыхуызæй, йæ цæсгом æнцъылдтæгæнгæйæ фæстæмæ Оленинмæ фæкаст, цæугæйæ сæр-сæр æмæ дынджыр цырыхъхъытæй къæрццытæ кæй кодта æмæ йæ топп бæлæсты цæигтыл кæй хафта, уый тыххæй. — Сабыр хил, дæхимæ кæс, салдат,— мæстыйæ са- бырæй дзырдта Ерошкæ. Уæлдæфы бæрæг уыд, хур кæй скаст, уый. Мигъ йæхи алырдæм исын байдыдта, фæлæ ма уæддæр бæ- лæсты цъуппытæ æмбæрзта. Хъæд тынг бæрзонд зынд. Бæстæ алы къахдзæфæн дæр йæхи æндæрхуызы æвды- ста. Дардæй кæсгæйæ бæлас æнхъæл кæмæн уыдаис, уый-иу къудзи разынд. Хъæз бæласы хуызæн зынд. XIX Мигъ сæлфынæгау кодта æмæ фæндаг уымæлгæнгæ- йæ каурæбынты кæрдæгыл æртæх æвæрдта, стæй йæ- хи уæлæмæ исын байдыдта, хæдзæртты хъамылæй æм- бæрзт хуылыдз сæртæ гомгæнгæйæ. Фæздæг алырды- гæй ердотæй уæлæмæ зыгъгъуытт ласта. Адæм хъæуæй æддæмæ цыдысты,— чи куыстмæ, чи донмæ, чи постмæ. Цуанонтæ цыдысты фæрсæй-фæрстæм уымæл, кæрдæг- джын фæндагыл. Куитæ сæ фæрсты згъордтой сæ къæ- дзилтæ тилгæйæ æмæ фæстæмæ сæ хицæуттæм фæкæс- фæкæсгæнгæйæ. Æнæнымæц къогъотæ уæлдæфы зил- духгæнгæйæ цуанонты фæстæ тахтысты æмæ сын сæ фæсонтыл, сæ цæстытыл æмæ къухтыл бадтысты. Кæр- 103
дæджы æмæ хъæды уымæлы смаг цыд. Оленин æдзух фæстæмæ фæкæс-фæкæс кодта Марьянæйы уæрдонмæ æмæ уисæй галтæ куыд тардта, уымæ. Бæстæ уыд æдзæм. Раздæр хъæутæй цуанонтæм цы хъæртæ хъуыст, уыдон ныр нал хъуыстысты.. Æрмæст ма куитæ мæнæ-мæнæ кодтой какæтты æхсæнæй, æмæ- иу искуы-иу хатт цъиуты уасын ссыд куиты рæйынмæ. Оленип æмбæрста, хъæд абырæгыстон кæй у æмæ хъæды мидæг æдас кæй нæу, уый. Хъæды мидæг фи- стæг цæуæг адæймагæн топп йе стыр ныфс, йæ хъахъ- хъæнæг кæй у, уый дæр æнæ зонгæ нæ уыд. Хæрсгæ, миййаг, нæ кодта, фæлæ уæддæр йæ зæрдæ æмбæрста, йæ бынаты æндæр исчи куы уыдаид, уæд уый стыр та- сы мидæг кæй бацыдаид, уый. Уымæ гæсгæ зæрдиагæй æдзынæг каст, мигъ кæм бадти, уыцы уымæл хъæдмæ, æнувыдæй хъуыста алы чысыл змæлдмæ, алы къæрцмæ; йæ топп иу къухæй иннæмæ райс-байс кодта, æмæ йæ зæрдæ, кæй никуыма бавзæрста, ахæм ног æгъдау, ахæм циндзинад æндæвта. Ерошкæ разæй цыд æмæ-иу сырды æмхæццæ фæд цы кулы кæнæ цъыфдзасты цур ауыдта, уым-иу фæлæууыд æмæ-иу æм лыстæг’каст Оленинæн æй æвдисгæйæ. Ерошкæ ныхас нæ кодта, æрмæст-иу сусæгæй искуы-иу хатт исты ацамыдта. Цы фæндагыл цыдысты, уый кæддæр уæрдонвæндаг уыд, фæлæ йыл цæуæг нал уыд, æмæ йыл кæрдæг фæхæцыд. Фæндагæн дыууæрдыгæй цы тæрс æмæ сывылдз хъæд уыд, уый афтæ бæзджын, афтæ цъыхыры сси, æмæ дзы адæймаг йæ развæндаг нæ уыдта — разæй пицы зыпд. Альг бæласыл дæр, искуы-иу йедтæмæ, хъæддæг сæ- нæфсир стыхст суанг йæ бынæй йæ сæрмæ. Бæлæсты бын зад бæзджын сау какон. Алы гыццыл æрдузы дæр алæсæн нæ уыд дзедырæг æмæ фæныкхуыз цокораджын хъамылæй. Ранæй-ратты сырдты стыр фæндæгтæ æмæ кæрчыты, хуынчъыты хуызæн, лыстæг фæндæгтæ здавх- тысты стыр фæндагæй хъæдмæ. Ахæм хъал цæугæ, æнæхæрд, ставд хъæд, фосы къах кæм иикуыма æр- лæууыд, Оленин йæ цæргæ-цæрæнбонты никуы федта æмæ йыл дисæй марди- Уыцы хъæд, тасдзинад, зæронд лæг йæ сусæгдзинæдтæй дзаг сабыр ны- хæстимæ, Марьянæ йæ ныфсджын, гуырвидауц сурæти- мæ æмæ хæхтæ,— уыдон иууылдæр цыма йæ фыны уыдта, афтæ зынд Оленннмæ. — Хъæддаг уасæг бæласыл абадт,— фæстæмæ кæс- 101
гæйæ сабырæй загъта зæронд лæг æмæ йæ худ йæ ны- хыл авæрдта.— Дæ дзыхыл хæц — хъæддаг - уасæг,— мæстыйæ Олениныл йæ къух ауыгъта, йæхæдæг. дард- дæр йгр цыппæртыл абырыд.— Адæймаджы дзыхæй сс сæфт уынынц. Оленин фæсте аззад: зæронд лæг ныллæууыд æмæ бæласмæ ракæс-бакæс байдыдта. Куыдз бынæй уæлæ- мæ рæйдта, æмæ йæм уасæг бæласæй фæхъихъхъ код- та. Оленин уасæджы ауыдта. Уыцы сахат Ерошкæйы топпы хъæр фæцыд, сармадзаны гæрахы хуызæн. Уасæг стахт йæ бумбулитæ калгæйæ æмæ зæхмæ æрхауд. Оле- нин зæронд лæджырдæм куыд фæцæйцыд, афтæ дыккаг стахти. Оленин топп фслвæста æмæ, уыцы тæхгæ-тæхын æрмидаргæйæ ныхъхъавыди æмæ йæ фехста. Уасæг фатау фæхауд, стæй, бæласы цæпгтыл йæхи хойгæйæ, зæххы абадт. — Дæ рынтæ мæ гуыбыны!—загъта зæронд лæг; тæхгæ-тæхын æхсын нæ зыдта æмæ йæм дзæбæхау фæ- каст. Уасджыты систой æмæ дарддæр араст сты. Оленинæн уыцы раппæлдæй йæ зæрдæ барухс, ба- хъæлдзæг æмæ зæронд лæгимæ арæхдæр пыхас кæ- пыи байдыдта. — Фæлæуу! Ацырдæм цом,— йæ ныхас ын цæхгæр фæлыг кодта зæронд, — зпон ам саджы фæд фед- тон. •Хъæдæн йæ пыхсбынмæ фæзылдысты æмæ иу-æртæ- фондзыссæдз къахдзæфы куы акодтой, уæд иу æрдуз- .’мæ бафтыдысты. Æрдуз ранæй-рæтты цъымарабын уыд, æмæ дзы хъæз зад. Оленин зæропд лæджы фæстæ баззад. Ерошкæ иу-ссæдз санчъехы бæрц раздæр уыд, æргуыбыр кодта æмæ Оленинмæ йæ сæрæй æмæ йæ къу- хæй тилын байдыдта. Оленин куы бахæццæ, уæд ын Ерошкæ къухæй лæджы фæд ацамыдта. — Уыныс? — Уынын, æмæ цы?—загъта Оленин æмæ, цыма нæ фæтарст, уыйау йæхи зæрдæджын дард кодта.— Адæй- маджы фæд у. Оленинæн æваст æвæндонæй йæ зæрдыл æрбалæу- уыдысты Куперы Патфайндер æмæ абырджытæ. Зæ- ронд лæджы цыды сусæгдзинад уыдта, фæлæ йæ ба- фæрсып æфсæрмы кодта æмæ дызæрдыг кæнын бай- дыдта, уыцы сусæгдзинад цымæ тасы фæдыл у, æви цу- аны æгъдаумæ гæсгæ. — Нæ, уый мæ фæд у,— сабыргай загъта зæронд 105
лæг æмæ, чысылтæ ма чи зынд, ахæм сырды хъæрау1 фæд кæрдæ- джы ацамыдта. Зæронд лæг дарддæр араст.Оленин йæ фæстæ гурæй-гурмæ йе ’мцыд кодта. Ссæдз санчъехы акодтаиккой, афтæ, уыр- дыджы дæлæмæ цæугæ- йæ, пыхсы мидæг дын- джыр пæлæхсар къабуз- джын кæрдойы бæлас- мæ бафтыдысты. Бæла- сæн йæ бын уыд гæ- мæх, саузæхх, зæххы— сырды ног багатæ. Бæласыл алырдыгæй сæнæфсиры мæцкъор стыхст, æмæ йæ бын зæрдæмæдзæугæ сатæг, тальшггомау, барæй конд æм- бæрзт тапкайы хуызæн уыд. — Райсомæй ам уыд,— зæрдæбьшæй улæфгæйæ загъта зæронд лæг.— Бæрæг у, йæ хуыссæи бынат ног у, рахид кодта. Æвиппайды хæстæгæй, иу-дæс къахдзæфы бæрц се ’хсæн, фехъуыст тыхджын къæрццытæ. Сæ дыууæдæр фестъæлфыдысты æмæ топпытæм фæлæбурдтой, фæлæ уынгæ ницы кодтой. Сырд цыппæрвадæй тахт, æмæ йæ къæхты хъæр æрхъæцмæ фехъуыст, стæй къæрццытæ нал, фæлæ æрмæст гуыв-гуыв хъуысын байдыдта æмæ уыцы гуыв-гуыв дардæй-дарддæр æмæ тынгæй-тынгдæр хæлиу кодта æдзæм хъæды мидæг. Афтæ цыма йæ зæрдæйы ауындзæнтæй исты аскъуыд, уыйхуьтзæн фæ- ци Оленин. Дзæгъæлхуымæтæджы ма каст Оленин æнувыдæй тарцъæх хъæды хуылфмæ, кæд ма йæ цæст истæуыл фæхæцид, зæгъгæ, фæлæ ницы, æмæ æрæ- джиау лæгм’æ фæстæмæ фæкаст. Ерошкæ цавддуры хуызæн, цыма йæ садзгæ ачынд, уыйау лæууыд комхæ- лиуæй. Йæ топп йæ хъæбысы, худ йæ къæбутыл, цæ- стытæ цæхæртæ калдтой æмæ йæ хæлиу дзыхæй мæсты ’каст кодтой бур дæндæгты бындзæфхæдтæ. 1 Зæронд фæд цуанонты æвзагыл. 105
— Саг,—зæгъгæ, фæкодта Ерошкæ. Фырмæстæй йæ топп зæххыл ныццавта æмæ йæ урс рихитæ ивазын бай- дыдта.— Нæ тæккæ хæд раз лæууыд! Фæндагæй цыд куы фæцадаиккам! Мæ сæр сæттинаг у!—Æмæ та мæ- стыйæ йæ рихитæм февнæлдта.— Æдылы сæр ^ мæ сæр. Хуыйы хъыбыл,— дзырдта Ерошкæ йæхицæй, йæ рихитæ ивазгæйæ фæриссыны онг. Цыма хъæды сæрты мигъы мидæг цыдæр тахти, уы- йау дардæй-дарддæр, тынгæй-тынгдæр гуыв-гуыв кодта тарст саджы уад. Дыууæизæрастæу Оленин фæстæмæ сæхимæ æрбаз- дæхт зæронд лæгимæ фæлладæй, æххормагæй æмæ ’шхджынæй. Се ’рбацыдмæ сæ сихор цæттæ уыд. Оле- иин Ерошкæимæ бахордта, банызта æмæ чысыл йæхи ба- хъарм, бахъæлдзæг кодта æмæ æддæмæ дæлбазырмæ ра- цыд. Ног та йæ цæстыты раз зæххæй уæларвмæ сфардæг сты бæрзонд хæхтæ хурныгуылынафон. Ног та зæронд лæг æнæбанцайгæйæ /хæссын байдыдта йе ’нæкæрон тау- рæгътæ: цуапы, абырджыты, йæ зæрдиаг уарзонты æмæ йæ рагон æнæмæт, хорз царды тыххæй. Ног та дисса- джы рæсугъд Марьянæ дыууæрдæм æддæмæ-мидæмæ кодта кæрт æмæ хæдзары æхсæн. йæ хæдоны бынæй йæхи æвдыста æпæцыд рæсугъд чызджы сыгъдæг буар. XX Дыккаг бои Оленин æнæ ’мбалрей, айдагъ ’йæхæдæг * ацыд, саг бонасадæн цы ран кодта æмæ кæцæй алыгъд, уырдæм. Дардыл, хъæуы кулдуарыл зилыны бæсты баздæхт, иннæ адæм куыд кодтой, афтæ уый дæр сын- дзæй æмбæрзт быруйы сæрты ахызт. Сындзыл йæ цухъ-, хъайы фæдджи фæхæцыд, æмæ уый куыд уæгъд кодта, афтæ йæ куыдз разæй азгъордта æмæ дыууæ хъæддаг уасæджы стæхын кодта. Куыддæр какæттæм бахæццæ, афтæ алы къахдзæфæн дæр кæрчытæ тæхын байдыд- той (зæронд лæг ын барæй нæ фенын кодта уыцы арæх- джын бынат, йæхæдæг дзы иунæгæй ацуан кæнынмæ хъавыд). Олснин дыууадæс æхстæн фондз уасæджы амардта æмæ какæтты æхсæн уыдон фæдыл ратæх- батæх кæнгæйæ афтæ бафæлмæцыд, æмæ йæ хид йæ къæхты бынæй донау мызт. Оленин йæ куыдзмæ фæ- дзырдта, йæ топпы сампалтæ æруагъта, картечы фæстæ’ топпы хæтæлты нæмгуытæ ныкъкъуырдта æмæ цухъхъайы дысæй къогъотæ сургæйæ зноны бынатмæ 107
сабыргай араст. Фæндагыл куыдзæи бауроМыны аййЛ нæ уыд, йе ’гъдау кодта, агургæ цыд фæдмæ гæстæ, æмæ ма дыууæ уасæджы амардта. Уыйадыл афæстиат æмæ зноны бынатмæ æрмæст æмбисбон бахæццæ. Бон уыд тынг ирд, æнæдымгæ æмæ æнтæф, æиуд. Райсомы уазал хъæды мидæг дæр пал кодта, æмæ дуне къогъотæ уыцы гуппарæй бадтысты адæймаджы цæсго- мыл, фæсоитыл æмæ къухтыл. Куыдз йæ сау хуыз цъæ- хæй аивта,— йе рагъ къогъойæ иал зынд. Цухъхъа дæр афтæ, уый дæр къогъохуыз сси. Сæ маргджын фаг сын цухъхъа дæр нæ урæдта. Оленин йæ сæрæп хос нал ардта æмæ лидзынырдæм йæ хъус адардта. «Хъæуы мидæг сæрд фæцæрæн нæй»,— зæгъгæ, загъта йæхины- мæры. Фæстæмæ сæхимæ цæуыныл фæци, фæлæ куы ахъуыды кодта, уæдæ дзы иннæ адæм к>ыд цæрынц, куыд фæразынц, уæд, лæг ма фæцаип, зæгъгæ, бауы- наффæ кодта бабыхсын æмæ йæхи къогъоты бар пыу- уагъта. Стыр диссаг æм цы фæкаст, уый — æмбисбон- мæ къогъойы хæст æмæ буары дыз-дыз хъыг нал, фæ- лæ йæм æхсызгои кæсын байдыдтой. Афтæ дæр ма йæм зынд: къухы бын хидæйдзаг цæсгомыл лæхъир хуыс- сæйау чи хæцыд, уыцы къогъойы æфсæдтæ æмæ уыцы буары хгыгдарæг дыз-дыз куы нæ уыдаиккой, уæд амы хъæд йæ цæсты афтæ рæсугъд æмæ зæрдæмæдзæугæ нал уыдаид. Ахæм зонд æм æрцыд, уыцы æиæиымæц къогъойы æфсæдтæ æмæ алыхуызон сасчы мыггаг цы- ма тынг хорз фидыдтой ацы зайæгхалæй хъæздыг, рæ- сугъд бæстæимæ, уыйау; фидыдтой, хъæды æмызмæлд цы сырдтæ æмæ мæргътæ кодтой, уыдонимæ дæр; фи- дыдтой ацы тарбын зайæгхалимæ æмæ æхсызгон тæф- гæнаг тæвд уæлдæфимæ; фидыдтой, Теркæй чи лæдæр- сы, уыцы лакъон гыццыл дæттимæ, кæмдæр бæлæсты. сыфтæрты бын хъуыр-хъуыргæнгæ чи згъоры’. Уыдæт- тæм гæсгæ Оленинмæ фыццаг æвзæр æмæ иттæг зын чи - каст, уый йæм ныр дзæбæхау кæсын "байдыдта. Зноиы бон сырд цы ран федтой, уымыты азылдтытæ кодта æмæ куы ницæуыл фембæлд, уæд æй йæ фæллад суа- дзын æрфæныд. Хур йæ тæккæ комкоммæ хъæды сæр-г’ мæ лæууыд, æмæ йæ судзаг тынтæ æмраст цыхцырæгау Оленины фæсонтæ æмæ сæрмæ сарæзта, фæндагмæ кæ- нæ-иу æрдузмæ куы бафтыд, уæд. Авд уæззау хъæддаг у(асæджы йын сæ уæзæй, рон дæлæмæ ивазгæйæ, йæ ас- тæу риссын кодтой. Олены зиоиы саджы фæд бацагуырд- та, пыхсы къудзыйы бынмæ бабырыд, раст знон саг кæм 108
хуыссыд, уырдæм. Уым саджы хуыссзены цур йæхй æр- уагъта æмæ бонасадæн кодта. Йæ алфамбылай тарбын зайæгхалыл йæ цæст ахаста, æркаст саджы хуыссæнмæ, йæ фаджысмæ, йæ зопгуыты фæдмæ; æркаст, саг кæй стыдта, ахæм сау нæууы гæппæлмæ æмæ йæхи зноны фæдмæ. Р1æ бадæн бынат сатæг æмæ зæрдæмæдзæугæ уыд. Ацы сахат ницы хъуыды кодта, йæ зæрдæ дæр ии- цæмæ æхсайдта, ницы агуырдта. Æвиппайды, æнæ исты æфсонæй, ахæм æнахуыр амонд æмæ уарзондзинад йæ зæрдæ бандæвта алцæмæ дæр æмæ алкæмæ дæр, æмæ, сывæллонæй нырмæ цы ’гъадыул ахуыр уыд, уымæ гæс- гæ йæхиуыл дзуæрттæ æфтауыи æмæ кæмæндæр арфæ кæнын байдыдта. Æвиппайды йæ сæры абадт ахæм бæлвырд, æцæг, æргом зонд, зæгъгæ, мæнæ æз, Дмитрий1 Оленин, иннæ цæрджыты хуызæн нæ, фæлæ æндæр цы- дæр, хуыздæр, хицæн тугæй конд, хуыссып’ ныр зыбыты иунæтæй, хуыцау зоны, кæм, дзæгъæл бæсты, чи зоны, æмæ адæймаджы йæ цæстæй дæр чи никуы федта, уыцы зæронд рæсугъд саг кæм цард, адæймаджы къах кæм никуы никæд æрлæууыд, æмæ афтæ мæ хуызæн кæм ни- куы ничима хъуыдытæ кодта. «Бадын æмæ мæ алфам- былай лæууынц зæронд æмæ тала бæлæстæ; уыдонæй сæ иуыл стыхстысты хъæддаг сæнæфсиры мæцкъортæ æмæ къалиутæ; мæ цуры хæстæг, знæт фосау, змæлынц æмæ кæрæдзи расур-басур кæиынц хъæддаг уасджытæ æмæ, авæццæгæп, æмбудынц сæ мард æфсымæрты». Оленин асгæрста йæ уасджыты, æркасти сæм æмæ йæ хъарм тугæйдзаг къух йæ цухъхъайыл асæрфта. «Æм- будынц сæ, æвæццæгæн, хъæддаг куитæ дæр æмæ, сæ къухы кæй ницы бафтдзæн, уый æмбаргæйæ тæргай- хуызы иннæ фарсырдæм азылдысты. Мæ цуры сыфтæрты æхсæптæй тæхынц æмæ уæлдæфы мидæг зилгæйæ дыв- дыв кæнынц къогъотæ. Иу, дыууæ, æртæ, цыппар, фондзыссæдз, мин, милуап къогъойы — се ’ппæт дæр истæй дымæгмæ исты ныхæстæ кæнынц мæ цуры, æмæ сæ кæцыдæриддæр, сæ алчидæр йæхи хуымæтæджы исты нæ хоны, фæлæ, мæнæ мæнау, бæрæг цыдæр, иннæтæй уæлдай йæхи хицæп Дмитрий Оленин хоны». Оленин дзæбæх бамбæрста, къогъотæ цытæ хъуыды кæпынц æмæ цæй фæдыл дыв-дыв кæнынц, уый. «Ардæм, ардæм, фæсивæд! Мæнæ цы холы ссардтам»,— сæ дыв-дывгæнаг æвзагæй дзырдтой къогъотæ æмæ æмбырдтæ кодтой Олениныл. Дзæбæх бамбæрста, уырыссаг уæздан лæг кæй нæу, Мæскуыйы къорды уæнг дæр кæй иæу, уый, 109
æмæ уый хæстæг кæй нæу, фæлæ,- йæ алфамбылай цы къогъо, уасæг кæнæ саг цæры, уыдонæй уæлдай кæй ницы у, уыдонимæ иу кæй сты, хъауджыдæр сæ кæй нæй. «Уыдон хуызæн, уыдон æгъдауыл æмæ Ерошкæйы хуызæн æз дæр ацæрдзынæн æмæ амæлдзыпæн. Раст загъта Ерошкæ, топпы фаты хуызæн,— æрмæст ма кæр- дæг разайдзæн». «Æмæ цы, кæд кæрдæг разайдзæи, уæд,— хъуыды кодта дарддæр Оленин.— Уæддæр цæрын хъæуы, уæд- дæр амондмæ бæллын хъæуы, уымæн æмæ зæрдæ æр- мæст иунæг хъуыддаг агуры — амонд. Цыдæриддæр уон — хъауджыдæр иæу: сырдæй мæнæй цы уæлдай ис, иу стæм, уæдæ цы стæм, не ’ппæт дæр уыцы иу рапмæ цæуæм, æрмæст кæрдæг кæм разайдзæн; фæлæ, кæд мæм хуыцауы тæф хæццæ кæны, уæддæр, амал æмæ гæнæп цас уа, уыйбæрц хуыздæр æмæ хуыздæр цæрын хъæуы. Цæмæй амондджын уа адæймаг, уып тыххæй куыд цæ- рып хъæуы? Цымæ ныронг цæуылнæ уыдтæн амонд- ржът?» Æмæ йæ ныронджы царды хъуыддæгтæ æрымы- сыд æмæ йæхæдæг йæхимæ æгад æркаст. Йæхимæ тыпг хиуарзоп адæймаг кæсып байдыдта, афтæмæй та, лы- стæг æркæсгæйæ, йæхи удæн ницы агуырдта, иицы пæ хъуыд. Йæ алфамбылай æдзух алырдæм каст; рæсугъд зайæгойтæм, чи фæкъул, уыцы хурмæ, ирд, сыгьдæг арвмæ æмæ йæхимæ ныропджы хуызæн амоидджын каст. «Цæмæй дæн цымæ амондджын æмæ ныронг цæ- мæн цардтæн, мæ цард цæй фæдыл уыд?— ахъуыды кодта йæхинымæры.— Куыд хиуарзои уыдтæи æмæ куыд домаг, куыд тыхтонагæнæг уыдтæн мæхи уды дзæ- бæхдзинады тыххæй, афтæмæй кæнгæ та уæвгæ ницы скодтон худинаг æмæ зæрдæнизы йедтæмæ! Мæнæ мæ куыд ницы хъæуы амонд ссарынæн!» Æмæ æвиппайды цыма райгас, æмæ йæ разы ног дуне, ног цард æрбалæу- уыд, уыйхуызæн фæци. «Амонд уый у,— зæгъгæ, загъта хинымæры,— æмæ адæймаг йæхи уды тыххæй нæ, фæлæ нннæты тыххæй куы цæра, уæд. Уый æцæг афтæ кæй у, уый æргом у, гуырысхойаг нæу. Амонд домын, амондмæ бæллын адæймагæн йæ удыхъæды ис, æрдзæй йæ раха- ста, йæ мады гуыбынæй, æмæ йын аипарæн нæй, царды æвæрды мидæг ис. Уыцы амонд адæймаг æрмæст хи- уарзондзинады фæдыл куы араза, уæд æй агурып хъæ- уы йæхи тыххæй хъæздыгдзинад, кад, цыт, дзæбæх, æп- цон« царды уаг, фæлæ цард афтæ æрзилы, æмæ уыцы хъуыддæгтæ, уыцы фæндонтæ адæймаджы къухы нæ феф- 110
тынц. Уымæ гæсгæ ахæм зæрдæвæндон хъуыддæгтæ царды æгъдауы нæ цæуынц амонды хуызæн, бæллын кæмæ хъæуы æмæ агурын кæй хъæуы. Уæдæ кæддæриддæр кæцы зæрдæвæндог- хъуыддæгтæ бафтдзысты къухы алы царды æгъдауы, алы царды фадæтты мидæг дæр? -Уарзондзинад æмæ хи сæрвæлтау кæнын искæй дзæбæх- дзинады тыххæй!» Оленинæн йæ туг базмæлыд, бацин кодта, ахæм ног хорз бæллиццаг æм кæй æрцыд, ахæм ног æцæг царды дæгъæлыл кæй фæхæст, уый тыххæй. йæ, мидбынаты фæгæпп кодта æмæ цыбæлæй агурын бай- дыдта, йæ уд кæй тыххæй радта, хорздзинад кæмæн ра- кæна, кæй бауарза, уый. «Хи уды къоппайы иицы хъæ- уы,— ахъуыды кодта хинымæры уый,— уæд цæй тыххæй хъуамæ ма цæра адæймаг иннæты тыххæй?» Иæ топп йæ къухмæ райста, пыхсæй æддæмæ рацыд æмæ æнæбафæс- тиатæй сæхимæ цæуынвæнд скодта уыдæттæ-йедты тых- хæй дзæбæхдæр асагъæс, ахъуыды кæнын æмæ исты хорз искæмæн ракæныны тыххæй. Æрдузмæ куы рацыд, уæд фæстæмæ иу каст фæкодта: хур бæлæсты цъуппыты сæрмæ нал зынд, уазалдæр кæнын байдыдта, цы ран уыд, уый дæр эсм куыддæр æнахуыр, æнæзонгæ фæкаст, цыма йæм йæ раздæры хуызæй ницы уыд, уыйау. Æвип- пайды рæстæг дæр æмæ хъæд дæр сæ хуыз аивтой, ар- выл мигъ бадын байдыдта, дымгæ къуыс-къуыс кодта, æмæ бæлæсты цъуппытæ змæлыдысты, йæ алфамбылай ма æрмæст зындысты хъамыл æмæ уадсаст зæронд бæ- лæстæ хъæды мидæг. Олении йæ къуыдзмæ хъæр кæнын байдыдта,— йæ цурæй цавæрдæр сырды фæдыл азгъорд- та,— æмæ йæм йæ хъæры æгъдау, цыма æдзæрæг бæсты цард, уыйау фæкаст. Æвиппайды тасы бацыд---зæрдæ 111
фæтарст. Йæ сæры абадтысты абырджытæ, лæджы мæрд- тæ, æмæ йæм мидæгæй йæ зæрдæ сдзырдта: ныртæккæ къудзиты бынтæй цæцæн гæппытæ кæнын байдайдзы- сты, æмæ йыл сау бон бакæндзæн, кæнæ мæлын, кæнæ йæ йæхи баиргъæвын хъæудзæн. Рагæй-æрæгмæ чи ни- куыуал æрлæууыд йæ зæрдыл, уыцы хуыцау æмæ йæ мæрдтæмвæндаг йæ цæстытыл ахъазыдысты. йæ алфам- былæй бæстæ уыцы æнкъард, æптъыснæг æмæ карз хуызы мидæг уыд. Æрмæст хи уды тыххæй фæцæр, уый бæззы, уый аккаг у адæймагæи? Мæлæт дæ фындзы хъæлыл лæууы, æмæ кæд æрбамæлдзынæ, кæд фæцъынд уыдзы- нæ, уый ма зои, афтæмæй ма макæмæн мацы хорздзи- пад ракæ дæ дунейыл æмæ искуы, мачи дæ базона, аф- тæмæй амæл, уый лæджы хуызæн лæгæн аккаг нæу». Оленин зæрдаивæй хъæуырдæм араст кодта. Цуан кæ- пын йæ зæрдæйы кæрон дæр нал уыд, тынг æнæгъдау бафæлмæцыд, алы кудзи, алы бæласмæ æнувыд, сырд- дзастæй фæкæс-фæкæс кодта тæрсгæ-ризгæйæ, катайгæн- гæйæ, гъеныр мæ раны дæн, мæ мæлæты сахат æрцы- ди, зæгъгæ. Дзæвгар фæратæх-батæх кодта, стæй æрæ- джиау иу донхорыгмæ бафтыд, Терчы змисджын уазал дон кæм цыд, ахæммæ, æмæ, цæмæй дарддæр йæ фæн- дагæй ма фæдзæгъæл уа, уыйадыл доихорыджы былтыл цæуынвæнд скодта, кæдæм æй ныххæццæ кæндзæн, уымæн йæ бæрæг бæлвырд нæ зыдта, афтæмæй. Æвнп- пайды фæсте хъамылы къæрццытæ фæцыд, Оленин фе- стъæлфыд, йæ уд йæ къæхты бынæй ауад æмæ топмæ фæлæбурдта. Стæй йæхæдæг йæхицæй æфсæрмы кæнын байдыдта: фæсте куыдз æнтæфы мидæг лæф-лæфгæнгæ æрбахæццæ, уазал донмæ йæхи баппæрста æмæ йæ сдæ- рын байдыдта. Оленин дæр дон банызта æмæ йæ фæдыл араст, йæ зæрдæйæ загъта, куыдз æй хъæумæ бахæццæ кæндзæн. Куыдз дæр ныфсæн æххуыс у, фæлæ йæ алфамбылай бæ- стæ æптъыснæгæй-æнтъыснæгдæр кодта. Хъæд фæтар- дæр, дымгæ тыхджынæй-тыхджындæр кодта бæлæсты сæрмæ. Дынджыр мæргътæ зилдух кодтой сæ ахстæтты алфамбылай. Зайæгой куыдфæстæмæ къаддæр кодта, арæхдæр зынын байдыдтой сыр-сыргæнаг хъамыл æмæ змисджын хус æрдузтæ. Дымгæйы къуыззитт æмæ сыф- сыфыл ма бафтыд поджы цавæрдæр зæрдæмæгуыргæнæн, хъарæджы хуызæн ниуын. Зæрдæмæ рухсыцъыртт никæ- цæй цыд, тар мигъ ыл æрбадт. Фæсте, йæ чъылдымыл, мард хъæддаг уасджытæ асгæрста, æмæ дзы иу уым нал 112
разынд: аскъуыд æмæ кæмдæр фссæфт, æрмæст ма йæ тугæйдзаг къубал æмæ сæр ронбасты мидæгæй хæрдмæ хъилæй лæууыдысты. Иæ дунейыл кæй никуы бавзæрста, ахæм тасы мидæг бацыд. Хуыцауæн кувын байдыдта æмæ иу хъуыддаг йæ зæрдæмæ хаста: искæмæн æпæ исты хорздзинад бакæпгæйæ куы амæла. Цæрын æй тынг æрфæндыд,- иттæг тынг, кæд ып искæй дзæбæхдзи- нады тыххæй йæ - сæр нывондæн æрхæссыны фадат æрцæуид. XXI Æваст хуры рухсау срухс йæ зæрдæ. Олеиин фехъуы- ста уырыссаг ныхас, фехъуыста Терчы доны тагъд æмæ æмхуызон цыд: дыууæ къахдзæфы дарддæр, разæй фæ- зыпд Терк йæхæдæг йæ бур донимæ, фæзындысты кæ- рæтты æмæ тæпджыты хуылыдз змисдзæстытæ, фæзынды- сты лæгъз быдыртæ дардæй, посты фæлгæсæн, посты бæх æд саргъ, æртыкъахыг сахсæнимæ какæтты æхсæн æмæ хæхтæ. Сызгъæринхуыз хур мигъы æхсæнæй æрхъæцмæ фæзынд æмæ фæстаг хатт йæ хъæлдзæг тынтæй ферт- тывта дон-дон дæлæмæ, срухс кодта хъамыл, хъазахъ- хъы фæлгæсæн æмæ хъазахъхъæн сæхи. Хъазахъхъ иу- ран дзыгуырæй лæууыдысты, æмæ уыдон æхсæн Лукаш- кæ йе уæнгты æвæрд æмæ йæ хъæлдзæгдзинадæй æвæн- донæй Олсиины йæхимæ æркæсын кодта. Оленин та дзыхъхъынногæй æнæ исты æфсонæй ба- хъæлдзæг æмæ та йæхи стыр амондджыныл банымадта. Фаллаг фарс цæцæйнаг хъæуы æрбардыгæй, йе ’рбаком- коммæ ацы фарс Терчы былыл æмраст Нижне-Протоц- кийы постмæ бацыд. Хъазахъхъæн се ’зæртæ хорз, зæгъ- гæ, загъта, фæлæ хорздзинад цæй æфсон, цæй фæдыл искæмæн ракодтаид, ахæмæй ницæуыл фæхæст æмæ дарддæр уатмæ бацыд. Уаты дæр афтæ — ницы æфсон ссардта. Хъазахъхъ æм дзæбæх цæстæй нæ ракастысты. Уатæй сахъари хæдзармæ бацыд æмæ бапъироз ссыгъта. Хъазахъхъ ын ам дæр ницы уыйас æгъдау радтой, иуæп тамако кæй дымдта, уый тыххæй, иннæмæй, уыцы изæр сæхи цæмæй ирхæфстой, ахæм хъуыддаджы мидæг уы- дысты. Хохæй æрцыдысты сæ чегъреимæ, уырысы ныхмæ’ чи лæууыд, ахæм цæцæйнæгтæ, хъазахъхъ цы абырæджы амардтой, уымæн йæ хæстæджытæ сæ мард балхæнын- мæ. Хъæуæй хицæуттæ æрбацæуинаг уыдысты, æмæ уы- дон æрбацыдмæ æпхъæлмæ кастысты. Мардæн йе ’фсы- 3 ГЪзеспæ 113
мæр уыд бæрзонд, гуырвидауц^ адæймаг, æлвыд сырх- ахуырст зачъетимæ, æмæ, кæд скъуыдтæ цухъхъа æмæ худы мидæг уыд, уæддæр паддзахы хуызæн йæ сæр сæр- мæ чи хаста, ахæм уыд. Цæсгомæй раст йе ’фсымæры цæрмæстъыгъд бакодта. Цыма никæуыл æрвæссыд,'уый дард кодта йæх^, дзæгъæл каёстЫтæ нæ кодта, мардмæ дæр никуы бакаст, æрмæст аууоны дзуццæджы бадт, тутæ кодта луЛæ дымгæйæ æмæ-иу искуы-иу хатт йæ коммæгæсаг æмбалæи иу-дыууæ барджын ныхасы загъта. Бæрæг уыд, алцæмæй дæр саг лæг кæй уыд, уый, уыры- симæ дæр, бирæ хæттЫты чи авзæрста, чн фæныхæй- цыхмæ, ахæм, æрмæст æндæрхуызы, æндæр æгъдæутты 114
æмæ фадæтты мидæг. Цæуыл бадис кодтаид, цы нæ федта уырысимæ, ахæмæй сæм ницы уыд, æмæ сæ уымæ гæсгæ хъуыды дæр пæ кодта. Оленин, мардмæ бакæсон, зæгъ- гæ, бацыд, фæлæ пæм мардæп йе ’фсымæр зæрдæджын æмæ æлгъаджы цæстæпгасæп бакаст йе ’рфгуыты сæр-' мæ æмæ мæстыхуызæй цæхгæр цыдæр загъта. Чегъре уыцы сахат цухъхъайæ марды цæсгом бамбæрзта. Оле- нип стыр дис фæкодта цæцæйнаджы барджын æмæ карз цæсгомы ахастыл. Йемæ аныхас кæнын æмæ йæ афæр- сынмæ хъавыд, кæцы хъæуккаг дæ, зæгъгæ, фæлæ йæм цæцæйнаг æнтъыснæг, æлгъаг цæстæнгасæй зулаив ба- каст, нытту кодтта, йæхи фæтигъ кодта æмæ иннæрдæм аздæхт. Хохаг æй кæй ницæмæ æрдардта, уый йæм но- джыдæр диссагдæр фæкаст, фæлæ æнцондæры тыххæй йæхицæн зæрдæтæ авæрдта æмæ йæ кæй не ’рхъуыды кодта, уый йын æдылыдзииад æмæ æвзаг нæзоныныл банымадта. Йе ’мбал уыд чегъре æмæ тæлмац хæррæ- гъты мидæг, иннæйы хуызæн бурхил пæ/фæл)æ сау^агъз гæдывад, ратас-батасгæиаг, миты хуызæн урс дæндæг- тæ æмæ æрттиваг цæстытимæ. Чегъре æпæзивæгæй, ра- зæнгардæй йемæ иыхас кæныи байдыдта æмæ дзы ба- пъироз ракуырдта. — Адоп уыдысты фондз æфсымæры,— раныхас код- та чегъре хохаг здæхтæй, æрдæгдзæфтæй.—Гъеныр æр- тыккаг æфсымæр мард фæци уырысы къухæй, дыууæйæ ма баззадысты. Ай стыр сахъ, стыр лæджыхъæдджын адæимаг у,— загъта чегъре цæцæйнагæй.— Ахмед-ханы (афтæ хуыдгой г^арды) куы амардтой, уæд уый фаллаг фарс хъамылы бадти; йæхи цæстæй федта, бæлæгъы йæ куыд сæвæрдтой æмæ йæ ацы фарсмæ куыд раргъæвтой, уый. Бонсауизæрмæ уым фæбадти. Зæронд лæджы ма- рынмæ хъавыд, фæлæ йæ иппæтæ нæ бауагътой. \Лукашкæ ныхасгæнджыгам пæхи баласта æмæ сæ цуры æрбадт. — Кæцы хъæуккаг уыдзыстут?— афарста сæ уый. — Уæртæ, уыныс, уыцы хæхтæй,— радта йын дзуапп чегъре æмæ йæ къухæй ацамыдта, донæн уыцы фарсыр- дыгæй цъæх мигъ цы комы бадт, уым.æ.—Суюк-су зо- ныс? Ардыгæй йæм дæс версты уыдзæн. — Суюк-суйы Гирей-ханы нæ зоныс?— афарста Лу- кашкæ хи æппæлæгау, ахæм зонгæ йын кæй ис, уымæн—■ Мæпæн мæ хæлæр лæг у. — Мæ тæккæ сыхаг,— дзуапп радта чегъре. — Уый хорз уæдæ.— Æмæ Лукашкæ тæтæйрагау 115
зæрдйагдæрæй ныхаб к^ньЫ байдыдта тæлмацимæ. Чысыл фæста^дæр бæхтыл æрбахæццæ сты сотннк æмæ хъæуыхицау дыууæ хъазахъ- хъагимæ. Сотник, æрæджы йæ- хи хъазахъхъыл чи ныффыссын кодта, ахæм уыд. Æгъдаумæ’ гæсгæ хъазахъхъæн «дзæбæх ут», зæгъгæ, загъта, фæлæ йын фæстæмæ салдæттæ куыд фæ- зæгъынц: «Æнæниз ут, уæ бæр- зонддзинад», зæгъгæ, ахæм дзуапп ничи радта, æрмæст ын иугæйттæ сæ сæрæй акуывтой, куыд зонай, уыцы æгъдауæй. Чидæртæ Лукашкæимæ сыста- дысты æмæ, куыд- æмбæ- — лы, афтæ раст алæууыды- сты, сæхи уæлæмæ ивазгæйæ. Урядннк ын фехъусын код- та, пост æвыд, æнæфыдбылыз кæй у, уый. Уыдæттæ иу* уылдæр Олениимæ худæг фæкастысты, цыма хъазгæ кодтой, уыйау салдæтты хынджылæггæнæгау фæзмыд- той. Стæй хицон митæ æмæ ныхæстæ кæнын байдыдтой. Сотиик рæвдз, сæрæн адæймаг чи уыд, ахæм уыд æмæ тæтæйрагау къæрцц-къæрццæй ралæууыд пыхас кæны- ныл тæлмацимæ. Цыдæр пæххæт та фыстой, тæлмацмæ йæ радтой æмæ марды койыл фесты. — Гаврилов Лука та уæ чи у?— загъта сотник. Лукашкæ йæ худ йæ сæрæй фелвæста æмæ йæм хæ- стæгдæр бацыд. — Дæу тыххæй æз полчъы хицаумæ гæххæтт арвы- стон. Цы дзы рацæудзæн, уый бæлвырдæй мæхæдæг дæр нæ зонын. Æз дæ крестмæ бавдыстоп, урядникæн нырма æгæр лæппу дæ. Чиныджы зоныс? — Нæ зонын. — Сахъгуырд чи у, ахæм у!— загъта сотник стыр хи- цауы дзыхы уагæй.— Дæ худ ныккæ. Кæцы Гавриловтæй у, цымæ? Широкæйы, миййаг, ма уæд? — Йе ’фсымæры лæппу у,— радта йын дзуапп уряд- пик. — Марадзут, фæкæсут сæм,— бадзырдта хъазахъ- мæ сотник. Лукашкæйæн фырцииæй йæ цæсгом срухс æмæ, цы 116
уыД, уымæй рæсугьДДæр зьшд. УряДшжæй йæхи аласяа, йæ худ акодта æмæ та фæстæмæ Оленнны фарсмæ æр- бадт. Марды бæлæгъмæ куы бахастой, уæд йе ’фсымæр до- ны былмæ бацыд. Хъазахъхъ сæхи фæйнæрдæм айстой æмæ йын фæндаг радтой. Уый йæ иу къахæй йæхи фсх- ста æмæ бæлæгъы алæууыд. Оленин æй хъуыды дардта, æмæ.æрмæст гъеуæд фыццаг хатт цырд йæ цæст ахаста хъазахъхъыл æмæ йе ’мбалы цыбыр цæмæйдæр афарста. Йе ’мбал ын фæстæмæ цыдæр загъта æмæ Лукашкæйы ацамыдта. Цæцæйнаг æм уыциу каст фæкодта, сабыр- гай иннæрдæм азылд æмæ донæн йæ фаллаг фарсмæ кæ- сын байдыдта. Знаджы охыл, знаджы цæстæй нæ, фæ- лæ уазал, æлгъаджы цæстæнгасæй бакаст цæцæйнаг фæстаг хатт. Æрæджиау ма цыдæр загъта. — Цы загъта, цы?— афарста Оленни гæдывад тæл- мацы. — Твоя наша бьет, наша ваша карабчит. Все одпа хурда-мурда,— ракодта чегъре хъазгæмхасæн, сайæн, былæлгъты ныхæстæ йæ урс дæндæгтæ æвдисгæйæ æмæ бæлæгъмæ багæпп кодта. Марды æфсымæр бæлæгъы бадт æнцад-æнцойæ, æпæ- дзургæйæ æмæ æдзынæгæй каст фаллаг фарсмæ. йæ хуылф дзаг уыд мастæй, йæ цæстытæ рыстысты ацы са- хат адæмы уындæй, æрмæст йæ хуылфмæ каст, æндæр йæ зæрдæ ннцæимæ дзырдта. Чегъре бæлæгъы кæрои лæууыд, æмæ, фæйлауæн фиййагæй дыууæрдæм рæвдз æвналгæйæ, бæлæгъ размæ тардта æмæ æппынæдзухæй ныхас кодта. Бæлæгъ доны цæхгæрмæ зулаив цыд æмæ куыдфæстæмæ, сæ бæхтæ кæм лæууыдысты, уырдæм ба- цыдысты. Уым марды бæлæгъæй раргъæвтой æмæ йæ бæ- хыл сæвæрдтой. Бæх, мардæй тæрсгæйæ, иуран нæ лæу- уыд, йæхи раппар-баппар кодта. Мардласджытæ бæхтыл сбадтысты æмæ сауцыдæй, хъæуы фæрсты цы фæндаг цыд, ууылт^ араст кодтой. Хъæуæй сæ размæ бирæ мæрд- дзыгой рацыд. Донæн ацырдыгæй фарс хъазахъхъ нттæг хъæлдзæп.уыдысты. Алырдыгæй хъуыст худын æмæ хъа- зæн цыхæстæ. Афицер, сотник æмæ хъæуыхицау хæдзар- мæ - бацыдьгсты *аминас кæнынмæ. Лукашкæ хъæлдзæг цæсгомимæ йæхи барæй æмбаргæ дард кодта, йæ хъæл- дзæгдзинад цæсты куыннæ ахадыдтаид, уый тыххæй, афтæмæй Оленины цур бадтн æмæ, йæ цæнгтæй йæ уæр- джытыл æнцайгæйæ, къæцæл амадта. 117
— Тамако та цæмæн дымыс?— загъта Лукашкæ, цьь, ма йæ не ’мбæрста, уыйау.— Цы хорздзинад æм ис? Олепин иунæг, æцæгæлон кæй уыд хъазахъхъы æх- сæн æмæ йæм уый чысыл хардзау кæй каст, уымæ гæс- гæ Лукашкæ, аирхæфсон æй, зæгъгæ, йæм йе ’взаг æр- уагъта æмæ йæ дзырдтыл дардта. — Афтæ йыл фæцахуыр дæи,— дзуапп ын радта Оле- пии.— Æмæ цы гæны? — М-м-м! Махæй исчи куы дымид, уæд ыл мæгуыры- бон бакæнид, адæм æй сæ уæлныхты ахæссиккой, мысты хуынкъ æртæ чъирийæ агурид. Уæртæ хæхтæ уыныс, хæ: стæг цыма сты,— загъта Лукашкæ коммæ амоигæ- йæ,— фæлæ сæм нæ бахæццæ уаис!.. Уæд ды уæхимæ иунæгæй куыд ацæудзынæ, мæйдар куы у! Кæд дæ фæн- ды, уæд дæ æз бахæццæ кæндзынæн, æрмæст урядникæй ракур. «Цы сахъгуырд у!»—ахъуыды кодта хинымæры Оле- пин хъазахъхъаджы хъæлдзæг цæсгоммæ кæсгæйæ. Иæ зæрдыл æрбалæууыд Марьянæ, Лукашкæ йын куыд ба кодта, кулдуары фæстæйæ сæм куы хъуыста, уæд, æмæ Лукашкæйæн тæригъæд кæнып байдыдта, æиахуыргонд кæй у, уый тыххæй. «Стыр диссаг та куыннæ сты адæм, æвæдза! Уымæй æдылыдæр, уымæй æнæзонддæр хъуыд- даг ма цы уа,— хъуыды кодта хинымæры Оленин.— Иу иннæйы амардта æмæ йæхи амондджын хоны, цыма ит- тæг хорз хъуыддаг бакодта, уыйхуызæн. Куыннæ йæм дзуры, цымæ, йæзæрдæ, ам цæуыл бацин чындæуа, ахæм хъуыддагæй дзы куы ницьг ис! Искæй амар, уым амонд нæй, фæлæ искæн сæрыл дæхи нывондæн æрхæсс, искæй тыххæй дæ уд суæлдай кæн, амонд уым ис, уым». — Гъе, дæхи хъахъхъæн ныр, мæ лымэсп!—загъта х" азахъхъæй иу, марды фæдыл чи ацыд, уыдонæй.— Фед- тай, дæу тыххæй куыд афарста, уый? • Лукашкæ цæ сæр фæхъил кодта. — Ме ’мдзуарджынæй зæгъыс, миййаг?— дзуапп ын радта Лукашкæ. Уыцы номæй хуыдта, цы цæцæйнаджы амардта, уый. — Æмдзуарджын нал сыстдзæн, фæлæ дын йæ сырх- рихиджын æфсымæр фадат ран, лæг циу, уый бацамон: дзæн. . — йæхæдæг удæгасæй, æнæфыдбылызæй, кæй аир- вæзт, уымæй бузныг уæд,— загъта Лукашкæ худ- гæйæ. — Цин та ма цæуыл кæныс?—афарста йæ Оленин.— 118
Де ’фсымæры дын куьг амардтаид, уæд дын/æвæццæгæн, тынг æхсызгон нæ уыдаид. ’ Хъазахъхъаг Оленинмæ худæндзастæй каст: Олеиин ын цы зæгъынмæ хъавыд, уый йын цы бамбарын хъуыд, фæлæ ахæм зондыл лæуд нæ уыд, ахæм хъуыдытæ йæ сæрмæ дæр нæ хаста. — Уæдæ куыд! Нæй гæнæн æнæ афтæ дæр! Уыдон ’ махæй къаддæр нæ марынц; нæ ныл ауæрдынц, ма тæрс! - - XXII Сотник хъæуыхицауимæ бæхтыл аивгъуыдтой. Оле- нин, Лукашкæйы зæрдæ балхæнон, зæгъгæ, стæй æнæ- уый дæр æхсæвыгон иунæгæй тархъæды цæуын дæр æм цас хорз кастаид, æмæ уымæ гæсгæ урядникæй Лукаш- кæйы йæхицæн æмбалæн ракуырдта. Урядник æй суæгъд кодта. Оленинафтæ æнхъæл уыд, Лукашкæ Марьянæйы фендмæ бæлдзæн, æнæуый дæр ахæм хæрзуынд, зæрдæ- мæдзæугæ, дзыхарæхст æмбалимæ цæуын æм дзæбæх каст. Лукашкæ æмæ ’Марьянкæ йæ цæстытыл хъазыдысты, йæ сæрæй цух нæ кодтой, æмæ уыдонимæ йæ зæрдæ кæй дзырдта, уый йын æхсызгоп уыд. «Уый Марьянæйы уар- зы,— хъуыды кодта йæхинымæры Оленин,— фæлæ йæ цыма æз дæр бауарзин, уыйау мæм кæсы». Æмæ, кæй ни- куыма бавзæрста, ахæм цавæрдæр тыхджьш зæрдæйы фæлмæндзинад банкъардта, тархъæды мидæг куы фæ- цæйцыдысты, уæд. Лукашкæйæн дæр йæ зæрдæ хъæл- дзæг уыд. Цыма уыцы дыууæ æцæгæлон лæппу адæймаджы кæрæдзийæн фæадджын сты, се ’хсæн цыма уарзондзинады хуызæн цыдæр бацыд, афтæ уыдысты ацы сахат. Кæрæ- дзимæ-иу куы фемдзаст сты, уæд-иу сæм худын æрцыд. — Дæу кæцы кулдуарыл бацæуын хъæуы?— афарста Оленин. — Астæуыккагыл. Æз дæ уæддæр уæртæ цъыфдзаст- мæ бахæццæ кæндзынæн. Уырдыгæй фалæмæ мацæмæй- уал тæрс. Оленин бахудт. — Æмæ, дæ зæрдæйæ, тæрсгæ, миййаг, кæнын? Аз- дæх фæстæмæ, бузныг. Æз иунæгæй дæр ацæудзынæн. — Нæ, пицы кæны! Мæ куыстытæ дын, миййаг, куы нæ кæнын. Стæй тæрсын дæр диссаг нæу! Тæрсгæ, гæды цыхас, мах дæр кæнæм,— загъта Лукашкæ хъазгæмха- 119
сæн, цæмæй нæ фефсæрмы уыдаид æмæ йæ йæхимæ цас- мæй нæ банкъардтаид, уый тыххæй. ’" " •• V — Цом уал. махмæ. -АныхæсТæ кæндзыстæм, баназ- дзыстæм, æмæ райсом афарда^г уыдзынæ. — Ам мæнæн фæлæууæн бынæттæй фылдæр цы ис,— загьта Лукашкæ худгæйæ,— фæлæ мæ урядник куырд- та, фæстæмæ мæ бынаты куыд сæмбæлон а изæр, афтæ. — Зарджытæ куы кодтай дысон, уæд дæм хъуыстон, дæхи дæр дын федтон... — Иууылдæр адæм сты,— æмæ Лукашкæ йæ сæр батылдта. — Ус курынвæнд, дам, кæныс? Æцæг у уый?— афарста Олешш. — Мæ мад мын курынвæнд кæны, афтæмæй мын нырма бæх æлхæд дæр нæма ис. — Паддзахады куысты нæма бацыдтæ? — Кæм, кæ! Гъеныр мæхи барæвдз кодтои. Бæх хъуаг ма дæн. Къухы дæр афтæ æнцонтæй кæм бафт- дзæн. Æнæус дæр уымæн дæн. — Уагæры цæй аргъ у бæх? — Айфыццаг фаллаг фарс иу бæхыл дзырдтон, æмæ йææхсæз туманæй дæлдæр кæсынмæ дæр нæ дæтты, аф- тæмæй кæд у ногъайаг бæх. — Мемæ хæстмæ ацæуыныл не сразы уаис? Уæд дыи хицæуттæй бар ракурин æмæ дын бæх балæвар кæнин,— æвиппайды, æнæнхъæлгæйæ загъта Оленин. —Æцæг дын зæгъын. Мæнмæ дыууæ.ис, дыккаг мæ ницæмæи хъæуы, уæлдай мыи у. — Уанцон нæу,— уый та куыд, куыннæ дæ хъæуы?— худгæйæ загъта Лукашкæ.—Цæмæн мын хъуамæ ба- лæвар кæнай, мæ дзæбæхтæ мын куы нæ мысыс, исты амалтæ та кæндзыстæм мах дæр хуыцауы фæндонæй, алкæмæн дæр йæ амонд конд у. — Зæрдæйæ дын зæгъын, æцæг. Нæ дæ фæнды, æвæццæгæн,— загъта Оленин цингæнгæйæ, Лукашкæйæн бæх лæвар кæнын йæ зæрдæйы кæй æрæфтыд, уый ды- мæгмæ. Фæлæ уæддæр цыма цæмæйдæр æфсæрмы код- та, уыйхуызæн уыд. Хъуыды кодта, цы ма зæгъон,, зæгъ- гæ, фæлæ йæ дзыхы ницы æфтыд, ницæуыл хæст кодта. — Уæрæсейы дын хæдзæрттæ ис дæхицæн?— афарста йæ Лукашкæ. Оленин йæхи нал баурæдта æмæ йын сæ радзырдта, иу нæ, фæлæ йын къорд хæдзары дæр кæй ис, уый. 120
— Хорз хæдзар? Махонтæй стырдæр?— рæузæрдæйæ йæ афарста Лукашкæ. — Бнрæ стырдæр, дæс хатты, æртæ æддæгуæлæтæ,— загъта Оленин. * — Бæхтæ дæр дæм ис? Мæнæ мах бæхты хуызæн? — Фондзыссæдзы мæм ис, дæс æмæ ссæдз-дыууис- сæдз туманьг æргътæ; æрмæст сым-ахоиты • хуызæн не сты. Дæс æм.ас ссæдз туманы æвзистæй! Сирæгтæ, зоныс... Фæлæ уæддæр амы бæхты фылдæр уарзын. — Ардæм барвæндонæй, дæхи æгъдауæй æрцыдтæ æви.дае æрвитгæ ракодтой?—афарста Лукашкæ хынджы- лæггæнæгау.— Гъеныр адзæгъæл дæ,— загъта Лукаш- кæ, цы фæндагыл цæуын хъуыд, уый амонгæйæ,—рахиз- фарсырдæм дæ азилын хъуыд. — Мæхи’ æгъдауæй,— дзуапп ын радта Оленин.—* Фæндыд мæ уæ бæстæ фенын æмæ хæсты бацæуын. — Абон^дæ æфсады цæуын хъуыд,—загъта Лука.— Кæсыс уыцьГ æлгъыстытæм, куыд ниуынц хъæддаг куи- тæ,— загъта та Лука куитæм1 хъусгæйæ. — Дæ зæрдæмæ ницы хæссыс, нæ тæрсыс, лæг кæй амардтай, уый тыххæй? — Цæмæй хъуамæ тæрсон? Фæлæ хæстмæ ацæуын мæ фæнды,— дыккаг хатт загъта Лукашкæ.— Афтæ мæ, фæнды, афтæ, æмæ йын зæгъæн дæр нæй. — Кæд дæ фæнды, уæд иумæ цом. Мах ротæ араст уыдз^ен бæрæгбонты размæ, сымахсотня дæр афтæ. — Лрдæм æрцæуын та дæ зæрдыл куыд æрлæууыд? Хæдзг.р лыи нс, бæхрæгъау ис, кусджытæ, кæй загъдæ- уы, ис. Æз дæ бынаты куы уыдаин, уæд цардæй къæртт аппæрстаян, хынджылæг дзы кодтаин. Иед та... Исты хæрзиуæг дæр дæм ис? \ — Æз юнкердæн, фæлæ мæ иыр афицермæ бавды- ’стой. - . — Уæдæ кæд дæхйцæй не *ппæлыс æмæ æцæг ахæм царды мидæг уыдтФ; уæд æз, дæ бынаты уæвгæйæ, мæ къах дæр'Дикæдæм равæрдтанн’ мæ хæдзарæй. Гъеныр’ дæр ардыгæй никæдæм алидзин. Нæ бæстæ хорз цæрæн рæн у. Афтæ нæу? — Бæгуыдæр у. Иттæг хорз,— загъта Оленин. Бынтондæр æрталынггæрæттæ, афтæмæй, ныхасгæи- гæигæйæ, хъæумæ æрбаввахс сты. Хъæды мæйдарæй уæддæр нæма сцух сты. Дымгæ бæрзæндты къуыззит Шакалтæ. 121
КоДта. Хъæддаг куитæ-иу æвиппайды сниудтой,. скæЛ- кæл кодтой, схудтысты æмæ, цыма сæ хæд уæлхъус уы- дысты, афтæ сæм зынд. Разæй, хъæуæй, хъуыст сыл- гоймæгты ныхас, куиты рæйын; дзæбæх зынын байдыд- той хæдзæртты сау æндæргтæ, рухсытæ æмæ цæуын бай- дыдта фæздæджы æмæ сæнары æнахуыр тæф. Афтаз зынд Оленинмæ, уæлдайдæр ацы изæр, цыма йæ хæдзар, йæ бинонтæ, йæ амонд ацы хъæуы мидæг сты, стæй цыма ацы хъæуы хуызæн амондджын цард ныронг дæр, амæй- фæстæмæдæр никуы кодта æмæ никæд кæндзæн. Иæ зæр- дæ афтæ æрфæлмæн ацы изæр æмæ -адæмы се ’ппæть* дæр бауарзта, уæлдайдæр та Лукашкæйы. Сæхимæ куы бацыд, уæд Оленин '■ йæхæдæг йæхи къухæй скъæтæй бæх раласта, йæхæдæг-иу кæуыл бадти кæддæриддæр, уый нæ, фæлæ æндæр. Грознайы кæй балхæдта, уый, чысыл ацæргæгомау, фæлæ дзæбæх æнæ- сахъат бæх, æмæ йæ Лукашкæйæн балæвар кодта. — Цæй тыххæй мын лæвæрттæ кæныс?—,загъта Лу- кашкæ.— Мæ хæрзтæ дыл куы нæ ис, куы ницы хорз- дзинад мæ зоныс. — Бауырнæд дæ, уый мæнæн пйцы у,— загъта йын Оленин.— Айс æй, искуы мын æй истæмæй баххæст кæндзынæ... Мæнæ хæстмæ дæр иумæ ацæудзыстæм.. Лука фефсæрмы. — Уанцон лæвар нæу! Бæх афтæ аслам куы нæ у,— загъта Лука бæхмæ кæсын æфсæрмыгæнгæйæ. — Алас æй, алас! Куы нæ йæ бакомай, уæд мæ баф- хæрдтай, уый зон. Ванюшæ, марадз, цъæх бæхы Лу- кашкæтæм бахæццæ кæн. Лукашкæ бæхы рохтæм бавнæлдта. — Стыр бузныг. Æнæнхъæлгæйæ, митæрыскъæфау... Оленин хъæлдзæг æмæ амондджын уыд дыууадæсаз-* дзыд лæппуйау. . — Ам уал æй бабæтт.- Бæхæй хорз бæх у, Грознайы йæ балхæдтон, уайгæдæр тынг хорз кæны. Ванюшæ, сæн-ма нын рахæсс. Цом мидæмæ. Сæн æрбахастой. Лукашкæ сбадти æмæ хъæдын ну- азæн йæ къухмæ райста. — Кæд хуыцауы фæнда, уæд дын æй æз дæр истæ- мæй баххæст кæндзынæн,— загъта Лукашкæ æмæ сæн быннозт кодта.—Дæ ном цы хуины? „ — Дмитрий Андреич. — Цæй, Дмитрий Андреич, хуыцау дын æххуысгæ- нæг уæд, лæвархъом у. Æз æмæ ды ардыгæй фæстæ- 122 1 ’- }
мæ—дыууæ хæлары. Ныр-иу мах дæр абæрæг кæн. Кæд хъæздыг не стæм, уæддæр нæ-хæлары суазæг кæнын ба- фæраздзыстæм. Æз мæ мадæн дæр бафæдзæхсдзынæн, исты, миййаг; дæ куы хъæуа: кæм хъаймагъ, кæм сæнæ- фсир. Постмæ, миййаг, куы бафтай, уæд дын æз алцæмæ ’ дæр цæттæ: цуаны, фаллаг фарсмæ,— кæдæм дæ бафæн- да, æз дын кæстæр. Айфыццаг дæ нæ зыдтон, уыййед- ’ тæмæ ахæм нæл хуы афæлдæхтон, æмæ диссаг! Хъазахъ- '’хъæн æй байуæрстон дзæгъæлы, дæуæн æй æрбахастаин хъæлæкк. — Хорз, бузныг. Æрмæст-иу æй уæрдоны ма сиф- тындз, ахуыр нæу. — Уæрдоны та куыд, уанцон нæу! Цы ма дын зæгъи- - наг уыдтæн...— зæхмæ кæсгæйæ загъта Лукашкæ.— Хо- хы мын иу хорз лымæн ис, Ахмет-хан, зæгъгæ. Айфыц- цаг мын дзырдта, хохæгтæ цы фæндагыл цæуынц, уым ’ сæ размæ бабадæм, зæгъгæ. Цом иумæ- Æз дыл гадз- рахатæй нæ рацæудзынæн, уый 1ыххæй мыл дæ оæрдæ , ДаР- — Цæуылнæ, цæуылнæ, искуыбоп ацæудзыстæм. Оленин Лукашкæмæ цы зæрдæ дардта, цы цæстæй каст, уый дз-æбæх бамбæрста Лукашкæ æмæ æрсабыр, йæ зæрдæ ничердæмуал æхсайдта. Иæхи рæсугъд, сабыр^ æмæ хицоны дард кæй кодта/уый Оленинмæ диссаг фæ^ каст, фæлæ ахæм æгъдауджын, ахæм æфсармджын гæй разынд, уый йын иучысыл хъыг дæр ма уыд. Бирæ фæ- ныхæстæ кодтой, стæй æрæджиау, æпафоны Лукашкæ къуылых нозтджынæй (фæрасыджы онг никуы нозта) Оленины къух райста, хæрзæхсæв ын загъта æмæ рацыд. Лукашкæ куы рацыд, уæд, кæддæра цы кæндзæн, з’æгъгæ, Оленин рудзынгæй йæ фæдыл ракаст. Лукаш- кæ сабыргай цыд дæлæмæ зæхмæ кæсгæйæ. Стæй кул- дуары æдде куы фæци, уæд бæхыл дзылар баппæрста, йæхæдæг гæдыйау йæхи фехста, бæхыл абадт, фенкъуы- ста йæ æмæ уынджы дæлæмæ уыциу тахт акодта. Оле- ’ пип та афтæ æнхъæлдта, Лукашкæ Марьянæмæ бацæу- дзæн æмæ йын йæ циндзинад радзурдзæн. Кæд Лукаш- кæ афтæ нæ бакодта, уæддæр Оленинæн йæ зæрдæ хъæл- дзæг æмæ рухс уыд, афтæ йын йæ дунейыл дæр пикуы- ма уыд. Раст сывæллонау цин кодта æмæ йæ зæрдæйы ныхæстæ Ванюшæйæн ракодта,— айдагъ бæхы рарды хабар нæ, фæлæ йæ цæй фæдыл ралæвар кодта æмæ йæм цæй ног зæрдæ æрцыд амонд ссарыны тыххæй, уы- дæттæ дæр. Ванюшæмæ уыцы ног зонд хорз нæ фæкаст, 123
æмæ йын комкоммæ за^ьта,- -æхиа.Куы Нæ уа, уæд уЫ- дæдтæ-йедтæ мурдæр кæй ницы сты. Лукашкæ сæ хæдзармæ бауад, бæхæй рагæпп ласта æмæ йæ мадæн бафæдзæхста, хъазахъхъы рæгъаумæ йæ куыд аскъæра, афтæ. Иæхицæн та уыцы æхсæв постмæ фæстæмæ æнæ аздæхгæ амал нæ уыди. Къуытты бæх йæхи бар бакодта, æз æй ныххæццæ кæндзынæн, зæгъгæ, æмæ нысæнттæй бамбарын кодта, бæх ын чи ралæвар кодта, ууыл куыддæр сæмбæла, афтæ йын йæ къæхтæм бакувдзæн, зæгъгæ. Зæронд ус, мæгуыр, йæ сæр батылд- та лæппуйы ныхæстыл æмæ йæхинымæры загъта, æвæц- цæгæн, Лукашкæ бæх радавта æмæ йæ уыйадыл сæу- дарæй къуыттыйæн рæгъаумæ æрвитын кæны. Лукашкæ постмæ зыбыты иунæгæй ацыд; æмæ æдзух хинымæры хъуыдытæ кодга Оленины хъуыддагыл. Бæх уыйырдыгонау ■ сæ хæрзтæй нæ> уыд, --фæлæ уæддæр æппынфæстаг цыппар туманы райстаид, уымæ гæсгæ Лукашкæ уыцы лæварæй иттæг хъæлдзæг уыд. Фæлæ йын цæй фæдыл, цы бузныг- гадæн уыцы лæвар ракодта, уый бамбарынæн ницы фæрæзта æмæ дзы мур бузныг дæр нæ уыд. Гуырысхо ма йыл кодта, кæд, чи зоны, ’мæ юнкеры зæрды исты æвзæр, исты хинæйдзаг хъуыддæгтае, уынаффæтæ ис. Фæ- лæ цавæр хъуыдытæ уыдаид йæ^Зæрды, ууыл нæ хæст кодта, уый бамбарынæн ницы фæрæзта, æнæуый^та æнæ исты æфсонæй, æрмæст зæрдæхæлары æгъдауыл’ цып- пар туманы аргъ бæх æнæзонгæ, æцæгæлон адæймагæн балæвар кæн, уый чи бакæндзæн, уый кæй бауырндзæн, зæгъгæ, йыл æнæууæнккаг кодта. «Расыгма куы уыдаид, уæд цы зæгъыс, уый зæгъ, уæд хицæн хъуыддаг уыда- нд,— загътаиккой, йæхи равдисын, йæхицæн ’раппæлыи- мæ хъавыд, зæгъгæ. Фæлæ нозтджын дæр куы нæ уыд. Нæй, ам цыдæр кæй ис, уый мын цы зонын хъæуы. Цы- дæр фыдбылызы хъуыддаг йæ зæрды бафтыд, æмæ мæ бал- хæнынвæнд кæны. Нæ, гæды зæгъыс, уый нæ уыдз-æн!— ахъуыды кодта Лукашкæ.— Бæх уал мæнæ ис, дарддæр дæр, хуыцауы цы фæнда, уый уыдзæн; Чи нæ кæй фæ- сайдзæн, уый бæрæг нæй, уый дыууæйыл у, уый фендзы- стæм!» Иудзырдæй, ахæм зонд æм æрцыд, æмæ дзы хи хъахъхъæнын хъæуы, æмæ йæхæдæг йæхи цыргъ кодта, ардыдта, хæрамдæр æм пæмæй уыдаид, ууыл. Бæх æм иы ’гъдауæй æрхауд, уый кой иикæмæн кодта. Иутæн дзырдта, балхæдтон æй, зæгъгæ, иннæтæн-иу былæлгъ- ты нæхæстæ акодта, Фшлæ уæддæр хъæубæсты æцæгдзи- 124
над уайтагъддæр бамбæрстой, Лукашкæйы мад, Марьяна*, Илья Васильич æмæ хъазахъхъ куы базыдтой, æнæ исты æфсонæй, афтæ хуыцауы ницæуыл бæх ралæвар кодта, зæгъгæ, уæд джис-къус, гуызавæ кя лып байдыдтой а ,<е дзы сæхи дард ластой, сæхи хъахъхъæдтой. Кæд ыл адæм æнæууæнк кодтой, уæддзер ын ацы хъуыддаг йæ хъæздыгдзинад æмад йæ хæларзæрдæ раргом кодта æмæ йæ адæмы цæсты тынг скадджын кодта. — Кæсыс юнкермæ, мæнæ Илья Васильичмæ чи цæ- ры, Лукашкæйæн фондз туманы аргъ бæх йæ фыццаг дзæбæх куы скодта,— дзырдта хъазахъхъæй иу.— Фыр- хъæздыгæй ракæл-ракæл чи кæны, ахæм цыдæр у! — Фехъуыстон,— загъта иннæ арф хъуыдыгæнгæ- йæ.— Æвæццæгæн ын исты дзæбæх фæци, ашæуый куыд уæдæ. Бакæсæм уал æм — бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. Ацы Лукашкæйæн йæ амонд хæрæгыл бады. — Уыцы юнкерты мыггагæн æмбал дзы нæй. Дæл- гоммæгæсджытæ, фæлитойтæ, иудзырдæй!— загъта æр- тыккаг.— Искæй басудзыныл кæнæ æыдæр исгы ахæм хъуыддаг бакæпыиыл нæ бацауæрддзысты. XXIII Оленины цард цыд уыцы иу æгъдауыл, æмхуызон. Хи- цæуттæ æмæ йе ’мбал афицсртимæ арæх не ’мбæлд, хъуыддаг дæр æй бирæ нæ уыд семæ. Уыцы æгъдауæй хъæздыг юнкеры цардæвæрд Кавказы тынг хорз æмæ пайда уыд. Хæстмæ кæй ацыд, уый тыххæй йæ афицер- мæ бавдыстой, æмæ, цалынмæ афицер райстаид, уалын- мæ йæ нæ хъыгдæрдтой, æмæ æнцад, æнæмæтæй йæхй- цæн цард. Афицертæ йæ стыр уæздан адæмыл нымад- той æмæ, уымæ гæсгæ, йæ цуры сæхи æгъдауыл, аив дардтой. Æфсæдты æхсæп афицертимæ цы цард бавзæр- ста: къамæй хъазт, хъал къуыдипп митæ, хæрд, нозт, зарджытæ, уыдæттæ-йедтæм йæ зæрдæ не ’хсайдта, хорз æм иæ кастысты, æмæ уый сæраппонд хъæуы мидæг афицертæй йæхи цух дардта. Афицерты царды уаг хъæу- ты рагæй-æрæгмæ уыцы иу хуызы мидæг, уыцы| иу æгъдауыл æвæрд уыд. Алы юнкер, алы афицер фида- ры мидæг цæргæйæ æд:»ух, æнæ иу боп цухæн, сау бæгæ- пы куыд нуазы, къамæп штосс куыд хъазы æмæ хæсгмæ’ ацыды гыххæй хæрзиуджыты кой куыд кæпи ифгæ ам, лъæуы мидæг дæр, æрвылбои сæн иуа:ы фатеры хицæут- тимæ, хорз уыны чызджыты адджннæгтæй, мыдæй, хъа- 125
захъхъы устытимæ хæты, бауарзы сæ, хаттæй-хатт дзь| йæхицæн ус дæр æрхæссы. Оленин кæддæриддæр царди хицæн æгъдауыл æмæ над къахвæндагыл цæуын нæ уарзта. Ам дæр афтæ: кавказаг афицеры царды цæлхна- ’ дыл нæ ацыд. Йæхæдæг йæхи æгъдауæй йæ царды æвæрд афтæ æрцыд, æмæ алы райсом хъал кодта бонивайæны. Цай- иу куы бацымдта, уæд-иу йæ зæрдæйы дзæбæхæн йæ цæст ахаста хæхтыл, боны æгъдауыл æмæ Марьянæйыл, уыйфæстæ-иу галдзармæй конд хæррæгътæ кæрцы къæ- рид йæ уæлæ акодта, удæст къогъодзитæ йæ къæхтыл скодта, йæ рои-иу йæ астæуыл æд хъама бабаста, рай- ста-иу топп, хызын, хæринæгтæ бапъирозтимæ, бадзырд- та-иу йæ куыдзмæ æмæ-иу райсомæй æхсæз сахатыл хъæуы æдде хъæдмæ араст кодта. Изæрæй-иу æвдæм са- хатыл фæстæмæ æрбаздæхт фæлмæстæй, æххормагæй фондз-æхсæз мард каркнмæ ронбастыл ауыгъдæй кæ- нæ сырды мардимæ нуæй-ну хатт æмæ æнæвнæлд хызы- нимæ æд хæринæгтæ æмæ бапъирозтæ. Йæ хæдзармæ-иу æрцыд зæрдæпцойæ, æнæмастæй, тыхджын æмæ амонд- джынæй. Цæвиттоп хъуыддагæй, бафарстай йæ, цытæ хъуыды кодта уыцы афон, цуаны уæвгæйæ, уæд дын бæрæг бæлвырд дзуапп нæ раттаид. Сæры хъуыдытæ, зæрдæйы фæндонтæ кæпæ æпæуый истытæ фып фенæгау сæры мидæг æмтъерыйæ æнæхъола ралли-балли кодтон. Куы-иу йæхи хъазахъхъагæй ауыдта цæхæрадоны кусгæ- йæ йæ хъазахъхъаг усимæ, куы-иу абырæгæй хохы ра- тæх-батæх кодта, куы та-иу нæл хуы фестад æмæ йæхæ- дæг йæхицæй лыгъди. Æмæ æдзух зæрдиагæй хъусы, лыстæг кæсы, хъахъхъæпы æмæ æнхъæлмæ кæсы хъæд- даг уасæгмæ, иæл хуымæ кæнæ сагмæ. Изæрæй Ерошкæйæн фæцухы мыггаг нæ уыд. Вашо- шæ-иу ведрайы æстæймаг ’хай сæн æрбахаста æмæ-иу сабыргай, ныхæстæгæпгæнæ, дзæбæх бапызтой, стæй-иу хъæлдзæгæй, разыйæ алчп йæхи айста хуыссынмæ. Дык- каг бон дæр афтæ: пог та-иу цуаиы ацыдысты, ног та-иу бафæлмæцыдысты, ног та-иу, ныхæстæгæнгæйæ, хорз ба- нызтой æмæ та амоидджын уыдысты. Хаттæй-хатт-иу бæрæгбоны кæнæ къаты боны йæ хæдзары бадти боп- изæрмæ. Ахæм бон-иу йæ куыст Марьянæйы скодта, йæ дæстытæ-иу дзы ныссагъта æмæ нæ пæхæдæг дæр пс ’мбæрста, афтæмæй пып-иу рудзынга?й кæнæ тыргъæй пæ алы къахдзæфмæ, йæ алы змæлдмæ æдзынæгæй цыбæл, зыд каст кодта. Марьянæмæ каст, уарзгæ дæр æй кодта, 126
æрмæст уыцы æгъдауæй, æмæ мæнæ хæхты кæнæ арвЫ рæсугъддзинад куыд уарзта, афтæ, уымæй дарддæр йæ зæрдæйы ницы фæндондзииад уыд. Лфтæ йæм зынд, æмæ Марьяпæ æмæ хъазахъхъаг Лукашкæйы æхсæн цы æгъ- дæуттæ уыдаид, уыдон иумæ куыд фидыдтаиккой, уыцы фидауц уый æмæ Марьянæйы æхсæн нæ уыдаид; уымæй ноджы фыддæр: хъæздыг афицер æмæ хуымæтæджы хъазахъхъаг, чызг æгъдауæй кæрæдзимæ афтæ дард сты, æмæ кæрæдзи \никуы бамбæрстаиккой. Афтæ дæр æм зынд, æмæ йс ’мбал афицертæ цытæ æмæ куыдтæ код- той, афтæ уый дæр куы бакодтаид, уæд йæ гæрз мæцъæй баивтаид æмæ цы æхсызгондзинад æндæвта’, уый бæсты, зæрдæниз, тухитæ æмæ фæсмондзинад ссардтаид. Уыцы сылгоймаджы тыххæй, йæ зæрдæ кæмæй барухс, ахæм уарзондзинад хъуыддаг дæр бакодта — бæх балæвар код- та. Фæлæ цæмæйдæр стъæлфыд — Марьянæмæ йæ ныфс нæ хаста æмæ йæм ницæй тыххæй бауæндыдаид æцæгæй пæ, фæлæ хъазгæйæ дæр уарзон ныхас зæгъын. Иуахæмы, кæддæр, сæрдыгоп боп, цуаны нал ацыд æмæ сæхимæ бадти. Æнæнхъæлгæйæ, æваст уæларвæй дур æрхауæгау æм йæ мæскуыйаг зонгæ, хæрзлæппу адæймаг, стыр адæмы æхсæи кæимæ сæмбæлдтытæ кодта, уый æрбалæууыд. ~ — Уæуу, мæнæ ма кæй федтон! Мæ зыпаргъ æфсы- мæры! Цы æхсызгон мын уыд, цы, ам дæ, уый куы ба- зыдтои, уæд!— байдыдта уый мæскуыйаг-францусаг æв- загæй æмæ дарддæр дæр афтæ дзырдта,— уырыссаг æмæ францусаг ныхæстæ æмхæццæгæнгæйæ.—«Оленин»,зæгъ- гæ, мын, куы загътой, уæд мæхинымæры дис кодтон, кæ- цы Олепин уа цымæ? Ам кæрæдзи фендзыстæм, уый æн- хъæл чи уыди. Афтæ æхсызгон мын уыд, æмæ дын æй куыд зæгъон.Гъы, куыд дæ, дæ хорзæхæй? Чердыгæй? Цы хур, цы къæвда дæ æрхаста? Æмæ йын кънйаз Белецкий йæ хабæрттæ сæрæй-бын- мæ ракодта: фæстæгмæ ацы полчъы куыд ныллæууыд, æфсæдты сæрдар æй йæхицæн адъютантæн куыд хуыд- та, хæсты фæстæ йæм куыд ныллæууыд, афтæмæй та цы- ма уыдæттæ-йедтæ ницæмæ дардта, йæ цæсгы кадджын нæ уыдысты, уыцы хуызы йæхи æвдыста. — Ацы сæрсæфæн бæсты, æгæр-мæгуыр, дæхицæн ма- цы скæн, уый та куыд?.. фæндаг... крест... цин, гвардимæ бахизын. Уыдæттæ æхсызгон хъæуынц, мæхи уды тых- хæй, миййаг, нæ, фæлæ хæстæджыты, зонгæты тыххæй. Кънйаз мын иттæг хорз æгъдау радта, бацин мыл кодта; 127
тынгуæздан ад&ймаг у, цы дзы загъдæуа,—дзырдта Бе- лецкий æнæбанцайгæйæ.— Хæстмæ кæй ацыдтæн, уый тыххæй мæ Аннæйы крестмæ бавдыстой. Ныр у, æмæ уал дм ацæрдзынæн хæстмæ цæуыны афонмæ. Ам иттæг хорз у. Цы сылгоймæгтæ дзы ис, уый куы зонис! Гъы, куыдтæ мын цæрыс, дæ хорзæхæй! Нæ капитан мын дæ кой код- та — зондзынæ йæ, æвæццæгæн,— Старцев; æдылы у, фæлæ зæрдæхæлар, фæлмæн адæймаг... Уый зæгъы, хъæддаг сырдау иунæгæй цæрыс, хæстæг пикæмæ цæ- уыс. Амы афицертимæ æмдзæхдои кæй нæ кæныс, уый æмбарын. Æхсызгон мыи у, амæй фæстæмæ кæрæдзи кæй уындзыстæм, уый. Ам æз фатеры урядникмæ ныл- лæууыдтæн. Цы чызг дзы ис, цы, Устенькæ, зæгъгæ. Куыд дын дзы зæгъон,— цыбырныхасæй цыкурайь^ фæрдыг! Æмæ ноджыдæр, æмæ ноджыдæр згъæлдысты фран- цусаг æмæ уырыссаг ныхæстæ. Оленин æвдисæн кæуыл бакодта, уыцы мæскуыйаг стыр адæмы æвзаджы хаттæй. Адæм æм цы цæстæй кастысты, уымæ гæсгæ Белецкий иттæг рæсугъд æмæ хæларзæрдæ адæймаг уыд. Кæд æцæг афтæ уыд, уæддæр Оленины зæрдæмæ нæ бацыд, тынг æнад ын фæци. Дæлвæд-уæлвæд, цы адæмыл бав- дисæи кодта, уыдонæй иу. Уыцы æнад адæймагæи цæх- гæр йæ пых бакъуырын кæй нæ бафæрæзта, уый йын ит- тæг зын уыд. Хъыг ын уыд, йæ зæронд зонд, йæ зæронд æгъдæуттæ æмæ ахуырæй йæхи пыр дæр ма суæгъд кæ- нын кæй нæ фæрæзта, уый. Мæсты кодта йæхимæ дæр æмæ Белецкиймæ дæр, фæлæ йæ ахуырмæ гæсгæ æвæн- донæй, æнæбары ныхасгæнгæйæ, францусаг ныхæстæ æм- хæццæ кодта,— æфсæдты сæрдары æмæ мæскуыйаг зон- гæты кой кодта. Хъазахъхъы хъæуы мидæг сæ дыууæ дæр францусагау кæй дзырдтой, уый сæраппонд æвзæр, æлгъаджы цæстæнгасæй каст йе ’мбал афицертæ æмæ хъазахъмæ, Белецкийы та хицоны, хæлары æгьдауыл бабуц кодта, куырдта дзы, куыд-иу æй абæрæгкæна, аф- тæ, æмæ йын дзырд радта, йæхæдæг дæр æм кæй цæу- дзæн, ууыл. Оленин уæддæр нæ цыд Белецкиймæ. Ваню- шæ Белецкийæ раппæлыд, загъта: уæздæттæн сæ тæккæ æцæгтæй у, зæгъгæ. Белецкий уайтагъд, хъæздыг кавказаг афицерæп куыд æмбæлд, уыцы æгъдауыл йæ цард сæвæрдта. Оле- пины цæсты раз’раст мæйы бонмæ рагон цæрæг адæйма- гау хицон æрбаци хъæуы мидæг. Зæронд лæгты расыг кодта, чызджытæн хъазтизæртæ арæзта, йæхæдæг дæр 128
сæм æнæзивæг цыд, йæхицæй ар&Х æппæлыд, чызджыты æхсæн йæ фæцдаг хорз кæй цыд æмæ йын кæй æнтыст, уымæй; афтæ хицон сси, æмæ йæ чызджытæ æмæ усты- тæ, хуыцау зоны, цæй дымæгмæ, фæлæ йæм зæронд лæ- джы номæй дзурын байдыдтой. Сæн æмæ сылты кæй уарзта, уыйадыл æй хъазахъхъ дзæбæх бамбæрстой, са- хуыр ыл сты æмæ йæ Оленинæй тынгдæр бауарзтой. Оленин циу, цавæр у, ууыл нæ хæст кодтой, нæ йæ æм- бæрстой æмæ йæ гуырысхойаг адæймагыл нымадтой, йæ хуымгæнд дæлдзæх кæмæн ис, ахæмыл. XXIV Райсомæй фондз сахаты уыд. Ванюшæ цырыхъхъы хъусæй самавары зынджытæ дымдта. Оленин бæхыл хи найынмæ Теркмæ аивгъуыдта. Æрæджы йæхицæн хи ир- хæфсыны тыххæй ног хъæлдзæгдзинад æрхъуыды кодта: Терчы йæ бæх найын. Хæдзары хицауы ус мидæгæй хæ- дзары уыд, пецы арт æндзæрста, æмæ бæзджын сау фæз- дæг ердойæ уæлæмæ цыд. Чызг хъасбахъы мидæг къам- бец дыгъта. «Амæй æлгъыстдæр ма фос уыдзæн, иу ран фæлæууыны мыггаг ын нæп!»—цыдис хъасбахъæй чыз- джы ныхас, уымæн йæ хæд уæлвæд та æхсыры æмхуызоп цыххуытт дуцгæ-дуцын. Хæдзары цур уынджы бæхы рог цыды къæхты хъæр фехъуыст, æмæ Оленин рæсугъд, æрттиваг, тарцъæх бæхыл бирæгъы цыдæй кулдуары цур æрбалæууыд. Марьянæ йæ рæсугъд сырх сæрбæттæнæй баст сæр скъæты дуарæй æддæмæ радардта æмæ та фæ- стæмæ фæаууон. Олениныл уыд сырх дари хæдон, урс цухъхъа, æлвæст рон хъамаимæ æмæ бæрзонд худ. Чы- сыл хъалгомау бадт кодта хуылыдз бæхы рагъыл æмæ йæ иу къухæй топпы къæдзыл хæцгæйæ æргуыбыр код- та кулдуар байгом кæиынмæ. Йæ сæрыхъуынтæ нырма хуылыдз уыдысты; лæппулæджы æвзонг цæсгом æнæ- пиздзииад æвдыста. Уый афтæ æнхъæл уыд, бæхыл хорз фидауы, хорз арæхсы, цыбырныхасæй — барæг у. Фæлæ уымæ дард уыд. Кавказаг барæг æй уыциу бакастæй ба- зыдтаид, салдат кæй у æмæ йæ барæгмæ бирæ цыдæртæ кæй хтæуы, уый. Чызджы рæсугъд сæрыл йæ цæст куы фæхæцыд, уæд ноджы цырддæр фæгуыбыр кодта, ка- уын кулдуар иуварсырдæм аппæрста, бæхы рохтæ æр- бамбырд кодта, ехс дард фæхаста, бæхмæ февзыста æмæ кæрты балæууыд. «Цай цæттæ у, Ванюшæ?»— фæхъæр кодта хъæлдзæгæй Оленин æмæ йе ’ргом барæй чыз- джырдæм нæ, фæлæ иннæрдæм сарæзта. Дзæбæхау æм 9 Повесттæ 129
каст æмæ йын æхсызгон уыд, бæх йæ фæстаг æрдæг куЫД æрбалвæста, рохтæ размæ ивазгæйæ йæ сæрæй куыд хъа- зыд æмæ кауы сæрты агæгнкгввонгæп хус æлыгцъар кæр- ты йæ мидбынаты куыд кафыд. «Се прс!»1 — загъта Олс- иинæп Ванюшæ. Афтæ æпхъæл ма уыд, Марьяиæйы рæ- сугъд сæр æм хъасбахъæй кæсы, æмæ йын цыма фыддæрадæн кодта, уыйау æм фæстæмæ дæр нæ фæкаст. Бæхæйрагæпп ласта, асины сæрыл йæтопп скъуырдта, уæзбын æпаив къахдзæф акодта æмæ фæстæмæ хъас- бахмæ тарст каст фæкодта, кæд мæ, миййаг, фсдта, зæгъ- гæ, фæлæ йæ цæст пицæуыл фæхæцыд, æрмæст та уыцы æмхуызон цыххуытт хъуыст къамбец дуцгæйæ. Оленин уатмæ бацыд, чысыл афæстиат æмæ фæстæ- мæрацыд, чиныг йæ къухы, лулæ йæ дзыхы, афтæмæй, æмæ стъолы фарсмæ цайы агуывзæйы цур æрбадт, хуры тæссармæ арæзт тынтæ кæдæм нæма хæццæ кодтой, ахæм аууон ран. Ацы боп сихæрттæм ацæуинаг никæдæм уыд, фæлæ бонæй-бонмæ æмгъуыд цы писмотæн кодта, уыдоп ныффыссынвæнд скодта, æрмæст æй цыдæр урæд- та,— йæ бынатæй сыстын æй нæ фæндыд, ахæстонмæ цæуæгау æм зын каст уатмæ фæстæмæ баздæхып. Хæ- дзары хицауы ус пец стæвд кодта, чызг хъом аскъæрд- та, фæстæмæ куы æрбаздæхт, уæд сæнæрттæ æмбырд æмæ пыхасып байдыдта æмбондыл. Олепин чипыджы каст, фæлæ дзы уынгæ пицы кодта, йæ зæрдæ æндæр ранмæ æхсайдта. Æдзух фæкæс-фæкæс кодта, йæ цæсты раз рауай-бауай чи кодта, уыцы тыхджын æвзопг сыл- гоймаджы змæлдмæ. Райсомы уазал аууопмæ бацыда- ид уыцы сылгоймаг кæнæ кæрты астæу фæзыпдаид уыцы хæрзкопд гуыр, æрттиваг дзаумайы мидæг—хъау- джыдæр нæ уыд, алцæмæ дæр æдзынæг каст, иу фез- мæлд дæр дзы цæмæй пæ аирвæзтаид, уый тæссæй. Æх- сызгон ын уыд чызгмæ кæсын, йæ нарæг астæу-иу зæх- мæ куыд æртасын кодта кæпæ-иу йæ сырх хæдон куыд æмбырдтæ, куыд æнцъылдтæ кодта риуыл >æмæ зæнгтыл дæлæмæ. Йæ зæрдæ-иу бахъæлдзæг, чызджы астæу-иу фæстæмæ куы стасыд кæнæ æнгом хæдоны быиæй-иу æргом куы фæзындысты улæфгæ риуы бæрæггæнæнтæ. Зæрдæ рухс кодта йæ къахы айстæй, нарæг зæвæт-иу зæронд сырх сæрак дзабыры мидæг уыцы иу æгъдауыл зæххыл куыд пыдзæвд кæнæ-иу йæ тыхджын къухтæ фæ- ртæмæ фæлдæхт -дыстимæ цæнгты хæцъæфтæ тынггæи- 1 Цæттæ у! 130
гæйæ фиййагæй мæсты æппæрст куыд кодтой, кæнæ-иу æм йæ къуырф сау цæстытæ хаттæй-хатт куы фажомком- мæ, куы фемдзаст сты. Кæд йæ нарæг æрфгуыты бынæй тарæрфыгæй каст, уæддæр йæ цæстæнгас дзырдта, йæ рæсугъддзинад йæхæдæг дæр кæй æмбары æмæ уымæй йæ зæрдæ рухс кæй у, уый. — Оленин, раджы сыстадтæ?—афарста йæ Белецкий кæртмæ цæугæйæ кавказаг афицеры дзаумайы мидæг. — А-а, Белецкий куы дæ,— фæстæмæ йæм, йæ къух даргъгæнгæйæ, сдзырдта Оленин,— куыд раджы? — Цы бакæнон уæдæ! Рантъæрдтой мæ. Абон мæм хъазтизæр уыдзæн. Марьяпæ, ды та цы зæгъыс, æрба- цæудзынæ Устенькæмæ?— загъта чызгмæ дзургæйæ Бс- лсцкий. Олепип бадис кодта, куыд уæндыд Бслсцкпп афтæ хицоп æгъдауæй дзурыи уыцы сылгоймагмæ. Фæлæ Ма- рьянæ, цыма пицы фехъуыста, уыйау йæхи фæтигъ код- та, фиййаг йс ’ккой баппæрста æмæ дæлæмæ, зæхмæ кæсгæйæ лæджы цыдæй цырд хæдзарырдæм баивгъуыдта. — Æфсæрмы кæны, æфсæрмы,— йæ фæдыл дзырдта Белсцкий,— дæуæй æфсæрмы кæны,— æмæ хъæлдзæгæй, худгæйæ асиптыл уæлæмæ сызгъордта. — Цæй хъазтизæры кой кæныс? Чп дæ рантъæрдта? — Мæ фатсры хицауы чызг хъазтнзæр аразы. Ды дæр хуыид дæ. Хъазтизæр, зæгъгæ, фыдджып æмæ чыз- джыты æмбырд. — Æмæ дзы мах та цы мигæпæг уыдзыстæм? Белецкий йæ мндбылты бахудт хииæйдзаг худтай, пæ цæст фæпыкъуылдта æмæ сæрæп ацамыдта, Марья- пæ кæдæм бацыд, уыны хæдзармæ. Олсппп нас уæхсчытæ æрбалвæста, æмæ цæсгомы туг абадти. — Мæ хуыцауыстæн, куыддæр мæм æпахуыр адæйма- лжы хуызæн кæсыс. Цæй, цæп, дзур дарддæр. Олепин пæхи фæтар кодта. Бслсцкий пæ бамбæрста ссмæ, джис-къусгæнгæйæ, бахудти. — Амæй диссагдæр ма цы уа, дæ хорзæхæп!—загъта Белецкий.— Иу хæдзары цæргæйæ... æмæ ахæм дзæба^х чызг, тынг дзæбæх, иттæг рæсугъд... — Рæсугъдæй та дзы цы загъдæуа! Днссаг, пæрточ Диссаг! Ахæм сылгоймагыл мæ дуисйы никуыма сæм- бæлдтæн,— загъта Оленни. — Дæуæп ма уый загъдæуа. Гъемæ уæдæ куыд? — Æппын ницы æмбаргæйæ афарста Белсцкий, 131
— Чи зоны ’мæ дæ зæрдæмæ нæ фæцæудзæн мæ ны- хас,—радта йын дзуапп Оленин.—Фæлæ цы уа, уый зæгъын хъæуы. Ам цы бон æрцардтæн, уыцы бонæй ацы бонмæ сылгоймаг мæ хъуыдыйы дæр нæ уыд. Æмæ дын, гæды ма зæгъон, хорз мæм кæсы уый. Стæй æнæ- уый дæр, зæгъ-ма мын, амы сылтæ æмæ мах æхсæн цы ис? Мах — хицæн, уыдон — хицæн. Ерошкæйæ ма куы зæгъай, уæд уый хицæн хъуыддаг у. Нæ дыууæ дæр иу куыст кæнæм,— æмцуанæттæ стæм. — Гъеуый дын ныхас, гъе! Цы, дам, ис не ’хсæн! Æмæ уæдæ, зæгъ-ма мын, дæ хорзæхæй, мæн æмæ Ама- лия Ивановнæйы æхсæн цы ис? Гъеуый дæр афтæ. Афтæ ма куы загътаис, чъизи, фыдæхсæст сты, уый ма дыи зæрдæмæ бацыдаид. „А Ьа ^иегге, сотте а 1а ^иегге!"( — Æз, мæ хæдзар, Амалия Ивановнæты пæ зыдтон, семæ цæрын арæхсгæ дæр нæ кодтои,— загъта Оле- нип.— Фæлæ уыдонæн æгъдау дæттæн, уыдонæн аргъ кæнæн нæй, адонæн та ис, адон мæ цæсты кадджындæр сты. — Гъемæ сын дæтт æгъдау! Чи дæ хъыгдары? Оленин ницыуал загъта. Æвæццæгæн ма йæ фæндыд йæ ныхас кæронмæ ахæццæ кæныи, йæ зæрдиаг хъуыды- тæ зæгъын. — Куыд кæсын, афтæмæй ам иуиæг мæ уды йсдтæмæ дыккаг мæ хуызæн нæй. (Чысыл фсфсæрмыгомау). Мæ царды æвæрд афтæ æрцыд, æмæ йæ, цæвиттоп, аивоп, фсндæрхуызон æй кæнон, уыцы зæрдæ мæм иæй. Æз, гæды дыи ма зæгъоп, ды цы æгъдауы мидæг цæрыс, уыцы æгъдауы мидæг цæрын нæ бафæрæзтаин, æнамонд- дæр уыдаин. Æнæуый дæр æз æндæр æгъдауыл лæуд дæн; ды сæм цы цæстæй кæсыс, æз сæм уыцы цæстæй иæ кæсын. Белсцкий гуырысхогæпгæйæ йс ’рфгуытæ фслхынцъ кодта. — Уæддæр-иу изæры æнæ æрцæугæ ма фæу. Марья- нæ дæр уым уыдзæн,— æз уæ балымæн кæндзынæн. Дæ зæрдæмæ куы нæ бацæуа, уæд ацæудзыпæ, æндæр ма дзы исты ис. Æрцæудзыиæ? — Цæугæ, чи зоиы, ’мæ ныккæнпн, фæлæ, раст зæгъ- гæиæ, мæ зæрдæ мæхиуыл нæ дарын: тæрсып, æгæр куы бауарзон. 1 Хæсты мида?г хæлы хуызæн вæййы (францусагау), 13?
— О-о-о!—фæхъæр кодта Белецкий.— Цæугæ æркæ, уыййедтæмæ дын дæ зæрдæйы низæн æз хос ссардзы- нæн. Æрцæудзынæ? Æцæг зæгъын, æцæг, æри уæдæ дæ хуыцауы къух! — Цæугæ ныккæнин, фæлæ дын ме ’цæгæй зæгъын,— уым цы ми кæндзыстæм, уымæн ницы æмбарып. — Мæ хатыр бакæ, æз дæ курын. Æрцæудзынæ уæ- дæ, нæ? — Хорз, ныццæудзынæн, •æвæццæгæн,— загъта Оле- нин. — Дæ хорзæхæй, цы ма дæ хъæуы! Уый дын рæ- сугъд сылгоймæгтæ; ахæмтæ дæ дунейыл дæр не ссар- дзыпæ, афтæмæй моладзанæй цæр! Мархо дар, уый ти куыд? Дæ къухы цы уа, уымæй цæрып ма базон æмæ барвæндонæй дæ цард хал, уый дæр хъуыддаг у? Хæ- дæгай, йед та... фехъуыстап, мæ ротæ Воздвиженский- мæ цæудзæн, уый? — Æз не ’нхъæл дæи. Мæпæи афтæ загъди, цыма æстæймаг ротæ цæудзæн,— загъта Олеиин. — Нæ, æз адъютантæй писмо райстон. Уый фыссы, кънйаз йæхæдæг дæр æфсады цæудзæн. Æхсызгон мын у, уым кæрæдзи фендзыстæм. Ам, раст дын зæгъон, хъыг кæнын байдыдтои. — Афтæ дзурынц, тагъд бабырсынмæ хъавыпц. — Ахæм хабарæй ницы фехъуыстоп; фæлæ мæ хъу- сыл æрцыд, Криновицынæн хæстмæ ацыды тыххæй Ан- иæ1 рацыд. Уый та поручикмæ æнхъæлмæ каст,— загъ- та Белецкий худгæйæ.— Р1æ хъуыддаг дзæбæх нæ рацыд. Штабмæ аивгъуыдта... Изæрдалынгтæ æрци. Олеиинæн йæ зæрдæ хъазт- пзæримæ дзурын байдыдта. Хуынды цæуын æм зыи кас- ти, йæ зæрдæйы йын низ бауагъта. Цæуын æй æрфæн- дыд, фæлæ уым цы митæ кæндзысты, уыдæттæ йæм куыддæр æнахуыр диссаг, æнаив æмæ тæссаг зындысты. Уый зыдта,— чызджыты йедтæмæ дзы зæропд устытæ æмæ хъазахъхъ хъуамæ ма уой. Цытæ кæндзысты? Хи куыд дарын хъæуы? Цы дзурын хъæудзæи? Чызджытæ цы дзурдзысты? Цы æгъдæуттæ хъуамæ уа уымæн йæхи æмæ хъæддаг сырдты — хъазахъхъаг чызджыты æхсæн? Белецкий ахæм æнаккаг, æбуалгъ, фæлæ карз, хиуыл- хæцгæ миты кой кодта... Диссаг æм каст, уым Марья- 1 Крест, 133
нæимæ ну уаты кæй уыдзысты, чи зоны ’мæ ныхас дæр кæй кæндзысты, уый. Уый та куыд уыдзæи. зæгъга* хи- нымæры дзырдта, Марьянæйы хъал аив уæнгты ахаст-иу зæрдыл куы æрбалæууыд, уæд. Нæй, куы нæ ацæуин, уæд хуыздæр уаид. Уыдæттæ иууылдæр æнæуаг, цъам- мар, æбуалгъ митæ сты — хъæугæ дæр ницæмæн кæ- пынц. Фæлæ та-иу зæрдæ ахсайдта: фснын æмæ ба- зонын хорз уаид. Æмæ дзырд кæн рздта, уый бакæнын йæхицæн хæсы хуызæн нымадта. Цæхгæр ницæуыл алыг кодта хъуыддаг, фæлæ уæддæр араст æмæ, Белецкиймæ куы бахæццæ, уæд мидæмæ бацыд. Белецкий цы хæдзары цард, уымæн йæ конд, йæ арæзт раст Оленины хæдзары хуызæн уыд. Хæдзар уыд дыууæуатоп, цæджындзтыл арæзт, зæххæй уæлæмæ сæ бæрзæнд дыууæ адылийы кæмæн уыдаид, ахæмтыл. Оле- нин æмуырдыг арæзт асиныл уатмæ бацыд; уым пувар- сырдыгæй дзæбæх, аив æфснайд уыдысты хъæццултæ, базтæ, гобæттæ æмæ гауызтæ. Къултыл ауыгъд уыдысты æрхуы тастæ æмæ гæрзтæ. Нарæты бын лæууыдысты харбызтæ æмæ настæ. Дыккаг уаты мидæг уыд стыр дзулфыцæн пец, стъол, даргъ бандæттæ æмæ зæронд- дингæнджыты дзуæртты нывтæ. Уыцы уаты цард Бслец- кий. Уаты уыди чумæдантæ, чысыл гауыз, гауызыл гæрз- тæ ауыгъд, дарддæр стъол, йæ уæлæ æфснайд æмæ аив æвæрд уыдысты лыстæг дзауматæ æмæ хуызистытæ. Да- ри куырæт уæгъд æппæрстæй лæууыд тъахтипыл. Бе- лсцкин йæхæдæг сыгъдæг мидæггаг хæдон æмæ хæла- фы мидæг аив хуыссыд сынтæгыл æмæ чиныджы каст. „Ьез 1го1? тоиздиеЫгез".1 Белецкий йæ хуыссæнуатæй фæгæпп ласта. — Уыныс, мæ царды æгъдау куыд сарæзтон. Куыд дæм кæсы, дæ зæрдæмæ цæуы? Цы хорз бакодтай, кæй æрцыдтæ, уымæй. Уыдои архайыпц, кусыиц хæлæфæй. Фыдджын цæмæп кæиынц, уый зоныс? Хуыссæ, хуы- йы фыд æмæ сæнæфспрæй. Фæлæ хъуыддаг ууыл нæу. Бакæс-ма, куыд гъæйттæй кусынц, уымæ. Æмæ æцæг, рудзыпгæй ракастысты æмæ ауыдтоп, чызджытæ хæдзары мыдыбындзытау куыд ратæх-ба- тæх кодтой, уый’. Дыууæрдæм, хæдзарæй тыргъы æхсæп, æддæмæ-мидæмæ кодтой куы иу, куы иннæ дзаумаимæ. — Тагъд уыдзыртут? •—ахъæр сæм кодта Белецкий, *Æ р т æ м у ш к е т с р ы»—А. Дюмайы ромпн, 134
— Ныртæккæ! Нал лæууыс, сæххормаг дæ, баба?— Æмæ хæдзарæп фехъуыст чызджыты хъæрæй худт. Устенькæ, пумпуси, сырхуадул, зæрдæмæдзæугæ, фæстæмæ фæлдæхт дыстимæ, Белецкийы уатмæ бауад тæбæгътæм. — Мæнæ цы и, мæнæ! Тæбæгътæ сæттын,— цъæхс- иаг хъæлæсæй фæхъæр кодта Белецкийыл Устенькæ.— Ды дæр дзæгъæлбадты бæсты бацыдаис æмæ исты фех- хуыс кодтаис,— фæхъæр кодта Олениныл чызг худгæ- худын.— Чызджытæн дæр адджинæгтæ бацæттæ кæн. — Марьяиæ дæр æрцыд? — афарста Белецкий. — Цæй тыххæй хъуамæ ма ’рцæуа? Хыссæ дæр уый куы æрхаста. — Цæвиттон хъуыддагæй,— зæгъгæ, загъта Белец- кий,— ацы Устенькæйы дзæбæх сараз, ссыгъдæг æй кæн æмæ йæ буц царды баппар, уæд мах рæсугъдтæ йæ ры- джы дæр нæ фæзыниккой. Хъазахъхъаг Борщевы чызджы цы федтаис? Мæнæ булкъоп мой чи скотга, уый. Уымæй рæсугъддæр мады гуыбынæй нæ рацæу- дзæи. Цы сП§ш1е1 у! Кæм свæййынц афтæ... — Борщевы чызджы никуы федтон, фæлæ, мæныр- дыгоиау, адоп дарæсæй хуыздæрæп скæпæи дæэ ма иæй. — Æвæдза, диссаджы адæймаг дæп æз, алы царды уагимæ фидауын дæр зонын,— загъта Белецкий хъæл- дзæгæй, зæрдæбыиæй улæфгæнæ.— Цон, бакæсон сæм, кæддæра цы ми кæнынц.— Иæ уæлæфтау дзаума йæ уæлæ баппæрста æмæ ацыд.— Ды та адджинæгты кой бакæ,— фæдзырдта фæстæмæ Оленинмæ. Оленин кусæг салдаты арвыста пряниччытæ æмæ мыдмæ, æхца дæттын æм ахæм зын, ахæм æнаккаг хъуыддаг каст, цыма æхцайæ нскæй, сайды æгъдауыл, балхæнынвæнд кодта, уыйау. Уымæ гæсгæ йæ салдат куы бафарста, кæмæй цас балхæнон, зæгъгæ, битъына æмæ мыдджын пряниччытæй, уæд ын бæрæг бæлвырд дзуапп раттын нæ бафæрæзта. — Куыд дæ фæнды, афтæ. — Се ’ппæтæй дæр? — афарста та йæ зæронд сал- дат джис-къусгæнгæйæ.— Битъыпаджынтæ зынаргъдæр сты. Æхсæрдæсгæйттыл сæ уæй кодтой. — Се ’ппæтæй, се ’ппæтæй,— сдзырдта Олеиин, ру- 1 Хорздзинад, джелбетдзинад. 135
дзынджы цур æрбадти æмæ дис кодта, йæ зæрдæ афтæ тынг кæй гуыпп-гуыпп кодта, ууыл, цыма исты æвзæр, æнахъиноп хъуыддаг бакæнынмæ йæхи цæттæ кодта, уыйау. Оленин фехъуыста, чызджытæн сæ хъæр æмæ сæ ахст куыд ссыди, Белецкий сæм куы бацыд, уæд, стæй федта, чызджытæ йæ тыххæй, хъуырдухæигæнгæйæ, ху- дæгæй мæлгæйæ лидзæг куыд фæкодтой æмæ асинтыл дæлæмæ куыд атахт. — Рантъæрдтой мæ,— загъта Белецкий. Иукъорд минуты фæстæ Устенькæ уатмæ бацыд æмæ уазджытæн «сблуагъæ», зæгъгæ, загъта, ома—мидæмæ, цæттæ стæм. Куы бацыдысты, уæд æцæг алцыдæр уыцы цæттæ- йæ баййæфтой. Устенькæ бумбули гобæттимæ архайдта æмæ сæ къулæнцой æвæрдта. Чысыл салфсткæйæ æм- бæрзт стъолыл лæууыд графин сæнимæ æмæ хусгонд кæсаг. Уаты уæлдæф хыссæ æмæ сæнæфсиры тæф код- та. Чызджытæ, иу-æхсæзы бæрц, ног куырæтты мидæг, гомсæртæй, пецы фæстæ къуымы ныдздзыгуыр сты æмæ сæ кæрæдзийыл сæхи ныхасгæйæ худтысты æмæ пыр- рыччытæ кодтой, сусæгæй ныхас кæнгæйæ. — Курæм уæ, сбадут æмæ мæ зæды хайæн баку- вут,— загъта Устеиькæ уазджыты фынгмæ хонгæйæ. Оленин уыцы замманайы æмхуызон рæсугъд чыз- джыты æхсæн Марьянæпы ауыдта æмæ йын хъыг уыд, ахæм æгад, æнаккаг æгъдæутты æмæ фадæтты мидæг ыл кæй сæмбæлд, уый. Базондзæн æмæ сарæхсдзæн, ууыл йæ зæрдæ нæ дардта æмæ бауынаффæ кодта ал- цæмæй дæр Белецкийы фæзмын,— уый куыд кæна, æз дæр афтæ кæндзынæн, зæгъгæ. Белецкий цыма стыр æгъдæуттæ æмæ хъуыддæгты мидæг бацыд, уыйау ныфс- джынæй æмæ аивæй фыпгмæ хæстæг бацыд, иу пуазæн Устенькæйы цæрæнбоны тыххæй банызта, стæй иннæтæй дæр ракуырдта, уыдон дæр уый хуызæн фæйнæ куыд баназой, афтæ. Устенькæ сын бамбарын кодта, чызджы- тæ кæй пæ нуазынц, уый. — Мыдимæ, чи зоны, ’мæ баназдзысты,— фехъуыс- тис чызджыты æхсæнæй иуы хъæлæс. Уыцы сахат салдат дæр æрбахæццæ, æмæ йæм адзырдтой. Салдат æрфгуыты бынæй, хæлæггæнæгау 1æви уапдзæфгæнæгау, уый не сбæрæг, фæлæ минасгæ- нæг «господатыл» йæ цæст рахаста æмæ сын аивæн, зæрдæлхæнæн коммæгæсæджы æгъдауæй балæвæрдта 136
цъæх гæххæтты тыхт мыды фæзгъæр æмæ пряниччытæ. Цасæй сæ балхæдта æмæ ма йæм фæстæмæ цас рацыд æхца, уый тыххæй ма цыдæр зæгъын йæ зæрды уыд, фæлæ пæ Белецкий дзурын иал бауагъта æмæ йæ дуары æдде фæкодта. Белецкий агуывзæты сæн æмæ мыд ныккодта, æртæ джиранкайы пряпиччытæ фынгыл аив ахæлиу кодта, чызджыты къуымæй тыххæй раласта, фыиджы алыварс сæ æрбадын кодта æмæ сын пряниччытæ уарын байдыд- та. Оленин æвæпдонæй ауыдта Марьянæйы хурсыгъд чысыл къух, иу бур æмæ дыууæ битъына пряниччы куыд систа, джис-къусгæнгæйæ, цы сын хъуамæ бакæна, ууыл. Устенькæ æмæ Белецкийы фæндыд уазджыты бахъæл- дзæг æмæ, уымæ гæсгæ, сæхи æнæбары хъæлдзæг, къæй- ных æмæ уæндои дард кодтой, фæлæ уæддæр сæ ныхас кæрæдзийыл нæ бадти, æмæ æнкъард уыдысты. Оленин тыхсти, хъуыдытæ кодта, цы зæгъон, зæгъгæ, стæй йæ- химæ æнкъардта, цыма сæ каст иудадзыг дæр уый скодтой, цыма йыл худгæ дæр кæпынц æмæ уымæй æф- сæрмыгæигæйæ иннæты дæр æфсæрмы кæнып кодта. Иæ цæсгом-иу фæсырх æмæ йæм афтæ зынд, цыма Марьяпæ уæлдап тынгдæр æфсæрмы кодта, уыйау. «Æвæццæгæп, æхцамæ æпхъæлмæ кæсынц,— зæгъгæ, загъта хинымæ- ры.— Цæй æфсон æмæ куыд æгъдауæй сын дæтдзы- стæм æхцатæ? Тагъддæр сын раттæм æмæ лидзыи хъæуы!» XXV — Уæ хæдзары фатеры чи цæры, уый куыннæ зо- ныс? — загъта Белецкий, Марьянæмæ дзургæйæ. — Хæстæг нæм куы нæ цæуы, уæд æй куыд базо- пæм,— загъта Марьянæ æмæ Оленинмæ иу каст фæ- кодта. Олепин цыма истæмæй фæтарст, уыйау йæ зæрда? ныссæххæтт кодта æмæ цы дзырдта, уый йæхæдæг дæр не ’мбæрста, афтæмæй загъта: — Дæ мадæй нæ уæндын. Фыццаг хатт уæм куы ба- цыдтæи, уæд мын мæ хъуын ацагъта, алывыд мын фæ- калдта. — Æмæ дзы ды дæр фæтарстæ, нæ? — загъта чызг, иу каст та йæм фæкодта æмæ йæхи иннæрдæм азылдта. Апы ран фыццаг хатт фсдта Олсппн рæсугъд чыз- джы цæсгом æххæстæй, уыйагъоммæ дæр æй федта, 137
фæлæ æрмæст кæлмæрзæны тыхтæй суанг цæстыты онг. Хуымæтæджы нæ дзырдтой, уымæй рæсугъддæр æгас хъæуы мидæг нæй, зæгъгæ. Устенькæ дæр зæрдæмæ- дзæугæ чызг уыд: чысыл, хæрзхуыз, сырхуадул, хъæл- дзæг, сынты базыры хуызæн сатæгсау цæстытæ, æнæ- банцайгæ ныхасгæнаг æмæ худаг. Марьянæ, дзæбæх кæй фæхонынц, ахæм нæ уыд, фæлæ уыд æцæг адæмæн æм- бисонды рæсугъд. Йæ цæсгомы ахаст фыццаг бакастæй карз зындаид нæлгоймаджы цæсгомы хуызæн, фæлæ йæ хæрзконд даргъ гуыр, тыхджын бæрæчет риу æмæ уæхсчытæ, даргъ сау цæстытæ, карз æмæ буц, уарзæгой цæстæнгас, тар ?иллæччытæ цæстыты алфамбылайы, рæвдауæн дзыхы арæзт æмæ зæрдæмæхъарæн адджын мидбылты худт,— уыдон се ’ппæт иумæ кæрæдзиуыл диссаг хорз фидыдтой æмæ стыр рæсугъддзинад æвды- стой. Худгæ æцæг арæх нæ кодта, фæлæ йæ бахудт адæймаджы зæрдæйы ауындзæнтæм æвнæлдта. Бæрæг уыд алцæмæй дæр, æнæхæлд, сыгъдæг, æнаипп, æфсарм- джын æмæ æнæниз кæй уыд, уый. Чызджытæ се ’ппæт дæр рæсугъд уыдысты, фæлæ чызджытæ сæхæдæг дæр, Белецкий дæр, пряниччытæ чи ’рбахаста, уыцы салдат дæр,— иууылдæр сæ каст Марьянæйы скодтой æмæ йæ сæ уæлныхты хастой. Паддзахы усы хуызæн, йæ сæр сæрмæ чи хæссы, ахæм зæрдæхъæлдзæг зынæрвæссон сылгоймаджы каст кодта æмæ инпæ чызджыты æхсæи бæрæгдæр уыд. Белецкий йæ уды быцъынæг скъуыдта, цæмæй хъазт- изæр хъæлдзæгдæр æмæ рæсугъддæр ацыдаид, ууыл, æмæ æнæбанцайгæйæ ныхас кодта, чызджытæн нуазæн- тæ хæссын кодта, семæ архайдта, зилæнтæ кодта, Марья- нæйы рæсугъддзинады тыххæй Оленинæи францу- сагау æнæуаг,' æнæфсарм æмбарæн ныхæстæ код- та, «дæ», 1а у61ге, зæгъгæ, йæ хуыдта æмæ йæхæ- дæг цы митæ кодта, уыдæттыл æй ардыдта. Оленинмæ куыдфæстæмæ уыдæттæ зын кæсын байдыдтой æмæ тыхсти. Мæ сæр ма дзы куы аирвæзид, зæгъгæ, æфсоп ссардта æмæ лидзынвæнд скодта, фæлæ уыцы сахат Белецкий раныхас кодта æмæ загъта: йæ райгуырæн бон кæмæн у, уыцы Устенькæ хъуамæ алкæмæн дæр нуазæн бахæсса æмæ йын аба кæна. Устенькæ сразы, æрмæст уыцы æгъдауæй, æмæ, чындз хæсгæйæ куыд фæ- кæнынц, афтæ йын йæ тæбæгъы æхцатæ куыд æвæрой, аф- т&. «Гъе, гъе, мæ раны дæн ныр, цы фыдбылызы къах мæ æрбахаста ацы æнаккаг хуыидмæ та!» — загъта хп- 138
НУШ^ы ОлеийН, СЫСтйД йæ бинатæй æмæ цæуынйæнд скодта.\ — Кæдæм, кæ, мæ лымæн? — Мæхицæн тамако æрбахæссон,—загъта уый, ли- дзын йæ зæ^ды уæвгæйæ, фæлæ йæ Белецкип йæ дысæй ацахста. \ — Æхца црнмæ ис,—загъта йып Белецкий фраицу- сагау. «Цæуæн пæй, фидын хъæуы ам,—зæгъгæ, загъта йæхинымæры Оленин, æмæ йæм хъыг æркаст, кæй пæ арæхст, уый.— Ныр Белецкий цытæ ’мæ куыдтæ кæны, афтæ кæнын мæ бон нæу мæнæн, цымæ? Цæуын нæ хъуыд, фæлæ цыд кæм фæдæн, уым сын сæ хъæлдзæг- дзинад халыи нæ хъæуы. Хъазахъхъимæ æмиозт кæнын хъæуы, æпдæр амал нæй. Къаддæр чи баназа, уый мардзæ фестæд»,— зæгъгæ, аст агуывзæйы кæм цыд, ахæм хъалац райста, сæпæй йæ байдзаг кодта æмæ йæ пæ бындзарæй аиызта. Чызджытæ йæм джис-къус æмæ дисгæнгæйæ кастысты, куы нуæзта, уæд. Куыддæр сæм диссаг æмæ æнаив фæкаст. Устенькæ ма сып поджы фæйпæ нуазæны бахаста æмæ сæ дыууæйæн дæр аба кодта. — Чызджытæ, иæ бон хъæлдзæгæй арвитыпы фадат нын ис,— загъта Устенькæ, тæбæгъы йын цы цыппар æвзист сомы цæвæрдтой, уыдонæй дзæгъ-дзæгъгæнгæйæ. Оленнн æфсæрмы нал кодта, фæдзыххæлд, фæкъæй- иыхдæр æмæ йыл фырдзырд бахæцыд. — Ныр та дæ рад у, Марьянæ, иуазæптæ бахæсс батæгæнгæйæ,— загъта Белецкий æмæ йын йæ къух ацахста. — Ахæм ба дæ фæуыдзæн, æмæ! — загъта Марьянæ æмæ йæм хъазгæйæ йæ къухæй фсвзыста. — Бабайæн1 æвæ ’хцайæ дæр аба чындæуыдзæп,— загъта чызджытæй иу. — Уый дын мæ зæрдæмæ цæуы. Уымæй цы зæгъыс, уый зæгъ,— загъта Белецкий æмæ дзы йæхи атонынмæ чи хъавыд, уыцы чызгæн аба кодта.— Уымæй дын нæ уыдзæн, Марьянæ,— тынгæп дзырдта Белецкий,— фæлæ- ма мæнæ уæ фатеры цæрæгæн дæ нуазæи бахæсс. Белецкий Марьянæйы къухыл ныххæцыд, бапдонмæ йæ хæстæг ракодта æмæ йæ Оленины фарсмæ æрбадын кодта. Б а б а — афтæ хуыдтой Белецкийы. 139
— Мæнæ диссаджы рæсугъд! — загьта Воецкий æмæ чызджы сæр з^лаив иуварсырдæм азылдта. Марьянæ йæм нйцы сдзырдта, фæлæ Олениныл зы* нæрвæссон цæстæнгасæй йæ даргъ цæстытæ рахаста. — Рæсугъдæй йын кæрон нæй! —загът/дыккаг хатт Белсцкий. / «Цæй рæсугъдтæ кæнут, цæ!» — æмб/рын кодта йæ цæстæпгасæй Марьянæ. Оленип йæхæдæг дæр пе ’мбæрста, цы ми кодта, уый, афтасмæй Марьянæйы йæ хъæбысы акодта æмæ йын аба кæнынмæ куыд хъавыд, афтæ Мзрьянæ йæхи атыдта, Белецкийы æмæ стъол скъуырдта æмæ псцырдæм балыгъд. Белецкий, чы- сыл ма бахъæуа, фæцæйхауд. Се ’ппæтæн дæр худæгæн ницыуал уыд. Белецкий чызджытæн сæ хъусы цыдæр- тæ адзырдта, æмæ се ’ппæт дæр хæдзарæй тыргъмæ ра- лыгъдысты. — Белецкийæн куы аба кодтай, уæд æз иы код- тон? — загъта Олснин чызгæн. — Афтæ, нæ мæ фæпды, æндæр ма дзы исты ис,— радта йыи дзуапп Марьянæ пæ дæллаг был æмæ пс ’рфыг змæлынгæнгæйæ.— Уый баба у,— бафтыдта ма чызг худæнбылæй, стæй дуармæ бацыд æмæ йæ хойын байдыдта.— Цы йæ сæхгæдтат, фæлдурæджджынтæ? — Цы нæ сæфы, уадз сæ, уыдон уым, мах та ам\— загъта Олении йæхи чызгмæ хæстæгдæр ласгæйæ. Чызг йæхи фæтар кодта æмæ йыл йæ къухæй æд- дæдæр ахæцыд, ома, дард лæуу, зæгъгæ. Оленипмæ та чызг афтæ хæрзуынд, афтæ аив фæкаст, æмæ йæхиуыл фæхудт,— йæ митæй æфсæрмы кæнын байдыдта. — Белецкий, дуар-ма бакæ! Цæн дзеудзæлæй митæ сты адон, дæ хорзæхæй! Марьянæ та йæм ног бахудти йæ адджын, амонд- джын худтæй. — Тæрсгæ цыдæр мæ кæныс? — сдзырдта йæм чызг. — Тæрсын дæр диссаг нæу, уыцы тызмæгæй кæсыс, раст дæ мады хуызæн. — О, Ерошкæимæ фылдæр куы бадай, уæд дæ чыз- джытæ сæ хъуыры æгънæгæн æнæ даргæ нæ фæуыдзы- сты, æндæр мæт сæ нæй,— загъта Марьянæ худæнбы- лæй, хæстæг æмæ комкоммæ Олснины цæстытæм кæс- гæйæ. Оленин цы загътаид, уымæп ницыуал зыдта. I — Сымахмæ куы цыдаин, уæд та?..— афарста йæ æпæнхъæлгæпæ Олеиин. 140
— Уæд хицæн хъуыддаг уыдаид,— загъта чызг йæ сæрæй хъазгæйæ. Уыцы сахат Белецкий дуар байгом кодта. Марьянæ иуварсырдæм йæхн фехста, Оленнпы зæнгтыл йæ агъд ахафта æмæ дарддæр алæууыд. «Цыдæриддæр хъуыды кодтои ныронг, уыдоп сс ’ппæт дæр ницы сты: уарзопдзинад дæр, искæмæн дзæ- бæх, искæй тыххæй хи сæрвæлтау кæпыи, Лукашкæ дæр. Æрмæст иу амонд ис. «Амондджын чи уа, раст дæр уый у»,— ахæм хъуыды æваст йæ сæры абадт Олс- нинæн. Æмæ, æпхъæл куыд нæ уыд, афтæ тыхджынæй рæсугъд Марьянæйы йæ хъæбысы акодта æмæ нын йæ уадул æмæ йæ мæнгцæстæн аба кодта. Марьянæ йæм не смæсты, æрмæст хъæрæй ныххудтн æмæ иннæ чыз- джытæм ралыгъди. Хъазтизæр ууыл ахицæн. Зæропд ус, Устеиькæйы мад, быдыры куыстæй æрбахæццæ, чызджытæм баз- дæхт æмæ сын алывыд фæкалдта æмæ сæ фæсырдта. XXVI «Афтæ уæдæ, афтæ,— хъуыды кодта Оленин хины- мæры фæстæмæ сæ хæдзармæ цæугæйæ.— Цæвиттон хъуыддагæй, мæ рохтæ чысыл сæхи бар суагътон, уæд ацы хъазахъхъаг чызджы æнæгъдау бирæ бауарзтаип». 141
Уыцы хъуыдытимæ ехуыссыд æмæ æнХъæл мд, уЫ- дæттæ-йедтæ ферох уыдзысты æмæ та йæ зæронд царды - бацæудзæи. / Фæлæ зæронд цард нал раздæхт. Марушæимæ сæ царды æгъдæуттæ ныронджы хуызæн нал/ыдысты. Се ’хсæн цы къул уыд, уый фехæлди. Сæмб^елгæйæ, Оле* йин кæддæриддæр чЫзгæн Салам дæгтын/байдыдта. Хæдзары хнцау æрцыд йæ фйтеры / мызд исыпмæ &мæ ОленинЫ хъæздыг æмæ таучелдзинады хабар куы бамбæрста, уæд æй йæхимæ бахуыдта/Зæропд ус дæр Ыл цинтæ кæнын байдыдта æмæ йæм шæгъз дзыхы уаг æруагъта. Хъазтизæры фæстæ сæм Одении арæх цыд, æмæ сæм-иу æнафонтæм фæбадти. Мидхъæуы цыма ныронджы царды уаг кодта, афтæ зынд æдде бакæс- гæйæ, фæлæ мидæгæй, зæрдæйы хуылфы, зæронд цар- дæп пæ кой дæр нал уыд. Боисауизæрмæ-иу хъæды фæ- ци. Гъа, ныр изæрдалынгтæ æрци, загъгæ, афтæ-иу аст сахатмæ æввахс хæдзары хицæуттæм бацыд пунæгæй кæнæ Ерошкæпмæ. Хæдзары хицæуттæ йыл афтæ фæ- цахуыр сты, æмæ-пу дисы бацыдысты, изæрæй-ну к/ы пæ зынд, уæд. Сæны тыххæп уæлдапджыптæй фысга, стæй æпæуый дæр сабыр адæймаг уыд, æмæ дзы хъзст пицæмæй кодтой. Вапюшæ йын-иу уырдæм цай бахаста; йæ бадæн уыд пецы цур къуымы. Зæронд ус æм хи- цопы цæстæп каст æмæ йæ цуры æнæкъæмдзæстыгæй, æнæфсæрмæй йæ куысты кой кодта æмæ-иу афтæмæй цай цымгæйæ кæпæ сæп пуазгæйæ пыхæстæ кодтой: куы хъазахъхъы, куы сыхæгты, куы Уæрæсейы тыххæй. Уæрæссйы хабæрттæ кæнгæйæ Оленины рафæрс-бафæрс кодтой. Уып дæр сын-иу дзуапп лæвæрдта. Хаттæй-хатт- пу чипыг райста æмæ-иу æп йæхинымæры касти. Марья- нæ-иу хъæддаг сæгъау къæхтæ йæ быпы бакодта æмæ-иу афтæмæй бадт пецы сæр кæнæ талынг къуымы æнцад æпцойæ, æнæдзургæйæ. Фæлæ йын Олснии уыдта йæ цæстытæ, хъуыста йæ алы змæлды хъæр, æхсынæнты къæрцпытæ, æмбæрста, йæ пыхæстæм ып зæрдиагæн, æнувыдæй кæй хъусы, уый, чиныджы хинымæры кæс- гæйæ, æпдæвта чызджы æввахсдзинад. Хаттæй-хатт æм афтæ зынд, цЫма чызджы цæстытге уымæ арæзт сты, уыйау, æмæ-иу æм афтæмæй куы фсмдзаст, уæд-иу йæ пыхас фæурæдта æмæ-иу æм уыцы кæсгæйæ баззад. Чызг-иу уæд уайтап.д йæхи амбæхста. Олснин та-иу уæд зæропд усимæ йæхи æхсызгоп пыхæстæгæпæг скод- 142
та æмаЦиу æдзынæгæй хъуыста чызгæн йæ улæфтмæ, йæ алы змæпдмæ, æнхъæлмæ кæсгæйæ, кæд та мæм фæкæ- сид, зæгъХæ. Искæп цур-иу фылдæр хæттыты чызг йæхи йемæ лæгъ^ хицопы дард кодта, хибарæй та йæм тыз- мæг, сырддзъстæй касти. Оленин сæм-иу хаттæй-хатт рагацау бацыл, чызг ма уынгæй нæма æрбаздæхтаид, афтæ. Æвиппайды-иу къæхты тыхджын хъæр фехъуыст, æмæ-иу Мармшæ цъæх хæдоны мидæг хæдзары æрба- лæууыд. Олени\шæ-иу хъæлдзæгæй рæвдауæн цæстæн- гасæй бакаст æмæ-иу ын йæ зæрдæйы тас æмæ хъæл- дзæгдзипад бауапъта. Оленин чызгæй пицы агуырдта, ницы дзы домдта, афтæмæй та, куыдфæстæмæ тынгæй-тынгдæр, йæ цард æиæ уый ад нал кодта, æнæ уый нал лæууыд, йæхицæп бынат пал ардта. Оленин хъæууон цардыл афтæ фæцахуыр, афтæ пын фæадджын, æмæ йæ фыццаг цард йæ цæсты ницыуал уыд, йæ койæ дæр зæрдæ рыст: сомбопы цард та йæ хъуыдыйы дæр нæ уыд, уæлдайдæр, иыр цы цардæй цард, уыцы цардимæ баст куы нæ уыдаид, уæд. Сæ хæ- дзарæп, хионтæй кæнæ хæлæрттæй цы писмотæ иста, уым ын фæлгъатæгæй æмбарын кодтой, сæфтыл æй кæй нымайынц æмæ йыл хъыг кæй кæнынц, уый. Оленин уый йæ зæрдæмæ мастæн хаста, уымæи æмæ йæхæдæг хъæуы мидæг цы цардæй цард, уыцы æгъдауыл чи нæ цард, уыдои се ’ппæты дæр сæфтыл нымадта. Йæ зæронд цард йæ зæрдæйæ кæй аппæрста æмæ ам, хъæуы мидæг, хи- барæй, нæхстæры цæрæгау, йæ царды уаг зæрдæвæндо- нæй кæй сарæзта, ууыл фæсмон кæй никуы фæкæндзæн, уый тыххæй йæ зæрдæ фидар уыд. Æфсады кæнæ стæры цæугæйæ æмæ фидæртты мидæг йæ цардæй разы уыд. Æрмæст иунæг Ерошкæйы базыры бынæй, йæ ахуыр хъæдæй, йæ хъæугæрон арæзт хæдзарæй æргом уыдта йæ зæронд царды гæдыдзинæдтæ, уæлдайдæр Марьянæ ’мæ Лукашкæ-иу зæрдыл куы ’рлæууыдысты, уæд. Уы- цы гæдыдзинæдтæ фыццаг уым цæргæйæ дæр нæ уарзга, фыццаджы дæр ын зæрдæнизы хос уыдысты, ныр та йæм æлгъаг, худæг кастысты, æмæ сæ йе сæфт уыдта. Ам цыма бонæй-бон тынгдæр, бонæй-бон хуыздæр æмæ сæрибардæр кодта, афтæ йæм каст. Кавказæн, куыд æи- хъæл уыд, уыцы хуызæй, уыцы æгъдауæй йæм ницы ссардта. Нæ дзы ссардта нымæттæ дæр, гйнæджытæ, Амалат-бсктæ, хъæбатыртæ, æвзæргæнджытæ. «Адæм цы вæййыпц, уый сты ам дæр, æмæ дуне цы æгъдауыл 113
цæры, афтæ цæрынц уыдон дæр: мæлынц, гуырынц, мыггаг, цот кæнынц, ноджыдæр та гуырынц, тох/кæнынц, нуазынц, хæрынц, цин кæнынц æмæ та мæльп/ц, нæ ду- не хурæн, кæрдæгæп, бæласæи цы æнусмæуæгъдæуттæ сарæзта, уыцы æгъдæуттыл. Æндæр æгт/дæуттæ сæм нæй...» Уыйадыл амы адæмы йæхиуыл куы/абарста, уæд- иу æм рæсугъддæр, хуыздæр, тыхджында^р, сæрибардæр зындысты, æмæ, уымæ гæсгæ, йæхимæ æг/ад æркаст, йæ- хицæй æфсæрмы кодта æмæ йæ зæрдаг рыст. Арæх-и> æм ахæм зонд æрцыд, æмæ уыцы зæрубнд хъуыддæгтæ аппар, ферох кæн æмæ хъазахъхъыл/дæхи ныффысс, фос, хæдзар балхæ, хъазахъхъаг чыз/ æрхæсс, æрмæст Марьяпæйы нæ, уый Лукашкæйæн с&ккаг’ кодта, фæлæ æндæры, æмæ цæр Ерошкæимæ, йемæ цуан кæ, кæсаг ахс æмæ хъазахъхъймæ хæстмæ цу. «Уæдæ цымæ цæ- уылнæ кæнын афтæ? Цæмæ ма æнхъæлмæ кæсын?» — афарста-иу йæхæдæг йæхи. Æмæ-иу йæхи ардыдта, йæхи æфсæрмы кодта: «Æвæццæгæн, хорз æмæ мæм раст чи кæсы, уый бакæныны ныфс мæм нæй, уый бакæнын пæ уæндын? Хуымæтæджы хъазахъхъаг ус, дунемæ хæстæг- дæр цæр, фыдбылыз макæмæн у, уыимæ ма адæмæн хорздзинæдтæ кæн,— уыдæттæм бæллын цæмæй æвзæр- дæр у, фыццаг цæмæ хъавыдтæп æмæ бæллыдтæн, уы- донæй,— дзырдæн зæгъæм, минпстрæй кæнæ полчъы хицзуæй». Фæлæ йæм йæ зæрдæйы бынæй цавæрдæр хъæлæс дзырдта: «Ма батагъд кæн, багæдзæ уал кæп». Йæхæдæг дæр æргом бæлвырд кæй не ’мбæрста, ахæм зонд æй урæдта æмæ йæ нæ уагъта Ерошкæ æмæ Лу- кашкæйы цард æмæ æгъдæутты мидæг цæрын, уымæн æмæ уый æндæр амондыл хæст у — искæмæн дзæбæх- дзинад кæнын, искæй тыххæй хи сæрвæлтау кæнын. Лу- кашкæйæн цы æгъдау радта, ууыл абон дæр ма цин кæны. Æппынæдзухæй агуырдта искæмæн исты хорз- дзинад ракæнын, фæлæ ахæм амал, ахæм фадатыл нæ хæст кодта. Хаттæй-хатт-иу æй ферох, кæй ссардта, уы- цы ног амонддæттæг æвдадзы хос, æмæ-иу æм ныфс æрцыд Ерошкæимæ иу цардæй фæцæрын, фæлæ та-иу уайтагъд æрномыл æмæ та-иу ахæм зондыл ныллæууыд: хи æрхæссын искæй.сæрыл, искæй дзæбæхдзинады тых- хæй, æмæ уый сæраппонд сæрыстыр, æнæрвæссон каст кодта æппæт адæммæ æмæ искæй амондмæ. 144
\ XXVII Лукашкæ раст сæнæфсир тонын афоны размæ Оле- пинмæ бæхыл æрбалæууыд. Уыцы бон Лукашкæ æнæ- уый бонтæй гшвдæр æмæ сагдæр арæзт уыд. — Ус нæме курыс? — хъæлдзæгдзастæй кæсгæйæ йæ афарста Оленвд. Лукашкæ йын комкоммæ дзуапп нæ радта. — Мæнæ дьгн дæ бæхы æндæрæй баивтон доны фал- лаг фарс. Ахæм\бæх никуы ис! Сыгъдæг кæсгон лов- дамгъæ. Гæды дын ма зæгъон, бæхæн йæ хорз уарзын. Ногæлхæд бæх\мæ æркæстытæ кодтой, кæрты йыл схъазыдысты. Бæх1аей ма дзы цы загъдæуыдаид,— æнæгъдау хорз уыд: пох, стæгджын, фæтæнтæарæзт, даргъастæу, æрттиваг хъуыны хатт, бæзджындымæг, тæнæг, хæрзмыггаг бæрæггæнæн аив барц æмæ мæсыг. Нæрдæй та афтæ уыд, æмæ йын йе рагъыл уат бакæ. Иттæг рæсугъд, аив, æнæсахъат сæфтджытæ, цæстытæ æмæ уæнгты æвæрд, хæрзмыггаг бæхæн куыд вæййынц, афтæ. Оленин ыл цин кодта æмæ йæм кæсынæй не фсæсти. Ахæм рæсугъд бæхыл нырма иикуыма сæмбæлд Кавказы бæсты. — Уæд йæ цыд та, йæ цыд! Æицой рагъ,— дзырдта Лукашкæ бæхы бæрзæй хойгæйæ,— йæ цапуал та уымæй диссагдæр! Ноджы æмбаргæ: йæ хицауы фæдыл, адæн- маг куыддæриддæр уа, афтæ згъоры. — Уæлæфтауæн ма йын цас радтай? — бафарста Оленин. — Нæ сæ банымадтон,— йæ мидбылты худгæйæ загъта Лукашкæ.— Мæ хæлары руаджы мæ къухы баф- тыд. — Диссаг рæсугъд бæх у, раст зæгъгæйæ! Цас æй кæныс? — афарста Олении. — Фынддæс туманы мын иста, дæуæн та — лæвар,— загъта хъæлдзæгæй Лукашкæ.— Æрмæст дæ дзыхæй ныхас ссæуæд, уыййедтæмæ фæстæмæ фæкæсæн нæй. Иæ саргъ ын фелвасдзынæн, æмæ дын хæлар уæд. Мæнæн та цы хъауджыдæр у, цыфæнды дæр мын ратт йæ бæсты. — Нæ, уый гæнæн нæй! — Уæдæ дын мæнæ лæвар дæр куы ’рбахастон,— Лукашкæ йæ астæуæй й,æ рон сыхæлдта æмæ йæ фар- сыл дыууæ хъамайæ иу райста.— Фаллаг фарс мæ къухы бафтыд. Ю Позссттæ 145
— Стыр бузныг. / — Сæнæфсир та дын мæ мад йæхæдæг æиоахæссп- паг уыд. / — Уыдæтгæ цæмæн хъæуынц æпиу, искуыбон ба- нымайдзыстæм. Ныр дын мæнæ æз дæ хъа^айы тыххæй æхца, миййаг, куы нæ фиддзыпæн. / — Уый та куыд? Хæлæрттæ куы стэе^. Мæп айфыц- цаг кæддæр фаллаг фарс Гирей-хап йа/ хæдзармæ ба- хуыдта æмæ мын загъта: «Равзар бархьшæ, цы дæ фæн- ды, уый». Æз мæнæ ацы æхсаргард раистон. Мах æгъ- дау афтæ у. I Сæ дыууæ дæр мидæмæ хæдзармæ бацыдысты æмæ, куыд æмбæлы, афтæ бапызтой. ( — Ам кæдмæ фæуыдзынæ? — афарста Оленин. — Хæрзбон зæгъынмæ æрбауадтæп. Постæй мæ æф- сæдтæм аивтой Терчы фаллаг фарсмæ. Абоны бон мын æиæ цæугæ нæй ме ’мбал Назаримæ. — Уый дæр хорз, фæлæ чыпдз та кæд хæссæм? — Тагъд фæстæмæ æрбаздæхдзыпæн; уæд бафидау- дзыстæм, стæй та фæстæмæ мæ куыстмæ,— æвæндонæй йын дзуапп радта Лукашкæ. — Уый та куыд, дæ куырд усы ма фен, афтæмæй? — Æмæ йæ цы уынон, никуы йæ федтоп?..— Æф- сæдтимæ стæры кæнæ хæстмæ куы цæуай, уæд-иу мах сотняйы мæнæй уый бафæрс. Лукашкæ Широкий, зæгъ- гæ-иу зæгъ. Хуытæн уым ныккæпæн пæй! Æз дзы ай- фыццаг дыууæ амардтон. Æнæ хонгæ дын нæй уырдæм. — Цæй, хæрзбон уал у! Чырыстийы уазæг у. Лукашкæ Марьянæмæ нал бацыд, бæхыл абадт æмæ уынджы дæлæмæ бæхыл хъазгæйæ афардæг, Назаркæ йæм æнхъæлмæ кæм каст, уырдæм. — Гъæй, нал æй бабæрæг кæндзыстæм? — афарста Назаркæ, йæ цæст, Ямкæ кæм цард, уыцырдæм ныкъул- гæйæ. — Уæртæ куы ис, уæртæ, гъа, мæнæ бæх дæр демæ алас æмæ цæугæ уырдæм. Æз, миййаг, æгæр куы афæс- тиат уон, уæд-пу бæхæн хор ратт. Уæддæр райсом сæу- дарæй нæ бынаты уыдзыстæм. — Йед та... А юнкер дын ницыуал балæвар кодта? — Нæ, хуыцау хорз, æмæ йып хъама балæвар код- топ, кæннод, чысыл ма бахъæуа, мæ бæх мын фæцæй- ,куырдта, бахæлæг æм кодта, уый бахъуыды кæ,— загъ- та Лукашкæ бæхæй хизгæйæ æмæ йæ Назаркæмæ дæт- гæпæ, 146
Лукашкæ расТ Оленйпь! рудзынд/кьг бынты с|з#* сыффыс\,даста, кюрты смидæг æмæ хæдзары хицауы уаты рудаьшгмæ бацыд. Бынтои æрталыигтæ ис. Марья- пæ афтпд \æдоны мидæг йæ сæр фаста, хуссынмæ хъа* выд. \ — Æз дæ\1,— сусæгæй сдзырдтй хъазахъхъиг, Марьянæйы, цæсгом, цыма никæй ницæмæ дардта, афтæ уыд. ЙæЧюм куы фехъуыста, уæд æваст фæхъæл- дзæг. Рудзынг фæхъил кодта æмæ тæрсгæ ’мæ цингæн- гæпæ рудзынгæюЛæ сæр радардта. — Цы дæ хъæуы? Ныр цы æрбацыдтæ? — сдзырдта чызг. V — Ныууадз уал æй,— загъта Лукашкæ.— Æрмæст мæ иу минут бауадз мидæмæ. Æпæ дæу афтæ схъыг дæи, афтæ, æмæ дын æй куыд зæгъон. Лукашкæ чызджы сæр йæ хъæбысмæ æрбалхъывта æмæ чызгæи аба кодта. — Æцæг зæгъын, пыууадз уал. — Ныр дзæгъæлы цæмæн дзурыс! Куы дыи загътоп, нæ дæ æрбауадздзыкæн. Бирæ фæуыдзынæ ам? Лукашкæ йæм пицы дзырдта, æрмæст ын батæ код- та; дзурынмæ йæ нал æвдæлд. Чызг дæр æй ницæмæй- уал фарста. — Зæрдæвæндоныл хъæбыс акæнæн дæр нæй, нс ’ххæссып дзæбæх рудзынджы сæрты,— загъта Лукашкæ. — Марьяиушкæ,— фехъуыст зæропд усы хъæлæс.— Уый та дыи чи у? Лукглпхæ пæ худ фелвæста, уымæ гæсгæ йæ куы ба- зона, уый тæссæй, æмæ рудзынджы бын æрбадт. — Цæугæ тагъд,— сусæгæй загъта Марьянæ.— Лу- кашкæ уыди,— радта дзуапп чызг йæ мадæн,— бабайы фарста цыдæр хъуыддаджы тыххæп. — Хорз, хорз, мидæмæ йæ рахон. — Аивгъуыдта, нæ, дам, мæ æвдæлы. Æмæ æцæг, Лукашкæ, тагъд къахдзæфгæгæпгæ рауади рудзгуыты бынты æмæ Ямкæйырдæм афардæг. Æрмæст æй Оленин федта, æпдæр пичи. Дыууæ хъала- цы сæн банызта æмæ Назаркæимæ бæхтыл хъæуæй раивгъуыдтой. Æхсæв уыд хъ’арм, мæйдар æмæ сабыр, æнæдымгæ. Цыдысты æпæдзургæйæ, æрмæст ма бæхты къæхты хъæр хъуыст. Лукашкæ хъазахъхъаг Мингалы зарæг ныккодта, фæлæ йæ æрдæгыл фæуггъта æмæ На- заркæмæ дзуры: 147
а— Уый бахъуЫды кæн, æмæ мæ йæхимаубæ ба- уагъта. / — Афтæ у, уæдæ цы ’нхъæл уыдтæ? —деуапп ын радта Назаркæ.— Кæй дæ нæ бауадздзæн, уып æз æнæ дæу зæгъгæйæ дæр зыдтон. Юнкер, дам/сæм цæуын байдыдта. Ерошкæ йын хæрзгæнæг ныллæууыд. Иæхи- цæй æппæлыд, Марьянæйы тыххæй юнкерæй гæртам топп райстон, зæгъгæ. / — Гæдытæ дзуры, фæлитой! — мæстыйæ загъта Лу- кашкæ.— Æз уыцы зæронд хъебырæн^ йæ фæрстæ куы нæ банымайон, уæд ам лæг нæй.— Æшæ йæ уарзон за- рæг ныккодта: / Из села было Измайлова, Из любимого садочка сударева, XXVIII Хæдзары хицæуттæм фидауынмæ æрбацыдысты. Лукашкæ хъæумæ бæхыл æрбацыд æмæ Оленины нæ бабæрæг кодта. Оленин дæр хæруижийы хуындмæ гæс- гæ нæ бацыд. Уыцы хъæуы цы бон æрцард, уæдæй ар- дæм афтæ æнкъард никуы уыд. Лукашкæ йæ мадимæ дыууæизæрастæу хæдзары хицæуттæм усгур лæппу арæзтæй бацыд. Оленнн сæ федта æмæ тыхст, хьын- цъым кодта — хъыг ын уыд, Лукашкæ дзы цæмæйдæр разы кæй нæ уыд æмæ йæм уазал зæрдæ кæй дардта, уый тыххæй. Олении дуæрттæ йæхиуыл бахгæдта æмæ йæ боныг фыссын байдыдта. «Бирæ фæхъуыдытæ кодтоп а фæстаг бопты, бирæ хъуыдытæ погæй аивтон, ныронг цы уыдтæн, уымæй адард дæн, æмæ, сывæллон кæй бамбардзæн, ахæм пог бæлвырд зонд мæм æрцыд. Адæймаг амондджын цæ- мæй уа, уый тыххæй йæ хъæуы уарзыи æмæ уарзын æмæ хи сæрвæлтау кæнын. Уарз алкæйдæр æмæ алцыдæр. Хæлуарæджы тынау сараз дæ уарзондзинады тыитæ алыран æмæ дзы чи бахауа, ууыл хæц. Афтæ æрцахстон æз Ванюшæйы, Ерошкæйы æмæ Марьянæйы...» Гъа ныр фыст фæуыдзæн, зæгъгæ, афтæ йæм Ерош- (кæ æрбалæууыд. Ерошкæ йæ зæрдæйы хъæлдзæгыл уыд. Айфыццаг кæддæр Оленин изæрырдæм Ерошкæмæ бацыд æмæ йæ 148
\ баййæфта кæрты мидæг хъæддаг хуыиы марды уæлхъус. Ерошкæ йæхиуыл фервæссыд æмæ амоидджып, сæры- стыр цæстæнгасæй кæсгæнæ чысыл хæрынкъайæ хуыйы мард уæнгтæ кодта. Куитæ, йæ уарзон Лям се ’хсæн, афтæмæй нæ цуры хуыссыдысты æмæ сабырган, сæ дымджытæ тилгæйæ, Ерошкæйы куыстмæ кастысты. Сы- вæллæттæ, æнæуый бон-иу куыд кодтой, афтæ йæ мæс- тæй нал мардтой фæлæ йæм быруйы сæрты уарзæгой каст кодтой. Сыхаг устытæ йæ тынг буцгæнаг нæ уы- дысты, ныр ын схицоитæ сты æмæ алырдыгæй гæппытæ кодтой æмæ хастой,— чи сæны гоцъоби,-чи хъаймагъ, чи цы, чи цы. Дыккаг райсом Ерошкæ сæ сарайы бад- ти тугæйдзаг дзауматы мидæг æмæ джиранкагай уæр- ста фыд, кæмæн æхцайыл, кæмæн сæныл. Иæ цæсгомыл фыст уыд: «Хуыцау амонд радта, сырд амардтон, æмæ та сæ ныр мæ сæр бахъуыд». Уыйадыл фырцинæй ноз- тыл фæци æмæ хъæуы абон цыппæрæймаг бон нуæзта. А изæр фидыды хъуыддаджы дæр банызта. Ерошкæ Оленинмæ æрбацыд фыдрасагæй, йæ сæр- И9
йæ фят йал æмбæрста, афтæмæй, еырх-сыряйД ИæсРбМ æмсТ пыхцыл зачъетима\ хæрдгшбыдæи грæдт морæ куырæты мидæг, йæ къухы цыдæр фæидыргонд, фаллаг фарсæн æрбахæсгæ, цавæрдæр \ъæдæй коуПД, Олеии- нæн раджы бавæрдта зæрдæ, иуахæмы дæ/бахъæлдзæг кæндзЫнæн, зæгъгæ. Ныр йæ Зæрдæйы дЗæбæхыл уыд. Оленины фысгæ куы баййæфта, уæд бахъынцъым кодта. — Фысс, фысс,—загъта Ерошкæ ньц/лæг хъæлæсæй, цыма афтæ æпхъæл уыд, Олспип æмæ гæххæттыты æх- сæн хæйрæджытæй чидæр бады æмæ йæ куы фæтæрсып кæпа, уый тæссæй æнæхъæлæбайæ, сусæгæй зæххы æр- бадт. Расыгæй йæм зæххы бадынæй дзæбæхдæр ницы каст. Оленин æм фæстæмæ фæкаст, сæн æрбахæссын кодта æмæ та фыссыныл фæци. Ерошкæмæ иунæгæп нуазын нæ цыд,— аныхас æй фæндыд. — Хæдзары хицæуттæм уыдтæн, фидаугæ кæнынц. Æвзæр сты! Сæ хуыпд дæр ницы æмæ сæхæдæг дæр! Нæ хъæуыпц! Фæлтау та демæ абаддзыиæн. — Кæм дын уыд уыцы балалайкæ? — афарста пæ Олении фысгæ-фыссып. — Допы фаллаг фарс уыдтæн, балалайкæ дæр уым самал кодтоп,— загъта сабыргай Ерошкæ.— Дæсны дæп цæгъдыпмæ: тæтæйраг зæгъай, хъазахъхъаг зæгъ- ай, уæздан адæмы, салдæтты зæгъай,— хъауджыдæр мып пæу, кæцы дып нæ акæпдзынæн, ахæм нæй. Оленип æм фæкаст, бахудт æмæ та фыссып байдыд- та. Уыиы бахудтмæ зæронд лæг фæпыфсджып. — Ныууадз-ма, цæй, дæ фыдыстæн! Цæй фыст у уый! — загъта цæхгæр Ерошкæ барджын дзыхы уа- гæн.— Бафхæрдтой дæ, æмæ сып сæ хуыцау æгъгъæд фæуæд, ныккупты сæ уадз. Ныр цы фыссыс! Цы папда у, цæмæп хъæуы! Æмæ Олеиииы фæзмын байдыдта йæ къухы ставд æнгуылдзтæй фæйнæгбын зæхх хойгæйæ æмæ йæ цæс- гом ныззылын кодта былысчъилтæгæигæйæ. — Гæды хъæстытæ та фыссыс? Фæлтау дзы ных- хырх æмæ адæмы хуызæн уай! Фыстмæ та ахæм цæстæй каст, æмæ, уыйырдыгопау, æрмæст гæды, фыдбылыз, мæпг хъæстытæ фыссæн ис, æпдæр ницы. Олснпн зæрдиагæй йæ дзыхыдзаг пыххудт. Ерошкæ дæр афтæ æмæ йæ мидбыиатæй фæтæррæтт ласта æмæ ’йæ дæсныдзинад æвдисын байдыдта тæтæйраг цæгъдты- тæгæигæйæ. 130
— ’Фыссын та циу, уадз æмæ лæууа! Фæлтау мæм байхъус) æз дып азарон. Мæрдты нал зардзыстæм. Хæ- рын æмæ нуазын хъæуы! Фыццаг йæхи конд зарæг акодта. Л ди-ди-ди-ди-ди-ли. А гдс сго видели? На базаре в лавке Продает булавки. Уыйфæстæ та, фельдфебель ын кæй бацамыдта, уый: В понеделышк я влюбился, Весь овторник прострадал, В середу в любви открылся, В четверток ответу ждал. В пятпицу пришло решенье, Чтоб пе ждать мие утешенья, А во светлую субботу Жить окончить предпринял, Ыо, храня души спасенье, Я раздумал в воскресенье. Стæн та погæй: А ди-ди-ди-ди-ди-ли. А где сго видели? Стæй, йæ цæст ныкъулгæйæ æмæ пс уæигтæй к:ф- гæйæ, ныззарыд: Поцелую, обойму, Алой лентой перевью, Надеженькой назову. Надеженька ты моя, Верпо ль любпшь ты меня? Ерошкæ афтæ бахъæлдзæг, æмæ, рог-рог цæгъдгæйæ, аив фæзылд æмæ иунæгæй уаты мидæг кафын байдыдта. Ди-ди-ли зарæг æмæ иниæ уæздæтты зарджытæ сæрмагонд Оленины тыххæй акодта, фæлæ ма уый- фæстæ æртæ сæны агуывзæйы куы анызта, уæд зæ- ронд заман йæ зæрдыл æрбалæууыд æмæ уæд æцæг хъазахъхъаг æмæ тæтæйраг зарджытæ кæнын байдыдта. Иу уарзон зарæг æмбисмæ куы ахæццæ кодта, уæд йæ хъæлæс æвнппайды пыззыр-зыр кодга æ*мæ æваст фæ- 151
хъус, æрмæст ма фæндыры хъкстыл къухы æнгуьдодзтæ змæлыдысты, сæ куыст кодтой. — Æй, мæ хæлар лæг! — загъта Ерошкæ. Æнахуыр кæуынхъæлæсы хатмæ Оленнн фæстæмæ фæкаст: зæронд лæг куыдта. Цæстытæ донæй айдзаг сты, иу цæстысыг та уадулыл дæлæмæ цыд. — Аивгъуыдта мæ рæстæг, нал раздæхдзæн, цы фæ- дæн, уый фæдæн,— хæкъуырцгæнгæйæ сдзырдта зæронд лæг.— Баназ,— æваст фæхъæр кодта йæ цæстысыгтæ сæрфгæйæ. Тынгдæр ын йæ зæрдæ тавлинаг зарæг смæгуыр кодта. Ныхæстæ дзы бирæ нæ уыд, фæлæ зæрдæмæп/ыр- гæнæн, хъарæггæнæг зардау уыд: «Ай-дай-далалай>\ зæгъгæ, зæрдæйы ауындзæнтæм æвнæлдта. Ерошкæ за- рæджы ныхæстæ ратæлмац кодта: «Сахъ лæппу хъæу- æй хохмæ йæ фос аскъæрдта, уырыс æрбацыдысты, хъæуыл бандзæрстой, нæлгоймæгты фæцагътой, сылгой- мæгты уацары акодтой. Сахъ лæппу хохæй фæстæмæ æрыздæхт æмæ йæ æдзæрæгæй ссардта. Мад иал, хæ- дзар нал, æфсымæр нал. Иунæг бæлас ма дзы баззад. Сахъ лæппу бæласы бын æрбадт æмæ зæрдиагæй нык- куыдта. Мæпæ дæу хуызæн зыбыты иунæгæй баззад. Æмæ ныззарыд: «Ай-дай-далалай!» Зæронд лæг уьшы зæрдæхалæн зарæг фæд-фæдыл къорд хатты иыккодта. Зард куы фæци, уæд Ерошкæ къулыл ауыгъд топ- мæ фæлæбурдта, кæртмæ рауад æмæ дыууæ хæтæлæп дæр фæгæрах кодта. Æмæ та ног поджы æнкъарддæ- рæй ныззарыд: «Ай-дай-далалай-а-а!» æмæ ныхъхъус. Оленин йæ фæдыл рауад; топпы гæрæхты цæхæр- тырдæм талынг стъалыджын арвмæ скаст. Хæдзары хицауы уатæй рухс цыд, ныхас хъуыст. Кæрты чызджы- тæ къордгæйттæй æмбырдтæ кодтой æмæ хæдзарæй тыргъы астæу æддæмæ-мидæмæ кодтой. Топпы гæрæх- тæм хæдзарæй иукъорд хъазахъхъаджы рагæппытæ код- той æмæ Ерошкæйæн фæстаджырдæм бахъырныдтой. — Ды сæм цæуылнæ цæуыс?—афарста Оленин. — Сæ хуыцау сын æгъгъæд фæуæд,— загъта зæронд лæг, æвæццæгæн æй истæмæй афхæрдтой.— Мæ зæрдæ сæм нæ комы, нæ уарзын! Уыдон адæм сты! Цом хæ- дзармæ. Уыдоп сæхицæн, мах та нæхицæп пуаздзыстæм. Оленин фæстæмæ уатмæ баздæхт. ’, — Лукашкæ цымæ хъæлдзæг нæу? Ардæм мæпмæ не ’рбацæудзæп? — афарста Оленин. — Лукашкæ цы! Гæды ныхæстæ йын фæкодтой, цы- 152
ма. æз чызджы дæуырдæм ардауь^н,—загъта зæронд лæг.— Æмæ чызг цы?— Куы нæ бафæнда, уæд мах уы- дзæн, бæгуыдæр. Æхцайæ тынгдæр куы фæкæсис, уæд мæпæ ис. Уый дын мæ быгъдуап; чи йæ сараздзæн, уый æз. Æцæг зæгъын. — Нæй, уарзондзинад куы нæ уа, уæд æхцайæ ницы сараздзынæ. Хуыздæр уаид, уый кой куы нæ кæнис, уæд. — Уарзои не стæм æз æмæ ды, сидзæртæ стæм,— æваст сдзырдта Ерошкæ æмæ та кæуып байдыдта. Оленип, зæронд лæджы пыхæстæм хъусгæйæ, цы æмбæади, уымæй фылдæр анызта. «Лукашкæ ныр амоид- джыи у»,— хъуыды кодта хииымæры Олснип, фæлæ ми- дæгæй йæ зæрдæ рыст. Зæропд лæг ацы изæр йæхи хъаджджыпæп нæ иыууагъта, афтæ дзы ныххырхта, æмæ йæ къæхтыл нал лæууыд—ахауд. Ваиюшæ фех- хуыс кæнынмæ салдæттæм бадзырдта æмæ йæ тутæ- гæнгæйæ æддæмæ раласта. Афтæ мæсты йæм уыд зæ- ронд лæгмæ йæ æбуалгъ миты тыххæй, æмæ францусагау дæр ницыуал загъта. XXIX Августы мæй уыд. Хорз рæстæг скодта; фæд-фæдыл иукъорд боны арвыл мигъы цъупп хæснагыл дæр не ссардтаис. Хур æнæвгъау сыгъта. Райсомæй уадысм кодта æмæ арыхъхъытæй æмæ фæндæгтæй тæвд змис спста æмæ йæ уæлдæфы мидæг мигъау хаста хъамылы, бæлæсты æмæ хъæуты сæрты. Кæрдæг æмæ бæлæсты сыфтæртæ рыгæй нал зындысты. Фæндæгтæ, цыма сæ мæрзгæ ныччынди, афтæ сыгъдæг сысты æмæ хъæбæр хъæр кодтой. Терчы доп раджы æрбадт, тап.д цыд æмæ сысыд къанæутты. Хъæугæрон цады былтыл хъомвосы фæдæй дзаг змисдзæстытæ зынын байдыдтой, æмæ æиæхъæн бон сауизæрмæ уырдыгæй хъуыстис доны цæллахъхъ æмæ сывæллæтты хъæр. Быдыры змисджын рæттæ æмæ хъамылтæ хус кæнын байдыдтой. Хъомвос боныгон æмбу кодтой æмæ къуымтæм лыгъдысты. Сырд- тæ сæхи дард хъамылтæ æмæ хæхтæм айстой, Теркæн уыцы фарсмæ. Къогъотæ æмæ лыстæг сау бындзытæ фæлмы хуызæн æрбадтысты ныллæг рæтты æмæ хъæу- ты сæрмæ. Митджын хæхтæ аныгъуылдысты цъæх мигъы мидæг. Уæлдæф уыд тæнæг æмæ æвзæр тæф кодта. Абырджытæ, цыма бадт доны тæнджыты ацы фарсмæ 153.
йербахЫз^ысты, ахæм ныхæстæ Кодтой. Хур алы изæр тæвд сырх сæуæхсиды мидæг ныгуылдй. Куыст пæ тæк- кæ тынгыл уыд, уд исыпмæ дæр никæй æвдæлд, æмæ хъæууон кусæг адæм æмызмæлд кодтой харбызы хуым- ты æмæ сæнæфсирдæтты. Дыргъдæттæ байдзаг сты тыхсаг зайæгойæ æмæ уазал аууои дардтой. Алырдыгæй уæрæх рæсугъд сыфтæрты æхсæнæй сау дардтой рæ- гъæд, уæззау сæнæфсиры цупæлттæ. Цæхæрадæтгы ры- гæйдзаг фæндагыл лæстысты сау сæиæфсирæй цъупдзаг хъиицгæнаг уæрдæттæ. Рыгæйдзаг фæндагыл куы кæм, куы кæм лæууыдысты, цалх кæуыл азылд, ахæм цъæл сæнæфсиры цупæлттæ. Æвзонг сывæллæттæ сæнæфси- рæй ахуырст хæдæтты мидæг, сæнæфсирæйдзаг къухтæ æмæ дзыхтимæ сæ мадæлты фæстæ згъордтой. Æх- хуырстытæ бызгъуырты мидæг æнæсцухæй æмбæлдысты фæндагыл сæ тыхджын æккæйттыл сæнæфсирæй дзаг тæсчъытæ хæсгæйæ. Сæнæфсирæй цъупдзаг уæрдæтты ифтыгъд галты сæрыл хæцыдысты устытæ кæлмæрзæп- тæй тыхт цæсгæмттимæ цæстыты онг. Фæндагыл уæр- донджынтыл салдæттæ æмбæлдысты æмæ хъазахъхъы устытæй сæпæфсиртæ куырдтой. Уыцы цæугæ-цæуын-ну устытæй исчи уæрдонмæ сгæпп ласта, хъæбысы дзаг-иу сæнæфсиртæ фелвæста æмæ сæ-иу салдаты фæдджийы пыккалдта. Иугай хæдзæртты сæиæфсир лæмарын бай- дыдтой. Цъæл сæнæфсиры тæфæй уæлдæф байдзаг. Тугхуыз сырх арыигтæ зындысты тапкаты бынæй, ногъ- айаг æххуырстытæ та — кæртытæй. Хуытæ фыррыччы- тæгæнгæ хордтой сæнæфсиры цъацъатæ æмæ сыл ратул- батул кодтой. Хурмæ хус кæнынмæ кæй цæвæрдтой, ахæм, янтары хуызæн сау сæнæфсиры цупæлттæн хæ- дзæртты тъæпæн уæлхæдзæрттæ нæ зындысты. Халæттæ ’мæ дзæгъындзджытæ нæмгуытæ уидзгæйæ кæрæдзи æлхъывтой уæлхæдзæртты цур æмæ иу ранæй иннæ ранмæ ратæх-батæх кодтой. Адæм сæ афæдзы фæллой хъæлдзæгæй æмбырц кодтой. Ацы аз дыргътæ иттæг сыгъдæг æмæ зад уы- дысты. Цъæх-цъæхид цæхæрадæтты аууæттæй, зад сæнæф- сирдæтты мидæгæй — алырдыгæй хъуыст хъæлдзæг худт, зарджытæ, сылгоймæгты уынæр, æмæ-иу куы кæм, куы кæм фæзындысты устыты алыхуызон ирд джип- пæйфыст дзауматæ. Раст бонæмбисы Марьяиæ сæ цæхæрадоны бадти алтъами бæласы аууоны æмæ уæрдоны бынæй иста си- 154
хор сæ бинонтæи. Йæ комкомм,æ тыгъд бæхæмбæрзæ- ныл бадти йæ фыд — хæрунжий. Хæрунжий скъолайæ æрбахæццæ æмæ йæ къухтæ æхсадта. Лæппу, чызджы æфсымæр, æрмæст нырма ныртæккæ ’рбахæццæ цадæй, йæ дыстæй йæхи сæрфгæйæ, æмæ, сихормæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, кæд уыдзысты, зæгъгæ, цыбæл каст кодта радыгай куы йæ мад, куы йæ хомæ хæстулæфтгæпгæйæ. Зæронд ус йæ тыхджын хурсыгъд цæнгтыл йæ дыстæ бафæлдæхта æмæ иыллæг хохаг тымбыл фыпгыл сæ- нæфсир, хус кæсаг, хъаймагъ æмæ дзул æрæвæрдта. ХæруНжий йæ къухтæ асæрфта, йæ худ систа, йæхиуыл дзуар бафтыдта æмæ фынгмæ йæхи хæстæгдæр байста. Лæппу дурыныл йæхи ныццавта æмæ хæлæфæн доп нуа- зыи байдыдта. Мад æмæ чызг, сæ къæхтæ сæ быпы, афтæмæй фынджы цур æрбадтысты. Аууоиы дæр æпæ- гъдау æнтæф уыд. Цæхæрадæтты сæрмæ уæлдæф тæфæй байдзаг. Тыхджып уадысм бæлæсты цæнгты æхсæпты дымдта, фæлæ уазглдзииадæп ппцы æххуыс уыд, æр- мæст цæхæрадæтты мндæг хæлпусагъд кæрдо, алтъами æмæ тутайы бæлæсты цъуппыгæ уыцы иу æгъдауыл та- сын кодта. Хæрунжий дыккаг хатт б^куывта, уыпфæстæ чъылдымырдыгæй сæнæфсиры сыфæп æмЗæрзт сæпы гоцъоби æрбайста æмæ дзы йæ хъуырæп апызтл, стæп йæ зæронд усмæ балæвæрдта. Хæрунжий уыд айдагъ хæдоны мидæг æпæвæрд æгъиæджытимæ, æмæ нæ иуар- джын хъуынджын риу гомæй лæууыд. Р1æ хипæпдзаг цгссгом хъæлдзæг уыд. Йæ ныхæстæ æмæ фæлгонцма* гæсгæ бæрæг пæ уыд, хииæйдзаг, арф зонды хицау кæй уыд, уый. Хъæлдзæг цы вæйпы, уый уыд. — Изæрмæ нæ хæс куы ахæццæ кæпæм, уæд цыма фæуыдзыстæм? — загъта хæрупжий йæ хуылыдз зачъе- тæ сæрфгæйæ. — Бафснайдзыстæм,— загъта зæропд ус,— рæстæг нæ ма бахъыгдарæд, уыййедтæмæ. Дсмкиптæ нырма æрдæгæфснайд дæр пæма фесты,— бафтыдта ма уый.— Устснькæ йæхæдæг зыбыты пупæгæп кусы, йæхп мары, мæгуыр. — Кæм уыдоп æмæ кæм мах! — сæрыстыр ныхас загъта хæрупжий. — Гъа, Марьянæ, цард дыи фестоп, апаз дзы ды дæр,—загъта зæронд ус чызгмæ сæны гоцъобн дæт- гæнæ.— Хуыцауы фæндоиæй чызг æрвнтып нæ боп бауыдзæи, иицæмæй хъуаг уыдзыстæм, — -загьт.'* мад» 155
— Бæрæг нæй нырма,— загъта хæрунжий æмæ чы- сыл йæхи фæтар кодта. Чызг æфсæрмæй йæхи зæхмæ кæсæг скодта. — Уый та цы хоныс?—загъта зæронд ус.— Хъуыд- даг ахицæн, бонтæ дæр уыйас бирæ нал ис. — Раздæр дзурын ницы хъæуы,— загъта та хæрун- жий.— Ныр уал æрмæст æфснайын хъæуы. — Лукашкæйæн йæ ногæлхæд бæх цы федтаис? — афарста йæ зæронд ус.— Митрий Андрсич ын цы бæх балæвар кодта, уый пал ис: æндæрæй йæ баивта. — Нæ, нæ федтон. Æз та абон нæ фатеры цæрæгæн йæ кусæджимæ иыхæстæ кодтои,— загъта хæрунжий.— Уый куыд дзуры, афтæмæй та мин сомы райста. — Хъæздыг чи у, ахæм у, цыбырныхасæй,— загъта зæронд ус. Бинонтæ се ’ппæт дæр разы æмæ хъæлдзæг уыдысты. Куыст сын хорз æнтыст æмæ размæ цыд. Сæнæфсир зад æмæ, æнхъæл куыд нæ уыдысты, афтæ хорз уыд. Марьянæ сихор бахордта, галты раз кæрдæг цæ- вæрдта, йæ куырæт йæ нывæрзæп батымбылтæ кодта æмæ уæрдоны бын ссæст донджыи кæрдæджы уæлæ йæхи æруагъта. Йæ уæлæ уыд джиппæйфыст ирдцъæх хæдон, йæ хуыз чи сивта, ахæм, йæ сæрыл та зæлдаг кæлмæрзæн. Уæддæр ып тынг æнтæф уыд: цæсгом арт уагъта, къæхтæ быиат нæ ардтоп, фæлладхуыз цæстытæ хуыссæнхъæлдзæгæй уымæлбын уыдысты, былтæ æвæн- донæй байгом сты, æмæ риу рæстулæфтгæпгæйæ хæрд- мæ бæрзопд цыд. Адæм куыстмæ куы бавиæлдтой, уæдæй ардæм ра- цыдаид дыууæ къуырийы. Æвзонг чызджы зæрдæ æнæскъуийгæ куысты мæтæй пикуы цух кодта йæ цæргæ- бонты. Бонивайæны-иу сæударæй фæгæпп ласта йæ хуыссæпуатæй, йæхи-иу уазал донæй ахсадта, кæлмæр- зæиæй-иу йæхи æрбатыхта æмæ-иу бæгъæввадæй фос- мæ азп.ордта. Йæ къæхтыл йæ дзабыртæ, йæ уæлæ куырæт цырд акодтапд, дзул исталм атыхтаид, галтæ аифтыгътаид æмæ-иу æнæхъæп бон цæхæрадопмæ ацы- даид. Уым-иу сахат пæ фæллад суагътаид, стæй-иу æпæрынцойæ куыста: лыгтæ кодта, тæсчъытæ хаста æмæ-иу фæскуыст изæрæй хъæлдзæгæй, æвæлладæп,, даргъ рæхсиæг уис йæ къухы, афтæмæй галты сæрыл хæцгæпæ фæстæмæ æрбаздæхт. Рухсæй-иу фосмæ ба- зылд, æхсылæитæ-ну йæ хæдоны уæрæх дысы пыккалд- та æмæ-иу иу сахат фпсынмæ, бæрæгон бынатмæ чыз- 150
джытæм хи аирхæфсынмæ рацыд. Куыддæр-иу изæрда- лынгтæ æрци, афтæ-иу хæдзармæ æрбаздæхт, йæ мад, йæ фыдимæ-иу талынг уаты æхсæвæр бахбрдта, стæй- иу пецы сæр соадт æмæ рæдзæ-мæдзæгæнгæйæ сæ фа- теры цæрæджы ныхæстæм хъуыста. Куыддæр-иу уый дуары æдде фæци, афтæ-иу чызг хуыссæны йæхи бап- пæрста æмæ-иу йæ къах дæр нал атылдтаид, афтæ-иу райсоммæ æнæ райхъалæй фæфынæй кодта. Дыккаг бон дæр афтæ. Куы бафидыдтой, уæдæй фæстæмæ Лу- кашкæйы нал федта æмæ зæрдæнцойæ æнхъæлмæ каст йæчындзыцæуæн бонмæ. Сæ фатеры цæрæгыл фæцахуыр, æмæ йæм йе ’дзынæг кæстытæ адджыи, æхсызгон кæсын байдыдтой. XXX Марьянæ фырæнтæфæй йæ сæрæн нал уыд, цы ра- кодтаид, уымæн ницыуал зыдта. Къогъойæ йæ алыварс ныккæнæнтæ нæ уыд. Йæ гыццыл æфсымæр йæ цуры хуыссыд, тæлфыд æмæ йæ хъыгдардта, фæлæ уæддæр нæ сæр кæлмæрзæнæй бамбæрзта æмæ, гъа ныр афынæй уыдзæн, зæгъгæ, афтæ æнæнхъæлгæйæ сæ сыхаг чызг Ус- тенькæ уым æрбалæууыд, уæрдоны бын фæмидæг æмæ Марьянæйы æмварс æрхуыссыд. — Хуысгæут, чызджытæ! Хуысгæут! — дзырдта Ус- тенькæ уæрдоны бын йæхи æмбæрзгæйæ.— Фæлæуу, афтæ хорз иæу,— зæгъгæ, фæкодта уæлæмæ стгæйæ. Баздæхт æмæ цъæх къалиутæ æрбасæстытæ кодта, уæрдоны цæлхытыл сæ дыууæрдыгæй ацарæзта æмæ сæ уæлæ куырæт байтыгъта. — Стæ иуырдæм, ауадз мæ! — фæхъæр кодта Ус- тспькæ лæппуйыл уæрдоны бынмæ лæсгæйæ.— Хъа- захъхъагæн чызджытимæ иу раи бынат нæй. Цæугæ! Дыууæ чызджы сæхæдæг хибарæй баззадысты уæр- доны бын. Устепькæ æваст Марьянæйы йæ хъæбысы акодта æмæ йыи йæ уадултæ æмæ йæ дæллагхъуыртæн батæ кæнын байдыдта. — Мæ гыцпыл хуры хай! — дзырдта Устенькæ худ- гæйæ пæ рæсугъд зæрдæмæдза^угæ кæл-кæлгæпаг худ- тæй. — Кæсыс амæ, бабайыл сахуыр нс,—загъта Марья- нæ, хи иргъæвгæнæ.-— М& арт Ьауазал, мхпас хæйрæг! Æгъгъæд у! Æмæ сæ дыууæ дæр афтæ иыккæл-кæл кодтон, æмиз сыл зæронд ус фæхъæр кодта, 157
— Хæлæг мæм кæныс, æвæццæгæн?— сусæгæй загъ-" та Устенькæ. — Ныр цы гæдытæ дзурыс. Хуыссып мæ бауадз. Ныр цы ’рбацыдтæ? Фæлæ Устенькæ нæ сабыр кодта. — Цы дын зæгъинаг дæн, уый куы зонис! Марьянæ йæ рæмбыныкъæдзыл фенцой кодта æмæ йæ кæлмæрзæн йæ уæлæ æркодта. — Цæй-ма, æцæг, цы зæгъинаг мын дæ? — Уæ фатеры цæрæгæй цы фехъуыстон! — Уастæи та дын цы зæгъон,— загъта йып Марьянæ. — Æмбисонд æрбауай, кæд хпн æмæ кæлæнæй дзаг дæ ды,— загъта Устенькæ худгæйæ æмæ йæ цонгæй Марьянæйы схойгæйæ.— Ницы мып радзурдзынæ уæдæ? Нæ уæм фæцæуы? — Цæуылпæ,. вæпйы нæм. Æмæ уæд цы?! — загъта Марьянæ æмæ æвиппапды фæсырх. — Мæимæ уыцы гæдымитæ пæй, æргомдзырд дæн, пикæмæй йæ басусæг кæидзыпæп. Стæп цæмæн æмбæх- соп,— дзырдта Усгснькæ, æмæ йæ хъæлдзæг сырхуадул цæсгом афæлывта, æмæ хъуыдытыл фæцп. Кæн цы хъыгдарын? Уарзып æй уæд та, æпдæр ма дзы псты пс! — Бабайæ зæгъыс, мийпаг? — О, уæдæ кæмæн. — Æмæ тæригъæд та? — скод пын кодта Марьяпæ. — Мæнæ цытæ дзуры, мæпæ! Уæдæ ма кæд цы фсп- дзыстæм цардæй, чызгæп куы пицы фспæм, уæд? Хъа- захъхъаг мой куы скæноп, уæд зæнæг, мæт, тыхст,— цы пæ бавзардзыстæм фыдæбонæй. Мæнæ уал ацу моймæ Лукашкæмæ, уæд æй бамбардзынæ,— зæрдæ- рухсдзииад нал фсндзыпæ: сывæллæттæ æмæ мæты быи фæуыдзынæ. — Нæ зоныи, фæлæ моймæ ацæугæпæ дæр дзæбæх чп цæры, ахæмтæ ис. Мæнырдыгонау, хъауджыдæр нæу! — зæрдæнцойæ загъта Марьянæ. — Иу хатт мын, гормон, уæддæр радзур, Лукашкæи- мæ ус ’хсæн цы уыд? — Цы хъуамæ уыдаид. Кургæ мæ кодта. Мæ фыд ын афæдз æмгъуыд скодта. Ныр бафидыдтой. Фæззæг мЬ æрвитдзысты. — Лукашкæ та дын цытæ дзырдта? Марьянæ йæ мидбылты бахудт. 156
— Æмæ нæ зоныс, цытæ фæдзурынц. Дзырдта, уйр- зын, дам, дæ. Лæгъстæ мын кодта,"цæхæрадæттæм йемæ куыд ацыдаин, афтæ. — Кæс-ма уыцы писимæ! Ды дæр кæм ацыдаис? Фæлæ цы саг лæг сси! Хъæуы мидæг йæ размæ ничи æрбалæудзæн. Айфыццаг мах Киркæ ам уыд æмæ дзырдта: йæ бæх ахæм хорз бæхæй баивта, æмæ!.. Уæд- дæр дæуыл йæ зæрдæ кæм лæудзæн. Хъыг кæпдзæн, æвæдза, æпæ дæу. Цытæ ма дын дзырдта поджы? — афарста Марьянæйы Устснькæ. — Иууылдæр сæ куы зонис, уып дæ фæпды,— ба- худти Марьянæ.— Кæддæр æхсæвыгон æрбацыд бæхыл рудзынджы цурмæ, расыг уыд. Куырдта мидæмæ. — Æмæ йæ нæ бауагътай? — Æндæр мын цы фæуа! Зæгъыпы йедтæмæ йæ ни- цы хъуыд. Æнæ æрбауадзгæ мын æй уыд! Æз иугæр дзырд куы зæгъон, уæд афтæ уыдзæн, уый зон. Дурæй уæлдай нæ дæн,— пыфсджынæй загъта Марьянæ. — Мæиæй цыфæнды уæд, фæлæ саг лæг у! Æрмæст æй фæндгæ бакæнæд, уыййедтæмæ йыл чи пæ барвæс- дзæн, ахæм чызг пæ рапгуырди. — Уадз æмæ инпæтæм цæуа,— хъалзæрдæйæ загъта Марьянæ. — Тæригъæд ын иæ кæныс? — Тæригъæд ын кæныи, фæлæ уæддæр æдылы, чъи- зи митæ иæ бакæндзынæн. Уый мæм хорз нæ кæсы. Устенькæ æвиппайды йæ сæр Марьяпæйы риуыл авæрдта, йæ дыууæ къухы йыл афбатыхта æмæ худæгæй бакъæцæл. — Æдылы дæ, пицы æмбарыс! — сдзырдта Устень- кæ худгæ-худын.— Амонд дæхицæй сурыс,— æмæ та йæ ногæй хъыдзы кæныи байдыдта. — Мæнæ цы и, мæнæ, ныууадз, .æгъгъæд у,—хъæр кодта Марьянæ худгæйæ,— Лазуткæйы иыцъцъист кодтай. — Кæсыс, дæлимонтæ, хъазыныл фесты, нæма ба- фæлладысты,— фехъуысти уæрдоны фæсте зæронд усы хуыссæнхъæлдзæг хъæлæс. — Амонд дæхицæй сурыс,— йæ хъусы та йын сусæ- гæй бадзырдта Устенькæ уæлæмæ стгæйæ.— Тынг амондджын дæ, æвæдза, æцæгæй зæгъын, мæ ныййарæ- джыстæн. Бирæ дæ уарзынц. Цас нæ дæ, уыйбæрц дæ уарзынц. Æз дæ бынаты куы фæцаин уæ фатеры цæрæ- гæн! Мæхицæн дзы хъазæнхъул, хъæлæкк, скодтаин, йæ 159
сæр ын сдзæгъæл кодтаин, бæрГæ. Айфыццаг махма4 куы уыдыстут, уæд æй æз куыдæй федтон, афтæмæй дæ йæ цæстытæй ахæрынмæ хъавыд. Мæ баба мын цынæ æмæ цынæ фæлæвæрдта! Сымахæн та, куыд дзурынц, афтæмæй уырысæн сæ тæккæ хъæздыджытæй у. йæ сал- дат афтæ дзырдта, цыма йын кусджытæ дæр ис. Марьянæ сыстад æмæ йæ хуылфмæ кæсгæйæ бахуд- ти йæ мидбылты.. — Уæд мын нæ фатеры цæрæг иухатт цы дзырдта, уый худæг уыд,— загъта Марьянæ, кæрдæджы тихалæг йæ дæндæгтæй лыг кæнгæйæ.— Хъазахъхъаг Лукашкæ кæнæ де ’фсымæр Лазуткæ куы фестин, уый, дам, мæ фæнды. Цæмæн афтæ загъта, уый та ды бамбар. — Афтæ гæды ныхæстæ кодта, уæдæ йын цы ’нхъæл дæ, йæ зæрдыл цы ’рбалæууыд, уый срæцыгъта,— дзуапп ын радта Устенькæ.— Мæнонмæ куы байхъусис, йæ дзыхæй цы нæ схаудзæн, ахæм ын нæй! Цыма хæлд адæймаг у, уыйау! Марьянæ йæ сæр нывæрзæны тымбылтыхт куырæ- тыл æрæппæрста, йæ къух Устенькæйы уæхскыл æрæ- вæрдта æмæ цæстытæ бацъынд кодта. — Абон ардæм, цæхæрадонмæ æрбацæуинаг уыд, мæ фыд æй хуыдта,— сдзырдта Марьянæ, исдуг фæхъус æмæ бафынæй. XXXI Уæрдонмæ аууон цы кæрдо бæлас дардта, уый сæр- ты хур æрбазылд æмæ Устенькæйы сагъд къалиуты æхсæнты йæ тæссармæ арæзт тынтæй уæрдоны бын чызджыты цæсгæмттæ сыгъта. Марьянæ сыхъал æмæ йæ кæлмæрзæнæй йæ цæсгом сæрфта. Алырдæм йæ цæст ахаста æмæ кæрдо бæласы фæстæ сæ фатеры цæрæг Оленины ауыдта. Оленин, топп йе ’фцæджы, афтæмæй чызджы фыдимæ ныхас кодта. Марьянæ йе ’мбал Ус- тенькæйы басхуыста æмæ æнæисты дзургæйæ бахудт Оленинырдæм амонгæйæ. — Знон фæхаттæн, æмæ никуы ’мæ ницы, мæ цæст ницæуыл æрхæцыд,— дзырдта Оленин. Марьянæйы къалиуты аууонæй нæ уыдта æмæ зæрдæхсайгæ кæсты- уæ кодта йæ алфамбылай. — Ды баздæх æмæ уартæ уыцырдæм æмраст ацу; уым,— дзæгъæл цæхæрадон æй хонæм,— кæддæриддæр 160
тæрхъустæ вæпйы,— загъта хæрупжий пе ’взаджы хатт ивгæйæ уæздандæры тыххæй. — Æнцон нæу, æвæдза, куыстафои ацы æптæфы тæрхъусдзуан кæнып! Фæлтау-иу махмæ æрбацу æмæ- иу нæм фæкæс. Чызджытимæ акуыстаис,— хъæлдзæгæй сдзырдта зæронд ус.— Цæй, чызджытæ, афоп у, уæлæ- мæ сыстут! — фæхъæр кодта зæронд ус. Марьянæ ’мæ Устеиькæ сусæгæй сусу-бусу ныхæстæ кодтой æмæ худæгæй тыппырхæлдтæ кодтой. Оленин Лукашкæйæн фондз туманы аргъ бæх цы бон балæвар кодта, уæдæй фæстæмæ хæдзары хицæут- тæ Оленинмæ лæгъз дзыхы уаг æруагътой, уæлдайдæр хæрунжий: Оленин йæ чызджимæ лымæн кæй кодта, уый йын иттæг æхсызгон уыд. — Æз куыстыл ахуыр нæ дæн,— загъта Оленип. Уыйагъоммæ уæрдоны бып цъæх-цъæхид къалиуты æхсæнты Марьяиæйы æрвхуыз хæдон æмæ сырх кæл- мæрзæн ауыдта, фæлæ барæй, цыма уыцырдæм пæ зæр- дæ нс ’хсайы, уыйау йæхи æндæрырдæм кæсæг скодта. — Æрцу-иу нæм, æз дып дзæпгæдацæгъдджыты ратдзынæн,— загъта зæронд ус. — Хъазахъхъы æгъдаумæ гæсгæ, уыййедтæмæ зæ- роид усы пыхæстæ...— загъта хæрунжий йæ уæздан æв- заджы хаттæй, цыма зæропд усы рæдыд æмбарын æмæ раст кодта, уыцы æгъдауæй.— Уæрæсейы, æвæццæгæн, алы адджинаг фæхордтаис дæ зæрдæйы дзæбæхæн. — Уыцы дзæгъæл цæхæрадоны ис, загътай? —афар- ста Оленин.— Абæрæг æй кæнон уæдæ,— æмæ уыциу каст фæкодта цъæх къалиуты æхсæнты, йæ худ чысыл уæлдæр акодта æмæ æмхуызон, æмраст рæнхъытæ-рæн- хъытæ сагъд сæнæфсиры бæлæсты æхсæнты афардæг. чХур цæхæрадæтты быруйы аууон фæци, афтæ Оле- нин дæр фæстæмæ æрбаздæхт цæхæрадопмæ йæ фатеры хицæуттæм. Дымгæ сабырæй-сабырдæр кодта, æмæ изæ- ры уазалы тæфаг хæццæ кæнып байдыдта сæиæфсир- дæттæм. Дардæй Оленин сæнæфсиры цупæлтты рæнхъы- ты æхсæн куыддæрæгъдауæй базыдта Мæрьянæйы цъæх хæдон æмæ йæм сæнæфсиры нæмгуытæ тонгæйæ хæстæг бацыд. Куыдз æитæфы мидæг сдойны æмæ-иу хаттæй- хатт йæ сæтæйдзаг дзыхæй зæхмæ æввахс сæнæфсиры цупæлттæм фæлæбурдта. Марьянæ сырх-сырхид цæс- гомимæ, йæ дыстæ цæнгтыл фæстæмæ фæлдæхт, кæлмæр- зæи дæлæмæ роцъойы бынмæ уагъд, афтæмæй тагъд- тагъд сæнæфснры цупæлттæ лыгтæ кодта æмæ сæ 11 Повссттæ 161
тй&счъы Мидæг æвæрдта. Са^- нæфсиры къалиуыл хæц- гæйæ йæ куыст фæуагъта, рæвдауæи мидбылты худтæй бахудти æмæ та фæстæмæ йæ куыстмæ бавнæлдта. Олеиин æм хæстæгдæр ба- цыд æмæ, мæ къухтæ ран- дæлой, зæгъгæ, йæ топп йе ’фцæджы баппæрста. «Уæ адæм кæм сты? Куыд иунæг дæ?» — зæгъгæ, йæ афæр- сынмæ хъавыд, фæлæ йæ дзыхы дзырд нал бафтыд, æрмæст ма йæ худ уæлдæр акодта. Марьянæимæ сæ дыууæ иупæгæй кæй уыды- сты, уымæй æфсæрмы кодта, фæлæ уæддæр цыма фыддæрадæп йæхицæн барæй зып кодта, уыцы æгъдауыл æм хæстæгдæр бацыд. — Афтæмæй устыты куы фæцæгъддзыпæ,— загъта Марьянæ. — Нæ, уымæй мып ма тæрс, æхсгæ нæ кæнын. Сæ дыууæ дæр исдуг фæхъус сты. — Куы мæм фæкастаис, уæд хуыздæр уыдаид дзæ- гъæл лæуды бæсты. Оленин хæрынкъа систа æмæ æнæдзургæйæ лыг кæ- иыи байдыдта. Быпæй сыфтæрты аууонæй пу уæззау æмхæст, æртæ джиранкамæ ’ввахс сæнæфсиры цупал сласта, йæ нæмгуытæ кæмæп нычъчъиритæ сты кæрал дзийыл, ахæм, æмæ йæ Марьянæмæ равдыста. — Се ’ппæт дæр лыг кæиып хъæуы? Мæнæ уый цъæх пæ уыдзæи? — Æри йæ ардæм. Сæ къухтæ кæрæдзийыл андзæвыдысты. Олеиин ын пæ къух райста. Чызг æм йæ мидбылты худгæпæ ба- касг. — Чыпдзы рæхджы цæудзынæ? — афарста Оленин. Чызг ып иицы дзуапп радта, йæхи фæтигъ кодта æмæ . ныл карз цæстæигасæй йæ цæстытæ рахаста. — Раст-ма зæгъ, Лукашкæйы уарзыс? — Æмæ дæу та цы кæсы? — Хæлæг æм кæнын. — Цытæ мын дзуры! 162
— Æцæг зæгъын, хъазын æихъæл мын ма у, æгæр рæсугъд дæ! Æмæ æвиппайды йæ ныхæстæй æфсæрмы кæпын байдыдта, æмæ йæ цæсгом ссыгъд, афтæ æнаккаг æм фæзындысты йæ ныхæстæ. Олеиин æваст рамæсты, куыд- дæр адзæгъæл æмæ чызджы дыууæ къухыл фæхæцыд. — Цыдæриддæр дæн, дæуæп пайда нæ дæн! Худып хорз нæу!—дзуапп ын радта Марьяиæ, фæлæ йæ цæ- стæнгасæй бæрæг уыд, Оленииы хъуыддаг тынг хорз кæй æмбæрста: худгæ иæ, фæлæ зæрдиагæй кæй дзырд- та, уый. — Худын та цы хоныс? Куы зоиис, æз дæм цы зæрдæ... Йæ ныхæстæ поджыдæр æнаккагдæр, ноджыдæр æвидауцдæр уыдысты, мидæгæй йæ зæрдæйы цы уыд, уымæй, фæлæ уæддæр дарддæр иыхас кодта. — Нæ зопын, фæлæ дæу тыххæп мæхи цыма доиы дæр баппарин... — Дæхи айс, писн! Фæлæ чызгæп йæ цæсгом, йæ цæхæрцæст цæстытæ, йæ бæрзонд риу, йæ хæрзконд къæхтæ æпдæр цыдæр дзырдтой. Олепин афтæ æнхъæл уыд, цы пыхæстæ код- та, уыдон куыд æдзæсгом, куыд æнæгъдау уыдысты, уый чызг дзæбæх æмбæрста, фæлæ сæ йæ зæрдæмæ хæстæг иæ иста, йæ сæрмæ нæ хаста ахæм хъуыдытæ. Афтæ æнхъæл дæр ма уыд, æмæ чызг рагæй æмбæрста, цы зæгъын йæ зæрды уыд æмæ зæгъып кæй нæ фæрæзта, уыдæттæ, фæлæ нæ фæндыд базонын, цы дзыхы уагæп, куыдæгъдауæп сæ зæгъдзæн, уый. Стæй сæ æнæ зопгæ дæр куыд уыдаид, хъуыды кодта хинымæры Олснин, уымæн, чызг йæхæдæг цы нæ уыд, ахæмæй йын ницы зæгъинаг уыд. Фæлæ чызг барæй йæхп нæзонæг скодта, цыма не ’мбæрста, уыйау, æмæ йæ нæ фæндыд уымæ гæсгæ дзуапп дæттып. Афтæ хъуыды кодта хипымæры Оленин. — Гъей! — æвиппайды фехъуыст хæстæгæй, сæнæф- сирдоны фæстæ Устснькæйы фæлмæн хъæлæс æмæ уæз- дан лыстæг худт.— Ацырдæм рацу, Митрпп Апдрсич, мæнæн фсххуыс кæ. Æз иупæг дæн,— æрбадзырдта Оле- нинмæ Устенькæ, сæнæфсирты сыфтæрты сæрты йæ гыццыл тымбыл æвзонг æнæхин цæсгом даргæйæ. Оленин пицы сдзырдта, пæ быпатæй дæр пæ фез- мæлыд. Марьянæ йæ куысты кой кодта, æдзух сæ фатеры 163
цæрæгмæ фæкæс-фæкæсгæнгæйæ. Оленин ма цыдæр зæгъынмæ хъавыд, фæлæ йæхиуыл фæхæцыд, йе уæхс- чытæ батылдта, йæ топп уæлдæр фесхуыста æмæ тагъд санчъехтæгæнгæйæ цæхæрадонæй рацыд. XXXII Цæугæ-цæуыи Олешш иу-дыууæ хатты фæлæууыди Марьяпæ æмæ Устенькæмæ байхъусыны тыххæй,— фæс- тс цыдæр хъæр кодтой. Æпæхъæн изæр Оленин цуаны фæхатт хъæды мидæг. Дыууæизæрастæу фæстæмæ æр- баздæхт афтидæй. Кæртмæ куы бацыд, уæд ауыдта йæ фатеры хицауы уаты гом дуар æмæ уаты мидæг Марья- пæйы цъæх хæдон. Мс ’рбацыды хабар базопыи кæнон, зæгъгæ, хъæрæп Вашошæмæ бадзырдта æмæ асины сæ- рыл йæ ахуыр быпаты æрбадт. Хæдзары хицæуттæ уый- агъоммæ цæхæрадонæй æрбацыдысты. Хæдзарæй уатмæ бацыдысты æмæ Оленипæн «мидæмæ рацу», зæгъгæ, нæ ззгътой. Марьяпæ дыууæ хатты æддæмæ уынгмæ рацыд. Олепипмæ арвы рухсмæ афтæ фæзынд, цыма йæм фæс- тæмæ иу каст дæр фæкодта, уыйау. Афтæ йæ цыма ахæ- рынмæ хъавыд, уый каст кодта чызгæн йæ алы змæлд- мæ, йæ алы къахдзæфмæ, фæлæ йæм хæстæг бацæуып йæ ныфс пæ бахаста. Чызг мидæмæ хæдзармæ куы ба- цыд, уæд Оленин асииы сæрæй рахызт æмæ кæрты ду- æртты рацу-бацу кæныц спста. Фæлæ Марьяпæ хæдза- рæй æддæмæ пал рацыд. Æнæхъæп æхсæв бопмæ Оле- пнн æпæ хуыссæгæй кæрты йс ’хсæв арвыста æмæ æну- выдæй хъуыста хæдзары хпцауы уатмæ алы уынæрмæ. Олении фехъуыста, изæры куыд пыхас кодтой, æхсæвæр куыд хордтой, бумбули гобæттæ куыд хастой æмæ куыд схуыссыдысты, фсхъуыста, куыд бахудт цæуылдæр, бам- бæрста, æрæджиау куыд æрсабыр сты. Хъуыста, хæруш жип зæронд усимæ сусæгæп куыд иыхæстæ кодта æмæ чидæр куыд улæфыд. Олении йæ уатмæ бацыд. Ваню- шæ æд дзауматæ хуыссыд. Олспин æм бахæлæг кодта æмæ та дзыхъхъынногæй кæрты рацу-бацу кæныи бай- дыдта цæмæдæр æнхъæлмæгæсгæпæ. Фæлæ ничп ра- пыд, ппчи змæлыд. Æрмæст хъуыстис æртæ адæймаджы æмхуызон улæфт. Уый зыдта Марьяиæпы улæфт æмæ пæм хъуыста; хъуыста пæхп зæрдæпы гуыпп-гуыпмæ дæр. Хъæуы мндæг алцыдæр æрсабыр, хъыпп-сыпп пп- нæцæпулл хъуыст. Мæи æрæджиау скаст, æмæ кæрты- тæй хъомвос зыпып бгйдыдтой: зынд, куыд-иу æрхуыс- 164
сыдысты пæтгæйæ æмæ-иу фæстæмæ куыд стадысты. Олешш йæхимæ мæстыгæнгæйæ йæхицæн дзырдта: «Ныр мæ цы хъæуы цымæ?» Æвиппайды хæдзары хицауы уа- тæй дзæбæх фехъуыст къæхты хъæр æмæ пъолы фæй- пæджыты хъинц. Оленин дуары цурмæ цырд бауад, æм,æ иикуы ’мæ ницы, æрмæст ма хъуыстис æмхуызон, уыцы иу æгъдауыл улæфт æмæ кæрты мидæг къамбецы пæтын. Къамбец-иу рахъил кодта æмæ-иу фыццаг йæ зопгуытыл, стæй йæ цыппар къахыл слæууыд йæ ды- мæгæй цъыллинджытæ æмæ цъæппытæгæнгæйæ хус æлыгцъар кæрты мæйдары мидæг. Оленин та йæхи афарста: «Цы бакæион ныр?» æмæ цæхгæр ууыл ныл- лæууыд, хуыссыпмæ цæуып хъæуы, зæгъгæ. Фæлæ та- пу ног уынæр фехъуыст, æмæ та-иу йæ цæстытыл Марьянæйы сурæт ахъазыд мæйрухс мигъ æхсæв æддæ- мæ рацæйцæугæйæ, ног та-иу рудзынджы цурмæ баз- гъордта æмæ та-иу къахдзæфты хъæр фехъуыста. Бон æмæ ’хсæв кæрæдзийæ нæма фæхицæн сты, афтæ ру- дзыпгмæ бацыд, батъæпп æй ласта, йæхæдæг дуары цурмæ балыгъд, æмæ ацы хатт æцæг фехъуыст Марья- нæйы тыхулæфт æмæ къæхты хъæр. Оленин дуары рицъимæ бавнæлдта . æмæ дуар бахоста. Бæгъæввад къæхтæй хъуызгæ цыд, зына-нæзына зæххы фæйнæ- джытæ хъинцгæнгæйæ, хæстæгæй-хæстæгдæр кодта дуармæ. Мидæгæй дуарæхгæнæн фезмæлыд, дуары хъипц фæцыд, нас æмæ цавæрдæр кæрдæджы тæф йæ фыпдзыл сæмбæлд æмæ къæсæрыл, цы уыд, уымæй Марьянæйы сурæт фæзыид. Оленины цæст æй чысыл ацахста мæйрухсмæ. Марьянæ æваст дуар ахгæдта, йæхипымæры цыдæртæ сдзырдта æмæ фæстæмæ ли- дзынмæ фæци фæлмæн къахдзæфтæгæнгæ йæ къахы æлгътыл. Олении дуар сабыргай хойын байдыдта, фæлæ фæстæмæ дзурæг нæ уыд. Уæд рудзынджы цурмæ баз- гъордта æмæ уырдыгæй хъусын байдыдта. Æвиппайды лæджы цъæхснаг хъæлæс фехъуыст æмæ йын йæ уд ауайын кодта. — Хорз хъуыддагыл фæхæст дæ, мæ лымæп! — загъ- та, Оленинмæ кæртырдыгæй хæстæгдæр цæугæйæ, ныл- лæггомау хъазахъхъаг урс худы мидæг.— Федтон дæ; хорз, мæ лымæн, хорз! Олеиин Назаркæйы базыдта æмæ цы ракодтаид, уы- мæи ницыуал зыдта, хъыпп-сыпп нал скодта, дзырд йæ дзыхы пал бафтыд. —- Хорз, хорз! Мæпæ хъæуыхицаумæ цæуын, ком- 165
дзог дыл рацæудзынæн, фыдæн дæр зæгъдзынæи. Кæ- сыс хæруижийы чызгмæ! Иу ыи æгъгъæд нæу! — Цы мæ домыс, мæ хур, цы дæ хъæуы? — загъта Олеиип. — Куы ницы, æз æрмæст, кæм æмбæлы, уым базо- нын кæндзынæн. Назаркæ барæй хъæрæй дзырдта: — Кæсыс нæ юнкермæ! Хуымæтæг у! Сабыр малы хæйрæджытæ бады! Оленинæн адæргæй йæ зыр-зыр цыд. — Ардæм-ма рацу, ардæм! Оленин Назаркæйы къухыл ныххæцыд æмæ йæ ми- дæмæ йæ уатмæ бахуыдта. — Ныр не ’хсæи куы ницы æрцыд, йæхимæ мæ пге бауагъта, мæ къу;хы ницы... Чызгмæ аххосагæй пицы ис, æнаипп у, ннцы дзы ис зæгъæн, авджы хуызæи сыгъ- дæг у. — Уым сæ равзардзысты; кæуыл цы ауапа, уый ау- айæд,— загъта Назаркæ. — Æз дын æиæуый дæр ратдзыпæп. Фæлæуу пучы- сыл, тæвд ма кæ, дæ хорзæхæй! Назаркæ ныхъхъус п. Оленин йæ уатмæ базгъордта æмæ хъазахъхъагæн иу туман радавта. — Куы ницы æрцыд не ’хсæн. Фæлæ уæддæр аххос- джын æз дæп, мæнæ уал уыдоп дæ дзыппы цгевæр! Æрмæст дæ уыцы хатыр курыи, æмæ нæ дыууа>йæ дарддæр куыд нæ апхъуыса, афтæ. Нс ’хсæн дæр ницы æрцыд. — Де ’хсæв дæхи фæндиаг,— мидбылты худгæйæ загъта Назаркæ æмæ рафардæг. Уыцы æхсæв Назаркæ хъæумæ æрбацыд, Лукаш- кæйы фæдзæхстмæ гæсгæ,— хуыснæггаг бæхæн быпат сбæлвырд кæныны тыххæй, æмæ, уыпджы сæхпмæ куы фæцæйцыд, уæд къахдзæфты хъæр йæ хъусыл æрцыд. Дыккаг бон фæстæмæ хъазахъмæ аздæхт æмæ æппæ- лæгау йе "мбæлттæн радзырдта, зионы бон туман куыд æвæлмонæй бакуыста, уый. Райсомæй Олепин хæдза- ры хицæуттимæ сæмбæлд, æмæ цыма ницы бамбæрстой, афтæ йæм фæзынд. Марьяпæ пемæ иыхас никуы акодта сæмбæлгæйæ, фæлæ-пу æм худгæйæ бакаст. Дыккаг бои дæр та фыдæхсæв фæци: æхсæв-бопмæ та дзæгъæлы фæралли-балли кодта кæрты æнæхуысгæйæ, æнæхъо- лайæ. Боны барæп цуаны ацыд. Изæрæй куы æрбаз- дæхт, уæд, æфсæрмы куыд кодта, уымæ гæсгæ Бслец- 166
киймæ йæхи апста. йæ цæсгом нал хъæцыд, æМæ йæ- хнцæн дзырд радта, хæдзары хпцæуттæм мæ къах дæр иал бавæрдзыпæп, зæгъгæ. Уыйфæстæ æхсæв æй фельд- фсбсль сыхъал кодта. Ротæ уыцы сахат раст кодта стæ- ры. Оленииæн æхсызгоп уыд уыцы хъуыддаг æмæ йæхи- пымæры загъта, фæстæмæ мын ацы хъæумæ æрбаз- дæхыпы мыггаг нал ис, зæгъгæ. Стæры фесты цыппар боны. Æфсæдты хицауы ба- фæпдыд Оленнпы фепыи,— хæстæг ын æййæфта æмæ йын йæхи раз штабы бынат лæвæрдта. Оленин нæ ба- куымдта. Цы хъæуы сахуыр, æнæ уыцы хъæу фæцæринаг никуы уыд æмæ дзы куырдта, фæстæмæ сæхимæ ацæ- уыны бар ын куыд раттаид, афтæ. Стæры ацыды тых- хæй, рагæй-æрæгмæ кæмæ бæллыд, уыцы салдаты крсст ын радтой. Ныр уыцы крест йæ цæсты кадджын пал уыд, æрдумæ дæр æй нал дардта, нал уыд кадджын пæ цæсты афицеры цин дæр, кæмæ йæ бавдыстой æмæ райсынæнхъæлмæ кæмæ каст, уый. Æвыдæй, æиæфыд- былызæй Ванюшæимæ æфсæдты бадæнтыл ацыд æмæ нукъорд сахаты ротæйæ фæраздæр. Олепин æнæхъæн изæр къæсæры цур асины сæрыл фæбадт Марьянæмæ кæсгæйæ. Æхсæв-бонмæ та æнæ исты æфсоиæй æнæ- хъола рацу-бацу фæкодта. XXXIII Уымæн йæ дыккаг рапсом Оленпп райхъал ис æрæг- мæ. Хæдзары хицæуттæ бынаты нал уыдысты. Уыцы бон цуаны пал ацыд æмæ-иу куы чииыг райста, куы-иу æддæмæ асины сæрмæ рацыд, стæй-иу фæстæмæ баз- дæхт æмæ-иу хуыссæиы йæхи æруагъта. Ванюшæ йыи рыичып æнхъæл уыд йе 'уУæлтæм гæсгæ. Изæрырдæм æввахс Олении йæ хуыссæнæй ныфсджыпæй сыстад, фыссыныл сбадт æмæ фæфыста æмбисæхсæвы онг. Пис- мо ныффыста, фæлæ йæ æрвитгæ никæмæ акодта, уы- мæн æмæ уæддæр ничи бамбæрстаид, цы фыста, цы зæгъынмæ хъавыд, уый, стæй йæ бамбарын дæр Оле- нинæн æрмæст йæхи уды нсдтæмæ никæй пицæмæп хъуыд, чифæнды фæуæд, хъауджыдæр пæу. Уып фыста афтæ: «Мæнмæ Уæрæсейæ фыссыиц, цыма мып сæхи тæ- ригъæдгæнæг скодтой, цыма мæ мæты бацыдысты, уый- ау. Тæрсыпц мын, уыцы фæсвæд ран, талынг адæмы ’хсæн сæфтмæ куы ’рцæуон, уымæй. Афтæ мæ дзурынц: 167
уым æнæгъдау, æнæконд еуыдзæн, адæмы хъæр нал бамбардзæн, адæмы пал баййафдзæи, нозтыл фæуы- дзæн, чи зоны, æмæ ма йæм ахæм зонд дæр æрцæу- дзæн, æмæ хъазахъхъаг сылгоймаджы ракурдзæн. Дзæ- гъæлы-иу нæ дзырдта Ермолов, Кавказы, дам, дæс азы чи фæуа, уый кæнæ бынтоп расыггæнаг суыдзæн, кæнæ та æнаккаг, хæтаг сылгоймаджы ракурдзæн, зæгъгæ. Ай хорз хабар нæу. Афтæмæйты-афтæмæйты мæхи куы нæ байсафин! Амалтæ ’мæ фадæттæ та мын хорз куы уыд. Æндæр ницы, фæлæ мæм уыцы амонд уæддæр пæ каст, æмæ графиня Б***-йы мæхицæн усæн æрхæссын, кæнæ паддзахы раз камергер, кæнæ уæздан адæмæн сæрдар уæддæр суыдаин. Куыд цъаммар, куыд ницæй- аг æмæ тæригъæддаг стут мæ цæсты! Сымах не ’мбарут, амонд циу æмæ цард циу, уый. Иу хатт бавзарып хъæ- уы царды рæсугъддзинад æнæ уæлдай гæдымитæй, хуы- цау æй куыд радта, уыцы æгъдау, уыцы хуызы мидæг. Фенын æмæ бамбарын хъæуы, æз алыбоп мæ дыууæ цæстæй кæй уынып, уый: хæхты æнусои миты хъæпæп- тæ, бацæуæн кæдæм нæй, адæймаджы къах кæдæм иæ хæццæ кæны, æмæ беречет, гуырвидауц сылгоймаг, пе скæнæг незаманы раздæр-раздæр сылгоймаджы цы рæ- сугъддзинады мидæг равдыста, ахæм хуызы, ахæм æгъдауы мидæг,— æрмæст уæд раргом уыдзæп, чи сафы йæхи, чи нæ цæры рæстдзинады кæнæ гæдыдзинады ми- дæг—сымах æви æз. Тæхуды æмæ куы зониккат, куыд æнад, куыд цъаммар æмæ куыд ницы стут мæ цæсты, уæхи кæй сайут æмæ ницы уæвгæйæ уæхицæй цыдæр кæй кæнут, уый тыххæй. Цы уаты цæрын, цы хъæды хæтын, цы уарзондзинад рæвдауын мæ хуылфы, уыдон бæсты мæ цæстытыл куы ахъазынц уыцы уазæгдæттæ, уыцы сылтæ кæйдæр дадалитимæ æмæ ахуырст сæры хъуынтимæ, уыцы æнæбары былты змæлд, уыцы æм- бæхст лæмæгъ хæлд уæнгтæ, уыцы æгъдаумæ гæсгæ су- сæгæй ныхæстæ уазæгдæтты, уыцы дæлæ-уæлæ митæ,— кæмæн дзырды бар, кæмæн иæ,— уæд мидæгæй мæ зæр- дæ риссын байдайы. Мæ цæстытыл хъазынц уыцы къуы- мых, æдылы цæсгæмттæ, уыцы хъæздыг чындздзон чыз- джытæ, сæ цæсгæмттыл фыст кæмæн ис: «Ницы кæны, бар уæ ис, хæстæгдæр æрбацæут, кæд хъæздыг дæп, уæддæр», уыцы ракæ-бакæ митæ бадын кæпгæйæ: уыцы а4дзæсгом лымæн кæнын кæрæдзиимæ бахæзгул кæны- ны тыххæй, уыцы æнусмæ сусу-бусу иыхæстæ, хахуыр- дзинад, кæрæдзийыл истытæ мысын æмæ дæхицæй, цы 168
нæ дæ, уый кæнын, уыцы æгъдæуттæ — кæмæ къух рат- тын, кæмæн та сæрæй акувын, кæимæ ныхас акæнын æмæ уыцы æнæкæрон æнкъарддзинад, туджы мидæг чи ис æмæ фыдæй фыртмæ чи хизы незаманæй нырмæ. Уы- дæттæ-йедтæ иууылдæр кæнынц хъуыдыгæнгæйæ, зон- гæйæ, æмбаргæйæ, цыма тынг æхсызгон хъæуынц æмæ æнæ уыдон цард пæ фидауы, уыйау. Бамбарут кæнæ баууæндут иу хъуыддагыл. Фенын æмæ бамбарын хъæ- уы, рæстдзинад æмæ рæсугъддзинад цы сты, уый, æмæ уæд, цы дзурут, цы хъуыды кæнут, цы амондмæ бæллут уæхицæн дæр æмæ мæпæн дæр, уыдоп иууылдæр рыг фестдзысты, сæ кой, сæ хъæр дæр пал уыдзæи. Амоид у æрдзимæ цæрын, æрдз уыпын, йемæ дзурыи. «Ноджы ма; хуыцау бахизæд, фæлæ иу хуымæтæджы хъазахъ- хъаг ус куы ’рхæсса, уæд бынтопдæр фесæфт, ахицæн махæй, бæрзоыд адæмæй». Æз та æрмæст иу хъуыддаг- мæ бæллып: сымах мын цæмæй тæрсут, уый мыл куы ’рцæуид; фæнды мæ хуымæтæджы хъазахъхъаг чызг ракурын, фæлæ мæм ныфс нæй уыцы хъуыддаг бакæ- пын, уымæн æмæ уый аккаг нæ дæн, уыцы амонд мæ- нæп цы хуыцау дæтты. Фыццаг хатт хъазахъхъаг чызг Марьянæйы куы фед- тон, уæдæй ардæм æртæ мæйы рацыд. Цы адæм æмæ цы ’гъдæутты мидæг схъомыл дæн, уыдонæй ныр дæр ма уæгъд нæ дæн. Нæ мæ уырныдта уæд, ацы сылгой- маджы бауарздзынæп, уый. Мæ зæрдæ дзы рухс код- та, хæхтæ æмæ арвы рæсугъддзинадæй куыд рухс код- та, афтæ, æмæ йын æнæ афтæ уарзæн дæр нæ уыд, уы- мæп æмæ уый дæр уыдон хуызæн æпæкæрон рæсугъд уыд. Уыйфæстæ мæ зæрдæ банкъардта, уыцы рæсугъд- дзипад куы нæ уыпоп, уæд мæ мæ цард нал бандав- дзæп, æмæ уымæ гæсгæ мæхæдæг мæхи фæрсын бай- дыдтои: кæд æй уарзгæ, миййаг, кæиын? Фæлæ уар- зондзинадмæ цы цæстæй кастæн æмæ йæ мæ зонд куыд ахста пыропг, ахæм æгъдауæй мæ зæрдæйы хуылфы ницы ссардтон. Уæдæ мæнæ адæймаг хибарæй иунæ- гæй цæргæйæ куыд стыхсы кæнæ йæ ус курын куыд æрфæнды æмæ йæм уæд цы зæрдæ æрцæуы, ахæмæй дæр мæм ницы уыд. Уæдæ сылгоймагмæ куыд бахæ- лæг чындæуы æмæ йæм зæрдæ куыд бахъазы кæнæ йæ зæрдæйæ куыд бауарзтæуы, ахæмæй дæр ницы. Мæн хъуыди уымæ кæсын, уымæ хъусын, мæ цуры хæстæг кæй ис, уый зонын, æмæ уæд амондджын уыдтæн, зеегъгæ, пæ зæгъдзынæн, фæлæ мæ зæрдæ æнцад уыд. 169
Иумæ цы чъазтиз&ры уыдыстæм, мæ буар æм куы ба- ныдзæвд, уæдæй ардæм æз банкъардтон, уыцы сылгой- магимæ баст кæй стаем æнæаскъуийгæ бæттæнæй, æр- гом чи нæма у, фæлæ йемæ быцæу кæнæн кæмæн нæй ницы амалæй. Фæлæ ма æз уæддæр быцæу кодтон; æз мæхицæн дзырдтоп: цымæ бауарзæп ис ахæм сылгой- магæн, мæ зæрдæйы быны фæндонтæ, мæ царды æх- сызгон хъуыддæгтæ мын чи никуы бамбардзæн? Цымæ бауарзæн ис сылгоймаджы æрмæст йæ иыв, йæ сурæты тыххæй? — фарстоп æз мæхи, афтæмæй та нæ уарзгæ кæй кодтон, уый æцæгдзипад æнæгуырысхойаг уыд, кæд мæ нæма уыриыдта, уæддæр. Фыццаг мæ цæсты æцæгæлоп æмæ бакастджын су- рæт уыд, рæсугъд дзаумайы хуызæи; хъазтизæрæй фæс- тæмæ та мып адæймаг сси. Æз ыл æмбæлын байдыдтои, йемæ ныхас кодтон, хаттæй-хатт-иу йæ фыдимæ кусын- мæ цыдтæп æмæ-иу сæм изæрæй æнафопмæ арæх бад- тæн. Уыны хæстæг, хицоп æгъдæутты мидæг мæ цæсты фыццаджы хуызæп сыгъдæг, æпаипп, хиуылхæцгæ æмæ, йæ сæр сæрмæ чи хæссы, ахæм адæпмагæп баззад. Кæд- дæриддæр алкæмæн дæр дзуапп лæвæрдта уыцы иу æгъдауæй — сабырæй, сæрыстырæй, хъæлдзæгæй, æпæ- дисгæгæйæ. Хаттæй-хатт-иу лæгъз дзыхы уагæй дзырд- та, фæлæ фылдæр хæттыты йæ цæстæнгас, йæ ныхас, йæ алы уæнджы змæлд æвдыстой, цымыдис адæймаг кæп иæ уыд, стæй ныфсджын, барджын æмæ зæрдæмæдзæугæ кæп уыд, уый. Æрвылбон гæды худтытæгæнгæйæ мæ уд хъардтои, хæстæгдæр æм бацæуоп, зæгъгæ, æмæ йын исты зæрдæлхæнæн митæ акæнон. Мæ зæрдæ-иу æм хъазыд тухитæ æмæ зындзинæдтæ æвзаргæйæ æмæ дзы- иу афтæмæй пыхæстæ къахтон, хъазгæмхасæн. Чызг зыдта, мæхн-иу барæй кæй ауагътоп æмæ зæрдæйæ кæй нæ дзырдтоп, уый, фæлæ мæм-иу уæддæр комкоммæ хъæлдзæгæй хицон каст кодта. Мæнæн иттæг зын уыд уыцы æгъдауы мидæг. Мæп æрфæндыд, гæды ныхæ- стæй ницыуал, фæлæ цыдæриддæр мæ хъуыдыйы уыд, цыдæриддæр мæ зæрдæйы æмбæхстæй дардтон, уыдои иууылдæр радзурын, раргом кæнын. Æз мæхи дæр не ’мбæрстоп, афтæ мæсты уыдтæн. Хъуыддаг æрцыд цæ- хæрадæтты. Æз ыи дзурын бапдыдтон мæ уарзондзина- ды тыххæй. Мæ ныхæстæ мæ зæрдыл куы ’рбалæууынц, у^ед фырæфсæрмæй мæ цæсгом ссудзы. Æфсæрмы та уымæи кодтоп, æмæ уыдæттæ дзурын ыи æз хъуамæ ма бауæндыдаин, уымген æмæ уыцы пыхæстæ кæмæи код- 170
тапн, ахæм чЫЗг н& уыд, уыдонæй хуызд&р æмæ бæр* зоиддæр уыд, хуыздæр аккаг уыд, æз æм цы зæрдæ дзрдтон æмæ йыи раргом кæнынмæ кæй хъавыдтæн, уы- мæй дæр. Æз нал дзырдтоп æмæ уыцы бонæп фæстæмæ цы ’гъдауы мидæг уыдтæн, уый мын зын ссп. Нырон- джы хуызаш хъазæн, хыпджылæггаг митæ кæпып мæ сæрмæ нал рсастон, фæлæ мыи зын уыд, пе 'хсалп æргом, æиæ гæдыдЬинæдтæ, раст, хпцон æгъдæуттæ сæвæрын кæй нæ фæрæзтои, уый. Цы ракодтаип, уымæн пицыуал зыдтон, стыр зыны мидæг уыдтæн æмæ мæхи фарстон: пæй, ныр цы бакæнон уæдæ? Ме ’дылы хъуыдыты ми- дæг-иу æй мæхицæн хæзгул акодтон кæпæ-иу æй усæн æрхастон æмæ та-иу дыууæ хъуыдыйы дæр мæ зæр- дæйæ сырдтоп былысчъилтæгæнгæ, куыд æлгъаг, афтæ. Дæхицан1 дзы номылус скæ, уый æпаккаг, сæр алыг кæ- ныны хуызæн хъуыддаг уыданд. Уæдæ йæ усæн æрхæсс Дмитрий Андреичы номыл æмæ дзы æхсин скæ, иу афи- цер куыд бакодта, афтæ, уый та ноджыдæр фыддæр. Фæлæ мæнæ Лукашкæйы хуызæп куы суаин: бæхрæгъ- æуттæ дав, сæнæй фыдрасыг кæ, зарджытæ кæ, лæгтæ мар, расыгæй йæм æхсæвыгоп рудзынгæп балæс, афтæ- мæй дæ зæрдæмæ маиы хæсс, цы дæи æмæ цæмæн дæн, уæд уымæй цы зæгъыс, уый зæгъ, уæд хицæп хъуыддаг уыдаид. Уæд кæрæдзи бамбæрстаиккам, уæд амонд- джын уыдаин. Æз ахæм цард дæр авзæрстон, фæлæ хæрæгыл саргъ куыд фидауы, афтæ мыл фидыдта, æмæ поджыдæр хуыздæр бамбæрстон мæ лæмæгъдзинад, мæ ратас-батас æмæ ме ’видауц тыхмитæ. Нæ рох кодтон мæхи æмæ мæ зæропд æнæуаг, æнæхуыз, хæлд æмæ бирæ ракæ-бакæтыл арæзт царды уаг. Нырæй фæстæмæ дæр, искуыбоны цардæп зæрда; пицæмæй рухс кæны. Æрвылбон мæ дыууæ цæсты раз сты дард мптджын хæхтæ æмæ ацы беречет, бакастджын, амопдджын сыл- гоймаг. Æрмæст иунæг уыцы хъуыддагæй суыдаин амоидджын, фæлæ уып дæр мæ ныв, мæ амоид нæу,— мæн тыххæй нæу уыцы сылгоймаг дæр! Р1æ тæккæ зып- дæр æмæ йæ тæккæ æхсызгондæр мæ бынаты, ме ’гъда- уы мидæг уый у, æмæ æз æнкъарып, чызджы кæй æм- барын, уый, фæлæ уый мæи ннкуыбон бамбардзæи. Мæ- нæй дæлдæр, мийпаг, нæу исты æмæ мæ уып тыххæп æиæмбаргæ пæу, фæлæ хъуыддаг афтæ у, æмæ мæ хъуамæ æмбаргæ дæр ма кæпа. Уый амондджыи у; уып иæ дунейы хуызæп уыцы ну æгьдауыл лæуд у; æрдзæй куыд рацыд, афтæ раст æмæ зæрдæнцой у пæхи мидæг. 171
Æз та хæлд, къæдзтæ-мæдзтæ, тæлуссонд, лæм/егъ адæи- маг, афтæмæй мæ фæнды, мæ хъæптæ, мæ дызгъуыммæ- арæзт хæлд удыхъæд æмæ мын мæ зæрдæйы/тыхст, мæ зæрдæйы рис куы бамбарид, уый. Æиæхуысоæгæй бирæ æхсæвтæ йæ рудзынджы бын арвыстон æнæ исты æфсо- нæй, ницæмæ хъавгæйæ, ницы агургæйæ, афтæмæй, æмæ цæмæн афтæ кодтон, уымæн мæхæдæг дæр иицы æм- бæрстон. 18-æм бон нæ ротæ стæры ацыд. Æз æртæ бо- иы хъæуæй фæцух дæп. Æнкъард уыдтæн æмæ мæм хъауджыдæр ницы касти. Æфсæдты царды мидæг къамтæ, зарджытæ, нозт æмæ хæрзиуджыты тыххæй ны- хæстæ кæнын мæнмæ ныр фыццагæй хъыгдæр кæсын байдыдтой. Абон нæхимæ фæстæмæ æрцыдтæн, фодтон уый дæр, федтон мæ цæрæнуат, Ерошкæйы, митджын хæхтæ къæсæрæй, æмæ мæ зæрдæ циндзинадæй байдзаг, æмæ бамбæрстон алцыдæр. Æз уыцы сылгоймаджы уар- зын æнæгуырысхойæ, æцæг уарзтæй; уарзын фыццаг хатт мæ дунейы цардыл, мæ райгуырынæй нырмæ. Æз зоныи, цы ’гъдауы мидæг дæн, уый. Уыцы уарзондзина- дæй æз æгад æмæ æфсæрмы пæ фæуыдзынæн, фæлæ уымæй мæ сины сæртыл хæцдзынæн. Кæй бауарзтон, уый тыххæй мæхимæ аххосагæй ницы арын. Барвæндонæй, миййаг, æй нæ бакодтон, мæ зæрдæйыл мæ бар нæ цыд,— цы бакодта, уый йæхи æгъдауæй, æнæ мæн ба- фæрсгæйæ. Мæ уарзондзинад цæмæй ферох уа, цæмæй дзы фервæзоп, уый сæраппопд æрхъуыды кодтон искæй дз’æбæхдзинадыл кусын, искæй тыххæй мæхи суæлдай кæнын, æмæ уый фæдыл Лукашкæ ’мæ Марьянæйы æхсæн цы уарзондзинад уыд, уымæй мæхицæн зæрдæтæ аевæргæйæ циндзинад арæзтон, фæлæ уымæй иицы рацыд, дзæгъæл хъуыддаг уыд,— мæхи мæстæй мардтон, мæ уарзондзинад æмæ хæлæгдзинад тынгдæр цы фесты, уыййедтæмæ къаддæр нæ кодтой. Уый бæрзонд уарзон- дзинад кæй хонынц, зонд æмæ хъуыдыдзинадыл арæзт чи у, æз кæддæр кæй бавзæрстон, ахæм нæу. Уæдæ зæрдæ куы фæрайы, куы фæхъазы æмæ кæй фæрæвда- уыс, ахæм уарзондзинад дæр пæу. Уæдæ зæрдæйы ми- дæгæй чи ’взæры æмæ кæй фембарыс æмæ дæхæдæг дæхи ’гъдауæй, фæндоныл алцыдæр куы фæкæныс, ахæм дæр нæу. Уый дæр мын æнæвзæрст нæу. Уым ноджы къаддæр ис æхсызгондзинад,— уый æндæр цыдæр у. Кæд дзы, миййаг, уый хуызы æз нæ дуне уарзын, нæ ду- нейы рæсугъддзииæдтæ æвдисæг кæй у, уый сæраппопд. Фæлæ мæнæн мæ бар мæхи нæу, æмæ йæ кæд мæ хуы- 172
зы мпдæг æидæр исты уарзы, мæ бар кæуыл иæ Цæуи, кæмæн нипы хъомыс стæм, ахæм стыр тых, пе сфæлди- сæг хуыцамы дуне. Мæ дупс йс 'ппалт дæр тыхæфсæрст, тыхтъыст кæны мæ зæрдæйы мидæг уыцы уарзондзинад æмæ мьш зæгъы: уарз.Æзæй уарзьш, зопдæй æмæ хъуы- дыдзинадæй\ миййаг, нæ, фæлæ цы дæн, уымæй йе ’ппæ- тæй. Уый уарзгæйæ æз æмбарын, нæ диссаг амондджын дунеимæ иу\эемæ æмхæст кæй дæн, уымæй дих, хицæн- гонд кæй пæ\дæн, уый. Ам нæхстæры цæрæгау иунæгæп кæй цардтæв. уый дымæгмæ мæм цы ног зонд, цы ног хъуыдытæ æрцыд, уыдон тыххæй уæм раздæр фысгон. Фæлæ ничи бамбардзæп, уыцы иог зонд куыд зынтæй æрцахста мæ сæр, куыд цин кодтон, мæ зæрды куы æрæфтыдысты æмæ ног, æргом царды фæндаг куы фед- тон, уæд. Уыцы ног зондæй зыпаргъдæр æмæ хуыздæр мæм ницы каст... Фæлæ уарзондзипад æрцыд, æмæ уы- донæн сæ кой, сæ хъæр дæр нал ис, рыг фестадысты, фæсмоп дæр сыл нал кæныи! Уыцы уазал зонды уыпаф- фæтæ мæ зæрдæмæ кæй цыдысты, уый мæм пыр дис- саг кæсын байдыдта. Æрцыд рæсугъддзипад, æмæ мæ хуылфы цы стыр царды куыст пæлхъ-пæлхъ кодта, уый фехæлд, дур дзы дурыл нал баззад. Фæсмондзинад дæр нæй мæ зæрдæйы, чи аивгъуыдта æмæ чн фесæфти, ууыл. Хи сæрвæлтау кæнып искæй дзæбæхдзинадыл ку- сын,— уыдæттæ æдылыдзинад сты, æндæр ницы. Уы- дон хи раст кæнæн митæ сты искæй амондмæ хæлæг- гæпгæйæ. Искæй тыххæн цæрын, искæмæн дзæбæхдзи- над кæнын! Цæй фæдыл, цæй дымæгмæ? Мæ зæрдæйы хуылфы æрмæст хи уды уарзондзипад йедтæмæ ннцы ис, стæй ма иу фæндон: уыцы чызджы уарзып, уыимæ цæрып, уып цардæй цæрын. Ипнæ адæмы æмæ Лукаш- кæйы амондмæ нал бæллын ныр. Æз, мæнæ «иннæтæ» кæй ’хоныиц, уыдонæй никæпуал уарзын. Фыццаг ма, чи зоны ’мæ загътаип мæхнцæн, афтæ хорз иæу, зæгъ- гæ. Мæ зæрдæ ма æхсапдтапд: цымæ цы фæуыдзæн чызг, Лукашкæ, цы фæуыдзыпæн мæхæдæг. Ныр мæм хъауджыдæр пицыуал кæсы. Æз барвæндоиæп, мæхп æгъдауæй нæ цæрыи, фæлæ ис цыдæр, мæнæй тыхджып- дæр, мæнæн уыиаффæ чи кæпы, мæ цард мып чи ара- зы, ахæм. Æз тыхсын, æмæ мæ зæрдæ риссы, фæлæ фыццаг мард уыдтæн, æрмæст ныр байдыдтон цæрыи. Абоны бон мын æпæ цæугæ иæй уыдонмæ æмæ мæ зæр- дæйы цыдæриддæр ис, уыдон сæрæй-бынмæ радзурдзы- пæп чызгæн». 173
ХХМ’ ( Уыцы писмо куы пыффыста, уæд Олетган изæрæн æиафопы хæдзары хицæуттæм бацыд. Зæронд ус бан- доныл бадти пецы фæстæ æмæ цыллæйы къуыбæрттæй æндæхтæ быдта. Марьянæ бæгъæмсарæй ць/рагъы рухс- мæ цыдæр хуыдта. Оленины куы ауыдта/ уæд æваст фестад, йæ кæлмæрзæп фелвæста æмæ пеиырдæм йæхи байста. / — Махимæ абадтаис, Марьянæ,— загъта мад. — Нæ, бæгъæмсар дæи,— æмæ пецы рæрмæ сгæпп ласта. / Олспипмæ зындысты æрмæст йæ уæраг æмæ пæ дæ- лæмæ уагъд хæрзкопд къах. Олснин зæронд усы цайæ хорз федта, зæронд ус та йæ хъаймагъæй хорз федта. Марьянæ хъаймагъ æрбахаста, тæбæгъ стъолыл æрæ- вæрдта æмæ та фæстæмæ йæ бынатмæ, пецы сæрмæ сгæпп кодта. Олеиин æнкъардта чызджы цæстæнгас. Ныхас кодтой хæдзары хъуыддæгты тыххæй. Зæроид ус Улитæ ацы бои йæ зæрдæйы дзæбæхыл уыд æмæ йæ уазæджы бабуц кæпып æрфæндыд. Æрбахаста цæхдо- ны æвæрд сæнæфсиртæ, сæнæфсирджып гуылтæ, сæнæн йæ тæккæ хорзæй æмæ, хи къухвæллойæ йæхицæн кæр- дзыпы къæбæр чн ары, ахæм кусæг адæймаджы æгъ- дауыл зæрдиагæй Оленины хорз уыпын байдыдта. Зæ- ронд ус, фыццаг сæмбæлдæн æптъыспæг, карз хуыз æмæ æвзæр дзыхы уаг чи равдыста, уый йып ныр йæ зæрдæ балхæдга, йæ чызгæп цы буц митæ кодта æмæ йæм цы фæлмæн уарзæгой зæрдæ дардта, уымæй. — Хуыцауæй хъæстаг ницæмæй стæм, пæ фыд! Лл- цыдæр нæм ис хуыцауы фæрцы, сæн дæр ныллæмæр- стам, цæхджын дæр, кæй загъдæуы, скодтам, иу-æртæ боцкъайы нæм сæп уæййаг дæр уыдзæн, иæхæдæг цы нуазæм, уый фаг дæр ма нæм баззайдзæн. Ды цæуыи- вæнд ма скæ. Æххæст фæлæуу, нæ чызджы куы ’рвн- тæм, уæдмæ. Хъæлдзæг бонтæ арвитдзыстæм. — Æмæ йæ кæд æрвнтынвачщ кæпут? — афарста Олснин æмæ бамбæрста, йæ туг пæ цæсгомы куыд абадт, уый. — Куыд дыи зæгъоп... Ног къуыри йæ æрвитын хъæудзæн, махмæ бадзурипагæй ницыуал ис, цæттæ стæм,— загъта зæронд ус сабыргай, зæрдæицойæ, цы- ма Оленнн гуырд у, пæу, уый иæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд, уыйхуызæн.— Æз Марьянæйæы алцыдæр ба- 174
рæвдз, ба^æттæ кодтон. Дзæбæх æй арвитдзыстæм, зæгъгæ, зæгьын. Æрмæст иу хъуыддагæй зæрдæ стъæл- фы. А нæ Лукашкæ чи у, уый æгæр цыма нуазы. Æна- хъинон æвирхъау митæ кæны! Айфыццаг, цы сæдæйы кусы, уырдыгæй иу хъазахъхъаг æрбацыд æмæ дзырдта, Ногъайы дат), дам, уыди. — Афтæ^æй фыдбылызы куы пæ бахауид,— загъта Оленин. — Хорз Аыл æрцæуæд, æз дæр ма уый фæзæгъын: Лукашкæ, æйæр ма кæ, мæ хур. Лæппу адæймагæп æиæ йæхи рардисгæ дæр кæм и уæдæ. Фæлæ алцæмæн дæр афон ис\ Гъы, рæгъау байстай, адавтай, абырæ- джы амардта! Ныр та дæ с1 нæг æппын нгй — Афтæ у| тои," æдзух иу; 1,— уыдон иууылдæр лæгдзипæдтæ сты. ^бырæй ацæрын хъæуы. Кæпнод æгæргæ- кæны. æз æй иу-дыууæ хатты æфсæдтимæ })ед- згæ кæпы. Ноджы ма йæ бæх дæр кæй иуъ яуæй кодта,—/загъта Олснин æмæ фæстæмæ псцырдæм фæкаст. Стыр сатæгсау цæстытæ йæм æрпывтой карз æмæ æнтъыснæгхуызы. Оленин фефсæрмы йæ пыхæстæй. — Гъемæ цы? Никæй хъыгдары,— æваст сдзырдта Марьянæ,— йæхи фæллой нуазы.— Иæ къæхтæ псцы сæрæй дæлæмæ æруагъта, æргæпп кодта, дуары æдде фæци æмæ дуар йæ фæдыл ныггуыпп ласта. Цалынмæ чызг уаты уыд, уалыпмæ Олснин йæ каст уый скодта, стæй дуарырдæм йæ æргом сарæзта, æи- хъæлмæ йæм каст, æмæ йын зæроид ус Улитæ цы пыхæ- стæ кодта, уыдонæй пицы æмбæрста. Иукъорд мипуты фæстæ уазджытæ æрбацыдысты: зæропд лæг, Улитæйæп йс ’фсымæр æмæ Ерошкæ, сæ хæд уæлвæд та Марьянæ Устснькæимæ. — Уе ’хсæв хорз! — цъæхспаг хъæлæсæп загъта Ус- тенькæ.— Хъæлдзæгæп дæ боптæ æрвитыс, и? — афар- ста Устенькæ Оленипы. — Бæгуыдæр æрвитын,— дзуапп ын радта уый æф- сæрмыгæнгæйæ. Олснин йæхи айсынмæ хъавыд, фæлæ йып пæ бап- тыст. Æнæдзургæйæ бадып дæр æм апв нæ каст. Зæ- ропд лæг ыи баххуыс кодта: нуазæн æм бахаста, æмæ сæ дыууæ дæр банызтой. Уыйфæстæ Олепин банызта Ерошкæимæ. Ста^й иннæ хъазахъхъагимæ. Уыйфæстæ та Ерошкæимæ. Æмге цас фылдæр нуæзта Олепин, уый- ас ^ш зындæр уыд, зæрдæ мæгуырдæр кодта. Зæропд т
лæгтæ бахъæлдзæг сты. Дыууæ чызджы пецьС сæр сбад- тысты æмæ сæм кастысты сусæгæй сæхимидæг ныхæс- тæгæнгæйæ. Лæгтæ æнафонмæ фæнуæзтрй. Оленин дзургæ ницы кодта, фæлæ нуазгæ хорз—Усе ’ппæтæй фылдæр. Хъазахъхъ чысыл базмæлыдысты æмæ хъæ- лæба кæнын байдыдтой. Зæронд ус сæ æддæмæ сырдта æмæ сып сæн нал лæвæрдта. Чызджытæ/Ерошкæйыл сæхинымæры худтысты ,æмæ, дæс сахаты/ уыдаид, аф-* тæ æддæмæ рацыдысты. Зæронд лæгтæ Оленинæн тых- хæй сæхи бахонын кодтой, сæ зæрды уыд ае ’хсæв уымæ арвитын. Устенькæ сæхимæ афардæг. Ерошкæ йе ’мбал хъазахъхъаджы Ванюшкæмæ ахуыдта. Зæронд ус хæ- дзар бафснайынмæ ацыд; Марьянæ зыбыты иунæгæй уаты баззад. Оленин, цыма йæ фынæйæ ныртæккæ рай- хъал, уыйау хъæлдзæг æмæ уæнгрог уыд( Æнæхъуыды- гопд ын ницы уыд. Зæронд лæгты йæ рвзæй фæкодта, йæхæдæг фæстæмæ уатмæ баздæхт. Марьянæ хуыс- сынмæ хъавыд. Оленин æм хæстæг йæх^ баласта æмæ йын цыдæр зæгъинаг уыд, фæлæ фæкъуылымпы æм.т ницыуал загъта. Чызг хуыссæныл æрбадт, йæ къæхтæ йæ быны бакодта, йæхи æддæдæр къуымырдæм байста æмæ йæм æнæдзургæйæ сырддзастæй касти. Æвæццæ- гæн дзы æдас пæ уыд. Оленин уый æмбæрста, фæтæ- ригъæд ын кодта, фефсæрмы, фæлæ йын æхсызгон уыд, æппыи ницæй бæсты дзы тæрсгæ уæддæр кæй кодта, уый, æмæ йæхиуыл фервæссыд. — Марьянæ! — загъта Оленин.— Куыд никуы мын æртæригъæд кæныс? Куыд дын æй зæгъон, фæлæ дæ цас уарзын, уымæн кæрон дæр пæй. Чызг йæхи ноджыдæр дарддæр айста. — Сæпы зыввытмæ кæсыс, цы пыхæстæ кæпы! Ницы мæ радомдзынæ, мацæмæ мæм æихъæлмæ кæс! — Нæ, рæдийыс, сæн нæу. Лукашкæйæн ма баком. Æз дæ ракурдзынæи. («Ныр цытæ дзурын? — ахъуыды кодта йæхинымæры, куыддæр уыцы ныхæстæ дзыхæй уæлæмæ сирвæзтысты, афтæ.— Сомбон дæр ма цымæ афтæ зæгъдзынæн? Зæгъдзынæн, бæгуыдæр, зæгъдзы- пæн, пыртæккæ дæр та йæ дыккаг хатт радзурдзы- нæн»,— сдзырдта йæм йæ зæрдæбынæй хъæлæс.)—Ба- комдзыпæ мын? Чызг æм зæрдиагæй бакаст, цыма дзы нал тарст, ахæм цæстæнгасæп. | — Марьянæ! Сæррамæ мæ бирæ иал хъæуы. Мæхи дæр пал æмбарып. Дæу цы фæнда, уый йедтæмæ мын * 176
ницы бакаенæн ис.— Æмæ æнæсæрфат, тыхджын, фæл- мæн, зæрдасæттæн ныхæстæ сæхæдæг сæхи æгъдауæй згъордтой Ъленины дзыхæй. — Ныр\ цы гæды ныхæстæ скъæрыс,— цæхгæр ын фæлыг кодга йæ ныхас чызг æмæ йæм кæй бадаргъ кодта, уыцш къух ацахста. Къух йæхицæй пæ акъуырд- та, фæлæ йшл фидар ныххæцыд йæ дæрзæг къухы тых- джын .æнгуылдзтæй.— Искуы ма уый æрцыд, æмæ уæз- дæттæ хуымæтæджы чызджытæ курой? Дæхи айс, цæугæ! \ — Комга мын бакæпдзынæ, комгæ? Æз алцыдæр... — Уæд Лукашкæйы та цы фæкæндзыстæм? — загъ- та чызг худгæйæ. Оленин чызгæй йæ къух ратыдта æмæ æвзонг чыз- джы йæ хъæрысы тыхджыи ныккодта. Чызг хъуазау фæтæррæст лвста, рагæпп кодта йæ бæгъæввад къæх- тæй’æмæ дуагоы æдде фæци. Олснин куы æрномыл, куы æрæмбæрста, уæд йæ зæрдæ йæхиуыл фæхудт. Чызджьт цур йæхимæ æнаккаг, æгад æркаст. Фæлæ кæй загъта, уый тыххæй иу мисхал дæр фæсмон нæ фæкодта, аф- тæмæй сæхимæ æрцыд. Зæронд лæгтæ нозты кой код- той. Оленин сæм фæстæмæ дæр пал фæкаст, хуыссæны йæхи баппæрста æмæ йæ къах дæр нал атылдта, афтге тарф фынæй рагæй нырмæ нал баци. XXXV Дыккаг бон уыд бæрæгбон. Изæрæй æгас хъæу сæ бæрæгбоны дзауматы мидæг хуры рухсмæ æрттывты- тæгæнгæ æдде уыпгты лæууыдысты хурныгуылын афон. Сæи ацы аз иппæ азтæй фылдæр æрлæмæрстой. Адæм куыстгонд фесты. Хъазахъхъ мæйы бонмæ æфсады цæуынвæнд кодтой, æмæ бирæтæ сæхи цæттæ кодтой чи чындз хæссынмæ, чи та чызг æрвитынмæ. Адæмæн сæ фылдæр лæууыдысты лæгъзы, хъæуы уынаффæдоны æмæ дыууæ дуканийы раз. Дуканиты уыд: сæ иуы хæ- ринæгтæ æмæ æхсыпæнтæ, инпæйы та кæлмæрзæнтæ æмæ джиппæйфыст хъуымац. Уыиаффæдоны хæдзары бындуры тæрхæгыл бадтысты æмæ йæ цуры лæууыды- сты зæронд лæгтæ, цъæх æмæ сау, хæрдгæбыдæй арæзт уæрæх цухъхъаты мидæг. Зæронд лæгтæ сабыргай дзу- аппæй дзырдтой сæхимидæг,— хорты, æвзонг фæсивæ- ды, æхсæны хъуыддæгты æмæ зæронд заманы кой код- той; лæппу адæммæ æнæрвæссон, барджыи æмæ зæр- дæнцой цæстæнгасæй кастысты. Устытæ ’мæ чызджы- 12 Повеспæ 177
тæ-иу сæ цурты цæугæйæ фæлæууыдысты æмæ-иу сæ сæртæ дæлæмæ æруагътой. Лæппу хъазахъхъæгтæ-иу сæ цыд фæсабырдæр кодтой, сæ худтæ сын-иу фелвæ- стой æмæ-иу сæ исдуг æнæ ныккæпгæйæ/сæ къухты дардтой сæ сæрты раз. Зæронд лæгтæ-иу гоæхъус’ сты. Чи тызмæг, чи фæлмас, рæвдауæн цæстæнгасæй каст цæуджытæм, сæ худтæ сыи-иу уæзбын ист скодтой æмæ та сæ-иу фæстæмæ ныккодтой. / Хъазахъхъы чызджытæ сæ симдхъазт пгема байдыд- той, фæлæ къордгæйттæй зиллаккæй лæууыдысты æрт- тиваг куырæтты æмæ урс кæлмæрзæнты] мидæг, æмæ афтæмæй аууоны бадтысты, чи зæххы, чи кæдзары тæр- хæгыл æмæ хъæрæй ныхæстæгæпгæ худтысты. Чысыл лæппутæ æмæ чызджытæ портийæ хъазыдысгы. Порти- иу бæрзонд, уæларвмæ фæцыд. Сывæлл1еттæ-ну хъæр æмæ ахстæй бæстæ сæ сæрыл систой æмæ-иу портийы фа^стæ згъордтоп лæгъзы. Хъомыл чызджытæ лæгъзæи йе ’ннæрдыгæй фарс тнгъыл симгæ хъазт(сарæзтой æмæ цъæхснаг нæуæндон хъæлæстæп зарыды’сты. Писыртæ æмæ æфсадæй чи æрбаздæхт, уыцы лæппу-фæсивæд, ног, хæрдгæбыдæп арæзт урс æмæ сырх цухъхъаты мидæг, хъæлдзæг, бæрæгбонхуыз цæсгæмттимæ дыгæйттæй-æр- тыгæйттæй кæрæдзи къухтыл хæцгæпæ зылдысты чыз- джыты æмæ устьпы æмбырдтыл, сæ цуры-иу алæууы- дысты æмæ-иу семæ хъазæп пыхæстæ кодтой. Дуканигæс- сомпхаг хæрдгæбыдæй арæзт зыиаргъ цъæх тæнæг сгæллад цухъхъайы мидæг дуканийы гом дуары цур йс стырдзинад æмбаргæпæ хъал лæуд кодта æмæ æнхъæл- мæ каст æлхæнджытæм. Дыууæ сырхзачъеджын бæгъæв- вад цæцæйиаджы Теркæп уыцы фарсæй æрбацыдысты бæрæгбои фенынмæ, сæ лымæны хæдзары цур дзуццæ- джы бадтысты, гыццыл лулæтæй тутæгæнгæйæ æнашз- гомау тамако дымдтоп æмæ адæммæ кæсгæйæ сæхи- мидæг ныхæстæ кодтой. Стæммæ, бæрæгбоп кæмæи иæ уыд, ахæм салдат зæропд цинелы мндæг тагъд-тагъд фæцæйуад лæгъзы алыхуызон дзаумайы мидæг æм- бырдты æхсæнты. Кæцæйдæрты хъуысып байдыдта ра- сыг адæмы зарджытæ. Хæдзæрттæ æнæ иу цухæй æхгæд уыдысты, сæ бацæуæптæ æхсад дысоиæп нырмæ. Зæ- ррнд устытæ дæр ма рацыдысты уыигмæ. Хус уынгты кæмдæриддæр, къæхты бын рыджы мидæг зындысты харбыз æмæ пасы хъæппыты цъæрттæ. Уæлдæф хъарм æмæ сабыр уыд. Мигъы цъупп никæЦæй зынд,— арв уыд сыгъдæг, цъæх-цъæхид æмæ рæсуг. Урс, æвзцст- 178
хуыз хæхтц рагъ хæдзæртты сæрты фæсте хæрзхæстæР зынд æмæ ^урныгуылын афон дыдзы рухсмæ сырх дард- та. СтæммэА допы фаллаг фарсæй хъуыст сармадзаны гæрахц гуып-гуыв. Бæрæгбоиы хъæлдзæг хъæртæ кæрæ- дзпйыл иыхасгæигæпæ хъуыстысты алырдыгæй. Олении ашæхгæп райсом фæрацу-бацу кодта Марья- пæйы фепыпшс æпхъæлмæ кæсгæйæ. Фæлæ Марьяпæ хæдзар куы рафснапдта, уæд сихоры арп.уыдмæ аргъ- уапмæ ацыд, уыйфæстæ куы чызджытимæ хæдзары бып- дуры ’тæрхæгшл бадти æхсынæнтæ къæрццытæгæнгæйæ, куы та-иу йе }мбæлттимæ сæхимæ дæр æрбауад æмæ-иу сæ фатеры цæрæгмæ хъæлдзæгæй, рæвдауæн цæстæнга- сæй бакæстытæ кодта. Оленип нæ уæпдыд пемæ хъазæп пыхæстæ акæпып, уæлдайдæр искæп цур. Фæндыд æй зноны иыхас кæронмæ ахæццæ кæнын æмæ æнæ ракæ- бакæйæ цæхгæр дзуапп райсыи. Æнхъæлмæ каст дысон- изæры хуызæн фадат рапмæ, фæлæ йыл нæ хæст код- та. Уыцы æгъдауы мпдæг та пын æиæ псты бæлвырд бæрæг хабар зонгæйæ иттæг зып уыд. Чызг та пог æд- дæмæ, уынгмæ рацыд. Оленип чысыл фæста\дæр йæ фæ- дыл æпæхъолайæ араст. Чызг кæм бадти, уыцы фисы- нæй адарддæр, æрттывдтытæгæпгæ, йæ атлас цъæх куы- рæты мидæг. Фæстс фехъуыста чызджыты кæл-кæл, æмæ йæ зæрдæ срыст. Белецкийы хæдзар уыд фæзы комкоммæ. Олснин йæ цурты цæугæйæ фсхъуыста Бслсцкипы хъæлæс, «мидæ- мæ», зæгъгæ, æмæ йæм бацыд. Аныхæстæ кодтой æмæ сæ дыууæ дæр рудзынджы цур æрбадтысты. Чысыл фæстæдæр ма сыл бафтыд Ерошкæ, ног куырæты мидæг. Уый дæр сæ цуры зæх- хы æрбадт. 4 — Уартæ уый уæздæтты къорд у,— дзырдта Белсц- кий мидбылты худгæйæ æмæ йæ къухы бапъирозæй ацамыдта фпсыпыл иу къордмæ алыхуызоп дзауматы мидæг.— Мæпон дæр уым ис, уыпыс æй, сырх дзау- маны мидæг. Уый погæлхæд у. Симып рæхджы байдай- дзыстут? — ахъæр кодта Бслсцкип, рудзыпгæп æддæмæ йæ сæр даргæйæ.— Куыддæр æрталыпггæрæттæ уа, аф- тæ мах дæр уырдæм хъæуы... Стæй сæ УстспькæмсТ æр- бахоидзыстæм. Хъазтизæр сып саразып хъæудзæп. — Æз дæр æпæрцæугæ пæ фæуыдзыпæп Устсиькæ- мæ,— загъта Олепип ныфсхастæй.— Марьяпæ дæр уым уыдзæн? — Уымæн фæцух кæнæп иæй, æрцу-иу! — загъта Бе- 179
лсцкип æнæдисгæпгæнæ.— Æвæдза, рæсугъдæп та ма сæ цы загъдæуа! — бафтыдта ма Белецкий, хъулон дзы- гуыртæм амопгæйæ. / — Тынг рæсугъд! — сразы ис Оленин, йæхи зæрдæп- цой хуызы æвдисгæйæ.— Ацы бæрæгбонтыл æз кæддæ- риддæр стыр дис кодтон, цæмæн афтæ у цымæ, дзырдæн зæгъып, абоны бон майæн йæ фынддæсæймаг боп кæй у, уый сæраппонд адæм хъæлдзæг æмæ разы сты. Ал- цæуыл дæр зыны бæрæгбои. Цæст уæдлцæсгом уæд, хъæлæс, змæлд, дзаума, уæлдæф, хур — ре ’ппæт дæр бæрæгбоихуыз сты. Æрмæст æз æмæ дæуæп нæй бæрæг- бон. — Афтæ у,— загъта Белецкий.— Ахæм зондджын пыхæстимæ, гæды пыхас, лымæп нæ уыд, нæ сæ уарз- та.— Дæуыл та цы ’рцыди, цæуылпæ нуазыс? — афарста Ерошкæйы Белецкий. Ерошкæ Оленинмæ кæсгæпæ Белецкийырдæм пæ цæст фæныкъуылдта. — Стырзæрдæ адæймаг цыдæр у дæ лымæп! Белсцкий пуазæп йæ къухмæ спста. — Хуыцауы арфæ,— зæгъгæ, фæсидти æмæ пæ апызта. — Æнæниз ут,— худгæйæ загъта Ерошкæ æмæ йæ уый дæр анызта. — Афтæ загътай: бæрæгбон! — уæлæмæ стгæйæ æмæ рудзынгæй кæсгæйæ загъта Ерошкæ Оленинæн.— Ай цæн бæрæгбон у! Бæрæгбон афтæ вæййы! Зæронд зама- пы куыд арæзтой бæрæгбон, уый мын куы федтаис! Устытæ-иу рацыдысты хæрдгæбыдæй арæзт дзауматы мидæг. Риутæ сызгъæрипæй нæ зындысты. Сæ сæртыл сызгъæринæй арæзт худтæ. Сæр-сæргæнгæ-иу куы фæ- цæйцыдысты, уæд уыдонæй хуыздæр ма-иу лæг цæмæ бакастаид. Уæд хуымæтæджы хъазахъхъаг ус æхсипæй уæлдай нæ уыд. Æгас рæгъауæй-иу куы рараст сты æмæ-пу куы пыззарыдысты, уæд-иу бæстæ змæлыд. Æх- сæв-бонмæ-иу сæ хъазынæй нæ банцадысты. Хъа- захъхъ-иу æнæхъæп боцкъа кæртмæ ратылдтой, уым- иу æрбадтысты æмæ-иу бопивайæнмæ æнæ сыстгæйæ пуæзтой. Кæпæ-иу кæрæдзи къухыл ныххæцыдаиккой æмæ-иу уынджы дæлæмæ араст уыдаиккой уыцы æм- хуызонæй. Чи сыл-иу сæмбæлдаид, уымæн дæр ауадзæн нæ уыд, семæ-иу æй айстаиккой æмæ-иу афтæ уыцы хуызæнæй хæдзæрттыл зилгæ ацыдысты. Ахæм рæстæг- иу скодта, æмæ-иу æртыган боптæ æнæсцухæй иуæзтой. 180
Мæ зæрдыл ма лæууы: мæ фыд-пу йæ дзауматæ куы кæм, куы кæм пыууагъта æмæ-иу æнæ худæй, сырх- сырхидæй, рæсыд цæсгомимæ нæ хæдзары æрбалæууыд æмæ-иу уыцы хуызæнæй йæхи хуыссæны баппæрста. Мæ мад ын йе ’гъдау зыдга: йе ’рцыдмæ-иу ын йæ нозт ссæуыны тыххæй еугæф æмæ сæн бацæттæ кодта,— куыдзы хæстæп йæ хъуын йæ хос, уæдæ куыд,— йæхæ- дæг-иу уынгты дыууæрдæм згъордта худ агурæг. Дыу- уæ бопы-иу уæлæмæ нал сыстад хуыссæиæй. Ахæм адæм уыдысты, мæ хæлар, ахæм, фыццаг заманы! Ныр та ма цæй адæм ис! — Уыдæттæ иууылдæр хорз, фæлæ чызджытæ сæхæ- дæг иунæгæй хъазыдысты? — афарста Бслецкий. — Сæхæдæг, хицæнæй. Афтæ дæр-иу кодтой: хъа- захъхъ кæм фистæгæй, кæм бæхтыл æрбацыдаиккой æмæ-иу загътой, цомут æмæ сын сæ хъазт ныппырх кæ- иæм, æмæ-иу араст сты; чызджытæ та-иу хъилтæ рай- стой. Мæ зæрдыл ма лæууы: цæрвхæрæны-иу хъазахъхъ- æй исчи бæхыл йæхи раскъæрдтаид, æмæ йыл-иу чыз- джытæ хъплтæп ралæууыдысты: чи йæхиуыл, чи та бæ- хыл. Барæг-иу сæ дыууæ дихы фæкодта, йæ уарзопыл- иу йæхи асæрфта, фелвæста-иу æй æмæ-иу æй уыцы хуызæпæй афардæг кодта. Афтæ йæ уарзта йæ зæр- дæйы рухсы. Æниу хуымæтæджы чызджытæ уыдысты, æнхъæл дæ! Паддзахы чызджытæй цы кæныс, кæй загъдæуы! XXXVI Уыцы афои цæхгæр уынгæй æрбазыпдысты дыууа: барæджы æмæ фæзы æрбалæууыдысты. Сæ иу уыд На- заркæ, ипнæ Лукашкæ. Лукашкæ йæ нард рох кæсгоп бæхыл чысыл зулаив, къул бадт кодта. Бæх хъæбæр фæндагыл рог цыд размæ тыпдзгæйæ æмæ йæ сæрæп хъазгæйæ; йæ нарæг мæсыг æрттывдтытæ кодта. Топп æпгом агъуды мидæг, дамбаца сины сагъд, пымæт æгъ- дауыл тыхт фæсарцы,— уыдæттæй бæрæг уыд, Лукаш- кæ дард бæстæй æмæ æцæгæлон адæмы æхсæпæй кæй æрбацыд, уый. Иуварсырдæм къул хъал бадт, æнараз- гæ къухты змæлд, ехс æмæ идонимæ арæхсын, ехсы рог цæфы’ зына-нæзына къæрццытæ æхтæнгтыл, уæлдайдæр та стырзæрдæ, æиæрвæссон цъынддзастæй каст йе ’ртти- ваг сау цæстытæй адæммæ йæ алфамбылай,— уыдæт- тæй бæрæг уыд, лæппу адæймаджы тых æмæ йæм ныфс кæй уыд æмæ йæхиуыл йæ зæрдæ кæй дардта, уый. «Сахъ 181
Лсёг цйу, уый уын æмбарЫн кæньШ»,— Дзырдтой ЛукаШ- кæйы цæстытæ, дыууæрдæм адæммæ кæсгæйæ. Уынд- джыи бæх, æвзистæй арæзт саргъы дзауматæ, æвзист гæрзтæ, пæхæдæг—рæсугъд гуырвндауц , адæймаг,— уыдæттæй, уым фæзы цыдæриддæр уыд Ьдæмæй,— сс ’ппæты дæр йæхимæ æркæсыи кодта. Назаркæ, къæс- хуыр, цыбыргомау адæймаг, дзаумайæ Лукашкæйæ мæ- гуыраудæр арæзт. Зæропд лæгты цур/’цæугæйæ Лукаш- кæ бæх фæурæдта æмæ йæ урс къæбæлдзыц.худ йс ’лвыд сау сæрæй фелвæста. ’ " ~ — Ногъаиаг бæхтæ бирæ ратардтай?—афарста пæ къæсхуыр зæронд лæг тарæрфыг æмæ æнтъыснæг цæ- стæнгасимæ. — Ды сæ, æвæццæгæп, банымадтаис, дада, кæм мæ фа^рсыс, уым,— радта пын дзуапп Лукашкæ йæхи тигъ- гæнгæйæ. — Дæ разы уыцы лæнпуйы демæ куы нæ хонис, са- фыс æй,— ноджы æптъысилегдæрæй загъта зæронд лæг. «Адæмæй ницы басусæг уыдзæп, хæпрæджытæ сты,— зоиы хъуыддаг»,— загъта йæхинымæры Лукашкæ, æмæ йæ цæсгомыл сагъæс фæбæрæг. Фæлæ фисыныл чыз- джыты лæугæ ауыдта æмæ бæх уыцырдæм фездæхта. — Уæ бонтæ хорз, чызджыгæ! — фæхъæр кодта Лу- кашкæ тыхджын гуыр-гуыргæнаг хтæлæсæн æмæ Гкс бæхы дзыхълæуд фæкæнын кодта.— Базæронд стут æна* мæн, кæлæнгæпджытæ,— йæхæдæг бахудт. — Кæй боп у, уый хорзæх дæ уæд! Æгас гæм цу, æгас,— бацин ыл кодтой чызджытæ алырдыгæй.— Æх- ца бирæ æрбахастаис? Чызджытæн исты адджпнæгтæ балхæн, мардзæ! Бирæ фæуыдзынæ ам? Кæдæй-уæдæй ма дæ федтам. — Назаркæпмæ æрбатыффыгт ластам, иу æхсæв фæуыдзыстæм,— радта сып дзуапп Лукашкæ. Ехсæй февзыста æмæ бæх чызджытæм батардта. — Марьянæ дæ, æвæдза, бынтондæр ферох кодта,— сцъыбар-цъыбур кодта Устснькæ, пæ рæмбыныкъæдзæй Марьянкæйы фесхуыста æмæ йæ дзыхыдзаг ныххудти. Марьяпæ бæхæй тæрсгæпæ йæхи фæстæдæр айста æмæ йæ сæр бæрзонд, схъæл даргæпæ йæ дыпджыр æрт- тпваг цæстытæй зæрдæджын каст скодта хъазахъ- хъзгмæ. — Æцæг рагæй нырмæ пал уыдтæ ам! Бæхы къæхты бын нæ кæныс! — загъта иын уазал зæрдæ æвдисгæйæ Марьянæ æмæ йæхи фæтигъ кодта. 182
Лукашкæ йæ зæрдæйы дзæбæхыл уыд. йæ цæсгомыл бæрæг уыд йæ хъæлдзæгдзинад æмæ йæ сахъдзинад. Марьянæйы уазал дзуапп ын йæ зæрдæ амардта, æмæ æвиппайды йе ’рфгуытæ фæтар кодта. — Æгъдæнцойыл слæуу, æмæ дæ хохмæ афардæг кæнои, мæ дуиейы рухс! — æваст фæхъæр кодта Лу- кашкæ, цыма йæ тар хъуыдытæ сырдта, уыйау, æмæ чызджыты æхсæп бæхыл схъазыд. Йæхæдæг Марьянæ- мæ æргуыбыр кодта æмæ йын загъта: — Ахæм ба дын ныккæндзынæп, æмæ дын æй куыд зæп.оп, дпссаг! Марьянæ йæм фсмдзаст, æвиппайды фæсырх æмæ фæстæмæ йæхи айста. — Стæ-ма, дæ хорзæхæцГ Мæ къæхтыл мып лæу- уыс,— загъта Марьянæ, ])& сæр фæгуыбыр кодта æмæ йæ хæрзконд къæхтæм æркаст. Къæхтыл уыд æпгом цъæх цъындатæ фаты хуызæп нывтимæ æмæ нарæг хæрдгæбыдæй арæзт ног сырх сæрак дзабыртæ. Лукашкæ Устсиькæйырдæм фæци. Марьяпæ, сывæл- лои йæ хъæбысы кæмæп уыд, ахæм хъазахъхъаг усы цур æрбадт. Сывæллон Марьянæмæ пæхи балвæста æмæ йæ гыццыл пумпуси къухтæй чызджы куырæтыл баст фæрд- гуыты босыл ныххæцыд. Марьяпæ сывæллопмæ пæ сгор фæгуыбыр кодта æмæ зулаив Лукашкæмæ бакаст. Лу- кашкæ уыцы сахат йæ цухъхъайы бынæй сау куырæты дзыппæй адджинæгтæ æмæ æхсынæнтæ тыхтæп сласта. — Ус ’ппæтæн сæ лæвар кæиын,— загъта Лукашкæ адджинæгтæ Устенькæмæ дæтгæйæ æмæ йæ мидбылты худгæйæ Марьянæмæ бакаст. - Чызг та ног йæ хуыз афæлывта. Йæ диссаг рæсугъд цæстытæ, цыма сыл мигъ абадт, афтæ фæтар сты. Кæл- мæрзæнæй тыхт былтæ бапгом кодта, сывæллоны урс гыццыл цæсгомыл йæ сæр авæрдта æмæ йын æхсызгоп батæ кæнын байдыдта. Сывæллоп фæрдгуытыл хæцгæйæ чызджы бæрзонд риумæ йæ къухтæ быпæу сарæзта пæ æнæдæпдаг дзых фæхæлиу-фæхæлиугæнгæ. — Цы дыл æрцыд, марыс æп, æмбисоид фæуап! — ззгъта мад сыеæллоны исгæйæ æмæ йæ куырæты æгъ- нæджытæ æфтаугæйæ дзидзи бадарыны тыххæй.— Фæл- тау уæртæ лæппутæн æгасцуай зæгъ. — Æрмæст мæ бæх бафснапон, фæстæмæ мæ ардæм хъæуы Назаркæимæ, æнæхъæи æхсæв-бонмæ пын æнæ хъазгæ пæй,— загъта Лукашкæ, йæхæдæг ехсæй бæх иыпцæлхъ ласта æмæ афардæг. Цæхгæр уынджы иуварсырдæм Назаркæимæ фæзыл-
дысты æмæ фæрсæй-фæрстæм æвæрд дыууæ хæдзары ныхмæ бацыдысты. — Кæдæй-уæдæй нæ хæдзæрттыл сæмбæлдыстæм! Тагъд-иу æрбацу,— фæхъæр кодта Лукашкæ йе ’мбал- мæ бæхæй хизгæйæ æмæ арæхстгай бæх сæхи кауын кул- дуарыл баласта.— Дæ бон хорз, Степкæ! — загъта Лу- кашкæ йæ къуытты хойæн. Къуытты бæрæгбонарæзтæй уынгæй æрбацæйцыд бæх райсынмæ. Лукашкæ къуыт- тыйæн нысæнттæй ацамыдта, бæх хосыл куыд бабæтта æмæ йын йæ саргъ куыд пæ сиса, афтæ. Къуытты цыдæр хъæртæ кæпын бапдыдта бæхырдæм’ амонгæйæ æмæ бæхæн йæ фындзы хъæлæн аба кодта. Уымæй æмбарып кодта, бæх хорз кæй у æмæ йæ бирæ кæй уарзы, уый. — Дзæбæх уай, мæ мад! Нырма æыхъæлдæп æмæ æддæмæ уынгмæ дæр нæма акастæ,— загъта Лукашкæ йæ топпы къæдзыл хæцгæйæ æмæ асииыл уæлæмæ хиз- гæйæ. Йæ зæронд мад ын дуар бакодта. — Мæнæ мыл æпæнхъæлгæйæ цы хорз æрцыд,— загъта зæронд ус.— Киркæ та афтæ дзырдта, пæ, дам, æрбацæудзæн. — Марадз-ма, сæн æрбахæсс, мæ мад! Назаркæйы ныртæккæ ардæм хъæуы. Мах дæр пæ бæрæгбонæн акувæм. — Ныртæккæ, цард дып фестон, иыртæккæ,— загъта зæронд ус.— Устытæ дæр бæрæгбон аразынц. Æз æн- хъæл дæн, мах къуытты дæр уырдæм ацыдаид. Зæропд ус дæгъæлтæ йсмæ айста æмæ къæбицмæ ацыд. Назаркæ бæх бафснайдта, йæ гæрзтæ систа -æмæ Лукашкæмæ æрбацыд. XXXVII — Цæй, æнæнизæй нын цæр,— загъта Лукашкæ йæ мады къухæй сæны хъалац исгæйæ æмæ йæ арæхстгай йæ дзыхмæ хæсгæйæ. — Хъуыддаг хорз пæу,— загъта Назаркæ.— Уыцы зæронд лæг Бурлак цы загъта: «Бирæ бæхтæ,— дам,— радавтай?» Æвæццæгæн, исты йæ хъусыл æрцыд. — Кæлæнгæнæг у! — цæхгæр, цыбырæй загъта Лу- кашкæ.— Уыдæттæ ницы сты, хъæлæкк, де ’гасæй! — бафтыдта ма уый йæ сæр тилгæйæ.— Бæхтæ ны’р до- 184
и#н уыцы фарс фссты. Цу æмæ е& агур иыр! Сæ фæд Дæр сын нал ссардзысты. — Уæддæр, мæнмæ гæсгæ, хъуыддаг лæгъз нæ цæуы. . — Цæмæй? Тыхсгæ ма кæп! Райсом ын сæн бадав- дзынæ. Афтæ куы кæнай, уæд тас ницæмæй у. Ныр не ’хсæв дзæбæх арвитæм. Баназ-ма, цæй, цад цаддоны фидауы,— фæхъæр кодта Лукашкæ, зæронд лæг Ерош- кæ куыд дзырдта, уыцы хъæлæсы уагæй.— Ныртæккæ чызджытæм хъазынмæ араст уыдзыстæм. Ды баздæх æмæ мыд рахæсс, иауæд къуыттыйы арвитдзынæн. Бо- пыцъæхмæ нын æнæ хъазгæ нæй. Назаркæ бахудти. — Куыд зæгъыс, ам ма бирæ фæуыдзыстæм? — афарста Назаркæ. — Фæлæуу, баййафдзыстæм æй; цæуыл тагъд кæ- ныс? Иучысыл нæхи аирхæфсæм. Марадз, арахъмæ аз- гъор! Гъа, мæнæ дып æхца! Назаркæ æнæфæстæмæдзургæйæ æнæзивæг Ямкæмæ азгъордта. Ерошкæ æмæ Ергушов сынтты уавæрæн уыдысты,— уайтагъд-иу бамбæрстой, холы кæм уыд, уый, æмæ уым кæрæдзи фæдыл æрбалæууыдысты. ’— Рахæсс-ма ноджыдæр ведрайы æрдæг! — бахъæр кодта Лукашкæ йæ мадмæ, куыддæр æгасцуайтæ-йед- тæ акодтой, афтæ. — Цæй-ма, нæ хæйрæг, радзур пын, кæцæй радав- тай? — загъта Ерошкæ.— Саг лæг дæ, ныууадз! Æз аф- тæ уарзып! — Хорз мæ уарзыс, уайдзаг бау кæннæуæдæ,— загъта Лукашкæ худгæйæ.— Чызджытæн юнкерæй ад- джинæгтæ хæссыс. Æй, зæронд, цы дын зæгъон, гъа! — Гæды ныхас у, ма дæ бауырнæд! Ей, Маркæ, куы дын амардаин фæлтау! — Зæропд зæрдиагæй ныххуд- ти.— Куыд мын лæгъстæ кодта уыцы хæйрæг, уый куы зонис! Цу, дам, бакой кæп, бакус. Топп мып лæвар код- та гæртамæи. Цæй, хуыцауы фæндиаг уæд! Гæды пы- хас циу, æз хъуыддаг сарæзтаин, фæлæ дæуæн тæри- гъæд кæнын. Цæй-ма, радзур, кæмыты уыдтæ.— Æмæ зæронд лæг тæтæйрагау дзурыи байдыдта. Лукашкæ йыи къæрцц-къæрццæй фæстæмæ дзуапп лæвæрдта. Ергушов тæтæйрагау хорз пæ зыдта æмæ-иу искуы- иу хатт уырыссагау йæ дзырд баппæрста. 185
-— Æз зæгъын, æмæ бæхтæ атардта. Уый мьш ЦЫ » зопын хъæуы,— фæрсласæн ныхас кодта Ергушов. — Гирейкæимæ араст ста>м,— байдыдта дзурыи Лу- кашкæ. (Гиреп-хапы хи рапнæлыпы тыххæй Гирсйкæ хуыдта, уый йæхицæи номыл æмæ лæгдзннадыл нымад- та).— Допæн уыцы фарс пæхи æппæлынæй фылдæр нæ уыд, дзырдта, быдыртæ мæ фоидз къухы хуызæн зоиын, комкоммæ уæ бахæццæ кæндзыиæи, зæгъгæ. Афтæмæй куы араст стæм, уæд мæ Гирейкæ мæйдары фæпда- гæй фæдзæгъæл, разил-базил кæнын байдыдта, æмæ никуы ’мæ ницы — хъæу никæцæй зынд. Æвæццæгæн, рахизфарсырдæм арæдыдыстæм. Æмбисæхсæвмæ фæра- хæт-бахæт кодтам, агуырдтам. Нæ амондмæ гæсгæ куи- тæ сниудтой. — Æдылы къоппатæ,— загъта Ерошкæ.— Хъуыды ма кæнын, мах дæр-иу æхсæв быдыры афтæ фæдзæ- гъæл стæм. Хæйрæг чи фестадаид, уый дæр ницы уал рав- зæрстаид. Æз-иу ахæм сахат обаумæ схызтæн æмæ-иу мæнæ афтæ бирæгъы ниуд пыккодтон! (Ерошкæ йæ къухтæ йæ дзыхыл куыддæр авæрдта æмæ цыма æиæ- хъæи бнрæгъ-бал æмхуызонæй ниудтоп, афтæ нынинуд- та.) Уæд-иу куиты ниуын дæр ссыд. Гъы-гъы, дæ пыхас фæу. Фæхæст стут? — Бирæ нал афæстиат стæм, уайтагъд нæ хъуыддаг ацарæзтам. Назаркæ ма чысылтыл баззад,— ногъайы устытæ нып æй фæцæйахстой. Æцæг зæгъын, бауыр- нæд уæ! — О, æрцахсыны йедтæмæ сæ иицы хъуыди,— загъ- та Назаркæ, фæстæмæ куы ’рбаздæхт, уæд, цыма, йын хъыг уыд, уыцы æгъдауæй. — Рацыдыстæм æмæ та пын Гирейкæ фæндагæй арæдыд æмæ нæ, чысыл ма бахъæуа, змисджын арыхъ- хъытæм фæцæйкодта. Цыма Терчырдæм цыдыстæм, уый- ау нæм зынд, афтæмæй иннæрдæм, галиуырдæм адзæ- гъæл стæм. — Стъалытæм дæ кæсын хъуыд,— загъта Ерошкæ. — Æз дæр афтæ зæгъын,— фæрсласæг алæууыд Ергушов. — Мæндары кæсай, ма кæсап,— цы фендзынæ? Цас æмæ цас фæтухи, фæракæ-бакæ кодтон. Иу ефс æрцах- стои, идон ыл авæрдтон æмæ мæхи бæх ауагътон, кæд цæ уый бахæццæ кæнид, зæгъгæ. Æмæ куыд æнхъæл дæ? Бæх-иу пыффыррыччытæ кодта æмæ-пу зæххыл йæ фындз ахафта. Йæхи фæразæй кодта, æмæ уый ахъуы- 186
ды кæ, æмæ иæ комком’мæ хъæумæ æрбахуыдта. Хуы- цау хорз, æмæ бои дæр февайдта, фæрухс, куыддæр хъæды нæ бæхтæ бафснайдтам, афтæ. Допы фаллаг фар- сæй Нагим æрбахæцнæ æмæ сæ акодта. Ергушов йæ сæр батылдта: — Мæнырдыгонау дæр дæсиы бакуыстат! Бирæ уы- дысты? — Цасфæнды уæнт, мæпæ ам сты се ’ппæт дæр,— загъта Лукашкæ йæ дзыпп хойгæпæ. Зæронд ус уыцы слхат хæдзармæ æрбацыд. Лукаш- кæ йæ ныхас фæурæдта. — Баназ-ма! — фæхъæр кодта уый. — Æз дæр иухатт афтæ Гирчикимæ æнафопы араст дæн...— байдыдта Ерошкæ. — Дæумæ чи хъусы, ныхасæн кæрои пæ кæпыс,— загъта Лукашкæ.— Æз уал цæуын.— Хъалацы ма сæ- нæй чи аззад, уый анызта, йæ рон тыпгдæр балвахта æмæ уынгмæ рацыд. XXXVIII Дыууæизæрастæу уыдаид, Лукашкæ уыпгмæ куы рацыд, уæд. Фæззыгон æхсæв уыд уазалгомау æмæ æпæдымгæ. Фæзæн йæ иу фарсырдыгæй, хæрпс бæлæ- сты аууонæн йæ был сдардта сызгъæрипхуыз цалхы- дзаг мæй. Хæдзæртты ердотæп фæздæг цыд æмæ мнгъи- мæ æмхæццæгæнгæйæ хъæуыл æрбадт. Иугай хæдзæрт- ты рудзгуытæй рухс цыд. Сæнары, цъæл сæнæфсиры æмæ мигъы тæфæй уæлдæф дзаг уыд. Ныхæсты уыпæр, худыны хъæр, зарджытæ æмæ æхсыиæнты къæрццытæ сæмхæццæ сты, фæлæ уæддæр бонæй пыр дзæбæхдæр хъуыстысты. Урс сæрбæттæнтæ æмæ уæлдзарм худтæ зыпдысты талыпджы бырутæ æмæ хæдзæртты цурæп дзыгуыртæ-дзыгуырта^й. Дуканийы гом дуары рухсмæ æдде, лæгъзы кæм урс, уæм сау сæхп дардтоп хъазахъхъы æмæ чызджыты æм- бырдтæ, æмæ хъуыстысты сæ хъæрæй зарджытæ, сæ худын, сæ ныхæстæ. Чызджытæ кæрæдзийы къухтыл ныххæцыдысты, зиллаккæй æрлæууыдысты æмæ рыгæп- /дзаг фæндагыл аив, ленкгæнæгау симдтоп. Чызджытæн сге тæккæ къæсхуырдæр æмæ фыдыиддæр ныззарыд: Из-за лссику, лссу темного, Ай да люлп! Из-за садику, саду зсленого 187
Вот и шли-прошли два молодца, Два молодца, да оба холосты. Они шли-прошли да становилися, Опи становилися, разбранилися. Зæропд устытæ сæ цуры лæууыдысты æмæ зарджы- тæм хъуыстой. Сывæллæттæ сæ алывæрсты талынджы ратæх-батæх кодтой кæрæдзи сургæйæ. Хъазахъхъ сæ алфамбылай лæууыдысты æмæ чызджытимæ хъазæн ны- хæстæ кодтой кæнæ-иу сæ фæдих кодтой æмæ-иу семæ симыиыл схæцыдысты. Дуарæн иуварсырдыгæй, фæс- вæд ран лæууыдысты талынджы Белецкий æмæ Оленин цухъхъаты æмæ уæлдзарм худты мидæг, сæхинымæры сабыргай ыыхас кодтой, хъазахъхъаг æвзагыл пæ, фæ- лæ сыгъдæг уырыссагау æмæ æмбæрстой, рохуаты кæй не сты, фæлæ адæмæп сæ каст уыдоп кæй скодтой, уый.. Фæрсæй-фæрстæм симдтой хъазты ставдгомау Устеиь- кæ сырх куырæты мидæг æмæ бакастджып, цæсты чн ахадыд, уыцы Марьянæ ног хæдон æмæ куырæты мидæг. Олении æмæ Белецкий ныхас кодтсй, цы ’гъдауæй сæ рацæуын кæной чызджыты æхсæнæй Марьянæ æмæ Ус- тенькæйы. Белецкий афтæ æнхъæл уыд, æмæ Оленин æрмæст йæхи аирхæфсынмæ хъавыд; уый цæмæй зыдта, Олсннны зæрдæйы дæгъæл Марьянæйы къухы кæй уыд æмæ уымæ æнхъæлмæ кæй каст, уый. Олснипы фæндыд тæккæ абои хъуыддаг исчердæм пыххицæп кæнын, фæп- дыд æй Марьянæйы хибарæй фепын, пæ зæрдæбыи пы- хæстæ йып ракæныи кæрæй-кæронмæ æмæ дзы цæхгæр, бæлвырд, бæрæг дзуапп райсын: бакомдзæн ын æви нæ. Кæй йын пæ бакомдзæн, уыцы хъуыддаг сусæг нæ уыд рагæй иырмæ, фæлæ уæддæр æнхъæл уыд, йæ зæрдæйы дуар ып куы бангом кæна, уæд æй чызг бамбардзæн æмæ псты æрхъуыды кæндзæн. — Раздæр мын æй цæуылнæ бамбарын кодтай? — дзырдта Белецкий.— Æз дын дæ хъуыддаг Устепькæйы руаджы сарæзтаин. Куыддæр æпахуыр . адæймаг дæ! — Цы кæпон? Искуы дын сæ сæрæй-быимæ лæмбы- нæг фæдзурдзыпæп, даргъ æмгъуыд дын нæ кæиын, хæрз рæхджы. Ныр дæ уый курæг дæп æрмæст, æмæ Устеиь- кæмæ цæмæй æрцæуа, уый мып сараз. — Хорз, уый æнпон у... Куыд кæсын, афтæмæй урс лйсппуны хап кæпдзынæ, Марьяпæ. Цы зæгъыс, и? Лу- кашкæ ихы сæрыл куы пæ аззаид,— загъта Белецкий, 188
уæздапдзинады тыххæй фыццаг Марьянæмæ дзургæйæ, фæлæ дзуапмæ нал фæлæууыд, афтæмæй Устенькæмæ бацыд æмæ дзы курын байдыдта, йемæ Марьяпæйы ца> мæй рахуыдтаид, уый. • Белецкий йæ ныхас кæронмæ иæма ахæццæ кодта, афтæ амонæг æндæр зарæг байдыдта, æмæ чызджытæ кæрæдзийыл ахæцыдысты. Уыдои зарыдысты: Как за садом, за садом Ходил, гулял молодец Вдоль улицы в конец. Он во первый раз идс,— Машст правою рукой, Во другой он раз иде,— Машст шляпой пуховой, А во третий раз иде,— Останавлнватся, Останавливатся, псрсправливатся. Лукашкæ Назаркæимæ симдхъазт арæмыгътой æмæ пæ фæдих кодтой, сæхæдæг чызджыты æхсæнты араст сты. Лукашкæ цъæхснаг хъæлæсæй зарыд æмæ йæ къух- тæ тилгæ астæуæй рацу-бацу кодта. — Цæй-ма, исчи уæ рацæуæд! — бахъæр кодта чыз- джытæм Лукашкæ. Чызджытæ Марьянæйы схойын байдыдтой. Уый сып нæ куымдта. Зарджыты æхсæнæй хъуыст лыстæг худт, цæфы къæрццытæ, батæ, сусæг пыхæстæ. Лукашкæ Оленины цурты куы фæцæйцыд, уæд ын зæрдæлхæпæн куывд акодта йæ сæрæй. 4 — Дмитрий Андреич, ды дæр бакæсыпмæ æрбацыд- тæ, сæргсй?— загъта пын Лукашкæ. — О,— цæхгæр, пыфсхаст, уазал дзуапп ып радта Оленип. Белецкий æргуыбыр кодта æмæ Устенькæйæп нæ хъу- сы цыдæр адзырдта. Чызг ын фæстæмæ дзуапп ратти- паг уыд, фæлæ йæ къухы нал бафтыд æмæ дыккаг зылд куы æркодта, уæд ып загъта: — Хорз, æрцæудзыстæм. — Марьяпæ дæр? Олснип Марьяиæпы хъусмæ пæхп æргуыбыр кодта. — Æрбацæудзыиæ? Дæ хорз фыдыстæп, иу мпнут 189
уæддæр æнæ æрбацæугæ ма фæу. Æхсызгон ныХас мæ ис демæ. — Кæд чызджытæ цæуой, уæд æз дæр бацæудзы- пæп. — Цы дæ куырдтоп, уымæн мып дзуапп ратдзы- нæ? — афарста та йæ Олсиии æмæ йæм поджыдæр хæс- тæгдæр йæхи æргуыбыр кодта.— Абон диссаджы хъæл- дзæг дæ! Чызг симгæ-симын адард. Олепин йæ фæдыл ацыд. — Зæгъдзыпæ мын? — Цы дын хъуамæ зæгъоп? Мæиæ мæ куыд бай- йардта! — Æртæ боны раздæр дæ цæмæй фарстои, уый,— загъта Олснин æмæ пын йæ хъусы бадзырдта:—Ба- комдзыпæ мыи? Марьянæ хъуыдыпыл фæци. — Зæгъдзынæп,— загъта чызг.— Тæккæ абои дып зæгъдзынæн. Æмæ талынджы чызджы цæстытæ хъæлдзæг, рæв- даугæ æрттывд фæкодтой лæппулæгмæ. Оленин чызджы йæхицæп цух нæ уагъта, йæ фæдыл цыд. Цас хæстæгдæр æм лæууыд, уыйас йæ зæрдæйæн æхсызгондæр уыд. Лукашкæ зарыд æмæ уыцы заргæ-зарыи Марьяпæ- йы къухыл фæхæцыд, фесхуыста йæ æмæ пæ хъазты ас- тæу алæууын кодта. Олспип ын æрмæст ма уып бафæ- рæзта зæгъын: «Устенькæмæ æнæ æрбацæугæ ма фæу»,— æмæ фæстæмæ пе ’мбалмæ аздæхт. Зара.т фæ- ци. Лукашкæ йæ былтæ асæрфта, Марьянæ дæр афтæ æмæ кæрæдзийæн аба кодтой. «Нæ, фопдз хаттæй къад- дæр та куыд! Иу æлгъыст у»,— дзырдта Лукашкæ. Аив снмд æмæ зарды фæстæ бæстæ ныхас, худт æмæ змæлд сси. Лукашкæ цыма тынг расыг уыд, афтæ зынд æмæ чызджытæп адджипæгтæ уарын байдыдта. — Уе ’ппæтæп лæвар кæнын,— дзырдта Лукашкæ худæджы онг йæхи сæрыстыргæнгæйæ, йæхицæй ра- зыйæ æмæ йæхи мæлæты лæгæй æвдисгæйæ. Салдæт- тпмæ лымæн чи кæпы, уыдои ардыгæй, хъазтæй адде уæнт,— бафтыдта ма уып æмæ æваст Олснпнмæ мæс- тыйæ, тарæрфыгæй бакаст. Чызджытæ пын йæ адджипæгтæ скъæфтой æмæ сæ кæрæдзипæ худæгæй мæлгæйæ тыххæй истой. Белецкий æмæ Олеппп иуварс сæхи апстп. Лукашкæ цыма йæ рæдаудзинадæй æфсæрмы кодта, 190
уыйау уыд, йæ хуД сйста æМæ йæ цухъхъайы дысæп \цр ных сæрфгæйæ Марьянæ æмæ Устснькæмæ бацыд. — «Æвп ды, мæ хуры хай, мæнæй дæ сины сæрыл хæцыс?»— сфæ:шыдта Лукашкæ, ныртæккæ зарæджы цы ныхæстæ кодтой, уыдон. стæй Марьяиæмæ баздæхт.— Мæ ныфсæй дæхи хъал кæпыс?— загъта та уып дык- каг хатт мæстыхуызæй.— Моймæ куы ацæуай, уæд æнæ- маст иæ уыдзынæ, бирæ цæстысыг фæкалдзынæ,— баф- тыдта уый йæ пыхæстыл Устепькæ æмæ Марьянæйы йæ хъæбысы кæнгæйæ. Устенькæ йæхи атыдта æмæ Лукашкæйæн йæ фæ- сонтæн иу хафт ахæм нылласта, æмæ йæ къух дæр ма фæрыст. — Цы фæид уæм ис, хъаздзыстут-ма дарддæр?— афарста сæ Лукашкæ. — Чызджыты куыд фæпда, афтæ,— радта йын дзу- апп Устенькæ.— Æз нæхимæ цæуыи, Марьяпæ дæр махмæ цæуинаг уыд. Хъазахъхъаг Марьяиæпы, хъæбыстæгæнгæнæ, æддæ- мæ-æддæмæ хибармæ фисыны аууопмæ асайдта. — Ма ацу, Машенькæ,— загъта лæппу,— фæстаг хатт ма нæхи аирхæфсæм, кæрæдзийыл бацин кæиæм. Уæхимæ ацу фæлтау, æз дæр дæм зындзынæн. — Цы ми дзы кæпын уæд нæхимæ? Бæрæгбон хъа- зын æмæ хъæлдзæгдзинзды тыххæй у. Устенькæмæ цæ- уын,— загъта Марьянæ. — Цыфæндытæ кæнай, дæ гæндзæхтæ куы ацæгъдай, уæддæр дæ кургæ кæндзыпæн. — Хорз, хорз,— загъта Марьяпæ.— Уый бæрæг уы- дзæи, фендзыстæм. — Уæдæ цæуыс? — карзæй загъта Лукашкæ æмæ йæ хъæбысмæ æлвасгæйæ чызгæн йæ уадулæн аба кодта. — Стæ-ма, дæ хорзæхæй! Ныр мыл цы ныйичъи дæ, цы мæ баййардтай? — Марьянæ йæхи атыдта æмæ æд- дæдæр алæууыд. — Ей, чызг, цыдæр дæм кæсы, хуыздæр дын куы нæуа!..— уайдзæфтæпæгау ын загъта Лукашкæ, йæ сæр тилгæйæ, уыцы лæугæ-лæууын.— Мæнæй æнæмаст нæ уыдзыпæ.— Йæхæдæг цæхгæр фæзылд æмæ чызджытыл фæхъæр кодта: — Цæй-ма, цы уыл æрцыд, ахъазут-ма! Лукашкæпы пыхасмæ Марьянкæ цыма мæсты дæр раци æмæ тæрсгæ дæр фæкодта, уыйау фæци æмæ фæс- тæмæ фæзылд. — Цæмæй мын уыдзæи фыддæр? 191
— Уымæй. — Уæддæр? — Уымæн æмæ уæ фатерыцæрæг салдатимæ лы- мæн кæныс æмæ уый тыххæй мæн дæр нал уарзыс, дæ зæрдæ мыл аивтай. — Бафæндыд мæ æмæ иал уарзыи. Мæ бар мæхи нæу? Ды мæ мад, мæ фыд куы иæ дæ. Цы дæ хъæуы? Кæй мæ бафæнда, уый бауарздзынæн. — Афтæ, афтæ,— загъта Лукашкæ.— Дæ зæрдыл- иу æй бадар! — Лукашкæ дуканийырдæм бацыд.— Чыз- джытæ! — фæхъæр кодта уый,— Цы слæууыдыстут? Ахъазут-ма ноджыдæр. Назаркæ! ’ Згъоргæ æмæ сæн рахæсс. — Цы зæгъыс, æрбацæудзысты æви пæ?—афарста Оленин Белецкийы. — Ныртæккæ сæ ардæм хъæуы,— дзуапп ын радта Белсцкий.— Цом, хъазтизæр бацæттæ кæпын хъæуы. XXXIX Æхсæвыгон æнафоны Оленин рацыд Белецкийы фа- терæй Марьянæ æмæ Устенькæйы фæдыл. Чызджы кæл- мæрзæн урс дардта талынг уынджы. Мæй сызгъæрин хуызы мидæг йæхи æруагъта быдырырдæм. Æвзистхуыз • æврагъ хъæуыл æрбадт. Бæстæ æрсабыр, иу сыбыртт никæцæй хъуыст, рухс дæр никæцæйуал зынд, æрмæст ма хъуыст разæй чызджыты къæхты хъæр. Оленины зæрдæ уæрыккау кафыд. Цæсгом сыгъд æмæ йын уы- мæл уæлдæфы сæмбæлд æхсызгон уыд. Олепип арвмæ скаст; фæкаст фæстæмæ, цы хæдзарæй рацыд, уырдæм: цырагъ ахуыссыд. Йæ разæй чи цыд, уыцы сылгоймæг- ты сау æндæргмæ кæсын байдыдта. Урс кæлмæрзæн мигъы аууон фæци. Зыбыты иунæг кæй уыд, уый йæм тæссаг æмæ зын каст. Иттæг амондджып уыд ацы са- хат. Оленин асины сæрæй рагæпп ласта æмæ чызджыты фæдыл азгъордта. — Ныр кæцæй фæдæ? Исчи нæ фендзæн,— загъта Устенькæ. — Ницы кæпы! Олеиин Марьянæмæ базгъордта æмæ йæ пæ хъæбы- сы акодта. Марьянæ йæ йæхицæп нæ асхуыста. — Æппын нæма бафсæстыстут батæй? — загъта Ус- 192
тенькæ.— Куы йæ ракурай, уæд-ну батæ кæн, ныр уал дæхиуыл фæхæц. * ,^ — Хæрзæхсæв у, Марьяпæ, тæккæ райсом дæ фыд- мæ бацæудзынæн æмæ йын мæхæдæг мæхи дзыхæй ра- дзурдзынæн. Ды мацы ской кæн. — Мæн та цы дзурыны мæт ис! — радта йын дзуапп Марьянæ. Дыууæ чызджы азгъордтой. Оленин иунæгæй араст æмæ а изæр цыдæриддæр æрцыд, уыдон мысын байдыд- та. Уый æнæхъæн изæр Марьяпæимæ сæ дыууæ хибарæй пецы фæстæ къуымы фæбадтысты. Устенькæ иу минут дæр уатæй æддæмæ нæ рацыд: иннæ чызджытимæ æмæ Белецкийимæ цыдæртæ архайдта. Оленин Марьянæимæ сусæгæй ныхæстæ кодтой сæхимидæг. — Бакомдзынæ мын? — фарста уый чызджы. — Фæсайдзынæ мæ, нæ мæ ракурдзынæ,— фæстæмæ йын хъæлдзæгæй, зæрдæнцой дзуапп лæвæрдта чызг. — Дæ мад, дæ фыдыстæн, раст мын зæгъ: уарзгæ мæ кæныс, уарзгæ? — Цæн тыххæй дæ хъуамæ ма уарзон, хъæрæу, мий- йаг, куы нæ дæ,— загъта Марьянæ худгæйæ æмæ йæ дæрзæг къухтæй Оленины буц къухтæ æлхъивгæйæ.— Цы урс-урсид къухтæ дын ис, фæлмæн, хъаймагъы хуы- зæн,— загъта чызг. — Хъазын æнхъæл мын ма у. Зæгъ-ма мын бæрæг, бакомдзынæ мын æви нæ? — Цæй тыххæй дын хъуамæ ма бакомон, мæ фыд мæ куы дæтта, уæд. — Куы мæ фæсайай, уæд кæй сæрра уыдзынæн, уый дын зæгъын, æмæ дæ уый рох ма уæд. Райсом мæхæдæг мæхи дзыхæй дæ мад æмæ дæ фыдæн радзурдзынæн, усгур бацæудзынæн. Марьянæйæн худæгæй ницыуал уыд. — Цы дыл æрцыд? — Ницы, афтæ худæг мæм кæсы. — Ме ’цæгæй дын зæгъын! Æз ам балхæндзынæн цæхæрадон, хæдзар, мæхи хъазахъхъыл пыффысдзы- нæн... — Æрмæст-иу уæд æндæр устыты ма уарз, кæннод мын цы ’нхъæл дæ! Ахæм митæн бароп нæ дæн,— на- лат дæн. Уыцы пыхæстæ-иу Олении тынг æхсызгонæй мысыд æмæ сæ-иу хииымæры арæх дзырдта. Куы-иу æй æр- хъуыды кодта, уæд-иу йæ зæрдæ срыст кæнæ-иу фыр- 13 Повсс! кт 193
цинæй цы ракодтайд, уымæн-иу ницыуал зыдта, афтæ амондджын каст йæхнмæ. Йæ зæрдæ уымæн рыст, æмæ чызг, кæддæриддæр куыд дардта йæхи, афтæ уыд ныр дæр, цыма йын хъауджыдæр нæу æмæ йын йæ хъуыд- даг ницæмæ дары, уыйхуызæн. Кæй йæ куырдта, уый йæ цæсгомыл ницæмæй фæбæрæг, цыма йæ хæстæг йæ зæрдæмæ нæ хаста, нæ йыл баууæндыд æмæ фæстаг боны цард йæ хъуыдыйы дæр нæ уыд, уыйхуызæн. Аф- тæ дæр ма йæм зынд, цыма йæ чызг æрмæст ацы са- хат уарзы, фæлæ амæй фæстæмæ, искуыбон цыма цард æмæ амонд сс ’хсæн пæ уыдзæн, уыйхуызæн. Амонд- джын та уымæн хуыдта йæхи, æмæ йæм афтæ каст, цыма чызджы ныхæстæ иууылдæр æцæг уыдысты, зæр- диагæй сæ дзырдта æмæ разы уыд уымæн бакомыныл. «Афтæ у,— зæгъгæ, дзырдта йæхæдæг йæхицæн Оле- нин.— Æрмæст уæд бамбардзыстæм кæрæдзи, æмæ мæ къухмæ куы ’рбахауа, сæрмагонд мæн куы бауа, уæд. Ахæм уарзондзинадæн дзыхы ныхæстæ ницы сты, фæлæ пæ хъæуы цард; æрмæст царды мидæг ын ис равдисæн. Райсомбон хъуыддаг рабæрæг, раргом уыдзæн. Дард- дæр афтæ цæрын мæ бон пал у. Райсом мæ иыхæстæ сæрысуанг ракæндзынæн йæ фыдæн, Белецкипæн æмæ æппæт адæмæп... Лукашкæ дыууæ æхсæвы фæд-фæдыл æнæ хуыссæг баййæфта, стæй афтæ бирæ банызта, æмæ йæ йæ къæхт-æ нал хастой, 1æмæ Ямкæмæ бафынæй. ХЬ Дыккаг боп Оленин йæ ахуыр æгъдауæй раздæр райхъал æмæ куыддæр йæ цæстытæй ракаст, афтæ хъуы- дыйыл фæци, цы йæ бакæнын хъæуы, ууыл, стæй цин- гæнгæйæ йæ зæрдыл æрбалæууыдысты чызджы батæ, йæ дæрзæг къухты æууæрст æмæ йæ ныхæстæ: «Цы урс- урсид къухтæ дын ис!» Йæ хуыссæны фæгæпп ласта æмæ уыцы сахат æнæбафæстиатæй хæдзары хицæуттæм цæуынвæнд скодта Марьянæмæ минæвар скæныны тых- хæй. Хур нæма скаст. Оленинмæ афтæ фæкаст, цыма уынджы стыр змæлд ис, уыйау, фистæг æмæ бæхджын адæм рауай-бауай кодтой ныхæстæгæнгæйæ. Оленин йæ цухъхъа уæгъд конд акодта æмæ æддæмæ дуармæ ра- уад. Хæдзары хицæуттæ нæма сыстадысты. Фондз хъа- захъхъаджы бæхтыл фæцæйцыдысты æмæ цæйдæр тых- 191
хæй хъæрæй ныхæстæ кодтой. Се ’ппæты разæй цыд йæ бæзджын кæсгон бæхыл Лукашкæ. Хъазахъхъ æмхуы- зонæй дзырдтой, хъæр кодтой, сæ ныхæстæн бамбарæн нæ уыд. — Уæллаг постмæ-иу рацу,— хъæр кодта иу. — Дæ бæхыл саргъ æвæргæ æмæ нæ-иу тагъддæр раййаф,— дзырдта иннæ. — Уыцы кулдуарыл хæстæгдæр уыдзæн. — Дзæгъæл иыхас иицæмæн у,— хъæр кодта Лу- кашкæ,— астæуыккаг кулдуарыл цæуын хъæуы... — Бæгуыдæр, хæстæгдæр у ууылты,— дзырдта иу рыгæйдзаг хъазахъхъаг хидæйдзаг бæхыл. Лукашкæйы цæсгом сырх-сырхид æмæ рæсыд уыд зноны нозтæй; йæ худ йæ къæбутыл конд. Уый бар- джыи хъæр кодта, цыма хнцау уыд, уыйхуызæн. — Цы хабар у? Кæдæм? — афзрста Оленин æмæ хъæппæрисæгæй хъазахъхъы йæхимæ æркæсын кодта. — Абырджытæ ахсынмæ цæуæм, уæртæ змнс арыхъ- хъыты бабадтысты. Ныртæккæ раст кæнæм, фæлæ адæм нæй. Æмæ хъазахъхъ уыцы дзолгъо-молгъогæнгæйæ дарддæр уынджы дæлæмæ аивгъуыдтой. Оленин ахъуы- ды кодта, куы пæ ацæуон, уæд аив пæ уыдзæн, стæн ма йæ уьшы зæрдæ д.тр фæсайдта, фæстæмæ тагъд æр- баздæхдзыпæп, зæгъгæ. Йæ дзауматæ йæ уæлæ акодта æмæ йæ топп нæмыгæй аифтыгъта. Ванюшæ йын куыд- дæртæй тагъд-тагъд йæ бæхыл саргъ авæрдта. Оленпн бæхыл йæхи уыцпу æппæрсг бзкодта æмæ хъазахъхъы раст хъæуæн йæ тæккæ рацæуæпы баййæфта. Хъазахъхъ уыцы раи рафистæг сты бæхтæп, зиллаккæп æрлæууы- дысты æмæ боцкъайæ хъæдып къусмæ сæн уагътой æмæ кæрæдзимæ сидгæйæ сæ фæндаджы тыххæй куывтой. Се ’хсæн уыд уыцы хъал «гæппу афицер, хæрупжпй. Æпæпхъæлгæйæ, куыддæрмæрдтагæп хъæумæ æрбгф- тыд æмæ, чи æрæмбырд, уыцы фараст хъазахъхъагæи пæхимæ уынаффæтæ æмæ хицауад кæнып рапста. Чп æрæмбырд, уыдоп се ’ппæт дæр уыдысты хуымæтæджы хъазахъхъæгтæ æмæ, кæд хæрупжий пæхи хицауы дард Кодта, уæддæр хъусгæ æрмæст Лукашкæмæ кодтоп. Олеиип гуырд у, нæу,— хъуыды дæр æй пичи кодта, Мæгуыр. Хъазахъхъ сæ бæхтыл куы сбадтысты æмæ куы араст сты, уæд Оленин йæхи хæруижиймæ хæстæгдæр баласта хъуыддаджы хабар бамбарыны тыххæй. Хæ- рунжнй кæддæриддæр лæгъз дзыхы уагæй дзырдта, фæ- ШЗ
лæ ацы хатт, табу йе стырдзинадæн, Оленинмæ хицауы цæстæй ракаст. Тыхæмхасæнтæй Оленин æрæджиау ха- бар бамбæрста. Уыйагъоммæ абырджыты фæдыл цы къорд хъазахъхъаджы ацыд сгарæг, уыдон абырджыты баййæфтой, хъæуæй иу-аст версты бæрц куы ауады- сты, уæд, змисджын арыхъхъыты. Абырджытæ уым æр- фидар сты дзыхъхъы мидæг, уырдыгæй æхстой æмæ æртхъирæн кодтой, æнæ амæлгæ, удæгасæй сæхи кæй иæ ратдзысты. Сгарджытæн семæ цы урядник уыд, уый дыууæ хъазахъхъагимæ уым баззад абырджыты хъахъ- хъæныны тыххæй, иу хъазахъхъаджы та хъæумæ фæди- сы рарвыста æххуыс курынмæ. Хур æрмæст ныртæккæ байдыдта йæхи уæлæмæ исын. Хъæуæй æртæ версты дарддæр алырдыгæй раргом быдыр, æмæ æрмæст уыцы æмхуызон, æнкъард, зæрдæ- уынгæггæнæн хус лæгъз быдыры йедтæмæ цæст ницæ- уыл хæцыд. Быдыры зынд хъомвосы фæд, фæлвых, æр- дæгхус зайæгой иугай рæтты, пыллæг хъамылты тæрфы- ты, искуы-иу ран æвæрд къахвæпдæгтæ æмæ цæст чысыл кæй ахста, ахæм ногъайаг цатыртæ кæмдæр дард, ар- вы кæронмæ æввахс. Цæсты тынг цы ахадыд, уый — ау- уон, сатæг ран — хæснагыл дæр не ссардæуыдаид,— иу- дадзыгдæр уыцы зæрдæмæгуыргæнæн, æнтъыснæг, карз бæсты уаг. Быдыры хур скæсып æмæ хурныгуылын афон кæддæриддæр вæййы сæуæхсид. Уад бон уæлдæф змисæй байдзаг вæййы. Сабыр, æнæдымгæ бои та аф- тæ æнцад, афтæ æдзæм вæййы, æмæ диссаг,— иу сы- быртт, иу уынæр никæцæп фехъуысдзæн. Ацы райсом дæр раст афтæ уыд бздыры,— кæд хур уæлиау ссыд, уæддæр бæстыл фæлм бадт. Бæстæ уыд æдзæрæг æмæ фæлмас. Уæлдæф æппындæр не змæлыд. Æрмæст ма хъуыст бæхты къæхты фæлмæн хъæр æмæ сæ фыррыч- чытæ. Хъазахъхъ фылдæр цыдысты æнæдзургæйæ. Хъазахъхъаг йæ гæрзтæ кæддæриддгер рæвдз, ифтонг дардта, зæлланг æмæ дзыгъал-мыгъул куынпæ код- таиккой, афтæ. Стыр худинаг уыд, гæрзтæ æнгом, æнæз- мæлгæйæ дарын чи нæ зыдта, уымæн. Флендагыл сæ фæсте дыууæ хъазахъхъаджы æрбаййæфтой æмæ дыу- уæ-æртæ пыхасы кæрæдзимæ скодтой. Лукашкæйы бын бæх йæ къах нæуылдæр скьуырдта æмæ йæ цыд фæцырддæр кодта. Уый хъазахъмæ æвзæр нысаныл ны- мад у, уæлдайдæр ныртæккæйы сахат сæ фæндагæн Хъазахъхъ фæстæмæ фæкастысты æмæ уайтагъд фæ- зылдысты, цыма йæ ницæмæ æрдардтой, уыйхуызæн. ПК}
Лукашкæ бæхы рохтæ æрбамбырдтæ кодта, æрфгуытæ фелхынцъ кодта æмæ ехс дард фæхаста. Замманай кæс- гон бæх æвиппайды скафыд, цыма йæ кæцы къахыл æрлæууын хъуыд, уый нал зыдта æмæ цыма маргъау йæ базыртыл йæхи уæлæмæ, хæрдмæ сисынмæ хъавыд, уыйау. Лукашкæ йын ехсæй иу дзæхст нылласта, дык- каг, æртыккаг. Кæсгон бæх йæ дымæг фелхъывта æмæ фыррыччытæгæнгæ йæ фæстæгтыл скафыд æмæ иудзæв- гар иннæ барджытæй араздæр. — Бæхæй йæм дау нæй, æвæдза! — загъта хæрун- жий. — Бæх нæ, фæлæ домбай у,— загъта хистæр хъа- захъхъæй иу. Хъазахъхъ цыдысты æнæдзургæйæ, кæм сау цыдæй, кæм та сæпп-сæппæй, æмæ æрмæст иунæг уыцы хъуыд- даг сын хæлдта иучысыл сæ кадджын цыды æгъдау æмæ сæ æдзæмдзинад. Æнæхъæн быдыры, аст версты фæндагыл, зыбыты иунæг змæлæг федтой. Уый уыд погъайаг уæрдон. Йæ уæлæ цатыр æвæрд, афтæмæй сындæггай лæсти иу верст дарддæр хъазахъхъæй. Уæрдоны хицау, ногъайаг йæ быпат ивта æмæ йæ бипоптимæ пу рапæй инпæ ранмæ цыд. Ноджы ма сæмбæлдысты дыууæ фæтæпуадулджын погъайаг усыл бызгъуырты мидæг — тæсчъытæ се ’ккой, афтæмæй сæнæрттæ æмбырд кодтой иу лæнчы мидæг. Афицер хъуымыхъхъагау дзæбæх нæ зыдта æмæ æр- дæгдзæфтæй устытимæ дзырдта, цæйдæр тыххæй сæ рафæрс-бафæрс кодта. Устытæ йын йæ ныхæстæ не ’мбæрстой, æдас дæр дзы пæ уыдысты æмæ кæрæдзимæ катайтæгæпгæ ракæс-бакæс кодтой. Лукашкæ сæм хæстæг бацыд бæхыл, сæ цуры æр- лæууыд æмæ сын æгъдаумæ гæсгæ салам радта. Усты- тæ бацип кодтой æмæ йемæ æдæрсгæйæ, хицон æгъда- уыл ныхас кæныи бапдыдтой, цыма Лукашкæйæн йæ хотæ уыдысты, уыйхуызæн. — Ай-ай, коп абрек!—дзырдтой устытæ сæ сæртæ тилгæйæ æмæ сæ къухтæ сæ былтыл даргæйæ æмæ, хъазахъхъ се ’ргом кæдæм дардтой, уыцырдæм къухæй амыдтой. Оленин бамбæрста, цы дзырдтой, уый: «Би- рæ абырджытæ». Ахæм хъуыддæгты Олении ннкуыма фæци, æрмæст сæ зонгæ кодта Ерошкæйы ныхæстæм гæсгæ æмæ уыйа- дыл, мæхн дыууæ цæстæй сæ фенои, зæгъгæ, йæхи хъа- захъхъæй цух нæ уагъта. Хъазахъмæ кæсынæй не 197
’фсæст, лыстæг каст алцæмæ дæр æмæ зæрдиагæй хъуы- ста алы ныхасмæ, алы хъуыддагмæ хъуыдыгæнгæйæ. Кард æмæ йæм топп уыд, фæлæ куы бафиппайдта, хъазахъхъ дзы сæхи ласынц, уæд бауынаффæ кодта семæ хъуыддаджы нæ бацæуын, уымæн æмæ, уыйырды- гонау, йæ хъæбатырдзинад гуырысхойаг нæ уыд, равды- ста йæхи хæсты мидæг, стæй ма уымæи, æмæ ацы са- хат стыр амондджып уыд. Æвиппайды дардæй топпы гæрах фæцыд. Хæрунжийæн йæ быны дон бацыд æмæ хъазахъхъæи уынаффæ кæнын байдыдта: куыд сæ æрлæууын хъæуы къордгæйттæй, стæй сæ чердыгæй бацæуын хъæуы. Фæ- лæ йæ хъазахъхъ хъуыды дæр нал кодтой, æрмæст Лу- кашкæмæ хъуыстой æмæ сын уый цы дзырдта, уый код- той. Лукашкæйы цæсгом æмæ фæлгонц æвдыстой хъæ- батырдзинад æмæ, цы хъуыддаджы мидæг уыд, уый пæ цæсты цытджын, кадджын кæй уыд, уый. Йæ кæсгопы сауцыдæй ауагъта æмæ цъынддзастæй размæ æнувыдæй каст. Иннæ хъазахъхъ йæ фæдыл уадысты сæпп-сæп- пæй. — Уæртæ иу бæхджын æрбацæуы,— загъта Лукаш- кæ йæ бæхыл фæстæмæ хæцгæйæ æмæ иннæты æмрæнхъ æрлæууыд. Уалынджы дыууæ барæджы дзæбæх зыпып байдыдтой, æмæ сæм хъазахъхъ комкоммæ сæ ных радтой. — Уыдоп абырджытæ сты? — афарста Олспин. Хъазахъх*ь ып фæстæмæ дзуапп пæ радтой, уымæн æмæ сæм йæ ныхас тынг æдылы фæкаст. Абырджытæ æнæзонд уыдаиккой, донæн ацы фарсмæ бæхтыл куы рахызтаиккой, уæд. — Далæ нæм йæ къух тилы. Родькæйы хуызæн пы- ма у,— загъта Лукашкæ æмæ пæ къухæй ацамыдта, ныр бæрæг чи зынд, уыцы дыууæ барæджырдæм.— Уæртæ махырдæм æрбацæуы. Æмæ æцæг, иукъорд мипуты фæстæ рабæрæг, уы- цы дыууæ барæджы сæхи сгарджытæ кæй уыдысты уый, æмæ урядник Лукашкæмæ йæ бæх фездæхта. Х1Л — Дард сты? — афарста Лукашкæ. » Уьшы сахат фехъуыст хæстæгæй топпы пыбыр хъæр. Урядинк йæ мидбылты зыиа-нæзына бахудт. *=* Нæхп Гуркæ сыл æндзары,— загьта урядник, йæ 198
еæрæй, топпы хъæр кæцæп фæцыд,уыцырдæм амон- Гстпæ. Иучысыл ма куы ауадысты, уæд Гуркæпы змис обауы фæстæ топп ифтыидзгæ ауыдтой. Абырджытæ æддæдæр, æндæр обауы фæстæ бадтысты. Гуркæ сæ дзæгъæлбадты бæсты гæрæхтæ кодта. Уыдон дæр æх- стой, æмæ иу нæмыг уыцырдыгæй цъуых-цъуыхгæнгæ æрбафардæг. Хæрунжийæн йæ хуыз фæцыд, туджы æртах дзы, кæй фæзагъдæуы, нал баззад, æмæ дзæбæх нал арæхст. Лукашкæ йæ бæхæй рафистæг, хъазахъмæ йæ авæрдта æмæ Гуркæйырдæм араст. Оленин дæр афтæ бакодта æмæ йæ фæдыл ацыд. Æхсгæ чи кодта, уыцы хъазахъ- хъагмæ куыддæр бахæццæ сты, афтæ сæ тæккæ сæрты дыууæ нæмыджы сыффытт фæцыд. Лукашкæ худгæйæ фæстæмæ Оленинмæ фæкаст æмæ йæхи фæгуыбыр кодта. — Фыдбылызау дæ, миййаг, куы амарой, цы нæ æр- цæуы, фæлтау дæхи куы айспс, уæд хуыздæр уаид. Ан дæ хъуыддаг нæу. Фæлæ Оленины тыиг фæпдыд абырджыты феиын. Къуыппы аууон ауыдта худтæ æмæ топпыдзыхтæ. Дыууæты ’хсæн уыдаид дыууæфондзыссæдз сардзины бæрц. Æвиппайды фæздæджы цъупп фæзынд, æмæ та нæмыджы цъыгъгъуытт фæцыд. Абырджытæ къуыппы фæсдзæгат цъымарайы мидæг бадтысты. Абырджыты бадæп Оленинмæ стыр диссаг фæкаст. Уыцы бынатæй æмæ æнæхъæн быдырæй нпцы уæлдай, ницы хъауджы- дæр уыд, фæлæ дзы абырджытæ кæй бадгысты, уый тыххæй цыма æпдæрхуызон, æндæр цыдæр уыд, уыйау æм зынд. Афтæ дæр ма йæм фæкаст, цыма уыцы ран сæрмагонд абырджыты бадæнæп арæзт уыд, уыйхуы- зæн. Лукашкæ йæ бæхмæ раздæхт, æмæ Оленин дæр йæ фæдыл рацыд. — Уыцы хосы уæрдон ардæм æрбатæрын хъæуы, кæннод нæм цыдæр кæсы,— фæцæгъддзысты нæ,— загъ- та Лукашкæ.— Уæртæ уыныс, къуыппы фæстæ ногъайа- джы хосы уæрдон лæууы. Хæрунжий йæм дзæбæх байхъуыста, урядник дæр сразы йæ ныхæстыл. Хосы уæрдон æрбахæццæ кодтой, æмæ хъазахъхъ уæрдон размæ тулын байдыдтой, сæхæ- дæг фæсте йæ аууон лæууыдысты. Оленин къуыпмæ схызт,— уырдыгæй алцыдæр зынд. Хосы уæрдон размæ цыд, хъазахъхъ фæсте хосмæ æнгом лæууыдысты. Цæ- цæн уыдысты фараст лæджы æмæ фæрсæй-фæрстæм 199
бадтысты сæ топпытæ фехсынæввонгæй, фæлæ æхсгæ нæма кодтой. Бæстæ æнцад, æдзæм уыд. Æваст, цæцæн кæм бад- тысты, уыцырдыгæй фехъуыст хъарæггæнæгау зарæг, Ерошкæйы «ай-далалай» зарæджы хуызæи. Цæцæн бамбæрстой, ацæуæн сын кæй нал ис, уый, æмæ, ли- дзынмæ цæмæй ма фæуой, уып тыххæй гæрзæй сæ уæрджытæ кæрæдзимæ бабастой, сæ топпытæ срæвдз кодтой æмæ мæлæты агъоммæ ны зарæг æмбæлы, уы- цы зарæг ныккодтой. Хъазахъхъ хосы уæрдонпмæ хæстæгæй-хæстæгдæр цыдысты. Оленин æнхъæл уыд, ныртæккæ хæст самай- дзысты, зæгъгæ. Фæлæ бæсты æдзæмдзинад хæлдта æрмæст зæрдæмæгуыргæнæн зарæг. Æвиппайды зард фæхъус, топпы цыбыр хъæр фехъуыст, уæрдоны фарсыл нæмыджы къæрцц фæцыд, æмæ хъуысын байдыдта цæ- цæны æлгъыст æмæ соит хъæртæ. Æхст æхсты æййæф- та, нæмгуытæ фæд-фæдыл уæрдоны фарсыл æмбæл- дысты. Хъазахъхъ æхсгæ нæ кодтой, фæлæ цæцæны ба- дæнтæм баввахс сты — се ’хсæн фопдз къахдзæфæй фылдæр нал уыд. Иу æрхъæц ма рацыдаид, афтæ хъазахъхъ дыууæр- дыгæй уæрдоны фæсте хъæргæнгæйæ рагæппытæ ластой. Лукашкæ сæ тæккæ разæй уыд. Оленин ма фехъуыста æрмæст иукъорд гæрахы, хъæр æмæ хъæрзын. Афтæ йæм фæзынд, цыма топпыхосы фæздæг æмæ туг дæр ауыдта, уыйхуызæи. Йæ бæх уыцы хуызæнæй фæуагъта æмæ йæхи дæр нал базыдта, афтæмæй хъазахъхъырдæм азгъордта. Йæ зæрдæ бадзой-дзой кодта, æмæ цæстытæ батар сты. Ницыуал раиртæста, фæлæ бамбæрста, хъуыд- даг кæй ахицæн, уый. Лукашкæ пыффæлурс кæрдæй- наг хæцъилы хуызæн, афтæмæй цæф цæцæйнаджы къух- тыл хæцыд æмæ хъæр кодта: «Ма йæ ныццæв! Удæга- сæй йæ акæндзынæн!» Уый уыд, цы цæцæйнаджы амард- та, уымæп йæ хæд æфсымæр, мард ласыпмæ чи ’рцыд. Лукашкæ йын йæ къухтæ здыхта. Æвиппайды цæцæйнаг йæхи атыдта æмæ йыл дамбаца ныххуырста. Лукашкæ ахауд. Йæ гуыбынæй туг цыд. Лукашкæ фестад æмæ та фæстæмæ æрхауд уырыссагау æмæ тæтæйрагау æлгъит- гæйæ. Йæхиуыл дæр æмæ йæ быны дæр туг фылдæрæй- фылдæр кодта. Хъазахъхъ æм бауадысты æмæ йын йæ ^оп халын байдыдтой. Назаркæ йæм, мæгуыр, фæкæсын- мæ хъавыд, фæлæ йæ кард йæ кæрддзæмы нытътъыссы- 200
нæн ницыуал амал ардта, галиуырдæм ын-иу фæцп. Карды ком уыд тугæйдзаг. Цæцæйнæгтæ сæ сырх æлвыд рихитимæ мæрдтæй æмæ къуыхтæй лæууыдысты. Æрмæст ма Лукашкæйы чи фехста, уыцы зонгæ цæцæйнаг цæфтæ æмæ удæгас уыд. Уый цæф хъæрццыгъэйы хуызæн тугæйдзагæй (йæ рахиз цæсты бынæй туг цыд), йе ’фсæртæ æлвасгяейæ, фæлурсæй, æитъыснæгæй дзуццæджы бадт æмæ йæ ал- фамбылай йе стыр цæстытæй алырдæм каст æмæ ма йæ хъамайы сæрыл хæцгæйæ йæхи цæттæ дардта хи баиргъæвынмæ. Хæрунжий йæм йæхи хæстæг баласта иуварсырдыгæй, цыма уымæ нæ цыд, уыйхуызæн, стæй æваст фæзылд æмæ йын раст йæ тæккæ хъусыл дамбаца фæкодта. Цæцæйнаг ма йыл, мæгуырæг, йæ зæрдæйæ йæхи баппарынмæ хъавыд, фæлæ йæ къухы ницыуал бафтыд, уайтагъд æрхауд. Хъазахъхъ хæстулæфтгæнгæйæ мæрдты алырдæм хастой æмæ сын сæ гæрзтæ сæ уæлæпæ истой. Уыцы сырх цæцæйнæгтæй алчидæр адæймаг уыд, алкæмæп дæр хнцæн цæсгомы хатт, хицæи цæсгомы уаг æмæ ахаст уыд. Лукашкæйы уæрдопмæ бахастой. Уый æнæ- банцайгæпæ æлгъыста уырыссагау æмæ тæтæйрагау. — Гæды зæп.ыс, мæ дыууæ къухæй дыи дæ хурхыл бахæцдзынæп! Мæнæй аирвæзай, уый æнхъæл макуы боп у! Анассыпы! — хъæр кодта Лукашкæ йæхи тыпдз- гæйæ. Уайтагъд йæ хъару асаст æмæ фырлæмæгъæй иыхъхъус. Оленин сæхимæ аивгъуыдта. Изæрæй йын загъдæ- уыд, Лукашкæ мæлæтдзаг рынчын у, ахъаззаг нал у, зæгъгæ, фæлæ йæ иу цæцæйнаг, донæн уыцы фарсаг, йæхи быгъдуан бакодта æмæ йæ кæрдæджытæй дзæ- бæх кæндзæн. Мæрдты хъæуы уынаффæдонмæ бахастой. Устытæ æмæ сывæллæттæ фæдисы згъорд кодтой бакæсынмæ. Оленин изæрдалынгтæй æрбаздæхт æмæ цыдæрид- дæр федта, уыдон йæ зæрдæмæ афтæ хæстæг бахаста, æмæ бынтон æрæджиау æрномыл, йæ зæрдæ йе ’муд æрцыд. Фæлæ æхсæвыгон та йæ зæрдыл æрбалæууыды- сты зноны хъуыддæгтæ æмæ хъуыдытæ. Оленин рудзын- гæй иу каст ракодта. Марьянæ рауай-бауай кодта хæ- дзары æмæ хъомдоны æхсæн æмæ цыдæртæ æфснайдта. Мад сæнæфсирдонмæ ацыд. Фыд хъæуы уынаффæдоны уыд. Чызг æфспапдгонд пæма фæци, афгæ пæм Оленин бацыд. Чызг хъæдзары лæууыд, йæ чъылдым Оленип- 201
мæ здæхт, афтæмæй. Олении афтæ æнхъæл уыд, æф- сæрмы дзы кæны. — Марьяиæ! — загъта уый.— 0 Марьянæ! Æз дæм бауайон? Чызг æваст фæзылд. Йæ цæстытæ доны разылдысты. Иæ цæсгом æвдыста зæрдæмæдзæугæ æнкъарддзииад. Йæ сæр сæрмæ чи хæссы, ахæм адæймаджы уæздан каст æм бакодта æнæдзургæйæ. Оленин та дыккаг хатт загъта: — Марьянæ! Æз æрбацыдтæн... — Куы мæ ныууадзис,— загъта чызг. Йæ цæсгомы хатт нæ аивта, фæлæ йæ цæстысыгтæ æркалдысты. — Цы дыл æрцыд? Цы кæныс? — «Цы» та цы хоныс? — загьта чызг тызмæг æмæ карз хъæлæсы уагæй.— Хъазахъхъы фæцагътой, уыч фехъуыстай? — Лукашкæйы? — зæгъгæ, фæкодта Оленип. — Дæхи айс, мæ цæст дæ куыпнæ уына, афтæ! — Марьянæ! — загъгæ та фæкодта Олснип æмæ йæм хæстæгдæр бацыд. — Мæнæй дып пайда нæй, иикуы мæ ницы радом- дзынæ. — Марьянæ, афтæ ма дзур,— лæгъстæ кæиын бай- дыдта Оленин. — Дæхи айс, цъаммар! — фгсхъæр кодта чызг, йæ къæхтæ сцæгъдгæйæ æмæ йæм ныццæвыны опг æртхъи- рæнтæгæпгæйæ йæхи бахæстæгдæр кодта. Ахæм мæсты- хуызæй, ахæм æвзæр, æлгъаг цæстæй йæм бакаст, æмæ Оленип æвиппайды бамбæрста, йæ зæрдæ ма цæуыл да- ра, ахæм хъуыддагæй дзы ницыуал ис, æмæ райдайæ- пы куыд æнхъæл уыд, райдайæны цы цæстæй каст чызг- мæ, æцæг ахæм разынд: хæстæг баиæуæи кæмæ ис æмæ къухы æнцонтыл чи бафта, ахæм нæу. Оленин хорзау нал уыд, фæстæмæ йын зæгъын ни- цыуал бафæрæзта æмæ лидзынмæ фæци. ХЫ1 Сæхимæ куы ’рбаздæхт, уæд дыууæ сахаты бæрц æнæфезмæлгæ фæхуыссыд хуыссæны, стæй сыстад æмæ ротæйы хицаумæ араст кодта æмæ дзы бар райста штабмæ ацæуыны тыххæй. Хæдзары хицæуттæн сæ фа- теры мызд Ванюшкæйæн барвыста, хæрзбоп никæмæн зцгъта, афтæмæй цæуыны уыпаффæ скодта, сæ иолкъ 202
кæм бадт, уыцы фидармæ. Хæрзбон зæгъынмæ йæм æр- мæст иунат Ерошкæ æрбацыд. Сæ дыууал анызтой, стæй та поджыдæр апызтой, уыпфæстæ дæр та ноджыдæр апызтой. Мæскуыйæ куыд раст кодта, афтæ ныр дæр, æртæ бæхы ифтыгъдæй, уæрдон æдде дуармæ арастæв- вонгæй лæууыд. Мæскуыйæ куы раст кодта, уæд цы цæстæй каст йæхимæ, уæд куыд кадджын уыд йæхн цæ- сты, афтæ пал уыд Пыр. Ам цыдæриддæр бакодта хъуыд- дагæй, цыдæриддæр хъуыды кодта йæ сæрæй, уыдо- пæй «афтæ пе сты», зæгъгæ, пал дзырдта. Р1æхицæи ног цардæй зæрдæтæ дæр нал æвæрдта. Марьянæйы пыр фыццагæй фылдæр уарзта, стæй йып йæхи кæй иикуы бауарздзæн, уый дæр ныр базыдта. — Цæй, хорзыл амбæл, мæ фыдыхай,— дзырдта Ерошкæ.— Æфсады куы ацæуай, уæд дæхн хъахъхъæи, зæронд лæджы ныхæстæ дæ зæрдыл бадар, хуымæтæ- джы иæ фæзæгъынц: «Зæрондæн йæ фындз амæрз æмæ йæ зопдæй бафæрс». Æз зæропд бирæгъ дæн, уый зоп: цы нæ федтоп, цы пæ бавзæрстоп, иу ахæм мып иæй, æмæ дып зæгъып, хæстмæ кæнæ стæры куы ацæуай æмæ уæ æхсгæ куы кæиой, уæд хибармæ дæхи лас, адæм æм- бырд кæм уой, уырдæм хæстæг ма цу. Кæпнод сымахæи уе ’гъдау афтæ у: куыддæр фæтæрсат, сфтæ адæм фыл- дæр кæм вæййы, уыцырдæм уæхи ласут; афтæ ’нхъæл вæййут, зæгъгæ, уымæй уым адæмимæ хъæлдзæгдæр, æдасдæр уыдзæп, зæгъгæ. Уымæй æвзæрдæр тл уæвгæ ницы ис: кæддæриддæр адæм фылдæр дзыгуырæй кæм лæууой, уырдæм хъавыпц, уырдæм æхсыиц. Æз та-иу мæхи адæмæй дарддæр ластон æмæ-иу зыбыты иунæ- гæй рацу-бацу кодтон, уымæн никуы фæцæф дæп. Æвæ- дза, цы иæ федтон, цы нæ бавзæрстон мæ цæргæ-цæ- рæнбонты фыццагæй фæстагмæ, иу ахæм мын пал баз- зад. — Уæдæ дæ фæсонты топпы пæмыг куы бзды,— загъта Ванюшæ уат æфснайгæйæ. — Уый нипы у, хъазахъхъ хынджылæг скъæрдтой,— радта йын дзуапп Ерошкæ. — Уый та цы хоныс? — афарста пæ Оленип. — Куыд вæййы, афтæ. Нуæзтам. Иу хъазахъхъаг, Ванькæ Ситкин, зæгъгæ, æгæр бахъæлдзæг æмæ мып раст мæнæ ацы рап дамбаца фæкодта. — Æмæ дын нæ фæрыст? — афарста Олснин.— Вапюшæ, тагъд уыдзынæ? — бафтыдта та уый. — Гъæй! Кæдæм мыи тагъд кæпыс, дæ фыдыстæи? 203
Фæлæуу-ма, мæ пыхас ракæпоп... Гъемæ мыл æй куы иыххуырста, у.тд нæмыг етæджы банцад æмæ уым баз- зад. Æз ын афтæ зæгъып: куы мæ амардтан, уып, гор- мои. И? Цы мыи бакуыстап уый? Ныр мæ афтæ уæ- лæнгæйтты нал аирвæздзыпæ. Хъуамæ мып ацы ран сæны ведра мæ разы æрæвæрай. — Уæд йед та... Рисгæ дын нæ фæкодта? — афарста та йæ Оленин, хъусгæ пæм дзæбæх пæ кодта, ^фгæмæй. — Мæ ныхас мын кæронмæ ауадз. Сæпы ведра æрæвæрдта. Банызтам æй, уæдæ цы кодтам. Ныр туг кæлы æмæ кæлы, хæдзар тугæй фесæфт. Уæд иу зæ- ронд лæг, Бурлак, зæгъгæ, йæ мыггаджы ном, афтæ фæ- кодта: «Апы мæгуыр лæг куы пыххæдмæл уа, уымхй тæссзг у. Ведрайы цыппæрæмхай-ма адджып сæи æрæ- вæр, кæннод дæ хъуыддаг хорз нæ цæуы, уып зоп». Æр- бахастой та. Банызтам та уый дæр. — Уый дæр афтæ фæуæд, фæлæ дып рисгæ нæ код- та, рисгæ?— афарста та йæ ноджы Олении. — Цæй риссынтæ кæныс, цæ? Мæ дзырд мып ма ис, уымæй æвзæрдæр мæм ницы кæсы, нæ уарзын афтæ. Бауадз мæ дзурып. Æхсæв-бонмæ æиæбанцапгæйæ иыз- там æмæ нызтам, стæй фыдрасыгæй пецы сæр бафынæп дæи. Райсомæй райхъал дæп, æмæ мæ мæ астæу ста- сын пæ уадзы. — Тынг дын рыстис? — ской та пып кодта Оленин,— йæ з&рдæйæ загъта, ацы хатт мып уæддæр ратдзæп дзуапп мæ ныхасæп. — Афтæ дын куы пæ зæгъыи, рысти мып, зæгъгæ. Рисгæ мын нæ кодга, фæлæ мæ фæтасып æмæ цæуыи нæ уагъта. — Афтæмæй дын сдзæбæх ис, нæ? — афарста Оле- пип æнæхудгæйæ, йæ зæрдæ куыд рыст, уымæ гæсгæ. — Сдзæбæх ис, уæдæ цы кодта, фæлæ нæмыг уым баззад. Мæнæ-ма йæ асгар.—Ерошкæ йæ хæдон уæлæмæ сфæлдæхта æмæ стæджы цур, нæмыг кæм банцад, уыцы фæтæн, стæвдтæарæзт фæсонтæ равдыста. — Кæсыс æм, куыд рауай-бауай кæны,— дзырдта Ерошкæ, цыма дзы йæхи ирхæфста æмæ йын хъазæн- хъул уыд, уыйхуызæп.— Дæлæмæ чъылдыммæ æрфар- дæг. — Куыд дæм кæсы, Лукашкæ фервæздзæн? Йæ удæп ницы тас у? — афарста Олснин. 1— Хуыцау дæсны, цы йып базыпдæуыдзæи! Дох- тыр нæй. Æрвитгæ йæм акодтой. 2С4
— Кæцæй хъуамæ æрласой дохтыры, Грознайæ, мий- паг? — афарста Оленин. — Нæ, мæ фыдыхай, цæвиттоп хъуыддагæй, пад- дзах фæдæн, уæд сымах, уырысы мыггагæй иу дæр нал ныууагътаин, раджы уæ æрцауыгътаии. Æрмæст æр- гæвдын зонут, æндæр ницы. Нæ хъазахъхъæй иуы, Бак- лашев, зæгъгæ, бабын кодтой, лæг нал у, йæ къах ын алыг кодтой. Цы ма дæ хъæуы, уымæй æдылыдæр ми ма куыд бачындæуыдзæн! Цæмæн ма у ныр Баклашев? Нæ, мæ хæдзар, кæд искуы æцæг дохтыртæ ис, уæд хо- хы. Мæ лымæн хъазахъхъаг, Гирчик, зæгъгæ, хæсты фæ- цæф. Нæмыг раст мæнæ ам йæ риуы сæмбæлд, гъемæ, иæ дæ бауырндзæн, сымах дохтыртæ йæм сæ ныфс нæ бахастой,— хохæй Саиб æрцыд æмæ йæ сдзæбæх кодта. Кæрдæджытæй дзæбæх кæнынц, мæ лымæн кæрдæ- джытæй. — Ныууадз, уыдоп пицæйаг, гæды ныхæстæ сты,— загъта Оленин,—фæлтау уын æз штабæй хъæдгоммæ- гæсæджы æрбарвитдзынæн. — Гæды ныхæстæ! — сфæзмыдта йæ зæронд лæг.— Æдылы куы дæ, сæрæй, оедылы! Гæды иыхæстæ. «Хъæд- гоммæгæсæджы æрбарвитдзынæп»! Сымахонтæ, мæгуыр уæ бон, дзæбæх кæпыи куы зыдтаиккой, уæд хъазахъхъ дæр æмæ цæцæн дæр сымахонтæм цыдаиккой дзæбæх кæнынмæ, уæд уæ афицертæ æмæ уæ булкъонтæ хохæн дохтыртæ нæ хуыдтаиккой. Сымахмæ гæдыдзинад, фæ- лывддзинады йедтæмæ ницы ис, ницы. Оленин ын фæстæмæ ницы зсгъта. Уый иттæг разы уыд йемæ, уымæн æмæ цы адæмы ’хсæн фæцард æмæ фæстæмæ кæмæ здæхт, уыцы адæмы царды æвæрд иуда- дзыгдæр гæдыдзинадыл арæзт кæй уыд, уый æцæгдзи- над уыд. — Иед та... Лукашкæ куыд у? Нæ йæ абæрæг код- тай? — афарста Оленип. — Хуыссы, мæгуыры мард куыддæриддæр уа, сфтæ. Ницы хæры, ницы иуазы, æрмæст ма йæ зæрдæ арахъхъ агуры. Уæддæр ма арахъхъ кæй нуазы, уымæй хуыц::- уæй бузныг. Кæпнод тæригъæддаг у, мæгуыр, æвгъау у амæлынмæ. Хорз адæймаг уыд, саг лæг, мæиæ мæ хуы- зæн. Æз дæр иухатт афтæ фæцæймардтæн. Зæронд ус- тытæ мыл бирæ фæниудтой, фæхъарджытæ кодгой. Тæвд кодтон, мæ сæр тъæппытæ хауд. Дзуæрттыл мæ бафæдзæхстой. Афтæ хуыссыдтæп, æмæ мæ сæрмæ пг- цыл мæпæ ахæм гыццыл барабанцæгъдджытæ райсомы 205
Цагъд кодтой. Куы-иу сыл схъæр кодтон, уæд-иу мæ фыддæрадæн тынгдæр байдыдтой (зæронд лæг ныххуд- тн). Устытæ мæм дипамонæджы æрбакодтой, цæрдудæй мæ ныгæныпмæ хъавыдысты. Дзырдтой: уырысимæ цæ- рæг уыд, сылтимæ хатти, бирæты тæригъæды бацыд, мархо хордта, лæджы фæндырæй хъазыд. Дæ тæригъæд- тыл фæфæсмон кæн, зæгъгæ, мын дзырдтой. Æз дæр фæсмон кодтон. Тæригъæдджын дæн, зæгъгæ, дзырдтон æз дæр. Цæмæйдæриддæр мæ фарста сауджып,— тæ- ригъæдджыи дæн зæгъгæ-иу загътои. Фæндыры тыххæй дæр мæ фæрсын байдыдта. Кæм дын ис уыцы æлгъыст, кæм æй бафснайдтай? Рахæсс æй æмæ йæ ныссæтт. Æз загътон: мæнмæ нæй. Мæхæдæг æй хæдзары фæсвæд ран бамбæхстон, зыдтоп, кæй йæ не ссардзысты, уый. Афтæмæй мæ ныккуиты уагътой. Мæ низæй фервæзтæн æмæ та-ну мæ фæпдыр куы æрцагътоп... Цы дзырдтон, цы? Адзæгъæл дæн, æнхъæлдæн,— йæ пыхас дарддæр кодта зæронд лæг.— Ды мæпмæ хъус: адæмæй дæхи хибардæр дар, кæннод доиыкъусы сæфт фæкæпдзыгæ, амардзысты дæ хуыцауы пицæуыл. Æз дын тæрпгъæд кæнын, ме ’цæгæй дын зæгъыи. Расыггæнаг кæн дæ, уый тыххæй дæ уарзып. Сымахонтæ кæддæрпдлæр къуыппытæм хизын уарзынц. Ам иæм иу уæрæсейаг цард: къуыппыты йедтæмæ йып мацы ратт, уайтагъд-иу сæ сæрыл алæууыд. Уын сæ куыддæр æнахуыр помæй хуыд- та. Иуахæмы атахт æмæ тыппыры сæр абадт æмæ ба- цнн кодта, дзæбæхау æм каст. Цæцæйпæг æй бахъуыды кодта, фехста йæ æмæ, дæ балгъитæг афтае, дзыхъ- мард фæци. Саджилæгæй, сæ мард фесæфа, æнæгъдау дæсны сты æхсынмæ, цъиуы цæст пæ февгъуийдзысты. Мæнæй дзы, гæды ныхас, дæсныдæртæ ис. Нæ уарзын, афтæ ницæн тыххæй, дзæгъæлхуымæтæджы куы фæма- рынц, уый,— гуыппы тыххæй иуæй-иутæ бæлас калынц. Уæ салдæттæм-иу куы бакастæн, уæд-иу дисы бацыд- тæн. Æдылыйæ та ма сæ цы загъдæуа! Афтæ-иу уыцы гуппарæй цыдысты, уыимæ ма-иу сырх æфцæггæттæ æрыфтыдтой. Уымæй дзæбæхдæр ма лæг цæмæ бахъа- ва! Иу куы фæмард вæййы, уæд æй аласынц сыфцæй ласæгау, йæ бæсты та æндæр балæууы. Уымæй æпæзонд- дæр хъуыддаг ма куыд уыдзæи! — загъта та дыккаг хатт зæронд лæг йæ сæр тилгæйæ.— Алырдæм ныххæ- лиу ут иугæйттæй, уæ хæдзармæ уæ рардæуа, æмæ æнæ- фыдбылыз уат. Уæд дæ пе ’рхъуыды кæпдзысты. Афтæ кæ ды, мæ хур, афтæ. 206
— Цæй, бузныг! Хæрзбон у, мæ фыд! Хуыцауы куы фæнда, уæд та искуы сæмбæлдзыстæм,— загъта Оленин уæлæмæ стгæйæ æмæ цæуыны уыиаффæ кæнгæйæ. Зæронд лæг зæххы бадт æмæ уæлæмæ не стад. — Искуы ма афтæ хæрзбон фæзæгъынц? Æдылы куы дæ, æдылы! — загъта Ерошкæ.— Гъе-уæууæй, гъс, цæй адæм ма ис пыр. Иумæ цардыстæм, нуæзтам æнæ- хъæн афæдз: иыр хæрзбон у æмæ фæндараст. Æз дæ уарзгæ куы кæнын, тæригъæд дын куы кæнын. Иунæг мæгуыр у, ды та иунæг куы дæ, зыбыты иунæг. Адæ- мимæ цæрæг нæ дæ! Хаттæй-хатт мæ хуыссæг нал фæах- сы дæ мæтæй, дæуæп тæригъæдгæпгæйæ. Зарæджы хуы- мæтæджы нæ ракæпынц: «Зып у, ме ’ммадæлон æфсы- мæр, æцæгæлон бæсты цæрын». Ды дæр афтæ дæ. — Цæй, хæрзбоп у,— загъта та йын дыккаг хатт Оленин. Зæронд лæг уæлæмæ сцстад æмæ йæм пæ къух ба- даргъ кодта. Оленни ын йæ къухыл фидар ныххæцыд æмæ йæм цæуыны зæрдæ уыд. — Дæ мукъутæ та, дæ мукъутæ, ардæм ма сæ хæ- стæгдæр æрбадар. Зæропд лæг йе ставд дыууæ къухæп Олснины сæ- рыл фæхæцыд, йæ хуылыдз рихитæ æмæ былтæй йып æртæ хатты аба кодта æмæ скуыдта. — Уарзоп адæймаг мын дæ. Фæпдараст! Оленин уæрдоны сбадт. — Ныр афтæмæй раст кæныс? Исты мын уæддæр куы ралæвар кодтаис, дæ номыл адджынæн кæй фæ- дардтаин, ахæм, мæ фыдыхай. Дæ разы мын дæ топп ралæвар кæ. Цы сæ кæныс дыууæйæ? — дзырдта згэ- ронд лæг хæкъуырццæй кæугæйæ йæ зæрдæбынæй. Оленин топп систа æмæ йæ зæронд ^гæгмæ радта. — Цас æмæ йын цас фæлæвæрдтай ацы зæрон- дæн,— хъуыр-хъуыр кодта Ванюшæ.— Уæддæр ын æгъ- гъæд нæу. Æрмæст «æри-ма» кæны, зæронд хъебыр. Æнæконд адæм сты,— загъта уый йæ палтойы йæхи тухгæйæ æмæ разæй уæрдоны бадгæйæ. — Дæ дзыхыл хæц, пыхъхъус у, хуыйы хъыбыл! — фæхъæр кодта зæронд лæг худгæ-худын.— Бакæс-мз уымæ, мæрддзæст! -Марьянæ хъасбахæй рацыд, зæрдæнцойæ æртæ бæ- хы ифтыгъд уæрдонмæ бакаст, йæ сæрæй акуывта æмæ хæдзармæ бацыд. 207
— Ла филь! — зæгъгæ, фæкодта Ванюшæ йæ цæст ныкъулгæйæ æмæ æрра худт ныккодта. — Гъæй зæгъ, цæугæ,— мæстыйæ загъта Оленин. — Фæндараст, мæ фыд, фæндараст, мæ зæрдыл дæ дардзынæн! — хъæр кодта Ерошкæ. Оленин фæстæмæ иу каст фæкодта. Ерошкæ Ма- рьянæимæ ныхас кодта, æвæццæгæн, хи хъуыддæгты тыххæй, æмæ нæдæр зæронд лæг, нæдæр чызг Оленин- мæ пæ кастысты. 203
ХАДЖЫ-МУРАТ И Поиеспа:
210
Æз фæстæмæ быдыртыл пæхимæ цыдтæн. Сæрд йæ тæккæ тыпгыл уыд. Адæм хос бафснайдтой æмæ хор кæрдыпмæ бавиалыныл уыдысты. Уыцы афоп диссаджы хорз у барæвзарæй, цыхуы- зæп дæ фæпда, ахæм дпдипджытæ æрæмбырд кæиы- пæл: сырх, урс, фæлурссырх, хъуыиджын. æхсызгоп тæфгæнгг тæрхъусгæрдæджы, æртæсыфоп дидинджытæ; сæнтбур апджын, æпахуыр карзсмаггæиаг æхсырхуыз æхоæнкъмарæп, мыды хуызæн тæфгæнаг цæвæгхосы бур дидииæг; бæрзонд тарбын цъæх æмæ урс, тюльпаны æнгæсæн, къæрцгæнагтæ; тыхсаг хъæдурхос; бур, сырх кæнæ фæлурссырх урсфа^дзип; тарбып цъæх, аив, чы- сыл сырхбын пакъуыджын, зыпа-пæзыиа адджын тæф- гæнаг дугъысыф, лæппынгæрдæгæп æмæ хуырмæ сæнт- хуыз цъæх гæлæбуйы бадæптæ, зæрондæп æмæ изæрыр- длем та арвхуыз цъæх æмæ сырхбынгæиаг, миндалы смаг чи кæны æмæ уайтагъд чи афæлвых вæййы, уыцы буц пысырайы къæбилайы дидипджытæ. Æз æрæмбырд кодтон стыр чъина алымыггаг дидип- джытæй æмæ нæхимæ цыдтæи, афтæ иу донхæрд æрхы мидæг мæ цæст фæхæцыд, йæ тæккæ дидинæгæппарын афон, диссаг рæсугъд, мæнæргъ хуыз, къоппаджын хæ- рæгсындзыл, къæмдзыджыты мыггагæй, уырыс «тæтæй- раг» кæй хонынц, ахæм. Хосдзаутæ йын йæ алфамбы- 211
лай к&ддæриддæр грæхстгай ракгердьнщ, фæлæ йæ анæрхъуыдыпа», æнæбары куы ракъуырынц, уæд æй фæстæмæ нскæдæм аппарынц, искæп къахы куы фæных- са, уый тæссæп. Мæ зæрдæ мæм сдзырдта, ратопон æй, зæгъгæ, æмæ йæ мæ чъииайы бæрæг астæу ныссадзон. Æз æрхмæ ных- хызтæи. Хъуынджын дыдынбындз дидинæджы хуылфы иыббырыд, йæхи ауагъта æмæ æпæмæтæй хуыссыдис. Æз æй асырдтон æмæ дидинæг тонын байдыдтон. Фæ- лæ йе стопын, куыд æнхъæл уыдтæн, афтæ æнцон нæ уыд. Æнæгъдау хъæддых æмæ нуарджын разынд, æмæ йæ зæнг фæскъæуттæ кодта. Мæ къух фындзыкæлмæр- зæнæп тыхт, афтæмæй йыл иу-фондз минуты фæтухи кодтон. Нуæрттæ иугай-дыгай тыдтон. Æрæджиау тых- тæй-амæлттæй мæ къухы бафтыд. Йæ зæнг ныппырх, пыффæскъæуттæ, дидинæг дæр фыццаджы хуызæн ног æмæ рæсугъд нал уыд. Æнæуый дæр пе ставд кæндтыты тыххæй цыма буц дидинджыты æхсæн нæ фидыдтаид, уыйау мæм фæзынд. Æрæджиау мæм фæсмон æрцыд, дзæгъæл хуымæтæджы йæ кæн фесæфтон, ууыл. Йæ фыццаг æгъдауыл æй куы пыууагътаин, уæд хуыздæр уыдаид, хуыздæр фидыдтаид, зæгъгæ, загътон мæхины- мæр æмæ пæ аппæрстоп. «Цы диссаг хъаруйы хицау уыд, цавæр уды фидар ыл бахæцыд,— ахъуыды кодтон æз, куыд зынтæй мæ къухы бафтыд, уыдæттæ мæ зæр- дыл ’куы æрбалæууыдысты, уæд.— Куыд тыхджынæй хъахъхъæдта йæ уд æмæ куыд зыпæй радта йæ цард». Фæндаг нæ хæдзармæ цыд погконд саумæр зæхх быдыртыл. Æз цыдтæи зулаив хæрды рыгæйдзаг сау- мæр фæндагыл. Фæлдæхт быдыр уыд помещичы. Афтæ стыр уыд, æмæ мæ фæйнæ фарсырдыгæй дæр, мæ ра- зæй дæр æрмæст сау, æмхуызон хорз фæлдæхт, æнæпохцийæласт быдыры йедтæмæ ницы зынд. Цæвиттон, афтæ хорз конд уыд быдыр, æмæ иу зайæгой хал, иу кæрдæджы цъупп хæснагыл дæр не ссардтаис,— быдыр уыцы иудадзыг сау дардта. «Æвæ- дза, бæстæхалæг, бастæбынгæнæг та куыннæ у адæн- маг. Цал æмæ цал цæрæг алымыггаг удгоймаджы бай- сæфта, бацарæфтыд кодта адæймаг халсары мыггагæй йæхи уды царды пайдайæп — æз фæцæроны тыххæй»,— ахъуыды кодтои æз, æмæ мæхинымæры агуырдтон иу црерæг удгоймаджы уыцы æгомыг, мард сау быдыры ас- тæу. Разæй, фæндагæн рахизфарсырдышей, бæрæг дард- та иу цавæрдæр къудзи. Хæстæгдæр -æм куы бацыдтæп, 212
уа*д федтои, дзæгъæл хуымæтæджы йæ дидниæг кæмжн плпс^фтон æмæ кæй апгкерстон, ахæм ха^ратсындзы. Хæрæгсыпдзæп уыд æртæ къабузы. Иу къабузæи не ’рдæг уыд саст æмæ, хауд цопджы хуызæи, цыма арв- мæ хъавыд, уыйау хæрдмæ хъил лæууыд. Инпæ дыу- уæпæ сæ алкæуыл дæр фæйнæ дидинæджы уыд. Уыцы дпдинджытæ кæддæр сырх уыдысты, ныр та ныссау сты. Уыдопæй дæр иуы къабуз саст уыд, æмæ нæ саст æр- дæг цъыфæйдзаг дидинæгимæ æрдыдагъ æмæ зæбу- лæй лæууыд; аннæ та, æфхæрд æмæ цъыфæйдзаг уæв- гæйæ, хæрдмæ хъил лæууыд æмæ, хъилбырынкъ æфси- рау, уæлвæндæгты каст. Бакæсгæйæ бæрæг уыд, цалх ыл кæй атылд æмæ æрæджиау йæхи уæлæмæ кæй систа, уый. Æцæг иуварсырдæм акъул, фæлæ уæддæр йæхи пал æруагъта — лæууыд хъæддых. Цыбырныхасæй, цы- ма йын йæ буарæй иу карст ратындæуыд, йæ хуылфы- дзауматæ йын сфæлдæхтæуыд, йæ цопг ын атындæуыд, йæ цæстытæ йын скъахтæуыд, уыйхуызæн уыд, фæлæ уæддæр хъæбæр лæууыд æмæ йын йæ алыварс йе ’фсы- мæрты чи ныццагъта, уыцы адæймагæн ком нæ радта, нæ йын басаст. «Цы диссаг хъаруйы хицау разыпд,— ахъуыды код- тои æз мæхинымæры,— бæстæ басаста адæймаг, кæр- дæджы мыггагæй милуантæ фесæфта, фæлæ пып уæд- дæр ай басæттын нæ комы». Æмæ мæ зæрдыл æрбалæууыд рагоп Кавказаг тау- рæгъ. Уыцы таурæгъы цаутæй кæй мæхи цæстæй фед- тон, кæй, чи йæ федта, уыдонæй фехъуыстон, кæй та мæхи зондæй æрцахстон. Уыцы таурæгъ мæ зæрдыл цы- хуызы бадардтон æмæ йæ мæ зонд куыд ахсы, уый уыд афтæ. I Уый уыд 1851 азæн йæ фæстаг бонты. Джеоргуы- байы мæйы хъызт бон, изæрæй Хаджы-Мурат бараст, уырысимæ чи нæ фидыдта, иу ахæм цæцæйпаг хъæу — Махкетмæ. Хъæуæй сæнары фæздæджы смаг цыд. Уы- рыс кæм бадтысты, уырдыгæй Махкетмæ уыдаид пу- ссæдз километрмæ ’ввахс. Уыцы сахат банцад йæ зарынæй муэдзин1. Сæнары фæздæджы тæф кæм ахъардта, уыцы сыгъдæг хохаг уæлдæфы дзæбæх хъуыстысты, хъуццыты æмæ фысты 1 Сохтæ. 213
уйсЫйы æхсæнæй лæгты хъæлæба, сылты æмæ сывæл- лæтты хъæлæс дæле, суадоны былæп. Хъуццытæ æмæ фыстæ хæлиуæй згьордтой мыдыкъусджыты хуызæн кæ- рæдзпйыл пыхæст хохаг къуындæг хæдзæрттæм. Хаджы-Мурат йс сгуыхт æфсæддон хъуыддæгтæй стыр кглджып æмæ номдзыд хицау уыд Шамилы æф- сæдтæи æмæ Авары бæстæн. Æнæ тырыса æмæ æнæ кæстæртæ иу къаздзæф дæр никæдæм кодта. Кæддæрид- дæр йæ мюридтæ1 йæ фæдыл бирæйæ цыдысты æд ты- рыса, бæхгыл хъазгæйæ. Ныр йæ топп пе ’фцæджы, ба- сылыхъхъы æмæ нымæты тыхтæй, куыд ничи йæ æрхъуыды кодтаид æмæ йыл нæ фенæууæнк уыдаид, аф- тæмæй иунæг мюридимæ бæхыл фæцæйцыд æмæ алы цæуæгмæ, алы æмбæлæгмæ æдзынат каст йæцæхæрцæст цырд сау цæстытæй. Хъæуæн йæ бæрæг астæу, иыхасырдæм иæ, фæлæ галиуварсырдæм нарæг уынджы, къæдзæхыл чп баных- сти, уыцы дыккаг хæдзармæ куы бахæццæ, уæд алыр- дæм йæ цæст ахаста æмæ æрлæууыд. Хæдзарыл æм- хæстæмбæрзт тыргъы бын нпчи уыд, фæлæ уæлхæдзары æлыгæй ногсæрст ердойы фæстæ, хъуыпджын кæрцы быи хуыссыд лæг. Хаджы-Мурат ехсы хъæдæй чы- сыл фæцагайдта лæджы æмæ йæ ехсы къæдзилæй æр- цъыкк кодта. Кæрцы бынæй рахъил зæронд лæг æхсæв- хуыссæн худы æмæ лæбырдтæ зæропд куырæты мидæг. Æиæцæстыхау, сырх, чъиуæйдзаг цæстытæй ракæсыи нæ фæрæзта æмæ сæ тъæбæрттытæ кæнгæйæ тымбыл- къухæй аууæрста. Хаджы-Мурат ып æгъдаумæ гæсгæ са- лам радта æмæ нæ цæсгом райгом кодта. «Алейкум салам»,— худæнбылæй сдзырдта æнæдэен- даг зæронд лæг, Хаджы-Мураты куы базыдта, уæд. Стæй слæууыд йæ мæллæг къæхтыл æмæ сæ ердойы цур хъавгæйæ хъæдынбыи басмахъыты атъыста, йе ’мпылд- тæ кæрцы зæропд сабыргай йе уæнтыл акодта æмæ уæлхæдзармæ æвæрд асиныл сыдзмыдзы æрхызт. Дзау- ма кæнгæйæ æмæ асинтыл хизгæйæ зæронд лæг йæ лы- стæг æнцъылдтæ, хурæй сыгъд бæрзæйæ йæ сæр тылдта æмæ æнæ банцайгæйæ йе ’нæдæпдаг дзыхæй йæхинымæ- ры хъуыр-хъуыр кодта. Зæхмæ куы æрхызт, уæд хъæл- дзæгæй, худæнбылæй Хаджы-Мураты рахиз æгъдæнцо- йыл æмæ бæхы рохтыл фæхæцыд, фæлæ Хаджы-Мура- 1 Пысылмон дингæнæг адæймаг, сæрмагонд дины куыст чи кæны æмæ йæ цард днны сæрыл чи суæлдай кодта. 214
тæн йæ сахълæджыхъæдджын мюрид цæсты фæныкъ- уылдмæ бæхæй æргæпп ласта, зæронд лæджы аиуварс кодта æмæ йæ бæсты бæхы рохтыл æмæ æгъдæнцойыл фæхæцыд. Хаджы-Мурат бæхæй рахызт æмэё йæ иу къахæй зынæ-нæзына чиугæйæ тыргъмæ бараст. Иæ размæ хæ- дзарæй цырд рауад иу-15-аздзыд лæппу æмæ дисгæнгæ йæ цæхæрцæст æрттиваг сатæгсау, рæгъæд хъæлæр- дзыйы хуызæн цæстытæй æнахуыр уазджытæм æдзы- нæг ныккаст. — Згъоргæ мæзджытмæ, дæ фыдмæ фæдзур! — загъта лæппуйæн зæронд лæг, йæхæдæг Хаджы-Мураты разæй йæхи фæкодта æмæ хæдзары хъиицгæнаг дуар байгом кодта. Хаджы-Муратæп хæдзармæ . йæ бацыд, афтæ мидæггаг уатæй рацыд ацæргæгомау нарæгастæу, къæсхуыр сылгоймаг сырх куырæты, бур хæдоны æмæ цъæх хæлафы мидæг, йæ хъæбысы базтæ. — Де ’рбацыд амондимæ,— загъта æфсин, къæлæ- тау æртасыд æмæ базтæ æрæвæрдта раззаг къулы цур уазæгæн бадæнæн. — Дæ сывæллæтты цардæй бафсæд,— загъта йыи дзуаппæн Хаджы-Мурат, йæ нымæт, топп æмæ кард систа æмæ сæ зæропд лæджы къухмæ радта. Зæронд лæг ар.æхстгай топп æмæ кард дыууæ стыр æрттиваг тасы æхсæп лæгъз æмæ сыгъдæг чъырæй- цагъд къулыл хæдзары хицауы гæрзты цур зæгæлыл æрцауыгъта. Хаджы-Мурат йæ дамбацайыл йæ къух æрхаста, базтæм хæстæг бацыд, йæ цухъхъайы фæд- джитæ размæ æрбамбырд кодта æмæ базтыл йæхи æр- уагъта. Зæронд лæг йæ цуры йæ гом зæвæттыл дзуццæ- джы æрбадт, цæстытæ бацъынд кодга, йæ армытъæпæн- тæ уæлæмæ, афтæмæй йæ къухтæ хæрдмæ схъил кодта. Хаджы-Мурат дæр афтæ бакодта. Стæй сæ дыу.уæ дæр бакуывтой, сæ цæсгæмттыл сæ къухтæ æрхастой æмæ с.т^ сæ зачъеты бып баиу кодтой. — Цы хабæрттæ уæм ис? — бафарста зæронд лæ- джы Хаджы-Мурат. — Хабар дæр нæ ничи кæны. Ног хабарæй ницы,— дзуапп ын радта зæронд лæг, Хаджы-Муратæн йæ цæс- гоммæ нæ, фæлæ йæ риумæ кæсгæйæ. Æз мыддар вæй- йын, æрæджы æрбацыдтæн лæппуйы абæрæг кæнынмæ. Уый зондзæн хабæрттæ. Хаджы-Мураты цы бамбарып хъуыд, цæп тыххæп пæ къахта, уый зæроид лæг æнæ зонгæ нæ уыдаид, фа> 215
лæ йæ нæ фæндыд хъуыддаг раргом кæнын. Хаджы- Мурат чысыл йæ сæр банкъуыста æмæ йæм уымæй уæлдай ницыуал сдзырдта. — Хорз хабарæй нæм ницы ис,— байдыдта та дзу- рын зæронд лæг.— Æцæг уыцы ног хабар иæм ис: тæр- хъустæ уынаффæ кæпынц цæргæсты асурыныл. Цæр- гæстæ та куы иу, куы иннæйы атуаратæ кæнынц. А фæстаг бонты уыцы куитæ, уырыс, Мичицкиты хостыл бандзæрстой, хуыцау сын куы нæ ныббарид,— йæ дæн- дæгтæй къæс-къæсгæнгæ срæцыгъта зæронд лæг. Уалынджы Хаджы-Мураты мюрид дæр йæ тыхджын къæхтæй зæхбын хæдзармæ фæлмæн даргъ къахдзæф- тæ кæнгæ æрбацыд. Иæ нымæт, йæ топп, йæ кард сис- та æмæ сæ йæхæдæг Хаджы-Мураты гæрзты цур зæ- гæлтыл æрцауыгъта. Хъама æмæ дамбаца йæ уæлæ ныууагъта. — Ай та дып чи у? — къухæй амонгæйæ афарста зæронд лæг Хаджы-Мураты ног æрбацæуæг лæджы тыххæй. — Мæ мюрид у, Элдар йæ ном,— загъта Хаджы- Мурат. — Уый дæр хорз у,— загъта зæронд лæг æмæ уазæ- джы Хаджы-Мураты цур бинаг нымæтыл сбадын кодта. Элдар сбадт, йæ къæхтæ дзуарæвæрд скодта, афтæ- мæп, æмæ æнæдзургæйæ йæ рæсугъд фысдзаст цæсты- тæй æдзыпæг каст ныхасгæнæг зæронд лæгмæ. Зæронд лæг дзырдта, айфыццаг, уæдæй ардæм дыууæ къуыри рацыдаид, афтæ сæ сахъ фæсивæд дыууæ салдаты куыд æрцахстой, иуы дзы куыд амардтой, иннæйы та Ша- мильмæ Веденомæ куыд арвыстой. Хаджы-Мурат æм æнувыдæй нæ хъуыста, йæ зæрдæ æндæр цæмæдæрты æхсайдта — цæстæнгас дуарырдæм арæзт уыди, æмæ æддæмæ алы уынæрмæ, алы змæлдмæ йæ хъус дардта. Уалынджы хæдзары раз тыргъæй къахдзæфты хъæр фехъуыст, дуар фæхъинц кодта, æмæ хæдзары хицау æрбалæууыд. Садо, хæдзары хицау, уыди 40-аздзыд, цыбырзачъе æмæ даргъфындзджын, чи йæм фезгъордта, уыцы фыр- ты, 15-аздзыд лæппуйы æнгæсæн, сауцæстджын. Фырт йæ фыдимæ хæдзармæ бацыд æмæ дуаргæрон къулы ’нцой слæууыд. Садо фæсдуар йæ фадыварц, хъæдын басмахъытæ, раласта, йæ дардвæд лæгуын уæлдзарм худ ’йе ’нæдаст хъуынджын сæрыл къæбутырдæм фесхуы- ста æмæ Хаджы-Мураты раз дзуццæджы æрбадт. 216
Зæронд лæг куыд бакодта, афтæ хæдзары хицау дæр йæ къухтæ схъил кодта, армытъæпæитæ уæлæмæ арæзтæй бакуывта, къухтæ цæсгомыл æрхаста æмæ æр- мæст уæд байдыдта пыхас кæнын. Уый радзырдта: «Шамилæй дзырд рацыд, Хаджы-Муратæи ауадзæпы мыккаг нæй, æрцахсын æй хъæуы æмæ йæ мæнмæ æр- бахæццæ кæнын хъæуы кæиæ удæгасæй, кæнæ мардæй. Йе ’рвыст лæгтæ тæккæ знопы бон дæр ма ам уыдысты æмæ фæстæмæ аивгъуыдтой. Адæм Шамилы сæрты пæ ахиздзысты æмæ йæ коммæ нæ бакæсын нæ бауæнд- дзысты. Уымæ гæсгæ хи хъахъхъæнын æмæ цæттæ да- рып хъæуы». — Мæ хæдзары мæ удæгасæй мæ уазæгæн ничи пицы хъомыс бауыдзæн,— загъта Садо,— фæлæ æндæр ран, искуы фæндагыл, кæнæ быдыры та? Уый тыххæй дзæбæх æрсагъæс кæнын хъæуы. Хаджы-Мурат æм æнувыдæй хъуыста, йæ сæр-иу банкъуыста æмæ йын уымæй æмбарын кодта, йæ ныхæ- стыл разы кæй у, уый. Садо иыхасгонд куы фæци, уæд загъта Хаджы-Мурат: — Хорз. Ныр иу лæджы æрвнтын хъæуы уырысмæ чппыгимæ. Мæ мюрид ацæудзæн, æрмæст æй чегъре- æмбал хъæудзæн. — Ме ’фсымæр Батайы арвнтдзыпæн. Марадз, Ба- тамæ бадзур! Цырддæр у! — загъта Садо йæ фыртæн. Лæппу, цыма хъандзалтыл арæзт уыд, уыйау фæ- тæррæст ласта йæ рог къæхтыл æмæ уайтагъд йæ къух- тæ тилгæйæ дуары æдде фæци. Дæс минуты рацыдаид, нæ, афтæ фæстæмæ фездæхт иу хурсыгъдсау, нуарджын, мызыхъарæзт, бæзæрхыг, цыбыркъах цæцæйнагимæ, скъуыдтæ, хæрдгæхуыд дысджын, бур лæбырдтæ цухъхъа æмæ дæлæмæ фæлдæхт зæнгæйтты мидæг. Хаджы-Му- т рат ног æрбацæуæг лæгæн йæ ’къух райста æмæ йын , æнæуæлдай ныхасæй цæхгæр загъта: — Мæ мюриды мын уырысмæ бахæццæ кæнынмæ дæ ныфс хæссыс? — Цæуылнæ, уый дын мæ быгъдуан,— хъæлдзæгæй загъта Бата. — Лæджы цы бафæпда æмæ цы нæ бакæндзæи. Мæ ныхмæ ныллæууын иу цæцæйнагæн дæр йæ бон пæ бауыдзæн. Иуæй-иу ацæуы, хъуыддаг йæ бæрны бакæ- ны, зæрдæтæ бавæры, кæпгæ та — ницы. Æз уыдонæй нæ дæн. Мæ зæрдæ мæхиуыл дарын. — Хорз, мæ хур, хорз. Дæ фыдæбонæн дын арфæ 217
Мæнмæ,— загъта Хаджы-Мурат æртæ æнгуылдзы ш- дпсгæнæ. Бата пæ сæр базмæлып кодта, ома, æмбарып дæ, зæгъгæ, фæлæ ма бафтыдта: æхцайы фæдыл нæ, æх- цатæ йæ цæсты тынг кадджын не сты, фæлæ номы, йæ сæры кады тыххæй кæддæриддæр Хаджы-Муратæн лæг- гад æмæ кæстæриуæг бакæнинаг у, уымæп æмæ иу адæймаг нæ хæхбæсты æнæ зонгæ нæу, Хаджы-Мурат уыцы хуыты, уырысы куыд цагъта, уый. — Хорз, иттæг хорз,— загъта Хаджы-Мурат.— Бæн- дæнæн йæ даргъ хорз у, ныхасæн та — йæ цыбыр. — Ницыуал зæгъын уæдæ,— загъта Бата. — Раст Аргъуыны фæзилæны, айнæг къæдзæхы ба- комкоммæ, хъæды астæу—æрдуз, дыууæ хосы мæкъуы- лы дæр дзы ис. Зоныс? — Зонын. — Уым æртæ бæхджыны мæпмæ æнхъæлмæ кæ- сыиц,— загъта Хаджы-Мурат. — О-о,— йæ сæр тилгæйæ дзырдта Бата. — Бафæрс-иу Хан-Магомайы. Хан-Магома зоиы, цы кæнын æмæ цы зæгъын хъæуы, уый. Бахæццæ йæ кæ- пын хъæудзæн уырысы хицау кънйаз Воронцовмæ. Дæ ныфс хæссыс уымæ? — Тынг хорз. — Бахæццæ йæ кæндзыпæ æмæ йæ фæстæмæ йæ быиаты сæмбæлын кæидзынæ. Куыд зæгъыс, дæ ныфс хæссыс уымæ дæр? — Уый дып ме ’вджид фæуæд, уый æнцон у. — Уæдæ афтæ, бахæццæ йæ кæндзынæ æмæ фæстæ- мæ хъæдмæ раздæхдзынæ. Æз дæр ус ’рбаздæхынмæ уым уыдзынæн. — Дæ зæрдæ ма ’хсайæд уый тыххæй, цы мын ба- фæдзæхсай, уыдон æххæстгонд уыдзысты,— загъта Ба- та, сыстад йæ бынатæй, йæ риуыл йæ къух авæрдта æмæ дуары æдде фæци. — Иу лæг ма Гехамæ арвитын хъæудзæн,— загъта та фысымæн Хаджы-Мурат, Бата куы аивгъуыдта, уæд. — Гехайы а’фтæ бакæнын хъæуы,— байдыдта та дзурын Хаджы-Мурат æмæ йæ бæрцагъуды иу бæрцмæ бавнæлдта, фæлæ уайтагъд йæ къух фæстæмæ æруагъ- та, дыууæ сылгоймаджы æрбацæйцæугæ куы ауыдта, уæд. Иæхиуыл фæхæцыд æмæ йæ ныхас цæхгæр фæлыг кодта. Иу дзы уыд Садойы ус, къæсхуыр ацæргæ сылгоймаг, 218
уыйагъоммæ уазджытæн базтæ чи ’рбахаста. Аннæ та уыд хæрзæрыгон чызг, сырх хæлафы æмæ цыбыр цъæх къандзолы мидæг, йæ риу æмæхгæд згъæрау, æвзист æх- цатæй фæлыст. Дыууæ уæны астæу мæллæг фæсонтыл æруагъта йæ цыбыр бæзджын хъисыг сау дзыкку, йæ кæроныл æвзист сом баст. Хъæлæрдзыйы нæмгуыты хуызæн сатæг-сау цæстытæ, раст йæ фыд æмæ йе ’фсы- мæры цæстытау, хъæлдзæгæй æрттывтой йе ’взонг цæс- гомыл. Сывæллончызг уæвгæйæ нæхи, цыма стыр уыд, уый дард кодта. Уазджытæм нæ каст, фæлæ бæрæг уыд, æфсæрмы сæ кæй кодта, уый. Садойы усы къухы уыд ныллæг тымбыл фынг. Фын- джы уæлæ цай, сойыфыхтæ, цыхт, кæрдзын æмæ мыд. Чызджы къухы та — тас, хъуывгъан æмæ къухсæрфæн. Садо æмæ Хаджы-Мурат æпæдзургæйæ бадтысты, цалынмæ сылгоймæгтæ сæ сырх фæлмæн, æнæуæлхупй- джытæ сæрак дзабырты мидæг сабыргап, уæздап цыд кæнгæйæ фынг æвæрдтой уазджы.ы раз. Элдар йæ фыс- дзаст цæстытæ пæ дзу\рæг:грд къæхтгш сарæзта æмæ, гогыз быидзмæ куы кæса, уып каст ксдта æнæзмæлгæйæ æмæ цавддурау æнцад-æнцойæ бадт, цалынмæ сылгой- мæгтæ хæдзары сæ уæлхъус уыдысты, уалыпмæ. Куыд- дæр сылгоймæгтæ дуары æдде фесты æмæ сæ с|г?лмæи къæхты хъæр нал хъуыст, афтæ Элдар дæлпауæй зæр- дæбынæй ныуулæфыд. Хаджы-Мурат йæ бæрцагъудæй иу бæрц сласта, йæ дзых ып байгом кодта æмæ пæ мн- дæгæй тымбылтыхт фыст гæххæтт сласта. — Нæ лæппуйыл æй сæмбæлын кæ,— загъта Хаджы- Мурат Садойæн æмæ йæм гæххæтт бадаргъ кодта. — Дзуапп кæдæм? — афарста Садо. — Дæумæ, ды та йæ мæныл сæмбæлыи кæпдзыпæ. — Дæ зæрдæ йæм ма ’хсайæд, сæмбæлыи æй кæн- дзыпæн,— æмæ гæххæтт йæ бæрцытæй иуы атъыста. Стæй хъуывгъан йæ къухмæ систа æмæ тас Хаджы-Му- ратмæ хæстæгдæр бакодта. Хаджы-Мурат пæ куырæты дыстæ фæстæмæ бафæлдæхта йæ нуарджын пæнгтыл йæ урс цонджы хъултæй мидæгдæр æмæ хъуывгъапы нæстысыджы хуызæн сыгъдæг донмæ йæ къухтæ бадард- та. йæ къухтыл ып дон кодта Садо. Сыгъдæг дæрзæг кæттаг кæлмæрзæпæн йæ къухтæ асæрфта æмæ фыпг- мæ хæстæгдæр бацыди. Элдар дæр афтæ бакодта. * Садо уазджыты æмвыпг сæ комкоммæ б-здт æмæ ца- лынмæ хæргæ кодтой, уæдмæ сын нукъорд хатты ра- арфæ кодта, кæй йыл барвæссыдысты æмæ йæ кæй ба< 219
бæрæг кодтой, уый тыххæй. Хæдзары хицауы лæппу) дуаргæрон лæууыд æмæ æдзух æдзынæгæй каст йæ цæ--| хæрцæст сау цæстытæй Хаджы-Муратмæ æмæ йæ мид- - былты худт, цыма уымæй йæ фыды ныхæсты æцæгдзи- над æвдыста, уыйхуызæн. Хаджы-Мурат а фæстаг бонты æххормæгтæ баййæф- та, фæлæ уæддæр бирæ нæ бахордта — чысыл цыхт æмæ дзул ахордта, стæй йæ хъамайы кард сласта, мы- ды фæзгъæрæй иу чысыл къæртт карды фындзæй фел- вæста æмæ йæ дзулы карстыл айсæрста. — Нæ мыд хорз у. Ацы аз азты хуыздæр фод. Мыд бирæ, йæ хъæд хорз,— загъта зæронд лæг разыйæ æмæ хъæлдзæгæй, æвæццæгæн ыи Хаджы-Мурат йæ мыдæй кæй сахуыста, уый цинæй. — Уæ минас бирæ уæд,— загъта Хаджы-Мурат æмæ йæ хæрд фæуагъта. Элдары ма, мæгуыр, бæргæ фæн- дыд ахæрын, фæлæ йæ мюршидмæ1 гæсгæ æфсæрмæй йæ хæрд фæуагъта, фынгæй иучысыл йæхи дарддæр айста æмæ Хаджы-Муратæп тас æмæ хъуывгъап балæ- вæрдта. Садо зыдта, Хаджы-Мураты кæй суазæг кодта, уый тыххæй стыр тасы мидæг кæй уыд, стыр фыдбылыз æм кæй каст, уый. Хаджы-Мурат æмæ Шампль цы бон фсз- наг сты, уымæн йæ хæд уæлвæд Шамилы помæп фехъу- сын кодтой æгас Цæцæны адæмæн: Хаджы-Мураты йæ хæдзармæ чи бауадза, чи йæ суазæг кæна, уымæн мæлæты йедтæмæ æидæр тæрхон нæ уыдзæн. Садо зыд- та, Хаджы-Мурат уымæ кæп бафысым кодта, уыцы хъуыддаг нæ басусæг уыдзæн, хъæубæстæ йæ æнæ ба- зонгæ нæ фæуыдзысты, æмæ йæ, чи зоны мæ, æрцахсы- ны уынаффæ дæр скæной. Фæлæ тæрсгæ пæ кодта, йæ зæрдæ фидар æмæ хъæлдзæг уыд. Садо йæхипæн стыр хæсыл пымадта йæ уазæджы бахъахъхъæныи. Йæхиуыл фæстæмæ нæ фæхæцыдаид, йæ уд радтаид йæ уазæджы сæрыл. Ахæм зæрдæ йæм кæй уыд, чи бæззы æмæ цы ’мбæлы, уый кæй кодта, уый тыххæй йæхицæй пыббуз- пыг, йæхн цæсты скадджын. — Цалынмæ мæ уд мæ мпдæг уа, уалынмæ дыи мæ хæдзары нииы тас у, ннчи дын пицы хъомыс бауы- дзæн,— загъта дыккаг хатт Садо Хаджы-Муратæн. Хаджы-Мурат æм комкоммæ бакаст æмæ пæ йæ Мюршнд — дпнамоиæг. 220
цæстæнгасæй бамбæрста, зæрдæйæ кæй дзуры, уый, æмæ йын раарфæ кодта. — Ды ссардзынæ ципдзинад æмæ цард. Садо æнæ уæлæмæ дзургæйæ йæ къухтæ йæ риуил авæрдта æмæ йын уыцы ’гъдауæй арфæ ракодта йæ дзæ- бæх ныхасы тыххæй. Уыйфæстæ Садо фæрсæгтæ æрбахгæдта, суджы къæ- цæлтæ тохынайы бавæрдта, иттæг хъæлдзæгæй уазæгдо- пæй рацыд æмæ бипонтæ цы хæдзары цардысты, уыр- дæм бацыд. Устытæ ма бадтысты æмæ сæхимидæг ны- хæстæ кодтой сæ тас æмæ фыдбылызджын уазджыты тыххæй. II Раст уыцы æхсæв Воздвиженскы раззаг фидарæй рацыдысты Шахгирины кулдуарыл æртæ салдаты сæ унтер-офицеримæ. Хаджы-Мурат æхсæвиуат цы хъæуы мидæг бакодта, уый æмæ Воздвижеискы æхсæп уыдаид, æвæццæгæн, иу-фынддæс версты. Салдæттыл уыд цы- быр кæрцытæ æмæ уæлдзармхудтæ, тыхт цииелтæ се ’фцæджыты æмæ даргъхъусджыи цырыхъхъытæ сæ къæхтыл. Ахæм фадыварц дардтой уыцы дуджы Кав- казы салдæттæ. Сæ топпытæ се ’фцæджы, афтæугэй сал- дæттæ райдианы фæндаг-фæндаг дзæвгар уадысты, стæй фæсвæндагмæ азылдысты æмæ хус сыфтæртыл сыр-сыргæнгæ иу-ссæдз къахдзæфы акодтой рахизфар- сырдæм æмæ иыллæууыдысты иу саст тæрс бæласы бын, йæ зæпджы сауæидæрг мæйдары дæр кæмæн зынд, ахæм. Уыцы тæрс бæласы бып уыд кæддæриддæр раз- бадæг салдæттæп сæ сусæг бздæн бынат. Сонт æрттиваг стъалытæ цæхæртæ калдтой æмæ ца- лынмæ салдæттæ хъæды цыдысты, уалынмæ уыдоп дæр цыма бæлæсты цъуппытыл згъордтой, стæй цыма ныл- лæууыдысты æмæ сонт æрттывд кодтой бæлæсты бæгъ- нæг къалиуты æхсæнтæй. — Хуыцауæй разы, уæддæр ма хорз рæстæг кæй фæкодта,— загъта унтср-офицер Панов. Йе ’фцæгæй йæ даргъ джсбогъджыи топп спста, зæххыл æй æркъуырд- та æмæ йæ бæласы асицой æрæвæрдта. Æртæ салдаты дæр афтæ бакодтоп. — Пæ дын загътон, ахаудн мын,— мæстыпæ схъуыр- хъуыр кодта Панов,— кæиæ мæ гох фгецп, кæнæ мыи хаугæ акодта фæндагыл. 221
— Цы та дыл æрцыд, цы агурыс? — хъæлдзæгæй йæм сдзырдта салдæттæй иу. — Мæ лулæ,— хæйрæг æй йæхимæ фæхаста. — Лулæйы хъæд ма дæхимæ ис? — бафарста та йæ уыцы хъæлдзæг салдат. — Иæ хъæд мæнæ ис, хъæлæкк. — Æмæ уæдæ цæуыл тыхсыс? Зæхмæ-ма нæ фæ- цараз. — Гъы, уайдзаг бауай кæннæуæдæ. — Мæ бар ма йæ бауадз, æз дын æй ныртæккæ дæр ацараздзыиæн. Разбадджытæн тамако дымыны бар пæ уыд, фæлæ уыдæттæ йедтæ та чи хъуыды кодта? Æпиу цæй раз- бадджытæ уыдысты — хуымæтæджы хъахъхьæнджытæ. æндæр ницы. Хæххон адæм-иу сусæгæй сæ сармадзан- тæ уырысы фидæрттæм хæстæг батардтой æмæ сыл-иу ра;тæууыдысты. Гъеуыдон хъахъхъæнынмæ сæ æрвы- стой. Панов тамакойыл йæ мæрдты къоти бахордтаид, уымæ гæсгæ уайтагъд сразы хъæлдзæг салдаты уынаф- фæйыл. Хъæлдзæг салдат йæ дзыппæй хæрынкъа сла- ста æмæ зæхх къахыи байдыдта. Дзыхъхъ куы скъахта, уæд æй алæгъзытæ кодта, лулæйы хъæд æм сарæзта, дзыхъхъ тамакопæ байдзаг кодта, æрæфсæрста йæ, æмæ лулæ ацæттæ. Спичкæ ссыгъд, нæ рухсæн, дæлгоммæ чп хуыссыд æмæ лулæ чи арæзта, уыцы салдаты \;æрæх цæсгом истуг срухс кодта. Лулæпы хъæды къуыззптт фсхъуыст. Пановæн тамакойы адджып тæф пæ фын- дзыл ауад. — Срæвдз дын? — афарста йæ Панов уæлæмæ стгæйæ. — Уæдæ цы ’ихъæл уыдтæ? Нс сгæттæ уыдзæи, йæ мадыстæи, æвзæр лæппуйæн! — Æвæдза, саг лæг дæ, Авдсйы фырт, дау дæм пæй. Стæ-ма, ауадз мæ! Авдеев иуварсырдæм афæлдæхт æмæ, дзыхæй та- макойы фæздæг уадзгæйæ, Паиовæн бынат радта. Панов дæлгоммæ æрхуыссыд, салдаты дзыхæпдзаг лулæйы хъæд пæ дысæп асæрфта æмæ тамако æлвасыи бапдыдта. Тамако дымыпæй куы бафсæстысты, уæд сал- дæттæи сæхпмидæг пыхас ацайдагъ. — Хъус-хъусты та дзырдтой, цыма та нæ ротæйы хи- цау не ’хцаты чЫрЫИмæ фæпыхылдта, йæ къух та йæм бахæццæ, æвæццæгæн та йс ’хцатæ къамæп амбулын кодта,—загъта салдæтТæЙ ну уæззау хъæлæсæй. 232
— Бафнддзæн та сæ, тас сыи нæу,— загъта Нанов. — Нæ-æ, гæды ныхас циу, раст зæгъын хъæуы, афи- церæй йæм дау лæй, бафауинаг па^у,— æвдисæн алæу- уыд Авдеев,— æвзыгъд адæпмаг у. — Хорз, хорз,— загъта талынгаффыг, тызмæгæй, пыхас йæ сæрæп чи байдыдта, уый,— мæнырдыгонау хъуамæ ротæ йемæ баныхас кæна: кæд райстай, уæд зæгъ, цас æмæ сæ кæд бафиддзынæ. — Ротæйы цы бафæнда, уый уыдзæн,— загъта Па- иов йæ лулæ йæ дзыхæн исгæйæ. — 'Кæй зæгъын æй хъæуы, адæмы бон бирæ у, фарс- ласæн кодта Авдеев. — Арæби, сысджы балхæнып нæ уæддæр хъæуы; уæдæ уалдзæджырдæм цырыхъхъытæ æнæ бахуийын- гæпгæйæ дæр хос нæй; æхцатæ бахъæудзысты, фæлæ сæ кæд смарзта, уæд ма цæмæй,— карздæрæй радзырдта, йæ зæрдæ кæмæн худт ротæйы хицауыл, уыцы салдат. — Куы уын загътон, ротæйы цы бафæнда, уый уы- дзæп,— загъта та Панов,— фыццаг хатт, миййаг, куы нæ бакодта,— райста æмæ сæ бафиддзæн. Уыцы замапы Кавказы алы ротæйæн дæр йе ’взæрст лæгтæ кодтой хæдзарады уынаффæ. Ротæ иста паддза- хады хæзнадопæй алы лæджы сæрыл æхсæз сомы æмæ æрдæг, æмæ йæхæдæг йæхи æгъдауæй, йæхи амалæй цард: къабуска кодта, хос карста, уæрдæттæ дардта, йæ хаст хъал бæхтæй йæхицæй æппæлыдис. Ротæйы æхцатæ æвæрд уыдысты чырыны, дæгъæлтæ та — ротæйы хицау- мæ. Бахъуаджы сахат-иу ротæйы хицау чырынæй æхца систа йæхицæп æфстауы æгъдауыл. Ныр дæр та афтæ бакодта, æмæ уый дымæгмæ ныхас æрцыд салдæтты æхсæн. Тызмæг салдат Никитины фæндыд ротæйы хи- цауæй дзуапп бацагурын, Папов æмæ Авдеев та уыцы ’гъдауыл нæ разы кодтой. Лулæ радыгай къух-къухы айстой. Пановы хæд фæ- стæ адымдта Никитин, стæй йæ цинел йæ быиы бакод- та æмæ бæласы æнцой сбадт. Салдæттæ ныхъхъус сты. Æрмæст дымгæ бæлæсты цъуппытæ змæлын кодта æмæ йæ къуыс-къуыс хъуыст. Æвиппайды уыцы æнæбанцай- гæйæ къуыс-къуысы æхсæнæй фехъуыст бирæгъты ни- уын, хъыллист, æрдиаг æмæ кæл-кæл. — Хъусыс уыцы æлгъыстытæм, дзæбæх лыстæгæй нæ куы ауадзыиц,— загъта Авдеев. — Уыдон дæуыл, дæ зылып хæмхудтыл худынц,— загъта цъæхснаг хъæлæсæй цыппæрæймаг салдат. 223
Æрсабыр та сты. Æрмæст ма дымгæ змæлын кодта бæласы къалиутæ æмæ-иу стъалытæ куы къалиуты ау- уон фесты, куы та-иу се ’хсæнтæй ракастысты. — Аптъоны фырт, цымæ ды дæр искуы æнкъард вæййыс? — æнæнхъæлгæйæ бафарста Пановы хъæлдзæг Авдеев. — Цæй тыххæй хъуамæ уои æнкъард? — æвæндопæй Г.ыи дзуапп радта Панов. — Уæдæ æз та хаттæй-хатт афтæ æикъард вæййын, афтæ, æмæ мæхи марынмæ дæр æрцæуын. — Уый та куыд? — загъта йын Папов. — Айфыццаг уæдæ ме ’хцатыл цæмæн амдзæгъд кодтон, æнхъæл дæ? Хъыг кæй кодтон, уый тыххæй. Мæ зæрдæ рыст æмæ мæхинымæры загътон: цæй æмæ дзы ныххырхон, м.æ хорз зонд дзы, миййаг, куы нæ сæф- дзæн. — Хуыздæр æнхъæл хаттæй-хатт позтæй адæймаг фыддæр фæвæййы. — Афтæ дæр вæййы, фæлæ лæг йæ сæрæн хуыздæр хос куы пæ ары, уæд цы бакæна уæдæ? — Æмæ дыл цы ’рцыди, афтæ тыиг цæуыл хъыг кæныс? — Цæуыл куы зæгъай,— мæ хæдзармæ мæ зæрдæ æхсайы. — Дæ хорз цард мысыс? Æвæццæгæп, хъæздыг цард кодтат? — Цас хъæздыг, фæлæ, гæды ныхас, хъуаг иицæмæй уыдыстæм, дзæбæх цардыстæм. , Æмæ та йын Авдеев дзурын байдыдта, уыйагъоммæ йын иукъорд хатты кæй радзырдта, уый. — Æз барвæндонæй ацыдтæп ме ’фсымæры бæсты. Уымæн сабитæ ис, йæхæдæг фæндзæм. Æз та ног ус- джын уыдтæп. Нæ мад мын лæгъстæтæ байдыдта. Сра- зы дæн, уæдæ цы кодтои, кæд мын мæ дзæбæхдзинад йæ зæрдыл бадарид, зæгъгæ. Æлдармæ бацыдтæн. Хорз адæймаг уыд. Мæ хъуыддаг мын куы бамбæрста, уæд загъта: «Молодец, цæугæ!» Уый дын мæ хабæртæ. Аф- тæ ацыдтæн ме ’фсымæры бæсты. — Гъемæ цы? Хорз бакодтай,— загъта Папов. — Гъеныр, бауырнæд дæ, Антъоны фырт, хъыг кæ- иыи. Æмæ мып пикæй аххос у, цæмæн цыдтæн ме ’фсы- мæры бæсты. Уый ныр йæхицæн æнцад-æнцойæ, æнæ- мæтæй цæры, æз та ам тухитæ æмæ хъизæмæрттæ кæ- 224
нып. Цас фылд&р сагъæс кæиыи, уыйас фыддæр. Æв&ц* цæгæн, алкæмæн дæр йæ амонд конд у. Авдеев ныхъхъус. — Фæйнæ та адымиккам? — афарста Авдеев. — Хорз уаид, арæвдз та-ма йæ кæ! Фæлæ салдæттæн тамако бадымып нал баитыст. Куыддæр Авдеев фестад æмæ та лулæ ацаразыимæ хъа- выд, афтæ фæндагæй, дымгæйы сыф-сыф æмæ къуыс- къуысы фæстæ къахдзæфты хъæр æрбайхъуыст. Панов пæ топп райста æмæ йæ къахæй Никитины басхуыста. Никитин фæгæпп ласта, йæ къæхтыл алæууыд æмæ йæ цинел фелвæста. Æртыккаг—Бондаренко дæр фестад. — Æз цы фын федтон, уый куы зопиккат, æфсы- мæртæ... Авдеев, с-с-с, зæгъгæ, фæкодта Бондаренкойæн. Салдæттæ ныхъхъус сты æмæ фæндаджырдæм сæ хъус адардтой. Цæуджыты фæлмæп къахдзæ.фты хъæр хæстæгæй-хæстæгдæр кодта^æмæ хус къæцæлты къæрц- цытæ, æмæ сыфтæрты сыр-сыр тыпгæй-тынгдæр хъуысты- сты мæйдары. Стæй æрбайхъуыст, цæцæн цы æиахуыр æвзаджы хаттæй дзурыц, ахæм пыхас. Уалынджы сал- дæттæ ауыдтой бæлæсты æхсæпты арвы рухсмæ дыууæ цæугæ сауæндæрджы,— сæ иу ныллæгдæр, аннæ та бæрзонддæр. Сауæндæргтæ салдæтты бакомкоммæ куы ’рхæццæ сты, уæд Панов, йæ топп йæ къухы фехсынæв- вонг, афтæмæй дыууæ æмбалимæ фæндагмæ сæ размæ рауад. — Чи стут? — фæхъæр кодта Панов. — Чечен мирная1,— загъта ныллæгдæр сауæндæрг. Уый-та уыд Бата.— Ружье йок, шашка йок2,— загъта Бата йæхи æвдисгæйæ.— Кинезь надо. Бæрзонддæр чи уыд, уый йе ’мбалы уæлхъус лæу- уыд æнæдзургæйæ. Ууыл дæр гæрзтæй ницы уыд. — Дзырдхæсджытæ сты пæ булкъоимæ,— бамбарып ’кодта Папов йе ’мбæлттæн. — Кинезь Воронцов крепко надо, большой дело надо3,— дзырдта Бата. — Хорз, хорз, бахæццæ уæ кæндзыстæм,— загъта Панов.— Марадз,— бадзырдта Авдеевмæ,— ды сæ Боп- даренкоимæ бахæццæ кæп. Дсжурнæйы къухмæ-иу сæ 1 Хицои цæцæйнаг. 2 Топп нæи, кард нæп. 3 Кънйаз Вороицов нæ æхсызгои хъæуы, стыр хъуыддаг пæ ис. 15 Повесттæ 225
ратт æмæ фæстæмæ раздæх. Хъусут, ЦырД л#уут, уй разæй сæ цæуын кæнут. — Æмæ уæд мæнæ ай та ма цæмæн у? — загъта Лвдеев, æмæ пæ джебогъджын топп рæхойæг арæзт фæкодта,— уый йын йэ& артæнтæм куы фæцаразон, уæд йæ хæйрæджы пом сдзурдзæн. — Æмæ цæмæп бæззы, куы йæ барæтъузай, уæд,— зап.та Бопдаренко. — Гъæй зæгъут, араст кæнут! Салдæтты æмæ дзырдхæсджыты къахдзæфты хъæр куынæуал хъуыст, уæд Панов æмæ Никитип дæр фæстæ- мæ сæ бынатмæ æрбаздæхтысты. — Цы хæйрæджы хай сæ æрбахаста æхсæвыгои,— загъта Никитин. — Æвæццæгæи, хъæуы уазал кæиып байдыдта,— загъта Панов, йæ цинел райхæлдта, йæ уæлæ йæ скодта æмæ бæласы æицой æрбадт. Дыууæ сахаты рацыдаид, нæ, афтæ Лвдесв Бопда- ренкоимæ фæстæмæ æрбахæццæ сты. — Сæмбæлыи сæ кодтай? — афарста йæ Папов. — Сæмбæлын кодтон. Булкъонмæ ма бадгæ кæиынц, нæма схуыссыдысты. Раст ып сæ йæхимæ бахæццæ код- там. Фæлæ, ме ’фсымæры хай, уыцы гæмæхсæртæ цы хорз адæм сты, уый куы зониккат,— байдыдта та Авде- ев,— æцæг зæгъыи, мæ хуыцауыстæн. Æз семæ иыхасьп схæцыдтæн. — Зонып, ды та æпæ дзургæ пæ фæлæууыдаис,— тызмæгæй загъта Никитин. — Бауырнæд уæ, æцæг зæгъып, æцæг,— раст уæрæ- сейаг адæмæй уæлдан пе сты. Иуæн дзы ус дæр ис. Марушка, зæгъып, бар?1 Бар, зæгъы. Баранчук, зæгъ- ъш, бар? Бар, мпого. Парочка? Парочка, зæгъы. Афтæ ныи ныхас ацайдагъ. Хорз адæм сты. — Хорз та ма цы вæпйы,— загъта Никитин,— фа- дат ран дыл пупæгæй куы фæхæст уаиккой, уæд дын дæ уæцъæф, хъæлæкк, федде кæпиккой. 1 Ус дын ис? — зæгъгæ йæ бафарсюи. Ис,—зæгъгæ, мыи загъта. — Сывæллæттæ дæр дып ис? —Ис, бирæ.- — Дыууæ? — Дыууæ,— зæгъгæ,— загъта. 226
— Æвæццæгæи, бон цъæх кæпын тагъд байдай- дзæн,— загъта Панов. — О, стъалытæ иугай-дыгай ныгуылын байдыдтой,— загъта Авдесв, бадгæ-бадын. Æмæ та салдæттæ æрсабыр сты. III Къазарматы фæрсæгтæй æмæ салдæтты хæдзæрттæй рухс рагæй иал цыд. Фæлæ ма фидары мидæг, хæдзæрт- тæн сæ тæккæ хуыздæрæй рухс цыд алы фæрсагæй. Уыцы хæдзары царди Курипсчы полчъы хицау, Кавка- зы æфсæдты сæрдары фырт, флигель-адъютант къппаз Семеи Михаилы фырт Воронцов. Воропцов цард ам йæ ус Мария Васильевнæимæ, хуртæ æмæ мæйтæ кæмæй каст, цæст кæй уыпдæй не ’фсæст, ахæм стыр номдзыд, Бетъырбухаг фыдрæсугъд сылгоймаг. Стыр хъæздыг, парахат цард кодтой уыцы чысыл Кавказаг фидары,— афтæ дзы нпкуы ма ничп ацард. Воронцовмæ та, уæлдай- дæр йæ усмæ, афтæ зынд, цыма стыр мæгуыр царды, стыр фыдæбойпаг, тыхст, алцæмæй хъуаг царды мидæг сты, уыйхуызæн. Сæ алфамбылай цæрæг адæм та сыл дисæп мардысты сæ хъæздыг, алцæмæй æххæст, пара- хат, гуыпцардыл. Ныр, æмбисæхсæв, кæрæй-кæронмæ уыцы пу гауы- з:ей æмбæрзт стыр уазæгдоны, дæлæмæ уагъд уæззау дуарæмбæрзæнтимæ, къамæйхъазæп стъолы алыварс, цыппар цырагъы рухсмæ, бадтысты æмæ къамæй хъазы- дысты фысымтæ сæ уазджытимæ. Хъазджытæй иу уыд хæдзары хнцау, дæргъдзæсгом, бурхил, флигсль-адъю- танты дзаумайы мидæг, æд вензсльтæ æмæ аксельбант- тæ. Р1е ’мхъазой уыд, Бетъырбухы упиверсптет каст чи фæци æмæ æрæджы Воронцовы ус, йæ фыццаг мойæ пын цы гыццыл лæппу баззад, уый тыххæй ахуыргæпæ- гæн кæй æрхуыдта, ахæм пыхцылсæр лæппулæг. Уыдо- ны ныхмæ хъазыдысты дыууæ афицеры: сæ ну фæтæп цæсгомджын, æрæджы гвардийæ чи рацыд, ротæйы хи- Цау Полторацкий, иннæ — полчъы адъютант, схъæлба- дæг, рæсугъд æмæ уазал зæрдæ æвдисæг цæсгомнмæ. Æхсин, Воронцовы ус Марпя Васильевпæ, бæрзонд, стырцæстджын, сауæпфыг, помы рæсугъд, бадти Пол- торацкийы фарсмæ. Йæ даргъ хъапдзалджын къабайы бынтæ Полторацкипы къæхтыл æндзæвыдысты, афтæ- мæй йын йæ къамтæм бакæс-бакæс кодта. Г1æ дзыхыпыха- сы, йæ цæстæпгасы, йæ мидбылты худты, йæ буары алы 227
змæлды, йæ духиты адджын тæфы,—уыдоны мидæг уы- дысты, Полторацкийы зæрдæ æмæзонд дзæгъæл кæмæй кодтой, уыдон се ’ппæт дæр. Æрмæст ма, хæстæг æм кæй бадт, уый æмбæрста, уымæй дарддæр ницы, хуыцауы- бын. Уыйадыл, къамæй хъазгæйæ йæ р’æдыд рæдыды æййæфта æмæ йе ’мхъазой æмбалы тынгæй-тынгдæр мæсты кодта. — Нæй, ахæм диссаг ма уыдзæн! Арæцыгъта та тъузы æнæхъуаджы! — цæсгом туг фестад, афтæмæй сдзырдта адъютант, Полторацкий тъузы дзæгъæлы куы аппæрста, уæд. Цыма Полторацкий йæ фыиæйæ райхъал, не ’мбæрс- та, йе ’мбалы зæрдæ йыл цæмæн худт, цæуыл тæвд кодта, уый, æмæ йæм йæ уарзæгой, кæрæдзимæ дард- æвæрд цæстытæй дисгæнгæйæ каст. — Цæй, бахатыр ын кæ,— хъæлдзæгæй, худæнбы- лæй загъта Мария Васильевнæ.— Федтай, нæ дын дзырдтон, нæ,— загъта ус Полторацкимæ дзургæйæ. — Æмæ мын ды афтæ куы нæ амыдтай,— йæ мид- былты худгæйæ сдзырдта Полторацкий. — Æцæг зæгъыс? — загъта æхсин, æмæ та уый дæр йæ мидбылты бахудт. Уыцы фæстаг бахудт афтæ æхсызгон уыд Полторацкийæн, æмæ фырцинæй цы ра- кодтаид, уымæп ницыуал зыдта; цæсгом туг фестад, къамтæм фæлæбурдта æмæ сæ цæгъдын байдыдта. — Дæ рад пæу,— загъта йын тызмæгæй адъютант æмæ йæ къухдарæнджын урс къухæй уарыи бапдыдта къамтæ. Мæ сæр ма сæ куы фервæзид, зæгъгæ, загъта йæхинымæры. Уазæгдонмæ кънйазæн йæ камердинер1 æрбацыд æмæ йып бамбарын кодта, дежурнæ йæм кæй сиды, уый. — Бахатыр кæпут, господатæ,— зап.та къппаз уы- рыссагау, англисаг здæхтæй.— Мария, ды уал мæ бæсты хъаздзынæ. — Разы стут? — афарста æхсии, цырд æмæ аив фес- тад йæ мидбынатæп даритæй сыр-сыргæпгæ æмæ худ- гæйæ, цардæфсис, амондджып сылгоймаджы хъæлдзæг худæнбылæй. — Æз алцæуыл дæр кæддæрпддаф разы дæн,— загъ- та адъютант цингæпгæйа\ йæ ныхмæ, чи пицы æмбары х’ьазтæн, ахæм адæймаг кæп баддзæп, уый тыххæй. 1 Паддзахы дуаргæс, кæпæ пæ улты хицаугонд. 228
Полторацкийæн фырцинæй йæ дзыхы дзырд нал бафтыд, æрмæст ма йæ цæнгтæ фæйнæрдæм аппæрста. Робберæн1 йæ фæуынмæ бирæ нал хъуыд, афтæ кънйаз дæр фæстæмæ уазæгдонмæ æрбаздæхт тынг хъæлдзæгæй. — Æз уын цы зæгъынмæ хъавын, уый зонут? — Зæгъ-ма йæ. — Фæйнæ шампайнаг сæны баназæм. — Уый дын мæ зæрдæмæ цæуы. Æз кæддæриддæр цæттæ дæн ахæм хъуыддагмæ,— загъта Полторацкип. — Уый, чи бæззы, ахæм хъуыддаг у,— загъта адъю- тант. — Басил, рахæсс-ма,— загъта кънйаз. — Цæмæн дæм асидтысты? — афарста йæ мойы Ма- рия Васильевнæ. — Уыд дежурнæ, ноджы йемæ иу лæг. — Цы? Чи? — сонт фарст акодта Мария Васильевнæ. — Нæй йын зæгъæн,— йæ сæр тилгæйæ загъта Во- ронцов. — Нæй йын зæгъæн? — дисгæнгæйæ афарста Мария Васильевнæ. Уый фендзыстæм. Уалынджы шампайнаг сæн æрбахастой. Уазджытæ дзы фæйнæ анызтой, стæй сæ хъазт кæронмæ ахæццæ кодтой, алчи йæ хæс бафыста æмæ цæуыныл сысты. — Дæ ротæ райсом хъæдмæ цæудзæн? — афарста кънйаз Полторацкийы. — Мæ ротæ? Æмæ цы хабар у? — Уæдæ райсом кæрæдзи фендзыстæм,— загъта кънйаз æмæ зына-нæзына йæ мидбылты бахудт. — Иттæг æхсызгон мын у,— загъта Полторацкий, Воронцовы ныхæстæ дзæбæх æмбаргæ дæр нæ бакодта, афтæмæй. Иæ зæрдæ Мария Васильевнæимæ куыд дзырдта, уымæ гæсгæ ныртæккæйы сахат йæ хъуыдыйы æндæр ницы уыд, æрмæст ын йæ къух куыд райсдзæн, уыййедтæмæ. Мария Васильевнæ кæддæриддæр куыд кодта, афтæ пыр дæр Почлторацкийы къухыл зæрдиагæй ныххæцыд æмæ йын æй Тынг ныттылдта. Иу хатт ма йын йæ рæ- дыд йæ зæрдыл æрлæууын кодта, бубнæтæй куыд ацыд, уый, æмæ та йæм йæ мидбылты бахудт, Полторацкиймæ куыд фæкаст ацы хатт, дзæбæх, рæсугъд зæрдæлхæцæн æмæ зæрдæхсайгæйæ гуырысхойаг худтæй. 1 Иу ахъазт къамтæй, зиллаккæй хъазгæйæ. 229
Полторацкпй иттæг хъæлдзæгæй йæ хæдзармæ цыд. Уыцы хъæлдзæгдзинад ын æрмæст ахæм адæм бамбар- дзысты, æмæ, йæхи хуызæн, стыр адæмы æхсæн чи схъомыл, иукъорд мæйы хибарæй нæхстæры цæрæгау æфсæддон царды чи фæци, афтæмæй йæ ахуыр, йе ’мсæр адæмæй сылгоймагыл чи сæмбæлд, уæлдайдæр та Мария Васильевнæйы хуызæн сылгоймагыл. Сæ хæдзармæ куы бахæццæ, дыууæйæ йе ’мбалимæ кæм цардысты, уырдæм, уæд хæдзарæн уыиджырдыгæй йæ дуар бахоста, фæлæ дуар мидæгæй æхгæд разыпд. Иу цæф ма йæ фæкодта,— уæддæр нæй. Хъыг æм æр- каст æмæ æхгæд дуар йæ къахæй æмæ пæ кардæй хой- ын байдыдта. Дуары фæстсйæ къæхты хъæр фехъуыст. Йæ кусджытæй Вавнлæ, зæгъгæ, йæ пом, рацыд æмæ дуары къæпдзы феппæрста. — Цы та æрхъуыды кодтай, цæмæи æй сæхгæдтай? Гуымиры! — Æмæ уæдæ æнæхгæдæй дæр куыд, Алскссй Вла- димир... — Нозтджын та дæ, сæрæй, æз дын бацамондзыпæн, куыд...— Ныффæрт ласынмæ йæ хъавыд, фæлæ йæхи- уыл фæхæцыд, фæфæсмон кодта. — Цæй, хæйрæг дæ бахæрæд. Цырагъ ссудз! — Ныртæккæ. Вавилæ æцæг уыд нозтджыи. Каптснармусæн1 йæ гуырæн бон уыд, уым хуынды фæци æмæ дзы, раст зæгъгæйæ, иучысыл анызта. Сæхнмæ куы ’рцыд, уæд сагъæсы бафтыл,— йæ цард пæ цæсты ницыуал уыд, каптенармус Иван Матвены фырты цардмæ куьГркаст, уæд. Иван Матвсйы фыртмæ пайда дæр хауд, бинонтæ дæр ыи уыд, стæй йæ зæрдæ дардта фидæи абонмæ салдаты куыстæй йæхи рацух кæныныл. Вавилæйы та лæппуйæ йæ хæдзарæй акодтой æмæ нæ æлдарылчъух- мæ радтой лæггад, кæстæриуæг кæпынмæ. Ныр ыл дыу- уиссæдз азæй фылдæр цыд, афтæмæй йын ус дæр нæма уыд, æмæ æфсæддон хауæггаг цард кодта йе ’нæчетар æлдаримæ. Раст зæгъгæйæ, æлдар дзæбæх адæймаг уыд. хылгæпаг пæ уыд, фæлæ уæдлæр уый цæй цард уыд! Дзырд мын радта, хъæлæкк, Кавказæй фæстæмæ куы раздæхæм, уæд дæ суæгъд кæндзыпæп, зæгъгæ, фæляе сæрибардзинадимæ дæр кæдæм фæцыдæуа... К^ыдзы ца^д у мæ цард,— загъта йæхинымæры Вавилæ. Хуыс- 1 Салдæтты хæрицаг æлхæнæг æмæ койгæнæг. 230
сат Ыл ;гь1хджын кæнын бапд’ыдта æмæ, йсчи куы рба- цæуа, миййаг, æмæ исты куы ахæсса, уый тæссæп, баз- дæхт, æмæ дуарыл къæпдзы афæниæрста æмæ бафыпæп. Полторацкий, йе ’мбал Тихоновимæ цы уаты хуыс- сыдысты, уырдæм бацыд. — Гъы, амбулын та кодтай? — бафарста пæ хуыс- сæнхъæлдзæгæй Тихонов. — Нæ, мæ хæдзар, æз афтæ куы нæ фæкæпын, æвд- дæс сомы рамбылдтои, иу авг дзы «клико»1 дæр апыз- там. — Мария Васильевнæйыл дæр дæ цæст ахастай? — Мария Васильевнæйыл дæр мæ цæст ахастоп,— сфæзмыдта пæ Полторацкий. — Тагъд стын хъæудзæн,— загъта Тихонов, æхса^з сахатыл араст уыдзыстæм. — Вавилæ! — бахъæр кодта Полторацкпй,— хъу- сыс, райсом мæ раст фондз сахатыл сыхъал кæндзынæ. — Куыд дæ сыхъал кæнон, загъд куы кæныс, уæд? — Æз дын зæгъыи, сыхъал-иу мæ кæп. Фехъуы- стай? — Хъусын. Вавилæ цырыхъхъытæ æмæ æддаг уæлæдзауматæ йемæ айста æмæ ацыд. Полторацкий схуыссыд, йæхины- мæры бахудт, тамако ссыгъта æмæ цырагъ ахуыссын кодта. Талынджы йæ цæстытыл хъазыд Мария Василь- евнæйы худæндзаст цæсгом. Уазджыты ацыды фæстæ ма Воропцовтæ афæстиат сты, уайтагъд нæма схуыссыдысты. Мария Васильевнæ бацыд, йæ мойы уæлхъус алæууыд æмæ йын карзæй загъта францусагау: — ЕН Ыеп, \юиз аНег те сПге се 2ие с’ез!? — Ма15, та сЬёге.... — Ра5 с1е та сЬёге! С'е51 ип ет155а1ге. Ы^с^^-се ра5? — Риапс! тете ^е пе ри15 ра5 уои5 1е сИге. N/0115 пе роиуег ра5? А1ог5 с’е^! то! ^и! уа1з \гои5 1е сПге. — У0115?2 1 Шампайнаг сæн. 2 — Ныртæккæ мын зæгъдзынæ, цапæр хабпр у, уый? — Фæлæ, мæ хур... — Æз дæ хур и,æ дæп. Уып дзырдхæссæг уыд. Раст пæ зæгъыи? — Кæд дзырдхæссæг уыд, уæддæр зæгъыи мæ боп нæу. — Дæ бон Исгу? Уæдæ дын æй мæхæдæг зæгъдзыпæи. — Цæй-ма. 231
Хаджы-Мурат? Афтæ нæу? — загъта æхсин. Уый агъоммæ иукъорд боны фехъуыста, Хаджы-Муратимæ куыд радзур-бадзур кодтой, уый, æмæ афтæ æнхъæлдта, йæ моймæ Хаджы-Мурат йæхæдæг уыд. Воронцов нæ басусæг кодта йæ усæй хъуыддаг, фэе- лæ йæ фæфыдæнхъæл кодта, Хаджы-Мурат йæхæдæг нæ, фæлæ йæ минэевар кæй уыд, уымæй. Хаджы-Мурат райсомбон йæ размæ рацæудзæн, хъæд цæгъдыпвæнд кæм кæнынц, уырдæм. Фидары уыцы иухуызон царды мидæг Воронцов æмэе йæ усы Хаджы-Мураты хабар бахъæлдзæг кодта. Йæ фыдæн куыд æхсызгон уыдзæн уыцы хабар, уый тых- хæй ма аныхæстæ кодтой æмæ, æмбисæхсэевæй æртæ сахаты рацыдаид, афтæ схуыссыдысты. IV Æртæ æхсæвы Хаджы-Мурат æнæхуыссæг баййæф- та* Шамилы фæдиоæттæй хи ’хъахъхъæнгæйæ. Уыйадыл сын куыддæр Садо хæрзæхсæв загъта æмæ къæсæры æд- де фæци, афтæ Хаджы-Мурат дæр уайтагъд афыпæй. Хаджы-Мурат хуыссыд æд дзауматæ, йæ къух йæ ны- вæрзæны, йæ цонджы рæмбынкъæдз сырхцъар бумбу- либазы афардæг, афтæмæй. йæ цуры хæстæг, къулмæ æввахс, уæлгоммæ хуыссыд Элдар, йæ тыхджын домбап лæппуйы уæнгтæ фæйнæрдæм адаргъ кодта, афтæмæй. йæ ногдаст сæр базæй фæцух, иуварсырдæм азылд, æмæйæ фæтæн риу, урс цухъхъа æмæ сау бæрцытæй фæ- лыст, сæрæй бæрзонддæр уыд. Уæллаг гæзæмæ лæппын- хъуынæй æмбæрзт счъил был, цыма цымгæ исты кодта, афтæ змæлыдис. Уый дæр Хаджы-Мураты хуызæн хуыс- сыд æд дзауматæ, йæ хъама йæ фарсыл, йæ дамбаца йæ синыл, афтæмæй. Хæдзары, тохынайы мидæг арт сыгъд фæци æмæ тохынайы къæразгæй цырагъ чысыл рухс дардта. Æмбисæхсæв уазæгдоиы дуары хъинц фæцыд. Ха- джы-Мурат фестад æваст æмæ йæ дамбацамæ февнæлд- та. Зæхбып хæдзармæ фæлмæи къахдзæфтæ кæпгæ æр- бацыд Садо. — Цы дæ хъæуы? — афарста Хаджы-Мурат, цыма æппындæр хуыссæджы хъæстæ нæ фæци, уыйхуызæн. — Асагъæс кæпын хъæуы,— загъта Садо йæ цуры бадгæйæ.— Куы æрбацæйцыдтæ, уæд дæ иу ус уæлхæ- дзарæй ауыдта æмæ йæ йæ мойæн адзырдта. Дæ хабар æгас хъæуыл айхъуыст. Ныртæккæ нæ сыхæгты ус æр- 232
бауад æмæ не ’фсинæн радзырдта, зæронд лæгтæ, дам, мæзджыты æрæмбырд сты æмæ дæ бауромынмæ хъа- вынц. — Цæуын хъæуы, æндæр амал нæй,— загъта Хаджы- Мурат. — Бæхтæ цæтгæ сты,— загъта Садо æмæ хæдзарæй федде. — Элдар! — зæгъгæ, фæкодта Хаджы-Мурат. Элдар куыддæр йæ ном æмæ йæ мюршиды хъæлæс фехъуыста, афтæ фæсæррæтт ласта, йæ тыхджын къæх- тыл алæууыд æмæ йæ худ йæ уæлæ адзæбæхтæ кодта. Хаджы-Мурат йæ гæрзтæ, йæ нымæт йæ уæлæ акодта, Элдар дæр афтæ, æмæ сæ дыууæ дæр æнæдзургæйæ хæ- дзарæй æддæмæ рацыдысты. Сауцæст лæппу бæхтæ æр- баласта. Хъæбæрнад уыпджы бæхты къæхты хъæрмагсыхаг хæдзары дуарæй чидæр йæ сæр радардта æмæ хъæдын басмахъытæй тъæпп-тъæпгæнгæ уæлæрдæм мæзджы- тырдæм сызгъордта. Мæйрухс нæ уыд, æрмæст стъалытæ сонтæрттывд кодтой талынг арвыл. Мæйдары зына-нæзына цæст ах- ста хæдзæртты сæрты сауæпдæрг, уæлдай бæрæгдæр зынд хъæуæн йæ уæллаг кæрон мæзджыт йæ азанхъæр- гæнæпимæ. Мæзджытырдыгæй хъуыст адæмы уынæр. Хаджы-Мурат тагъдгомау йæ галиу къухæй топпы къæдз фесхуыста, нарæг æгъдæнцойы йæ къах ацавта, цырд аив бæхмæ схызт æмæ бæрзонд саргъы базыл йæ- хи æруагъта. — Хуыцауы салам уыл сæмбæлæд,— загъта Хаджы- Мурат хæдзары хицауæн, йæ рахиз къахæй иннæ æгъ- дæнцой агургæйæ; ,стæй лæппуйы ехсы дыдагъæй чы- сыл фæцагайдта, йæхи иуварс цæмæй айстаид, уый тых- хæй. Лæппу иуварс алæууыд æмæ бæх, цыма зыдта, цы йæ кæнын хъæуы, уыйау араст хъæлдзæг сауцыдæй на- рæг уыпгæй стыр фæндагмæ. Элдар йæ хæд фæстæ гу- рæй-гурмæ цыд. Садо кæрцы мидæг тагъд-тагъд йæ цæпгтæ тилгæйæ згъордта сæ фæдыл нарæг уынджы, гæппытæ кæнгæ уыыгæн куы йæ иу, куы иннæ фарсмæ. Хъæугæрон сæ тæккæ рацæуæны стыр фæндагыл цæхгæрмæ æрбахызт фыццаг йу сауæндæрг, стæй иннæ. — Чи стут? Цæуæн нæй!—фæхъæр кодта чидæр, æмæ сын иукъорд лæджы сæ развæндаг ацахстой. Хаджы-Мурат нæ ныллæууыд, йæ цыды кой кодта, йæ сииæй дамбаца фелвæста, бæхы базмæлын кодта 233
эемæ йæ ных комкоммæ, йæ фæндаг ын чи ’рцахста, уы- донмæ сарæзта. Адæм сæхи фæйнæрдæм айстой. Хаджы- Мурат се ’хсæнты йæ бæх йæ стыр сирдæй ауагъта æмæ æнæ фæстæмæ фæкæсгæйæ афардæг. Элдар стыр цапуалæй йæ фæдыл уад. Фæстсйæ дыу- уæ гæрахы фæцыд. Нæмгуытæ сæ сæрты цъуых-цъуых кæнгæ дзæгъæлы афардæг сты,— иицы фыдбылыз скод- той сæ иуæп дæр æмæ се ’ннæмæн дæр. Хаджы-Мурат йæ цыды кой кодта уыцы иу æгъдауыл. Иу-æртæфон- дзыссæдз къахдзæфы бæрц куы адард, уæд йæ бæх бау- рæдта æмæ алырдæм йæ хъус дарыи байдыдта. Бæх хæстулæфт кодта. Разæй, дæлæйæ комæй, тагъд цæугæ- доны хъæр цыд. Фæсте хъæуæй хъуыст уасджыты уа- сын. Уыдопы æхсæпæй фæстс фсхъуыстис куыдфæстæ- мæ хæстæгдæр гæпгæ бæхты къæхты хъæр æмæ адæмы уынæр. Хаджы-Мурат та бæх базмæлын кодта æмæ пæ йæ тыхджын сауцыдæй ауагъта. Фæсте фæдисæттæ цып- пæрвадæй уадысты æмæ Хаджы-Мураты уайтагъд æрæй- йæфтой. Уыдаиккой иу-ссæдз барæджы. Уыдон уыдысты, Хаджы-Мурат кæцæй рацыд, уыцы хъæуккæгтæ. Рацы- дысты фæдисы уыцы зæрдæйæ: кæнæ Хаджы-Мураты бауромдзысты, кæнæ, фæдисы уыдыстæм, зæгъгæ, æнæ исты бакæнгæйæ, Шамилы цæсты сæхи сраст кæндзысты. Фæдисæттæ куы æрбаввахс сты, æмæ сæ мæйдары цæст ахсын куы байдыдта, уæд Хаджы-Мурат бæх баурæдта, галиу къухæй топпы къæдз феуæгъд кодта агъдæй æмæ йæ рахизæй фелвæста. Элдар дæр афтæ бакодта. — Цы уæ хъæуы? — фæхъæр сыл ласта Хаджы-Му- рат.— Мæи бауромын уæ зæрды ис? Æз дæр уын мæпæ дæн уæдæ.— Æмæ сæм топп фæцарæзта. Фæдисæттæ ныллæууыдысты. Хаджы-Мурат, й’æ топп иæ къухы даргæйæ, фехсыпрæвдзæй уырдыджы æрхмæ араст кодта. Фæдисæттæ дæр дæрддзæфгомау нæ фæ- дыл цыдысты. Хаджы-Мурат æрхы фаллаг фарс куы фæци, уæд æм фæсте фæдисæттæ ныхъхъæр кодтой: «Байхъус нæм, цы дын хъавæм, уымæ!» Хаджы-Мурат сæм йæ хъус нæ бадардта, тæрсыиы æхст сæ фæкодта, йæ бæх фенкъуыста æмæ афардæг. Иудзæвгар ауадаид, афтæ та пæ бæх баурæдта. Фæдисæттæн сæ кой-сæ хъæр пал уыд. Нал хъуыст уасджыты уасын дæр. Æр- мæст ма тыигæй-тынгдæр хъуыстис хъæдæй цæугæдоны хъæр æмæ стæммæ уыджы æрдиаг. Хъæды сауæндæрг, амад къулы хуызæи, хæрзхæстæг зынд. Уый уыд, йæ мюридтæ йæм æихъæлмæ кæм кастысты, уыцы хьæд. 234
Хаджы-Мурат хъ&дМæ куы бахæццæ„ у&д да\лиауæй йæ риуы дзаг ныуулæфыд, цæхситт кодта æмæ хъусып бай- дыдта. Иу минуты фæстæ хъæдæй фæстæмæ æхситт фехъуыст. Хаджы-Мурат фæпдагæп иуварсырдæм азылд æмæ хъæдырдæм араст. Фопдзыссæдз къахдзæфы бæрц акодтаид, афтæ бæлæсты зæпггы æхсæнты ауыдта арт æмæ лæгты сауæпдæргтæ, æмæ, æмбнсæй уа^лæмæ арт кæй рухс кодта, ахæм æдсаргъ бæх цыппар къахыл сах- сæнимæ. Арты фарсмæ бадтысгы цыппар лæджы. Арты фарсмæ бадджытæй иу цырд фестад, Хаджы- Мураты размæ разгъордта æмæ пын нæ бæхы рохыл æмæ йе ’гъдæпцойыл фæхæцыд. Уый уыд Хаджы-Му- ратæи йæ кæнгæ æфсымæр, йæ хæдзары уынаффæгæ- нæг. — Зынг бахуыссын кæпут! — загъта Хаджы-Мурат бæхæй хизгæйæ. Адæм судзгæ æхсидæвтæ фæппæрдæм зыввыттытæ кæнын байдыдтоп æмæ сæ къæхты бып æууæрстой. — Бата ам нæ уыд? — бафарста Хаджы-Мурат æмæ тыгъд нымæтырдæм пæхи байста. — Уыд, раджы аивгъуыдта Хан-Магомаимæ. — Кæцы фæндагыл ацыдысты? — Мæпæ ацы,— загъта Ханефи æмæ къухæн яца- мыдта, Хаджы-Мурат цы фæндагыл æрбацыд, уымæи йæ бакомкоммæ цы фæпдаг уыд, уымæ. — Хорз,— загъта Хаджы-Мурат, йæ топп йе ’фцæ- гæй систа æмæ йæ ифтындзын байдыдта.— Нæхи нæ бахъахъхъæнын хъæуы, мæ фæдыл фæдис уыд,— загъ- та Хаджы-Мурат, арт чи хуыссын кодта, уымæн. Уый уыд цæцæйнаг, Гамзало, зæгъгæ, йæ ном. Гам- зало бацыд, нымæтыл æвæрд агъудджыи топп йæ къух- мæ райста æмæ æнæдзургæпæ, Хаджы-Мурат чердыгæй æрбацыд, уыцырдæм, æрдузы кæропмæ йæхи айста. Куыддæр æрбахæццæ сты, афтæ Элдар бæхæй рагæпп ла- ста, Хаджы-Мураты бæх райста, ралас-балас сæ акодта æмæ дыууæйы дæр бæрзопд бæласыл цыбыр бабаста. Уыйфæстæ, йæ топп йе ’фцæджы, афтæмæй æрдузæи йæ иннæ кæронырдыгæй слæууыд. Арт ахуыссыд, хъæд фыццаджы хуызæн тар нал зыид, арвыл стъалытæ гæ- зæмæ рухс кодтой. Хаджы-Мурат стъалытæм скаст. Авдхойы бæрзопд ссыдысты æмæ уымæ гæсгæ бамбæрста, æмбисæхсæвæп ивгъуыд кæй у æмæ æхсæвы ламаз кæнып афоп кæй у, уый. Ханефийæн хъуывгъан æрбахæссын кодта, æдзух 235
йемæ йæ хордзенты кæй хаста, уый, йæ нымæт йæ уæ- лæ акодта æмæ донырдæм ацыд. Доны был йæ къахыдарæс раласта, æвдæз систа æмæ бæгъæввадæй нымæтыл слæууыд, стæй уæрджытыл æрбадт, йæ къухы хистæр æнгуылдзтæй йæ хъусты хуынчъытæ бахгæдта, цæстытæ бацъынд кодта, йе ’ргом хурыскæсæнырдæм сарæзта æмæ кувын байдыдта. Ламазгоид куы фæци, уæд бынатмæ фæстæмæ æр- баздæхт, йæ хордзенты цур нымæтыл æрбадт æмæ рæм- быныкъæдзæй уæрджытыл æнцайгæйæ æмæ зæхмæ кæс- гæйæ йæхинымæры хъуыдытæ кæнын байдыдта. Хаджы-Мураты кæддæриддæр уырныдта, йæ тæссаг хæстон царды мидæг æй йæ амоид кæй пикуы сайы, уый. Æмæ æцæг афтæ уыд йæ амонд, йе уæны касти. Искуы-иу хаттæн нæ зонын, уыййедтæмæ-иу цы сфæпд кодта, уый-иу ын кæддæриддæр бантыст. Йæ зæрдæ дардта, нырæй фæстæмæ дæр афтæ кæй уыдзæн, ууыл. Йæ хъуыдыты мидæг йæ цæстытыл хъазыд, Воропцов ын цы ’фсæдтæ ратдзæн, уыдонимæ Шамильмæ куыд бафсад кæндзæн, куыд æй æрцахсдзæн, йæ маст дзы куыд сисдзæн, уырысы паддзах ын уыйадыл хæрзиу- джытæ куыд ратдзæн æмæ та дзыхъхъынногæй Аварæн хицауад куыд кæндзæн; айдагъ Аварæн нæ, фæлæ æгас Цæцæнæн дæр. Уыцы хъуыдыты мидæг куыд афынæй, уымæн ницыуал базыдта. Хаджы-Мурат йæ фыны федта, йæ сахъ æфсæдтимæ Шамильмæ куыд бабырста, заргæйæ æмæ хъæргæнгæйæ: «Хаджы-Мурат фæцæуы!» æмæ йæ афтæмæй куыд æр- цахста йæ бинонтимæ. Хъуыста Шамилы устыты кæуын, дзыпазын æмæ æрдиаг. Хаджы-Мурат фехъал, зард «Лья иллагъа», хъæр «Хаджы-Мурат фæцæуы!» æмæ Шамилы устыты кæуын æмæ хъарджытæ, уыдон уыды- сты хъæддаг куиты ниуын, кæуын æмæ кæл-кæл; уыдоп æй сыхъал кодтой, йæ фын уымæ рацыд. Хаджы-Мурат йæ сæр схъил кодта, бæлæсты цæнгты æхсæнты арвмæ скаст. Бон цъæх кæнын байдыдта. Иæ мюридтæй иу дæрддзæфгомау бадт, æмæ йæ Хан-Магомайы тыххæй афарста. Куы базыдта, фæстæмæ нæма æрбаздæхт, уæд та æркъул кодта æмæ уайтагъд ног афынæй. Райхъал æй кодта Хан-Магомайы хъæлдзæг хъæ- лæс, минæвары æгъдау куы баххæст кодтой Батаимæ æмар фæстæмæ куы æрбацæйздæхтысты, уæд. Хан-Маго- ма куыддæр æрбахæццæ, афтæ Хаджы-Мураты цур абадт æмæ йын раныхас кодта, салдæттæ сын цы ’гъдау 236
радтой æмæ сæ къпйазмæ куЫд бахуыдтой, кънйазæп нæхпимæ куыд иыхас кодта, куыд сьтл бацинтæ кодта æмæ сын зæрдæ куыд бавæрдта, рансомбоп, уырыс хъæд кæм цæгъдынц, уырдæм сæ размæ Мичичы фæстæ Ша- линсчы æрдузмæ.кæй рацæудзæн, уый тыххæп. Бата пын-иу нæ ныхас хаттæй-хатт фæлыг кодта æмæ-иу дзы чи ферох, уыдон лыстæгæй, бæстондæрæй радзырдта. Хаджы-Мурат сæ хыицфарст бакодта æмæ сын сæ номхыгъдæй радзурын кодта, Воронцов цы ныхæстæ кодта, Хаджы-Мурат йæхи уырысы къухмæ дæттынвæнд кæй кæны, уый тыххæй. Хан-Магома æмæ Бата æмдзы- хæй дзырдтой, кънйаз сын дзырд куыд радта, Хаджы- Муратæн уазæджы æгъдау кæй ратдзæн æмæ йын цæ- мæй æнцондæр, хуыздæр уа, ууыл кæй нæ бацауæрд- дзæи. Хаджы-Мурат ма сæ фæндаджы тыххæй афæр- стытæ кодта, æмæ йæ Хан-Магома куы бауырнын код- та, фæидаг хорз кæй зоны æмæ йæ комкоммæ уырдæм кæй бахæццæ кæндзæн, уæд Хаджы-Мурат, Батайæн цы æртæ сомæй зæрдæ бавæрдта, уыдон спста æмæ йыи сæ пæ къухмæ радта. Уыйфæстæ хордзептæп йæ сызгъæринæп арæзт гæрз- тæ æмæ йæ худ æд сарыхъ сисын кодта. Иæ мюридтæи бафæдзæхста, сæхимæ дзæбæх куыд базилой, уырысмæ сæхи сыгъдæгæй, аивæй куыд бавдисой, уый тыххæй. Цалынмæ гæрзтæ, сæргътæ, саргъы дзауматæ æмæ бæх- тæ сыгъдæг кодтой, уалынмæ стъалытæ дæр аныгуыл- дысты, бон æрбарухс, æмæ сæууон дымгæ æрбадымдта. V Бопивапæпы, æхсæв æмæ бон кæрæдзийæ нæма фæ- хицæн сты, афтæ дыууæ ротæйы æд фæрæттæ, сæ хицау Полтарацкиимæ, Шахгирипсчы кулдуарæй ну-дæс вер- сты рацыдысты æмæ уым сæ алфамбылай сæхнцæй хъахъхъæнджытæ æдгæрзтæ æрæвæрдтой. Куыддæр бон цъæх кæнын байдыдта, афтæ хъæд цæгъдыпыл ралæу- уыдысты. Пыс-пыс æмæ къæрццытæгæпаг арты фæздæг æмæ мигъ æддæг-мидæг сысты — сæмхæццæ сты. Аст сахатмæ мигъ йæхи уæлæмæ исын байдыдта. Хъæд цæгъдджытæ уый агъоммæ кæрæдзи фондз къахдзæфмæ нæ уыдтой, ныр, мигъ йæхи куы систа, уæд зынын бай- дыдтой æртытæ дæр æмæ калд бæлæстæй дзаг хъæд- дзауты фæндаг дæр. Хур-иу куы мигъы астæу æрттиваг 237
стъæлфау фæзыид, куы та-иу йæхи фæстæмай амбæхстй. Фæндагæй дæрддзæфгомау, æрдузы, барабантыл блдты- сты: Полторацкин йæ кæстæр афицер Гихоповнмæ, по- джы дыууæ афицсры æртыккаг ротæйæ æмæ иу кава- лергард1, Полторацкийы æмбал, иумæ уæздæтты скъо- лайы (корпусы) кæимæ каст æмæ дуэлы тыххæй йæ офицердзинад кæмæи систой, ахæм,— барои Фрезе. Ба- рабанты алыварс, хæрипæгты тухæи гæххæтты гæбæзтæ, бапъирозы сыгъдæттæ æмæ афтид æвгтæ алы ран хæ- лиуæй лæууыдысты. Афицертæ арахъхъ анызтой, хорз бахордтой æмæ сæ зæрдæйы дзæбæхæн уырыссаг сау бæгæны пуæзтой. Барабанцæгъдæг æртыккаг авджы хъуыр гом кодта. Полторацкий, хуыссæпхъæлдзæг уæв- гæйæ пæ зæрдæйы дзæбæхыл уыд,— æпæмæт æмæ ит- тæг хъæлдзæг. Афтæ-иу уыд кæддæриддæр тас рапы, салдæтты æмæ йе ’мбал афицерты æхсæн. Афицертæ сæхимидæг зæрдиаг ныхæстæ кодтой фæс- таг пог хабар — ипæлар Слепцовы марды тыххæй. Уы- цы мæлæты мидæг пичи уыдта, ничи æмбæрста цардæн йс стырдæр, йæ сæйрагдæр хъуыддаг: йæ ахицæн, йæ фæуып æмæ, фæстæмæ, кæцæй рацыд, кæцæй равзæрд, уырдæм баздæхын, фæлæ æрмæст уыдтой лæджыхъæд- джып афицеры сахъдзипад, кард йæ къухы, афтæмæй хъазуат чи скодта хæххоп адæмимæ æмæ сæ æдæрс- гæйæ чи къуыхтæ кодта. Афицертæ се ’ппæт дæр, уæлдай дæр та хæсты чи фæци, уыдон тынг хорз зыдтой, æнæ зонгæ дæр сыи нæ уыд, уыцы замапы Кавказы хæсты мидæг стæй æнæуый дæр пикуы никæд æрцæуы, кæй кой фæкæныпц æмæ æпхъæл кæмæи вæййыпц, ахæм кардæй хæст. Кæд æмæ искуы æрцæуы, ахæм кардæй æмæ арцæй хæст, уæд æр- мæст, лидзæг чи фæвæййы, уыдонимæ. Уыцы, чи никуы æрцæуы, уыцы мысгæ мæнг кардæй хæст афицертæ æцæгыл пымадтой, уырныдта сæ æмæ уымæп хъæлдзæг, сæрыстыр æмæ хи цæсты кадджын уыдысты, уымæй-иу сæхицæй ныббузныг сты, сæхиуыл-иу фервæссыдысты. Уыйадыл чи схъæл бадт, чп та сабыр, боизоигæ бадт кодта барабаныл æмæ тамако дымдтой, нозтой, хъазы- дысты. Мæлæт йæ зæрдæйы кæрон дæр никæмæн уыд, афтæмæй та сæ царды уагмæ, сæ царды уавæрмæ гæс- гæ се ’ппæт дæр тасы мидæг уыдысты, æмæ Слспцовыл Кавалергард — бæхджын гвардноп. 238
цы ми æрцыд, уый сæ кæуылдæриддæр æрцыдаид. Æмæ, æцæг, цыма барæй уыд, уыйау, цæмæ бæллыдысты, уый сыл æрцыд. Сæ тæккæ ныхас кæнгæйæ, фæндагæн йæ галиуварсырдыгæн фехъуыст топпы нæргæ рæсугъд гæ- рах. Нæмыг хъæлдзæгæй мигъджын уæлдæфы мидæг цъуых-цъуых кæнгæйæ афардæг æмæ бæласыл йæ къæрцц фæцыд. Салдæттæ дæр иукъорд уæзбын гуыр- гуыргæнаг гæрахы фæкодтой знæгты æхсты ныхмæ. — Гъе-гъе, уый махонты зыввыт у,— фæхъæр кодта хъæлдзæгæй Полторацкий æмæ Фреземæ бадзырдта: — Ме ’фсымæр, Костя, дæ хъул сах абадт, дæ амонд æр- зылд. Гъæй зæгъ, ротæмæ цæугæ. Мах ныртæккæ ахæм хæст самайдзыстæм, æмæ диссаг. Хæрзиуæгмæ дæр дæ бавдисдзыстæм. Йæ афицердзинад ист кæмæн æрцыд, уыцы барон фæтæррæст ласта æмæ цырдгомау, фæздæг кæцæй скалд, уыцырдæм йæ ротæмæ ауад. Полторац- кинæи йæ кæсгон тарбын бæх æрбаластой, сбадти йыл, пæ ротæ, куыд æмбæлд, афтæ рæнхъ ралæууын кодта æмæ, топпы гæрæхтæ кæцæй цыд, уыцырдæм йе ’ргом радта. Хъахъхъæпæг æфсæдтæ лæууыдысты хъæды ды- мæгмæ иу быгъдæг æмуырдыг комы сæрмæ. Дымгæ хъæ- дырдæм дымдта. Комæп йæ ныццæуæн пæ, фæлæ ма нæ фаллаг фарс дæр дзæбæх зынд. Полторацкийæи уырдæм йæ бахæццæ, афтæ хур дæр мигъы аууонæй йæ был радардта. Комæн йæ фаллаг фарс хицæп тала хъæд уыд. Уыцы хъæды астæуæй иу- къорд барæджы зынд. Сæ дыууæты æхсæн уыдаид иу- фондзыссæдз сардзинмæ ’ввахс. Уыдон уыдысты, Ха- джы-Мураты фæдыл фæдисы чи рацыд, уыцы цæцæй- иæгтæ. Сæ лæуды сæр уыд, Хаджы-Мурат уырысмæ куыд бацæудзæн, уый фепын сæхи цæстæй. - Цæцæнæй пу уырысы æрбагæрах ласта. Салдæттæ дæр дзы хæсджынæп иæ баззадысты æмæ йæ ныхмæ иу- къорд æхсты фæкодтой. Цæцæи сæхи фæстæмæ айстой, æмæ хæст фæсабыр. Фæлæ Полторацкий йæ ротæмæ куы ’рбахæццæ, уæд, æхсут, зæгъгæ, дзырд радта. Куыддæр уыцы дзырд ротæйыл айхъуыст, афтæ алырдыгæй топ- пыты æнæсцух, хъæлдзæг, ныфсдæттæг къæр-къæр ссыд, йæ фæдыл топпыхосы фæздæг цъупгап рæсугъд хæлиу кодта уæлдæфы мидæг. Салдæттæ цин кодтой, дзæбæхау сæм фæкаст, тагъд- тагъд топпытæ ифтыгътой æмæ æхст æхсты фæдыл уагъ- той. Цæцæн, æвæццæгæн, сæхпмæ æгад æркастысты,— уырысы иыфсхастдзинад сæм бахъардта, размæ рагæп- 239
пытæ кодтой æмæ сæ иукъорд гæрахы фæд-фæдыл фæ- кодтой. Уыцы гæрæхтæй салдæттæй иу фæцæф. Цæф салдат разынд Авдеев, уый агъоммæ разбадджытимæ хъахъхъæнæг чи уыд, уый. Йе ’мбæлттæ йæм æрбаз- гъордтой, Авдеев дæлгоммæ хуыссыд, тыхсти, йæхицæн бынат нæ ардта æмæ, йæ дыууæ къухæй йæ гуыбыны цæфыл хæцгæйæ, дыууæрдæм сабыргай цæуæгау кодта æмæ чысылгай хъæрзыд. — Куыддæр мæ топп ифтындзын байдыдтон, афтæ цыдæр фæкъæпп кодта,— дзырдта, йемæ чи бадти, уы- цы салдат.— Кæсын, æмæ йæ топп йæ къухæй æрхауд. Авдеев куыста Полторацкийы ротæйы... Полторацкий салдæтты ну ран æмбырдæй куы ауыдта, уæд уыцырдæм йæ бæх фездæхта. — Гъы, мæ лымæи, дæ хай дæ фæцн? — загъта Полторацкий. Кæм сæмбæлд? Авдеев æм ницы сдзырдта. — Куыддæр ифтындзын байдыдтон, дæ уæздандзи- над,— загъта Авдеевы æмбадæг æмбал,— афтæ къæрцц фæцыд. Кæсын, æмæ йæ топп йæ къухæй æрхауд. — М-м-м,— æмырдзыхæй загъта Полторацкий, æмæ йе ’взагæй фæцъыкк кодта.— Гъы, риссы дын, Авдеев? — Рисгæ нæ кæны, фæлæ мæ цæуын нæ уадзы. Сæн мæ зæрдæ зæгъы, дæ уæздандзинад! Кавказы уыцы дуджы салдæттæ нозтой спъиртт, уы- мæ гæсгæ дзы сæн нæ, фæлæ спъиртт разыпд. Панов талынг æрфыгæй Авдеевы дзыхмæ нуазæн бахаста. Ав- деев дзы иучысыл ацахуыста, йæхи фæтигъ кодта æмæ нуазæн йæ къухæп аиуварс кодта. — Мæ зæрдæ йæ нæ исы,— дæхæдæг æй баназ,— сдзырдта Авдеев. Папов æй ахуыпп кодта, уæдæ цы кодтаид. Авдеев та ноджыдæр рахъил кæныныл афæлвæрдта, фæлæ йæ бон нæ баци æмæ та фæстæмæ йæхи æруагъ- та. Цинел æрытыдтой æмæ йыл Авдеевы æрæвæрдтой. — Дæ уæздандзинад, булкъон бæхыл æрбацæуы,— загъта фельдфебель Полторацкийæп. — Хорз уæдæ, дæ бар фæуæд, исты йын бауынаф- фæ кæ,— загъта Полторацкий, бæхмæ ехсæй февзыста æмæ стыр цапуалæй Воронцовы размæ афардæг. Воронцов æрбацæйцыд йæ сыгъдæг англисаг бур уырсыл. Иæ фæдыл цыдысты полчъы адъюгапт, хъа- зах’ьхъаг æмæ тæлмац — цæцæйнаг. — Цы хабар у?—афарста Воронцов Полторацкийы. 240
— Цæцæн пæм æрбабырстой,— дзуапп ын радта Полторацкий. — Зонын, зонын,— уыдон та дæ митæ сты. — Бауыриæд дæ, кънйаз, мæн аххосæй дзы ницы уыд,— загъта Полторацкий,— сæхæдæг бырстой. — Мæ хъусыл афтæ æрцыд, цыма салдæттæй иу фæцæф? — О, тынг хъыг мын у, салдатæй йæм дау нæй, хорз у. — Исты тас ып у, уæззау цæф у? — Æнхъæлдæн æмæ æвзæр цæф у, гуыбыпыл сæм- бæлд. — Æз кæдæм цæуыи, уый зоныс? — афарста йæ Воронцов. — Нæ зоныи. — Æцæг зæгъыс, нæ йæ æмбарыс? — Нæ-æ. — Хаджы-Мурат æрцыд, нæхи нæ къухмæ дæтты, пыртæккæйы сахат нæ размæ рацæудзæн. — Æнхъæл пæ дæн, нæ мæ уырны. — Знон минæвар уымæй уыд,— загъта Воронцов йæхиуыл хæцгæйæ æмæ фырцинæй йæ худын уромгæйæ. - — Афонмæ мæм хъуамæ Шалинсчы æрдузы æп- хъæлмæ кæсы. Ды баздæх æмæ гæрзтæджын салдæтты фæпырх кæн æмæ сæ æрдузы онг иугай алæууын кæ, дæхæдæг мыл-иу сæмбæл. — Хъусын дæм,— загъта Полторацкий, йæ къух йæ ныхыл авæрдта æмæ ротæмæ фæстæмæ аздæхт. Рахиз- фарсырдыгæй салдæтты йæхæдæг æрæвæрдта, галиувар- сæрдыгæй та сæ фельдфебелы бар бакодта. Уымæн пæ хæдуæлвæд цæф салдат Авдеевы йе ’мбæлттæ фидармæ ахастой. Полторацкий фæстæмæ Воропцовмæ фæцæйцыд, аф- тæ фæсте хæстæг барджытæ æрбацæйцæугæ ауыдта; йæ бæх баурæдта æмæ се ’рбахæццæмæ банхъæлмæ каст. Барджыты разæй цыд урсбарцджын бæхыл урс цухъхъа æмæ сарыхъджын уæлдзармхуды мидæг, сыз- гъæринæй арæзт гæрзтæ йæ уæлæ, барджын, бакаст- джын адæймаг. Уый уыд Хаджы-Мурат йæхæдæг. Хаджы- Мурат Полторацкиймæ йæ бæх фездæхта æмæ пын сæ- хи æвзагæй цыдæр загъта. Полторацкий йæ нæ бамбæр- ста, куыддæр фæджихау æмæ йын дзуапп раттын иæ бафæрæзта, фæлæ йæ къухтæ ахæлиу кодта, ома, нæ дæ бамбæрстои, зæгъгæ, æмæ йæм йæ мидбылты бахудт. 16 Понссше 241
Й& худтмæ Хаджы-Мурат дæр бахудт, æмæ йын уыцы сабийы зæрдæхæлар адджып бахудтæй йæ зæрдæ тынг балхæдта. Полторацкий афтæ æпхъæл никæд уыд, æмæ, арв нæрын кæмæп нæ уæндыд, уыцы тызмæг, карз хо- хаг лæджы ахæм зæрдæмæдзæугæ хуызы фендзæп. Афтæ æнхъæлдта, Хаджы-Мурат уыдзæп æптъыспæг, æлхыицъ, хæрамзæрдæ, æцæгæлон адæймаг, афтæмæй та пæ уæлхъус лæууыд æнæсæрыстыр хицон адæймаг. Йæ зæрдæхæлар мидбылты бахудтæй афтæ зыид, цыма адæймагæн йæ рагон хорз зонгæ, хорз хæлар уыд, уьш- хуызæп. Йæ цæсгомыл, цæсты чи ахадыд æмæ зæрдæйæ чи нæ ферох уыдаид, ахæм бæрæггæнæн уыд: кæрæдзп- мæ дард æвæрд цæстытæ æмбаргæ, æнцад, æдзыпæг æмæ пыфсджын каст кодтой адæммæ. Хаджы-Муратæп йемæ уыд цынпар æмбалы. Уыдо- пæй сæ иу Хан-Магома, дысон-æхсæв Воронцовмæ мп- пæварæп æрвыст чи уыд, уып,— сырхуадул, сау, æпæ цæстыхаутæ, æрттпваг цæстджып, тымбылдзæсгом, цард кæй пæ бадомдта, йæ цардæй йæ зæрдæ рухс кæмæи уыд, ахæм зæрдæхъæлдзæг адæймаг. Ингæ — бæзæрхыг, мызыхъарæзт, хъуыиджын, æмхæстæрфыгджып. Уып та уыд тавлинаг, Хапефи, зæгъгæ, йæ ном, Хаджы-Мура- тæн йæ хæдзарады уынаффæгæнæг. Ханефи йемæ кæд- дæриддæр идадз бæх ласта, йæ уæлæ æфсæрст, дзаг хордзентæ, афтæмæй. Æмбæлтты æхсæн дыууæ лæджы бæлвырд зынгæдæр æмæ бæрæгдæр уыдысты: пу Элдар, иттæг рæсугъд лæппулæг, парæг астæу, афтæмæй 5æ- зæрхыг, йæ цæстытæ фысы цæстыты æнгæсæп, гæзæмæ бур хъуынтæ йыл рахæцыд. Иннæ—цæцæйнаг Гамзало, зылындзаст йæ иу цæстæй, йæ фындз æмæ йæ русыл кæрæй-кæропмæ уыцы иудадзыг даргъ пос. Воронцов фæндагыл æрбацæпцыд. Полторацкий Ха- джы-Муратæн йæ къухæй Воронцовы ацамыдта. Хаджы- Мурат йæ бæх Воропцовырдæм фездæхта, æмæ йæм куы бахæццæ, уæд йæ рахиз къух йæ риуыл авæрдта æмæ пып сæхи æвзагæй цыбырæй цыдæр загъта. Тæлмацгæ- нæг цæцæпнаг ып йæ ныхæстæ ратæлмац кодта: — Мæхи уырысы паддзахы бар кæнын, зæгъгæ, зæ- гъы,— мæхи йыл фæдзæхсын, фæпды мæ уымæп баку- сып. Рагæй мæ фæндыд, фæлæ мæ Шамиль урæдта. Воропцов тæлмацмæ байхъуыста, стæй, зынаргъ æрм • къух йæ уæлæ, афтæмæй йæ къух Хаджы-Муратмæ ба- даргъ кодта. Хаджы-Мурат къухмæ бакаст, исдуг фæса- быр, стæй пын йæ къух райста, фидар ыл пыххæцыд æм& т
куы тæлмацгæнæгмæ, куы Воронцбвмæ к&сгæйæ, раиЫ* хас кодта. — Уый зæгьы,— радзырдта тæлмацгæпæг,— иикæ- мæ мæ фæндыд мæхи раттын, æрмæст иунæг дæу йедтæ- мæ, уымæн æмæ ды дæ сæрдары фырт. Дæуæй мæ ныфс ис. Воропцов ын йæ сæрæй акуывта. Уып уьтд арфæпы иысап. Хаджы-Мурат пс ’мбæлттырдæм пæ къухæп аци- мыдта æмæ та цыдæр загъта. — Уый зæгъы,— загъта та тæлмацгæнæг,— ацы адæм сты мæ мюридтæ, уыдон дæр мæхуызæн зæрдиа- гæй бакусинаг сты уырысæп. Воронцов сæм фæстæмæ фæкаст æмæ уыдопæп дæр пæ сæрæй акуывта. Хъæлдзæг саудзаст, æнæ цæстыхаутæ цæцæйиаг Хап- Магома дæр ыи йæ сæрæй акуывта, æмæ, æвæцпæгæи, цыдæр хъазæп пыхас загъта Воронцовæн, уымæп æмæ хъуынджын авайр?г бахудти æмæ йæ дæпдæгтæ фæ- зыхъхъыр кодта. Бурхил Гамзало йæ дзæбæхдæр рæ- сугъд цæстæй уыцыиу каст фæкодта Воронцовмæ æмæ та фæстæмæ æдзыпæгæп пæ бæхы хъустæм кæсып бай- дыдта. Воропцов æмæ Хаджы-Мурат, бирæ барджытæ сæ фæдыл, афтæмæй, фæстæмæ фидармæ араст сты. Сал- дæттæ разæн пу рап амбырд сты æмæ сæхпмшат хъус- хъусы дзырдтой. — Цал æмæ цал удгоймаджы бацарæфтыд кодта ацы хуыцауы æлгъыст. Ныр-ма сæм-пу кæс, иууылдæр ын хæрзгæпджытæ суыдзысты,— загъта салдæттæп ну. — Æмæ уæдæ куыд æпхъæл уыдтæ. Шамилæи йæ рахиз къух уыд, йе ’фсæдты хицæуттæн сæ фæтæг, сæ тазккæ хуыздæр. Ныр... — Ныууадз, лæгæй йæм дау н.тй, раст зæгъын х’ъæуы. — Уæртæ ма бурхилмæ бакæсут, уæртæ! Дзæбæх сырддзастæй куы кæсы.— Куыдзы тугæп æхсад чп у, ахæм у, æвæцнæгæн. Се ’ппæт дæр сæ каст уыцы бурхилмæ скодтой. Хъæд кæм цагътоп, уым салдæттæп фæидаджы был- мæ æввахсдæр чи уыд, уыдоп зп.ордтой Хаджы-Мураты размæ, бакæсæм æм, зæгъгæ. Афицсртæй сыл иу схъæр- тæ кодта, фæлæ йæ Воропцов баурæдта. — Уадз сæ æмæ сæ рагон зопгæйы фепоп. — Зоныс, чи, у уый? — апглисаг здæхтæп, даргъ 2-13
нвазгæйæ афарста Воропцов, хæстæгдæр æм чп лæууыд, уыцы салдаты. — Нæ зопын, дæ бæрзонддзинад. — Хаджы-Мурат,— фехъуыстай йыи йæ ном? — Куыннæ фехъуыстон, куыннæ, иухатт дæр ыл ацы- дыстæм. Лæг циу, уый йын къорд хатты фенын кодтам. — Уый дæр нæ, (æнхъæлдæн æмæ, хæсджынæй нæ баззад. — Æцæгдзинад уыд уый дæр,— загъта салдат, цин- гæнгæйæ, хицауаимæ баныхас кæиыны рад æм кæй æр- цыд, уый сæраппонд. Хаджы-Мурат æмбæрста, йæ кой кæй кæнынц, уый, æмæ худæндзастæй каст. Воронцов иттæг разыпæ, ит- тæг хъæлдзæгæй баздæхт фидармæ. VI Воронцовæн тынг æхсызгои уыд, Уæрæсейы зиæгтæй, Шамилæй фæстæмæ, сæ тæккæ тыхджындæр æмæ тæс- сагдæр знаг, æндæр никæйы, фæлæ æрмæст иупæг уый къухы кæй бафтыд, уый. Æцæг иу хъуыддагæй чысыл стъæлфыд: Воздвиженскийы цард æфсæдтæн се ’ппæты хицау инæлар Меллер-Закомельский, æмæ уый сæрты ахизын æпæ уый бафæрсгæйæ, æгъдаумæ гæсгæ хъуыд- даг бакæнæн нæ уыд. Воропцов та уый æвастæй бакод- та хъуыддаг æмæ уымæ гæсгæ йæ зæрдæ къæпп кодта, æнæ мастæй куы нæ баззайон, зæгъгæ. Уыцы сагъæс ыи иучысыл йæ циндзинад хæлдта. Сæ хæдзармæ куы бахæццæ, уæд Воронцов мюрид- ты полчъы адъютанты бар бакодта, йæхæдæг Хаджы- Мураты сæхимæ хæдзармæ бахуыдта. Æхсин Мария Васильевнæ, Воронцовы ус, хæрзфæ- лыстæй, къахæй къухмæ бæрæгбопарæзтæй йæ рæсугъд æхсæзаздзыд къæбæлдзыгсæр фыртимæ худæнбылæп Хаджы-Мураты размæ рацыд уазæгдонмæ. Хаджы-Му- рат йæ риуыл йæ къух авæрдта æмæ тæлмацæй йемæ дзурын байдыдта. — Кънйаз мæ кæм суазæг кодта,— загъта Хаджы- Мурат,— уым æй æз абонæй фæстæмæ мæхицæн стыр хорз хæларыл нымайын æмæ, мæ хæлармæ цы зæрдæ дарын, уый мын куыд зыпаргъ, куыд адджын у, йæ би- ’нонтæ дæр мын афтæ зыпаргъ æмæ адджын сты. Ха- джы-Мурат йæ уынд, йæ коид æмæ йе ’гъдауæй Мария 244
Васильевиæйы зæрдæмæ тыпг бацыд. Мария Васильод- их йæм йе стыр урс-урсид къух куы радта, уæд Хаджы- Муратæн йæ зæрдæ ныссæххæтт кодта, æмæ йæ цæсгом фæсырх. Æхсинмæ уый дзæбæх (Ьæкаст, æмæ йын уы- мæй йæ зæрдæ тынг балхæдта. Стæй йæ сбадын кодта æмæ йæ афарста, кæд кофе, миййаг, йæ зæрдæ зæгъы, æмæ кофе æрбахæссын кодта. Хаджы-Мурат кофе нæ бацымдта. Уырыссагау чысылтæ зыдта, фæлæ дзурыи нæ фæрæзта. Куы нæ-иу æмбæрста, уæд-иу йæ мидбыл- ты бахудт. Уыцы бахудт, Полторацкийæн куыд æхсыз- гон уыд, Мария Васильевнæйæн дæр афтæ æхсызгон уыд. Мария Васильсвнæйы къæбæлдзыгсæр лæппу Буль- кæ, афтæ йæ хуыдта йæ мад, Хаджы-Мураты цур лæу- уыд æмæ йæм æдзынæгæй каст. Лæппу Хаджы-Мураты хабæрттæ бирæ хæттыты фехъуыста, стыр æхсарджын, лæджыхъæдджын æмæ хъазуат æфсæддон адæймаг кæй уыд, уый. Воронцов Хаджы-Мураты йæ усы бар ныууагъта, йæхæдæг къæицылармæ ацыд Хаджы-Мураты хабар хицæуттæн фсхъусын кæныны тыххæй. Воронцов Гроз- намæ, галиуварсы æфсæдты хицау иыæлар Козловскимæ æмæ йæ фыдмæ писмотæ ныффыста Хаджы-Мураты ра- цыды тыххæй, йæхæдæг бирæ нал афæстиат, фæлæ фæс- тæмæ сæ хæдзармæ фæтагъд кодта, йæ усæй уайдзæ- фæй тарст, æцæгæлон, тас, зындарæн адæпмаг ын йæ бар кæй бакодта, уый тыххæй. Воронцовмæ гæсгæ Ха- джы-Мураты бабуц кæнын хъуыд, йæ зæрдæ куыннæ фæхудтаид, афтæ, фæлæ йæ æгæр барæвдауын, æгæр скадджын кæнын дæр нæма хъуыд. Фæлæ йæ зæрдæ дзæгъæлы æхсайдта. Хаджы-Мурат бадти фæлмæн къæ- лæтджын бандоныл, Воронцовы усæн йæ фыццаг мойы лæппу Булькæйы йæ уæрджытыл сæвæрдта, афтæмæй. Лæппумæ йæ сæр хæстæг æруагъта æмæ тæлмацмæ æну- выдæй хъуыста, Мария Васильевнæ йын худæпбы- лæй цы ныхæстæ кодта, уыдонмæ. Мария Васильевнæ дзырдта: алы хæлары зæрдæмæ цы дзаума бацæуа, уый йын лæвар куы кæна, уæд рæхджы йæхæдæг, адæмы хуызæн, мадард бæгънæгæй баззайдзæн... Воронцов куы ’рбацыд, уæд Хаджы-Мурат йæ хъæл- дзæг, худæндзаст цæсгом аивта, йæ уæрджытæй лæп- пуйы зæхмæ æриста, йæхæдæг фестад. Булькæ дисгæн- гæйæ йæхи фæтар кодта, хъыг æм фæкаст, йæ уæрджы- тæй йæ кæй раргъæвта, уый. Цалынмæ Воронцов сбадт, уалынмæ Хаджы-Мурат дæр не сбадт. Мария Василь- 245
СйнæйМæ нУхасгоид пæ фæци æмæ йын йзе иыхасзен ф&й- тæмæ дзуапп радта: «Афтæ у не ’гъдау,—загъта Ха- джы-Мурат,— хæлары зæрдæмæ цыдæрнддæр бацæуа, уымæн æпæ балæвар кæнып хос иæй». Булькæ та фæстæмæ Хаджы-Мураты уæрджытæм сбырыд. — Твоя сып куиак1,— загъта æрд.тгдзæфтæп уырыс- сагау Хаджы-Мурат лæппупы къæбæлдзыг сæрыхъуып- тæм кæсгæйæ. — Цы дзæбæх у, цы, дæ абырæг,— зап.та фраицу- сагау Мария Васильевнæ йæ лæгæн. Булькæйæп Хаджы- Мураты хъама йæ зæрдæмæ бацыд æмæ йæм каст. Ха- джы-Мурат йæ хъама йæ ронæн сыхæлдта æмæ Г»æ лæп- пуйæн балæвар кодта. Лæппу хъама пæ фыдмæ равдыста. — С’ез! ип оЬ]е1 йе рпх2,—загъта Мария Василь- свиæ. — II ?аис1га 1гои\æг Госсазюп с1е 1ш Гагге сас1еаи3,— загъта Воронцов. Хаджы-Мурат бадти æмæ дæлæмæ, зæхмæ кæсгæйæ, лæппуйы къæбæлдзыг сæр æрсæрф-æрсæрф кодта æмæ пын дзырдта: — Джигит, джпгит. — Иттæг, иттæг хорз хъама у,— загъта Воронцов æмæ болатæндон, пукджып, сæрдасæны хуызæп цыргъ хъама æрдæгæй уæлæмæ сласта.— Арфæ йын ракæ. — Бафæрс-ма йæ,— загъта Воронцов тæлмацгæпæ- гæн,— цæмæй йып æй баххæст кæндзынæп? Тæлмацгæнæг ратæлмац кодта. Хаджы-Мурат ыи уаптагъд дзуапп радта. Ницы йæ хъæуы, зæп.гæ, загъ- та тæлмацгæнæгæн, æрмæст, кæм бакува, ахæм хпбар быпат куры. Воронцов дуаргæсмæ æрбасидт æмæ йын бафæдзæхста, Хаджы-Мураты фæпдондзипад куыд сæх- хæст кодтапд, афтæ. Куыддæр Хаджы-Мурат хибарæй уаты баззад, аф- тæ пæ цæсгомы хатт апвта, нæ хъæлдзæг, рухс, худæн- дзаст цæсгом фæтар, сагъæс æмæ дзы мæт бацыд. Куыд æнхъæл нæ уыд, ахæм хорз æгъдау ын радта Воронцов. Фæлæ йæ цас кадджындæр æмæ цытджындæр кодтой, уыйас æнæууæнкдæр кодта Воронцовыл дæр ; Дæ фырт мæ хæлар у. 2 Ай зынаргъ дзаума у. 3 Исты æфсон ссарын хъæуы æмæ йæ бæххæст кæиыи хъæудзæ*-1. 246
æмæ йæ афицертыл дæр. Йæ зæрдæ алырдæм æхсайдта: гадзрахатæй йыл куы рацæуой æмæ йæ куы ’рцахсой, хъадамаптæ ныл куы бакæной æмæ йæ Сыбырмæ куы арвитой, кæнæ йæ бынтондæр куы амарой, уыдæттæй тæрсгæйæ йæхи цæттæ дардта. Элдар æм уатмæ бауад. Хаджы-Мурат æй афарста, кæдæм сæ бакодтой, уый тыххæй, бæхтæ кæм сты, сæ глерзтæ сын, миййаг, айстой. Элдар загъта: «Бæхты кънпазы скъæты бафспайд- той, сæ гæрзтæм сын нæ бавпæлдтой, сарайы сыи бынат радтой, тæлмац сæ хорз уыны хæринагæй æмæ цайæ». Хаджы-Муратæн ма йæ зæрдæ цæмæдæр æхсайдта, цæуылдæр дызæрдыг æмæ æнæууæпк кодта, æмæ йæ сæр батылдта. Стæй йæ дзауматæ æмæ йæ къахыдарæс раласта, æвдæз систа æмæ ламаз кæнын байдыдта. Ла- мазгонд куы фæци, уæд пе ’взист хъама æрбахæссып кодта, йæ дзауматæ скодта, йæ рон бабаста æмæ, цы >а, уый уæд, зæгъгæ, тъахтиныл æрбадт. Фæндзæймаг сахатыл æй кънйазмæ сихор хæрынмæ бахуыдтой. Сихорыл Хаджы-Мурат ницы бахордта, пло- вы йедтæмæ. Мария Васильевнæ йæхицæн плов систа, Хаджы-Мурат дæр раст гъсуыцы ранæй йæ тæбæгъы плов æркодта. — Марг ып куы бадарæм, уымæй йæхнцæн тæрсы,— загъта Мария Васильевнæ йæ мойæп,— æз цы ранæп систои, уый дæр уырдыгæп систа. Стæй Хаджы-Мураты афарста тæлмацгæнæджы руа- джы, кæд та уыдзæн йæ кувыны афон. Хаджы-Мурат йæ фондз æнгуылдзы уæлæмæ сдардта æмæ хурырдæм ацамыдта. — Уæдæ нæм бирæ нал ис. Воронцов брегет1 сахат сласта æмæ йын йæ хъан- дзал фелхъывта. Сахат цыппар æмæ иу цыппæрæймаг хай зæлланджы ныккодта. Хаджы-Муратмæ, æвæццæ- гæн, диссаг фæкаст сахаты æпахуыр цагъд æмæ та йæ ног ныццæгъдып кодта, стæй пæ фснынмæ ракуырдта. — УоПа Госсазюп. Ооппе2-1ш 1а топ1ге,2— загъта францусагау М#рия Васильевпæ йæ мойæп. !Брсгст— хъуыстгопд францусаг мастер Брегсты конд дзыииы- даргæ сахат. Цыдис тынг раст, дал сахаты-иу уыд, уал цæфы- иу иыккодта, æвдыста мæйы бопты пымæц. 2 Уыи /;ып æфсон. Дæ сахат ып балæвар кæц. 2-17
Воронцов уыцы минут сахат Хаджы-Муратæн балæ- вар кодта. Хаджы-Мурат йæ къух йæ риуыл авæрдта æмæ са- хат райста. Иукъорд хатты ма йын йæ хъандзал фел- хъывта, байхъуыста-иу æмæ-иу разыйæ йæ сæр батылд- та, дзæбæхау æм каст. Фæссихор кънйазæн фехъусын кодтой Меллер-Зако- мельскийы адъютанты æрбацыды тыххæй. Адъютаит кънйазæн бамбарын кодта, Меллер-Зако- мельский Хаджы-Мураты æрбацыд базыдта, æмæ хъуыд- даг уый æвастæй, уый æнæ бафæрсгæйæ кæй бакодта, уымæй разы нæу æмæ зæгъы: «Хаджы-Мураты ныртæк- кæйы сахат уырдæм куыд сæмбæлын кæнай, афтæ». Воронцов загъта: «Инæлары дзырдæн дыууæ акæнæн нæй, æххæстгонд уыдзæн»,— æмæ Хаджы-Муратæн тæл- мацæй инæлары фæндон бамбарын кодта æмæ дзы ра- куырдта, йемæ инæлармæ куыд ацæуа, афтæ. Мария Васильсвиæ, адъютант цæй тыххæй æрцыд, уый куы базыдта, уæд æй цы бамбарын хъуыд, йæ мой æмæ инæлар æнæ зæрдæхудтæй кæй нæ баззайдзысты, уый, æмæ семæ инæлармæ цæуынвæнд скодта. Воронцов æй къуылымпы кодта, фæлæ уæддæр ус йæхи фæнд атардта, нæ бакоммæ каст. — Уоиз Гепег Ьеаисоир гшеих с1е гез(ег; с'ез1 топ а!Га1ге, поп раз 1а уо1ге!. — Уоыз пе роиуех раз т’етресЬег сГаНег У01г та- с1ате 1а §епега1е2. — Æндæр хатт хуыздæр уаид. — Мæн та ныр фæнды. Гæнæн нал уыд. Воропцов сразы, уæдæ цы кодта, æмæ æртæйæ иумæ араст’сты. Куы бацыдысты, уæд Меллер тардзæсгомæй, фæлæ аивæй Мария Васильевнæйы йæ усмæ бахуыдта, адъю- тантæн та бафæдзæхста, Хаджы-Мураты уазæгдонмæ куыд бахона æмæ йæ æнæ уый уынаффæ, æнæ уый дзыр- дæй куыд никæдæм ауадза, афтæ. — Курын дæ, мидæмæ,— загъта Меллер Воропцо- вæн, йæ кусæп уаты дуар гомгæигæйæ, æмæ Воронцовы разæй бауагъта. 1 Ды бирæ хуыздаф бакæпис, куы баззаис, уæд; уый дæ хъуыд- даг нæу, мæ хъуыддаг у. 2 Дæ бои нæу мæн инæлары усы бабæрæг кæиыпмæ нæ ауадзын, 218
— Уатмæ куы бацыд, у&д кънйазы пе сбадый кодта æмæ йын уыцы лæугæйæ загъта: — Æз ам дæп æфсæдты хицау, æмæ мс ’вастæп, æиæ мæп бафæрсгæйæ знаджимæ радзур-бадзур æмæ хъуыд- даг кæнын никæй бон у. Цæй тыххæй мын нæ базонып кодтай Хаджы-Мураты æрцыды хабар? — Мæнмæ æрцыд Хаджы-Мураты минæвар æмæ мын фехъусын кодта Хаджы-Мураты фæндондзинад,— æр- мæст мæ къухмæ йæхи раттын æй кæй фæнды, уып,— загъта Вороицов. Мæсты инæлар æм тызмæгæй куы сдзура, уымæй тæрсгæйæ Воронцовæн йæ хуыз фæцыд æмæ йæхæдæг дæр инæлармæ гæсгæ мæсты кæнын бай- дыдта. — Æз дæ фæрсгæ куы кæнын, цæй тыххæй мып нæ базонын кодтай? — Уый бакæныны уыпаффæ мæм уыд, барон, фæлæ... — Æз дын барон пæ дæп, фæлæ «дæ бæрзопддзи- иад»,— æмæ уæд барон йæ маст пал . баурæдта æмæ æвиппайды, рагæй цæмæ хъавыд æмæ йæ зæрды цы уыд, уыдон иууылдæр уæлæмæ скалдта. — Æз уый тыххæй, миййаг, нæ кусын 27 азы нæ паддзахæн æмæ, знонæй ардæм кусын чи байдыдта, уы- дон, се стыр хæстæгдзинады ныфсæй мæ дыууæ цæсты раз уынаффæ кæной, кæм сæ ницы хъуыддаг ис, уым. — Дæ бæрзонддзинад! Æз дæ курын, æмæ цы не ’мбæлы, уый куыннæ дзурай, афтæ,— йæ ныхас ыи цæх- гæр фæлыг кодта Воронцов. — Æз цы ’мбæлы, уый.зæгъын, æмæ никæмæн рат- дзыпæп бар!..— ноджы тызмæгдæрæй байдыдта дзурыи пнæлар. ч Уыцы сахат йæ даритæй сыр-сыргæпгæ æрбалæууыд Мария Васильевнæ, йæ фæдыл ныллæггомау бонзонгæ æхсин, Меллер-Закомельскийы ус. — Цæй, æгъгъæд фæуæд, барои, Симоиы нæ фæн- дыд дæ зæрдæхудты бацæуын,— загъта Мария Василь- евнæ. — Æхсин, æмæ æз уый тыххæй куы пицы дзурын... — Цæй æмæ уыдæттæ ныууадзæм. Мæнырдыгонау æвзæр быцæу хорз хылæй хуыздæр у. Мæ хæдзарыл, цытæ дзурын, цы!..— æмæ бахудти. Адæмæн нæртон рæсугъд сылгоймаджы кæлæитæгæ- нæг мидбылты бахудт мæстджын инæлары басаста. Уый дæр йæ рихигы бынæй бахудти. 249
*— Раст зæгъгæйæ, м&й аххбб д&р уЫД, сæттЫН ЫЛ,— загъта Воропцов,— фæлæ... — Уæдæ æз дæр ратæвд дæп,— загъта Меллер æм;^ Воропцовмæ йæ къух балæвæрдта. Се ’хсæн фидыд æрцыд, æмæ бауыиаффæ кодтой, Ха- джы-Мурат рæстæгмæ Меллермæ куыд баззадаид, стæп галиуварсы æфсæдты хицаумæ æрвыст куыд æрцыдаид, афгæ. Хаджы-Мурат бадти сæ фарсмæ иннæ уаты. Сæ пы- хæстæ сын пе ’мбæрста, фæлæ быцæу уый тыххæн кæй кодтон, уымæ гæсгæ дзæбæх бамбæрста, æхсызгон æй чи хъуыд, уыдæттæ: Шамилимæ кæй фæерыс æмæ уырыс- мæ кæй рацыд, уыи уырыс стыр хъуыддагыл нымайынц, æмæ йæ кæд никæдæм арвитой, кæд æй нæ амарой, уæд сып амал уыдзæп бирæ цыдæртæ радомыи. Уымæй уæл- дап ма ноджы бамбæрста: Меллер-Закомельскип, хис- тæр хицау уæвгæйæ, йæ кæстæр, Воронцовмæ цы бар æмæ тых ис, уый Закомельскипмæ нæй, æмæ уымæ гæс- гæ сæ цæу, сæ сæр Воропцов у, Меллер-Закомельский пи- цы у. Уый сæраппонд Хаджы-Мурат йæхиуыл фервæс- сыд, йæхицæп ныббузныг, æмæ йæм Меллер-Закомель- ский куы басидт æмæ йæ рафæрс-бафæрс куы бапдыдта. уæд пæхи сæрыстыр, цыма йыл не ’рвæссыд, уый дард кодта æмæ загъта: — Хохæй рацыдтæн æз урс паддзахæн бакусыиы ныфсæй æмæ мæ зæрдæйы ныхæстæ радзурипаг дæн æрмæст Кавказы æфсæдты сæрдарæп, кънйаз Воропцо- вæн, Калачы. VII Цæф Авдеевы рынчындопмæ ахастой, рыпчыидон та уыд фидары мидæг, раст йæ тæккæ рацæуæны, иу хъуа- рийæ æмбæрзт чысыл хæдзары. Авдеевы бахастой æмæ йа^ уым пумæпаг цатыры иу уæгъд сынтæгыл цæвæрд- той. Уыцы цатыры мидæг уыд цыппар рынчыны: пу тæвдиизæй сад, тарф рынчын, тынг тыхст æмæ йæхц раппар-баппар кодта; дыккаг ризæгæй сад — фæлурс, нæ цæстыты бынтæ цъæх, æдзух зæмбыдта æмæ фæлтæр кæпыимæ хъавыд; иннæ дыууæ æртæ къуырийы раздæр, хæсты мидæг, знагмæ бырсгæйæ, фæцæфтæ сты — иуæп пæ къух, иннæмæп йе уæхск. Уатоп рынчын сæ дыууæйæ ^дæр ничи уыд. Се ’ппæт дæр, тæвднизæй сæйæджы йед- тæмæ, Авдеевы чи æрбахаста, уыдоны алыварс æрæм- бырд сты æмæ сæ рафæрс-бафæрс кодтой. 250
— Хаттæй-хатт их уарæгау ныккалынц, æмæ никуы \мæ иицы, ам та иу-фондз æхсты-цыдæр фæкодтой, æн- дæр нæ,— дзырдта, Авдеевы чи ’рбахаста, уыдонæй иу. — Алкæмæн дæр йæ амопд конд у. — Уæу! — фæхъæр кодта Авдеев йæхи хъæбатыр Ксснгæйæ, сынтæгыл æй куы ’рцæйуагътой, уæд. Куы йæ .ерæвæрдтой, уæд йе ’рфгуытæ фæтар кодта, йæ хъæр- зын фæуагъта, æрмæст ма æппынæдзух йæ къæхтæ змæ- лыи кодта. Йæ цæфыл пæ дыууæ къухæй хæцыд æмæ æпæ змæлгæйæ, æнцад, дзагъыр цæстæй йæ размæ каст. Дохтыр æрбацыд æмæ йæ дæлгоммæ афæлдахын кодта, пæмыг фæсте ахызт æви нæ, уый сбæрæг кæныны тых- хæй. — Адон та йып цы сты? — бафарста дохтыр æмæ йæ къухæй йæ фæсонты тулæн фыдтыл æмæ чъылды- мыл стыр дзуарæвæрд урс ностæ ацамыдта. — Уыдон рагон сты, дæ бæрзонддзипад,— хъæрз- гæйæ схъым-хъым кодта Авдеев. Уыдон уыдысты нады ностæ,— æхсæны æхцатæ кæп банызта, уый дымæгмæ æфхæрд æрцыд. Авдеевы та фæстæмæ уæлгоммæ рафæлдæхюй. Дох- тыр ма Авдеевы цæф сгарæнæй бирæ фæрасгар-басгар кодта æмæ нæмыг кæм банцад, уый сбæлвырд, фæлæ йæ райсыи нæ бафæрæзта. Цæф бабаста, æддейы йыл æндæдзгæ пластыр бапыхæста æмæ ацыд. Цалынмæ пын дохтыр пæ цæф сгæрста æмæ баста, уалынмæ æп- цад хуыссыд, дæндæгтæ кæрæдзийыл ныпдæгъта æмæ йæ цæстытæ бацъынд кодта, афтæмæй. Дохтыр куы ацыд, уæд Авдеев ракаст æмæ дисгæнгæпæ пæ алфамбылай йæ цæст ахаста. Цæстытæ рынчынтæм æмæ фельдшермæ са- рæзта, афтæмæй сæ уыпгæ нæ ходта, фæлæ уыдта цы- дæр æндæрг, дис кæуыл кодта, ахæм. Æрбацыдысты Авдсевмæ рынчыпфæрсæг йе ’мбæлт- тæ—Папов æмæ Серегин. Авдеев уыцы иу æгъдауыл хуыссыд, джпхтæ кодта æмæ дисгæпгæйæ йæ размæ каст. Ие ’мбæлттæм комкоммæ æдзынæг бирæ фæкаст, фæлæ сæ уæддæр æрæгмæ базыдта. — Петра, нсты, миййаг, уæ хæдзармæ фæдзæхсыс? — бафарста йæ Паиов. Авдсев æм фæстæмæ ннцы сдзырдта, афтæмæй нып комкоммæ йæ цæсгоммæ каст. — Æз афтæ зæгъыи, кæд уæ хæдзармæ исты, мий- йаг, фæдзæхсыс? — афарста та йæ Панов дыккаг хатт, Авдеевæи нæ уазал уæрæх ст-æгджын къух агайгæйæ. 251
Авдеев цыма æрномыл, æрчъицыдта, кæнæ йæ фынæйæ райхъал. — А-а, Аитоныч куы дæ, сæрæй! — Абæрæг дæ кодтон. Кæд исты, миййаг, фæдзæхсыс уæ хæдзармæ? Серегин ныффысдзæп. — Серегип,— загъта Авдеев æмæ зыыæй Серегины- рдæм йæ цæстытæ азылдта,— пыффысдзынæ?.. Уæдæ-иу афтæ ныффысс: уæ фырт Петрухæ уæ цардыл ауды. Æф- сымæрмæ хæлæг кодтон. Куы дын æй дзырдтон айфыц- цаг. Ныр мыл хорз æрцыд, мæхицæн дæр æхсызгон у, уадз æмæ цæра. Афтæ-иу ныффысс, мæ хур. Уыдæттæ куы радзырдта, уæд исдуг ныхъхъус Па- новмæ æдзынæгæй кæсгæйæ. — Йед та, дæ лулæ фæзынд? — æнæнхъæлæджы æваст афарста Авдеев. Панов æм ницы сдзырдта. — Лулæйæ дæ фæрсын, лулæйæ, ссардтай йæ? — ноджы та йæ бафарста Авдеев. — Хызыны разынд. — Хорз, хорз. Уæдæ мæм ныр цырагъ раттут. Мæл- гæ кæндзынæн,— загъта Авдеев. Уыцы сахат æрбацыд Полторацкий йæ рынчын сал- даты абæрæг кæнынмæ. — Гъы, æфсымæр, дæ гæпп куыд у, тыхсыс, мий- йаг? — загъта Полторацкий. Авдеев йæ цæстытæ бацъынд кодта æмæ йæ сæр бан- къуыста. Йæ фæтæн цæсгом фæлурс æмæ тар уыд. Пол- торацкпймæ ницыуал сдзырдта, фæлæ та Паповæн дык- каг хатт загъта: — Цырагъ æри дын загътон, мæлгæ кæнын, мæлгæ. Цырагъ ын йæ къухмæ радтой, фæлæ æнгуылдзтæ нал тасыдысты, цырагъ æпгуылдзты æхсæи саггомы цæ- вæрдтой æмæ йыл хæцыдысты. Полторацкий ацыд. Йæ фæстæ, пу-фопдз минуты рацыдаид, афтæ фельдшер йæ хъус Авдесвы зæрдæмæ бадардта æмæ загъта: «Ахицæн ис». Авдссвы амарды тыххæп Калакмæ цы гæххæт арвы- стой, уым афтæ фыст уыд: «Джсоргуыбайы мæйы 23 бон Куринсчы полкъæй дыууæ ротæйы фидарæй араст сты хъæд цæгъдынмæ. Раст æмбисбоп уыдаид, афтæ хæххон йдæм æнæгъдау бирæйæ æваст æрбабырстой хъæдцæгъд- джытæм. Махоптæ фæсыдз кодтой. Уыцы сахат сыл дыккаг ротæ йæхи ныццавта æмæ арцæй хæст самадта. 252
Хæххон адæм лидзæг фесты. Уыцы хъуыддаджы мидæг махонтæй дыууæ рог цæфы фæци, иу фæмард. Хæххон адæмæй та фондзыссæдзмæ ’ввахс мæрдтæ æмæ цæфтæ æрцыд». VIII Петрухæ Авдеев йæ уд цы бон иста Воздвиженскы рынчындоны, раст уыцы бон, йæ зæронд фыд, салдат кæй бæсты ацыд, уыцы æфсымæры ус æмæ йæ хистæр æф- сымæры чындздзоп чызг, хъызт заманы мусы сысджы иай кодтой. Бонраздæр арф мит æруарыд æмæ уымæн йæ дыккаг райсом тынг фæхъызыди. Кæрчытæ æртæ уасты ныккодтой, афтæ зæронд лæг йæ хуыссæны ра- бадт æмæ, салд рудзынгæй мæйы рухс куы ауыдта, уæд пецæй рахызт, йæ дзабыртæ йæ къæхтыл, кæрц, худ йæ уæлæ акодта æмæ мусмæ араст. Дыууæ сахаты куы акуыста, уæд фæстæмæ хæдзармæ æрбаздæхт æмæ йæ фырты дæр æмæ устыты дæр сыхъал кодта. Устытæ æмæ чызг мусмæ рацыдысты æмæ йæ койгондæй, æфснайдæй ссардтой. Хъæдын фиййаг, уисой, йæ хихтæ уæлæмæ, афтæмæй фæрсæй-фæрстæм лæууыдысты сагъдæй урс ногуард хæмпус миты. Сысджыйы куыристæ, се ’фсиртæ кæрæдзийы ныхмæ æвæрдæй, адаргъ сты бæндæнау дыууæ рæнхъæй сыгъдæг мусы. Алчидæр дзы найгæнæн рæхыс райста æмæ, æртæйæ æмхуызон кæрæдзи фæдыл риуыгъгæйæ, най кæныи байдыдтой. Зæронд лхг уæз- зау рæхысы тыхджын цæфæй хъæмп цъæл кодта, чызг рæстæмбис цæфæй уæлæнгæйтты æвнæлдта, чыпдз та фæлдахгæ кодта. Мæй аныгуылд, бон цъæх кæнын байдыдта. Се’фтауц фæуынмæ куыд хъавыдысты, афтæ пайгæнджытæм хис- тæр фырт Аким дæр рацыд цыбыр кæрц æмæ худы ми- дæг. — Æфсонмæ-’фсонтæй та дæхи рафæлив-бафæлив куы кæныс, мæ лымæн,— фæхъæр кодта фыртыл фыд, йæ най кæнып фæуагъта æмæ рæхысы хъæды æнцоп алæууыд. — Бæхтæ бафснапьш нæ хъуыд! — Бæхтæ бафсиайын,— сфæзмыдта йæ пæ фыд.— Зæронд ус сæм базылдапд. Рæхыс рапс. Æгтр спард дæ, расыггæнаг. — Ды мып, миййаг, куы пæ баназын кодтай! — схъуыр-хъуыр кодта фырт. 253
— Цы загътай? — йе ’рцæфы рад фæуагъта æмæ йæ тарæрфыгæй, тызмæгæй афарста зæропд лæг. Фырт æнæдзургæйæ рæхыс райста æмæ цыппар рæ- хысæй кæрæдзи фæдыл тъæпп-тъæппæп най кæпыныл ралæууыдысты. Æртæ цæфы фæстæ зæронд лæджы уæз- зау рæхысы къупп бæрæгдæр хъуысти. — Йæ бæрзæймæ-ма пып бакæс, мидæг хорæй хаст нæл фысы бæрзæйы хуызæн дзæбæх куы у. Мæнæн та мæ хæлафы комдæл мæ сиптыл нал хæцы, дæлæмæ æр- хау-æрхау кæны,— загъта гæроид лæг. Р1æ цæфы рад фæурæдта, рæхыс .уæлдæфы мпдæг иу зылд фæкодта, дыккаг риуыгъд йæ рады инпæты хæд фæстæ афойна- дыл, æнæ къуылымпыйæ цæмæй æрцыдаид, уый тых- хæй. Æфтауц папгопд фесты. Устытæ халамæрзæптæй хъæмп æмбырд кæпып бапдыдтоп. — Æдылы уыд Петрухæ, дæ бæсты салдат чи ацыд, уым дæ сахуыр кодтаиккой, де ’дылы зопд дын дæ сæ- рæй феддæдуар кодтаиккой. Петрухæ хæдзары куысты мидæг дæу хуызæттæй фондзы аргъ уыд. — Цæй, æгъгъæд у, ныууадз æй, нæ фыд,— сдзырд- та чыпдз, куырисы цъæлгопд бæттæн аппаргæйæ. — О, мæхæдæг æхсæзæм, афтæмæй уæ хæсс, иу хуы- зæпæн кусæг та дзы уæвгæ пæй. Петрухæ, мæгуыр, дыууæйы бæрц куыста, цæйпæфæлтау... Кæртæй надмпт къахвæндагыл хъыс-хъысгæпгæ пог мæцъ къогъодзиты æмæ æнгомбаст фæсмып цъындаты мидæг æрбацыд зæронд ус. Лæгтæ мусы æпæдымгæмæ- дард хорæй кæри кодтоп, устытæ та сæ фæдыл уисæпт- тæй мафзгæ цыдысты. — Хъæуы пст лæгтæй пу æрбацыд, æлдарæн, дам, агуыридуртæ ласын хъæуы,— загъта зæронд ус.— Ахо- дæн уын сцæттæ кодтоп. Цæугæут, афон у. — Хорз, фæцæуæм. Халасы сифтындз æмæ цæугæ,— загъта зæронд лæг Акимæн.— Хъусыс, фыццаджы ми та ма бакæ, фыдбылыз та мып ма сараз. Петрухæ дын цы уыд, уый бамбардзыпæ иыр. — Нæ хæдзары куы уыд, уæд æй скæсып пæ уагъ- тап, æлгъыст дæ дзыхæн пæ цух кодта,—схъуыр-хъуыр кодта фырт пæ фыдыл.— Уый куы ацыд, уæд та мæн æргæвдыс. 1 — Афтæ дыи хъæуы, æвæццæгæн,— тызмæгæй загъ- та мад.— Уæдæ мып дæхи Пструхæйыл барыс? — Уæ, хорз, хорз,— загъта фырт, 254
— Лй-гъай у хорз. Не ссад пып смарзтай, ак’ьуШ! æй кодтай, ныр «хорз-хорз» кæ. — Зæронд цырвы кой дыккаг хатт пæ чыпдæуы,— загъта чындз, лæппуйы ус, хъазгæ ’мхасæп. Сс ’ппæт дæр сæ рæхыстæ æрæвæрдтой æмæ хæдзармæ ацыдысты. Фыд æмæ фырт рагæй пал фпдыдтой, Пструхæ салдат куы ацыд, уæдæй фæстæмæ. Зæропд лæг раджы бам- бæрста, гæрзæп мæцъ кæп баивта, уып, фæлæ гæиæн иал уыд. Раст зæгъгæпæ, æгъдаумæ гæсгæ зæнæгджы- иы бæсты æнæзæнæг хъуамæ ацыдаид. Аким цыппар- зæнæгон уыд, Петрæн та пу дæр нæ. Фæлæ кусæгæй та ахæм никуы уыд,— раст йæ фыды хуызæп: цырд, æм- баргæ, хъаруджын, фæразон, куыстуарзон æмæ куыст- вæлтæрд. Æгуыстæй цæрын пæ зыдта. Кусæг адæйма- джы цурты цæугæйæ, пæ фыд куыд кодта, афтæ-пу уып дæр истæмæ æнæ февналгæ нæ лæууыд: кæиæ дыуу^ уисы хос ма ракæрда, кæнæ уæрдоп ма балваса, кæнæ искæй бæсты бæлас ма акала, кæнæ суг ма ’рсæтта, æнæуый пып хос иæ уыд. Зæронд лæг ын, хъæлæкк, та> ригъæд кодта, фæлæ цы гæнæн уыд. Салдат ацæуын мæлæтæп хъауджыдæр пæ уыд. Салдат — хæтæпхуаг, сæфт адæпмаг, кæнæ æпæхъуаджы скъуыддзагæй уæл- дай нæ уыд. Йæ кой кæнын дæр зæрдæпизы хосы йед- тæмæ пицæмæн пайда уыд. Æрмæст искуы-иу хатт, хнс- тæр фырты цæстмæ, фелхыскъ кæныиы тыххæй йын-иу йæ кой ракодта абоны хуызæп. Æцæг мад арæх мысыд йæ кæстæры æмæ, рагæй, салдат куы ацыд, уæдæп ар- дæм лæгъстæ кодта зæропдæп, нучысыл ып æхца цæмæй арвыстанд, уый тыххæй. Фæлæ-иу зæронд йæхи пыхъ- хъус кодта. Авдеевтæ цæрæг хæдзар уыдысты. Зæроидмæ æм- бæхст æхцатæ дæр уыд, фæлæ æвæрд æхцатæм бавна- лып, аба-бау, фæлтау æй амар. Ныр кæстæр лæппуйы кой куы ракодта, уæд зæронд ус фæныфсхаст æмæ йæхипымæры бауыпаффæ кодта, ацы хатт лæппуйæи сысджыйы аргъæп иу сомыгæбаз цæмæй арвита, уый дзы æиæ ракургæ нæй. Æмæ æцæг афтæ бакодта. Кæстæртæ æлдары куыстмæ куы ацыды- сты æмæ дыууæ зæронды хпбарæй хæдзары куы базза- дысты, уæд æргом хатын байдыдта зæроид лæгмæ æмæ йæ цæмæйдæрты сразы кодта сысджыйы аргъæй лæп- пуйæн иу сом суæлдай кæныныл. Зæропд лæг дымгæмæ- дард кæрийæ æхсæрдæс æмæ цыппарыссæдз мсркъайы хикопд хъисыпты мидæг æфсиапдæй æртæ дзопыгъы куы 255
байдзйг æмæ куы æррæвдз кодта, хъисыиты кæрæттæ кæрæдзийыл хъæдын къæбæлтæй дзæбæх куы бафидæрт- тæ кодта, уæд æм ус диакъоиы фыст писмо радта. Зæ- ропд лæг ын зæрдæ бавæрдта, горæтмæ куы бацæуа, уæд писмойы хуылфы сом цæвæрдзæп æмæ пæ арвит- дзæн адрисмæ гæсгæ. Зæронд лæг пог уæлдзæрмтты кæрцы, цыбыр æнæ- дыстæ куырæты æмæ сыгъдæг, урс фæсмын цъыидаты мидæг хуыцауæн бакувгæйæ писмо райста, æхцадоны хуылфы йæ цæвæрдта, раззаг дзоныгъы сбадт æмæ го- рæтмæ араст кодта. Фæстаг дзоныгъы бадт йæ фырты лæппу. Горæты зæронд лæг дуаргæсæн писмо бакæсын кодта, æнувыдæй йæм байхъуыста æмæ писмойы ны- хæстæ йæ зæрдæмæ бацыдысты. Петрухæйы мады писмойы фыст уыд, фыццаджыдæр, мады арфæтæ, дыккагæй, саламтæ хæстæджытæ йедтæй, уыйфæстæ йæ номæвæрæджы марды тыххæй, æрæджиау Петрухæйы ус Аксиньяйы хабæрттæ: хæдзары бинонти- мæ цæрын æй кæй нал бафæидыд æмæ куы кæм, куы кæм хъæуи-хъæу æххуырстыты куыд цæуы. Хъусæм, цыма, дзæбæх, æиæхудинагæй цæры,— æвзæр кой дзы никуыма райхъуыст. 'Уыцы фыдббны сомы кой дæр дзы уыд. Мад æрæнкъард, йæ цæстытæ доны разылдта æмæ йæ зæрдæбыны ныхæстæ диакъонæн ныффыссын кодта: — Мæ уарзон саби, мæ хуры тын. Мæ дыууæ цæс- ’тæй саугуырм куы бадæн дæ мæтæй, дæуыл кæугæйæ. Мæ чысыл хурыхай, дæ уындæй куы никуы бафсæстæн. Кæмæн мæ ныууагътай...—Ацы ран зæронд усæн йæ зæр- дæ суынгæг, сæрхæндæг, йæ цæстысыг нал баурæдта, хæкъуырццæй кæуыныл схæцыд æмæ загъта: — Æгъгъæд фæуæд. Фæлæ Петрухæйы уыцы амонд нал фæци: нал ыл сæмбæлд йæ мады писмо, нал базыдта йæ хæдзарæй йæ усы ацыд, нал райста уыцы фыдæбоны сом дæр, нал фехъуыста йæ уарзоп мады фæстаг зæрдæхалæи ныхæ- стæ. Писмо æмæ æхца фæстæмæ æрвыст æрцыдысты. Писмоимæ хабар æрцыд: «Петрухæ хæсты мидæг фæ- мард, паддзахы, фыдыбæстæ æмæ чырыстоп дины сæ- рыл». Афтæ фыста æфсæддон фыссæг. Зæропд усыл йæ зæрдиаджы, йæ ахсджиаг хъæбулы сæфты хабар куы сæмбæлд, уæд, мæгуыр, фæпиудта, ’фæхъарджытæ кодта, стæй бонтæ куы рацыдысты, уæд та куыстыл йæхи бафтыдта. Фыццаг хуыцаубоны аргъ- 256
уаймæ аЦЫД, сауджьшы саргъауын кодта, Петрухæйы ном ссардта æмæ аргъуаны кувæн-дзул1 байуæрста адæ- мæн, хуыцауы цагъар Петры рухсаджы æмæ удыбæ- стæйы тыххæй. Йæ ус Аксипья дæр фæниудта, фæхъарджытæ кодта, йæ уарзон мойы марды хабар куы фехъуыста, уæд. Æр- мæст иу афæдз ацардысты иумæ, æндæр нæ. Хъарджы- ты мидæг-иу,æрымысыд Петры бурхил къæбæлдзыг сæр, йæ уарзондзинад æмæ йæ маст, йе ’иамонд цард сидзæр Ванькæимæ. Зæрдиагæй йын судзаг уайдзæфтæ кодта, йе ’фсымæры тыххæй йæ усы сæр кæй аппæрста, æмæ ныр уый адыл рахау-бахау кæй кæиы хъæуи-хъæу кæй- дæр фæрныг хæдзæртты. „Йæхинымæры та цип кодта йæ мойы мардыл. Кæмæ цард, уыцы дукапигæсæй та ног басывæрджын æмæ ныр уайдзæфæй æмæ фидисæй нал тарст, уымæн æмæ йæ’ныр йæхицæн ус скæндзæп, фыццаг хатт ын йæхи уарзын кæпын куы байдыдта, уæд ын куыд дзырдта æмæ йын цы зæрдæтæ бавæрдта, уымæ гæсгæ. IX Воронцов Михаил Семепович, уырысы паддзахады минæвары фырт, схъомыл ис Англисы. Уыцы дуджы уырысы стыр адæмы ’хсæн ахæм стыр европæйаг ахуыр- гонд лæг тынг стæм уыд. Кад æмæ иомыл мæлæг. Йæ- хицæй дæлдæр чи уыд, уыдопимæ дзырдта лæгъз æвза- гæй. Цæрынмæ — дæсны, дзыхарæхст, йæхицæп уæлдæр- тимæ — æгъдауджын. Хицаудзинад æмæ дæлдæртæ, коммæгæсджытæ кæм нæ уыд, уыцы цард цардыл нæ ны- мадта. Хорзæхтæ æмæ хæрзиуджытæн хъаджджын ницæ- мæй уыд. Тынг нбмдзыд æмæ дæсны хæцæг æфсæддон лæгыл нымад уыд. Красныйы бын Наполеоныл дæр фæуæлахиз. 1851 азы ныл дæс æмæ æртиссæдз азæй фылдæр йедтæмæ къаддæр нæ цыд, афтæмæй лæппу- хуыз, уæигрог, цæрдæг. Йæ зонд нæ фæцудыдта: иттæг æмбаргæ уадзымыс адæймаг, зæрдæмæдзæугæ цыргъ зонды хицау. Æрмæст уыцы зонд, йæ хицаудзипад фида- рæй-фидардæр, йæхæдæг номдзыддæр ,æмæ кадджын- дæр цæмæй кодтаид, уыцырдæм арæзт уыд. Стыр мулчы хицау — йæхæдæг дæр æмæ йæ ус дæр, райгуыр- 1 Просфора. 17 Повесттæ 257
дæй «графиия Броницкая», уыимæ Кавказы иаместник уæвгæйæ, бирæ улупа пста. Æхцатæн сæ фылдæр хай хардз кодта Хъырымы хурыскæсæнырдыгæй денджызы был галуаптæ саразыныл. Изæрæй, 4 декабры 1851 азы, Кавказы наместпичы галуаиы раз æртæ бæхы ифтыгъд уæрдоны зыв-зыв ссыд. Фæллад, рыгæйдзаг афнцер ииæлар Козловскипæ гæххæтт æрбахæццæ кодта Хаджы-Мураты рацыды тых- хæй уырысмæ æмæ йе ’ндзыг къæхтæ рæстытæгæнгæ хъалагъурты фæрсты бахызт Кавказы сæрдары галуаны уæрæх къæсæрыл. Æмбисбопæй æхсæз сахаты рацыда- 258
ид, афтæ Воронцовæн, раст сихор хæрын афон, базонын кодтой къулеры æрбацыд. Воронцов æнæбафæстцатæй уыцы сахат къулеры йæхимæ æрбауагъта æмæ уыйадыл иукъорд минуты афæстиат æмæ сихормæ байрæджы код- та. Хæрæндон уаты хуынд уазджытæ иу-30-мæ æввахс уыдысты. Иутæ стъолы алыварс, Воронцовы ус Елиза- ветæ Ксаверьевпæ сæ астæу, афтæмæй бадтысты, ипнæ- тæ та къордгæйттæп рудзгуыты цур лæууыдысты. Во- ронцов куы бацыд, уæд се ’ппæт дæр сыстадысты æмæ йæм се ’ргом аздæхтой. Воронцов уыд йæ уарзои сау æфсæддои сюртучы æмæ æрдæг пъагæтты мидæг, урс крсст йæ хъуырыл æфтыд, афтæмæй. Йæ даст, рувасы бырынчъыты хуызæн, цæсгом худæпбылæй æмæ цъынд- дзастæй каст алырдæм æмбырд адæммæ. Вороицов фæлмæи, рог къахдзæфтæ кæнгæ тагъдго- мау бацыд, æхсинтæй хатыр ракуырдта, кæй афæстиат, уый тыххæй, лæгтæн «æгас цæуат» загъта æм-æ гуырдзн- аг къпйазы ус, Мапапæ Орбелианийы хæрзхуыз, бæр- зонд, помдзыд рæсугъд 45-аздзыд сылгоймаджы йæ цон- гыл иыхуæцыи кодта æмæ йæ стъолмæ хæстæг бахуыд- та. Кънйаз Воронцовы ус Елизаветæ Ксаверьевнæ йæ цонг радта бурхил хъæбæрхъис рихи инæлармæ. Гуыр- дзиаг кънйазы цонгыл ныххæцыд Воронцовы усы хæ- лар графиня Шуазёль. Дохтыр Андреевский, адъютант- тæ æмæ иннæтæ, чи æхсиптимæ, чи та иунæгæй дыууæ раззаг къайы фæдыл бараст сты. Лаксйтæ къапдзолты, цъындаты æмæ басмахъыты мидæг уазджытæн лæггад кодтой æмæ стъолмæ бандæттæ, кæм хæстæгдæр, кæм дарддæр æвæрдтой. Метрдотель1, цыма стыр хъуыдда- джы бацыд, уыйау схъæл арæзтæй фыцгæ æмæ тæфгал- гæ бас кодта тæбæгъты æвзист басхæссæнæй. Воронцов даргъ стъолы фарсмæ астæуæй сбадти. Йæ бакомкоммæ æрбадти йæ ус инæдаримæ. Йæ рахизфар- сырдыгæй йе ’мварс уыд инæлары комкоммæ рæсугъд Мананæ Орбелиапи, галпуварсырдыгæй та бадти йæ гуырдзиаг æлдары чызг, хæрзконд, гуырвидауц сау- лагьз, сырхуадыл сылгоймаг æрттиваг дзауматы мидæг æмæ æпиынæдзухæй йæ мидбылты худти. — Къулср цы хабæрттæ æрбахаста? — афарстз Во- ронцовы ус йæ мойы. Лакейты хистæр, хæринæгты æмæ хæрæпдоиы хпцау (уынаф- фæгæпæг). 259
— Ехсе11еп1ез, сЬеге агШе,1— къулер цы хабæрггæ аррбахаста, уый тыххæй йын йæ ус цы фарста радта, уымæн дзуапп лæвæрдта Воронцов.— 51топ а еи йе 1а сЬапсе.2 Æмæ, се ’ппæт дæр куыд фехъуыстаиккой, афтæ сын ног стыр хорз хабары кой ракодта. Раст зæгъгæйæ, Во- ронцовæн ног хабар нæ уыд, уымæн æмæ номдзыд æх- сарджын Хаджы-Мурат, Шамилы рахиз къух, йæхи уы- рысмæ кæй радта, уый кой рагæй хъуысти æмæ абонæй- райсомæй Калачы кæй сæмбæлдзæн, уый пын сусæг пæ уыд. Стъолы цур чидæриддæр бадти, уыдон се ’ппæт дæр, суанг лæппу фæсивæд, адъютанттæ æмæ лыстæг хи- цæутты онг сæ хъæлдзæг ныхас фæуагътой, ныхъхъус сты æмæ æпувыдæй хъуыстой. — Ды, пнæлар, уыцы Хаджы-Муратыл искуы сæм- бæлдтæ? — афарста Воронцовы ус йæ сыхаг бур хъæ- бæрхъис рихиджын инæлары, кънйаз Воронцов ныхас- гонд куы фæци, уæд. — Куыниæ, куыпнæ, æхсин, бирæ хæттыты. Æмæ инæлар радзырдта, иухатт, 1843 азы, хæххон адæм уырысæй Гергебил куы байстой, уæд Хаджы-Му- рат инæлар Пассечы æфсæдтимæ дзыхæвæрд’ куыд фæ- ци æмæ сып сæ цæстыты раз булкъон Золотухины мæ- лæтдзаг куыд фæкодта, уыцы хабар. Вороицов ипæлармæ худæнбылæй хъуыста,— æхсыз- гои ын уыд, кæй бахъæлдзæг, уый. Стæй æвиппайды Во- ропцов йæ хуыз афæлывта, йæ цæсгом фæтар æмæ ныхасмæ йæ хъус хорз пал дардта. Инæларæн иыхас ацайдагъ æмæ, дыккаг хатт Ха- джы-Муратимæ кæм фæныхæй-ныхмæ, уый хабар ра- кодта. — Уый уыцы Хаджы-Мурат у,— загъта инæлар Во- ропцовæн,— хъуыды ма йæ кæидзынæ, къийаз,— «фервæ- зын кæиыимæ» цы æфсæдтæ цыдысты, уыдоны размæ чи бабадт Даргипы хæсты, уый. — Кæм? — цъыиддзастæй кæсгæйæ ног афарста инæ- лары Воронцов, цыма йæ пæ бамбæрста, уыйау йæхи нæзонæг скодта. Хъуыддаг афтæ уыд, æмæ хъæбатыр ипæлар кæй крп кодта, уыцы фыдбылыз, æпамонд Даргииы хæсты Во- 1 Тыпг хорз, мæ уарзоп къай. 2 Симолы хъуыддаг хорз цæуы. 2С0
’ронцов хицаудзинад кодта, æмæ хæрзсæфт фæкодтаид йе ’фсæдтимæ, сæ амондмæ гæсгæ сæ иог æрбацæугæ ’фсæдтæ куы нæ фервæзын кодтаиккой, уæд. Æнæ зон- гæ ничи уыд, Даргины хæст Воронцовы зонд æмæ уы- паффæйæ кæй æрцыд æмæ уыцы хæсты уырысы æфсæд- тæ кæй фæфыдном, кæй фæхудинаг сты, уый; иу къорд сармадзаны сæ байстой, æмæ сын æнæгъдау цагъд нык- кодтой. Уымæ гæсгæ Воронцовы цур исчи йæ кой куы кодта , уæд æрмæст, Воронцов паддзахæн хъуыддаг цы- хуызы бавдыста, уыцы ’гъдауæй: цыма уырысы æфсæд- тæ тынг фесгуыхтысты æмæ сæхицæн стыр ном,( стыр кад æмæ цæсгом скодтой, уыйау. Афтæмæй та стыр рæдыд хъуыддаг кæй уыд, бирæ адæм дзы кæй фесæфт, уый æцæгдзинад уыд., Се ’ппæт дæр бамбæрстой, инæлары ныхæстæ цæмæ цыдысты, уый, фæлæ сæ цыма не ’мбæр- стой, уыйау иуæй-иутæ сæхи нæзонæг скодтой, иннæтæ та хорзау нал фесты æмæ ныхас цæмæ атыхсдзæн, уы- мæ æнхъæлмæ кастысты. Иуæй-иутæ та сæхинымæры бахудтысты æмæ аивæй кæрæдзимæ бакастысты. Æр- мæст бурхил хъæбæрхъис рихиджын инæлар ницы бам- бæрста æмæ йæ зæрдæйы фæндоныл ныхас кодта. Æмæ инæлар сæрæй бынмæ лыстæгæй радзырдта, Хаджы-Мурат уырысы æфсæдты хъазæгау æнцон дыу- уæ дихы куыд фæкодта æмæ сын алæмæты цагъд куыд, ныккодтаид, афойнадыл ног æфсæдтæ куы нæ ’рбахæц- цæ уыдаиккой, æмæ сæ уыдон куы нæ фервæзын код- таиккой, уæд, уымæн æмæ...' Инæлар йæ ныхас конд нæ фæци. Мананæ Орбелиа- ни хъуыддаг бамбæрста, йæ ныхас ын айста æмæ йæ ра- фæрс-бафæрс кæнын байдыдта йæ цæрæнбынаты, йæ фадæтты тыххæй Калачы. Инæлар фæджихау, адæмыл йæ цæст ахаста кæрæй-кæронмæ, суанг йæ адъютанты онг. Йæ адъютант стъолæн йæ ипнæ кæронырдыгæй бад- ти æмæ йæм æдзынæг каст, кæд мæ мæ цæстæнгасæй бамбарид, зæгъгæ. Куыддæр кæрæдзимæ фемдзаст сты, афтæ йæ инæлар уайтагъд бамбæрста. Кънйаз Мананæ Орбелиапийæн дзуапп нал радта, йæ цæсгом фæтар код- та, йæ дзыхæй дзырд нал схауд æмæ тагъд-тагъд хæлæ- фæй, æнæууилгæйæ хæрыныл ралæууыд, йæ разы тæ- бæгъы цы æиахуыр буц хæринаг уыд, ууыл. Хуызæй дæр æмæ адæй дæр ахæм хæрииаг никуы федта æмæ, цы мæрдтаг уыди, уымæи æмбаргæ ^æр ницы бакодта. Сс ’ппæт дæр фсфсæрмыгомау сты, феслæ, ВоропцО* 201
вы усы комкоммæ стъолæн иннæ фарсырдыгæй цы гуьлр-, Дзиаг кънйаз бадт, уын сæ бахъæлдзæг кодта. Х&рз æдылы, фæлитой, козбау, гæдывад уæвгæйæ диссаг дæс- пы уыд зæгъыпмæ, зæрдæлхæиæп гæдымитæм, былæлгъ- ты ныхæстæм æмæ стыр адæмы æхсæн йæхи дарын- мæ. Цыма ницы бамб.æрста, уыйау хъæрæй дзурын бай- дыдта, Хаджы-Мурат Ахмст-Хап Мсхтулинскийы идæдз усы куыд аскъæфта, уый хабæрттæ: — Æхсæвыгоп хъæуы смидæг, фæлæбурдта, пы йæ хъуыд, уымæ æмæ фæстæмæ йе ’мбæлттимæ афардæг. — Æмæ уæддæр усмæ цæмæп бахъавыд, цæмæн æй хъуыд? — афарста нæ Воронцовы ус. — Йæ мочмæ йыи знаг уыд, йæ фæдыл зылд, фæлæ йæ къухы пæ бафтыд, фадат рап ыл пикуы сæмбæлд æмæ йæ масг, хаиы мæлæты фæстæ, йæ идæдз усæй райста. Воронцовы ус уыцы хабар радзырдта францусагау йæ зæронд лымæн ус графиня Шуазёлæн, гуырдзнаг кънйазы цур чи бадти, уымæн. — Мæ бындур ныззылд, уып та куыд! — йæ цæсты- тæ бацъынд кодта æмæ йæ сæр тплгæнæ загъта графи- ня Шуазсль. — На-а,— загъта Воронцов худагнбылæй,— æз куыд фехъуыстон, уымæ гæсгæ Хаджы-Мурат йæ уацайрагæн стыр хорз æгъдау лæвæрдта, уæздан лæгæи куыд æм- бæлы, афтæ, стæй йæ суæгъд кодта. — О, фæстæмæ йæ балхæдтой. — Æпæуый та уæдæ куыд, фæлæ уæддæр уæздан мн бакодта. Уыцы ныхасмæ гæсгæ уазджытæ бамбæрстой, дард- дæр цы æмæ куыд дзурып хъæуы Хаджы-Мураты тых- хæй, уый. Цас кадджындæр æмæ бæрзонддæр кæиой Хаджы-Мураты, уыйас Воропцовæн æхсызгоидæр кæй уыдзæн, уый. — Стыр æхсарджын æмæ зæрдæджын адæймаг у! Диссаг у, диссаг. Æвзыгъд, алыпп адæнмаг! — Куынпæ у, куыииæ, 49-æм азы бон-сихорафон Тс- мир-Хан-Шурамæ бабырста æмæ дукапитæ фæхаста. Сп.олы кæроп цы сомнхаг бадти, уый уыцы рæстæ- д^кы Темир-Хап-Шурайы уыд æмæ сын сæрæй бынмæ лыстæгæп радзырдта Хаджы-Мураты сгуыхт лæбурды *хабар. Иу цыбыр ныхасæй, сихорыл Хаджы-Мураты койы недтæмæ æндæр кой нал уыд. Æз дзы исты зæгъоныл сысты, Се ’ппæт дæр кæрæдзи дзырд истой æмæ æвды- 262
етой Хаджы-Мураты хъæбатЫрдзпнад, зонД æмæ у&З- дандзннад. Чидæр, 26 уацайраджы куыд амарын кодта, уый хабар ракодта, фæлæ пып уый дæр хорздзинэдмæ банымадтой. — Æмæ уæдæ куыД> хæсты ахæм хъуыддæггæн фылдæр цы ’рцæуы! - А 1а [41 гге со: т а 1а дьегге.1 — Стыр лæг у, раст зæгъыи хъæуы. — Цæвиттон, Европæйы куы райгуырдаид, уæд, чи зоны, ’мæ дыккаг Наполеон уыдаид,— загъта æдылысæр гуырдзиаг кънназ. Козбау бакæнынмæ уымæи æмбал пæ уыд,— хуыцауæй лæвæрд ын уыд. Наполеоны кæй басаста, уый тыххæн Воропцов хъуы- ры ’фтаугæ крест райста, æмæ уымæ гæсгæ гуырдзиаг кънйаз тынг хорз зыдта, Вороицонæп Наполсопы кой иттæг æ^ссызгон кæй уыдзæн, æмæ пып уымæп пæ зтр- дæ алхæдта. — Наполсон ма фæуæд, фæлæ дзы тыпг сахъ бæх- джьтп инæлар уæддæр рауадаид,— загъта Воронцов. — Уæд та Наполеоны бæсты Мюрат. — Р1æ ном дæр Хаджы-Мурат. — Хаджы-Мурат кæм рацыд, уым Шамилыл дæр мæгуырыбон бакодта, йæ боптæ нымад сты,— загъта чидæр. — Ныр сæм («ныр» — ома Вороицовы рæстæджы) бахъардзæи, кæй ннцыуал скæпдзысты, уый,— зап.та æндæр чидæр. — Тои1 се1а ез! ^псе а уоиз,-—загъта Манапæ Орбелиани фраицусагау. Козбауы фæйлауæиты бын куы фæуа, уымæп тæрс- гæйæ сæ Воронцов йæхæдæг уромып бапдыдта. Зæр- дæйæ зæрдæмæ ныккæсæи пæп, фæлæ пын уыцы коз- баудзинæдтæ æхсызгои кæй уыдысты, уый æпæгдзипад уыд: фæсхæрд тыпг’ хъæлдзæгæй æмæ разыпæ йс ’хсин Орбелианиимæ уазæгдонмæ араст. Фæссихор кофе рахастой, Воронцов уазджытæм лæгъздæр дзыхы уаг æруагъта, уæлдай хуыздæр сæ ба- рæвдыдта. Сырх хъæбæрхъис рихиджыи инæлармæ йæ- хи баласта æмæ йын псмæ пыхас кæпгæйæ æмбарып кодта, цыма цæмæй фефсæрмы, уый йын иæ бамбæрста, уыйау. 1 Хæст хæсты хуызæн хъуамæ уа. 2 Уыдон иууылдæр дæ руаджы сты. 263
Уазджытыл се ’ппæтыл дæр куы азылд, уæд к-ъамæй хъазыныл æрбадт. Вороицов уарзта æрмæст зæронд хъазт «ломбер», зæгъгæ,— афтæ йæ хуыдтой уыцы хъазт. Йе ’мхъазджытæ уыдысты: гуырдзиаг кънйаз, сомихаг инæлар, камердинерæй чи базыдта уыцы хъаз- ты æгъдау, ахæм, æмæ, цыппæрæймаг, номдзыд, дзырд-, дзæугæ æмæ бæрнджын дохтыр Андреевский. Воронцов йæ цуры сызгъæрин тамакодон æрæвæрд- та, йæ уæлæ паддзах Александр I ныв фыст кæмæн уыд, ахæм,— атлас къамтæ райхæлдта æмæ сæ ахæлиу кæ- нынмæ куыд хъавыд, афтæ камердинер, италиаг Джо- вани, æвзист цайхæссæн тæбæгъы æвæрдæй писмо æр- бахаста. — Дыккаг къулер та æрбахæццæ, кънйаз. Воронцов къамтæ æрæвæрдта, йе ’мхъазой æмбæлт- тæй хатыр ракуырдта, писмо райхæлдта æмæ йæ кæсын байдыдта. Писмо уыд йæ фыртæй. Уый фыста Хаджы-Мураты рацыды тыххæй æмæ Меллер-Закомельскиимæ уый сæ- раппонд куыд абыцæу сты, уыцы хабæрттæ. йæ ус æм бацыд æмæ йæ афарста, сæ фырт цы фыс- сы, уый тыххæй. — Уый дæр Хаджы-Мураты тыххæй. II а’ еи яиеЦиез йёза&гёшеп+зауес 1е соттапйап! йе 1а р1асе. 51топ а еи 1ог1. Ви1 а11 15 ^е11 Ша1 епс!з чуеИ,1— загъта Во- ронцов, йæ усмæ писмо дæтгæйæ. Стæй йæм рухс цæсго- мæй æмæ зæрдæлхæнæн цæстæнгаоæй æнхъæлмæ чи каст, уыцы æмхъазой æмбæлттæн къамтæ сисыны бар радта. Фыццаг хатт къамтæ куы райуæрстой, уæд Воронцов тамакодон байгом кодта, йе ’нцъылдтæ урс къухы уырз- тæй францусаг тамакойы тæпп систа, йæ фындзмæ йæ схаста æмæ йæ акалдта. Афтæ кодта Воронцов мæддæриддæр, йæ уагыл, йæ зæрдæйы дзæбæхыл-иу куы уыд, уæд. X Дыккаг бои Хаджы-Мурат Воропцовмæ бацыд. Фæ- лæууæн уаты адæмæй базмæлæн нæ уыд. Уым уыд зпо- 1 Фидары хицауимæ чысыл азæрдæхудт сты. Семен раст нæ уыд. Фæлæ цыдæриддæр хорз у, йæ кæроп хорз кæмæп ацæ- уа, уый. 264
ны инæлар йæ хъæбæрхъис рихитимæ бæрæгбон арæЗ- тæй æд хæрзиуджытæ,— Воронцовæн хæрзбон зæгъынмæ æрбацыд. Уым уыд иу полчъы хицау, йæ хъуыддаг тæрхондонмæ кæмæн цыд полчъы мулчы давды тыххæй, ахæм. Уым уыд иу сомихаг бонджын лæг, дохтыр Анд- реевский йæ арм кæуыл дардта. Арахъхъ уæй кæныны бар уый къухы уыд, æмæ та йæ ныр ногæй райсынмæ хъавыд. Уым уыд саударæг идæдз, йæ афицер мой хæс- ты кæмæн фæмард, ахæм; йæ цыды сæр уыд пенси райсын кæнæ йæ сывæллæтты паддзахады хардзæй ис- кæдæм раттын. Уым уыд, йæ бынтæ чи смарзта, ахæм арæзт гуырдзиаг æлдар рæсугъд гуырдзиаг дарæсы ми- дæг, аргъуапы уæгъд зæххытæй ма истæуыл цæмæй фæ- хæст уыдаид, ууыл чи зылд. Уым уыд иу пъырыстыф гæххæттыты тыхтонимæ, тыхтоны та уыди, Кавказы куыд басæттын хъæуы, уый тыххæй ног уынаффæтæ фыст. Уым уыд иу хан, æз дæр Воропцовмæ уыдтæн, зæгъгæ, уый ацыд æнæ хъуыддагæй, æрмæст разагъды хи рап- пæлыны тыххæй. Алчидæр дзы йæ радмæ æнхъæлмæ каст. Рæсугъд ирд бурхил лæппулæг-адъютант адæмы иугай, иу ин- нæйы фæдыл Воронцовы кусæн уатмæ хуыдта. Фæлæууæн уаты цырд лæппуйы цыдæй, зына-нæ- зына чиугæйæ, Хаджы-Мурат æрбалæууыд. Адæм иу- уылдæр сæ каст уый скодтой, æмæ хъус-хъусы дзырдтой Хаджы-Мураты ном. Хаджы-Мурат уыд даргъ урс цухъхъа æмæ нарæг æвзист хæрдгæбыдæй арæзт æфцæгготджын морæ куы- рæты мидæг. Йæ фадыварц — сæрак сау зæнгæйттæ æмæ æигом, æрмкъухты хуызæн, сæрак дзабыртæ. Иæ сæрыл уæлдзармхуд æд сарыхъ, инæлар Клюгенау Ха- джы-Мураты Ахмет-Ханы нымыгъдæй цæй тыххæй æр- цахста æмæ Шамилы къухмæ йæхи цæй тыххæй радта, уыцы сарыхъ. Хаджы-Муратæн йæ иу къах иннæйæ гыццыл цыбыр- дæр кæй уыд, уыйадыл узгæ цыд кодта фæлæууæн уаты паркетджын пъолыл йæ нарæг астæу чысыл ратас-ба- тас кæнгæйæ. Кæрæдзимæ дард æвæрд цæстытæ æдæрс- гæ кастысты размæ, цыма никæй уыдтой, уый хуызæн. Рæсугъд адъютант Хаджы-Муратæн йæ къух райста æмæ йæ бадын кæнын кодта, цалынмæ йе ’рбацыды ха- бар кънйазæн базонын кæна, уалынмæ. Фæлæ Хаджы- Мурат не сбадт. Йæ къух хъамайы чъима босыл æрæ- вæрдта, йæ гуыры уæз йæ иу къахыл æруагъта, иннæ 265
чысыл раздæр байста æмæ гæ алфамбылай адæммæ æиæрвæссон, сæрыстыр цæстæнгасæй каст. Тæлмацгæчæг, кънйаз Тарханы фырт, Хаджы-Мурат- мæ йæхи хæстæг баласта æмæ йемæ ныхас кæпыи бай- дыдта. Хаджы-Мурат ып æвæпдонæй цыбыр дзуапп лæ- вæрдта. Воронцовы кусæи уатæй рацыд иу хъуымыхъ- хъаг кънйаз, пъырыстыфыл хъаст чи бахаста, ахæм. Уы- мæн йæ хæд фæстæ адъютант Хаджы-Муратмæ басидт, Воронцовы кусæн уаты дуармæ йæ бакодта æмæ нæ ми- дæмæ разæй бауагъта. Воронцов стъолы уæлхъус лæугæйæ «-æгас цæуай» загъта Хаджы-Муратæп. Кавказы æфсæдты сæйраг хн- цауы зæронд урс цæсгом зноны хуызæн фæлмас æмæ хъæлдзæг иал уыд, фæлæ тардæр æмæ карздæр. Воронцовы стыр, уæрæх кусæн уаты уыд дынджыр даргъ æмæ уæрæх стъол. Йæ бæрзонд рудзгуытыл уыд кæрдæгхуыз æмбæрзæнтæ ауыгъд. Хаджы-Мурат куыд- дæр бацыд, афтæ йæ хурсыгъд чысыл къухтæ пæ риуыл йæ урс цухъхъайыл дзуарæвæрд æркодта æмæ зæхмæ кæсгæйæ хъуымыхъхъагау ззгъта: — Мæхи кæнын стыр паддзах æмæ дæ уазæг. Дзырд дæттын урс паддзахæн æнæзæрдæхудтæй, мæ уд амæ- лыны онг бакусыныл. Ныфс мæм ис, нæ иумæйаг знаг Шамилимæ уын хæсты мидæг æнæ пайда кæй нæ уы- дзынæн. Тæлмацгæнæг куы байхъуыста, уæд Воронцов Ха- джы-Муратмæ бакаст, Хаджы-Мурат та Воронцовмæ. Зæрдæйæ зæрдæмæ ныккæсæн нæй, фæзæгъыпц, фæ- лæ уыцы дыууæ лæджы сæ кæрæдзимæ куы фемдзаст сты, уæд цæстæнгасæй бирæ цыдæртæ загътой кæра> дзийæн. Дзыхæй сын засгъæн няе уыд, фæлæ тæлмангæ- нæджы пыхæстæ æмæ сæ зæрдæйы хъуыдытæ кæрæдзи- мæ тынг дард уыдысты. Сæ дыууæ дæр æнæ уæлæмæ дзургæйæ кæрæдзийæн æцæгдзинад раст топпы фаты хуызæн æргом загътой. Воронцовы цæстытæ дзырдтой; Хаджы-Мураты дзыхæй цы ныхæстæ ссыци, уыдонæй иуыл дæр пе ’ууæндын. Зопы тынг хорз, Хаджы-Мурат уырысæп знаг кæй у, йе сæфт сæ кæй уыны, кæй сæ нæ уарзы, пырæй фæстæмæ дæр сын знагæй кæй баззап- дзæн, стæй йæхи мах уазæг дæр барвæпдонæй кæй иæ кæпы, фæлæ йыи æндæр хуыздæр амал, æндæр хуыздæр фадат кæп пæй, уый. Æцæг афтæ кæй у, уып Хаджы- Мурат дæр тынг хорз æмбæрста, фæлæ уæддæр тыхджы- цæй æвдыста, уырысы тыххæй цы нæ бакæндзæн нæ уд 2(55
ам&льшы онг, уый. Хаджы-Мураты цæстытæ та дзырд- тоц: ацыузæронд хæррæгъы йæ ингæны былыл лæугæйæ адзалы мкгг кæнын хъæуы, уый та ма хæсты кой кæпы. Фæлæ, кæд зæронд у, уæддæр хип æмæ кæлæпæй йе ’мы- дзаг чи у, а\æм у, æмæ йыл æууæндын иæ хъæуы, хи дзы хъахъхъæнци хъæуы. Хаджы-Мураты хъуыдытæ топ» иы фаты хуЦзæн раст кæп уыдысты, уый Воропцов дæр хорб æмбæрста, фæлæ уæддæр Шамилы басæттынæп цы хуыздæр ’амалттæ ис, уыдæттæ Хаджы-Муратæп дзырдта. — Зæгъ ын,— загъта Воронцов,— пæ паддзах тых- джып куыд у, тæригъæдгæпаг æмæ хатыргæпзг дæр аф- тæ у, æмæ, æвæццæгæн æз куы ракуроп, уæд ын баха- тыр кæндзæп æмæ йæ паддзахады куысты цæвæрдзæн. Загътай йын? — афарста Вороицов тæлмацгæнæджы Хаджы-Муратмæ кæсгæйæ.— Цалынмæ мыл мæ паддза- хы уынаффæ сæмбæла, уалынмæ,— афтæ йыи зæгъ,— пæ æз ме ’уазæг кæнын æмæ йæ цардæй разы куыд уа, афтæ йыи æй сараздзынæн. Хаджы-Мурат та йæ риуыл йæ къух авæрдта æмæ хъæлдзæгдæрæй цыдæртæ загъта. — Уый зæгъы,— зап.та тæлмацгæнæг,— раздæр, ЗЭ азы, Аварæн хицауиуæг куы кодта, уæддæр æнæсайдæй, зæрдиагæй куыста уырысæн æмæ сыл гадзрахатæй ни- кæд бои рацыдаид, йе стыр знаг Ахмет-Хапы фыдбылыз куы нæ уыдаид, уæд. Ахмет-Хан æм къухгæпæн кодта, фесафынмæ йæ хъавыд æмæ йыл инæлар Клюгенау- мæ æвзæгтæ фæдаста, цы уыд, цы нæ уыд, уыдæттæ йыл фæмысыд. — Зопын, зонын (кæд сæ зыдта, уæддæр сæ раджы ферох кодтаид). Зонын,— загъта Воронцов, йæхæдæг æрбадт æмæ Хаджы-Муратæн йæ къухæй къулæнцой тъахтинмæ ацамыдта, ома, сбад, зæгъгæ. Фæлæ Хаджы- Мурат не сбадти; загъта: ахæм стыр лæджы цур æм алæууын хуыздæр кæсы.— Ахмет-Хан æмæ Шамиль сæ дыуусе дæр ме зпæгтæ сты,— тæлмацгæнæгмæ кæсгæйæ байдыдта дзурын Хаджы-Мурат...— Афтæ йыи зæгъ кънйазæп: Ахмет-Хан амард, мæ цæст ыл иикуы æрхæ- цыд æмæ дзы уымæ гæсгæ мæ маст сисып нæ бафæрæз- тон, фæлæ ма Шампль цардæгас у æмæ мыи додой йæ сæр кæны, æиæ мæ уд амæлгæ пæ пыууадздзыпæн, ип- лынмæдзы мæ мастсисон, уалынмæ!—Хаджы-Мурат йе ’рфгуытæ фæгар кодта æмæ йе ’фсæртæ æрбалвæста. — Афтæ, афтæ,— сабыргап сдзырдта Воронцов.— 267
Уæддæр куыд æгъдауæй райсынмæ хъавы Шамилæй йæ маст? — загъта та Воронцов тæлмацгæнæгæн/-3æгъ' ын: сбадыны бар ын ис. / Хаджы-Мурат уæддæр не сбадти æмæ йæ цæмæй фарста, уымæн ын дзуапп радта: йæ рацыды сæр уыд уырысæн баххуыс кæнын æмæ Шамилы ньтпырх кæ- нын, йæ кой, йæ хъæр дæр куыннæуал уа, афтæ. — Хорз, хорз. Уый, чи бæззы, уый у. Æмæ цы бакæ- нынмæ хъавы уæддæр? Бадгæ скæн, бадгæ. Хаджы-Мурат сбадти æмæ загъта: хъуымыхъхъы бæстæйы æфсæдтæ кæм бадынц, уырдæм æй куы арви- той æмæ йын æфсæдтæ куы радтой, уæд дзырд дæтты, æгас Дагъистаны самидин æмæ сызмæлын кæндзæн æмæ Шамилæн уым фæлæууæн нал уыдзæн. — Уый бæззы. Уый бакæндзыстæм,— загъта Ворон- цов.— Æз ахъуыды кæндзынæн. Тæлмацгæнæг радзырдта Хаджы-Муратæн Воронцо- вы ныхæстæ. Хаджы-Мурат исдуг хъуыдытыл фæци. — Афтæ зæгъ сæрдарæн,— загъта ноджы Хаджы- Мурат,— мæ бинонтæ ме зпаджы къухы сты æмæ, ца- лынмæ мæ бинонтæ хохы уой, уалынмæ мæ къухтæ баст сты æмæ исты бакæнын мæ бон нæу. Æргом йæ ныхмæ куы ныллæууон, уæд мын амардзæн мæ усы, амардзæн мæ мады, амардзæн мæ сывæллæтты. Кънйаз мын æрмæст мæ бинонты фервæзын кæиæд, уа- цайрæгтæй сæ баивæд æмæ уыйфæстæ æз кæнæ мæлгæ акæндзынæн, кæнæ æз лæгæн райгуырынæн иæ бæззыд- тæн, Шамилæн йæ бындурæй рухс куы пæ суадзон æмæ йæ куы нæ ныппырх кæнон, уæд. — Хорз, хорз,— загъта Воронцов.— Уыдæтты тых- хæй ахъуыды кæндзыстæм. Ныр у, æмæ уал штабы хи- цаумæ ацæуæд æмæ йын лыстæгæй, бæстон радзурæд йæ хъууыддæгтæ, йæ уынаффæтæ æмæ йæ фæндонтæ. Уыцы æгъдауæй ахицæн Хаджы-Муратæн Воропцо- вимæ йæ фыццаг сæмбæлд. Уыцы бон изæрæй, хурыскæсæнырдыгæй цæрæг адæ- мы царды уагыл арæзт ног театры италиайнаг оперæ хъа- зыдысты. Воронцов бадти йæ бадæны1. Партерты2 ми- дæг фæзынд къуылых Хаджы-Мураты зынгæ сурæт æд сарыхъ. Хаджы-Мурат æрбацыд Воронцовы адъютапт Лорис-Меликовимæ æмæ раззаг рæнхъыл бынат бацах- 1 Ложæйы. 2 Театры астæуыккаг бадæнтæ. 268
етаЛ&охаг æМæ Хурыскæсæнырдыгæй цæрæг адæм&Н куыд \ембæлы, афтæ йæхи сæрыстыр, аив æмæ рæсугъд дардтау цымыдис лæгау дис ницæуыл кодта, цыма йын ахæм Ауыддæгтæ æнахуыр нæ уыдысты, уыйхуызæн. ФыццагУевдысты фæуыпмæ фæбадт, стæй сыстад, рацыд сабыргай^ аивæй адæмыл йæ цæст ахаста æмæ сæ йæхи- мæ æркæа^н кодта. Уымæн\йæ дыккаг бон уыд къуырисæрбон. Воронцов- мæ йæ царды æгъдау, йæ царды арæзтмæ гæсгæ кæд- дæриддæр мыцы бон хъазтизæр уыд. Сæнтрухс стыр уа- ты (залы) мидæг, зымæгон цæхæрадоны, æнæ уæлæмæ зынгæйæ хързыд музыкæ. Чызгустытæ æмæ ас ацæргæ сылгоймæгтæ гом хъуыртæ, цæнгтæ æмæ æххæлæгæтти- мæ зырпау зылдысты æрттиваг мундиртæй арæзт лæгты хъæбысты кафгæйæ. Дзаг буфеты уæлхъус лакейтæ сырх фракты, цъындаты æмæ басмахъты мидæг шампайнаг сæн иуазæиты кодтой æмæ къафеттæ хастой æхсинтæн. Воронцовы ус, ацæргæ адæймаг уæвгæйæ, иннæ сылгой- мæгты хуызæн æрдæгбæгъпæгæп рацу-бацу кодта уаз- джыты æхсæн æмæ сæм каст зæрдæлхæнæн худæпдза- стæй. Хаджы-Муратмæ бацыд æмæ йып иукъорд лæгъз дзыхыныхасы загъта. Хаджы-Мурат зпон театры йæхи куыд рæсугъд, аив дардта, афтæ ныр дæр æнцад, æнæ дис кæнгæйæ уазджыгæм ракæс-бакæс кодта. Хæдзары æфсины фæстæ иннæ сылгоймæгтæ дæр гом риуæй иу- гай-дыгай цыдысты, æфсæрмы дзы, миййаг, нæ кодтой сæ гом тæрттæй, йæ цуры-иу алæууыдысты æмæ-иу æй худæнбылæй афарстой уыцы иу æгъдауыл се ’ппæт дæр: куыд æм кæсы, цы уыны уый, йæ зæрдæмæ цæуынц не ’гъдæуттæ æви нæ? Воронцов дæр йæхæдæг сызгъæрин пъагæтты æмæ аксельбантты мидæг, хъуыры æфтаугæ урс крест йæ уæлæ, инæлары лент йе ’фцæджы, афтæ- мæй Хаджы-Муратмæ бацыд æмæ йæ уый дæр, иннæтæ цæмæй фарстой, уымæй афарста. Афтæ æнхъæлдта, се ’гъдæуттæ Хаджы-Мураты зæрдæмæ æнæ бацæугæ нæ фæуыдзысты. Хаджы-Мурат иннæтæн цы дзуапп радта, Воропцовæи дæр уыцы дзуапп радта: махмæ ахæм æгъдæуттæ нæй, фæлæ сæм уыцы æгъдæуттæ кæй нæй, уый хуыздæр у — фыддæр у, уый кой сын нæ кодта, уый сын не ’мбарын кодта. Уыцы хъазтизæры Хаджы-Мурат йæхинымæр Ворон- цовимæ йæ бинонты балхæныны тыххæй аныхас кæнын- мæ хъавыд æмæ йын куы ской кодта, уæд Воронцов, цыма йын йæ ныхас нæ фехъуыста, уыйау йæхи скодта, 269
æмæ йæхи айста. Уыйфæстæ йыи Лорис-Мсликов брлба- рын кодта, ацы ран хъуыддаджы тыххæй ныхас /æнын æгъдауы нæ цæуы, зæгъгæ. / Сахат 11 цæфы куы ныккодта, уæд ХаджыЩурат, Мария Васильевнæ йын цы сахат ралæвар кодт/а, уымæ æркаст æмæ Лорис-Меликовы афарста: «Ацæ/ын исты аипп, минйаг, уыдзæн?» Лорис-Меликов \/п загъта: «Аипп пæ уыдзæн, фæлæ хуыздæр уаид, куш баззада- ис, уæд». / Хаджы-Мурат уæддæр пал баззад æмæ Гйæ файтоиы йæ фатермæ адзæхст ласта. / XI Хаджы-Мурат Калачы йе ’рцыдæй фæстæмæ цыппар боны ацард. Фæндзæймаг бон æм Воронцовы фæдзæхст- мæ гæсгæ йæ адъютаит Лорис-Мелпков бацыд. — Мæ сæрæй мæ къæхтæм мæ уд йæ фæхъхъау нæ сæрдарæи, уый тыххæй цы нæ бакæпдзыпæн, ахæм нæй,— загъта Хаджы-Мурат аивæй, уадзымыс лæгæп куыд æмбæлы, афтæ, йæ сæрæй йын акуывта гемæ къух йæ риуыл авæрдта.— Зæгъ, цæттæ дæп,— загъта та Хаджы-Мурат лæгъз дзыхæй. Лорис-Меликовæн йæ цæсгоммæ фæлмæн, рæвдауæн цæстæнгасæй кæсгæйæ. Лорис-Меликов стъолы раз къæлæтджын фæлмæи бандоныл æрбадти. Хаджы-Мурат йæ комкоммæ йæхи ныллæг тъахтиныл æруап.та, пæ къухтæ йæ уæрджытыл æрæвæрдта æмæ æнувыдæй хъусын байдыдта Лорис- Меликовы ныхæстæм. Лорис-Мсликов тæтæйрагау дæс- ны уыд æмæ уыцы æвзагæй йемæ дзурып байдыдта. Кънйаз,— загъта Лорис-Меликов,— зоны Хаджы-Мура- ты хабæрттæ æмæ хъуыддæгтæ, фæлæ йæ уæддæр фæи- ды Хаджы-Муратæн йæхи дзыхæй фехъусын йæ царды уацхъуыдтæ. — Ды мын сæ радзур,— загъта та Лорис-Мелнков, æз сæ ныффысдзыпæп, уырыссаг æвзагмæ сæ раивдзы- нæн æмæ сæ кънйаз паддзахмæ арвитдзæн. Хаджы-Мурат нсдуг пыхъхъус. Ахæм æгъдау æм уыд æмæ, цæвиттон, адæймаг исты ныхас кæны, уæд ын йæ ныхас ницæй тыххæй фæлыг кодтаид, фæлæ-иу æм кæд- дæриддæр кæронмæ байхъуыстаид, стæй-иу ныхасгонд куы фæци, уæддæр ма йæм исдуг банхъæлмæ кастаид, кæд ма, миййаг, исты дзуринаг у, зæгъгæ. Хаджы-Мурат йæ сæр схъил кодта, сæры фезмæлдæй пæ худ йæ къæ- 270
бутЦл авæрдта, йæ мидбылты бахудт, Мария Васильев- нæйкк зæрдæ цæмæй балхæдта, уыцы зæрдæмæдзæугæ æнахумр, адджын сабийы худтæй. — уый дын мæ быгъдуан,— загъта Хаджы-Мурат хъæлдэæгæй, æвæццæгæн ын Лорис-Меликов йæ зæрдæ балхæдт\р, йæ царды хабæрттæ йып паддзах кæй бакæс- дзæн, уьшæй. — Радзур-ма мын сæрæй бынмæ чысылгай, тагъд ма бакæ,— з&гъта Лорис-Меликов æмæ йæ дзыппæй гыц- цыл æнæсйыст чиныг сласта. — Уьш æнцон у,— загъта Хаджы-Мурат,— æр- мæст мæм]бирæ, иттæг бирæ радзурииæгтæ ис. Бирæ хъуыддæгты æмæ тымыгъты фæдæн. — Иу аоп сæ куы нæ фæуай,— дыккаг бон сæ ра- дзурдзыиæ,}— загъта Лорис-Меликов. — Йæ сæрæй байдайон? — О, о, йæ тæккæ райдианæп: кæм райгуырдтæ, кæм цардтæ. Хаджы-Мурат зæхмæ пыккаст æмæ иудзæвгар аф- тæмæй фæбадти. Стæй тъахтины цурæй къæцæл систа, йæ хъамайы фарсæй болатæндонæй конд чысыл кард сласта,— пылыстæг фистонджын сызгъæринæй арæзт, цыргъ сæрдасæны хуызæп,— æмæ къæцæл амайгæйæ ныхас кæнын байдыдта: — Ныффысс: райгуырдтæп Цельмесы, чысыл хæрæ- джы сæры йас хъæуы мидæг, чысыл хъæу нæм афтæ хонынц хохы. Хæстæгдæр хъæу нæм уыд Хунзах. Уым цардысты хантæ. Не ’хсæн уыдаид дыууæ æхстбæрцы. Нæ хæдзары бпнонтæ хантпмæ дзæбæх, æнгом царды- сты, Мæ мадæн мæ хпстæр æфсымæр Осмæн куы рай- гуырд, уæд мæ мад схаста йæ дзидзийæ ханы хпстæр фыр’ш Абуиунцал-Хапы; уынфæстæ та схаста æмæ схъо- мыл кодта ханæн йæ дыккаг фырт Умма-Ханы, фæлæ мæ дыккаг æфсымæр Ахмæт амард. Мæ мадæн æз куы райгуырдтæн, уæд та ханы усæн дæр лæппу райгуырд, Булач-Хан, зæгъгæ. Ме ’фсымæр Ахмæты амарды зæр- дæтахтæй æмæ азарæй мæ мады нал бафæндыд д.ыджы- зæ бацæуын хапмæ. Мæ фыд æй тых.трвыст кодта, фæ- лæ мæ мад уæддæр пæхи фæнд атардта, ком нæ радта. Уый загьта: «Мæ фыртæй та æнæфырт фæуыдзынæн, мæ бон, мæ фадат нæу, нæй мын ацæуæн». Мæ фыд мæстыгæр, цыбырхъуыр, æрмæкъ адæймаг уыд,— хъыг æм фæкаст, йæ маст нал баурæдта æмæ мæ мады хъа- майæ барæхуыста. Амардтаид æп, æвæццæгæн, фæла* 271
йæ баиргъæвтой, йæ къухтæй йын æй байстой. Афтæ> нæ мæ’фæцух кодта йæхицæй, æрæджиау мыл зара&г дæр скодта. Уыдæттæ, æвæдза, ницæмæн хъæуынц. / — Нæ, нæ, хъæуынц. Дзур сæ иууылдæр,/- загъта Лорис-Меликов. I Хаджы-Мурат исдуг хъуыдытыл фæци. Йæ мад йæ зæрдыл æрбалæууыд, йæ цуры йæ куыд хуыосын кодта кæрцы бын уæлхæдзары æмæ дзы куыд куырдта, йæ фарсы хъамайы цæфы нос ын цæмæй равдьистаид, уый. — Афтæ. Мæ мад дыджызæ цæуын нап бакуымд- та,— загъта Хаджы-Мурат, æмæ ханы ус йæхицæн æн- дæр дыджызæ райста, фæлæ уæддæр мæ мадыл стыр- зæрдæ нæ кодта,— бирæ йæ уарзта. Нæ мад мах, йæ сывæллæтты, ханы галуантæм арæх хуыдта. Уым-иу ха- ны сывæллæттимæ иумæ хъазыдыстæм. Хакы ус нæ би- рæ уарзта. Хицоны цæстæй нæм каст. Хантæ уыдысты æртæ: Абунунцал-Хан, ме ’фсымæр Осмæны æмцек, Ум- ма-Хан, мæ кæнгæ æфсымæр, æмæ сæ кæстæр Булач- Хан, Шамиль айнæджы былæй кæй раппæрста, уый. Уыдоны тыххæй фæстæдæр аныхас кæндзыстæм. Цыда- ид мыл иу-фыпддæс азы, хъæутыл мюридтæ зилын куы байдыдтой, уæд. Уыдон хъæдын æхсаргæрдтæй дуртæ хостой æмæ, хъæр кодтой: «Пысылмæттæ, хазават!1» Цæцæн се ’ппæт дæр сæ фæдыл аздæхтысты, куыдфæс- тæмæ Авары адæм дæр цæуын байдыдтой. Æз уыцы рæстæджы цардтæн ханы галуапы. Ханимæ дыууæ æф- сымæрæй уæлдан нæ уыдыстæм: цы мæ фæндыд, .уый кодтон æмæ схъæздыг дæн. Бæх уæд, гæрзтæ уæд, æх- ца, ницæмæй хъуаг уыдтæн, алцыдæр мæм фаг уыд. Мæ зæрдæйы дзæбæхæн цардтæп, пицæй мæт мæ уыд. Аф- тæ æнæмæтæй цардтæн, цалынмæ Хъази-Муллайы амардтой æмæ йæ быиаты Гамзат æрбадти, уалыпмæ. Гамзат баздæхт æмæ хантæм минæвæрттæ æрбарвыста: хазават куы пæ райсой, уæд Хупзахæн баззайæны мыг- гаг нæй, ныппырх æй кæндзынæн, дур дзы дурыл нал баззайдзæн. Ам чысыл асагъæс кæнын хъуыд. Хантæ уырысæй тæрсгæйæ нæ уæпдыдысты хазават райсын. Ханы ус баздæхт æмæ мæн йæ дыккаг фырт Умма-Ха- нимæ Калакмæ арвыста уырысы сæйраг хицауæй æх- хуысдзинад ракурынмæ Гамзаты ныхмæ. Сæйраг хицау уыцы рæстæджы уыд барон2 Розен. Иæхимæ нæ нæ ба- 1 Хъазуат цæуын дины сæрыл. 2 Æлдар, къниазæй чысыл дæлдæр. 272
уагъта Чæн дæр æмæ Умма-Ханы дæр. Рарвыста нæм, баххуыс \ып кæидзынæн, зæгъгæ, фæлæ кæнгæ иицы ба-' кодта. Æрæстнæм йæ афицертæ цæуын байдыдтой, Ум- ма-Ханимæ къамтæй хъазынмæ. Сæн ын нуазын кодтой, æвзæр рæ’пгæм æй хуыдтой æмæ йын йæ бынтыл æм- дзæгъд код\ой, къамæй йын сæ æмбылдтой. Домбай арæзт уыд: руарæй галы хуызæн, хъæбатыр фæранчы хуызæн, зæрдæйæ та — лæмæгъ, доны хуызæн. Йæ фæс- таг муртæ — иæ бæхтæ, йæ гæрзтæ дæр амбулын кодта- ид, æз æй куы нæ раластаин, уæд. Калачы куы уыды- стæм, уыцы орпæй фæстæмæ мæ хъуыдытæ æмæ мæ зæрдæ аивтон)æмæ ханы усæн йæ фырттимæ дзурын байдыдтоп, хаЗават цæмæй райстаиккой, уый. — Дæ зæрдæ æмæ дæ хъуыдытæ цæмæн аивтай? — бафарста йæ Лорис-Меликов.— Дæ зæрдæмæ пæ бацы- дысты уырыс? Хаджы-Мурат исдуг пыхъхъус. — Нæ, нæ бацыдысты,— загъта цæхгæр Хаджы-Му- рат æмæ йæ цæстытæ бацъынд кодта.— Ноджыдæр ма иу хъуыддаг уыд, хазават цæй фæдыл райстапккам, ахæм. — Цавæр хъуыддаг уыдаид? — Цельмесы бын нæ дыууæ, ханимæ, æртæ мюриди- мæ дзыхæвæрд фестæм. Дыууæ дзы аирвæзт, æртыкка- джы æз дамбацайæ амардтон. Хæстæг æм куы бацыд- тæи, йæ гæрзтæ йып сисон, зæгъгæ, уæд ма удæгас уыд. Дæлейæ мæм уæлæмæ скаст. «Амардтай мæ,— загъта.— Мæпæн æпцоп у. Ды да пысылмон лæппулæг, дæ тæккæ тыхыл, райс хазават. Хуыцауы фæидои у». — Гъы, æмæ цы бакодтай, райстап? — - Нæ, пæ райстон, фæлæ сагъæсы бацыдтæн,— загъ- та Хаджы-Мурат æмæ дарддæр дзурып байдыдта: — Гамзат Хунзахмæ куы ’рбаввахс, уæд ын йæ размæ зæ- ронд лæгты арвыстам æмæ сын бафæдзæхстам: разы стæм хазават райсыиыл, æрмæст пæм ахуыргонд лæг æрбарвитæд, хи куыд дарын хъæуы, уыдæттæ-йедтæ нын чи бамбарын кæна, ахæм. Гамзат баздæхт æмæ зæронд лæгтæн сæ рихитæ адасын кодта, сæ фындзы бынты сын цæрдхуыичъытæ акæнын кодта æмæ сыл цæгтæ ба- кæнын кодта, афтæмæй сæ фæстæмæ рарвыста. Зæронд лæгтæ загътой: Гамзат разы у шейхы æрбарвитыныл, хазавт нын чи бамбарын кæидзæн, ахæмы; æрмæст уы- цы æгъдауæп, æмæ хаиы ус йæ кæстæр фырты фидар- дзинадæн куыд æрбарвита, афтæ. Ханы ус ыл баууæц- 18 Повссттæ 273
дыд æмæ йæ фырт Булач-Ханы Гамзатмæ арвыста. Гам-; зат Булач-Ханы бабуц кодта, кад æмæ йын æгъдау рад- та æмæ та нæм æрбарвыста, хнстæр æфсьшæрты дæр æм куыд барвыстаиккам, афтæ. Уый заг’ыга: «Фæнды мæ кусын хантæн, мæ фыд куыд куыста, уафтæ». Ханы ус, æдылы уæвгæйæ, хивæнд æмæ къæшшх сылгоймаг уыд. Афтæ у сæ арæзт сылтæн, уæлдайдæр сын сæ бар сæхи æгьдауыл куы ауадзай, уæд. Дыууæ фырты арви- тын нæ бауæндыд, фæлæ иуы, Умма-Ханы, арвыста. Æз йемæ аиыдтæн. Иу верст ма нæ хъуыдаид, афтæ мюрид- тæ нæ размæ рацыдысты æмæ заргæйæ 1\æ алфамбылай топпытæп æмæ бæхтыл хъазыдысты. Куы бахæнцæ стæм, уæд Гамзат цатырæй нæ размæ рацыд,)Умма-Ханæп йе ’гъдæнцойыл ныххæцыд æмæ йын ханы æгъдау радта. Уый загъта: «Æз уæ хæдзарæн пицы :фыдбылызгæиæг уыдтæн, стæй уын амæйфæстæмæ дæр исты фыдбылыз саразып мæ зæрды нæй. Æрмæст уый курæг дæн, мар- гæ мæ ма акæнут æмæ мæ хъыг ма дарут адæмы хаза- ваты фæндагыл аразгæйæ. Æз та уын ме ’фсæдтимæ кусдзынæн мæ фыд уæ фыдæн куыд куыста, афтæ. Уæ хæдзармæ мæ бауадзут цæрыимæ. Æз уын æххуыс кæн- дзыпæн мæ зопд, мæ уынаффæтæй, сымахæн та уæ бар уæхи, цы уæ фæнды, уып кæнут». Уммз-Хан дзыхарæхст ацæймаг нæ уыд. Фæстæмæ йып дзуапп раттын пæ ба- фæрæзта æмæ пыхъхъус. Æз фæцырд дæп æмæ загътои: «Кæд афтæ у, уæд Гамзат Хунзахмæ æрцæуæд; ханы ус æмæ йын хан æгъдау ратдзысты æмæ йæ кадимæ суа- зæг кæндзысты». Фæлæ мып мæ ныхас кæропмæ па1 ауагътой. Уыцы ран фыццаг хагт æз Шамилимæ ф^ны- хæй-пыхмæ дæп. Шамиль уым имамы уæлхъус лæу- уыд.— Дæу фæрсæг нæй, ханы фæрсынц,— загъта мын Шамиль. Æз ныхъхъус дæп, уæдæ цы кодтаии. Гамзат Умма-Хаиы цатырмæ бахуыдта. Йæ хæд фæстæ Гамзат мæнмæ басидти æмæ мæ йæ минæвæрттимæ Хунзахмæ цæуын кодта. Æз сразы дæн æмæ семæ ацыдтæн. Гам- заты минæвæрттæ дзурып байдыдтой ханы усæп, йæ хистæр фырты дæр куыд саккаг кодтанд Гамзатмæ ар- витыныл, афтн\ Æз фæдызæрдыг дæп. Гадзрахатдзинад дзы кæй пс, уый мын цы бамбарын хъуыд, æмæ ханы усæн дзырдтон, йæ фырты арвитыныл цæмæй пе сразы уыдаид, уый. Фæлæ, карчы айкыл хъуын цас ис, сыл- гопмаджы сæры та зопд уыйбæрц нс. Хапы ус сыл бау- уæпдыд æмæ нæ фырты цæуыи кодта. Абунупцал-Хан и,æ разы кодта, нæ пæ фæпдыд. Уæд мад фыртæн загь- 274
та: «Тæгшуд дæ, тæрсгæ кæныс». Мыдыбыидзы уавæрæп уыд,— звдта, кæм риссагдæр у æмæ кæм фæхæцын хъæуы, уМ. Абупунцал-Хаиæп йæ туг сфыхт, пицыуал загъта æм\е йæ бæхыл саргъ сæвæрын кодта. Æз дæр йемæ ацыАæи, уæдæ цы кодтапн. Гамзат махæп Умма- Хапæп ноджыдæр хуыздæр æгьдау радта: сбуц, скад- джып иæ кшта. Гамзат пæхæдæг дыууæ æхсты бæрц дæлæмæ нæ шазмæ æрцыд. Йæ фæдыл цыдысты бæх- джыптæ тырьгсатимæ: зарыдысты, топпытæй æхстой æмæ бæхтыл хъазыдысты. Быиатмæ куы бахæццæ стæм, уæд Гамзат хапы йæ цатырмæ бахуыдта, æз та æдде бæх- тимæ баззадтæн. Уалынджы Гамзаты цатырæп топпы гæрæхтæ фæцыд. Æз уыцы сахат дæле къæдзæхы ау- уон лæууыдтæн. Гæрæхтæм цатырмæ базгъордтон. Ум- ма-Хап дæлгоммæ хуысгæйæ бæгъдулæнтæ кодта йæ туджы кулы, Абунупцал-Хан та мюридтимæ тох кодта. Р1æ уадулы æрдæг ып ахауын кодтой æмæ дæлæмæ зæ- булæй лæууыд. Уып иу къухæй йæ аудулыл фæхæцыд, инпæмæй та, æввахс æм чи цыд, уыдоп хъамапæ цъыч- чытæ ласта. Мæ цæстыты раз Гамзаты æфсымæры уы- цыиу цæфæп хъамайæ фæмард кодта, иппæмæ дæр ма куыд хъавыд, афтæ йыл мюридтæ топпытæй пыккалд- той, æмæ ахауди». Хаджы-Мурат ныхъхъус. Пæ хурæйсыгъд цæсгом фæсырх, æмæ цæстытæ тугæй апдзаг сты. — Гæды ныхас худипаг у: тас мæ бацыд æмæ лп- дзынмæ фæдæн. — Уый та куыд? — загъта Лорис-Меликов,— æз та афтæ æнхъæлдтон, ды пикуы нипæмæй фæтарстæ. — Уæдæй фæстæмæ, бæгуыдæр, нпкуы. Уæдæй ар- дæм уыцы худинаг мæ зæрдæйæ нæ цух кодта æмæ-иу мæ зæрдыл куы ’рбалæууыд, уæд-иу ницæмæпуал тар- стæн. XII — Ныр æгъгьæд фæуæд. Бакувып хъæуы,— загъта Хаджы-Мурат, йæ риуы мидæггаг дзыппæй Воронцовы лæвар брегет-сахат сласта, арæхстгай йып пæ хъапдзал балхъывта, йæ сæр æм иуварсырдæм æркъул кодта æмæ хинымæры худгæйæ сахатмæ хъуыста. Сахат дыууадæс æмæ иу цыппæрæймаг хай цæф иыккодта. — Кунак Воропцов пешкеш1—худæнбылæц ;<агъта Хаджы-Мурат. 1 Мæ хяелар Воронцовы лæвар. 275
— Стыр хæзна сахат у,— загъта Лорис-Меликов,—- Цæй уæдæ, ды уал бакув, æз дæм банхъæлмæ /кæсдзы- пæи. / Лорис-Меликов иунæгæй куы баззад, уæд, Хаджы- Мураты пыхæстæй æхсызгондæр чи хъуыд,/уыдон йæ чиныджы фæфыста, стæй бапънроз ссыгъта/ æмæ уаты мидæг дыууæрдæм рацу-бацу кæныи байдыдта. Хаджы- Муратæн йæ хуыссæн уаты бакомкоммæ дыккаг уаты дуармæ хæстæг куы бацыд, уæд мидæгæй/ адæмы дзу- рын фехъуыста: тæтæйрагау рог-рог хъæлдзæгæй цæй- дæр тыххæй зæрдиаг ныхæстæ кодтой. Лорис-Меликов бамбæрста, уыдон Хаджы-Мураты мюридтæ кæй уыды- сты, уый. Дуар байгом кодта æмæ сæм мидæмæ бацыд. Хохаг адæм куыд тæф кæпыпц, афтæ уат куыддæр туаг, цæрмтты смаг кодта. Зæххы пымæтыл, рудзынджы цур, бадт зылыпдзаст бурхил Гамзало скъуыдтæ сопæ- дзаг куырæты мидæг æмæ идон æлхынцъытæ кодта. Ло- рис-Мсликовы агъоммæ Гамзало йæ фæсус, хъæрасæст хъæлæсæй цæйдæр тыххæй зæрдиаг ныхæстæ кодта, фæлæ, Лорис-Мсликовы æрбацæйцæугæ куы ауыдта, уæд йæ иыхас фæуагъта æмæ, цыма ничп æрбацыд, уый- ау йæ куысты кой кодта. Йæ бакомкоммæ лæууыд хъæл- дзæг Хан-Магома йæ сау æиæцæстыхау цæстытæй æрт- тивгæйæ æмæ йæ урс дæндæгтæ зыхъхъыртæ кæнгæпæ, æдзух уыцы иу ныхас кодта. Рæсугъд, хæрзконд Элдар йæ дыстæ фæстæмæ йæ тыхджын цæнгтыл бафæлдæхта æмæ къулыл ауыгъд саргъы æхтæпгтæ сыгъдæг кодта. Хансфи, сæ хуыздæр кусæг, сæ астæуыккаг цæджындз, сæ хæдзарады уыпаффæгæпæг, уым нæ уыд. Уый код- та сихор. — Цæуыл уыд уæ хъаугъа? — афарста Лорис-Мели- ков Хан-Магомайы, æмæ йæм йæ къух радта. — Ай та пыи æппыпæдзух Шамилæй æппæлы,— загъта Хан-Магома Лорис-Меликовмæ йæ къух дæт- гæйæ. Афтæ зæгъы: Шамиль — стыр лæг у. Зондджын дæр у, сих дæр у, стыр лæджыхъæдджын адæймаг дæр у. — Æмæ кæд пæ цæсты афтæ кадджыи уыд, уæд йс- мæ цæуылнæ баззад, цæмæн дзы рахиЦæн? — Дæуæн ма уый загъдæуа, рахицæп, афтæмæй дзы уæддæр æппæлы,— загъта Хан-Магома, йæ дæндæгтæ зыхъхъыргæнгæ æмæ цæстытæй цæхæртæ калгæйæ. , — Ды та, ды дæр æм уыцы цæстæй кæсыс, сих æй хоныс ды дæр? — бафарста Лорис-Меликов. 276
~\ Уæдæ снх куы Ш уайд, уæд æк ад&м афт& хъуыс\аиккой,— рог-рог сдзырдта Гамзало. — Сихмæ ма йæ бирæ ’цыдæртæ хъуыд Шамилы. Сих кæд искуы уыд, уад уый Мансур уыд, Мансур,— загъта }^ан-Магома.— Уый æргом сих уыд. Мансур пмам куь\ уыд, уæд йæ заманы адæм хицæн æгъдауыл æвæрд уыдысты. Уый-иу хъæутыл разил-базил кодта. Адæм йæ размæ хæлæфæй згъордтой æмæ йын йæ цухъхъайы фæдджитæн батæ кодтой, сæ тæригъæдтыл фæсмон кодтой æмæ-иу ард хордтой, куыд æвзæрдзи- надæй сæхи хъахъхъæндзысты, ууыл. Зæрæдтæ-иу дзырд- той: уый рæстæджы адæм сихты цард кодтой: тамако нæ дымдтой, позтмæ æмгæроп нæ цыдысты, афойнадыл ламаз кодтой, кæрæдзийæн æфхæрд барстой, туджджып- тæн дæр хатыр кодтой. Уæд-иу исчи æхца, кæнæ æпдæр исты дзаума куы ссардтаид, уæд-иу æй лæдзæджы кæ- роныл бакодтаид æмæ-иу æй афтæмæй фæндагыл зæх- хыл ныссагътаид. Уыцы замапы адæмæн хуыцау дæр æххуыс кодта. Ныр куыд у, афтæ нæ уыд,— дзырдта Хан-Магома. — Ныр дæр хохы нозт нæ пуазыпц, тамако дæр иæ дымынц,— загъта Гамзало. — Ламарой у дæ Шамиль,— загъта Хан-Магома, Лорис-Меликовмæ йæ цæст ныкъулгæйæ. «Ламарой» уыд æвзæр, фидис ныхасыл пымад хохаг адæммæ. — Ламарой — хохаг адæймаг,— загъта йын Гамза- ло.— Цæргæстæ хохы цæрынц. — Уый лæг у, хорз ыи загъта,— дæпдæгтæ зыхъ- хъыртæ кæнгæйæ загъта Хан-Магома йе ’мбалы арæхст ныхасыл цин кæнгæйæ. Хан-Магома Лорис-Меликовы къухы бапъироздон куы ауыдта, уæд дзы иу бапъироз ракуырдта. — Сымахæн, сæрæй, тамако дымын уе ’гъдау куы нæ амоиы,— ской йын кодта Лорис-Меликов. Хаи-Магома йæ цæст фæныкъуылдта, йæ сæрæй Ха- джы-Мураты уатмæ ацамыдта æмæ загъта: «Цалынмæ иæ нæ уыны, уалынмæ дымæн ис».— Йæ тамако ссыгъ- та, фæздæг мидæмæ рæуджытæм нæ улæфыд, фæлæ-иу йæ сырх былтæ куыддæр æнаив æнцъылдтæ акодта æмæ-иу афтæмæй фæздæг рауагъта. — Афтæ хорз нæу,— тызмæгæй загъта Гамзало æмæ уатæй æддæмæ рацыд. Хан-Магома уыйырдæм дæр йæ цæст фæныкъуылдта æмæ, тамако йæ дзыхы, 277
афтæмæй Лорис-Меликовы рафæрс-бафæрб байхыдта,- кæм хуыздæр балхæнæя уыдзæн дари куырæт æмæ УР^ уæлдзармхуд? / — Æмæ дæм æхца афтæ бирæ пс? / — Мæ фаг мæм нс,— йæ цæст ныкъулгæйа/та загь- та Хап-Магома. / — Бафæрс-ма ьæ, кæцæй йæ$л æрцыд æхца? — загъ- та Элдар æмæ йæ рæсугъд, худæндзаст цæсгом Лорис- Меликовырдæм фæзылдта. — Уый мæт дæ цы ис? — рамбылдтон уæд та,— рог- рог сдзырдта Хан-Магома. Стæй радзырдта, зноны бон, Калачы рацу-бацу кæн- гæйæ иу ран уырысы æмæ сомихы æхцайæ хъазгæ куыд баййæфта, сæ разы бирæ æвзист æхца æмæ æртæ сыз- гъæрины æвæрд уыд. Хан-Магома уайтагъд бамбæрста хъазты æгъдау. Йæ дзыппы сау æхцатæй дзæгъ-дзæгъ кæигæ се ’хсæн смидæг æмæ загъта: се ’ппæтыл дæр æвæрын. — Се ’ппæтыл? Æмæ дæм уыйбæрц æхца уыд? — афарста йæ Лорис-Меликов. — Æдæппæт мæм уыд 12 капеччы,— йæ дæндæгтæ зыхъхъыргæнгæйæ загъта Хан-Магома. — Æмæ уæд афтæмæй куы амбулын кодтаис, уæд та? — Уæд, мæнæ! Хан-Магома йæ къухæй ацамыдта дамбацамæ. — Уæддæр куыд, бафыстаис сæ? — Бафыстаис та цы хоныс? Афардæг уыдаин. Чи мæ сырдтаид, уый — маргæ. Стæй мын мæ фæдыл цæхх кæнæнт. — Уæдæ сæ рамбылдтай, и? — Нæ рамбулдзæн æвзæр лæппу, расæрфтон сæ хъæппæрисæгæй æмæ рафардæг дæн. Хан-Магомайы æмæ Элдары Лорис-Меликов тыпг дзæбæх æмбæрста. Хан-Магома уыд хъазаг, аназаг, æнæмæт æмæ рог адæймаг, цард хъазæгау кæмæ каст æмæ уымæ гæсгæ йæхи цард дæр, искæйы цард дæр æр- думæ дæр чи нæ дардта. Ахæм зæрдæйы уаг æм кæй уыд, уый сæрацпонд абоны бон уырысмæ ралыгъд, рай- сом бон та, чи зоны æмæ, фæстæмæ Шамильмæ ба- дзæхст ласдзæн. Элдар дæр хæрзæнцон бамбарæн уыд: сабыр, тыхджын, ныфсджын æмæ хивæнд адæймаг,— йæхп нæ раластаид, йæ уд радтаид иæ хицауы сæрыл, Зын бамбарæн уыд Лорис-Меликовæн æрмæст бурхИл 278
ГамзалО. Лорис-Меликовм& гæсгæ уыцы адæймаг Ша- милыл æгæр æнувыд уыд æмæ уый сæр никæд аппар- дзæн. Уырысæй та йе сæфт уыдта, йæ цæстытæ сæ рыс- тысты, уазал зæрдæ сæм дардта, æлгъагыл с,æ нымад- та, æмæ уыйадыл Лорис-Меликов йæхинымæры дис код- та, уыцы, зæрдæимæ уырысмæ цæмæц рацыд, зæгъгæ. Лорис-Меликов йæхæдæг дæр, стæй иннæ хицæуттæй дæр бирæтæ гуырысхо кодтой Хаджы-Мураты рацыдыл, йæ ныхæстыл æмæ, Шамилимæ кæй фезнаг, ууыл дæр. Лорис-Меликовмæ-иу ахæм зонд æрцыд, цыма сыл Ха- джы-Мурат сайдæй цыд, æмæ æрмæст уырысæн сæ хъæнтæ, сæ лæмæгъ рæттæ бамбарыны æмæ сбæрæг кæ- ныны тыххæй уыд йæ цыды сæр. Уыдæттæ куы сбæл- вырд кæна, уæд фæстæмæ хохмæ йæхи айсдзæн æмæ йæ тых сараздзæн уырысæн сæ лæмæгъ, æдых æмæ æгуыдзæгдæр рæттæм. Уьшы хъуыдыты æцæгдзинад Гамзалойы æууæлтыл бæрæг уыдысты. Хаджы-Мураг æмæ не ’мбæлттæ сæхиуыл хæцын фæразынц, æмæ сын сæ* зæрдæйы бын ничи скъахдзæн, фæлæ а Гамзалойæп уырыс йæ цæсты сындз кæй сты, уый йын зæрдæйы хъуыддæгтæ æргом кæны. Лорис-Меликов, ракъахон æй, зæгъгæ, йемæ ныхас кæнынул афæлвæрдта. Хъыг, миййаг, кæны, зæгъгæ, йæ афарста. Гамзало, йæ куыст кæнгæйæ æмæ йæ хъæрæу цæстæй Лорис-Меликовмæ зулмæ кæсгæйæ, йæ фæсус, хъæрасæст, хæр-хæргæнаг хъæлæсæй схъуыр-хъуыр кодта: — Нæ, ницы кæнын хъыг. Афтæ, уыцы æгьдауæй, æвæндонæй дзуапп лæвæрд- та йæ алы ныхасæн дæр. Лорис-Меликов цалынмæ нукерты1 уаты уыд, уа- лынмæ цыппæрæймаг мюрид дæр æрбацыд. Уый уыд авайраг, Ханефи, зæгъгæ, хъуынджын цæсгом æмæуæл- дзармы хуызæн хъуынджын къуыприуджын. Ханефп зондæй нуыл тыхджын нæ уыд, фæлæ æнæуый та дом- бай, куыстуарзон кусæг, æнæфæстæмæдзургæ кæддæ- рпддæр, Элдары хуызæн, йæ хицауы дзырд дыууæ 1пг нæ кодта, ахæм коммæгæсаг адæймаг. Ханефи нукерты уатмæ пырындзмæ бацыд. Лорис’- Меликов æй баурæдта æмæ йæ афæрстытæ кодта, кæ- цои у, æмæ Хаджы-Муратмæ кæдæй ардæм кусы, уы- мæй. Н у к е р — телохрапитель — буархълхъхъæпæг. Пд
— Фондз азы,—дзуапп ын радта Ханефи.— Иу хъæуккаг стæм. Мæ фыд ын йæ фыдыфсымæры амард- та. Уый тугмæ мæн амарынмæ агуырдтой,— загъта æдæрсгæйæ Ханефи йæ талынг æмхæст æрфгуыты бы- нæй комкоммæ Лорис-Меликовмæ кæсгæйæ.— Сæхицæн мæ .æфсымæр цæмæй скодтаиккой, мæ сæрæн ма уыцы хос агуырдтон æмæ ууыл кусын байдыдтон. — Æфсымæр скæнын та цы хоныс? — Дыууæ мæйы мæ сæр нал адастон, м-æ къухы ныхтæ нал ракодтон, афтæмæй сæм сæ хæдз’армæ ба- цыдтæн. Уыдон мын сæ мад Фатъимæтмæ бацæуыны бар радтой: Фатъимæт мын йæ дзидзи раттын саккаг кодта æмæ уæдæй фæстæмæ йе ’фсымæр сдæн. Сыхаг уатæй Хаджы-Мураты хъæлæс фехъуыст. Эл- дар уайтагъд бамбæрста, уымæ кæй сиды, уый, æмæ йæ къухтæ æууæрдгæйæ æмæ даргъ къахдзæфтæ кæнгæйæ уазæгдонмæ бауад. — Дзуры дæм,— загъта Элдар, фæстæмæ куы раз- дæхт, уæд. Лорис-Меликов ма хъæлдзæг Хан-Магома- йæн иу бапъироз авæрдта æмæ уазæгдонмæ бараст. XIII Лорис-Меликов уазæгдонмæ куы бацыд, уæд æм Хаджы-Мурат хъæлдзæгæй, дзæбæх цæстæй ракаст. — Цы зæгъыс, байдайæм та? — загъта Хаджы-Му- рат æм.æ тъахтиныл йæхи æруагъта. — Ай-гъай, æнæ уый хос нæй,— загъта Лорис-Ме- ликов.— Дæ пукертæм бауадтæн, семæ аиыхæстæ код- тон. Иу дзы диссаг хъæлдзæг адæймаг у. — О, уый Хан-Магома у; роггомау адæймаг у, æцæг,— загъта Хаджы-Мурат. — Хæрзконд, рæсугъд лæппулæг мæ зæрдæмæ фæ- цыд. — Уый та Элдар у. Лæппу уæвгæйæ ныфсджын, хи- уылхæцгæ æмæ æндоны хуызæн фидар адæймаг у. Исдуг фæхъус сты. — Байдайæм та? — афарста Хаджы-Мурат. — Ай-гъай. — Ханты куыд ныццагътой, уый радзырдтам. Амард- та, сæ. Гамзат ханы галуантæ æрцахста æмæ уым æр- цард,—байдыдта та Хаджы-Мурат.— Сæ мад, ханы ус, иунæгæй сæ быныл баззад. Фыдгулы æлгъыст ыд æр- 280
цыд — афтидаэй сæ аззад. Гамза? æм й&химæ басидт. Ус ын уайдзæф кæньш байдыдта. Гамзат йæ мюрид Асельдермæ йæ цæст фæныкъуылдта æмæ йæ уый фæс- те,^ чъылдымырдыгæй ныдздзæхст ласта æмæ, дæ хæ- раммæ бæллæг афтæ, хъыпп дæр нал сфæрæзта, дзыхъ- мард фæци. — Уый тæригъæды та ма цæмæи бацыд? — афарста Лорис-Меликов. — Æмæ уæдæ куыд? Æидæр хуыздæр амал нæ уыд. Иугæр раззаг къæхтæй куы ахизай, уæд фæстæгтæй дæр хъæуы. Сæ мыггаг сын сыскъуынын хъуыд, æмæ, æцæг, афтæ бакодтой. Шамиль кæстæры амардта — ай- нæг къæдзæхы былæй йæ раппæрста. Æгас хъуымыхъхъ Гамзаты къухы бахаудысты, æрмæст нæ дыууæ, æз ме ’фсымæримæ, йын ком нæ радтам æмæ йæ ныхмæ ныл- лæууыдыстæм. Ханты туг райсын мах нæхицæн хæсыл нымадтам. Нæ зæрдæйы уаг ын не ’мбарын кодтам, фæ- лæ, цыма уый фæдыл цæуæм, уый фарс стæм, афтæ йæ цуры нæхи дардтам, нæ зæрдæйы та æндæр ницы уыд,— туг райсын. Нæ фыдыфыды афарстам æмæ ба- уынаффæ кодтам, уымæй хуыздæр фадат нæй, раст ха- ны галуантæй куы рараст кæна, уæд йæ размæ бабад- дзыстæм æмæ йæ амардзыстæм. Чидæр нæм сусæгæй байхъуыста æмæ йæ Гамзатæн бамбарын кодта. Гамзат нæ фыдыфыдмæ басидт æмæ йын загъта: «Хъусыс, куыд уынын, афтæмæй мыл дæ фырты цот сфæнд кодтой, фыдбылыз саразын фæнд сæм ис. Кæд уый æцæг хабар у, уæд иу сæрхъæдыл дзедзыкка кæндзыстут уе ’ппæт •дæр, уымæй уын фæцух нæй. Æз хуыцауы фæндон æх- хæст кæнын æмæ мæн бахъыгдарын, мæн бакъуылымпы кæнын никæй бон у. Цæугæ, æмæ дæ зæрдыл дар, кæй дын загътон, уый, æвæсмондæр уыдзынæ».— Нæ фыды- фыд нæ хæдзармæ куы ’рбацыд, уæд нын Гамзаты æрт- хъирæн ныхæстæ ракодта. Мах уæд бауынаффæ кодта^м, фæстиат кæнæн нал ис, фæлæ бæрæгбонæн йæ фыццаг бон мæзджыты мидæг нæ хъуыддаг куыд бакæнæм, аф- тæ. Нс ’мбæлттæ махимæ не сразы сты, сæхи аластой, мах нæ дыууæ, ме ’фсымæримæ, баззадыстæм. Дыгай дамбацатæ синты ныссагътам, ным-æттæ пæ уæлæ акод- там, æмæ уыцы хуызæнæй мæзджытмæ араст стæм. Гамзат 30 мюридимæ мæзджытмæ æрбацыд. Се ’ппæт дæр сæ кæрдтæ æлвæстæй, ныццæвын арæзтæй дардтой. Гамзатимæ фæрсæй-фæрстæм цыд йæ уарзон мюрид Асельдер, ханы усы чи ахауын кодта, уый. Куыддæр 281
МАХ ауыдта, йфтæ уЪщыи^ къæр фа^код^а: «Уæ нЫМæ’Г* тæ сисут!»— æмæ мæнырдæм йæхи æрбаскъæрдта. Æз хъама ластæй, ныццæвынæпвоиг дардтои, уыщлиу сæрфт æй æркодтон æмæ — дæ балгъитæг афтæ — хъыпп-сыпи нал сфæрæзта. Стæй Гамзатыл мæхи ан- дзафстон. Ме ’фсымæр Осмæн фæцырддæр æмæ йæ дамбацайæ багæрах ласта. Гамзат уыцы цæфæй ме ’фсымæрыл хъамалвæстæй йæхи æрбаппæрста, фæл.е йын æз хъамайæ йæ сæр ныдздзæхст ластон æмæ — дæ фыдгул афтæ — уыцы ран фæкуырис. Мюридтæ уыдыс- ты 30 лæджы, мах та дыууæйæ. Ме ’фсымæр Осмæны мын амардтой, фæлæ æз мæхи баиргъæвтон, рудзынгыл рагæпп кодтон æмæ афардæг дæн. Гамзаты марды ха- бар куы айхъуыст, уæд.адæм се ’ппæт дæр сызмæлыды- сты æмæ æттæг-мидæг сысты. Мюридтæ лидзæг фесты. Стырзæрдæйæ дзы чи баззад, уыдон та цæгъдгæ ньщ- кодтой. Хаджы-Мурат фæлæууыд æмæ дæлиауæй йæ риуы æмбæрц ныуулæфыд. — Уыдæттæ нууылдæр хорз уыдысты,— байдыДта та ныхас кæнын Хаджы-Мурат,— фæлæ та æрæджиау хъуыддæгтæ сызмæст, сæмтъсры сты. Шамиль Гамзаты бынаты æрбадт. Мæнмæ минæвæрттæ æрбар^ыста, цæ- мæй æз йемæ уырысы ныхмæ ныллæууыдаин, уый тых- хæй. Уыцы хъуыддагыл куы нæ ныллæууыдаин, уæд мæм æртхъирæнтæ кодта, Хунзах дæр ныппырх кæи- дзæн, стæй мын мæхи дæр амардзæн, зæгъгæ. Æз цæх- гæр загътон: йæ лæджы хъæд æмæ йæхæдæг, уæлейы йæ бæхджыптæ, дæлейы йæ фистæджытæ, цæу^æ дæр æм пæ акæидзынæн, мæхимæ дæр æй не ’рбауадздзы- пæн. — Цæугæ та йæм цæй тыххæй нæ акодтай? — ба- фарста йæ Лорис-Меликов. Хаджы-Мурат йе ’рфгуытæ фæтар кодта æмæ йын исдугмæ дзуапп нæ радта. — Нæ уыд гæнæн. Ме ’фсымæр Осмæн æмæАбуиун- цал-Хапы туг ууыл æвæрдтон, æмæ йæм-куыд ацыдаин. Инæлар Розен мын афицеры цин æрбарвыста æмæ мæ æгас Авары хицау скодта. Хъуыддаг, хъæлæкк, дзæбæх фæцæйцыд, фæлае Розсн, цæй дымæгмæ бакодта, хуы- цау дæсны, фыццаг Авары хицау хъуымыхъхъаг хан Мæх^Ьмæт Мырзайы скодта; уыйфæстæ та Ахмет-Ханы. Ахмст-Хапимæ нс ’хсæи изгарддзинад уыд æмæ мæм уыйадыл знаджы цæстæй каст. Ханы чызг Салтанеты 282
йæ фыртæи куырдха æмæ йын æГ^ нæ радтой. Уый мæн а&хос шща, афтæ æнэдгФлдта, мæн ардыдæй йæ нæ радтбй. Уымæ гæсГæ мæм фезнаг, æмæ мæм йæ нукер- ты дæр сусæгæй амарынмæ æрбарвыстытæ кодта. Стæй баздæхт æмæ мыл инæлар Клюгенаумæ æвзæгтæ фæха- ста: цы уыдтæн, цы нæ уыдтæн, уыдæттæ мыл фæмы- сыд. Загъта йын, цыма авары адæм сугтæ мæн арды- дæй иæ дæттынц салдæттæн, уыйау. Ахæм ныхæстæ дæр ма йæм бахастæуыд, цыма мæнæ ацы сарыхъ,— загъта Хаджы-Мурат æмæ Гæ къухæй йæ худыл конд сарыхъ ацамыдта,— æз Шамилырдæм к’æй аздæхтæн, уый фарс кæй ахæцыдтæн, уый нысан у. Инæлар ыл нæ баууæн- дыд æмæ дзырд радта, куыннæ мæ хъыгдарой, афтæ. Фæлæ инæлар Калякмæ куы ацыд, уæд Ахмет-Хан йæ зæрды мидæг цы уыд, уый бакодта: æгас ротæ салдæт- тæ йемæ, афтæмæй мæ æрцахста, хъадамантæ мыл ба- кодта æмæ мæ сармадзаныд бабаста. Æхсæз боны æмæ æхсæз æхсæвы мæ афтæмæй фæдардтой. Æвдæймаг бон мæ суæгъд кодтой æмæ мæ Темир-Хан-Шурамæ арвы- стой. 40 салдаты мемæ æд топпытæ, фехсынрæвдзæй, афтæмæй мæ кодтой баст къухтимæ. Салдæттæн бафæ- дпæхстоп, лидзынвæнд, миййаг, куы скæна, уæд æй куыд амарат, афтæ... Уый мын цы ’мбарын хъуыд, зыдтон æп. Моксохы цур фæндаг хæрзнарæг уыд, рахизфарсы- рдыгæй, иу-50 сардзины кæмæн уыдаид йæ ныххауæн, ахæм аппæг был уыд. Ууылты куы фæцæйцыдыстæм, уæд æз салдаты рахизфарсырдыгæй мæхи фæкодтон былгæронырдæм. Салдат мæ ацахсынмæ хъавыд, фæлæ æз мæхи былæй аппæрстон, салдаты дæр мемæ айстон. Уый дзыхъмард фæци, æз та, куыд мæ уыныс, цардæгас дæн. Фæрстæ, сæр, къухтæ ныммур сты. Алæсын исты амæлттæй афæнд кодтон, фæлæ мæ бон нæ баци. Сæр разылд, æмæ бафынæй дæн. Райхъал дæн хуылыдзæй, тугæйдзагæй. Фиййау мæ федта, адæммæ фæфæдис код- та æмæ мæ хъæумæ ахастой. Фæрстæ, сæр сдзæбæх сты, сдзæбæх къах дæр, æрмæст иннæмæй фæцыбыр- дæр. Æмæ Хаджы-Мурат йæ зылын къах радаргъ кодта. — Йæ куыст ма кæй кæны, уымæй разы,— загъга Хаджы-Мурат.— Адæмыл мæ хабар айхъуыст æмæ мæм рынчынфæрсæг цæуын байдыдтой. Сдзæбæх дæн. Цель- месы æрцардтæн. Авары адæм та мæ сæхицæн хицауæн агуырдтой,— загъта Хаджы-Мурат сабыргай, йæ зæрдæ йæхиуыл чи дары æмæ йæ сæр сæрмæ чи хæссы, ахæм 283
адæймаджы æгъдауæй.—Æз сразы дæн, уæдæ цы код- таин. \ * . ,* ~ * Хаджы-Мурат цырд фестад, йæ хордзентæй пъарт.- фел фелвæста æмæ уый хуылфæй сласта, чи сбур, ахæм дыууæ иисмойы æмæ сæ Лорис-Меликовмæ равдыста. Писмотæ æрвыст уыдысты инæлар Клюгенауы номæи: Лорнс-Меликов сæ бакаст. Фыццаг писмойы фыстуыд: «Прапорщик Хаджы-Мурат! Ды мæнмæ куыстай, мæ зæрдæ дыл никуы ницæмæй фæхудти, разы дæ уыдтæн, мæ цæсты кадджын уыдтæ. А фæстаг бонты мыл инæ- лар Дхмет-Ханæй хабар сæмбæлд,’ды ныл гадзыраха- тæй цæуыс, зæгъгæ. Дæ сæрыл сарыхъ æркодтай æмæ мах æвастæй, сусæгæй Шамилимæ хъуыддæгтæ аразыс. Адæмы ардауыс, цæмæй уырысы хицæуттыл нал æу- уæндой æмæ сæм нал хъусой, ууыл. Æз дзырд радтон, куыд дæ æрцахсой æмæ дæ мæнмæ куыд æрбахæццæ кæной, афтæ. Ды баздæхтæ, æмæ алыгъдтæ. Зын зæ- гъæн у, хуыздæрæн дын фæуыдзæн, æви фыддæрæн, уы- мæн æмæ ыæ зонын, зылын дæ æви раст дæ, уый. Ныр у, æмæ мæм дзæбæх байхъус. Кæд дæ цæсгом сыгъдæг у не стыр паддзахы раз, кæд дæ зæрдæмæ ницы хæссыс, зылын æмæ азымджын ницæмæй дæ, уæд мæм фæзыя. Тæрсгæ макæмæй кæн, æз дæ сæрылхæцæг, дæ’ хъахъ- хъæнæг. Хан дын ницы хъомыс бауыдзæн, уый йæхæдæг дæр мæ къухы ис. Афтæ уæдæ, цæмæй тæрсай, аХæм хъуыддагæй дзы ницы ис». Дарддæр Клюгенау фыс- та, йæ дзырдæн кæддæриддæр хицау кæй у, æмæ йæ дыууæ кæй никуы акодта, стæй рæстдзинадыл цæуæг кæй у. Фæстаджырдæм та дзы куырдта, цæмæй йæм æр- цæуа, уый. Лорис-Меликов фыццаг иисмо куы бакаст, уæд Ха- джы-Мурат дыккаг писмо сласта æмæ йæ- Лорис-Мели- ковы къухмæ нæма радта, афтæмæй йын радзырдта, фьшиаг писмойæн цы дзуапп радта, уый. Æз æм ныффыстои: «Æцæгдзинадæй, æз сарыхъ дардтон, Шамилы тыххæй, миййаг, нæ, фæлæ мæ мæрд- тæмвæндаг хъуыды кæнгæйæ, мæ удыбæстæйы тыххæй. Шамнлы фæстæ ацæуинаг нæ дæн, фæндгаё’дæр мæ нæ кæны, уымæн æмæ уый аххосæй, уый ардыдæй æ’рцыды- сты мард мæ фыд, мс ’фсымæртæ æмæ мæ хæстæджытæ. У(ырысмæ ацæуинаг дæр нæ дæн, уымæн æмæ мæ фс- фсæрмы, фæхудинаг кодтой. Хунзахы баст куы уыдтæн, уæд иу цъаммар, иу æнæгъдау, æдзæсгом мæ... Уæ цæс- тæй дæр мæ нæ фсндзыстут, цалынмæ уыцы адабймаг 284
мард æрцæуа, уалынмæ. Стæй, гæдыныхас циу, уыцы фæлитой, уыцы æдзæсгом Ахмет-Ханæй дæр æдас нæ дæн».— Уый хæд фæстæ мыл инæлараей мæнæ ацы пис- мо сæмбæлд,— загъта Хдажы-Мурат æмæ Лорис-Мели- ковмæ, чи сбур, ахæм гæххæтты гæбаз балæвæрдта. «Мæ писмойæн мын дзуапп радтай, уый тыххæй буз- ныг,— бакасти дзы Лорис-Меликов. Ды фыссыс: махмæ фæстæмæ æрцæуынæй ницæмæй тæрсыс, фæлæ дæ иу æнаккаг, иу джауыр кæй фефсæрмы кодта, кæй баф- хæрдта, уый тыххæй дæхиуыл фæстæмæ хæцыс Æз дæм не 'уУæнк дæттын, уырнгæ дæр дæ бакæнæд, уырысы æгъдау рæстдзинадыл кæй лæууы æмæ, дæу бафхæрын- мæ йæ ныфс чи бахаста, уый дæ цæстыты хæд раз æф- хæрд кæй æрцæудзæн, уый. Æз дзырд радтои, хъуыддаг дзыхъхъышюгæй йæ бындзарæй куьтд скъахой, куыд æй сбæлвырд кæной, афтæ, æиæ уый хос пæй. Бапхъус мæм, Хаджы-Мурат, мæ коммæ бакæс. Гæды ныхас циу, разы дæ нæ дæн, уымæн æмæ мыл не ’ууæндыс мæ- хиуыл дæр, мæ зæрдæйыл дæр, фæлæ дыл уæддæр мæ зæрдæ нæ худы: зонын, хохаг адæм баууæндаг кæй не ст.ы, уый. Кæд дæ цæсгом сыгъдæг у, кæд дæхæдæг дæ- хиуыл ницæмæй æнæууæнк кæныс, кæд сарыхъ æрмæст дæ «удыбæстæйы» тыххæй, дæ мæрдтæмвæндаг хъуыды кæпгæйæ дарыс, уæд раст дæ, æмæ дæ бон у æнæкъæм- дзæстыгæй комкоммæ уырысы хицæутты æмæ мæ цæс- гоммæ кæсын. Чи дæ фефсæрмы кодта, чи дæ бафхæрд- та, æнæмæнгæй, уый æфхæрд кæй æрцæудзæн, ууыл дын ме 'уУæнк дæттын, уый тыххæй мыл дæ зæрдæ дар. Дæ мулк фæстæмæ дæ къух ссардзæн, æмæ базондзынæ, уырысы æгъдæуттæ æцæгдзинад æмæ рæстдзинадыл лæуд кæй сты, уый. Уырыс хъуыддагмæ æндæр цæстæй кæсынц. Иу цъаммар, пу æдзæсгом дæу æнæгъдауæй бафхæрдта, уый тыххæй ды уырысы цæсты дæхи пæ фе- гад, нæ фæкъæмдзæстыг кодтай. Æз мæхæдæг гъимри-' нæгтæн сарыхъ дарыны бар радтон, æмæ цы? Уый чи æмбæлы, ахæм хъуыддаг у. Æз иу лæгæй уыцы хъуыд- дагмæ ахæм цæстæй кæсыи. Уымæ гæсгæ та дын но- джыдаф дыккаг хатт зæгъын: цæмæй тæрсай, ахæм хъуыддагæй дзы ницы ис, уый тыххæй дызæрдыг ма у. Æрпу нæм, ныртæккæ дæм цы лæджы фервитын, уыи- мæ. Уый мæныл га;прахатæй никæд рацæудзæн, мæ сæр никæд аппарлзæп. Дс зпæпы фарсласæг æмгр фæсдзæ- уин дæр пæу, фæлæ у, паддзахы мидæг стыр æгъдау æмæ стыр æууæнк кæмæи ис, уымæн йæ хорз лымæн». 285
Дарддæр, Хаджы-Мурат уырысмæ рацæуыныл ц&- мæй сразы уыдаид, уый дзы Клюгенау куры. — Æз нæ баууæндыдтæн уьшы ныхæстыл,— загъта Хаджы-Мурат, Лорнс-Меликов гæххæтт каст куы фæци, уæд,— æмæ Клюгенаумæ нæ аиыдтæн. Мæнæн ме ’хсыз- гондæр хъуыддаг уыд Ахмет-Ханæй мæ маст сисын. Уый бакæнын та уырысы æхсæн, уырысы руаджы мæ къухы нæ бафтыдаид. Уыцы рæстæджы Ахмет-Хан Цель- месы алфамбылай æрбадт. Йæ зæрды уыд мæн æрцах- сын, кæнæ мæ амарын. Мæ къухы уыцы сахат бирае адæм нæ уыд æмæ уымæ гæсгæ мæ бон нæ бацадаид мæхи бахъахъхъæнын. Раст уымæн йæ хæдуæлвæд мæм Шамилы минæвар æрбахæцпæ æд писмо. Шамиль мын’ зæрдæтæ æвæрдта Ахмет-Ханæй мæ бахъахъхъæнын æмæ уый амарыны тыххæй баххуыс кæнынæй. Ноджы мын лæвæрдта хнцауы быпат æгас Авары бæстæн. Æз бпрæ фæхъуыды, фæсагъæс кодтон æмæ Шамильмæ’ мæхи радтон. Уæдæй фæстæмæ æз æнæсцухæй, æрвыл- бон уырысимæ хæцæг уыдтæн. Ам Хаджы-Мурат йæ хæстон хъуыддæгтæ радзырд- та сæрæй бынмæ. Уыцы хъуыддæгтæ иттæг бирæ уыды- сты. Иуæй-иуты дзы Лорис-Меликов дæр æнæ зонгæ нæ уыд. Хæсты мидæг Хаджы-Мурат стыр диссаджы æх- сарджып, ныфсджын æмæ зæрдæджын адæймаг уыд. Цырддзинадмæ та уарийæ уæлдай нæ уыд: куы иу ран, куы пннæ ран-иу æнæнхъæлгæ æвпппайды февзæрд æмæ- ну кæддæщщдæр знагыл кодта уæлахиз. — Лымæндзинад мæн æмæ Шамилы æхсæн никæд уыд,— загъта Хаджы-Мурат, йæ ныхас фæуынмæ куьг хъавыд, уæд,— фæлæ мæ тæрсгæ кодта, мæ сæр æй хъуыд, пайда йын уыдтæн. Иухатт мæ, кæддæр фыдбы- лызау бафарстæуыд: «Чи хъуамæ уа имам Шамилы фæстæ?»—Æз загътон: «Йæ кард цыргъдæр æмæ хуыз- дæр кæмæн кæрда, уый, æндæр чи».— Уыцы ныхас Ша- милы хъусыл æрцыд, йæхицæн фæтарст æмæ сфæнд кодта, цæмæй мæ фервæза, ууыл кусын райдаин. Цы- бырныхасæй, бахæрын фæнд мæ скодта. Баздæхт æмæ мæ Табасаранмæ арвыста. Æз апыдтæн, уæдæ цы код- тон, æмæ мип фысы æмæ æртæ фондзыссæдз бæхы бай- стоп. Шамиль мæм къухгæнæп кодта æмæ загъта, цы- ма æз, цы бакæиын хъуыд, уый нæ бакодтон. Уыйадыл \\æ наибы бынатæй фæцух кодта æмæ дзьтрд радта, æх- цайæ мæм цыдæрпддæр пс, уыдои ып куыд барвитоп, афтæ. Æз мин сызгъæоииы барвыстон, Уыйфæстæ баз- 286
дæхт &мæ Мæм йæ мюридты æрбарвыста æмæ мын Ма! пс, мæ мулк байста, стæй мæм æрбарвыста, йæхимæ йын куыд ацыдаин, афтæ. Æз зыдтон, марынвæнд мæ кгсГг кæпы, уый, æмæ цæмæи ацыдаин, нæ ацыдтæн. Уæд мæ ахсынвæнд скодта. Æз мæхи банргъæвтон æмæ Во- ронцовмæ рацыдтæп. Æрмæст мыц мæ бинонты рахо- пын амал нал фæци. Мæ мад, мæ ус, мæ фырт Шамилы ахæсты фесты. Зæгъ сæрдарæн: цалыимæ мæ бпноптæ уым уой, уæдмæ мæ бон ницы бакæнын у, мæ аивазæн- :ко мæхп бар не сты. — Зæгъдзынæн, зæгъдзынæн,— загъта Лорис-Мели- ков. — Бакой кæн, дæ бон циу, уымæй ма бацауæрд. Мæнмæ чи уа, уый дæу дæр у, æрмæст мын уыцы хъуыд- даджы мпдæг къийазы раз баххуыс кæп. Æз баст дæп, æмæ бæндæны кæроп Шамнлы къухы ис. Уыцы дзырдтæй Хаджы-Мурат фæци пыхасгоид Ло- рис-Меликовæн. • XIV Ссæдзæймаг дскабры Воропцов фыста Уæрæсейы æфсæддон мпнистр Чернышевмæ ахæм гæххæтт (фыст уыд францусагау): «Æз дæм фæстаг постимæ ницы пыффыстон, мæ уарзон къпйаз, уымæн æмæ раздæр мæн фæндыд, Ха- джы-Муратимæ цы бакæндзыстæм, уый сбæлвырд кæ- пыи. А фæстаг дыууæ-æртæ бопы та чысыл пæфæразгæ- гомау дæн. Мæ фæстаг писмойы дын Хаджы-Мураты æрцыды хабар фехъусып кодтон. Уый æрцыд æстæйма- джы. Дыккаг бон кæрæдзи базыдтам. Иу-аст-фараст бопы бæрц йемæ ныхас кодтон æмæ мæхинымæры хъуы- дытæ кодтоп, сомбон нын цæмæн сбæздзæн, цы ’ххуыс нын фæуыдзæн. Ме стырдæр сагъæс та уыд, ныртæккæ йын цы хъуамæ бакæнæм, уый, йæ бинонты мæт тынг кæны æмæ йе ’ууæлтæм гæсгæ, цыма тынг зæрдпагæй зæгъы, цалынмæ йæ бинонтæ Шамилы къухы уой, уæд- мæ баст у, йæ бон ницы бакæпын у æмæ йын амал нæй махæн нæ дзæбæхдзинæдтæ баххæст кæнын, кæй йæ ба- буц кодтам, кæй йæ суазæг кодтам æмæ йын кæй ба- хатыр кодтам, уыдæтты тыххæй. Йæ биноптæй кæй ни- цы бæрæг хабар хъусы, уый тыххæй стыр мæты бафтыд. Æз æй кæй бæриы, ка?й æвджид бакодтон, йæ уæлхъус чи вæййы æмæ пумæ кæимæ цæры, уыдон мын тыхджы- 287
нæп дзурЫнЦ: &хс&ё &й хуыееæг иæ Лхсы, хæр^чЫСЫЛ^ йедтæмæ хæргæ,дæр ницы кæны, æдзух кувы æмæ æр-" мæст уый курæг у, цæмæй йын бæхыл бадыны æмæ ра- цу-бацу кæныны бар раттæм иукъорд хъазахъхъаджи- мæ,— уыцы хъуыддагыл лæппуйæ нырмæ ахуыр у æмæ æрмæст иунæг уымæй йæхи ирхæфсы æмæ йæ зæрдæ барухс кæны. Æрвылбон æнæ æрбацæугæ æмæ бафæрс- гæ нæ фæуыдзæн, йæ бинонты тыххæй ныл ницы хабар æмбæлы, æви цы. Зæрдиагæй куры, мах къухы алырæт- ты цы уацайрæгтæ ис, уыдон куыд æрæмбырд кæнæм æмæ сæ йæ бинонтæй цæмæй баивæм, уый. Иæхицæй ма уæлæмхасæн дæр дæтты æхцайæ. Уыцы хъуыддаджы тыххæй йæхи чи нæ раласдзæн æмæ йын йе ’хсызгон чи нæ сараздзæн æхцайæ, ахæм адæмтæ ис. Алыбон мын уыцы ну ныхас кæны: «Фервæзын мын кæнут мæ би- нонты, стæй мын амал раттут, уæ дзæбæхдзинæдтæ уын цæмæй баххæст кæнон, уымæн». (Хуыздæр уаид, уыйы- рдыгонау, хъуымыхъхъы бæсты). Зæгъы: «Мæйы бонмæ мæхи куы иæ равдисоп æмæ уын стыр æххуысдзинад куы нæ бакæнон, уæд уын мæ сæр лыгмæ дæттын,— ба- фхæрут мæ, куыд уæ фæнда æмæ уæм куыд растдæр кæса, афтæ». Æз ын уыцы дзуапп радтон: уыдон æппæтдæр, мæ- нырдыгонау, иттæг раст сты. Иæ бинонтæ мах къухы куы нæ уой, фидардзинады æгъдауыл, фæлæ хохы куы баззайой, уæд ыл æнæууæнк чи кæндзæн, чи нæ йыл баууæнддзæн, ахæмтæ бирæтæ разындзæн не ’хсæн. Æз, амал æмæ гæнæн цæмæй уа, уымæй нæ бацауæрддзы- нæн, иæ арæнты мидæг цы уацайрæгтæ ис, уыдон йæ биноптæ балхæныны тыххæй цы æхца самал кæна, уы- доныл исты бафтауын мæ бон нæу, не ’гъдæуттæ нæ нæ амонынц, фæлæ æнæуый дæр исты æгъдауæй баххуыс кæнын, чи зоны æмæ базондзынæн. Æвæццæгæн, мæ бон дæр бауыдзæи. Уыйфæстæ йын мæ зæрдиаг ныхас æргом загътон: Шамиль ын йæ бинонты ницæй тыххæй суæгъд кæндзæн, зæрдæтæ йын бавæрдзæн, йæ рæдыд- дзинад ын бахатыр кæндзæн æмæ йæ йæ фыццаг быиа: ты цæвæрдзæн, зæгъгæ, ноджы йæм бартхъирæн кæн- дзæн, фæстæмæ куы нæ раздæха, уæд ын йæ мад, йæус æмæ йын йе ’хсæз хъæбулы амарыныл фæстиат нæ фæ- уыдзæн. Æз æй бафарстон,— æргом мын куыд зæгъа,— Шамилæй йыл ахæм уацхъуыд, ахæм хабар куы сæм- 1 бæла, уæд куыд бакæндзæн, уый. Хаджы-Мурат уæлæ- мæ арвырдæм скаст, йæ къухтæ схъил кодта æмæ загъ- 288
та: «Уыдæттæ иууылдæр хуыцауЫ къухы сты, фæлæ йæ удæгасæй, барвæндонæй мæхи ме знаджы къухмæ рат- тон, уый дæ зæрдæйы кæрон дæр ма уæд, уымæн æмæ бæлвырд зонын, мæ дыууæ къухы хуызæн, кæй мын нæ бахатыр кæндзæн æмæ мæ амарыныл фæстиат кæй нЯе фæуыдзæн, уый». Йæ бинонты тыххæй загъта: Шамиль ахæм æнæсæрфат, ахæм æнæзонд хъуыддаг нæ бакæн- дзæн, уымæн æмæ: 1) æдас мæ нæу, æмæ мæнæй йæхи- цæн стыр æмæ тас знаг не скæндзæн; 2) кæмæ байхъу- са æмæ аргъ кæй дзырдæн скæна, ахæм барджын, дзырддзæугæ адæмтæ Дагъистаны бирæ ис сæ хæрзæ- джытæй, уыдон æй нæ бауадздзысты, бакъуылымпы йæ кæндзысты. Фæстаджырдæм та мын уыцы иу ныхас къорд хатты ракодта: сомбон цы ’рцæудзæн, уый хуы- цауы фæндоп у, фæлæ ныртæккæйы сахат мæ бинонты сагъæс æмæ уыдон фервæзын кæныны йедтæмæ ницæйы мæт нс, зæгъгæ. Хуыцауæй курæгау мæ куры æххуыс- дзииад æмæ Цæцæны бæстæм ацæуыны бар. Уым кæд пæ хицæутты руаджы, уыдон зонгæйæ, йæ бинонты ха- бар хуыздæр бамбарид: цы ’гъдауы мидæг сты ацы са- хат æмæ сын цы хуыздæр амал ис Шамилы къухæй фервæзып кæнынæн. Хаджы-Мураты ныхæстæм гæсгæ, уыцы знаджы бæсты хуымæтæджы адæмæй нæ, фæлæ йын наибты1 æхсæн дæр ис хæрзгæнджытæ, иузæрдион ыл чи у æмæ йын Рæ сæр чи нæ аппардзæн, ахæмтæ. Уырыс кæй бацахстой æмæ сæ ныхмæ кæм нæма лæу- уынц, уыцы бæсты йын æнцондæр æмæ хуыздæр бантыс- дзæн, цæмæ хъавы æмæ йæ æхсæв уæд, бон уæд хуыс- сæг цæй тыххæй нæ ахсы, уыцы хъуыддаг бакæнын. Æмæ, иугæр уый йæ къухы куы бафта, уæд йæ зæрдæ ничердæмуал æхсайдзæн æмæ йе ’ргом иудадзыгдæр махмæ ратдзæн, йе 'уУæнк сфидар кæндзæн æмæ мах пайдайæн кусдзæн. Куры, Грознамæ йæ цæмæй арви- тæм иу-дыууын кæнæ æртын хъазахъхъаджимæ, знæг- тæй йæ чи бахъахъхъæна, махæн та фидардзинадæн æх- хуыс чи уа йæ уынаффæты æцæгдзинады тыххæй. Ды мæ бамбардзынæ, мæ уарзон кънйаз, уыдæт- тæ мæ хаттæй-хатт сагъæсы бафтауынц, æмæ сдызæр- дыг вæййын, уымæп æмæ мыл ис стыр уаргъ æвæрд, æ’мæ мæ алы къахдзæфæн дæр стыр дзуапп дæттын хъæ- уы. Цы зæгъын æй хъæуы, стыр рæдыд æмæ æнæсæр- фат хъуыддаг уаид, Хаджы-Муратыл æгæр тынг куы "• ’ Н а и б — Шамилы рæстæджы хицæн бæстæйы хицау. 19 Повесттæ 289
&ууæндæм, уæд. Фæлæ алидздз&н, зæгъг&, йæ уый тæс- ] сæй акъахдзæф кæнын куы никæдæм уадзæм, уæд æй ахæстоны дарын хъæуы. Афтæ бакæиын та, мæнырды- гонау, растдæр, стæй зоидджыпдæр хъуыддаг нæ уыда- нд, уымæн æмас йæ кой уайтагъддæр æгас Дагъистаныл айхъуыстаид æмæ пын уым пæ хъуыддаг бахъыгдард- таид. Шамилы ныхмæ æргом ныллæууын кæй зæрды ис, уыдон дызæрдыг кæнын байдайдзысты æмæ сæхи^ыл фæхæцдзысты, уымæн æмæ Шамилæн йæ тæккæ сæрæн- дæр, йæ тæккæ лæджыхъæдджындæр æххуысгæнæг йæ сæр бафснайынæн хуыздæрæн мах кæм бацагуырдта, уым ып æгъдау раттын куы нæ базонæм æмæ йæ уацай- раджы бынаты куы цæвæрæм, уæд пын уый иннæтæ сæ зæрдæмæ хæсдзысты, æмæ нып хуыздæрæн нæ фæуы- дзæп. Уымæ гæсгæ æз æнхъæл дæн, æмæ, æз куыд бакод- тон, æндæр хуыздæр бакæнæн нæ уыд. Æцæг мæ зæр- дæмæ уый хæссын,— Хаджы-Мурат лидзынвæид, мий- йаг, куы скæна, уæд мын мæ хъуыддаг стыр рæдыддзи- надыл бапымайдзысты. Куысты мидæг æмæ ахæм зынраиртасæн стыр хъуыддæгты мидæг адæймаг фæрæ- дийынæй тæрсгæйæ йæхимæ куы ницы азым иса, уæд тынг зын у æдзух уыцы иудадзыг æмраст фæндагыл цæ- уын, фæлæ, мæнырдыгонау, иугæр фæндаг раст куы зы- на, уæд цæуын хъæуы, æмæ цы уа, уый уæд! Курын дæ, мæ уарзон кънйаз, ацы ныхæстæ йе стыр- дзинад нæ бæрзонд паддзахмæ бахæццæ кæн. Æз мæхи стыр амондджын хондзынæн, мæ хъуыддаг нæ бæрзонд уынаффæгæиæгмæ раст куы фæкæса, уæд. Дæумæ ацы гæххæтты цыдæриддæр ныффыстон, уыдæттæ нууылдæр Заводский æмæ Козловскнй-ннæлæрттæм дæр нысЬ- фыстон. Хаджы-Муратæн бафæдзæхстои: Козловский- ипæлары æвастæй, уый æнæ базопгæйæ æмæ уыиаффæ- йæ йæ бон нæу хъуыддаг бакæныц æмæ искæдæм ацæ- уын. Уый дæр ма йып загътон: махæп хуыздæр æмæ æнæзæрдæхсайгæдæр уыдзæн, мах къанвоимæ куы цæ- уа, уæд, кæпнод Шамиль атауыс, акой кæндзæн, цыма мах Хаджы-Мураты бастæй дарæм, уыйау. Дзырд дзы райстон, Воздвиженскимæ, мæ фырт кæм цæры, уыр- дæм кæй никуы ацæудзæн, ууыл. Бамбарын ын кодтам, мæ фырт йæхицæн æрдхордыл кæй пымайы æмæ æппæ- ты фыццаг йæхи кæй къухмæ радта, йæхи кæй уазæг бакодта, уый уыцы бæсты хицау нæу, æмæ йыи уырдæм ацыд фыдбылыз æмæ зæрдæхуддзинады йедтæмæ кæй 290
ницы ратдзæн, уып. Уæвгæ та Воздвиженскийæн йæ хæд раз не знаг нæ ныхмæ чи лæууы, ахæм стыр хъæу нс, æмæ йын Хаджы-Муратæн йæ бинонты хаОæрттæ базонынæн, йæ хæрзгæнджытимæ радзур-бадзурæн Грозна алцæмæй дæр бирæ хуыздæр у. Ссæдз хъазахъхъаджы Хаджы-Муратæн кæддæрид- дæр йемæ уыдзысты æмæ, йæхи фæндонмæ гæсгæ, æнæ уыдон иу къахдзæф дæр никæдæм кæндзæн. Ноджы ма йæ цуры уыдзæп, Хаджы-Мураты хорз чи зоны, ахæм иттæг зондджын, саг афицер Лорис-Меликов. Лорис- Меликов тæтæйрагау тæтæйраг лæгæй уæлдай нæу, æмæ йыл, æз æй куыд æмбарын, афтæмæй Хаджы-Му- рат тынг хорз æууæнды. Ам, Калачы, Хаджы-Мурат дæс боны иу агъуысты мидæг Шушайы зылды хицау — кънйаз Тарханы фыртимæ фæцард. Тарханы фырт ит- тæг лæджыхъæдджын æмæ æууæнкджын адæймаг у, лæ- гæй лæг зæгъын хъæуы. Хаджы-Муратæн Тарханы фырт йæхи бауарзын кодта æмæ йыл, уымæ гæсгæ, тынг хорз æууæпдыд. Тæтæйрагау тынг дæсны дзуры, æмæ уый руаджы Хаджы-Муратимæ нæ зæрдæбыны ныхæстæ, нæ сусæг хъуыддæгтæ-иу кæрæдзийæн æргом кодтам. Æз Тарханы фыртимæ аныхæстæ кодтон, æмæ мемæ разы у алцæуыл дæр Хаджы-Мураты тыххæй. Зæгъы: кæнæ æз куыд бакодтон, афтæ бакæнын хъуыд, кæнæ йæ ахæстоны дарыи хъуыд, науыйнæй — а бæстæй чæ искæдæм фсрвитын хъуыд, уымæн æмæ йæм дзæбæх цæстæй куы нæ ракастаиккам, уæд йæ бахъахъхъæнын зып уыдаид. Æвзæр æгъдауы мидæг æй куы цæвæрдта- иккам, уæд нын Хаджы-Мурат æмæ Шамилы знагдзи- над пайда нæ, фæлæ фыдбылыз фæцадаид, уымæн æм>æ хæххон адæм уын базонгæйæ бар-æнæбары дæр Шами- лимæ фидыдтаиккой æмæ йæ ныхмæ ныллæууын ничи- уал бауæндыдаид. Кънйаз Тарханы фырт мын загъта, Хаджы-Мурат иудзырдон æмæ æцæг лæг кæй у, уый йæ кæй уырны. Хаджы-Мурат æнæгуырысхойæ тынг хорз зоны, Шамиль ын дзырд куы радта. бахатыр дын кæч- дзынæн, зæгъгæ, уæддæр æй кæй фæсайдзæн æмæ йæ искæдбон æнæ амаргæ кæн нæ фæуыдзæи, уый. Æцæг иу хъуыддаг ис: Тарханы фырт Хаджы-Муратыл ’ды- зæрдыг, гуызавæ цæй тыххæй кæны, ахæм, æмæ йæ су- сæг дæр нæ кæны: Хаджы-Мурат диныл æгæр басг, æгæр иузæрдион у, æмæ уымæ гæсгæ тæссаг у, Шамнль æй дины æгъдауæй, дины номæй йæхирдæм куы азда- ха, уымæй. Фæлæ, æрдæбои кæй загътон, уый та зæ- 291
гъын: Шамиль Хаджы-Мураты ницæй тыххæй бауыр- нын кæндзæн, цæвиттон, фæстæмæ йæм аздæхт, уæдæй кæнæ уыцы бон, кæнæ искæдбон ма амара, ууыл. Гъеуый дын мæ хабæрттæ, мæ уарзон кънйаз, зæ- гъинаг дын кæй уыдтæн, ам чи ’рцыд, уыцы хъуыддæг- ты тыххæй». XV Уыцы гæххæтт æрвыст æрцыд Калакæй 1852 азы декабры 24 боны. Писмохæссæг фæндагыл бæхтæрджы- ты цæсгæмттæ пырх кæнгæйæ æмæ тыхтардæй бæхтæ цæгъдгæйæ, юентъæргæ бæхæй, Ногбопæй бон раздæр гæх- хæтт æфсæддон министр кънйаз Чернышевыл сæмбæ- лын кодта 1852 азы. Тъæнджы мæйæн йæ фыццаг бон Чернышсв* иниæ хъуыддæгтимæ Воронцовы гæххæтт паддзахмæ бахаста. Чернышев Воронцовы нæ уарзта, иуæй тынг кад- джын æмæ уарзон лæг кæй уыд адæмæн, уый тыххæй, иннæмæй стыр мулчы хицау æмæ хæрзмыггаг дæр кæй ) ыд, Чернышев та кънйаз æрæджиау кæй ссис æмæ уы- мæ гæсгæ цауддæр кæй уыд мыггагæй, уый тыххæй; фæ- лæ уæлдай тынгдæр та, паддзах Воронцовмæ дзæбæх пæстæй кæй каст æмæ йæ хъулон уарзт кæй кодта, уый дымæгмæ. Уымæ гæсгæ Чернышев Воронцовмæ къух- гæнæн кодта æмæ йын амал æмæ гæнæн цас уыд, уы- мæй нæ ауæрста истæмæй Воронцовы бахъыгдарыныл. Айагъоммæ Чернышев Кавказы хъуыддæгты тыххæй цы радзырдта, уым ын Воронцовы фелхыскъ кæнын бантыст. Никъала-паддзахы зæрдæ фæхудти, хицæутты аххосæй æмæ æнæсæрфатдзинадæй уырысы æфсæдтæй иучысыл къордæн хæххон адæм алæмæты цагъд кæй ныккодтой, уый тыххæй. Ныр дæр йæ зæрды уыд, Во- ронцовы уынаффæ Хаджы-Мураты тыххæй рæдыды æгъдауыл бавднсын. Уый паддзахæн бамбарын кæнын- мæ хъавыд, цыма Воронцов уырысæй иннæ æцæгæлон адæммæ дзæбæхдæр цæстæй кæсы, йæ арм сыл дары æмæ сын фарсласæн кæны, уыйау. Хаджы-Мурат, æвæц- цæгæн, махмæ раиыд æрмæст нæ хъæнтæ, не ’фсæддон хъуыддæгтæ æмæ нæ хæцæнгарз сбæрæг кæныны тых- ^æй, æмæ уымæ гæсгæ хуыздæр уыдапд, Хаджы-Мурат Уæрæсейы бæрæгастæума^ æрвыст куы ’рцыдаид, уæд. Цалынмæ пæ бипонтæ пæ къухы бафтой æмæ ныл ныр гадзрахатæй нал рацæудзæн, уый бæлвырддзинад сбæ- 232
рæг уыдаид, уалынмæ йæ хъуыддагмæ хæстæг уадзын нæма хъуыди. Фæлæ Чернышев цы сфæнд кодта, уый йын ацы хатт нæ бантыст, уымæн æмæ тъæнджы мæйæн йæ фыц- цаг бон Никъала-паддзах йæ уагыл, йæ дзæбæх зæрдæ- йыл нæ уыд æмæ уыйадыл æрмæст мæ фæндон уа, мæ дзырд суа, уый тыххæй никæмæ байхъуыстаид, никæй дзырдæн аргъ скодтаид, уæлдайдæр та Чернышевы дзырдæн. Никъала Чернышевы нæ уарзта, фæлæ йæ бæсты хуыздæрæн кæй æрæвæрдтаид, ахæм лæгыл нæ хæст кодта æмæ йæ æнæбары дардта. Декабристты хъуыддаджы мндæг йе ’рвад Захар Чернышевы феса- фынмæ кæй хъавыд, йæ бынтыл ын æрхæцон, зæгъгæ, уыйадыл æй паддзах стыр дзæсгом, æнаккаг, еенахъи- лон адæймагыл нымадта. Уыцы бон Никъала Хаджы- Мураты амондæн йæ чемы, йæ зæрдæйы дзæбæхыл кæй нæ уыд, уый сæраппонд Хаджы-Мурат баззад Кавказы. Чернышев æндæр бон куы раныхас кодтаид, уæд, чи зо- ны, ’мæ Хаджы-Мурат уыцы æгъдауы мидæг нæ баз- задаид. Фараст сахаты æмæ æрдæг уыдаид. Фырхъызтæй ар- выл фæлм сбадт. Термометр уазал æвдыста 20 градусы. Стæвдтæарæзт, даргъзачъеджын, Чернышевы бæхтæрæг* хораса хъæдабæ тæнæгбыл худы мидæг, паддзах Никъа- ла цы дзоныгъы фæбады, ахæм гыццыл дзоныгъы ми- дæг разæй бадгæйæ ладдзахы Зымæгон цæрæн галуань* дуармæ хъыс-хъысгæнгæ стæлфыд æмæ йæ хæлар, кънйаз Долгорукийы бæхтæрæгæн йæ сæрæй акуывта: Уымæн йæ хицау дзоныгъæй раджы рахызт æмæ, уымæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, æддейы паддзахы дуармæ лæу- уыд, йæ бæзджын бæмбæджджын уæлæфтауы бын йæ бози бакодта æмæ йе ’ргъæвст къухтæ аууæрста. Чернышев уыд хъуынджын халасхуыз уырддзарм æфцæгготджын цинелы мидæг æмæ æртæдзыхон худы, уасæджы систæй фæлыст йæ сæрыл, æгъдаумæ гæсгæ кондæй. Дзоныгъæмбæрзæн арсдзарм иуварсырдæм ап- пæрста æмæ арæхсгæйæ йе ’ргъæвст къæхтæ дзоныгъæй раласта. Къалос нæ дардта æмæ йæм уыцы æгъдау кæй уыд, уый лæгдзинадьОг нымадта. уымæй йæхи сæрыстыр кодта, йæ сины сæрыл хæцыд. Иæхи рæстытæ кæнгæйæ, лæппуйы цыдæй, шпорæтæй1 зæлланг-мылунг кæнгæ га- 1 Шпорæтæ —бæхджын æфсæдты фадыварцыл рæййынц ага- йынæп. 293
уыза^й æмбæрзт тыргъмæ бараст. Дуаргæс ын рагацау, стыр адæмæн куыд æмбæлди, афтæ дуар зæрдæлхæнæи коид бакодта. Пæ ципсл йе уæнтæй камср-лакейы1 къухтæм æрæппæрста, айдæны цур алæ^уыд æмæ арæх- сгæйæ йæ худ систа йæ къæбæлдзыг кæнгæ сæрыхъуын- тæй. Айдæны йæхимæ бакаст, йæ дадалитæ æмæ йæ бе- цыкк аздыхтытæ кодта, йæ зæронд къухтæй йæ хæрзи- уæг2, аксельбанттæ3 æмæ пъагæттæ адзæбæхтæ кодта æмæ лæмæгъ, æндæдзгæ цыдæй, йæ зæронд æгоммæ- гæсгæ къæхтыл гауызæй æмсæрзт тæссармæ арæзт асинтыл хæрдмæ цæуын байдыдта. Дуары цур лæууы- дысты камер-лакейтæ бæрæгбонарæзтæй æмæ Черпы- шевæн цагъайраджы зæрдæлхæнæн куывд акодтой сæ сæртæй, сæ цурты куы бараст æнхъæлмæгæсæн уатмæ, уæд. Радгæс, æрæджы флигель-адъютанты бынаты кæй цæвæрдтой, ахæм, æрттывдтытæ калгæ йæ ног дарæсы мидæг, æнæнхсыд, сырхуадул цæсгом æмæ гыццыл сау рихитпмæ æмæ, Никъала Павслы фырт куыд кодта, аф- тæ размæ, цæстытырдæм фаст гыццыл сау дад?литимæ зæрдæлхæнæп худæнбылæй Чсрнышевы размæ рауад. Кънйаз Василий Долгоруьий, æфсæддон министры хæ- дивæг, æнкъард æмæ къуымых цæстæнгасимæ Черны- шсвы къух райста. Долгорукий паддзах Никъалайы хуызæн æмæ уый æгъдауыл рнхитæ, зачъетæ æмæ да- далитæ дардта. — Ь’етрегеиг?4—загъта Чернышев флигель-адъютан- тæн; йæ цæстытæй паддзахы кусæн уаты дуар амон- гæйæ. — 5а Ма^’ез^ё У1еп1 с1е геп1гег5,— хъæлдзæгæй, æиу- выдæй йæ хъæлæсы ахастмæ хъусгæйæ, загъта фли- гель-адъютант. Зæххыл нæ хæцыд, афтæ. сЬæлмæн рог къахдзæфтæ кæнгæйæ бацыд дуармæ. Цыма доны агуывзæ пæ сæрыл куы хастаид, уæддæр дзы æртах дæр нæ акалдаид, афтæ рог къахдзæфтæй цыд. Цы бынат- мæ фæцæуы, уымæн бирæ кад кæй кæны, уый йыл бæ- рæг уыд. Дуар бакодта сындæггай æмæ фæмидæг. Дол- горукий, дзæгъæл бадты бæсты, йæ пъартфсл райгом 1 ЛаксГпы хпстæр. ! 2 Крсст. 3 Риуыл даргæ бостæ æмæ æнд. 4 Францусагау, ома, паддзах. 5 Ие ’стырдзинад пырма пыртæккæ æрбаздæхт. 294
кодта æм& йæ мйдæР цы гæхХаспЫтæ уыд, уыдон раЗ- зар-бавзар кодта. Чернышев та йæ къæхтæ раст кæнгæ- пæ тар æрфыгæй рацу-бацу кодта æмæ, падцзахæн цы хъуыддæгтæ зæгъинаг уыд, уыдопы тыххæй хъ>ыдытæ кодта. Черг.ышсв п.ддзахы кусæп уаты дуары цурк>ыд лæууыд, афтæ дуар байгом, æмæ мидæгæй рацыд фыц- цагæй ноджыдæр тынгдæр æртшваг æмæ уæздандæр арæзт флпгсль-адъютант æмæ къухы ацамыпдæй ми- дæмæ загъта æфсæддон министрæн æмæ йæ хæдивæгæп. Паддзахы Зымæгон галуан сыгъды фæстæ ног конд æрцыд, æмæ ма Никъала цард уæллаг уæладзыджы, мпнистртæ æмæ стыр хицæуттимæ цы уаты мидæг ны- хас кодта, уым. Уый уыд тынг бæрзонд уат цыппар дыи- джыр рудзынгимæ. Йæ сæйраг къулыл ауыгъд уыд пад- дзах Александр I стыр хуыз. Рудзгуыты æхсæн лæууыдысты бæрзондкъахджын дыууæ стъолы. Къулты æнцой æвæрд уыдысты иукъорд бапдоны, уатæи йæ бæ- рæгастæу — дыгджыр фыссæп стъол, стьслы раз — Ни- къалапы къæлæтджын фæлмæн бандон æмæ æнæуый бапдæттæ, чи йæм цыд, уыдоны тыххæй. Никъала, æрдæгпъагæттимæ сау сюртучы мидæг, стъолы раз бапдопыл йæ хытъынджын æпгомæлвæст гуыр фæстæуæз ауагъта æмæ мæрдон цæс:æнгасæй æцзынæг каст, чи йæм цыд, уыдонмæ. Даргъ урс цæс- гомыл йæ фæтæн дынджыр къуыпп иых бæрæг дардта пæхи лæгъз фаст дадалиты æхсæиæй. Дадалитæ аив тыхт уыдысты йæ кæнгæ сæрыхъуынтимæ, йæ гæмæх сæр бæрæг куыд нæ уыдаид, куыд нæ зындаид, афтæ. Йæ мæрдоп æнтъыснæг цæсгом æмæ йæ тар цæстытæ абоны бон æнæуый бонæй уæлдай тардæр æмæ æнтъыс- нæгдæр уыдысты. Хæодмæ здыхт рихпты бын зæронд былтæ, ногдаст нард уадултæ цæджындзау быцæуæвæрд’ бæрзонд æфцæгготимæ, зормæйы хуызæн рæсугъд тыхт зачъетæ æмæ æфцæгготмæ æлхъывд роцъо — уыдон ыи йæ цæсгомы хатт, цы уыд, уымæй йæ ноджы мæстыхуыз æмæ карздæр кодтсй, цыма уыцы боп йæхи дтр нæ уарзта, уыйхуызæн уыд. Афтæ ца^мæн уыд куы зæгъай, уæд, цæвиттопы хъуыддагæй, фæллад >ыд. Фæллад та уымæн уыд, æмæ уыцы бопæп йе ’хсæвы маскарады уыд. Уым, йæ цъиу- джын худ йæ уæлæ, афтæмæй адæмы æхсæи рацу-бацу кодта. Адæм ыл æмбырдтæ кодтой æмæ йып æнæзивæ- гæй, тæрсгæ-ризгæйæ фæндаг лæвæрдтой йæ дынджыр, стæвдтæарæзт гуыры бакасты тæссæй. Уыйагъоммæ, 295
айфыццаг цы маскарад уыд, уым иу урсбуар, хæрзконд, гуырвидауц, зæрдæмæдзæугæ, буцхъæлæсджын маскæ- йыл сæмбæлд. Зæронды зæрдæ рæсугъд чызгмæ бахъа- зыд. Чызг ын зæрдæтæ бавæрдта, иннæ маскарады сæм- бæлдзыстæм, зæгъгæ, æмæ фæаууон, йæхи асайдта. Ды- соны маскарады та йæм уыцы чызг йæхи баласта, æмæ йæ Никъала ацы хатт йæхицæй никæдæмуал ауагъта, фæлæ йæ йæ бынатмæ бахуыдта. Никъалайæн сылгой- маджимæ хибарæй абадын амал цæмæй уыдаид, уыцы бынат сæрмагонд уый тыххæй арæзт уыд. Бынаты дуар- мæ æнæдзургæйæ бацыд, фæстæмæ фæкаст æмæ йæ цæст алырдæм ахаста,—йæхинымæры дуаргæсы агуырд- та,— фæлæ уый уым нæ разынд. Никъала йæхи фæтар кодта, дуар батъæпп ласта æмæ æхсины йæ разæй ба- уагъта. — II уа ^иеЦи ’ип1,—загъта маскæ фрацусагау æмæ æваст фæлæууыд. Бынат æцæг уыд ахст: хъæда- бæйæ æмбæрзт гыццыл диваныл фæрсæй-фæрстæм кæ- рæдзимæ хæстæг бадтысты иу улайнаг афицер æмæ æв- зонг, хæрзуынд, бурхил, къæбæлдзыгсæр сылгоймаг æнæ маскæйæ «домино»2 дарæсы мидæг. Сылгоймаг Ни- къалайы мæстыхуыз, карз цæсгом æмæ схъæл гуыры фæлгонц куы ауыдта, уæд йæ маскæ йæ уæлæ акодта. Улайнаг афицер удаист фæци æмæ фырадæргæй цы ра- кодтаид, уымæн ницыуал зыдта. Хуызыртау дзы нал баззад, æмæ Никъаламæ дзагъырдзæстæй кæсгæйæ цавддуры хуызæн диваныл уыцы бадгæ-бадын баззад. Никъалайæ тынг кæй тарстысты, уый йæхицæн дæр зындгонд уыд, ахуыр ыл уыд, ноджы йæм уый дзæбæ- хау каст, фæлæ йæм ахæм æгъдау дæр уыд: хаттæй- хатт, йæ тасæй-иу ризæг кæуыл бахæцыд æмæ иу мыс- ты хуынкъ туманæй чи агуырдта фырадæргæй, уыдоны- иу æнæнхъæлæгæй дзæбæх, лæгъз, рæвдауæн ныхæстæй бабуц кодта. Ныр дæр афтæ бакодта. — Ме ’фсымæры хай,— загъта Никъала зæрдæдзæф афицерæн,— ды мæнæй, æвæццæгæн, иучысыл’ кæстæр уыдзынæ æмæ нын дæ бынат саккаг кæндзынæ. Афицер йæ хуыз къорд фæлывды акодта, стæй, йæ уд йæ мидæг куы ’рцыд, куы æрномыл, уæд фæтæррæст ласта æмæ гуыбыр-гуыбыр æнæдзургæйæ, йæ маскæ- *< Амчидæр ис. 2 Домино—цыггпæрдигъон урс гæппæлтæй (астæуæй сау стъæл- фытæ) арæзт дарæс. 296
йы фæдыл адзæхст ласта. Никъала иунæгæй йе ’хсини- мæ баззад. Маскæ разынд ссæдзаздзыд, æнæмоймæдзыд, сывæл- лæттæм кæсæг1 шведаг усы чызг. Чызг раныхас кодта Никъалайæн, сывæллонæй нырмæ йæ куыд бауарзта йæ нывтæм гæсгæ, йæ хуыцауы хайыл æй куыд нымадта æмæ йæхицæн куыд сныв кодта, исты æгъдауæй йæ мæ- химæ куы ’ркæсын кæнин, зæгъгæ. Ныр цæмæ хъавыд, цæмæ бæллыд, уый федта йæ дыууæ цæстæй æмæ хуы- цауæй разы у, йæхи амондджын хоны. Чызджы аластбй, Никъала сылгоймæгтимæ кæрæдзи цæсгом кæм уыдтой, уыцы бынатмæ, æмæ уым сахат уыдаид,— фылдæр — иумæ фесты. Уыцы ’хсæв фæстæмæ сæхимæ æрцыд. Йæ сины сæ- рыл цæмæй хæцыд æмæ йæхицæй цæмæй æппæлыд, уы- цы нарæг хъæбæр хуыссæнуаты схуыссыд æмæ, Напо- леоны худæй диссагдæр æмæ кадджындæр кæй кодта, йæхи сæрыстыр кæмæй кодта, уыцы уæлæфтау дзаума- йæ йæхи æрæмбæрзта æмæ тынг æрæгмæ бафынæй. Иæ зæрдыл-иу æрбалæууыд æмæ-иу йæ цæстытыл ахъазыд куы уыцы чызджы тарст хуыз кæнæ йæ хъæлдзæг урс цæсгомы хатт, куы та, рагæй кæимæ цард, йæ зæрдæ кæуыл нæ ивта, уыцы ус, Нелидовты чызджы тыхджын нард уæхсчытæ, æмæ йæхинымæры дыууæйы иу ран æрæвæрдта æмæ сæ кæрæдзийыл абарста. Бинонтæ- джып адæймагæн хæтын сæрмæ хæссинаг кæй нæу, аипп æмæ худинаг кæй у, уый йæ хъуыдыйы дæр нæ уыди, æрдумæ дæр æй нæ дардта, æмæ йын исчи уыцы æгъдау аиппыл куы банымадтаид, уæд стыр дисы бацыдаид. Никъала ахæм хъуыддæгтæм уыцы цæстæй каст, цы- ма, цы ’мбæлы, уый кодта, уыйхуызæн, фæлæ уæддæр цыдæр маст йæ зæрдæмæ хаста æмæ цыдæр изгарддзи- над æндæвта. Уыцы маст, уыцы зæрдæйы рис цæмæй ссыдаид, цæмæй бамынæг уыдаид, уый тыххæй кæддæ- риддæр, чи йын-иу æй басабыр æмæ ферох кæнын код- таид, ахæм хъуыдытыл-иу фæци. Уыцы хъуыдытæй иу уыл, «стыр лæг» кæй у, уый. Уыцы æхсæв æй хуыссæг хорз нæ ахста, æрæгмæ ба- фынæй, фæлæ уæддæр райсомæй аст сахатыл сыстад, йæ дзауматæ йæ уæлæ акодта, йæхимæ базылд, йæдын- джыр нард буар асæрфтытæ кодта æмæ хуыцауæн ба- куывта. Радзырдта ахуыры æгъдауыл, сывæллонæй 1 Гувернаиткæ, 297
пырмæ цы куывдтыл сахуыр, уыдон: «Хуыцауы ныйна- рæг», «Уырны мæ», фæлæ кувгæйæ цы ныхæстæ кодта, уыдон цы сты, цæмæ цæуынц, уый йæ фæсонæрхæджы дæр, йæ хъуыдыйы дæр нæ уыд. Стæй чысылдæр дуа- рыл йæ къабазджын цинелы мидæг Набережнæйы уынг- мæ рацыд. Уынгæн йæ тæккæ бæрæгастæу сæмбæлд йæ- хн хуызæн стæвдтæарæзт бæрзонд скъолайы лæпиуйыл мундир æмæ сгæллад худы мидæг. Мундирмæ гæсгæ ба- зыдта, цавæр скъолайы каст, уый. Уыцы скъолайы Ни- къала пæ уарзта, зæрдæвæндон хъуыддаг дзы кæй код- той, уый тыххæй, æмæ уый сæраппонд йæхи фæтар кодта. Фæлæ лæппуйы бæрзонд гуыр, йæ’аив æрлæуд, æгъдауыл чест раттын æмæ, чест дæтгæйæ, рæмбыны- къæдзы схъæл дард Никъалаиы зæрдæмæ бацыдысты, æмæ йæ зæрдæ фæтасыд, фæфæлмæндæр. — Дæ мыггаг кæмæй у? — бафарста йæ Никъала. — Полосатов, дæ паддзахады бæрзопддзинад. — Молодец! Лæппу йæ бынатæй нæ фезмæлыд, лæууыд уыцы чест дæтгæйæ. Пикъала ныллæууыд. — Æфсæддон куыстмæ бацæуын дæ фæнды? — Нæ фæнды. — Æдылы сæр, гуымиры. Æмæ Никъала йæхи фæтигъ кодта, лæппумæ йæ чъылдым фездæхта, дарддæр араст æмæ, йæ зæрдыл цы ныхæстæ æрбалæууыд, уыдон хъæрæй дзурын байдыд- та. «Копсрвейн, Копервейи»,— къорд хатты кæрæдзи фæдыл сдзырдта зноны чызджы ном. «Хорз нæу, хорз пæу». Цы дзырдта, уымæ йæ хъус нæ дардта, фæ- лæ йæ зæрдæмæ цы маст хаста, уый цæмæй ферох код- таид, уый тыххæй æндæр хъуыдытыл ахæцыд æмæ йæ- хинымæр дзырдта: «Цымæ цы уыдаид æнæ мæн Уæрæ- сс»,— загъта Никъала йæхицæн, йæ маст та йæм хъа- рын куы байдыдта, уæд. «Цымæ цы уыдаид æнæ мæн æрмæст Уæрæсе нæ, фæлæ æппæт Европæ дæр?» Æмæ йæ зæрдыл æрбалæууыд йæ усы æфсымæр, немыцы иаддзях, уымæн йæ лæмæгъдзннад, йе ’дылыдзинад, æмæ йæ сæр банкъуыста. Фæстæмæ сæ хæдзары дуармæ куы баввахс, уæд Па- велы чызг Еленæйы къарет ауыдта, Салтыковы бацæ- уæн дуармæ куыд æобацæйхæццæ кодта, афтæ. Никъа- лайы цæсты Еленæ Павловнæ æнæсæрымагъз, хæрз- æдылы сылгоймæгтæй уыд, уымæн æмæ ахуырдзинад, поэзп æмæ адæмæц куыд уынаффæ кæнын хъæуы, сэе 298
царды уаг, сæ царды уавæр сын куыд саразын хъæ>ы, уыдæттæ-йсдты тыххæп чн хъуыды кодта æмæ афтæ æнхъæл чн уыд, сæхицæн уыпаффæ кæныи Никъалайæ хуыздæр базоидзысты, зæгъгæ, уыцы фæндоныл хъуы- дыгæнæг æмæ хи зондыл цæуæг адæмæй уыд. Никъала зыдта, ахæм адæмы цас фылдæр хъыгдардта, цас тыпг- дæр сæ æлхъывта, уыйас уыдон дæр æрго* æн-æргомдæр æмæ фылдæрæй-фылдæр кæй кодтоп, уый, æмæ йæ зæр- дыл æрбалæууыд йæ ногмард æфсымæр — Михаил Па- велы фырт, æмæ йæ зæрдæ æрæнкъард. Йæхи тынг фæ- тар кодта æмæ та, йæ дзыхы цы ныхæстæ абадт, уыдон йæхпнымæр дзурын байдыдта. Цалынмæ галуаны мп- дæг фæцп, уалынмæ йæ ныхас кæнынæй нæ банцад. Сæхимæ куы бацыд, уæд йæ зачъстæ адаудта, айдæ- пы раз йæ мæнгдзæсты æмæ йæ сæры тылыл кæигæ сæ- рыхъуынтæ адзæбæхтæ кодта, йæ рихитæ хæрдмæ сыз- дыхта æмæ æмраст йæ кусæп уатмæ, докладтæм кæм хъуыста, уырдæм бараст. Æппæты фыццаг йæхимæ æрбауагъта Чернышевы. Чернышсв уайтагъд Никъалайы йæ хуызæй, уæлдай- дæр йæ цæстæнгасæй, бамбæрста, а пæхион та абоны бон йæ уагыл, йæ зæрдæйы дзæбæхыл кæй нæу, уый. йе зноиы хабæрттæ йын зыдта æмæ йæ цы базонын хъуыд, цæмæп афтæ уыд, уын. Æвæндонæй, æнæбары æгъда- уыл ын Никъала йæ къух райста, сбадыны бар ын рад- та æмæ йæм йæ мæрдон цæстытæ ныддардта. Фыццаг хъуыддаг Чериышевы доклады мпдæг уыд, æфсæдты хæдзарады кусджыты хуыснæгдзинад куыд фæхъæр, уып хабар; дыккаг — немыцы арæныл ног æф- сæдтæ æрæвæрын, æртыккаг — рохуаты чи баззад æмæ уыйадыл ногбоны лæвæрттæй æнæхай чи фæци, уыдон бавдисып; стæй, уыдоны фæстæ, Воронцовы уацхъуыд Хаджы-Мураты рацыды тыххæй æмæ фæстаг хъуыд- даг — дохтырты академийы студепт профессоры марып- мæ куыд хъавыд, уыцы зæрдæнпз, æнамонд хъуыдда- джы хабар. Никъала æнæдзургæйæ, æмырд:ыхæй, йæ урс къух- тæй, сызгъæрин къухдарæн йе ’нæном æнгуылдзыл, аф- тæмæй пæ разы гæххæтты сыф расæрф-басæрф кодта æмæ æнувыдæй давды хъуыддаджы хабармæ хъуыста, æдзынæгæй Чернышевы ных æмæ бецыкмæ кæсгæйæ. Никъала дызæрдыг нæ уыд, тынг хорз зыдта, æф- сæдты хæдзарады кусджытæ æнæ иу цухæй, се ’ппæт дæр кæй давынц, бафхæринаг кæй сты, уый, æмæ бауы- 299
наффæ кодта се ’ппæты дæр салдат раттын, фæлæ гуы- оысхо нæ кодта, сæ фæстæ сын сæ бынæттæ чи бацахса, уыдон дæр та афтæ кæндзысты æмæ æнæдавгæ кæй нæ уыдзысты, уый. Чиновниктæн сæ цардмæ гæсгæ æнæда- вæн нæ уыд, Никъалайы куыст та уыд уыдон æфхæрын. Р1æ зæрдæ дзы куыд нæ фæхаудаид уыцы куыстæй, фæ- лæ æндæр амал нæ уыд, æмæ йæ æнæзæрдæхсайгæйæ, æнæзæрдæхудтæй æххæст кодта. — Куыд уынын, афтæмæй махмæ, æгас Уæрæсейы, иунæг раст адæймаджы йедтæмæ нæй,— загъта Ни- къала. Чернышевæн цы бамбарын хъуыд, уыцы зыбыты иу- нæг раст адæймаг Уæрæсейы мидæг Никъала йæхæдæг кæй уыди, æмæ йæ мидбылты бахудти разыйы худтæй. — Æвæццæгæн, афтæ у, де стырдзинад,— загъга Чернышев. — Уадз æй, æз ыл мæ уынаффæ æрæвæрдзынæн,— загъта Никъала, гæххæтт райста æмæ йæ галиуварсы- рдыгæй стъолгæрон æрæвæрдта. Уыйфæстæ Чернышев ныхас кæнын байдыдта хæр- зиуджытæ раттыны æмæ æфсæдты иу ранæй иннæ ран- мæ аивыны тыххæй. Никъала гæххæтмæ æркаст, иу- къорд номы дзы ахахх кодта æмæ цыбырæй цæхгæр загъта: немыцы арæнтæм дыууæ дивизийы аппарын хъæуы. Немыцы паддзах йæ адæмæн 48 азы конституци кæй радта, уыцы маст Никъалайæн йæ зæрдæйæ нæ цух код- та æмæ йын уыцы хъуыддаг бахатыр кæнын нæ фæрæз- та. Лæгъз дзыхы уаг æруагъта йæ кайысмæ, уарзон ны- хæстæ йæм æрвыста йæ писмоты, фæлæ уæддæр,— куыд вæййы, цы вæййы...— немыцы арæнтыл æфсæдтæ дарын кодта. Немыцы адæм, миййаг, куы ’базмæлыдаиккой æмæ революци куы сарæзтаиккой (Никъалайæн та адæ- мы змæст йæ цæстытыл хъазыд), уæд уыцы æфсæдты немыцы бæстæм басхуыстаид. йæ кайысы бынат ба- хъахъхъæнынмæ. Афтæ Никъала, Австрийы сæрыл хæц- лæйæ, венгрты ныхмæ йе ’фсæдтæ батардта. Цæмæй йын немыцы паддзах йæ уынаффæтæн, йæ дзырдæн тынгдæр аргъ кодтаид, æрмæст уый тыххæй дæр хъуыд æфсæдтæ дарын немыцы арæнтыл. «Цы баййæфтаид ацы дуджы Уæрæсейы мæгуыр сæр, æз куы нæ уыдаин, уæд?»—ахъуыды та кодта йæ- хийымæр Никъала. — Цы зæгъинаг ма дæ? — афарста Никъала. 300
— Кавказæй æрвыст лæг Сх&ццæ,— загъта ЧернЫ- шев æмæ, Воронцов Хаджы-Мураты тыххæй цы фыста, уыдон ып дзурын байдыдта. — А-гъа,— загъта Никъала.—Иæ райднан хорз у. — Уый дæ уынаффæты зыввытт у: дыргъ дæттын байдыдтой,— загъта Чернышев. Уыцы раппæлындзинад Никъалайы зæрдæйæн иттæг æхсызгон уыд. Хæстон хъуыддæгты мидæг цыма йæ зонд хорз карста, дæсны уыд, афтæ æвдыста йæхи, йæ мид-зæрдæйы та уыцы хъуыддæгтæн кæй ницы æмбæрс- та, уый тынг хорз зыдта. Ныр æй æрфæндыд йæхи хъу- сæй фехъусын бæлвырддæрæй, куыд дзы феппæлынц, уый, æмæ уый дымæгмæ Чернышевы афарста: — Дæумæ та куыд кæсы, ды та йæ куыд æмбарыс? — Æз æй афтæ æмбарын: де стырдзинады уынаф- фæ æмæ зондыл раздæр куы ныххæцыданккой,— хъæд цæгъдгæйæ æмæ знаджы хор-хос пырх кæнгæйæ чысыл- гай размæ куы цыдаиккой, уæд Кавказ раджы уыдаид пæ къухы. Хаджы-Мураты рацыд дæр дæ уынаффæйыл баст у. Куы бамбæрста, бирæ нал фæхиздзæн æмæ йын фæлæууæндон пал уыдзæн, уæд йæхи райста. — Уымæй раст зæгъыс,— загъта Никъала. Хъæд цæгъдгæйæ æмæ знаджы хортæ-хостæ пырх- кæнгæйæ сындæггай знаджы бæстæм хæстæгæй-хæстæг- дæр цæуын,— уыцы хæсты пълан, уыцы зонд æмæ уы- наффæ рацыд Ермолов æмæ Вельяминовæй, Никъала та кæддæриддæр йæ риуы æмбæрц цыд æмæ хъуыддаг- мæ æндæр цæстæй каст. Уый зондмæ гæсгæ, æвиппайды уыцпу цæфæй, Шамилы цæрæнбынат бацахсын хъуыд æмæ уыцы абырæгдон, уыцы абырджыты ахстон иып- пырх кæнын хъуыд, дур дзы дурыл куыннæуал баззада- ид, афтæ. Уымæ гæсгæ æфсад кодтой Дарпшмæ. Уый сæраппонд æрцыд, уырысы адæмæн æмбисонды цагьд кæм ныккодтой, уыцы Даргины хæст дæр. Уьшы хъуыд- даг Никъала йæхæдæг дæр нæ сусæг кодта. Ермоловы хæсты пъланæй дæр йæхицæй бузныг уыд. Афтæмæй уыцы дыууæ пъланы кæрæдзимæ тынг дард уыдысты, се ’хсæн ницы уыд. Фæлæ Никъала дыууæйы дæр йæхи хуыдта, дыууæйæ дæр йæхицæй æппæлыд æмæ сæ йæхи сæрыстыр кодта. Йæ алфамбылай хæстæг æм цы адæм лæууыдысты, уыдоны æргом цæстмæхъус былæлгъты ныхæстæ, уыдоны æргом козбау митæ афтæ сдзæгъæл кодтой Никъалайæн йæ зонд æмæ йæ ныхæстæ, йæ хъуыдытæ æмæ йæ хъуыддæгтæ кæрæдзийыл кæй нал 301
бадтысты, уыдæттæ-йедтæ нал æвзæрста, нйл ахста. Фæлæ афтæ æнхъæл уыд æнæгуырысхойæ, йæ уынаф- фæтæ æмæ пæ митæ кæд цыфæнды æиæзонд æмæ æнæ- гъдау уыдысты, уæддæр, уый сæ кæй кодта, уымæ гæс- гæ иттæг хорз æмæ зондджын уыдысты. Хаджы-Мураты хъуыддаджы фæстæ, Чернышев цы студенты тыххæй доклад скодта, уымæн дæр уыцы æнæгъдау, æвирхъау, æнахъинон тæрхон, ахæм зопд æмæ йæм ахæм æгъдау кæй уыд, уый сæраппонд скодта. Цæмæйдæриддæр, хъуыддаг афтæ уыд: уыцы лæп- пу — студент дыууæ хатты экзамен не сфæрæзта. Экза- мен ын чи кодта, уыцы профессор та йæ æртыккаг хагт дæр куы фæкъуылымпы кодта, уæд лæппумæ уыцы хъуыддаг хъыг фæкаст, раст кæй нæ бакодта, уый тых- хæй. Низджын куыд уыд, уымæ гæсгæ йæ маст иал ба- урæдта, стъолæй хæрынкъа фелвæста æмæ профессоры иукъорд уæлæнгай рæхуысты бакодта. — Йæ мыггаг кæмæй у? — афарста Никъала. — Бжезовский . — Поляк у? — Поляк у гуырдæп æмæ католик,—дзуапп ын радта Чернышев. Никъала йæхи фæтар кодта. Бирæ зындзинæдтæ, бирæ фыдбылызтæ сарæзта Ни- къала поляктæн. Йæхи цæсты раст цæмæй уыдаидæмæ йæ зæрдæ йæхиуыл цæмæй пæ худтаид, уый тыххæй йæ- хицæн зæрдæтæ æвæрдта æмæ йæ уырныдта, поляк иу- дадзыгдæр, æнæ иу цухæй, цъаммар, æнæуаг, æнаккаг æмæ æнæгъдау адæм кæй уыдысты, уый. Ахæм зæрдæ сæм кæп дардта, уымæ гæсгæ сæ нæ уарзта, йæ цæсты сындз сæ скодта æмæ сын фыдбылызтæ цас арæзта, фыд-зæрдæ дæр сæм уыйбæрц уымæ гæсгæ дардта. — Чысыл бапгдзæ кæ,— загъта Никъала, цæстытæ бацъынд кодта æмæ йæ сæр дæлæмæ æруагъта. Черпышев зыдта, Никъала-иу исты стыр тæрхои кæ- нæ уынаффæ кæпынмæ куы хъавыд, уæд æй исдуг йæхн æгъдауыл ныууадзын хъуыд асагъæс кæныны тыххæй. Никъаламæ, йæхи ныхæстæм гæсгæ, уыцы сахат цыма хуыцауы тæф, хуыцауы курдпат хæццæ кодта æмæ-иу æм мидæгæй йæ зæрдæйы бынæй цавæрдæр хъæлæс сдзырдта, цы æмæ йæ куыд бакæнын хъæуы, уый. Иыр дæр ын уыцы студенты хъуыддаг, поляктæм цы маст дардта, уый йæ зæрдыл æрæфтыдта, æмæ, йæ маст хуыздæр цæмæй ссыдаид, йæ маст цæмæй хуыздæр 302
акалдтаид, уый тыххæй хъуыды кодта, æмæ йæм мндæ- гæй йæ зæрдæ сдзырдта ахæм тæрхон. Чернышевы доклад райста æмæ йыц йæ сыгъдæгыл иыффыста ставд дамгъæтæй: «Амарын аккаг у, фæлæ, хуыцауæй разы, амарын не ’гъдæуттæ нæ амонынц. Æз дæр, ахæм æгъдау чи рауа- дза, уыдонæй нæ дæн, 12 хатты йæ аскъæрын хъæуы мин лæджы æхсæнты. Никъала.»,— зæгъгæ, йыл ставд фыстæй йæ къух æрæвæрдта. Никъала зыдта, цъæхснаг телты цæфæй 12 мииы нæ, фæлæ мин цæфæн дæр ничи бафæрæзтаид æнæ амæл- гæ, цыфæнды домбай куы фестадаид, уæддæр. Фæлæ дурзæрдæ адæймаг кæм уыд, уым ын æхсызгон уыд., дзæбæхау æм каст искæй зындзинад, искæй тыхст, рис æмæ хъизæмар. Афтæмæй та, Уæрæсейы æгъдæуттæ ма- рыиы дзырд кæй нæ амыдтой, уый дæр цыма йæ зæр- дæмæ цыд, афтæ хъуыды кодта. Студенты тыххæй йæ тæрхон куы ныффыста, уæд гæххæтт Чернышевы размæ хæстæгдæр бакодта. — Уый дын мæ тæрхон,— загъта Никъала.— Бакæс- ма йæ. Чсрнышсв æй бакаст æмæ, стыр диссаг зондджыи тæрхон кæй скодта, уый тыххæй йын йæ сæрæй акуывта. — Студентты се ’ипæты дæр лæгъзмæ ракæнын хъæудзæн, æмæ уыдоны раз, уыдоны цæстуынгæйæ куыд’ æрцæуа æфхæрд, афтæ,— бафтыдта ма Никъала. «Уый сын зондæн бæздзæн, пайда сыы уыдзæн,— сæ зæрдыл æй хуыздæр бадардзысты. Æз сын уыцы рево- люцион зонд æд уидæгтæ бындзарæй сæ зæрдæйы бы- нæй, хуыцауы фæндонæй срæмудздзынæн»,— ахъуыды кодта йæхинымæр Никъала. , — Хъусын дæм,— загъта Чсрнышев, исдуг æнæдзур- гæйæ алæууыд, йæ сæрыхъуынтæ адзæбæхтæ кодта æмæ та Кавказы хъуыддæгты тыххæй дзурын байдыдта: — Уæдæ мын цы фæдзæхсыс, куыд ныффыссон Ворон- цовмæ? — Мæ зондыл фидар хæцæнт, хæдзæрттæ халæпт, цæцæнæн сæ фос, сæ хор сафæнт, хъыгдарæнт сæ, стæ- ры сæм арæх пæуæнт, семæ арæх хæцæнт. — Хаджы-Муратæн та цы уынаффæ кæныс? — ба- фарста йæ Чернышев. — Уый тыххæй Воронцов куы фыста, Кавказы йæ ныууадзын пайдадæр уыдзæн, зæгъгæ. — Ницы тæссаг у? Фыдбылызæн ныц куы фæуа,— 303
загъта Чернышев æфсæрмы кæнгæйæ æмæ Никъалай- * мæ фемдзастæй тæрсгæйæ.— Воронцов æгæр æууæндаг, ?. аёгæр стырзæрдæ у. — Ды та цы зæгъыс, куыд дæ фæнды? — къахæгау æй тызмæгæй афарста Никъала,— бамбæрста йын йæ '• зæрдæйы уаг, Воронцовы уынаффæ аивæй бафауыимæ æмæ æвзæр хуызы бавдисынмæ кэёй хъавыд, уый. — Мæнырдыгонау, æдасдæр уаид, Уæрæсемæ æр- выст куы æрцыдаид, уæд. — Дæуырдыгонау? — йæхинымæры Чернышевыл худгæйæ загъта Никъала.— Уæдæ мæнырдыгонау та,— æз разы дæн Воронцовы уынаффæйыл. Афтæ-иу æм ныффысс. — Хъусын дæм,— загъта Чернышев, уæлæмæ сыс- тад æмæ йын йæ сæрæй акуывта. Долгорукий дæр афтæ бакодта. Докладгæнгæйæ ни- цы дзырдта, æрмæст иу-дыууæ ныхасы скодта æфсæдты иу ранæй иннæ ранмæ аивыны тыххæй, уый дæр-иу æи’ Никъала куы афарста, уæд. Чернышевы фæстæ йæм бацыд хæрзбон зæгъынмæ хурныгуылæны бæстæйы хицау инæлар Бибиков. Зæхкусæг адæмæй хъаугъа чи кодта æмæ барвæндо- нæй чырыстон дин райсыныл разæнгард чи нæ уыд, уы- доны тыххæй Бибиков цы уынаффæтæ бакодта, ууыл Никъала йæ къух æрæвæрдта æмæ Бибиковæн бафæ- дзæхста, коммæ чи нæ кæса, уыдонæн æфсæддон тæр- хондон сæ хъуыддагмæ куыд кæса, афтæ. Уый та уымæ цыд: дыууæ рæнхъæй-иу салдæтты æрлæууын кодтой, цъæхснаг телтæ сæ къухты, афтæмæй. Уыдон æхсæнты- иу лæджы аскъæрдтой, æмæ йын-иу алы салдат дæр иу цæф фæкодта. Ноджы ма йын бафæдзæхста: иу газеты редакторы салдат куыд раттаид, афтæ, сæрибар зæх- кусæг адæмæй, бархъомыс кæмæ ничи дардта, уыдонæи иукъорд мин удгоймаджы паддзахы мыггаджы къухмæ кусæгæн куыдæгъдауæй радтой, уыцы бартæ йæ газеты кæй рауагъта, уый тыххæй. — Афтæ мæм хорз кæсы æмæ йæ кæнын,— загъта Никъала.— Уый тыххæй мæм бардзырдхъом мачи уæд. Бибиков, хъæлæкк, хорз æмбæрста, униатты1 тых- хæй дæр, стæй паддзахады сæрибар зæхкусæг адæмы тыххæй дæр Никъала раст кæй нæ бакодта, æнæгъдау карз уынаффæ кæй рахаста, фæлæ йæ бон цы уыд,— 1 Чырыстийы динæй католикты динмæ рахизджытæ. 004
фæстæмæ дзурæн нæ уыд, хъыпп-сыпи кæнын дæр æм ничи уæндыд. Ма сразы уæд Никъалаимæ, æмæ уæд, дыууиссæдз азы йæ туг цæуыл фæкалдта æмæ уыцы стыр бынат цæй руаджы бацахста, уыдон уыцы иу боп доныкъусы сæфт фæкодтаиккой. Уыйадыл Бибиков æн;е исты дзургæйæ йæ урсæмхæццæ сау сæр æргуыбыр код- та. Уый та уый уыд, æмæ паддзахы æнэсгъдау карз, æнæзонд æмæ æдзæсгом фæндон æнæзæрдæхудтæй сæххæст кæнынмæ цæттæ у. Бибиков ацыд. Никъала йæхицæй ныббузныг, йæ хæс рæсугъдæй кæй сæххæст кодта, уымæй. йæхи аи- вæзтытæ кодта, сахатмæ бакаст æмæ йæ дзауматæ кæ- нынмæ ацыд адæмы размæ рацæуыны тыххæй. Иæ мун- дир æд пъагæттæ, æд хæрзиуджытæ йæ уæлæ скодта æмæ залмæ рацыд. Иæ рацыдмæ уым бæрæгбонарæз- тæй устытæ гом æххæлæгæттимæ, лæгтæ мундирты ми- дæг, афтæмæй иу-фоидзыссæдзæй фылдæр лæууыдысты, кæмæн кæм æмбæлд, уым, æмæ тæрсгæ-ризгæйæ æи- хъæлмæ кастысты Никъалайы рацыдмæ. 'Мæлæг уды мæрдон цæстæнгас, бæрзонд къуыпп риу, ронæлвæстæй дынджыр, æддæмæдзыд, ронæй дих- гонд гуыбын,— ахæм хуызы рацыд, æнхъæлмæ йæм чи каст катай кæнгæпæ, уыцы адæмы размæ. Адæм сæ каст уый скодтой. Никъала сæ зæрдæлхæнæн цæстæнгас æмæ сæ хуызмæ гæсгæ бамбæрста, стыр тас сæ кæй ба- цыд, уый, æмæ йæхи барæй ноджыдæр скадджындæр кодта, цыма йæ сæр иикæмæ хæссы, уыйхуызæн. Зонгæ нæсгомыл-иу йæ цæст куы ’рхæцыд, уæд-иу фæлæууыд, йæхинымæр-иу хъуыдытæ кæнын байдыдта,— ай та цы- мæ чи уа, кæмдæр æй цыма фсдтон,— къорд пыхасы- иу загъта кæнæ уырыссагау, кæнæ та францусагау æмæ-иу уазал цæстæнгасæй кæсгæйæ сæ ныхæстæм’ хъуыста. Адæм ын арфæтæ куы ракодтой, уæд аргъуанмæ араст. Хуыцау дæр йæ цагъарты, динамонджыты дзы- хæй æнæуый адæмы хуызæн арфæ кодта æмæ æппæлыд Никъалайæ. Йæ зæрдæ сæ куыннæ фæхаудаид уыцы козбау æмæ зæрдæлхæнæн митæй, фæлæ "уæддæр, цыма цы æмбæлд, уый кодтой, уыйау сæм хъуыста. Æнæ аф- тæ кæнгæ дæр нæ уыд, уымæн æмæ Никъала куыд хъуы- ды кодта, уымæ гæсгæ дупсйы амонд, дунсйы дзæбæхдзи- надууылбаст уыдысты ,æмæ. кæд схъыг, кæд йæ зæрдæ сцъæх уыдоиы койæ æмæ сагъæсæй, уæддæр дуиеиыл йæ арм дардта æмæ йьтн æххуыс кодта. Аргъуыдæи йæ фа> 20 Позсст г# 305
уыимæ æввахс хæрзуынд, хæрзконд диакъон йæ хæрзфаст дзыккутимæ «бирæ хорз азтæ» куы ныццæлхъ ласга æмæ зарджытæ сæ рæсугъд хъæлæстæй æмдзыхæй куы ныззарыдысты, уæд Никъала фæстæмæ иу каст^фæкод- та æмæ рудзыпджы цур æхспн Нелидовайы йæ^ гом уæхсчытимæ лæугæйæ ауыдта, зноны чызгимæ сæ йæхи- нымæр абарста, кæцы сæ хуыздæр у, зæгъгæ, æмæ Не- лидовайы хуыздæрæн равзæрста. Сихоры аргъуыды фæстæ йæ усмæ бацыд æмæ уым биноиты ’хсæн, йæ сывæллæттæ æмæ йæ усимæ хъазгæ- пæ, пукъорд минуты афæстиат. Стæй Эрмитажыл пад- дзахы хæдзарадон министр Волконскиймæ бацыд æмæ йып бафæдзæхста, зноиы чызджы мадæн, хицæнæй йын цы æхцатæ пс сæрмагонд ахæм хъуыддæгты тыххæй, уыдонæй пып алы аз дæр пснс’и куыд дæттой, афтæ. Уырдыгæй йæ ахуыр æгъла^мæ гæсгæ рацу-бацу кæ- нынмæ афардæг. Сихор уыцы боп арæзт уыд Помпейы стыр уаты. Иæ кæстæр дыууæ фырты — Никъала æмæ Михаплы йед- тæмæ ма хуынд уыдысты барон Ливеи, граф Ржевус- ский, Долгорукий, пруссаг минæвар æмæ немыцы пад- дзахы флигель-адъютант. Паддзах æмæ йæ усы рацыдмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ æвдæлоп сахат пемыцы мпиæвар æуæ барон Ливепæп’ ныхас ацайдагъ, Польшæйæ цы ног тас хабæрттæ æр- бацыд, уыдопы тыххæй. — Ьа Ро1о§пе е! 1е Саисазе, се зоп! 1ез Аеих саи1ё- гез с!с 1а Ризз1е,—загъта Ливсп — 11 поиз Гаи1 100000 Ьоттез а реи ргсз с1апз сЬасип с1е сез с!еих рауз1. Пемыиы мппæвар цымыдис лæгау йæхи днсгæиæг акодта, уый æцæг афтæ кæй у, уып тыххæй. — Уоиз сШез, 1а Ро1одпе?2 — ас()арста уый. — ОЬ, ои1, с'е1аИ ип соир с!е таИге Ае Мае1егп1сН с1е поиз еп ауо1г 1а1ззё ГетЬаггаз...3 Уыцы иыхас куыд кодтой, афтæ паддзахы ус æрба- 1 Полыпæ æма* КсПзкпз — уылы дыууæ б.чмлæхы хуыцлу Уæ- рæсейыл сæвæрдта. Дарын хъæуы æгæр-мæгуыр 100 000 лæджы уыцы дыууæ бæстæйæ алыран дæр. I 2 Польшæ загътай ды? 3 Цы зæгьын æп х-ьал’ы, уый Метс-рипхы хъуыддæпæ стьт, мах ба- тыхсыц кæныпы тыххæй. 306
цыд йæ тплгæ сæримæ, худгæйæ уазал мæрдои худтæй. Иæ фæдыл Никъала йæхæдæг. Фынджы уæлхъус Никъала раныхас кодта Хаджы- Мураты æмæ Кавказы хæсты тыххæй. «Г1æ бонтæ ны- мад сты Кавказы хæстæп, бирæ нал ахæсдзæн,— загъта Нпкъала,— уымæи æмæ æз дзырд радтон, хъæд цæгъд- гæйæ æмæ фидæрттæ аразгæпæ сæ куыд сфæлмæцын, куыд стыхсып, схъуырмæ ка пой, афтæ». Немыцы мииæвар æмæ флпгель-адъютапт кæрæдзи- мæ аивæй бакæстьпæ кодюй. Никьала, ницы æмбаргæ’ ^æвгæйæ, йæхи хæстон хъуыддæгтæн стыр дæсны кæй хоны, уый тыххæй сæм а райсом ныхас уыд, æмæ йын уыцы хъуыддаг стыр сахъатыл, стыр æнамонддзинадыл бапымадтой. Фæлæ Никъалайы цæстмæ минæвар дзу- рыи байдыдта, æцæгдзинадæй Нпкъаламæ стыр курдп- ат кæй æргом, кæй бæрæг кæны, уый тыххæй. Фæссихор Нпкъала балетмæ ацыд. Уым æнгомæл- вæст трико дзаумапы мпдæг, мадард бæгънæджы хуы- зы, къорд сæдæ сылгоймаджы хъазыдысты. Иумæ дзы йæ-зæрдæ тынг бахъазыд. Никъала балеты хицаумæ æрбасндт, раарфæ йын кодта æмæ йын балæвар кодта налхъуыт-налмасæй арæзт къухдарæн. Дыккаг боп Чернышев доклад кодта, æмæ ма пын Никъала поджыдæр бафæдзæхста, йæ уынаффæ йын Вороицовмæ куыд пыффысса, афтæ, æмæ, ныр Хаджы- Мурат кæм рацыд, уым цæцæны тыпгæй-тынгдæр хъыг- дарæпт, сæ рацæуæнтæ сып ахсæнт æмæ сæ алырдыгæй æхгæигæ цæуæнт, цъиу ратæхæп дæр дзы куыннæуал уа, афтæ. Чернышев Нпкъалайы фæдзæхстмæ гæсгæ Всрон- повмæ ныффыста, æмæ æндæр æрвыст лæг тæргæ бæ- хæй, бæхтæ сахъат кæпгæпæ æмæ бæхтæрджыты цæс- гæмттæ пырх кæнгæйæ Калакмæ сбалц кодта. XVI Никъалайы фæпдон сæххæст кæпыны тыххæй уай- тагъд, 1852 азы тъæнджы мæйы Цæцæнмæ бафсад кодтой. Хæстмæ ацæуын цы æфсæдтæп саккаг кодтой, уыдоп уыдысты: цыппар батальоны фистæг салдæттæ, дыууæ- фондзыссæдзы бæхджын хъазахъхъæт^æ æмæ 8 сарма- дзапы. Æфсæдтæ адаргъ сты фæндагыл æмæ кæрæдзи 307
фæдыл цыдысты. Сæ сЬæйнæ фа.рсты гурæц-гурмæ ад&г- ты æмæ тæрфыты дæлæмæ-уæлæмæ кæпгæ цыдысты топпæй дæспы æхсæг салдæттæ бæрзондхъусджын цы- рыхъхъыты, цыбыр кæрцыты æмæ уæлдзармхудты ми- дæг, сæ топпытæ се уæхсчытыл, сæ хъатартæ æд гпл- дзытæ се ’фцæджы, афтæмæй. Æфсæдтæ кæддæриддæр куыд фæцæуынц, афтæ ныр дæр цыдысты знаджы зæх- хыл сусæгæй, æнæ хъæлæбайæ. Æрмæст-иу искуы-иу хатт, гуыргъахъхъ фæндагыл цæугæйæ, сармадзанты дзæгъ-дзæгъ æмæ зæлланг фæцыд, кæнæ, сабырдзинады тыххæй хицæутты дзырд не ’мбаргæйæ, пыррыччытæ кодта æмæ уасыд сармадзапы ифтыгъд бæх, кæнæ, йæ маст чи нæ уал баурæдта, ахæм хицау йæ кæстæртыл сусæгæй фæсус хъæлæсæй, хиуылхæцгæ, æмыр хъæр кодта æфсæдты алыварс хъахъхъæнджытыл, æгæо хæ- лиу, æгæр дард кæнæ æгæр æнгом кæй цыдысты, уый тыххæй. Æрмæст иунæг хатт сæ сабыр сусæг цыд фе- хæлди: хъахъхъæнджыты æмæ æфсæдтæн сæ дыууæты астæуæй сындзы къохæй рагæпп ласта урсгуыбын, цъæхрагъ сыл сæгуыт, йæ фæдыл — раст йæхи æнгæ- сæн цæу-сæгуыт фæстæмæ зылд сыкъатимæ. Уыдонæй рæсугъддæр ма лæг цæмæ бакастаид. Сæ раззаг къæхтæ гуыбынмæ æлвасгæйæ æмæ дардма* гæпп кæнгæйæ тæппуд сырдтæ æфсæдтыл дзыхæвæрд фесты. Салдæттæй иуæй-иутæ худæгæй мæлгæйæ æмæ хъæргæнгæйæ сæ фæдыл згъордтой, сæ зæрдæйæ сæ æрцытæй барæхойинаг уыдысты, фæлæ сæгуыттæ æваст фæстæмæ фæзылдысты, хъахъхъæнджыты æхсæнты асæррæтт ластой, сс ’ргом хохмæ радтой æмæ маргъау цæстыфæпыкъуылдмæ фæтар сты. Фæстсйæ ма сæ иу- къорд бæхджыны æмæ ротæйы куптæ сырдтой. Зымæг ма уыд, фæлæ хур уæлиæутты цæуын бай- дыдта. Æфсæдтæ райсом боныцъæхæй араст сты æмæ æмбпсбопмæ цыппар версты ацыдысты. Хур афтæ тав- та, афтæ æдзыиæг каст, æмæ уыд тынг æнтæф. Хуры тынтæ афтæ сонт æрттывд кодтой, æмæ цæст нæ лæууыд æндои æрцыты тыбар-тыбурмæ æмæ гыццыл хурты хуызæн сармадзапы бурты ферттывды тæмæн- тæм. Фæстейы уыд, ныртæккæ кæуыл æрбахызтысты, уы- цы сатæг тагъд цæугæдон. Разæй — уæлæнгай кæмтты мидæг конд æмæ койгонд хуымтæ æмæ хосгæрстытæ. Уыдон разæй — талынг, сусæгдзинадæй дзаг хъæдарæх- джын сау хæхтæ. Сау хæхты фæстæ — бæрзонд цыргъ 308
къæДзæхтæ. Дарддæр, арв æмæ з&хх кæм бапу вæй-: йынц, уым палхъуыт-налмасау æрттывтой арвы рухсм.е. æнусон цъититы бæрзонд урс-урснд цъуннытæ. Фæндзæймаг ротæйы разæй цыд сау дзаума æмæ уæлдзармхуды мидæг, кард пе ’фцæджы, афтæмæй, æрæджы 1вардпйæ чи рахицæн, ахæм бæрзолд, хæрз- конд, рæсугъд афицер Ьутлер. Иæ зæрдæ хъæлдзæг æмæ рухс уыди ныфсдæттæг царды рæсугъддзинадæй, æндæвта мæлæты тасдзинад дæр, стæй, иу уд уынаффæ кæмæн кæпы, уыцы стыр хъуыддаджы хайджын кæй у, пемæ баст кæй у, уый дæр, æмæ йæ æрфæндыд бакусын уыцы хъуыддаджы мпдæг йæ хъару равдисыныл. Абоны бон Бутлер дыккаг хатт хъуыддаджы бацыд æмæ йæхииымæр хъуыдытæ кодта: пыртæккæ сæ æхсын байдайдзысты, сармадзанты æмæ топпы нæмгуытæ сæ сæрты тæхдзысты цъьнъгъуыттьпæгæшæ; уый нæ фæ- тæрсдзæн, йæхи нæ бафæсвæд кæпдзæп, фæлæ йæ цæст дæр нæ фæныкъулдзæн, афтæмæй ныронджы хуызæп ныр дæр йæ сæр ноджы бæрзонддæр дардзæп, худæп- былæй йæ алфамбылай йс ’мбæлттыл æмæ салдæттыл йæ цæст рахæсдзæн æмæ цыма иæмг>ыты ницæмæ да- ры, хъуыды дæр сæ нæ кæны, уыйау æндæр исты æцæ- гæлон ныхæстæгæнæг йæхи скæндзæп. Æфсæдтæ хæрз- над фæндагæй иуварсырдæм фæсвæндагмæ аздæхтыс- ты æмæ нартхæртты хуымты астæу æндæр æдзæухг1 фæпдагыл араст сты. Хъæдмæ сæ ’бахæццæ, афтæ кæ- цæйдæр сармадзаны фыдбылызлжын нæмыг цъуых- цъуыхгæнгæ æрбатахт æмæ уæрдæттæн сæ тæккæ бæ- рæгастæу, фæндагмæ æввахс, нартхоры хуымы йæ тъæпп фæцыд æмæ зæххы афардæг. — Райдыдтой,— хъæлдзæгæй, худæнбылæй загъта Бутлер йе ’мварс цæуæг æмбалæи. Æмæ æцæг, сармадзаны нæмыджы хæд фæстæ хъæ- ды аууонæй сæ сæртæ сдардтой бирæ цæцæйпаг бар- джытæ сæ тырысатимæ. Барджытæн сæ тæккæ астæуæй стыр цъæх тырыса бæрæгдæр зынд. Зæронд дæрддзæсг фельдфебель хæстæгдзæст1 Бутлерæн бамбарын кодта, уый, æвæццæгæн, Шамиль йæхæдæг уыд, зæгъгæ. Бар- джытæ уырдыгмæ æрцæйныдысты æмæ рахизфарсырды- гæй хæстæгдæр комы сæрæй исдуг фæзындысты, стæй дæлæмæ уырдыджы комырдæм сæхи ауагътой. Чысыл 1 Дардмæ чи иæ уыиы, фæлæ æрмæст хæстатмæ чи уыпы, ах;гм адæнмаг. 310
дæлæмæдзыд инæлар хъарм са^ дзауматы æмæ хъуьы- джыи уæлдзарм бæрзонд урсцъарджын худы мидæг йæ ’сираг бæхыл Бутлеры ротæйырдæм йæхи æрбаскъæрд- та æмæ йын дзырд радта, ротæ рахизфарсырдыгæй сæ комкоммæ йæ ных куыд сараза æмæ сын сæ рацæуæп* куыд æрцахса, афтæ. Бутлер уайтагъд инæлары дзырд- мæ гæсгæ йæ ротæ фсздæхта, фæлæ дæлæмæ коммæнæ- ма пыххæццæ, афтæ фæсте дыууæ сармадзаны гæрахы фæд-фæдыл фасцыд. Бутлср фæстæуæ фæк&ст: ды>уæ урсбын-щæх фæздæджы цъуппы сæхи сармадзангы сæрмæ систой æмæ комы адаргъ сты. Барджытæ, æвæц- цæгæн, сармадзантæ æнхъæл нæ уыдысты æмæ фæстæ- мæ сс ’ргом адардтой, лидзæг фесты. Бутлеры ротæ гæ- рæхтæп ралæууыд хæххои адæмыл. Ком æвиппайды гоппыхосы фæздæгæй байдзаг. Æрмæст æрхы сæрмæ дзæбæх зынд, хæххон адæм фæстæмæ кæй фесты æмæ сæ фæдыл бырсæг хъазахъхъы куыд æхстон, уый. Уы- рысы æфсæдтæ дарддæр хæххон адæмæн сæ фæд-фæд ацыдысты æмæ иудзæвгар куы ауадысты, уæд дыккаг комæи йæ фаллаг фарс къулы фахсыл хъæу зынын баи- дыдта. Бутлер йæ ротæимæ хъазахъхъы хæд фæстæ уыцпу цæфæй хъæуы балæууыди. Хъæуы цъиуызмæлæг дæр нал уыд. Салдæттæн дзырд радтой, хос, хор æмæ хæдзæрттæ куыд судзой, афтæ. Æнæхъæн хъæу фæздæгæй нал зынд. Уыцы фæздæджы мидæг салдæттæ ратæх-батæх кодтой æмæ, цæуыл хæ:т кодтои, уый хастой, уæлдач æхсызгондæрæй ахстой æмæ мардтой кæрчыты. Лидзæг адæмæн сæ сæр сæ кой сси æмæ ма кæрчытыл чи уыд. Афицертæ, фæздæг кæдæм нæ хæццæ кодта, ахæм фæс- вæд ран сбадтысты æмæ аходæн бахордтой, нуазгæ дæп акодтой, уæдæ цы уыдаид. Фельдфсбель сын иукъорд мыды фæзгъæры фæйпæгыл æрбахаста. Цæцæнæн сæ кой, сæ хъæр нал хъуыст. Фæссихор уыдаид, афтæ æф- сæдтæн фæстæмæ аздæхыны дзырд рацыд. Салдæттæ æгъдаумæ гæсгæ рæнхъ ралæууыдысты, Бутлер сæ ра- зæй, афтæмæй. Куыддæр рараст сты, афтæ та цæцæи дæр кæпæйдæр февзæрдысты æмæ салдæттыл фæсте гæрæхтæй ралæууыдысты сæ фæдыл цæугæйæ. Æфсæдтæ тыгъд быдырмæ куы рахызтысты, уæд хæххон адæм дæр ныллæууыдысты. Бутлеры адæмæй цæф-æндæр ничи фæцн, æмæ уыйадыл нттæг зæрдæрух- 311
сæй æмæ ныфсджынæй фæстæмæ цыд. Æфсæдтæ а рай-ь сом цы доны æрбауадысты, уыцы донæн йæ ауайæныд йæ тæнæджы фæстæмæ ахызтысты æмæ нартхоры хуым-\ ты æмæ уыгæрдæнты ахæлиу сты. Салдæттæй зарынмэь дæсныдæр чи уыд, уыдон сæхи фæразæй кодтой æмæ зарын байдыдтой. Дымгæ никæцæй кодта, уæлдæф аф- тæ сыгъдæг уыд, æмæ митджын хæхтæ дард уæвгæйæ фондзыссæдз версты бæрц хæстæг зындысты. Зарджы- тæ-иу сæ зарынæй куы фæхъус сты, уæд-иу æмхуызон, æмист къæхты хъæр æмæ сармадзанты зыланг-мылупг дзæбæх хъуыст, цыма уыдон дæр барæй, амонæгау, зарджыты а:мхаст кодтой, уыйау. Фæндзæм ротæйы цы зарæг кодтой, уый скодта иу юнкер полчъы номыл, полчъы кадæн. Иæ зарды æгъдау уыд кафты цагъды хуызæн. Бутлер иумæ кæимæ цард, уыцы хæстæгдæр хицау майор Петровимæ бæхтыл фæрсæй-фæрстæм цыдысты цинæй мæлгæйæ, гвардийы йæ куыст кæй ныууагъга æмæ йæхи Кавказмæ кæй райста, уый тыххæй. Тынгдæр цæй æфсонæй ныууагъта йæ куыст куы зæгъай, уæд Бе- тъырбухы йæ ис, йæ мулк къамæй амбулын кодта, мур дæр æм ницыуал баззад æмæ йын йæ куыст ныууадзын йедтæмæ æндæр хуыздæр амал нал уыд. Ныфс æм нæ уыд, йæ зæрдæ йæхиуыл пæ дардта къамæй хъазын ныууадзын, цы ма" амбулын кодтаид, уый та йæм уæвгæ нал уыд, хæсты бын фæци, йæ хæс- тæ йæ сæрыхъуынтæй фæфылдæр сты. Ныр уыдæттæ ахицæн сты, ног царды бацыд, лæджы аккаг царды. Кæй фæмæгуыр, йæ бынтæ кæй фесæфта, уыдон йæ бпрæ хæстимæ ферох кодта. Кавказ, хæст, расыггæнаг салдæттæ, афицертæ, майор Петров,— уыдоп æм афтæ дзæбæх кастысты, афтæ, æмæ хаттæй-хатт йæхиуыл дæр нал æууæндыд, нæ йæ уырныдта, Бетъырбухы кæй нал ис æмæ, йæ сæр фыррыстæй тъæппытæ кæм хауд, уыцы тамакойы фæздæгæй дзаг уаты къамты кæрæттæ сæт- гæйæ къамтæй кæй нал хъазы æмæ, йæ цæстытæ кæ- мæй рыстысты, уыцы банкылхæцæг хъазæгмæ кæй нал кæсы, фæлæ ацы диссаг хорз бæстæйы, ацы лæджы- хъæдджын кавказаг саг адæмы æхсæн кæй цæры. Зарджытæ полчъы зарæг кодтой. Бутлеры бæх хъæл- дзæгæй, тындзгæйæ размæ цыд хъазгæ цыдæй зардмæ ’ гæсгæ. Ротæйы хъуынджын цъæх Трезоркæ, цыма хицау уыд æмæ йæ исты æфсæрм, исты мæт уыд, уыйау йæ дымæг сыздыхта æмæ Бутлеры ротæйы разæй згъордта. 312
Вутлеры зæрдæ ныфсджын, æнæМæТ æмæ хъ&лдз&г уыд. Хæстмæ ахæм цæстæй каст, цыма йæхи тасы бы- наты кæй æвæрдта амæлыны онг æмæ уыцы æгъдауæй >æрзиуджытæ дæр кæй иста, стæй уымæй йæхицæн кад æмæ цыт кæй кодта ам йе ’мбæлтты æмæ йæ уырыссаг хæлæртты ’хсæн, уый у хæст. Уыййедтæмæ хæстæн йз! ппнæ æгъдæуттæ: мæлæт, цæф салдæттæ, афицертæ æмæ хæххон адæм, гæды ныхас, йæ хъуыдыйы, йæ фæ- сопæрхæджы дæр нæ уыдысты, цыма йæ уыдæттæ-йед- тпмæ ницы хъуыддаг уыд, уыйхуызæн. Хæст йæ рæ- сугъддзинæдтимæ йæ цæсты цæмæй нæ фегад уыдаид уый тыххæй цæфтæм æмæ мæрдтæм кæсгæ дæр нæ код- та. Уымæ гæсгæ ныр дæр афтæ бакодта. Уырысæй æр- тæ мард, дыууадæс та цæфтæ фæци. Уыдонæй пу мард зæххы уæлгоммæ лæууыд. Бутлер йæ цурты фæцæйцыд æмæ цæугæ-цæуын йæ иу цæстæй ауыдта марды мы- дадзхуыз къух куыддæр æнахуыр æвæрдæй æмæ йæ сæ- рыл тарбын стъæлф. Хæстæг дæр æм нæ бацыд, дард- дæрйæ цыды куыст кодта. Хæххон адæммæ уыцы цæс- тæй каст: саг адæм æмæ хорз барджытæ сты, хихъахь- хъæнын, хи иргъæвын кæмæй хъуыд, ахæмтæ. — Афтæ, мæ хæлар, афтæ,— дзырдта майор, сал- дæттæ-иу сæ зарынæй куы фæхъус сты, уæд.— Ам дын Пптер нæй: «рахизфарсырдæм, галиуварсырдæм». Фæ- лæ федтай? Афыдæбæттæ кодтам æмæ ныр нæ хæдзар- мæ цæуæм. Машуркæ нын афонмæ хорз фыдджын, хорз бас сцæттæ кодта. Уый цард у, мæ лымæн лæг, уый. Куыд зæгъыс? Афтæ пæу? Цæйут-ма, азарут «Хур куыд скаст»,— загъта салдæттæн йæ уарзон зарæгæй. Майор цард ус æмæ лæджьт æгъдауæй фельдшеры чызгимæ — фыццаг Машæ, стæй Мария Дмитриевнæи- мæ. Мария Дмитриевнæ уыд рæсугъд, бурхил, дзы- гъуыр, дæс æмæ ссæдзаздзыд æнæзæнæг сылгоймаг. Иæ фыццаг царды æгъдау кæд цыфæнды зæрдæхсайгæ уыд, уæддæр ныр майоры цæсгом нæ фæчъизи, нæ фефсæрмы кодтаид, хъахъхъæдта йæ æмæ йæм раст дыджызæйы хуызæи зылд. Майоры та æндæр ницы хъуыд, уый тых- хæй æмæ афтæ тьтнг нозта, æмæ-иу фыдрасыгæй хат- тæй-хатт йæ са?р-йæ фат нал æмбæрста. Фидармæ куы æрцыдысты, уæд, майор куыд æнхъæл уыд, афтæ разынд. Мария Дмитриевнæ сын се ’рцыдмæ адджын, парахат сихор сцæттæ кодта æмæ сæ хорз федта, семæ кæй æрбахуыдтой, уыцы дыууæ афицери- мæ. Майор йæ гуыбыны тæригъæды нæ бацыд, хорз фæ- 313
МИнас кодта, иуаЗГæ Д&р, хуЫцау йсй базонæд, Нæ ба^ цауæрста, афтæ дзы банызта æмæ йæ дзыхæй дзырдц" иал хауд æмæ уайтагъд хуыссынмæ ацыд. Бутлср даср фæллад уæвгæйæ, æвæццæгæн, сæнæй усТлдай анызта æмæ разыйæ йæ уатмæ араст. Куыддæр 1æ дзауматх раласта æмæ йа^ къух йæ иывæрзæн йæ рæсугьд къæ- бæлдзыг сæры бын акодта, афтæ уайтагъд афынæй, йе къах дæр нал атылдта æмæ, мард куыддæриддæр уа, афтæ фæхуыссыд æиæ фынтæ уынгæйæ, æнæ райхъалæй. XVII Æфсæдтæ кæдæм бабырстой æмæ цы Хъæу фехæлд- той, уый уыд, Хаджы-Мурат йæхи уырысы къухмæ цы бон радта, уымæн йæ фыццаг бон æхсæвиуат æмæ фы- сым кæм бакодта, уыцы хъæу. Хаджы-Мураты фысым Садо йæ бинонтимæ хохмæ йæхн айста, уырысы æфсæдтæ куы ’рбаввахс сты, уæд. Фæстæмæ та хъæумæ куы æрыздæхти, уæд йæ хæдзар хæлдæй æрæййæфта: цар ныккалд, дуар æмæ тыргы» цæджындзтæ басыгъдысты, хæдзар мидæгæй чъизидзи- надæй фесæфтой. Садойы фырты, Хаджы-Муратмæ хъæл- дзæгæй чи каст, уыцы рæсугъд цæхæрцæст лæппуйы мæзджыты цурмæ мардæй æрхастой бæхыл нымæтæй æмбæрзтæй. Фæсте, чъылдымырдыгæй йæ арцæй барæ- хуыстæуыд, æмæ арц буары иннæрдыгæй ахызт. Лæппу- йы мад, Хаджы-Муратæн æгъдау чи лæвæрдта, лæг,гад ын чи кодта, уыцы хæрзæгъдау, æфсæрмджын сылгоймаг гомриуæй, зæронд зæбул дзидзитимæ æмæ хæлддзыкку- йæ йæ фырты уæлхъус лæууыд æмæ йæ рустæ тонгæйæ, хуыцаумæ дзыназгæйæ йæ риу хоста, хъарджытæ кодта. Садо къахæн æмæ бел айста æмæ йæ хæстæджытимæ ин- гæн къахынмæ ацыд йæ фыртæн. Зæронд лæг, лæппуйы фыдыфыд, хæлд хæдзары сисы æнцой бадт æмæ йæ раз- мæ бæхмæ æнкъардæй æдзынæг каст. Уый мылдар уыд æмæ пырма пыртæккæ æрбаздæхт фæстæмæ. Чыргъæдгы цур цы дыууæ цъынайы уыд, уыдонæн сæ кой дæр нагг уыд — зынг сыл бандзæрстой. Ныппырх кодтой æмæ ба- сыгътой зылдгонд алтъамн æмæ бал бæлæстæ, басыгъ- той мыдычыргъæдтæ дæр æд быпдзытæ иууылдæр. Усгы- (ты кæуын æмæ æрдиаг дардмæ хъуыст. Æнахъом сабн- тæ хæкъуырццæй куыдтой сæ мадæлтимæ. Стонг фосы богъ-богъ цыд алырдыгæй,— бахæринаг сын нал уыд 314
Хъомыл сывæллæттæ наб хъазыдысты, фæлæ тарст цæст- а;пгасæй кастысты хистæртæм. Суадон барæй чъизидзинадæй фесæфтой, æмæ дзы ;г()н сисыимæ пал бгеззыд. Уымæп фылдæр мæзджыт, æмæ йæ молло йæ сохтæимæ сыгъдæг кодта. Адæм чы- сылæй-стырæй уырысмæ цы зæрдæ дардтой, уымæн зæ- гъæн дæр нæ уыд. Сæ цæсты сындз сæ федтой æмæ сæм туджджынæй фыддæр зæрдæ дардтой. Адæмыл сæ нæ пымадтой, куиты йедтæмæ сæм .æндæр пицæмæй дзырд- топ, æлгъаг сæ кодтой. Сæ палат, сæ хъæбæр дурзæрдæ- пы тыххæй сæм ахæм дæстæй кастысты, æмæ йæхпуыл нпчи фæхæпыдаид, пæ цæст ничи фæныкъуылдтаид — ныццагътаиккой сæ, мæнæ адæм уырыты, маргджын хæл- уарджыты, бирæгыы æмæ кæлмыты куыд цæгъдынц, афтæ. Адæмы дыууæ барæй бар уыд: кæпæ сæ баззайын хъуыд сæ цæрæнбæсты æмæ тыхтæй-амæлттæй, стыр зын- тæй сæ фæстæмæ саразын хъуыд, ацал-ауал азы туг кæ- уыл фæкалдтой, стыр фыдæбæттæй кæй фæцарæзтой æмæ уырыс æмбойны, æнæчетарæй, æнцои, æдылыйы фæндагыл кæй иыппырх кодтой, уыцы фæллæйттæ, уый дæр тасы бын, катайтæ кæнгæ, сомбон та сын сæ куы фехалой, уымæй тæрсгæйæ. Науыйиæй: сæ дниы иых- мæ сæ ныллæууын хъуыд, сæ мастыл сæ ныххæцын хъуыд æмæ æнæбары, æвæндоиæй, æлпагыл кæй ны- мадтой, уæнгæл сын чи уыд, се сæфт кæмæй уыдтой, уыцы уырысы къухмæ сæ раттын хъуыд сæхи. Зæронд лæгтæ бакуывтой æмæ се ’ппæт дæр æмхуы- зонæй, æмдзыхæй бауынаффæ кодтой Шамильмæ ми- нæвæрттæ арвитын, цæмæй сын баххуыс кæна, уый тыххæй, æмæ сæ хæлддзæгтæй фæстæмæ хæдзæрггæ аразыныл иыллæууыдысты. XVIII Уыцы лæбурды фæстæ, дыккаг бон, Бутлер райсо- мæй æрæджиаугомау фæстæты кæртыл уынгмæ ра- цыд; йæ зæрды уыд иучысыл арацу-бацу кæнып æмæ райсомы сыгъдæг уæлдæфæй аулæфын ’цай бацымыны агъоммæ. Цай-иу цымдта фылдæр хæттыты Петровимæ. Хур хæхты аууонæй йæ был сдардта, æмæ йæ рухсæи нæст иæ лæууыд чъырæйцагъд урс хæдзæрттæм уынгæп йæ рахизфарсырдыгæй; фæлæ кæддæриддæр хъæлдзæг æмæ зæрдæрухсдзинад уыд галиуварсырдæм кæсьщ 315
хъæдарæхджын сау хæхтæм, дарддæрæй-дарддæр, бæр-\« зонддæрæй-бæрзонддæр чи кодта æмæ рæхысау кæрæ- дзийыл баст урс цъитиджын хæхтæм, кæддæриддæр сæ- хи мигъæй сфæлыыдынмæ чи хъавыд. Бутлср каст уыцы хæхтæм, дæлиауæй йæ зæрдæйы бынæй улæфыд йæ риуы дзаг æмæ цин кодта, æрмæст уый кæй цæры ахæм диссаг хорз бæстæйы. Цпн кодга æмæ йæхицæй ныббузныг, лæбургæ куы бакодтой, уæд хæсты мидæг йæхи, куыд æмбæлд, афтæ лæджы хуызæн кæй дардта, уæлдайдæр та фæстæмæ цæугæйæ, хæсты тынджы куы бацыдысты æмæ тынг тасы мидæг куы уы- дысты. Цин кодта, йæ зæрдыл иу куы ’рбалæууыд, зно- ны бон хæстæй куы æрыздæхтысты, уæд сæ Мария Дмитрпевнæ, йæ буц номæй Машæ, Петров кæимæ цард, уый сæ хорз куыд федта, се ’ппæтмæ дæр хицоны цæстæй куыд ракаст, уæлдайдæр та уымæ. Афтæ йæм фæзынд, цыма уымæн хъулон митæ кодта æмæ йæ ин- нæтæй буцдæр дардта æмæ йæ тынгдæр рæвдыдта, уый- хуызæн. Мария Дмитриевнæ йе ставд дзыккутæй, уæ- рæх уæхсчытæй, бæрзонд риуæй, зæрдæмæдзæугæ ад- джын мидбылты худтæй, сау стъæлфытæй дзаг фæл- маст цæсгомæй тыхджын æмæ æнæус лæппу адæймаг Бутлеры зæрдæ æлхæдта. Бутлер ма афтæ æнхъæл дæр уыд, Мария Дмитриевнæйы зæрдæ йæм æхсайы, æмæ хуыцауы фæндонæй мæкæ ис. Фæлæ йæ хорз зæрдæхæ- лар æмбалы сæр хъуыды кæнгæйæ чъизидзинад йæ сæр- мæ нæ хаста æмæ уымæ гæсгæ Мария Дмитриевнæмæ хицоны цæстæй каст, йæ разы йæхи рæсугъд, уæздан дард кодта, æгъдау ын лæвæрдта æмæ йæм ахæм хъару кæй разынд, уымæй йæхицæй бузныг уыд. Ныртæккæйы сахат уый тыххæй йæхинымæр хъуыдытæ кодта. Уыцы хъуыдытæ кæнгæйæ разæй, рыгæйдзаг фæнда- гæй, бирæ бæхты къæхты хъæр фсхъуыста, цыма къорд барæджы цыппæрвадæй уадысты, уыйхуызæн. Бутлер йæ сæр фæхъил кодта æмæ уынджы кæрон ауыдта къорд барæджы сауцыдæй æрбацæйцæугæ. Разæй цыд дыууæ барæджы, сæ фæстæ — иу-ссæдзы бæрц хъазахъ- хъæгтæ. Барджытæй иу — урс цухъхъа æмæ бæрзонд сарыхъджын худы мидæг, иннæ — афицер, уырысмæ чи куыста, ахæм, саулагъз, гуыбырфындзджын, æвзист- арæзт дзаума æмæ гæрзты. Сарыхъджын барæг бадтис сырх, хъæлдзæг, рæсугъд, хъоппæг æмбаргæ цæстджын чысылсæрджын пæл бæхыл, афицер та бадти бæрзонд хъарабахаг бæхыл. Бутлср бæхæн дæсны уыд æмæ уы- 316
циу бакастæй фыццаг бæх хуыздæрæн равзæрсга. Бар- джытæ чи сты, цавæр сты, уый бæрæг базоныны тых- хæй ныллæууыд æмæ сын се ’рбахæццæмæ æнхъæлмæ каст. — Мæнæ уый æфсæдты хицауы хæдзар нæу? — афарста афицер Бутлеры. Йæ ныхасмæ гæсгæ, йе ’вза- джы здæхтæй бæрæг уыд, уырыссаг кæй нæ уыд, уый. Бутлср ын дзуапп радта, уый у, зæгъгæ. — Бафæрсын аипп ма уæд,— уый та чи у? — загъта Бутлер. Йæхи афицермæ хæстæгдæр баласта æмæ цæс- тытæй сарыхъджын барæджы ацамыдта. — Уый Хаджы-Мурат у. Ардæм æрбацыд æмæ æф- сæдты хицаумæ цæрдзæн,— радта йын дзуапп афицер. Бутлер зыдта Хаджы-Мураты хабæрттæ, йæхи уы- рысы къухмæ куыд радта, уый дæр, фæлæ ам, ацы чы- сыл фидары йыл сæмбæлдзæн, уый æнхъæл нæ уыд. Хаджы-Мурат æм хицоны цæстæй каст. — Æгас нæм цу,— тæтæйрагау ын салам радта Бутлер. — Саубул,— дзуапп ын радта Хаджы-Мурат йæ сæ- рæй кувгæйæ. Бутлерырдæм йæ бæх фездæхта æмаз ехс йæ дыууæ æнгуылдзыл ауыгъдæй, афтæмæй йыл нæ къух райста. "— Хицау ды нæ дæ? — бафарста йæ Хаджы-Мурат. — Нæ, æз нæ дæн. Хицау мæнæ ам ис. Ныртæккæ йæм бадзурдзынæн,—загъта Бутлср афицсрæн асипы къæхтыл хпзгæйæ æмæ дуар схойгæйæ. Фæлæ бæрæгбоны дуар,— афтæ йæ х>ыдта Мария Дмнтриевнæ,— æхгæд разынд. Бутлер дуар бахоста æмæ, фæстæмæ дзурæг куы нæ уыд, уæд фæстæты кæр- тыл бацыд. Салдæттæм бахъæр кодта æмæ, сæ дыууæ- йæ дæр бынату куы ничи разыпд, уæд хæрипаггæнæн- мæ бапыд. Мария Дмитриевнæ кæлмæрзæны мидæг, сырх-сырхид цæсгсмимæ, йæ дыстæ фæстæмæ фæлдæхт, афтæмæй йæ нард урс, миты хуызæп къухтæй, сæхп хуызæн урс-урсид хыссæйы тымбыл хаттæй-хатт лыг кодта гыццыл хъæбынтæн. — Кæм та фесæфтьпты салдæттæ? — афарста Буг- лер. — Пуазынмæ та ацыдаиккой, æндæр сып цы ’нхъæл дæ,— загъга Мария Дмтрнсвнæ.— Æмæ дæ уыимæ га цы кæсы? — Дуар бакæнын хъæуы. Уæ разы дунспы уазджы- тæ, хохæгтæ. Хаджы-Мурат æрцыд. 317
— Ды та нстытæ æр- хъуыды кæндзынæ,— загъта Мария Дмитри- евпæ худæнбылæй. — Æцæг зæгъын, æцæг. Нæ дæ уырны? Дуармæ лæууыпц. — Кæд та хынджы- лæг кæныс, миййаг? — загъта МарияДмитри- евпæ. — Ницы кæнын. Цу- ма æмæ сæм акæс, кæддæра дуармæ нæ лæууынц. — Мæнæ æлгъыст уай! Кæцæй фссты, судзгæ боп сыл ба- кæна,—загъта Мария Дмитрневнæ, пæ дыстæ фæстæм.е ракодта æмæ пе ставд дзыккуйы милосг сæрдзæвæптæ асгæрстытæ кодта. — Цон æмæ Иван Матвссвпчы сыхъал кæнон. — Мæ бар æй уадз. Ды дæ куыст кæн,— загъта Бутлер. I -г- Уый дæр хорз,— загъта Мария Дмитриевнæ æмæ фæстæмæ йæ куысты уæлхъус æрлæууыд. Иван Матвеевичы хъусыл æрцыд, уыйагъоммæ Ха- джы-Мурат Грознайы кæй уыд, уый, æмæ йын йе ’рба- цыды хабар куы фехъуыста, уæд ыл нæ бадис кодта, фæлæ хуыссæны рабадтп, тамако стыхта, ссыгъта йæ æмæ йæ дзаума йæ уæлæ кæпын байдыдта тынг хуыф- гæйæ æмæ хицæуттыл хъуыр-хъуыр кæнгæйæ, уыцы хæйрæджы йæм чи æрбарвыста. Йæ дарæс куы скодга, уæд салдатмæ бадзырдта æмæ йæхицæн хос æрбахæс- сын кодта. Салдатæп цы бамбарып хъуыд, куыдзы хæс- тæн йæ хъуын йæ хос кæй у, æмæ йын арахъхъ бала> вæрдтл. <'Æмхæццæйæ æвзæрдæр ма цы уа,— схъуыр-хъуыр кодла Иван Матвсевпч, пу дзы фæдæле кодта æмæ сау дзулæй ацахуыста.— Уæлдай нозт низ у, æвæдза. Зпо- пы сырх сæнæй æгæр аиызтои, æмæ мæ сæр тъæппытæ х’ауы. Ныр та цæттæ дæн»,— загъта йæхинымæр æмæ уазæгдопмæ араст. Уыйагъоммæ Бутлер Хаджы-Мура- 1Ы йæ афицер æмбалимæ уырдæм бахуыдта. 318
Хаджы-Мурат1Шæ чи йорбацыд, уыцы афпцер ИваП Матвеевичæн радзырдта, хицæуттæ йын цы бафæдзæхс- той, уып: Хаджы-Мураты суазæг кæнæд, бар ып дæт- тæд хæххои адæмимæ хъуыддаг кæнын йæ хæрзгæч- джыты руаджы, æрмæст уыцы æгъдауæй, æмæ йын фи- дарæй æнæ хъазахъхъ йсмæ рацæуæн куынпæ уа, аф- тæ. Ивап Матвесвич гæххæтмæ лыстæг кæсыи бапдыдта, хуыздæр æй бамбарон, зæгъгæ. Иукъорд хатты куы гæххæтмæ, куы та Хаджы-Муратмæ бакæстытæ кодта, стæй йæ цæстытæ Хаджы-Муратмæ комкоммæ сарæзта æмæ загъта: — Хорз, мæ хур, хорз. Цæрæд ам. Афтæ йын зæгъ: хицæуттæй мæм дзырд ис, мæ цæст æм куыд дароп æмæ йæ куыд никæдæм ауадзон, афтæ. Хицæутты д^ырдæп та дыууæ акæнæн нæй. Цы зæгъыс, Бутлер? Бынат ын кæм скæнæм? Къæнцылары йæ æрцæрыи кæниккам? Мария Дмитриевпæ хæринаггæнæн уатæй æрблцыд æмæ дуаргæрон лæууыд. Бутлер Иваы Матвеевичæн дзуапп иæма радта, афтæ Мария Дмитриевнæ йæдзырд’ фæраздæр кодта æмæ загъта: — Цæмæп уым? Мæнæ йын ам скæиут быпат. Уа- зæгдон æмæ пын къæбпц ратдзыстæм. Уæ цæсты раз уæддæр иæ уыдзæн? — стæй Хаджы-Муратмæ бакасг æмæ, кæрæдзимæ куы фемдзаст сты, уæд уайтагъд фæ- стæмæ фæзылд. — Мария Дмитриевнæ раст зæгъы, мæпмæ гæсгæ, афтæ хуыздæр уаид,— загъта Бутлер. - — Цæугæ, цæугæ, мæ цæст дæ куыннæ уына, афтæ. Ам сылгоймæгты ницы хъуыддаг ис,— тызмæгæй пыл сбустæ кодта Ивап Матвеевич. ч Уыцы пыхæстæ куы кодтой, уæд Хаджы-Мурат бан- доиыл бадт, йæ къух йæ хъамайы чъимайы босыл а*р- уагъта æмæ-ну зына-пæзына йæ мидбылты бахудтæнæ- рвæссон, æлгъаг, былсчъилтæ худтæй. Стæй загъта: хъауджыдæр ын пæу, кæмæфæнды уæд, кæмдæриддæр фæцæрдзæн. Æрмæст иу хъуыддаг курæг у, сæрдарæй йæм бар лæвæрд дæр ис уый тыххæй: хохы адæм æм æнæкъуылымпыйæ куыд уадзой, афтæ,—уый куы пæ уа, уæд ын пицы хъуыддаг бакæпып амал уыдзæи. Ивап Матвеевич загъта, уый тыххæй йæ зæрдæ ма ’хсайæд, уый бакæндзыстæм. Бутлсрæи бафæдзæхста: цалынмæ уæттæ æфспайой æмæ сын исты хæринаг æрбахæссой, уæдмæ сæ пстæуыл ирхæфсæд æмæ сæ хъыг кæпын ма 319
бауадзæд, йæхæдæг къæнцылармæ ацыд цыдæр æхсыз- гон гæххæттытæ ныффыссынмæ æмæ уынаффæтæ акæ- нынмæ. Хаджы-Мурат æмæ йæ ног зонгæтæ кæрæдзимæ ды цæстæй бакастысты, кæрæдзимæ цы зæрдæ бадардтой, уый уайтагъд æргом сбæрæг. Иван Матвеевичы фыццаг сæмбæлдæй фæстæмæ Хаджы-Мурат нæ бауарзта æмæ йæм æвзæр, æнæрвæссон цæстæй каст. Мария Дмитри- евнæ йын дзæбæх уыд: хæринаг ын цæтгæ кодта, хæри- наг ын хаста æмæ йын тынг фæадджын. Æнæуый дæр пæ зæрдæмæ цыд Мария Дмитриевнæйы æнæсæрыстыр- дзинад æмæ йе ’иахуыр æцæгæлон адæмы рæсугъддзи- над. Стæй йæм йæ зæрдæ кæй рад, уый дæр Хаджы- Мурат æмбæрста æмæ йын уыд æхсызгон. Хаджы-Му- рат æм æфсæрмы кодта. Исчердæм æй куы бамбара, уый тæссæй йæ уд хъардта, цæмæй йæм ма кастаид æмæ йæм нæ дзырдтаид, ууыл, фæлæ йæм уæддæр кæм лæууыд æмæ-иу æм æвæндонæй бакаст йæхимæ дæр æмæ йæ алы фсзмæлдмæ дæр. Бутлеримæ фыццаг сæмбæлдæй фæстæмæ тынг фæ- хæлар æмæ йемæ арæх æхсызгонæй зæрдиаг ныхæстæ кодта, рафæрс-бафæрс-иу æй кодта йæ царды хъуыд- дæгты тыххæй, йæхи царды хабæрттæ дæр ын-иура- дзырдта, нæ дзы сусæг кодта, йæ хæрзгæнджытæй-иу ын цы уацхъуыдтæ хастой йæ бинонты тыххæй, уый дæр, фæрсгæ дæр ма-иу æй акодта, цы æмæ куыд хуыздæр бакæнæн ис, уымæй. Хæрзгæнджытæ йын цы хабæрттæ хастой, уыдон хорз хабæрттæ нæ уыдысты. Фидары мидæг цы цыппар боны ацард, уыцы цыппар бопы йæ дыууæ хатты абæ- рæг кодтой æмæ дыууæ хатты дæр, зæрдæ цæмæй ба- рухс уыдаид, ахæм хабæрттæй йын ницы æрхастой. XIX Хаджы-Мурат уырысы къухмæ йæхи цы бои радта, уымæн раст йæ хæд фæстæ Хаджы-Мураты биноиты Веденомæ æрбаластой æмæ, хъахъхъæнджытæ сæ уæл- хъус, афтæмæй сæ ахæсты дардтой рæстæгмæ, Шамилы уынаффæ, Шамилы тæрхонмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ. Ха- джы-Муратæн йæ зæронд мад Фатъимæт æмæ йæ дыу- уæ усы сæ фондз æнахъом сабиимæ цардысты ахæстæй сс&дæ лæджы хицау Ибрагим Рашиды хæдзары, сæ алы- варс хъахъхъæнджытæ æвæрд, афтæмæй. Хаджы-Мура- 320
Ты фырт Юсуф, 1Й-аздзЫД лæппу, бадт ахæстоны авд ахæст æвзæргæнæгимæ æмæ се ’ппæт дæр, цы уынаф- фæ, цы тæрхон сыи бакæндзы- сты, уымæ æпхъæлмæ кастыс- ты. Сæ ахæстон та уыд сар- дзинæй фылдæр къахт арф уæрм. Сæ тæрхоны хъуыддаг бо- нæй-бон æддæдæр кодта, уы- мæн æмæ Шамиль бынаты нæ уыд,— уырысмæ бафсад кодта. 1852 азы тъæнджы мæйæн йæ æхсæзæймаг бон хæсты фæстæ Шамиль фæстæмæ Ве- деномæ æрбацæйцыд. Уырыс афтæ æнхъæл уыдысты, уыцы хæсты Шамилы басастой, йе ’фсæдты йып пыппырх кодтой æмæ сæ Веденомæ лидзæг фæ- кодтой. Шамиль æмæ йæ мю- ридтæм гæсгæ та уырысыл фæуæлахиз сты æмæ сæ ан- тъæрдтой. Уыцы хæсты мидæг Шамиль йæхи къухæй топп фехста, кард фелвæста, йæ ных комкоммæ уыры- сырдæм сарæзта æмæ хъазуат скæнынмæ куыд хъавыд, афтæ йыл мюридтæ ныххæцыдысты æмæ йæ баурæдтой, фæлæ мюридтæй уыцы ран сæ мидбынаты Шамилы уæлхъус дыууæ фæмард. Æмбисбои уыдаид, афтæ Шамилæн йæ алфамбылай йæ мюридтæ бæхтыл хъазыдысты, топпытæ æмæ дам- бацатæй æхстой æмæ æппынæдзухæй зарыдысты: «Ла иллагъа ил аллагъ1», афтæмæй сæ цæрæнбæстæм ба- хæццæ сты. Ведепо уыд стыр хъæу. Адæм сæ сæрдары размæ гуылфæнтæ кодтой. Уынгтæ æмæ уæлхæдзæрттæ адæ- мæй нæ зындысты. Адæм сæ имамы кад æмæ цыты тых- хæй топнытæ æмæ дамбацатæй гæрæхтæ кодтой. Ша- миль бадт урс араббаг бæхыл. Бæх хæдзармæ куыд æв- вахсдæр кодта, афтæ размæ хъæлдзæгдæр æмæ тынгæй- тынгдæр тындзгæ цыд. Бæхыл уыд хуымæтæджы сау- арæзт, æнæ сызгъæрины, æнæ æвзисты хъæстæ саргъ, Нæй хуыцау хуыцауы йедтæмæ. 21 Поьссттæ
тæнæг, бæстон копд, астæуæп иукгоид сырхахуырсТ идои, æфсæйнаг урсбын æгъдæнцæйттæ æмæ сырх æф- таугæ саргъы бынæй зынди. Имамыл уыд морæ фæсмы- пæй цъарджыи кæрц, сау уæлдзармæй арæзт тæрттæ æмæ дысæлгътæ, йæ нарæг æлвæст астæуыл сау рон æмæ сау хъама. Йæ сæрыл бæрзонд тъæпæнсæрджын худ сау коцораимæ, худыл урс сарыхъ тыхт, сарыхъы кæрон фæсте фæсонтыл дæлæмæ уагъд. Къæхтыл цъ:гх сæрак дзабыртæ; йæ зæнджы хæцъæфтæ æлвæст уыды- сты сау алдымбыдæй арæзт æнгом сæрак зæнгæйттæй. Иудзырдæй, имамы домбай даргъ раст гуырыл æрт- тпваг, сызгъæрин æмæ æвзист дзаумайæ ницы уыд. Иæ алфамбылай йæ мюридтæ та сызгъæрин æмæ æвзистæй арæзт дзаума æмæ гæрзты бынæй нæ зындысты. Уыцы æгъдауæй Шамиль адæмы цæсты тынгдæр ахадыд, бæр- зопддæр æмæ цытджындæр кодта æмæ, цæмæ бæллыд æмæ хъавыд, уый йæ къухы æфтыд. Иæ фæлурс цæсгом цыбырæлвыд сырх рихитимæ æмæ æнусмæ цъынддзаст цæстытимæ цавддуры хуызæн æнæзмæлгæ уыд. Хъæ>ы мидæг бæхыл куы фæцæйцыд, уæд йæ зæрдæ æмбæрста, адæм се ’ппæт дæр сæ каст уый кæй скодтой, фæлæ йæ- хи цæстытæ никæуыл æрвæссыдысты, никæмæ кастыс- ты. Хаджы-Мураты устытæ дæр сæ сывæллæттимæ ра- цыдысты тыргъмæ имаммæ бакæсынмæ. Æрмæст зæ- ронд ус Фатъимæт, Хаджы-Мураты мад, йæ бынатæй пæ фезмæлыд, куыд бадт, афтæ зыбыты иунæгæй зæх- хыл бадгæйæ баззад йæ хæлд пыхцыл урс дзыккутимæ, йæ даргъ мæллæг цæнгтæй йæ хус уæрджытæ йæ хъа- бысы бакодта æмæ йæ цæхæр сау цæстытæй ныкъулгæ- йæ каст тохынамæ æрдæгсыгъд æхсидæвты зынгтæм. Уый йæ фырты хуызæн цæрынæй-хæрынмæ сау зæрдæ дардта Шамильмæ, уæлдайдæр та пыр, йæ уынд дæр ын тых кодта, йæ койæ дæр зæрдæ рыст. Нæ федта Шамилы цытджын æрбацыд Хаджы-Му- раты фырт дæр. Уый æрмæст йæ талынг смаггæнаг уæрмæй хъуыста топпы гæрæхтæ æмæ мюридты зарын æмæ тыхст, йæ зæрдæ рыст, сæрибарæй цухгопд цард- æнхъæл лæппу адæймаджы зæрдæ куыд фæриссы, аф- гæ. Смаггæнаг уæрмы бадгæйæ æрмæст уыдта, йемæ чи бадт, кæрæдзийæ чи сфæлмæцыд, чи схъыг æмæ хуыцау кæй ралгъыста, уыцы æиамонд, чъизи, рыст, фыд-зæрдæ ^адæмы. Уæд тынг хæлæг кодта сæрибар адæммæ, йе уæнгтæ йæ бар кæмæн уыдысты, уæлдæфы æмæ хуры рухсæй фаг чи æфсæст, хаст хъал бæхтыл йæ зæрдæйы 322
дзæбæхæн сæрдары алфамбылай топпæй чи хъазыд æмæ хъæлдзæгæй иумæ æмхуызонæй чи зарыд: «Ла ил- лагъа ил аллагъ». Хъæуæй куы ахицæн, уæд Шамиль баздæхт стыр уæрæх кæртмæ. Уыцы кæртæн йе ’мхæст уыд æндæр мидæггаг кæрт, Шамилæн йæ галуантæ кæм уыдысты, ахæм. Дыууæ хъуымыхъхъаджы æд гæрзтæ лæууыдыс- ты Шамилы размæ раззаг кæрты кулдуары цур. Кæрты адæмæй базмæлæнтæ иæ уыд. Уым уыдысты, дард рæттæй чи фæцыд йæхи хъуыддаджы тыххæй, ахæмтæ, уыдысты дзы, исты курæг чи æрбацыд, уыдысты дзы, Шамиль йæхæдæг кæмæ æрбасидт йæ хъуыддагмæ æр- кæсыны æмæ тæрхон рахæссыны тыххæй, ахæмтæ дæр. Шамиль куы бараст, уæд, кæрты адæмæй цыдæриддæр уыд,— се ’пнæт дæр сыстадысты æмæ сæ къухтæ сæ риутыл æвæрдæй цытимæ салам радтой сæ имамæн. Иуæй-иутæ сæ зонгуытыл æрлæууыдысты æмæ, цалын- мæ Шамиль бæхыл æддаг кулдуарæй мидæггаг кулду- армæ цыд, уæдмæ сæ зонгуытыл фæбадтысты. Æнхъæл- мæ пæм чи каст, уыцы адæмы æхсæн Шамиль бирæты базыдта, æвзæр цæстæй кæмæ каст, хъыг ын кæй уынд уыд, ахæмты, базыдта бирæ æнкъард тæригъæддаг лæгъстæгæнджыты, баххуыс æмæ фæкæсын кæмæ хъуыд, фæлæ Шамилы дурзæрдæ нæ фæтасыд æмæ цы- ма никæйы уыдта, уыйау сæ рæзты бараст мидæггаг кулдуарыл æмæ кулдуарæн галиуварсырдыгæй хæдза- ры цур бæхæй рафистæг. Фæстаг хæсты зындзинæдтæй йæ буар афтæ нæ фæрыст, йæ зæрдæ Дзы куыд фæрыст, уымæн æмæ кæд ахæм тауыс, ахæм кой айхъуыст адæ- мыл, Шамилæн йæ фæндаг фæхорз æмæ уырысыл фæ- уæлахиз, зæгъгæ, уæддæр æй Шамилы зæрдæ мидæгæп дзæбæх зыдта, уыцы фæстаг хæст ын кæй иæ фæнывыл, кæй нæ фæрæстмæ, уый. Бирæ цæиæйнаг хъæутæ сыгъд æмæ пырхгонд æрцыдысты, æмæ уый сæраппонд рог- зонд, æнæиузæрдион цæцæн дызæрдыг кæнын байдыд- той æмæ, уырысмæ æввахсдæр чи цард, уыдонæй чи- дæртæ нæттæ уыдысты уырысырдæм се ’ргсм аздахын- мæ. Фæлæ Шамилы зæрдæ ацы сахат æрмæст иухъуыд- таджы йедтæмæ ничердæм æхсайдта, нипæмæ дзырдта. Уый ныр æрмæст бæллыд йæ фæллад суадзыи æмæ би- нонты рæсугъддзинад, бинонты хъарм хъæбыс æмæ пæвдыд фенын, уæлдайдæр йæ уарзондæр усы рæвдыд, 18 аздзыд, сауцæст, къухарæхст мæхъæлон чызг Ами- нæты. 323
Фæлæ уыцы сахат Аминæты феныны амал ницы æгъ- дауæй уыд. Дард, хъæлæкк, нæ уыд — мидæггаг кæргы устыты æмæ лæгты цæрæнбынæтты æхсæн кауы аууон лæууыд. Шамиль гуырысхо нæ кодта, ныртæккæ дæр ма бæхæй куы рацæйхызт, уæд æм йæ иннæ устытимæ ка- уы хуынкъæй кæй каст. Фæлæ Аминæт уыцы сахат кæй къухы æфтыд. Нæ уыд Шамилæн уымæ бацæуыны амал, йæ рæстæг нæ амыдта. Уый нæ, фæлæ æрмæст бумбулн хуыссæны йæхи иуцъусдуг æруадзын æмæ чысыл йæ фæллад суадзын дæр. Уый бакæныны амал дæр ын нæ уыд — афтæ æнæвдæлон уыд. Раздæр-раздæр æй сихо- ры ламаз скæнын хъуыд. Уыцы хъуыддагмæ ацы сахат йæ зæрдæ, миййаг, нæ рад, хъуыды дæр æй, хъæлæкк, нæ кодта, ницæмæн æй хъуыд, фæлæ йын æнæ бакæнæн дæр нæ уыд адæмы цæстмæ. Дипы сæргъы кæм лæууыд, уым ын нæ бакæнын пайда уыд, æмæ йæ уымæ гæсгæ кæнын хъуыд, алыбон æй хæрын куыд хъуыд, афтге. Уыйадыл æздæз систа, ламаз скодта. Ламаз конд куы фæци, уæд, æнхъæлмæ йæм чи каст, уыцы адæммæ æр- басидти. Фыццаджыдæр æм бацыд йæ кайыс, ахуыргæнæг, бæрзонд, хæрзконд, бакастджыи, сырхуадул зæропд лæг миты хуызæн урс зачъетæ æмæ сырхбуар цæсгоми- мæ, Джемал-Эдин, зæгъгæ, йæ ном. Джемал-Эдин хуы- цауæн бакуывта æ.у^æ Шамилы рафæрс-бафæрс кæнын байдыдта йæ фæндаджы, йæ хæсты хабæрттæй. Стæй йын радзырдта, йæ ацыды фæстæ хæхбæсты цыдæрид- дæр æрцыд, уыдæттæ. Иннæ алыхуызон хъуыддæгтимæ,— лæджы мæрдгæ туджджыны æгъдауыл, фосы давд, тарикаты1 æгъдæут- тæ халджытæ, тамако дымын. сæн нуазын,— Джемал- Эдин рахабар кодта Хаджы-Мураты хъуыддаджы тых- хæй: лæгтæ куыд æрбарвыста йæ бинонты байсыны тых- хæй, фæлæ хъуыддаг фæхъæр, æмæ йын йæ бинонты Веденомæ æрбакодтой. Ныртæккæйы сахат ахæсты сты æмæ дæ уынаффæмæ æнхъæлмæ кæсынц. Уыцы хъуыд- дæгтæм æркæсынмæ æпæмбырд кодтой мидæггаг уазæг- доны зæронд лæгты. Æнæхъæн æртæ боны дæм æнхъæл- мæ кæсынц. Ныр у, æмæ дæм кæд аккаг кæсы, уæд сын абоны бон ацæуыны бар раттып хъæуы. . I ] Т а р п к а т — пысылмоп днпмæ гæсгæ, ацы д)иейы дзæбæх- дзипæдгæ качй шс хъæуыпц, фæлæ мæрдты дзæнæтмæ чц а4ц- хъæлм-æ кæсы, ахæм адæм 324
Йæ хистæр нæуарзон, æнад, цыргъфындз, саулагъз фыдынд ус Зайдет ын сихор æрбахаста. Сихор куы ба- хордта, уæд æмраст уазæгдонмæ бацыд. Æхсæз зæронд тæрхоны лæджы — урс, урсæмхæццæ æмæ сырх зачъетпмæ, сæ уæлæ бæрзонд уæлдзармхудтæ, чи сарыхъимæ, чи та æнæ уый, ног куырæттæ æмæ цухъ- хъаты мидæг, ронбастæй, хъаматимæ Шамилæн сыста- дысты. Шамиль сæ сæрты каст,— се ’ппæтæй дæр бæр- зонддæр уыд. Иууылдæр æмхуызонæй, Шамильмæ гæс- гæ, сæ къухтæ схъил кодтой армытъæпæнтæ уæлæмаг арæзтæй, сæ цæстытæ бацъынд кодтой æмæ хуыцауæн бакуывтой, стæй сæ къухтæ сæ цæсгæмттыл æрхастой æмæ сæ рихиты бын баиу кодтой. Уыйфæстæ се ’ппæт дæр сбадтысты. Шамиль се ’хсæи астæуæй, бæрзонддæр базыл бадт, афтæмæй хъуыддæгтæм кæсын байдыдтой. Æвзæргæнджытæн тæрхон кодтой шариатмæ гæсгæ. Дыууæ лæгæн хуыснæгдзинады тыххæй стæрхон кодтой сæ цæнгтæ алыг кæнын, иуæн та йæ сæр. Лæджы мар- ды тыххæй æртæйæн бахатыр кодтой. Стæй стырдæр, сæйрагдæр хъуыддагмæ æркастысты: сагъæс кæнын байдыдтой, цы бакæнын хъæуы, цы хос, цы амал скæ- нын хъæуы цæцæны бауромынæн, цæмæй уырысы къух- мæ сæхи ма дæттой. Уыцы хъуыддаджы ныхмæ Дже- мал-Эдин æрхъуыды кодта æмæ ныффыста ахæм уац- хъуыд, ахæм хъусинаг: «Дунейы дарæг стыр хуыцау æмæ сымах æхсæн æнусмæ фарн уæд. Хъусын æз, уырыс уæ рæвдауынц, сабырдзинадыл уæ ардауынц æмæ уæ сæхирдæм зда- хынц. Ма сыл æууæндут æмæ сæм ма хъусут, фæ- лæ багæдзæ кæнут, бафæразут. Уæ уæлæуыл царды уын уый тыххæй хуыцау куы нæ баххуыс кæна, уæддæр уын уæ мæрдты фæндагæн æххуыс уыдзæн. Æрхъуыды кæнут, фыццаг цы уыд, уыдæттæ — уæ гæрзтæ уын куы истой, уæд. 1840 азы уын хуыцау куы нæ баххуыс код- таид æмæ уын уæ сæры зонд куы нæ бауагътаид, уæд афонмæ дæр ма салдæттæ уыдаиккат, уæ устытæ æнæ хæлæфтæй цыдаиккой æмæ хынджылæггаг фæцадаик- кой. Æрсагъæс кæнут æмæ, ныронг цы ’рцыд, уымæ гæсгæ нырæй фæстæмæ пы ’рцæудзæн, уый æмбарут. Гауыртимæ фæцæрыны бæсты уырысимæ знагæй амæ- лын хуыздæр у. Багæдзæ кæнут, бафæразут, æз уæм фæцæуын хъуыран æмæ кардимæ æмæ уæ уырысы ных- мæ ныллæууып кæндзынæн. Пыр уæ уый домæг дæн, æмæ уыи æй карзæй цæхгæр зæгъгæ дæр кæнып: ма 32-5
фæтæрсут, уырысæн ма басæттут, ма фæтасут, уæ ззср- дæ дæр сæм ма ’хсайæд, уæ хъуыдыйы дæр ма уæд уы- доны къухмæ уæхи раттын». Уыцы хъусынгæнинагыл Шамиль сразы, хорз æм фæкаст, йæ къух ыл æрæвæрдта æмæ йæ алыранмæ арвитын кодта. Уыцы хъуыддæгты фæстæ æркастысты Хаджы-Мура- ты хъуыддагмæ дæр. Шамилæи уымæй стырдæр хъуыд- даг нæ уыд. Æцæг, æргом æй нæ кодта, нæ йыл саст, йæ сæрмæ йæ иæ хаста, фæлæ кæ йæ мнд-зæрды хорз æмбæрста, а фæстаг хæсты кæ сахъ, æхсарджын æм:е зæрдæджын наиб Хаджы-Мурат йемæ куы уыдаид, уæд ныртæккæйы сахат Цæцæны цы ’рцыд, уый чи зоны æмæ нс ’рцыдаид. Хаджы-Муратимæ бафидауын æмæ та уый руаджы хъ)ыддæпæ аразып æвзæр нæ уыдаид. Кæд æмæ уый бакæныны амал не ’рцæуа, къухы нæ бафта, уæддæр уырысæн æххуыс цæмæй нæ кæна, уы- мæн исты æрхъуыды кæнын хъæуы, исты саразын хъæ- уы, æнæ уый хос пæй. Уый бакæпынæп та æндæр хуыз- дæр хос, æпдæр хуыздæр амал нæй: кæнæ, чи йæ ама- ра, ахæм лæг Калакмæ аивæй барвитын хъæуы, пауый- нæй,— ардæм æй æрбасаиын æмæ амарын хъæуы — дыууæйæ иу. Уыцы хъуыдаæгтæ къухы бафтдзысты йæ бинонты, тынгдæр та йæ фырты руаджы. Шамиль тынг хорз зыдта, Хаджы-Мурат йæ фырты цæрайæ кæй цæ- ры, æнæхъуаджы бирæ йæ кæй уарзы, æмæ уый сæрап- понд хъуыддагæн йæ фыоты руаджы бакæнæн ис. Тæрхоны лæгтæ сæхимидæг уый тыххæй куы аны- хæстæ кодтой, уæд Шамиль йæ цæстытæ бацъынд код- та æмæ иыхъхъус. Тæрхоны лæгтæ Шамилыл ахуыр уыдысты, зыдтой йын йе ’гъдæуттæ æмæ сын цы бам- барыи хъуыд, Шампль ныртæккæ пехуымпары ныхæс- тæм кæй хъусы æмæ йын псхуымпар, цы бакæнын хъæ- уы ацы сахат, уыдæттæ кæй амоны, уый. Фондз минуты æдзæмæй фæбадтысты, стæй Шамиль йæ цæстытæ бай- гом кодта, йæ цъынддзаст цæстытæ, цы уыдысты, уы- мæй ноджыдæр тыхджыпдæр бацъынд кодта æмæ, загъта: — Æрбасидут-ма ардæм Хаджы-Мураты фыртмæ. — Мæнæ ам ис,— загъта Джсмал-Эдин. Æмæ æцæг Юсуф, Хаджы-Мураты фырт, æддаг кæр- т*ы кулдуары цур лæууыд æмæ æнхъæлмæ каст баси- дыпмæ. Фыдхуыз, фæлурс, скъуыдтæ дзауматы мидæг смаг’кодта, фæлæ уæддæр гуыры кондæй, цæсгомæй уы- 326
цы рæсугъдæй базЗад, йæ фЫдымады хуыз&ч æрттпваг цæстытимæ. Юсуф Шамильмæ нæ фыды зæрдæ нæ дардта. Уый сын сæ фыццаг царды æгъдауæн ницы зыдта, кæд æмæ зыдта, уæд та йæ йæ зæрдæмæ хæстæг ник^ы бахаста æмæ уымæ гæсгæ пс ’мбæрста, йæ фыд афтæ знаг цæ- мæп у, ахæм хæрамдзинад Шамнлимæ се ’хсæи цæмæи ис, уый. Лæппуйæн йæ зæрдæ æрмæст иу хъуыддаг агуырдта: наибы фыртæн куыд æмбæлы æмæ Хунзахы куыд цард, нырæй фæстæмæ дæр афтæ æнцон, æнæмæт, хъæлдзæг цард кæнын æмæ уымæ гæсгæ, уыйырдыго- нау, æппындæр Шамилимæ зиаг кæнын ницæмæн хъуыд. Юсуф, цыма йæ йæ фыды фыддæрадæн кодта, уыйау Шамильмæ хицæн зæрдæ дардта, дзæбæх, уарзон цæс- тæй йæм каст æмæ йын хæххон адæм цы кад æмæ цыт лæвæрдтой, уый йæм тынг хорз æмæ раст каст. Иыр дæр уазæгдонмæ имаммæ сыгъдæг зæрдæимæ бацыд, æфсæрмыгæнгæйæ дуаргæрон слæууыд æмæ фемдзаст Шамилы тыхджын æдзынæг, цъынддзаст цæстæнгаси- мæ. Юсуф иуцъусдуг алæууыд, стæй Шамильмæ хæстæг бацыд æмæ йып йс стыр даргъæнгуылдзджын урс къу- хæн аба кодта. — Ды дæ Хаджы-Мураты фырт? — Æз дæи, бæгуыдæр, имам. — Зоныс, цы бакодта, уый? — Зонып, имам, æмæ йыл хъыг кæнын. — Фыссын зоныс? — Æз м’æхи цæттæ кодтон молло суынмæ. — Уæдæ ныффысс дæ фыдмæ: кæд мæм ныр Байра- мы бонмæ фæзына, уæд ып хатыр фод, æмæ та куыд цардыстæм, афтæ хæларæй цæрдзыстæм. Намæ уырыс- мæ баззад,—Шамиль ацы ран йе ’рфгуытæ фæтар код- та æмæ дзагъултæгæнгæ загъта:—Æз дын дæ фыдымя- ды, дæ мады хъæун-хъæу зилæг æмæ хынджылæггаг фæкæндзынæн, дæуæи та дæ сæр ралыг кæндзынæн. Юсуф йæ хуыз пæ афæлывта, йæ цæст дæр нæ фæ- ныкъуылдта, æрмæст Шамилæн йæ сæрæй акуывта, ома, бамбæрстон дæ, зæгъгæ. — Ныффысс, куыд дын загътон, афтæ, æмæ йæ мæ минæвармæ ратт. Шамиль иыхъхъус æмæ бирæ æпæдзургæйæ фæкаст Юсуфмæ. — Ныффысс, æз дын фæтæригъæд кодтон æмæ дæ маргæ нал акæндзынæн, фæлæ дын дæ дыууæ цæсты 327
скъахдзынæн, гадзрахатæй чн цæуы йæ фыдыбæстыл, йæ дзырд, йæ ард чи сайы, уыдонæн куыд фæкæнын, афтæ. Цæугæ. Юсуф Шамилы цур фидар лæууыд, йæхиуыл хæцыд, фæлæ йæ уазæгдонæй куы ракодтой, уæд, чи йæ кодта, ууыл йæхн ныццавта, йæ хъама йын рарæдывта æмæ дзы йæхи амарынмæ куыд хъавыд, афтæ йыл иыххæцы- дысты, йæ къухтæ йын сбастой æмæ та йæ фæстæмæ йæ бынатмæ, уæрммæ акодтой. Уыцы бон Шамиль изæры ламаз куы скодта æмæ изæрдалынгтæ куы ’рци, уæд йæ урс кæрц йæ уæлæ акодта æмæ, йæ устытæ кæм цардысты, уырдæм ка’уыл бахызт æмæ Аминæты уатмæ бараст. Фæлæ Аминæт бы- наты нæ уыд, бадти Шамилæн йæ хистæр устытимæ. Шамиль, куыд ничи йæ федтаид, афтæ дуары аууон слæууыд æмæ Аминæтмæ æнхъæлмæ каст. <Рæлæ йæм Аминæт мæсты уыд, зæлдаг къабайаг уымæн нæ, фæлæ йæ хистæр ус Зайдетæн кæй балæвар кодта, уый тых- хæй. Шамиль æддæмæ уатæй куыд рацыд æмæ та фæс- тæмæ куыд баздæхт, йæ зæрдæйæ кæд Аминæтыл мæ цæст искуы æрхæцид, зæгъгæ, уыдæттæ Аминæт уыдта, фæлæ барæй, фыддæрадæн йæ уатмæ нæ бацыд. Зайде- ты уаты дуары къæсæрыл бирæ фæлæууыд æмæ сусæ- гæй йæ мидбылты худгæйæ каст Шамилы урс æндæрг- мæ, уатæй дыууæрдæм, æддæмæ-мидæмæ, куыд кодта, уымæ. Шамиль дзæгъæлы бирæ фенхъæлмæ каст, стæй дзы йæ бон куы базыдта, уæд фæстæмæ йæ бынатмæ раздæхт æмбисæхсæвы ламаз кæнын афон. XX Хаджы-Мурат ацард фидары Иван Матвеевичы хæ- дзары иу къуыри. Мария Дмитриевнæ хъуынджын Ха- нефиимæ нæ фидыдта, йемæ арæх хыл кодта. Иухатт æй Ханефи, чысыл ма бахъæуа, фæцæймардта, æмæ йæ уый тыххæй Мария Дмитривнæ хæринаггæнæнæй ра- тардта. Хаджы-Мурат та йæ цæсты тынг кадджын уыд æмæ йæм хъарм зæрдæ дардта. Мария Дмитриевнæ йын йæхæдæг сихор нал хаста, уыцы куыст Элдары бар ба- кодта, фæлæ йæм уæддæр йæ зæрдæ нæ лæууыд. Исты а^фсонæй-иу æм бауад æмæ йын-иу зæрдæлхæнæн митæ акодта. Иæ бинонты сагъæсы æмæ мæты дæр-иу ба- цыд. Зыдта, цал усы йын ис, цал сывæллоны, кæуыл 328
дзы цас цæуы. Хаджы-Мураты хæрзгæнджытæй-иу исчи куы фæзынд, уæд-иу рафæрс-бафæрс кæнын байдыдта, цы бакодтой, цы хабæрттæ æрхастой, уыдæттæ-йедтæй. Бутлер уыцы къуыри тынг балымæн Хаджы-Мура- тимæ. Æнæ кæрæдзи нал лæууыдысты æмæ кæрæдзи арæх бæрæг кодтой. Кæм тæлмацæй, кæм сæхи æгъда- уæй исты нысæнттæй кæнæ айдагъ бахудтæй кæрæдзи- йæн сæ зæрдæйы ныхæстæ æмбарын кодтой. Хаджы- Муратæн Бутлер кæй фæадджын, кæй фæхæлар, уый гуырысхойаг пæ уыд, æцæгдзинад уыд. Элдар Бутлермæ цы цæстæй каст, уымæй дæр бæрæг уыд сæ хæлардзи- над. Бутлер-иу Хаджы-Муратмæ куы бафтыд, уæд-иу Элдар, цыма йыл стыр хорз æрцыд, уыйау хъæлдзæгæй, цинтæ кæнгæйæ, худæнбылæй йæ разы алæууыд æмæ- иу ын кæстæриуæгдзинæдтæ кодта: йæ быны-иу ын баз- тæ æвæрдта, йæ кард-иу ып райста. Бутлер фидыдта æмæ балымæн Хаджы-Мураты кæнгæ æфсымæр хъуын- джын Ханефиимæ дæр. Ханефи бирæ хохаг зарджытæ зыдта. Хаджы-Мурат, Бутлеры зæрдæ балхæнон, зæгъ- гæ-иу Ханефимæ æрбасидти æмæ йын йæ уарзон зар- джытæ кæнын кодта. Ханефи тынг хъæлæсджын уыд, зарынмæ дæр кæм уыд ахæм, иттæг рæсугъд æмæ аиз зарыд. Йæ зарджытæй иу Хаджы-Мураты зæрдæмæ тынг цыд. Уыцы зарæг Бутлермæ дæр диссаг хорз фæ- каст,— йе ’нкъарддзинадæй зæрдæ мæгуыр кодта. Бут- лер тæлмацгæнæгæй ракуырдта, йæ ныхæстæ йын цæ- мæй бамбарын кодтаид, уый. Ханефи æмæ Хаджы-Му- раты æхсæн цы туджы хъуыддаг уыд, уый сæраппонд скодтой уыцы зарæг. Зарæг уыд ахæм: «Бахус уыдзæн сыджыт мæ ингæныл, æмæ ферох кæндзынæ ды мæн, мæ иунæг мад. Æрзайдзæн мæ уаел- мæрдыл мæрдон кæрдæг æмæ дын дæ сау рыст зæрдæ басабыр кæндзæн мæ зæронд фыд. Иæ цæстысыгтæ ба- хус уыдзысты мæ хойæн йæ цæстытыл, æмæ йæ йæ зæр- дæйы маст, йæ зæрдæйы низ ферох уыдзæн. Фæлæ мæ нæ ферох кæндзынæ ды, мæ хистæр æфсы- мæр, цалынмæ мын мæ туг райсай, уалынмæ. Нæ мæ ферох кæндзынæ ды дæр, мæ дыккаг æфсымæр, цалын- мæ мæ сау ингæны мæ фарсмæ ныгæд æрцæуай. Судзаг дæ, топпы нæмыг, мæлæтхæссæг дæр дæ, фæ- лæ ды нæ уыдтæ мæ коммæгæс цагъар? Мæ мæрдон сау сыджыт, ды мæ бамбæрздзынæ, фæлæ дæ æз нæ надтон, нæ хостон мæ бæхы къæхты бын? Уазал дæ, мæ- 329
л&т, фæлæ æз уыдтæи де ’лдар, дæ хицау. Мæ буар мыи рапсдзæн зæхх, мæ уд мын айсдзæн арв». Уыцы зарæгмæ хъусгæйæ-иу Хаджы-Мурат кæддæ- риддæр йæ цæстытæ бацъыпд кодта æмæ-иу зарæг куы фæци, уæд-пу сабырæй дзырдта ивазгæйæ, зæрдæуын- гæггæнæн хъæлæсæй: — Хорош песня, умный песня. Рæсугъд, æгъдауджын, ныфсдæттæг хæххон царды уаг Бутлеры зæрдæ тынгдæр райста, тынгдæр бауарзта Хаджы-Мурат æмæ йæ мюридты æриыды æмæ уыдони- мæ балымæны фæстæ. Йæхицæи куырæт, цухъхъа, зæы- гæйттæ сарæзта. Афтæ æнхъæлдта, ныр сыгъдæг хохаг лæгæй рагæпп ласдзæн æмæ, хæххои адæм цы цардæй цæрынц, раст гъсуыцы цардæй цæры уый дæр. Хаджы-Мурат цы бон раст кодта, уьшы бон Ивап Матвсевич афицерты æрæмбырд кодта Хаджы-Мурагы бабуц кæныпы æмæ йын фæидараст зæгъыны тыххæй. Афипсртæй иутæ цайцымæн стъолы алыварс бадтысты æмæ сыи Мария Дмитриевнæ цай кодта, иннæтæ та, хæрд æмæ позт цы стъолыл æвæрд уыд, уый алыварс бадтысты, афтæ Хаджы-Мурат бæлцпонарæзтæй цырд æмæ фæлмæн къахдзæфтæ кæнгæ, зына-нæзына чиугæ- йæ уаты æрбалæууыд. Се ’ппæт дæр сыстадысты æмæ йын радыгай, кæрæ- дзийы фæдыл йæ къух исгæ ацыдысты. Иван Матвеезич æй буцдæрæп тъахтииыл бадын кодта. Хаджы-Мурат ын раарфæ кодта æмæ рудзынджы цур бандоныл æрбадт. Йе ’рбауадæй адæм куыддæр фæджпхау, фегуыппæг сты, фæлæ Хаджы-Мурат уымæй нæ фефсæрмы. Адæмыл сабыргай йæ цæст рахасга.Хæ- ринæгтæ æмæ самавар цы стъолыл æвæрд уылысты, уы- мæ хæрдджын лæджы цæстæй бакаст, цыма йæ цæсты иицы уыдысты, уыйхуызæн. Иу роггомау афицер, Пег- роковский, зæгъгæ, Хаджы-Муратыл фыццаг хатт чи сæмбæлд, ахæм æй тæлмапæй афарста: куыд æм фæ- каст Кялак, йæ зæодæмæ бацыд æви нæ? — Бæгуыдæр бацыд,— замъ*æ, загъта тæлмацгæ- нæг. — Уæдлæр дзы йæ зæрдæмæ иы хуыздæр бацыд? Хаджы-Муоат ын дзуапп радта. — Театоæй тынгдæр ницы,— загъта тæлмацгæнæг. — Сæрлары хъазтизæр та йæм куыд фæкаст цымæ? Хаджы-Мурат йе ’рфгуытæ фæтар кодта. — Алы адæммæ дæр хицæц æгьдæуттæ ис, Махм^ ззо
сылт& уыцы ,^ушы ш цæуынц, ах&м дарæс ш да* рынц,— загъта даджы-Мурат æмæ Мария Дмитриевнæ- мæ бакаст. \ — Уæддæр дзы\йæ зæрдæмæ цы нæ бацыд? — Махмæ иу æ^бисонд ис,—загъта Хаджы-Мурат тæлмацгæнæгæн дзургæйæ.— Куыдз хæ, æджы дзпдза- пæ хорз уыдта, хыгъта, хæрæг та куыдзы хосæп, æмæ сæ дыууæ дар æххормагæй баззадысты. Алкæмæ дæр йæхи æгъдау хорз кæсы,— æмæ йæ мидбылгы ба- худт. Уымæй дарддæр ныхас нал ацайдагъ. Афицертæ чи хæрыныл, чи цай цымыныл фссты. Хаджы-Муратæн ца- йы агуывзæ бахастой, æмæ йæ йæ разы æрæвæрдта. — Æхсырысæртæ æмæ дзул та? — афарста йæ Ма- рпя Дмитрисвнæ æмæ йын сæ Гæ разы хæстæгдæр æрæ- вæрдта. Хаджы-Мурат ын йæ сæрæй ак^ывта. — Цæуыны уынаффæ скодтай уæдæ, н?—Хаджы- Муратæн йæ уæрагмæ æвналгæйæ афарста худæнбылæй Бутлер.— Хуыцау зоны, кæд ма фендзыстæм ка^рæ- дзи. — Хæрзбон, хæрзбон,—худгæг.æ уырь:с:а1ау загъта Хаджы-Мурат.—Абонæй фæстæмæ æз æмæ ды — дыу- уæ æфсымæры. Рæстæг цæуы, нæ фæндаг нæ дарын хъæуы,— æмæ йæ сæры фенкъуыстæй ацзмыдта, кæцы- рдæм æй цæуын хъæуы, уый. Дуары къæсæрæй Элдар æрбазыпд, йе уæхскыл урс нымæт, йæ къухы æхсаргард. Хаджы-Мурат æм йæ къух фæтылдта. Элдар даргъ къахдзæфтæгæнгæ хæстæг бауад Хаджы-Муратмæ æмæ йæм нымæт æмæ кард ба- лæвæрдта. Хаджы-Мурат нымæт райста, йæ цонгыл æй æрдыдагъ кодта æмæ тæлмацгæпæгмæ дзургæйæ нымæт Мария Дмитриевнæуæ радта. Тæг.м цгæпæг ратæлмац кодта: — Хаджы-Мурат зæгъы- пымæт дæ зæрдæмæ кæм бацыд, уым дын æй лæвар кæны. — Уый та куыд, уанцоп пæу! — запла Мария Дми- трисвнæ æфсæрмыгæнгæйæ. — Афтæ æмбæлы. Хæлар дын уæд,— загъта Хаджьг Мурат. — Бузныг, дæ лæвар бпрæ уæд,— загъта Мария Дмигриевнæ æмæ нымæт райста.— Зæгъ ын, дæ фырт дæхи фæндиаг уæд, дæ бипоптæ дæ къух цæмæй сса- рой, уый хуыцауы бафæндæд. 331
Хаджы-Мурат Мария Дмитриевнæма/ бакаст æмзе йын сæрæй акуывта. Стæй Элдары къуХæй кард райста æмæ йæ Иван Матвеевичæн балæвар/кодта. Иван Мат- веевич кард йæ къухмæ райста æмÆ тæлмацгæнæгæн загъта: / — Зæгъ ын, мæ бур бæх йæхицæн саккаг кæпæд, æндæр ын цæмæй раарфæ кæнон, цæмæй йыы æй бах- хæст кæнон, ахæмæй мæм ницы ис. Хаджы-Мурат йæ къух йæ цæсгомы раз батылдта^, ома, ницы мæ хъæуы, ницы райсдзынæн. Стæй къухæй зæрдæ æмæ хæхтæ ацамыдта æмæ цæуыныл фæци. Се ’ппæт дæр йæ фæдыл рацыдысты. Афицертæй ма мидæ- гæй хæдзары чи баззад, уыдон кард сластой, рауын-ба- уын æй байдыдтой æмæ æмдзыхæй загътой, æнæмæнгæй сыгъдæг гурда1 кæй у. Бутлер Хаджы-Мураты фæдыл дуармæ рацыд. Уым, чысыл ма бахъæуа, æнæнхъæлгæйæ фыдбылыз ма ’рцæ- уа: гыццылтыл ма баззад, фæцæй-йæ мардæуыд Хаджы- Мураты, куы нæ сарæхстаид, уæд. Фæлæ йæ пыфс, йе ’хсар, йæ цырддзинады руаджы фервæзт. Хъуымыхъхъаг хъæу Таля-Качуйы цæрæг адæмы æхсæн Хаджы-Мурат стыр номдзыд, стыр цытджын лæг уыд. Бирæ хæттыты уыцы хъæуы адæм фидармæ æрба- цыдтытæ кодтой номдзыд, алыпп наибы феыынмæ. Иæ цæуыны агъоммæ йæм, æртæ боны раздæр, минæвæрттæ æрбарвыстой, куыд сæ бабæрæг кодтаид æмæ сæм май- рæмбоны сæ мæзджытмæ куыд æрбацыдаид, афтæ. Та- ля-Качуйы цардысты хъуымыхъхъаг æлдæрттæ, Хаджы- Мураты туджджынтæ. Уыцы хабар сæ хъусыл куы ’рцыд, уæд адæмæн фехъусын кодтой, сæ туджджын Хаджы-Мураты хъæумæ æрбауадзинаг ие сты. Адæм схъаугъа сты, æддæг-мидæг сысты æмæ сын æлдæртты фарсласджытимæ хылмæ атыхст æмæ кæрæдзимæ бав- нæлдтытæ кодтой, кæрæдзийыл ралæууыдысты. Уыры- сы хицæуттæ адæмы басабыр кодтой æмæ Хаджы-Му- ратмæ лæгтæ æрбарвыстой, цæмæй нал æрбацыдаид, уый тыххæй. Хаджы-Мурат баззад, иал ацыд. Адæм æнхъæл уыдысты, уымæй хъуыддаг ахицæн, зæгъ- гæ. Бæхтæ дуармæ цæттæйæ лæууыдысты. Куыддæр Ха- джы-Мурат æддæмæ уынгмæ рацыд, афтæ фыдбыльь зау, кæцæй йæ хуыцау æрбахаста, Хаджы-Муратæч 1 Г у р д а—уæлдай хуыздæр æндонæй æмæ хорз коид æхсаргард. 332
раст йæ тæкцае цæуыны сахат хъуымыхъхъаг къниаз Арсла’н-Хаи, Иваи Матвеевичы æмæ Бутлеры хорз зон- гæдуым æрбалæмуыд. Хаджы-МуратЦ^ куы ауыдта, уæд йæ синæй дамбаца фелв\еста æмæ йæ\Хаджы-Муратмæ фæцарæзта, фæлæ йæ æхр нæ бафæрæзта, афтæ йыл Хаджы-Мурат гæды- йау йæхи андзæрста\Арслан-Хан ыл дамбаца суагъта, фæлæ йæ фæивгъуыдтУ Хаджы-Мурат ын йæ бæхы рох- тæ ацахста, хъама йæмуфелвæста æмæ йыл тæтæйрагау схъæртæ кодта. Бутлер ^æмæ Элдар уайтагъ се ’хсæц фæмидæг сты æмæ сын сæ къухтыл ныххæцыдысты. Дамбацайы гæрахмæ Иван Матвесвич дæр æддæмæ рауад. — Куы дын амардаин фæлтау,— цы бакодтай, гор- моп, уый, Арслан, уыцы чъизидзинад бакæнын мæ хæ- дзары дæ сæрмæ цæмæн æрхастай? — загъта ИванМаг- весвич, хъуыддаг куы бамбæрста, уæд.— Афтæ хорз нæу, мæ хæлар. Æддейы, искуы быдыры, дæ лæджы- хъæд æмæ дæхæдæг, фæлæ ам, мæ хæдзары дын бакæ- нын не ’мбæлд. Арслан-Хап уыд чысыл, саурихи лæг. Хуызыцъыртт дзы нал аззад, ныффæлурс æмæ зыр-зыргæнгæ бæхæп рахызт хæстулæфтгæнгæ, Хаджы-Муратмæ мæстыйæ, дзагъултæгæнгæ бакаст æмæ Иваи Матвеевичимæ уа- зæгдонмæ бацыд. Хаджы-Мурат фæстæмæ бæхтырдæм фæзылд тыхулæфтгæнгæ æмæ йæ мидбылты худгæйæ. — Цæуыл дæ мардта уый? — афарста Бутлер тæл- мацæй Хаджы-Мураты. — Уый, зæгъгы, пе ’гъдау афтæ у,— ратæлмац кодта тæлмацгæнæг Хаджы-Мураты ныхæстæ.—Арслан- Хан дзы йæ туг агуры, марынмæ дæр æй уымæн хъа- • выд. — Йæ фæдыл куы ацæуа æмæ йæ фæндагыл куы баййафа, уæд та? — бафарста Бутлер. Хаджы-Мурат йæ мидбылты бахудт. — Хуыцауы цы фæнда, уый уыдзæн. Цæй, хæрзбон уал у,— загъта Хаджы-Мурат, бæхы мæсыгыл фæхэе- цыд, йæ алфамбылай, йæ фæдыл чи рацыд, уыдоныл йæ цæст ахаста æмæ Мария Дмитриевнæимæ фемдзаст сты хицон, уарзон цæстæнгасæй. — Хæрзбои у, мæ мад,— загъта Хаджы-Мурат Ма- рия Дмитриевнæйæн.— Стыр бузныг. — Хуыцау дын дæ бипонты дæ къухы бафтын кæ- нæд,— загъта йын дыккаг хатт Марпя Дмитриевнæ. 333
Хаджы-Мурат ын йæ ныхæстæ иал фех^уыста, фазлгё Мария Дмитриевнæйы зæрдæ йæ бинсштæм кæй æх- сайдта, мæт сыл кæй кодта, уый дзæоæх бамбæуста æмæ йып йæ сæрæй акуывта. / , — Дæ хорз хæларыл стырзæрда? макуы су, м/а йæ ферох кæ,— загъта Бутлер. / ( Хаджы-Мурат тæлмацгæнæгæьг загъта: — Уый тыххæй мыл йæ зæрдЬ дарæд, æз, йæ хорз хæлары чи ферох кæна, уыдонæн нæ дæн. * Кæд зылынкъах уыд, уæддæр, куыддæр йæ къах æгъ- дæнцоймæ бахæццæ, афтæ цæстыфæныкъуылдмæ бæр- зонд саргъыл йæхи æруагъта. Иæ ахуырмæ гæсгæ йæ гæрзтыл йæ къух æрхаста æмæ, æрмæст хæххон лæг куыд рæсугъд, аив бады бæхыл, уыцы рæсугъд, хъал, аив барæджы бадтæй араст Хаджы-Мурат йæ фæрныг фысымты хæдзарæй. Ханефи æмæ Элдар дæр сæ бæх- тыл абадтысты, хæрзбон загътой фысымтæн, афицер- тæн æмæ сæ мюршиды фæдыл сæпп-сæппæй сæ бæхтæ пуагътой. Куыд фæкæпынц кæлдæрнддæр, афтæ ныр дæр бæлццæтты кой кæиыи байдыдтой. Æвæдза, саг адæймаг та куыннæ у! Бирæгъы лæ- бурд æм дзæбæх куы бакодта Арслан-Ханмæ. Йæ цæс- гомы хатт куыд афæлывта, йæхи хуызæл нал уыд. — Фæсайдзæн пæ, æууæик ыл нæй, æвæццæгæп, стыр фæлитой чи у, ахæм у,— загъта Пстрэков- ский. — Лхæм фæлитоптæ уырысмæ хуыцау куы радта- ид,--æвиппайды мæстыйæ сдзырдта Мария Дмитриев- нæ.— Æгас къуыри махмæ фæцарл, æмæ йæм хорздзи- нады йедтæмæ ницы бафиппайдтон. Уæздан, æмбаргæ æмæ раст адæймаг. — Цæмæй йæ базыдтай ды та? — Æвæццæгæн æй базыдтон. Куы нæ йæ зонин, уæд пæ дзурнн. — Йæ зæрдæмæ бацыд, бауарзта йæ, уый æцæг у,— загъта Иван Матвеевпч. — Æмæ уæд цы? Бауарзтон æй уæд та. Сымах та иы кæсы? Лæгæй лæг зæгъын хъæуы, фыдгой кæпын цæмæн у? Пысылмон у, æцæг, фæлæ бафауинаг нæу, хуыздæпæй ма дзы цы загъдæуа. ’,— Æгопгæй, Мария Дмитриевнæ, раст зæгъыс,— загъта Бутлер.— Адæмы хуызаæр фæуинаг, ’ ды ма сдзырдтай йæ сæрыл. 334
XXI Цæцæны бæАы арæнтыл, раззаг фидæртты цы адæм бадт,1 уыдонæн сакцарды уаг фыццаджы æгъдауыл арæз! уыд. Уæдæи\ардæм дзы æрцыд дыууæ фæдисы. Уыцы\фæдисты уыдцсты дыууæ ротæйы салдæттæ æмæ милицф. Милицæ бæмыл цыппæрвадæй тахтысты, фæ- лæ хæххон адæмы бауромын иу хатт дæр сæ къухы нæ бафтыд,— аирвæзтысты\сын-иу. Иу хатт Воздвиженскы дондарæнæй хæххон адæм хъазахъхъы бæхтæй аст атардтой, иу хъазахъхъаджы та маргæ акодтой. Галиу- варсы æфсæдтæн ног хица^у кънйаз Барятинскийы кæй скодтой, уыйадыл Стыр Цæцæнмæ бафсад кæнынмæ хъавыдысты æмæ уымæ æнхъæлмæ кастысты. Кънйаз Барятинский, паддзахы фыртæн йæ лымæи- ты хуыздæр, кæддæр кæгæджы полчъы, ныр та галиу- варсы æфсæдты хицау, куыддæр Грозпамæ æрхæццæ, афтæ æфсæдты æрæмбырд кодта, паддзах цы уынаффæ бакодта æмæ Чернышев Воронцовмæ кæй фыста, уыдон сæххæст кæныны тыххæй. Воздвиженскы Цы æфсæдтæ æрæмбырди, уыдон араст сты хæсты арæнтæм, Курип- счырдæм. Уыцы ран æфсæдтæ æрбынат кодтой æмæ хъæд цагътой. Кæстæр Воронцов уым цард стыр зы- паргъ сгæллад цатыры мидæг. æмæ йæ йæус Мария Ва- сильевнæ арæх бæрæг кодта, арæх æм цыд æхсæвæддæ- йыл. Æнæ зонгæ ничи уыд, сусæг, миййаг, нæ уыд, Ба- рятинский æмæ Мария Васильевнæйы æхсæн цы æгъ- дау уыд, уый. Стыр адæмтæ кæуыл не ’рвæссыдысты, се ’хсæнмæ цæуын аккаг кæмæн нæ кодтой, уыцы афи- цертæ æмæ салдæттæ Мария Васгльевнæйæ разы нæ уыдысты, лагерьтæм1 кæй цыд æмæ сæ уый сæраппонд æхсæвæддæйыл сусæг рæтты хъахъхъæиæг кæй æвæрд- той, уый тыххæй, æмæ йæ уыйадыл æлгъыстой, алы æв- зæр ныхас дзы кодтой. Хæххон адæм-иу æхстбæрц раз- мæ сармадзантæ батардтой æмæ-иу уырысы æфсæдты бадæитæ æхстой. Уыцы сармадзаны нæмгуытæ фылдæр хæттыты раиы не ’мбæлдысты, æмæ сæ уымæ гæсгæ уырыс хъуыды дæр нæ ’кодтой. Фæлæ хæххон адæм раз- мæ хæстæг сармадзантæ тæрын цæмæй нæ уæндыдаик- кой æмæ Мария Васильсвнæйы цæмæй нæ тæрсын код- таиккой, æрмæст иунæг гъеуый тыххæй æхсæвыгон бæ- рæг рæтты сусæгæй хъахъхъæнджытæ æвæрдтой. Æр- 1 Æфсæдтæ сæрдыгон кæм бадтысты, уыцы бьшат. 335
вылбонæхсæв бадынмæ цæуын, æрмæст/ цæмæй «æ тæрса, уый тыххæй,—уыцы хъуыддаг сæхицæн æфхÆрд æмæ æгаддзинадыл нымадтой æмæ Мария Василье/знæ- йæ æвзæр ныхæстæ кодтой — æлгъыетой йæ салдæттæ дæр æмæ стыр хæрзмыггаг адæм к^еуыл не ’рвæс/ыды- сты, уыцы афицертæ дæр. / / Бутлер æмгъуыдмæ йæхи ракуырдта æмæ, щ фида- ры цард, уырдыгæй ардæм, ацы/æфсæдтæм æрбацыд. Полчъы æмæ уæздæтты скъолаиы кæимæ ахуыр кодта æмæ куыста æмæ ныр Куринсш полчъы хицæутты раз адъютаиттæй æмæ ординарецтæй чи куыста, уыдон абæ- рæг кæнып æй æрфæндыд. Иге ’рбацыдæй йæ ацыдмæ хъæлдзæг уыд, йæ цардæй разы уыд. Бутлер Полторац- киймæ бафысым кодта æмæ цатыры æрцард. Уым, йе ’рцыдыл чи бацин кодта, ахæм зопгæтæй бирæтыл сæм- бæлд. Воронцовы дæр абæрæг кодта. Кæддæр иумæ иу полчъы куыстой æмæ кæрæдзи чысылтæ зыдтой. Ворои- цов æм дзæбæх цæстæй ракаст, бабуц æй кодта æмæ йæ кънйаз Барятинскиимæ базонгæ кодта, стæй Барятип- скийы агъоммæ, галиуварсы æфсæдты хицау Козлов- скийы номыл цы сихор сарæзта хæрзбон зæгъыны тых- хæй, уыцы сихормæ йæ æрбахуыдта. Сихор уыди тынг хорз. Цатыртæ æрбаластой æ^мæ сæ дæргъæй-дæргъмæ æрцарæзтой. Стъолтыл, цы ’мбæлд, уыцы дзауматæ æмæ дзаг æвгтæ æвæрд. Алцы- дæр бетъырбухаг гвардийы цард зæрдыл лæууын кодта. Дыууæ сахаты уыдаид, афтæ фынгтыл æрбадтысты. Стъолы цур йæ тæккæ бæрæгастæу сбадтысты: иуырды- гæй фарс Козловский, иннæрдыгæй йæ бакомкоммæ Барятинский. Козловскийæн йе ’мварс, рахизфарсырды- гæй бадт Воронцов йæхæдæг, галиуварсырдыгæй та Во- ронцовæн йæ ус. Уыдонæн сæ дыууæрдыгæй фарс суанг кæроны онг бадтысты Кæсæджы æмæ Куринсчы полчъы афицертæ. Бутлер бадти Полторацкийы фарсмæ. Сæ дыууæ дæр хъæлдзæгæй ныхæстæ кодтой æмæ нозгой сæ сыхаг афицертимæ. Хъуыддаг шампайнаг сæнмæ куы атыхст, уæд уырдыглæууæг салдæттæ бæрзондкъах- джын нуазæнтæ æрыдзаг кодтой. Полторацкий йæхн- нымæры тыхсгæйæ æмæ зæрдиагæй тæригъæд кæнгæйæ загъта Бутлерæн: — Ацы бон нæ «куыд»-æн йæ худннаджы рæстæг æрдыд. — Цæй тыххæй зæгъыс? — Стыр æфсарм дзы ис, лæджы сæр æй бахъуыд— 336
раныхас кæныц æй хъæудзæн. Дзыхæй та, куыд зоныс, ахæм у æмæ к^ы нæ сарæхса, куы ныкъкъуылымпытæ уа æмæ куы фефЬæрмы уа. — Афтæ, æфсымÆр, афтæ; уый хæсты быдыры нæм- гуыты убын знаджьЛхæцæнтæ исыны хуызæн нæу. Но- джы мгк фыдбылызау\ие ’мварс æфсин бадт фæци, ин- нæрдыга^й та, паддзахимæ æмвынг чи фæбады, уыцы стыр гуыппырсартæ. Рж^т зæгъгæйæ, зын ран ис, мæ- гуырæг, тæригъæддаг та куыд нæ у,— ныхæстæ кодтой сæхинымæры афицертæ. \ Уыцы цытджын радзырды афон æрхæццæ. Барятин- ский сыстад, нуазæн йæ къухмæ райста æмæ, Козлов- скиймæ дзургæйæ, цыбыр ныхас ракодта. Барятинский ныхасгонд куы фæци, уæд Козловский сыстад æмæ ныфсджын хъæлæсæй, æнæкъæзгæйæ байдыдта дзу- рын: — Йе стырдзинад нæ паддзахы бæрзонд фæндонæй æз ардыгæй, куыд, раст кæнын, хицæн кæнын сымахæй, господа афицертæ,— загъта уый.— Фæлæ мæ нымайут, куыд, сымахимæ цымадæн, афтæ. Æнæ зонгæ нæ ничи у, куыд, иу арс рыг нæ кæны, иу æфсæддон быдыры хæ- цæг нæу. Уымæ гæсгæ æз мæ куысты сæргъы, мæ куы- сты мидæг, куыд, цыдæриддæр хæрзиуæгæй райстон, куыд, цы стыр хорздзинæдтæ мыл ныккалдта йæ рæдау къухæй нæ бæрзонд паддзах, куыд, цы ’гъдауы мидæг дæн, куыд, мæ хорз ном,— æппæтæй дæр, алцæмæй дæр сымахæй бузныг, сымах руаджы...— Ацы ран йæ хъæ- лæс ныррызт, æмæ кæуын йæ былты æлгътæм схæц- цæ.— Æз, куыд, бузныг дæн æрмæст иунæг сымахæй, мæ хæлæрттæ! — йе ’нцъылдтæ цæсгом ноджы тынгдæр иынцъылдтæ ис, йæ зæрдæ суынгæг, фæсыллыпп кодта æмæ цæстытæ доны разылдта.— Мæ зæрдæйы бынæй уын, куыд, сыгъдæгзæрдæйæ арфæ кæнын. Козловскпй уымæй дарддæр дзурын нал фæрæзта, йæ бынатæй уæлæмæ сыстад æмæ афицерты хъæбыстæ кæнын байдыдта. Воронцовы ус йæ цæсгом къухты- кæлмæрзæнæй бамбæрзта. Кънйаз Семсн Михайлович Воронцов йæ дзых ныззылын кодта, йæ цæстытæ тъæ- бæрттытæ кæнгæйæ. Афицертæй бирæтæ сæ цæстытæ доны разылдтой. Бутлер дæр йæхи нал баурæдта, æмæ йæ цæстысыгтæ портийæ æркалдысты, афтæмæй Коз- ловскинмæ кæрæдзийы чысылтæ йедтæмæ нæ зыдтой. Фæлæ йæм уыцы митæ хорз фæкастысты, æмæ йæ зæр- дæ суынгæг. Уыйфæстæ гаджидæуттæ уадзын байдыд- 22 Повестта» 337
той — Барятинскийы, Воронповы, афиц^лы æмæ сал- дæтты тыххæй. Уазджытæ фæесихор/хъæлдзæгæй ра- иыдысты. Сæп æмæ æфсæддон хъæл/зæг, æнæмæт цар- дæй банозтджын сты,— афтæ уыд рг арæзт, се /’гъдау афицсртæн. / / Рæстæг диссаг хорз уыд: хур/юп, æнæдымгæ; сыгъ- дæг уæлдæф уæнгтæ рог кодта/ Алырдыгæй I æртыты къæрццытæ цыди æмæ хъуыстысты зарджытæ. Ьæрæг уыд, цыдæр бæрæгбон кæй ар’æзтой, уый. Бутлер иттæг зæрдæхъæлдзæгæй йæ фысьрд Полюрапкиимæ афар- дæг. Йæ бацыдмæ Полторацкийуæ афицертæ æрæм- бырд сты, сæ астæу къамæйхъазæн стъол æрцарæз’той, æмæ адъютант банчы дæс туманы æрæвæрдта. Бутлер цатырæй иу-дыууæ хатты йæхи’ æдлæмæ расайдта йæ къухæй хæлафы дзыппы æхцадоныл хæцгæйæ, фæлæ уæддæр æрæджиау йæхи нал баурæдта, йæхицæн æмæ йе ’фсымæртæн цы дзырд радта, уый фæсайдта æмæ къамæй хъазыныл æрбадт. Сахат дæр нæма рацыдаид, афтæ Бутлср сырх-сыр- хидæй, хидæйдзагæй, мелæй ахуырстæй бадти йæ рæм- быныкъæдзтæ стъолыл æвæрдæй, æмæ, састбылтæ, ды- дагъгонд къамты бын, алы хатт цас цыд, цас æвæрдта, уыдон фыста. Афтæ бирæ æмбулын кодта, æмæ йæ цæсгом нал хъæцыд, нал уæндыд йæ хæстæ банымайын. Æнæ банымайгæйæ дæр сæ, хъæлæкк, шдта,— канд, цы улупа ма йæм цыд, уый нæ, фæлæ ма сыл йæ бæхы аргъ куы бафтыдтаид, уæддæр ын йæ хæстæ нæ бам- бæрзтаиккой, афтæ бирæ фæхæсджын æнæз:нгæ, æцæ- гæлон адъютантæй. Ахъазынмæ ма йæ зæрдæ бæргæ æхсайдта, фæлæ йæм адъютант ты мæгæй бакаст, йæ сыгъдæг урс къухтæй къамтæ æрæвæрдта æмæ ныма- нып байдыдта мелæй фыст даргъ «мæсыг»— Бутлеры хæстæ. Бутлер, мæг>ыр, хорзау нал фæци, фефсæрмы, хатыр дзы ракуырдта,— ацы сахат кæй амбулын кодта, уыдон бафидын йæ къухы нæ бафтдзæн, йæ рæстæг нæ амоны,— фæлæ йын дзырд радта, нæхт:æй дын сæ æр- барвптдзынæн, зæгътæ. Уыцы пыхæстæм гæсгæ йын Полторанкий уæд, иннæтæ }æд,— сс ’ппæт дæр фæтæ- рпгъæд кодтой æмæ йæм комкоммæ бакæсын æфсæрмы кодтой. Бутлер дæр сæ бамбæрста. Уыцы бæллæх æр- иыд Бутлерыл, цы боп раздæхт фæстæмæ, уымасн йе ^хсæвы. «Ацы фыдбылыз та мæм кæцæй каст,— ахъуы- ды кодта пæхипымæр Бутлср.— Къамæй хъазыпы бæс- ты Воронцовтæм куы ацыдаин,— хуынд куы уыдтæц 338
уырдæм,— уæд æп&м&т уыдаии. Мыр стыр зЪш р&нЫ дæн, мæ хæстæ мæ сæрæй фæфыддæр сты». Йе ’мбæлттæ æмæ йæ зонгæтæн хæрзæхсæв загъта æмæ сæ хæдзармæ\афардæг. Уым уайтагъд хуыссæпы пæхи бяппæрста æмаз, йæ къах дæр нал атылдта, аф- тæмæй ^8 сахаты æпаЧ райхъалæй фæхуыссыд. Лфтæ фæхуыссыиц, къамæн оирæ чи амбулып кæпы, уыдон дæр. Мария Дмитрневнæиæ сомырдæг кæй ракуырдта, йемæ цы хъазахъхъаг æрцыд, уымæн авæрыны тыххæй, уымæ гæсгæ, стæй æнæуый дæр йæ уагыл кæй нæуыд,— йæ хуыз æмæ йæ цыбыр æвæндон дзуаппытæм гæсгæ бамбæрста, кæй амбулып кодта, уый,— Иваи Матве- свичмæ баздæхт æмæ йæ куыдзæй фыддæр фæкодта, кæй йæ ауагъта, уый тыххæй. Дыккаг боп Бутлер райхъал раст сихорафон дыууа- дæсæм сахатыл. Фæндыд ма йæ, хъæлæкк, фæстæмæ та куы бафыиæй уыдаид, йæ низ, йæ зæрдæйы рис ферок кæныны тыххæй, фæлæ йыи уый гæнæн нæ уыд — йæ фадат пæ амыдта. Исты æгъдауæй, псты амалæй йæ ссарын хъуыд авд æмæ дыууиссæдз туманы, æцæгæлон адæймагæй кæй фæхæсджын, уыдон. Уыцы амалтæй сæ ну уыд: йе ’фсымæрмæ писмо ныффыста йæ рæдыдыл фæсмон кæнгæйæ æмæ йын лæгъстæ кодта, сæ иумæйаг куыройы хайы пыхмæ йып фæстаг хатт 50 тумапы цæ- мæй рарвыстаид. Уыйфæстæ ныффыста иу мæрддзæст хæстæгмæ, уымæй дæо куырдта, йе ’хсызгон ын куьтд сарæзтаид æмæ йып 50туманы куыд радтаид. йæ дзых йæ тæрхонгæнæг, зæгъгæ, ахæм пайдайыл. Стæй Иван Матвеевичмæ араст кодта. Зьтдта, уьтй, уæлдайдæр та Марпя Дмитриевиæ, æнæ ’хиа кæй нæ уыдзысты, æмæ дзы куырдта 50 туманы æфстау. — Æз дьти раттии,—зягъта Иваи Матвеевич,—фæ- лæ мæ мæ хæйрæгæй — Машкæпæ пыфс нæй, пæ йæ бафæпддзæн. Нæ сæ зоныс сьтлтьт,—сылтæ мæрддзæст сты, нпцьт сæ раптысдзæи, иицы сæ радомдæуыдзæн. Фæлæ пстьт амал кæпып хъæуы. Бæллæхы бафтыдтæ. Уыиы æлгъысты маркитаитмæ1 та æхтта нæ уыдзæн цы? Фæлæ маркптапты фæрлып дæр пæ хъуьтд. Уымæй пстьт пядомын, исты рафæлгъяуын стыр зыи хъуьтддаг уыд. Æрмæст ма йæ зæрдæ йе ’фсымæрыл æмæ йæ мæрддзæст хæетæгыл дардта — Гæ каст уыдоимæ уыд. 1 Хæринагдæтт.æг æфсæдтæн нардуат æгъдауæй.
ХХЦ Цæцæнырдыгæй йæ къухы куы Лшцы бафтыд, уæд Хаджы-Мурат Калакмæ фæстæмæ/ раздæхт. Алыбои Воронцовмæ цыд æмæ йын лæгъстæ кодта, хйхаг уа- цайрæгты куыд æрæмбырд кæна/æмæ йын уыдонæй йæ бинопты куыд баива, афтæ. Дзырдта: уый куы нæ уа, уæд баст у, йæ айвазæнтæ йæ бар не сты æмæ йæ бон нæу зæрдæйы фæндоныл уырысæн баххуыс кæнын æмæ Шамилы ныппырх кæнын. Воронцов ын бæлвырд-бæрæг ныхас нæ загъта, фæлæ йыи зæрдæтæ бавæрдта, йæ бон цы уа, уый бакæндзæн, зæгъгæ, афтæмæй та хъуыддаг фæстæмæ-фæстæмæ кодта, инæлар Аргз/тинский Кала- кæй æрцæудзæн, æмæ, йемæ куы баныхас кæна, уæд ыьГ бæлвырд дзуапп ратдзæп, зæгъгæ. Уæд Хаджы-Мурат курын байдыдта Воронцовæй, рæстæгмæ йын Нухамæ ацæуыны æмæ уым ацæрыны бар куыд ратта, афтæ. Хаджы-Мурат æнхъæл уыд, уыцы чысыл сахары мидæг ын æпцондæр уыдзæн йæ хæрзгæнджыты руаджы Ша- милимæ радзур-бадзур кæнын йæ биноиты тыххæй. Уы- мæй æддæмæ ма, Нуха пысылмон горæт кæй у æмæ дзы мæзджыт кæй ис, уымæ гæсгæ йыи æнцопдæр уыдзæн пысылмон дины æгъдæуттæ æххæ.т кæнын. Воронцов уый тыххæй Бетъырбухмæ ныффыста, фæлæ йын уæд- дæр йæхи æгъдауæй Нухамæ ацæуыны бар радта. Воронцов дæр, Бетъырбухы хицæуттæ дæр æмæ уы- рысы адæмæй сæ фылдæртæ, Хаджы-Мураты хабæрттæ чи зыдта, уыдон сæ зæрдæйæ афтæ æнхъæл уыдысты, æмæ Хаджы-Мурат йæхи кæй радта, уый Кавказы хæс- тыл (Ьæзындзæп, хуыздæрырдæм æй фæзилдзæп. Ха- джы-Муратæн йæхицæн та, уæлдайдæр а фæстаг бон- ты, уыцы хъуыддаг йæ цард фехæлдта — стыр тæссаг фæпдагыл æй сæвæрдта. Хаджы-Мурат хохæй йæхи райста, Шамилимæ кæй фæерыс, се ’хсæн стыр знаг- дзипад кæй уыд, уый дымæгмæ æмæ йæ сæр бафснайы- ны тыххæй. Цыфæнды зын ын кæд уыд уыцы рацыд, уæддæр, цæмæ хъавыд, цæмæ бæллыд, уый йæ къухы бафтыд. Райдиань! йæ хъуыддаг дзæбæх кæй цыд, ууыл цин кодта, хъæлдзæг уыд æмæ зæрдиагæй, æнæмæнгæй Шамилимæ схæцыны тыххæй хъуыдытæ æмæ уынаф- фæтæ кодта. Фæлæ хъуыддаг афтæ разынд, æмæ йæ бипонтæ Шамилы къухæй фервæзын кæнын фæзын. Ха- джы-Мурат куыд æнхъæл уыд, афтæ æнцон нæ разынд. Шамиль баздæхт æмæ йын йæ бинонты æрцахста, ахæс- 340
ты сæ дардта &мæ æртХъйр&ц коДта — сылты хъайутыл байуардзæн, фырты та кæнæ маргæ акæндзæн, кæнæ йын йæ цæстытæ скЪахдзæн. Хаджы-Муратæц ныр Ну- хамæ йæ цыды сæр уый уыд: æрфæндыд æй бафæлва- рын йæ бинонты Шамилы къухæй байсын, Дагъистаны йыл иузæрдион чи у, йæ сæр ын чи æрхъуыды кæндзæн, уыцы лымæнты руаджы лæгъздзыхæй кæнæ зондæй, уынаффæйæ, хиндзинадæй. Нухайæ йæм фæстаг дзырд- хæссæг ахæм уацхъуыд æрхаста: йæ уарзон лымæнтæ йын йæ бинонты байсын æмæ семæ уырысмæ ралидзы- ны уынаффæ кæнынц, фæлæ уыцы хъуыддагæй йæхи чи нæ раласдзæн, уыдон бирæ не сты æмæ, цалынмæ йæ бинонтæ Ведепойы ахæсты уой, уалынмæ йæ ныфс ничи хæссы уыцы хъуыддаг бакæнын, фæлæ йæ бакæнинаг сты, Веденойæ сæ æндæр ранмæ куы ивой, уæд фæнда- гыл. Хаджы-Мурат ныстуантæ арвыста йæ хæлæрттæм: æртæ мины раттинаг у, йæ биноиты йын чи фервæзып кæна, уымæн. Нухайы Хаджы-Муратæн фондзуатон гыццыл хæ- дзар цæрынмæ радтой; уыцы хæдзары æрцардысты йæ- хи йедтæмæ ма йæ хъахъхъæнæг афицертæ, тæлмацгæ- нæг æмæ нукертæ. Хаджы-Мурат Нухайы мидæг йæ цард æрвыста афтæ: йе ’хсызгондæр куыст дзырдхæс- джытæм æнхъæлмæ кæсын æмæ уыдонимæ радзур-ба- дзур кæнын, стæй, хицæуттæй йæм цы бар лæвæрд уыд, уымæ гæсгæ хи апрхæфсыны тыххæй. Нухайы алфам- былай хæстæг рæтты бæхыл рацу-бацу кæнын. 8 апрелы Хаджы-Мурат бæхыл фæхатт æмæ фæстæ- мæ куы ’рбаздæхт, уæд базыдта, Калакæй Воронцовы æрвыст лæг æрхæццæ æмæ пъырыстыфимæ йæ æрбаз- дæхынмæ æнхъæлмæ кæсынц. Уыцы хицаумæ йæ зæрдæ ахсайдта, фæндыд æй базонын, цы хабæрттæ йын æр- хаста, уый, фæлæ цалынмæ сихоры ламаз скодта иннæ уаты, уалынмæ сæм нæ бацыд. Ламазгонд куы фæци, уæд уазæгдонмæ уазджытæм бацыд. Калакæй цы хицау æрцыд, статский советник Кириллов, уый Хаджы-Му- ратæн бамбарын кодта Воронцовы фæндон: апрелы 12 бон Калачы куыд сæмбæла Аргутинскийы фенын æмæ йемæ баныхас кæныны тыххæй. — Якши1,— тызмæгæй загъта Хаджы-Мурат. Хицау Кириллов йæ зæрдæмæ нæ бацыд. 1 Хорз. 341
— Уый д&р хорз, ф&лаб &Хца æрласта? Ныр мйм дыууæ къуырийы мызд цæуы,—загъта Хаджы-Мурат æмæ фыццаг дæс, стæй цыппар æнгуылдзы равдыста— ардæм сæ рахæсс. — Ныртæккæ дын сæ анымайдзынæн,—загъта хи- цау æмæ йæ фæндаггон хызынæй æхцадон сласта. — Ай та цымæ æхцайæ цы кæиы, цæмæн æй хъæ- уынц? — загъта Кнрнллов уырыссагау, Хаджы-М^ра- тæп уырыссагау зонын æнхъæл нæ уыд æмæ, йæ зæр- дæйæ, нæ мæ бамбардзæ’н, зæгъгæ; фæлæ йæ Хаджы- Мурат бамбæрста æмæ йæм тызмæгæй, зулдзæстæй ба- каст. Кирилловы фæпдыд Хаджы-Мурагимæ аьыхас кæнын, æрмæст Воронцовæн иы радзырдтаид æмæ йсмæ цæй æфсон аныхас кодтаид, уый тыххæй. Уымæ гæсгæ æхцатæ куы сласта, уæд æй тæлмацæй афарста— куыд у йæ царды ’гъдау, хъыг, миййаг, кæны? Хаджы-Мурат уыцы чысыл, фыдцъылыс, ставд æнæпъагæттæ, æнæ- гæрзтæ лæгмæ зулмæ, æлгъаджы цæстæнгасæй бакаст æмæ йæм фæстæмæ ницы сдзырдта. Кириллов та йæ дыккаг фарст бакодта. — Куыд æм кæсын, афтæмæй дзæбæхæй чи бамба- ра, ахæм нæу, æмæ йын зæгъ — йемæ дзурын мæ нæ фæнды. Æхца споæд æмæ сæ ардæм æрийæд. Æмæ æхцатæ банымайынæввопг стьолы цур æр- бадти. Кириллов сызгъæринтæ систа, дæсгæйттæ-дæ:гæйт- тæ сæ кæрæдзи уæлæ амайгæйæ авд мæсыггонды скодта æмæ сæ Хаджы-Муратмæ хæстæгдæр бакодга. Хаджы- Мурат бон иста фондз сызгъæрнны. Хаджы-Мурат сыз- гъæриитæ йæ цухъхъайы дысы ныккалдта, йæ быиатæй сыстад æмæ æнæнхъæлгæйæ, æваст сгатский советнн- кæн йæ гæмæх сæр хынджылæггæнæгау æркъупп ласта, йæхæдæг уатæй æддæмæ рацыд. Статский советник йæ бынатæй хæрдмæ фесхъиудта æмæ йын тæлмацзен зæ- гъын кодта,— булкъоны цин æм кæм ис, уым æм хъуа- мæ афтæ ма уæнда. Пъырыстыф дæр йæ фарс фæци æмæ фарсласæн ныхас загъта. Фæлæ Хаджы-Мурат йæ къух ауыгъта, йæ сæрæй размæ акъуырдта, ома? æнæ зопгæ йæ нæ дæн, амоныи мын æй нæ хъæуы, æмæ дуары æдде фæци- — Цы бакæпæн ис йемæ? — загъта пъырыстыф.— Хъама дын дæ артæнты атъысдзæн æмæ дын хæрзбон зæгъдзæн. Цу, ды йемæ дзур уыйфæстæ. Цы сæ хо- ныс,— хæйрæджыты мыггагæй сты, дзурæн нæй семæ. 342
Куыд æм кæсын, афтæмæй цыма йæ сæрызонд дзæ- гъæл кæнын байдыдта, афтæ мæм зыпы. Куыддæр изæрдалынгтæ æрци, афтæ, дыууæпзæр- астæу, сæ цæсгæмттæ басылыхъхъыты тыхтæй, дыууæ дзырдхæссæджы хохæй æрхæпцæ сты. Пгырыстыф сæ уатмæ Хаджы-Муратмæ бакодта. Дзырдхæсджытæй сæ пу уыд фыдджын адæймаг, тавлинаг, аннæ та зæронд лæг. Хаджы-Муратæн йæ зæрдæ пæмæй б.хъæлдзæг кодтаиккой, ахæм уацхъуыдæй пицы æрхастой. Иæ би- нонты йын Шамилæй байсынмæ чи хъавыд, уыцы хæ- лæрттæ сæ дзырд фæсайдтой Шамилæй тæрсгæйæ. Ша- миль бартхъирæн кодта: Хаджы М^ратасн æххуыс чи кæна æмæ йæ фарс чи хæца, уыдонæн,— чифæнды фе- стæнт, хъауджыдæр нæу,— стыр фыдмптæ бакæндзы- нæн, зæгъгæ. Дзырдхæсджыты ныхæс:æм к}ы байхъуы- ста, уæд Хаджы-Мурат йæ дзуарæвæрд къæхтыл йæ рæмбыныкъæдзтæй æрæицад æмæ, йæ худ йæ уæлæ, аф- тæмæй йæ сæр æруагъта æмæ æнæдзургæйæ, зæхмæ кæсгæйæ фæхъуыды, фæсагъæс кодта. Уый зыдта, абон фæстаг хатт кæй хъуыды кæны, уый, æмæ ракæ-бакæгæ иицыуал, фæлæ хъуыддагæн ис- ты кæрои, исты биноныг уынаффæ скæнын хъæуы. Ха- джы-Мурат йæ сæр схъил кодта, дзырдхæсджытæн фæйнæ-фæннæ сызгъæрины радта æмæ сын загъта: — Цæугæут. — IIы дзуапп зæгъæм? — Дзуапп, хуыцауы чи фæнда, уый. Уæ фæндагда- рут, фæндараст. Дзырдхæсджытæ сыстадысты æмæ цæуьп.ыл фесты. Хаджы-Мурат гауызыл бадгæйæ баззад йæ цæнгтæ йæ уæрджытыл æзæрдæй. Бирæ фæбадт афтæ æмæ хъуы- дытæ кодта. «Ныр цы бакæнон хъуамæ? Шамилыл баууæнднн æмæ фæстæмæ аздæхин? — йасхи^ымæры сагъæсгæнгæ- йæ дзырдта Хаджы-Мурат.— Уый рувас у, дæлгоммæгæ- сæг у, æууæпк ыл нæй, фæсайдзæн. Гадарахатæй мыл куы нæ рацæуа, уæддæр уыцы сырх фæлитойы бын атулын сæпмæ хæссииаг хъуыддаг нæу,— йæхиуыл фер- вæсдзæн. Æууæндгæ дæр мыл нал бакæндзæн, уæлдай- дæр ныр, уырысы къухы куы ацардтæн, уæдæй ф?е- стæмæ». Æмæ тавлинаг уарийы таурæгъ йæ зæрдыл æрба- лæууыд: «Уари ахсты фæци æмæ исдугмæ адæммæ ацард, стæй иуахæмы хохмæ йæхионтæм атахти, йа^ 343
къæхтыл бæттæнтæ æмæ мыр-мырæгтæ, афтæмæй. Уа- ритæ йæ сæхимæ нæ бауагътой. Загътой йын: «Атæх фæстæмæ, æвзист мыр-мырæгтæ дыл кæм бакодтой, уырдæм. Махыл мыр-мырæгтæ дæр нæй, бæттæнтæ дæр нæй». Уари йæ райгуырæн бæстыл уæддæр стырзæрдæ нæ кодта æмæ уым баззад. Фæлæ йæ иннæ уаритæ сæ- химæ нал бауагътой æмæ йын сæ бырынчъытæй мæлæт- дзаг над фæкодтой». «Афтæ бахæрдзысты мæн дæр»,— загъта йæхины- мæры Хаджы-Мурат. «Ам баззаин? Уырысы паддзахæц Кавказ басæттын кæнин мæхи сæры кады, мæхи номы тыххæй, цинтæ æмæ мулчы сæрыл?» «Уый гæнæн ис уый къухы бафтид»,— ахъуыды код- та йæхинымæры Хаджы-Мурат, кънйаз Воронцовы зæр- дæлхæнæн ныхæстæ æмæ мптæ йæ зæрдыл куы ’рба- лæууыдысты, уæд. «Фæлге ныртæккæйы сахат хъуыддаг цæхгæр истæ- уыл алыг кæнын хъæуы, исты кæрон скæнын хъæуы, кæннод мæ бинонтæм стыр фыдбылыз кæсы,— амар- дзæн сæ». Æхсæв-бонмæ хуыссæджы хъæстæ нæ фæци, йæ цæст не ’рцъынд кодта — æдзух хъуыдытæ кодта. XXIII Æмбисæхсæв хъуыддаг алыг кодта æм,æ ахæм бын- дурзондыл ныллæууыд: хохмæ лидзын хъæуы æмæ, йæ зæрдæ кæуыл дары, иузæрдион ыл чи у, уыцы авайрæг- тимæ Веденомæ бабырсын хъæуы æмæ дыууæйæ йу,— кæнæ мæлгæ, кæнæ бинонты байсын хъæуы. Бинонтæ къухы куы бафтой, уæд цы бакæндзæн — уырысмæ сæ рахондзæн ,æви семæ Хунзахмæ алидздзæн, уымæн бæ- рæг-бæлвырд кæрон не скодта. Фæлæ ацы сахат уыры- сæй хохмæ лидзын кæй хъуыд, уый йын лыггонд уыд цæхгæр, уый дзырддаг нал уыд. Æмæ уыцы минут йæ- хи цæттæ кæнын байдыдта йæ зæрдæйы уынаффæ сæх- хæст кæнынмæ. Базы бынæй йæ бæмбæджджын сау куырæт систа æмæ нукерты уатмæ бацыд. Сæ дыууæты æхсæн уыд æрмæст тыргъ (сенæ). Куыддæр гомдуар сенæмæ рацыд, афтæ боны хуызæн мæйрухс æхсæвы сыгъдæг уæлдæф æмæ æртæхы уазал бандæвта æмæ хæдзарыл æмхæст цæхæрадонæй фехъуыста булæ- мæргъты къуыззитт æмæ цъыкк. 344
Хаджы-Мурат тыргъыл бахызт æмæ нукерты Дуар байгом кодта. Уаты рухс нæ уыд. Æрмæст мæй йæ но- гыл уыд æмæ рудзгуытæй уатмæ рухс дардта. Стъол æмæ дыууæ бандоны иуварс лæууыдысты, цыппар ну- керы уаты бæрæгастæу зæххы нымæттыл æмæ гауыз- тыл хуыссыдысты. Ханефи та æддейы бæхты цур хуыс- сыд. Гамзало дуары хъиицмæ фехъал, йæ хуыссæнуаты р’ахъил кодта, Хаджы-Муратмæ бакаст, базыдта йæ æмæ фæстæмæ хуыссæныл йæхи æруагъта. Элдар Гам- залойы цур хуыссыд; уайтагъд йæ хуыссæнæй фестад, йæ дзауматæ йæ уæлæ акодта æмæ Хаджы-Муратмæ æнхъæлмæ касти, кæд ын исты йæ бар, миййаг, кæны, зæгъгæ. Курбан æмæ Хан-Магома сæ хуыссыны коп кодтой. Хаджы-Мурат куырæт стъолыл æрæвæрдта, æмæ цæйдæр хъæбæр хъæр фæцыд. Куырæты мидæг уыд сызгъæринтæ хуыд. — Бахуи адон дæр,— загъта Хаджы-Мурат, фæстаг хатт цы сызгъæринтæ райста, уыдон дæтгæйæ. Элдар сызгъæриптæ райста, уыцы сахат рухсмæ алæууыд, йæ хъамайы кард йæ кæрддзæмæй сласта æмæ куырæты мидæггаг халын байдыдта. Гамзало йæ хуыссæны рахъил кодта, йæ къæхтæ дзуарæвæрд скод- та, афтæмæй сбадти. — Ды та, Гамзало, баздæх æмæ лæппутæн зæгъ, сæ гæрзтæм куыд базилой æмæ сæ куыд срæвдз кæной, афтæ. Райсом дард балцы цæудзыстæм,— загъта Ха- джы-Мурат. — Нæмыг уæд, топпыхос уæд,— хъуаг ницæмæй стæм. Уый тыххæй дæ зæрдæ ма ’хсайæд, алцæмæй дæр цæттæ уыдзыстæм,— загъта Гамзало æмæ ма йæхины- мæры цыдæр схъуыр-хъуыр кодта. Гамзалойæн цы бам- барын хъуыд, Хаджы-Мурат цæй тыххæй топпытæ иф- тындзын кæны, уый. Рагæй-æрæгмæ æндæр ницæмæ бæллыд: амал, гæнæн цас уа, уыйбæрц ацы куиты—уы- рысы ныццæгъд æмæ хохмæ атымыгъ лас. Ныр Ха- джы-Муратмæ дæр ахæм зонд кæй æрцыд, уый бам- бæрста æмæ хъæлдзæг уыд, цин кодта. Хаджы-Мурат куы ацыд, уæд Гамзало йе ’мбæлтты райхъал кодта, æмæ æхсæв-бонмæ сæ цыппар дæр сæ топпытæ æмæ сæ дамбацатæ рæвдз кодтой: схонтæй чи нал бæззыд, уыдон нæуджытæй аивтой, сæ хъусты сын топпыхос ныккодтой, æхстбарæнæй бæрцытæ топпыхо- сæй байдзаг кодтой æмæ сын сæ дзыхты сойæдзаг пы- 345
султы Тыхт й&Мгуытæ ТъЫСтой, æхсарг&рДтæ æМæКъа- матае сцыргъ кодтой æмæ сæ сæрдæнæй байсæрстой. Сæударæй Хаджы-Мурат тьцмъмæ рацыд æмæ дон "æрбахæссын кодта æвдæз сисыны тыххæй. Ьонивайæны тыргъмæ булæмæргьты хъæлдзæг зарджьпы зæлланг тынгæй-тынгдæр хъуыст. Нукерты уатæй хъуыст хъа- маты сыф-сыф æмæ цъыгъгъуытт сигæцдурыл. Хаджы- Мурат мигæнæнæй доп систа æмæ, йæ уаты дуарма1 куы бахæццæ, уæд йæ мюридты уатæй фехъуыста Ха- нефийы лыстæг хъæлæс. Уый кодта Хаджы-Мураты зонгæ æмæ уарзон кадæг. Хаджы-Мурат ныллæууыд æмæ йæм хъусын байдыдта. Уыцы кадæджы кодта æхсарджын Гамзаты кой: Гамзат йæ саг фæсивæдимæ уырысы урс бæхты рæгъау куыд ратардта, йæ фæдыл уырыссаг кънйаз фæдисы куыд рацыд, Терчы фаллаг фарс æй куыд баййæфта, йæ бирæ æнæнымæц æфсæдтæ йыи йæ ^алфамбылай йæ ацæуæнтæ куыд æрцахстой. Уыйфæстæ кадæджы ракой кодтой: Гамзат бæхты рæгъау куыд ныццагъта, мард бæхты рæдзæгъдты аууонæй уырысимæ хæст куыд са- мадта æма^ семæ куыд фæтох кодта, цалынмæ сæм топ- пы нæмгуытæ æмæ сæ астæутыл хъаматæ уыд, сæ туг- дадзииты туг цыд, сæ удтæ сæ мидæг уыдысты, уалын- мæ. Фæлæ йæ мæлæты агъоммæ Гамзат арвыл цъиутæ ауыдта æмæ сæм ныхъхъæр кодта: «Уæ цъиутæ, цъиу- тæ, тæхгæут нæ хæдзæрттæм, хæрзæггурæггаг фæут нæ хотæм, нæ мадæлтæм æмæ нæ урсдæллагхъуыр чыз- джытæм: не ’ппæт дæр хазаваты тыххæй нæ удтæ æр- хастам. Зæгъут сын: нæ буæрттæ сæ мæрдон сау сы- джыт нал ссардзысты, фæлæ хæлæйфаг фæуыдзысты, не стджытæ нын бахæрдзысты тугдзых бирæгътæ, нæ цæстытæ нын скъахдзысты сау сынтытæ». Кадæг фæци. Фæстаг ныхæстæ зæрдæуынгæггæнæн хъæлæсæй, хъарæггæнæгау, ауагъта, æмæ йын Хан-Ма- гома хъæлдзæг лыстæг^хъæлæсæй бахъырныдта. Кадæ- гæи йæ фæуынмæ ’ввахс Хан-Магома фæхъæр кодта: «Ля иллах иль алла» æмæ цъæхснаг хъæлæсæй ныхь- хъæр кодта. Стæй æрбамыр сты, æмæ та цæхæрадонæ»! хъуысын байдыдта булæмæргъты цъыкк æмæ къуыз- зитт æмæ фæсдуарæй æидоны сыф-сыф æмæ цъыгъ- гъуытт сигæцыл даугæйæ. ’, Хаджы-Муратæн хъуыдыты мидæг йæ зæрдæ адзæ- гъæл æмæ, хъуывгъаны дзыхæй дон куыд калд, уый дæр иал æрхъуыды кодта. Йæ зæрдæ йæхиуыл фæхудт, йæ 346
сæр батылДта æмæ йæ уатмæ бараст. Райсомы ламаз скодта, йæ гæрзтæ федта æмæ йæ хуыссæныл æрбадти. Кæсннаг ницæмæуал уыд, цæттæ уыд алцæмæй дæр. Пъырыстыфы æвастæй йын ацæуæн нæ уыд — афæрсып æй хъуыд. Бон æмæ æхсæв кæрæдзийæ нæма фæхицæн сты,— пъырыстыф ма хуысгæ кодта. Ханефпйы кадæг ын йæ зæрдыл æрбалæууын кодга йæ мады зарæг. Уыцы зарæджы ныхæстæ æцæг уыды- сты. Хаджы-Мурат куы райгуырд, уæд æй скодта йæ мад уыцы зарæг. Хаджы-Мурат дæр æй зыдта йæ мады ныхæстæм гæсгæ. Зарæг уыд афтæ: «Болатæндон хъама мын мæ урс буар алыг кодта, фæлæ æз мæ чысыл хуры, мæ адджын хъæбулы мæ цæ- фыл авæрдтон, мæ хъарм туджы йæ сæвдылдтон, æмæ мæ хъæн, мæ цæф буар сдзæбæх æнæ хосæй, æнæ кæр- дæджытæй æмæ уидæгтæй, уый руаджы мæ лæпну схъомыл нс æмæ саг лæг сси». Уыцы зарæджы фæсномыгæй Хаджы-Мураты фыды кой уыд. Зарæджы ныхæстæ цæмæ цыдысты, уый уыд афтæ: Хаджы-Мурат куы райгуырд, уæд ханы усæн дæр райгуырд йæ дыккаг лæппу Умма-Хан. Ханы усы бафæндыд, йæ лæппуйæн Хаджы-Мураты мад дыджы- зæ куыд ныллæууыдаид æмæ та уый дæр куыд схаста- ид, куыд схъомыл кодтаид, нæ фыццаг фырт Абунун- цал-Ханы йып куыд схаста, афтæ. Фæлæ Фатъимæгы ацы хатт пал бафæндыд йæхи хъæбулы ныууадзын æмæ нæ бакуымдта дыджызæ ныллæууын. Хаджы-Му- раты фыдмæ уый хъыг фæкаст æмæ йæ тыххæй цæуын кодта. Флтъимæт цæхгæп куы ныллæууыд, нæй мык ацæуæн, зæгъгæ, уæд Хаджы-Мураты фыд, цыбыр- хъуыр, æрмæкъ адæймаг, йæхи нал баурæдта æмæ йæ хъамайæ барæхуыста. Амардтаид æй, æвæццæгæн, куы нæ йæ баиргъæвтаиккой, уæд. Афтæмæпты пæ сабинм дзæгъæл нæ пыууагъта, схъомыл æй кодта æмæ уый- адыл зарæг скодта. Хаджы-Мурат иæ мады æрымысыд. Йæ зæрдыл æр- балæууыд, уæлхæдзары йæ йæ мад йæ фарсмæ куыд хуыссын кодта, кæрцы бын æй куыд норста æмæ йын зарджытæ куыд кодта. Æрхъуыды кодта, йæ мадæн куыд лæгъстæ кодта, йæ фарсы цæфы пос ын цæмæй фенын кодтаид, уый тыххæй. Йæ цæстытыл хъазыд йæ мад цæрдудæй, æрмæст, фæстаг хатт æй куыдæй пыу- уагъта,— зæрондæй, æмпылдтæ, æнхъырдтæ цæсгом 347
æмæ зыхъхъыр иугай дæндæгтимæ,— ахæм хуызы нæ, фæлæ чызгусæй, рæсугъдæй, цардхуызæй, фондзаздзы- дæй йæ уæззау уæвгæйæ тæсчъы мидæг йе ’ккой куы хаста, уæд. Йæ зæрдыл æрбалæууыд йæ зæронд фыдыфыды æн- хъырдтæ цæсгом æмæ йæ урс, миты хуызæн, зачъетæ, зæрипгуырды куыст куыд кодта, йæ нуарджын къухтæй æвзист куыд къахта æмæ йæ фыртыфырты кувын ахуыр куыд кодта. Æрымысыд къæдзæхы бын сатæг суадон дæр, йæ мады фæдджийыл хæцгæйæ цемæ уырдæм дон хæссынмæ куыд цыд. Йæ зæрдыл æрбалæууыд сæ мæл- лæг куыдз дæр, йе ’взагæй-иу ын рæвдауæгау йæ цæс- гом чи сдæрдта. Уæлдай æхсызгондæрæй æрымысыд фæздæджы смаг æмæ æхсыры тæф сарайы мидæг, йæ мады фæдыл-иу кæдæм згъордта, хъуццытæ дуцынмæ æмæ æхсыр фыцынмæ-иу куы цыд уырдæм, уæд. Иæ зæрдыл æрбалæууыд, фыццаг хатт ын йæ сæр куы адастой æмæ къулыл ауыгъд сыгъдæг æрттиваг бур та- сы дисгæнгæйæ йæ тымбыл цъæхбын сæр куыд ауыдта. Иæ чысылæй куыд уыд, уыдæттæ хъуыды кæнгæйæ Хаджы-Муратæн йæ уарзон фырт Юсуф йæ зæрдыл æр- балæууыд. Æрымысыд, фыццаг хатт ын йæхи къухæй йæ сæр куыд адаста. Ныр уыцы Юсуф рæсугъд саг лæп- пу сси. Фæстаг хатт æй цы хуызы, цы ’гъдауы мидæг федта, уыцы хуызы йæ цæстытыл хъазыд. Фæстаг хатт та йæ федта, Цельмесæй цы бон раст кодта, уыцы бон. Фырт фыдæи йæ бæх æрбаласта æмæ дзы ракуырдта, иучысыл йемæ ауайыны бар ын куыд ратта, афтæ. Юсуф уыд хæрзарæзт дзаумайæ, гæрзтæй ифтонг, аф- тæмæй йæ бæх йæ фæдыл идадзæй ласта. Сырхуадул лæппулæг, рæсугъд, хæрзконд, даргъгуыр, нарæгастæу (йæ фыдæй бæрзонддæр уыд), фæтæн уæхсчытæ, цæр- дæг,— цæст нæ хæцыд йæ фезмæлдыл, даргъ тыхджын цæнгтæ, йæ бакастæй бæрæг уыд, йæ фыдæн фыртæн кæй бæззы, ныфс, æхсар æмæ йæм зæрдæ кæй уыд. Иæ фыды зæрдæ дзы хъæлдзæг кодта, йæ уындæй никуы бафсæст. — Фæлтау куы баззаис, уæд хуыздæр уаид,— загъ- та Хаджы-Мурат,— хæдзары каст дæумæ у; иунæг ды ма дзы дæ. Дæ цæст фæдар, мæ хур, бахъахъхъæн дæ мады дæр æмæ нанайы дæр. . , — Мæ удæгасæй сæм ничи бауæнддзæн,— загъта Юсуф. Хаджы-Мурат нæ рох кодта, хæдзар йæ фыртыл кæй 348
бафæдзæхста, уый фыртæц æхсызгон кæй уыд æмæ йæ- хиуыл кæп фервæссыд, йæхицæй кæй ныббузпыг, уый. Йæ цæсгомыл бæрæг уыд, ныфс, хъару æмæ йæм зæрдæ кæй уыд, уый. Юсуф уæддæр йæхи фæнд атардта, йæ бæхыл абадт æмæ йæ фыды доны былмæ ахæццæ кодта. Уырдыгæи фæстæмæ раздæхт, æмæ уæдæй ардæм Хаджы-Мурат пал федта усы, йæ мады æмæ йæ фырты. Гъеуыцы фырты цæстытæ скъахынмæ хъавыд Ша- миль. Иæ ус цы фæуыдзæп, уый мæт æй нал уыд, хъуы- ды дæр æй нал кодта. Уыцы хъуыдыты мидæг Хаджы-Муратæн йæ тугаф- тæ сфыхт, æмæ цы ракодтаид, уымæп ницыуал зыдта йæ фырмæстæй. Бадгæ нал, фæлæ уыциу гæпп фæласта йæ быпатæй, цырдгомау, йæ къуылых къахæй чиугæйæ дуармæ бауад, байгом æй кодта æмæ Элдармæ ба< дзырдта. Хур нæма скаст, фæлæ бон дзæбæх æрбарухс. Булæмæргътæ сæ зарыиæй нæма бапцадысты. — Цæугæ æмæ пъырыстыфæп мæ помæй зæгъ: «Мæ- хи аирхæфсыны тыххæй мæ зæрдæ зæгъы бæхыл аба- дын», æмæ бæхтыл сæргътæ æвæргæут,— загъта Ха- джы-Мурæт. XXIV Бутлер йæ куысты сæргъы йæ царды мидæг иунæг хъуыддагæй йæхи ирхæфста, йæхп рæвдыдта æмæ йæ- хицæн зæрдæтæ æвæрдта. Уыцы хъуыддаг уыд, чи нн- куы æрцæудзæн, ахæм æфсæддон поэзи. Кавказаг да- рæсы мидæг бæхыл хъазыд æмæ дыууæ хатты знаджы размæ æхсæвыгон Богдаповичимæ бадгæ дæр бакод- той, æрмæст кæнгæ ницы бакодтой, никæй амардтой. Р1æ хæс дæр цæмæйдæрты амæлттæй бафыста,— иу дзуттагæй стыр пайдайыл æхца æфстау райсга, сЬæлæ уæддæр хæс йе ’ккой баззад, æрмæст ын йе ’мгъуыд фæдаргъдæр кодта. Бонæй-бон тынгдæр нуазын бай- дыдта æмæ бонæй-бон фыддæр кодта,— æфсæрмы нал кодта, пæ цæсгом бахордта. Ныр Мария Дмитриевнæйы цæсты фыццаджы хуызæн зæрдæмæдзæугæ, хæрзæгъ- дау, æфсармджып Иоснф нал уыд. Къæйныхæй, æдзæ- сгомæй Мария Дмитриевнæйы фæдыл зилын байдыдта, фæлæ йыи Мария Дмитриевнæ, æнхъæл куыд нæ уыд, ахæм дзуапп радта — йæ фындз ыи амарзта, ницы ком ыи радта, кой дæр æп ис суагъта æмæ пæ фефсæрмы кодта. 350
Апрслы фæстаг бопты фидармæ æфсæдтæ æрбаЦьь дысты. Барятинскийы уынаффæмæ гæсгæ уыцы æфсæд- тæ хъуамæ æфсады ацыдаиккой цæцæпы бæстыл. Уы- цы фæндаг уырысы хицæуттæ стыр хъуыддагыл, стыр зындзинадыл иымадтоп, цыма ууылты цъиу атæхæп дæр иæ уыд, уыйхуызæп. Уым уыд дыууæ ротæйы кæ- сæджы полкъæй. Куринсчы полчъы чи куыста, уыдон сæ уыцы дуджы æгъдаумæ гæсгæ суазæг кодтой. Сал- дæтты къазарматыл байуæрстой, афицертæ та афицер- тæм бафысым кодтой, æмæ фысымтæ сæ уазджыты хорз уыдтой, æгъдау куыд амыдта уыцы рæстæджы, уымæ гæсгæ. Куыд вæййы ахæм раи, афтæ ам дæр хæрд æмæ нозт æрæджиау хъæлдзæгдзинадмæ атыхстысты, æмæ сыл зарын бацайдагъ. Салдæттæй зараг чи уыд, уыдо- ны æрбахуыдтой. Иван Матвеевич цæуылнæ банызта- ид ^хæм ран, æмæ фыдрасыг фæцп. Йæ цæсгом фыцца- джы хуызæн сырх нал уыд, фæлæ куыддæр æнахуыр цъæхфæлурс хъулæтгæ ссис. Бандоныл бæхбадт скодта, кард фелвæста æмæ, йæ алфамбылай йæ цæстытыл цы знæгтæ хъазыдысты, уыдон цъыччытæ кодта æмæ куы худгæ, куы æлгъитгæ, куы хъæбыстæ кодта, куы та-иу кафын байдыдта йæ уарзон зарæгмæ: «Шамиль сами- дин кодта адæмы раджы замапы, уæрирæ-рирæ, уæри- рæ-рирæ, раджы заманы». Бутлер дæр уым йæ хæд уæлхъус лæууыд. Иван Матвеевичы митæ цыма бафа- уинаг нæ, фæлæ чи бæззы, ахæм хорз, аив æфсæддоп хъуыддæгтæ уыдысты, уыцы цæстæй сæм каст йæхины- мæры. Йæ зæрдæйы бынмæ ныккæсгæйæ та йын сæ фаугæ кодта æмæ йын тæригъæд дæр кодта, фæлæ йын бауромынæн ницы амал ардта. Бутлерæн йæ зæрдæ йæхимæ æхсайдта, æмбæрста, нозтджын кæй у, уый, æмæ сабыргай æддæмæ йæхи райста æмæ сæ хæдзармæ афардæг. Мæй йæ тæккæ тынгыл уыд. Мæйы рухсмæ боны хуызæн зындысты хæдзæрттæ æмæ фæндаджы дуртæ. Афтæ мæйрухс уыд, æмæ цæст дзæбæх ахста фæндагыл алы гыццыл дур, хъæмпыхал æмæ фосы багатæ. Бут- лер хæдзармæ куы бацæйхæццæ кодта, уæд Марпя Дмитриевнæ кæлмæрзæны тыхтæй йæ размæ фæци. Ма- рия Дмитриевнæ Бутлерæн йæ фындз куы амарзта,уæ- дæй фæстæмæ дзы Бутлер, къæмдзæстыг уæвгæйæ, чысыл æфсæрмы кодта æмæ йæхи иуварс ласта. Ныр мæйрухс æхсæв къуылых нозтджынæй Бутлер бацин кодта уыцы сæмбæлдыл, йæхи йæм баласта æмæ йын 351
йсты адджын, буц ныхæстæй йæ зæрдæ балхæнынм^ хъавыд. — Кæдæм фæпдараст? — афарста йæ Бутлер. — Мæ зæропды абæрæг кæнынмæ хъавын,—хицон загъд рт кодта Мария Дмитриевнæ. Бутлерæн кæн ницы ком радта æмæ йын йæ ных кæй акъуырдта, уыцы хъуыддаг Мария Дмитриевнæ зæр- диагæй бакодта, фæлæ Бутлер уæдæй фæстæмæ йæхи иуварс кæй ласта, йæхи тигъ кæй кодта, уый та йын æхсызгон нæ уыд. — Æмæ йæ цы бæрæг кæныс, ма йын тæрс, ардæм æй хъæуы. — Нæ зонын, æрцæуа? — Куы нæ æрцæуа,— æрхæсдзысты йæ. — Æз дæр уымæй тæрсын, æз. Уæд худинаг æмæ кæуинаг. Æмæ уæдæ куыд, мауал цæуон? — загъта Ма- рия Дмптриевиæ. — Нæ-æ, цы ми дзы кæныс, цы? Ма цу. Фæлтау цом нæхимæ, хуыздæр уыдзæн. Мария Дмитриевпæ фæстæмæ фæзылд æмæ Бутле- римæ иумæ араст сты. Мæй афтæ сонт рухс кодта, æмæ фæндаггæрон цæу- гæ аууоны сæры алфамбылай мæйы рухсы тынтæ ты- бар-тыбургæнгæ йе ’мцыд кодтой. Бутлер мæйы рухсы хъазтмæ каст æмæ йæхинымæры Мария Дмитриевнæ- йæн зæгъынмæ хъавыд, ныр дæр ма йæм йæ зæрдæ кæй æхсайы, ныронджы хуызæн адджын, уарзон ма йын кæй у, фæлæ йæ куыд зæгъын хъæуы, ууыл нæ хæст кодга. Мария Дмитриевнæ дæр æм æнхъæлмæ каст, кæддæра цы зæгъид, зæгъгæ. Афтæ, æнæдзургæйæ сæ хæдзармæ куы фæцæйхæццæ кодтой, уæд æвиппайды уынджы фи- сынæй цавæрдæр бæхджынтæ фæзындысты. Разæй цыд афицер, йæ фæдыл — хъазахъхъаг. — Адон та кæцæй фесты цымæ? — загъта Мария Дмитриевнæ æмæ иуварс алæууыд. Мæй бæхджынмæ чъылдымырдыгæй каст æмæ йæ уымæ гæсгæ Мария Дмитриевнæ, цалынмæ æрбахæццæ, уæдмæ нæ базыдта. Уый уыд Каменев, зæгъгæ, иу афи- цер. Кæддæр Иван Матвеевичимæ иумæ куыстой æмæ уыйадыл Мария Дмитриевнæйæн зонгæ уыд. — Петр Николаевич, уый ды дæ? — афарста йæ Мария Дмитриевнæ. — Мæнæй уый у, бæгуыдæр,— загъта Каменев.—■ Байрйай, Бутлер! Куыд æрæгмæ хуыссут уый? Мария 352
Дтштриевнæимæ уæ зæрдæйы дзæбæхæн рацу-бацу кæ- и^т, и? Фæлæуут, фæлæуут, Иван Матвеевич уын баца- мондзæн. Кæм и, кæ, хæдæгай? — Хъустæ дыл нæй, нæ хъусыс? — загъта Мария Дмитриевнæ æмæ йæ къухæй ацамыдта, «музыкæ»-йы хъæр æмæ зарын кæцæй цыд, уыцырдæм.— Гъæйтт кæ- нынц, сæ бонтæй та иу æрвитынц. — Уыдон сымахонтæ сты? — Нæ, хасавюртаг уазджытæ сты. Махонтæ сæ хорз ынынц. — Уый чи бæззы, уый у. Æз дæр ма сæ, æвæццæ- гæн, баййафдзынæн. Иван Матвеевичимæ мæ иучысыл хъуыддаг ис. — Хъуыддаг, зæгъыс? — афарста йæ Бутлер. — О, афтæ иучысыл хъуыддаг. — Æмæ цы хабар у, хорз æви æвзæр? — Кæмæн куыд уа, уымæ гæсгæ. Махæн хорз, кæ- мæпдæрты та æвзæр. Афтæ ныхæстæгæнгæ Иван Матвеевичы хæдзармæ бахæццæ сты Каменев дæр æмæ фистæг - адæм дæр. — Чихирев! — фæхъæр кодта Каменев хъазахъ- хъагмæ.— Хæстæгдæр-ма æрбацу. Хъазахъхъаг йе ’мбæлтты æхсæнæй уыциу схуыст фæкодта йæ бæхы æмæ йæ уæлхъус алæууыд. Хъазахъ- хъаг хуымæтæджы донаг хъазахъхъаджы дарæсы ми- дæг уыд: йæ къæхтыл — цырыхъхъытæ, йæ уæлæ — ци- нел, йæ фæсарц — хордзентæ. — Марадз-ма, слас уыцы хæзна,— загъта Каменев бæхæй дæлæмæ хизгæйæ. Хъазахъхъаг дæр бæхæй рахызт æмæ хордзентæй цæимæдæр голлаг сласта. Каменев хъазахъхъаджы къухæй голлаг райста æмæ дзы йæ къух ауагъта: — Уæдæ уын диссаг равдисон? Нæ фæтæрсдзы- нæ? — бадзырдта Мария Дмитриевнæмæ. — Цæмæй хъуамæ фæтæрсон,— загъта Мария Дми- триевнæ. — Гъа уæдæ, мæнæ ис,— загъта Каменев. Голлагæй адæймаджы сæр сласта æмæ йæ мæйрухсмæ адардта.— Базыдтат æй? Уый уыд даст сæр,— къуыпп æрфыджы къæлæттæ, æлвыд сау рихитæ æмæ цæхгæрæлвыд зачъетимæ. Цæс- тытæй иу æрдæг, иннæ бынтон дзагъырæй баззадысты. Тугæйдзаг сæры кæхц дыууæ раны лыг уыд. Фындзы- 23 Повесттæ 353
хуынчъыты сау туг бацахсти. Бæрзæй уыд тыхт тугæй- дзаг кæлмæрзæнæй. Былтæ бацъæх сты. Сæр уал æмæ. уал цæфы уæвгæйæ, уæддæр былты æнцъылдтæ саби- йы зæрдæхæлардзинад æвдыстой. Мария Дмитриевнæ йæм бакаст, йæ дзыхæй дзырд не схауд, æвиппайды фæзылд, фæстæмæ дæр нал фæ- каст, уыциу цæфæй сæ хæдзары балæууыд. Бутлер уыцы тæссаг сæрмæ афтæ сагъдæй æмæсæц- цæйæ баззад. Уый уыд Хаджы-Мураты сæр, æрæджы дæр ма йæ бонтæ кæимæ æрвыста æмæ-иу изæрæй æф- сымæры уарзон хъарм ныхæстæ кæимæ кодта. — Цы кодта, чи йæ амардта? Кæм? — афарста Бут- лер. — Лидзынвæнд кодта, æмæ йæ æрцахстой,— загьта Каменев. Сæр фæстæмæ хъазахъхъагмæ радта, йæхæ- дæг Бутлеримæ мидæмæ хæдзармæ бацыд. — Æвзыгъд, саг лæг уыд, æвæдза, лæджы мардæй амард,— загъта Каменев. — Радзур-ма, дæ хорзæхæй, куыд æрцыд уыцы хъуыддаг? — Ныртæккæ, æххæст ма Иван Матвеевичмæ бан- хъæлмæ кæсæм, иууылдæр уын сæ биноныгæй сæрæй- бынмæ радзурдзынæн. Æз сæрмагонд уый тыххæй æр- выст куы дæн. Ралас-балас æй кæнын хъæутыл æмæ йæ ’вдисын. Иван Матвеевичмæ лæг арвыстой, æмæ уалынджы фыдрасыгæй йæхи хуызæн нозтджын дыууæ афицери- мæ æрбахæццæ æмæ Каменевы хъæбыстæ кæнын бай- дыдта. — Æз уын Хаджы-Мураты сæр куы ’рбахастон,— загъта Каменев. — Мæнджытæ дзурыс... Амардтой йæ? — Уæдæ цы кодтой. Лидзынмæ хъавыд. — Нæ дзырдтон, нæ, афæливдзæн нæ! Æмæ йæ сæр та кæм ис? Равдис-ма йæ. Хъазахъхъагмæ адзырдтой, æмæ голладжы мидæг сæр хæдзармæ бахаста. Сæр голлагæй систой, æмæ йæм Иван Матвеевич йæ расыг цæстытæй бирæ æдзынæг фæкаст. — Цыдæриддæр уыд, уæддæр, раст зæгъын хъæуы, æнæлæг нæ уыд. Лæгæй лæг зæгъын хъæуы,— загъта Иван Матвеевич.— Æри-ма йæ, дæ хорзæхæй, æз ын аба кæнон. 354
— Лæгæй та ма дзы цы загъдæуа. Æгæр, æгæр,— загъта афицертæй иу. Сæрмæ радгай фæкастысты, стæй йæ фæстæмæ хъа- захъхъагмæ радтой. Хъазахъхъаг æй голладжы цæ- вæрдта æмæ йæ сабыргай, æнæ æркъуыргæйæ зæхмæ æруагъта. — Адæмæн æй куы февдисыс, уæд цы фæзæгъыс?— афарста Каменевы иу афицер. — Æри-ма йæ, дæ фыдыстæн, æз ыы аба кæнои. Уый мæнæн кард куы балæвар кодта,—хъæр кодта йæ хъæлæсыдзаг Иван Матвеевич. Бутлер хæдзарæй æддæмæ рацыд. Мария Дмитри- евнæ æддейы асины къæхтыл бадт æмæ Бутлермæ фæ- стæрдæм иу каст фæкодта, фæлæ уайтагъд йæхи мæс- тыхуызæй фæтигъ кодта. — Цы дыл æрцыд, Мария Дмитриевнæ? Цыма дыл фæуарыд, уый каст куы кæныс. — Марды хурхылхæцджытæ стут. Ме ’цæгæй зæ- гъын, мæ ныййарджытыстæн. Ме сæфт уæ уынын,— загъта Мария Дмитриевнæ æмæ сыстад. — Кæй сæр нæ нæ баййафдзæн уыцы хъуыддаг,— загъта Бутлер,— æндæр цы загътаид, ууыл нæ фæ- хæст.— Хæсты ахæм хъуыддæгтæй фылдæр цы вæййы. — Хæст? Цæй хæст? Æргæвдджытæ стут, æндæр ни- цы. Марды йæ сау сыджытыл бавæрын хъæуы, уыдон та дзы хынджылæг кæнынц. Тугдзых бирæгътæ стут,— загъта та дыккаг хатт Мария Дмитриевнæ. Асинæй ра- хызт æмæ фæстæты кæртыл сæ хæдзармæ бацыд. Бутлер фæстæмæ уазæгдонмæ баздæхт æмæ Каме- невæй ракуырдта, хъуыддаг куыд æрцыд, уый йын лы- стæгæй кæрæй-кæронмæ цæмæй радзырдтаид, уый. Æмæ йын сæ Каменев радзырдта. Хъуыддаг уыд афтæ. XXV Хаджы-Муратæн хицæуттæй бар лæвæрд уыд Нуха- йы горæты алфамбылай хæстæг рæтты, хи аирхæфсыны тыххæй бæхыл рацу-бацу кæнынæн, æрмæст æнæ хъа- захъхъ иу къахдзæф дæр нæ. Нухайы мидæг æдæппæт уыд дæс æмæ дыууиссæдз хъазахъхъаджы. Уыдонæй дæс лæджы хицæуттыл байуæрстой, иннæты, дзырд куыд уыд, уымæ гæсгæ, æрвитын хъуыд Хаджы-Мураты фæстæ. Уыйадыл фыццаг бон дæс хъазахъхъаджы ар- выстой, стæй бауынаффæ кодтой æрмæст фæндзгæйттæ 355
æрвитын. Хаджы-Муратæй та ракуырдтой, нукерты се ’ппæт йемæ куыд нæ хуыдтаид, афтæ. 25 бон апрелы мæйы Хаджы-Мурат йæ нукерты се ’ппæты дæр йемæ акодта. Хаджы-Мурат бæхмæ куы фæцæйхызт, Нухайы æфсæдты хицау æрмæст уæд бам- бæрста, йæ нукертæ се ’ппæт дæр йемæ кæй цæуынц, уый, æмæ йын загъта: «Уыцы бар лæвæрд дын нæй, æмæ дæ нукерты се ’ппæт демæ ахонай».— Хаджы-Му- рат æм йæ хъус нæ бадардта, цыма йæ нæ фехъуыста, уыйау, æмæ йæ бæх базмæлын кодта. Æфсæдты хицау дæр æм тыхдзырд нал скодта. Хъазахъхъимæ уыд иу урядник, Назаров, зæгъгæ, йæ мыггаг, крестджын, цæх- гæрæлвыд сæрыхъуынтимæ, лæппулæг, хæрзхуыз, сырх- уадул, домбай, мызыхъарæзт, бурхил. Уый уыд зæронд ’ дингæиæг хæдзары хистæр зæнæг, йæ фыд раджы кæ- мæн амард, сидзæрæй чи схъомыл æмæ йæхи фæллойæ йæ мады, йе ’ртæ хойы æмæ дыууæ кæстæр æфсымæры чи дардта. — Цырд лæуу, Назаров, дæхицæй сæ дард ма ауадз,— ахъæр æм кодта .фæстейæ æфсæдты хицау. — Хъусын дæм, дæ уæздандзинад!—радта йын фæ- стæмæ дзуапп Назаров, йæхæдæг æгъдæнцæйттыл слæу- уыд, йæ хорз стыр бур бæхы фенкъуысын кодта æмæ йæ цапуалæй ауагъта, йæ галиу къухæй топпы къæ- дзыл æнцайгæйæ. Цыппар хъазахъхъаджы йæ фæдыл уадысты: иу, Ферапонтов, зæгъгæ, бæрзонд къæсхуыр, хуыснæджытæн сæ тæккæ бынæйласгæтæй, амалджын, Гамзалойæн «къазолнæй» топпыхос чи ауæй кодта, уый; аннæ — Игнатов, йе ’мгъуыдмæ чи бакуыста, ахæм ацæргæ лæг, бæзæрхыгарæзт, æдзух йæ тыхæй чи ’ппæлыд; æртыккаг — Мишкин, хæрз лæппулæг, лæ- мæгъ, тæнтъихæгарæзт, сæ хъазæнхъул, худгæ-иу кæ- уыл кодтой, æмæ Петраков, лæппулæг, бурхил, йæ мад æмæ йæ фыдæн уыцы иунæг фырт, уæзданарæзт, цингæ- наг, хъæлдзæг æмæ фæлмæн дзыхы уаг кæмæн уыд, ахæм. Райсомæй мигъ бадт, фæлæ аходæнтæм йæхи систа. Хур скаст, æмæ йæ рухсæй хъазгæрттывд кодтой ног- æфтыд сыфтæртæ, ногдзыд æнæхæрд кæрдæг, хорты æвзар æмæ фæндагæн галиуварсырдыгæй тагъд цæугæ- доны фæйлауæнтæ. I Хаджы-Мурат йæ бæх сауцыдæй ауагъта. Хъазахъхъ æмæ нукертæ йæ фæдыл йе ’мцыд кодтой. Уыцы сауцы- дæй фæндаг-фæндаг цыдысты æмæ фидары æдде фесты. 356
Фæндагыл сыл амбæлдысты устытæ, сæ сæртыл тæс- чъытæ, афтæмæй, салдæттæ уæрдæтты бадгæйæ æмæ хъинцгæнаг уæрдæттæ къамбецтæ ифтыгъдæй. Иу-дыу- уæ версты рацыдаиккой, афтæ Хаджы-Мурат йæ урс кæсгон бæх чысыл базмæлын кодта æмæ цырддæр ацыд. Уый сауцыдæй цыд, йæ нукертæ та йæ фæдыл сæпп-сæппæй уадысты. Хъазахъхъ дæр афтæ. — Æвæдза, бæхæй йæм дау нæй,— загъта Ферапон- тов,— знæгтæй куы фæцаид, уæд æй уыциу фехстæй зæххы бæргæ абадып кодтаин. — Уыцы бæхæн, ме ’фсымæры хай, Калачы дæс æмæ ссæдз туманы лæвæрдтой. — Æфсургъ куы феста, уæддæр мæ бæхы нæ бай- йафдзæн. — О, мæлæты маргъ, зæгъыны йедтæмæ дæ ннцы хъæуы,— загъта Ферапоитов. Хаджы-Мурат куыдфæстæмæ йæ цыд тынгæй-тынг- дæр кодта. — Гъæй, мæ лымæн, афтæ гæнæн нæй. Сындæгдæр цу! — фæхъæр кодта Назаров, Хаджы-Мураты куы бай- йæфта, уæд. — Хаджы-Мурат фæстæмæ иу каст фæкодта, йæ дзыхæй дзырд не схауд, фæлæ фыццаджы хуызæн йæ цыды кой кодта. — Цыдæр сфæнд кодтой нæ хæйрæджытæ,— загъта Игнатов.— Уынут, размæ куыд схойынц. Афтæ уыцы æгъдауæй хæхтырдæм иу-верстмæ æв- вахс ацыдаиккой. — Æз афтæ куы загътон, афтæ гæнæн нæй! — фæ- хъæр та кодта Назаров дыккаг хатт. Хаджы-Мурат уый нæ, фæлæ хъуыды дæр ницы æр- кодта, фæстæмæ дæр нæ фæкаст, йæ цыдыл æфтыдта æмæ æрæджиау йæ бæх цыппæрвадæй ауагъта. — Гæды зæгъыс, нæ аирвæздзынæ! — фæхъæр кодта Назаров; цыма йæ рæхойгæ фæчынд, уыйау йæхимидæг сфыхт. Назаров йе стыр бур бæхы ехсæй ныцъцъыкк ласта, æгъдæнцæйттыл слæууыд, размæ фæгуыбыр кодта æмæ бæхы йæ тых-йæ бонæй аскъæрдта Хаджы-Мураты фæдыл. Мигъы цъупп никæцæй зынд. Арв уыцы ирдæй лæу- уыд. Уæлдæф уыд сыгъдæг, цæстысыджы хуызæн. На- заровæн цардæфсисæй йæ зæрдæ бухъытæ кодта æмæ йæ цыма ныхасгæ бачынд, уыйау бæхимæ баиу æмæ 357
бындзы хуызæн фæндагыл тахти Хаджы-Мураты фæс- тæ. Цы стыр фыдбылыз æм каст разæй, уый йæ фæсон- æрхæджы дæр нæ уыд. Иæхинымæры цин кодта, Ха- джы-Мураты кæй сцыбыр кодта æмæ йæм алы гæппæн хæстæгæй-хæстæгдæр кæй кæны, ууыл. Хаджы-Мурат бæхы къæхты хъæрмæ гæсгæ бамбæрста, хъазахъхъаг æм йе стыр бур бæхыл æввахсæй-æввахсдæр кæй кæны, æмæ йæ ныртæккæйы сахат кæй æрбаййафдзæн, уый. Йæ рахиз къухæй дамбацамæ бавнæлдта, галиуæй та аивæй йæ тæвд бæхы рохтыл фæстæмæ хæцыд. — Æз дын зæгъын, афтæ гæнæн нæй! — фæхъæр кодта, Назаров Хаджы-Мураты куы бацæйæййæфта æмæ йын йæ бæхы рохтыл фæхæцон, зæгъгæ, йæ къух куы бадаргъ кодта, уæд. Фæлæ рохтыл нæма фæхæст, афтæ дамбацайы хъæр фæцыд. — Цы бакодтай уый? — ныхъхъæр кодта Назаров йæ хъæлæсыдзаг æмæ йæ риуыл фæхæцыд. — Цæвут сæ!—сдзырдта ма Назаров æмæ дзой- дзойгæнгæ саргъы гоппыл æрдыдагъ. Фæлæ хæххон адæм фæцырддæр сты, сæ гæрзтæм раздæр бавнæлдтой, хъазахъхъыл дамбацатæй ралæу- уыдысты æмæ сæ кардæй цъыччытæ самадтой. Наза- ров йæ бæхы бæрзæйыл дзедзыкка кодта, æмæ йæ бæх йе ’мбæлтты алыварс рахæсс-бахæсс кодта. Игнатовæн йæ бæх йæ быны фæмард æмæ йын йæ къах æрцахста. Дыууæ хохаджы кæрдтæ фелвæстой æмæ йын уæлбæ- хæй хæфтытæй ралæууыдысты йæ сæр æмæ йæ къух- тыл. Петраков бæх батардта, йæ зæрды йе ’мбалæн баххуыс кæнын уыд, фæлæ йыл дыууæ нæмыджы сæм- бæлд — иу йæ фæсонтыл, иннæ йæ фарсыл æмæ, дæ балгъитæг афтæ, бæхæй расæрбихъуырой кодта æмæ голлагау зæххы абадт. Мишкин йæ бæх æваст фæзылдта æмæ фæстæмæ фидармæ лидзынмæ фæци. Ханефи æмæ йæ Хан-Маго- ма фæстейæ асырдтой, фæлæ Мишкин æгæр адард, æмæ аирвæзт. Нал æй баййафдзысты, уый куы бамбæрстой, уæд фæстæмæ сæхионтæм раздæхтысты. Игнатов ма утæх- сæн кодта. Гамзало йæ хъамайæ ныдздзæхст ласта, æмæ змæлгæ дæр нал скодта. Стæй Назаровы барæ- хуыста æмæ йæ бæхæй раппæрста. Ханефи Назаровы бæх йемæ идадзæй айсынмæ куыд хъавыд, афтæ йыл Хаджы-Мурат схъæртæ кодта, нæ хъæуы, зæгъгæ, йæ- хæдæг йæ бæх фæцагайдта; йæ мюридтæ дæр йæ фæдыл 358
уадысты æмæ Назаровы бæхмæ æвзыстой, сæ фæдыл куыд нæ уайа, афтæ. Нухайæ æртæ километры бæрц адард уыдаиккой, уадысты пырындзы хуымты, афтæ сæм фехъуыст мæсыгæй гæрах. Уый уыд фæдисы нысан. Петраков уæлгоммæ хуыссыд йæ артæнтæ æттæмæ уагъдæй. Йе ’взонг цæсгом хæрдмæ арвмæ арæзт, аф- тæмæй йæ уд иста кæсагау йæ дзых фæхæлиу-фæхæлпу кæнгæ. — Амæй мардæрцыд дæр ма исты уыдзæн, ацы фыд- былыз та мæм кæцæй каст, мæ тæригъæд сæ баййа- фа! — хъæр кодта йæ сæрыхъуынтыл хæцгæйæ фидары хицау, Хаджы-Мураты лыгъды хабар куы базыдта, уæд.— Мæ сæр мын алыг кодтой. Аирвæзт сын, ауагъ- той йæ цъаммартæ! — хъарджытæ кодта Мишкнны уац- хъуыдмæ хъусгæйæ. Бæстæ фæдис ссис. Хъазахъхъæй фæсте иу цъиузмæ- лæг нал баззад. Канд хъазахъхъ нæ, фæлæ æнæуый адæмæй дæр кæуыл хæст кодтой,— милицæ уæд, æндæр уæд, се ’ппæты дæр æрæмбырд кодтой. Айхъуысын код- той: Хаджы-Мурæт удæгасæй кæнæ мардæй кæй къухы бафта, уымæн — мин сомы лæвар. Хаджы-Мурат йе ’мбæлттимæ хъазахъхъæй куы аирвæзт, уæдæй фæстæ- мæ дыууæ сахаты рацыдаид, афтæ дыууæ фондзыссæдз барæджы фæдисы пъырыстыфы фæстæ цыппæрвадæй тахтысты Хаджы-Мураты æмæ йе ’мбæлтты агурæг æмæ æрцахсынмæ. Хаджы-Мурат иукъорд версты куы ауад стыр фæн- дагыл, уæд йæ хидæйдзаг урс бæхы фæурæдта. Бæх хæстулæфт кодта æмæ фыпкæй цъæх адардта. Фæнда- гæн рахизфарсырдыгæй хохаг хъæу Беларджичы хæ- дзæрттæ æмæ мæзджыты азанхъæргæнæн зындысты, га- лиуварсырдыгæй та зындысты уæлхох быдыртæ æмæ цæугæдон кæронырдыгæй. Хохмæ цы фæндаг цыд, уый рахизфарсырдæм аздæхт, Хаджы-Мурат та цæхгæр ин- нæрдæм, галиуварсырдæм фæзылд. Фæдфæливæн код- та, афтæ æнхъæл уыд, фæдис рахизфарсырдæм æнæ азилгæ нæ фæуыдзыстьь Уымæн та йæ уынаффæ афтæ уыд. Фæсфæдты Алазандоны былмæ бацæудзæн, доны бахиздзæн æмæ стыр фæндагмæ бафтдзæн. Ууылты ацæуынæнхъæл ын ничи уыдзæн, æмæ фæидаг-фæндаг 359
хъæдмæ йæхи байсдзæн. Стæй фæстæмæ Алазандоныл рахиздзæн æмæ хохмæ бафардæг уыдзæн. Уыцы \ынаф- фæ куы бакодта йæхинымæры, уæд галиуварсырдæм йæ бæх фездæхта. Фæлæ донмæ бацæуын, куыд æнхъæл уыд, афтæ æнцон нæ разынд,— цъысымы бахаудысты. Быдыртæ иууылдæр пырындзы хуымтæ разындысты. Кæддæриддæр куыд фæкæнынц рагуалдзæджы, афтæ ныр дæр пырындзы хуымтыл дон ауагътой æмæ бæстæ иууылдæр цъыфдзаст сси. Хаджы-Мурат йе ’мбæлтти- мæ дыууæрдæм кодтой, кæд хуыздæр ранмæ бафтик- кам, зæгъгæ, фæлæ бæстæ дон сси, æмæ дзы сур гæп- пæл хæснагыл дæр ничи ссардтаид. Бæхты къæхтæ-пу дзы джыты онг æндæдзгæ æлыг цъыфы афардæг сты æмæ фæстæмæ ласгæйæ къупп кодтой, авджы хъуырæй тъыст пробкæ куы стона, уыйхуызæн. Иукъорд къах- дзæфы-иу куы акодтой бæхтæ, уæд та-иу ныллæууыды- сты, лæф-лæфгæнгæ. Афтæ æнæхъæн бонсауизæрмæ фæтухи кодтой, уæд- дæр донмæ нæ бахæццæ сты. Уалынджы галиуварсы- рдыгæй, æрæджы сыфтæр чи рафтыдта, ахæм сакъада- хы хуызæн цъыхырыйы къох разыид. «Ам бахсæвмæ баи- хъæлмæ кæсдзыстæм, бæхтæ дæр сæ фæллад суадз- дзысты»,— загъта йæхинымæры Хаджы-Мурат æмæ пæ бæх къохырдæм фæзылдта. Уым бæхтæй æрфистæг сты, сахсæнтæ сыл авæрдтой æмæ сæ хизынмæ ауагъ- той, сæхуыттæг сбадтысты æмæ сæ фæндаггаг цыхт æмæ дзул бахордтой. Мæй йæ ногыл уыд æмæ райдиа- пы рухс кодта, стæй хæхты аууон фæци, æмæ цæст ни- цыуал уыдта, афтæ æрмæйдар. Булæмæргътæ Нухайы бæсгы æнæхъуаджы арæх уыдысты. Дыууæ дзы уыцы къохы дæр фæзынд. Цалынмæ змæлыдысты, уалынмæ булæмæргътæ дæр ныхъхъус сты, фæлæ адæм куы ’рса- быр сты, уæд уыдон дæр къуыззитт кæнын байдыдтой. Хаджы-Мурат алы сыбыртмæ, алы уынæрмæ йæ хъус дардта æмæ бар-æнæбары булæмæргътæм дæр хъуы- ста. Булæмæргъты къуыззитт æмæ цъыбар-цъыбур ын йæ зæрдыл æрбалæууын кодтой Гамзаты зарæг, фæстаг æхсæв донмæ цæугæйæ кæй фехъуыста, уый. Гамзат цы зын ран бахауд, ууыл цы мæгуырыбон акодта, ахæм раны бахауынæй йын тас уыд ацы сахат Хаджы-Мура- тæн дæр. Иæ зæрдæ йæм сдзырдта, Гамзаты саубон ыл }<æй бакæндзæн, уый, æмæ сагъæсы бацыд. Нымæт бай- тыдта æмæ ламаз скодта. ЗСО
Куыддæр ламазгонд фæци, афтæ цавæрдæр уынæр йæ хъусыл æрцыд. Уынæр куыдфæстæмæ хæстæгæй-хæс- тæгдæр кодта къудзитæм æмæ тыпгæй-тынгдæр хъуыст. Уый разынд бирæ бæхты къæхты цъæпп-цъæпп цъыф- дзасты мидæг. Цырддзаст Хан-Магома къохы дымæгмæ рауад, хъусын баидыдта æмæ мæйдары ауыдта бæх- джын 1æмæ фнстæг адæмы сау æндæргтæ. Ханефи дæр иннæрдыгæй фарс ауыдта æрбацæйцæугæ ахæм бирæ адæм. Уый уыд Карганов, Нухайы зылды æфсæдты хицау йæ милицæимæ. «Цы уа, уый уæд, фæлидзæн пал ис! Хæцдзыстæм, Гамзат куыд схæцыд, афтæ»,— загъта йæхинымæр Ха- джы-Мурат. Фæдис куы фæцыд, уæд Карганов хъазахъхъ æмæ милицæйæ фондзæссæдз барæджы йемæ айста æмæ Ха- джы-Мураты фæстæ ацыд, фæлæ йын йæхиуыл дæр æмæ йæ фæдыл дæр нæ фæхæст. Карганов йæ хъустæ æруагъта, афтæмæй фæстæмæ сæхимæ æнкъардæй æр- бацæйздæхт. Изæрмæ бирæ нал уыд, афтæ йыл иу зæ- ронд лæг фембæлд. Карганов зæронд лæджы афарста, ам барджытæ, миййаг, цы федтаис, зæгъгæ. Зæронд лæг, федтон, зæгъгæ, загъта: æхсæз барæджы пырындзы хуымты дыууæрдæм кодтой æмæ, сугтæ цы къохы æм- бырд кодта, уырдæм сæхи байстой. Карганов фæстæмæ аздæхт, зæронд лæджы йемæ айста, æмæ, къудзиты къохмæ куы баввахс, уæд, сахсæнджын бæхтæм гæсгæ бамбæрста, Хаджы-Мурат уым кæй ис, уый. Æхсæвы- гон къудзиты алфамбылай æфсæдты æрлæууын кодта, сæ ацæуæнтæ сын бацахста æмæ сбонмæ æнхъæлмæ каст. Йæ зæрдæ дардта: Хаджы-Мурат кæнæ удæгасæй, кæнæ мардæй йæ къухы бафтдзæн. Хаджы-Мурат куы бамбæрста, йæ алыварс æфсæдтæ æрбадтысты æмæ пын аирвæзæн нал ис, уæд къудзиты æхсæн иу рагон донхæрд тарф сбæрæг кодта æмæ йæ- хинымæры бауыпаффæ кодта: «Ацы ран нæхи æрфидар кæндзыстæм æмæ хæцдзыстæм, цалынмæ нæ бон, нæ хъару уа, цалынмæ топпыхос æмæ нæмыгæй æххæссæм, уалынмæ». Йæ уынаффæ йе ’мбæлттæн бамбарын кодта æмæ сын загъта, тарфмæ сæхи куыд ныйисой æмæ сæ- хицæн хæцæптæ куыд аразой, афтæ. Нукертæ къалиу- тæ цæгъдын байдыдтой, хъаматæй зæхх къахтой æмæ хæцæнтæ арæзтой. Хаджы-Мурат дæр ссмæ куыста. Куыддæр æхсæв æмæ бон кæрæдзийæ фæхицæн сты æмæ бон цъæх кæпын байдыдта, афтæ къудзитæм хæс- 361
тайг милицæйы сæдæйы хицау йæ бæх батардта æмæ ныхъхъæр кодта: — Гъей, Хаджы-Мурат, дæхи ратт! Мах бирæ стæм, сымах — чысыл. Куыддæр уыцы ныхас йæ дзыхæй ссыд, афтæ топпы хъæр фæцыд, фæздæджы цъупп фæзынд, æмæ нæмыг бæхыл сæмбæлд. Бæх фестъæлфыд, иуварсырдæм йæхи фехста æмæ æрхауд. Уыйфæстæ тохы хæст самадтой. Алырдыгæй топпыты къæр-къæр æмæ нæмгуыты цъуых- цъуых ссыд. Нæмгуытæ сыфтæртæ æмæ къалиутæ цæгъдгæйæ хæцæнтыл æмбæлдысты, фæлæ адæмæн хæ- цæнты аууон ницы зиан кодтой. Æрмæст Гамзалойы бæх куыддæрмæрттагæй йе ’мбæлттæй фæхибар æмæ фæцæф. Бæхæн нæмыг раст йæ тæккæ тæрныхыл сæм- бæлд, фæлæ уæддæр нæ ахауд; йæ сахсæн атыдта æмæ къудзиты æхсæнты къæрццытæ кæнгæ æмæ ногдзыд лæппын кæрдæгыл туг калгæйæ иннæ бæхтæм балыгъд æмæ се ’мбуар æнгом æрлæууыд. Хаджы-Мурат æмæ йе ’мбæлттæ дзæгъæл æхст нæ кодтой. Исчи-иу мили- цæйæ йæ сæр куы сдардта, æрмæст уæд æхстой æмæ искуы-иухатты йедтæмæ нæ ивгъуыдтой. Милицæйæ æр- тæ лæджы фæцæф, æмæ иннæтæ размæ бырсын ыал уæндыдысты, фæлæ чысылгай сæхи фæстæмæ-фæстæмæ ласын байдыдтой æмæ дардæй зæрдаивæй куыдфæнды гæрæхтæ кодтой. Афтæ иу сахатæй фылдæр фæхæцыдысты. Хур чы- сыл суад. Хаджы-Мурат бавзарынвæнд кодта бæхтыл абадын æмæ донырдæм абырсын, афтæ ногæрбацæугæ бирæ æфсæдты змæлд æмæ уынæр фехъуыст. Уый уыд Мехтулины Хан-Хаджи-Ага, кæддæр Хаджы-Мураты хæлар уыд, йемæ хохы цæргæ дæр акодта, стæй йæхи уырысы къухмæ радта. Уыдонимæ ма уыд Ахмет-Хан, Хаджы-Муратæн йе знаджы фырт. Хаджи-Ага дæр Каргановы ми бакодта. Раздæр Хаджи-Муратмæ ба- хъæр кодта, йæхи дзæбæхæй, барвæндонæй цæмæй рат- таид, фæлæ Хаджы-Мурат уымæн дæр топпы нæмыгæй дзуапп радта. — Кардæй хæст, лæппутæ! Хъазуат скæнæм! — фæ- хъæр кодта Хаджи-Ага æмæ кард фелвæста. Р1æ фæ- дыл цалдæр фондзыссæдз лæджы сонт хъæр кæнгæйæ къудзитæм сæхи баппæрстой. Милицæ къудзиты смидæг сты, фæлæ Хаджы-Мура- ты хæцæнтæй фæд-фæдыл къорд гæрахы фæцыд. Иу- æртæ лæджы дзы æрхауд. Бырсджытæ фæстæмæ сæхи- 352
уыл фæхæцыдысты æмæ къудзиты кæронæй æхсын бай- дыдтой. Хæцгæ-хæцын Хаджы-Мураты бадæнтæм чы- сылгай хæстæгæй-хæстæгдæр сæхи ластой, иу къудзи- йæ иннæ къудзимæ згъордтой. Иуæй-иутæн-иу бантыст къудзийы аууонмæ балидзын, фæлæ дзы, Хаджы-Мура- ты æмæ йе ’мбæлтты рæстдзæф, удхæссæг^нæмыг кæй баййæфта, ахæмтæ дæр уыд. Хаджы-Муратæн иугæр йæ цæст æрцахста — фæивгъуыйыпы мыггаг ын пæ уыд. Гамзало дæр дзæгъæлы не ’хста — искуы-иухатты йед- тæмæ нæ ивгъуыдта. Йæ нæмыг бынаты сæмбæлд, уый- иу куы бамбæрста, уæд-иу фырцинæй цъæхахст хъæр- пыккодта. Курбан тарфы кæронырдыгæй бадт æмæ за- рыд: «Ла иллагъ иль алла»,— æмæ сабыргай, хъавгæ, æхста, фæлæ йæ нæмыг æмбæлгæ арæх нæ кодта. Эл- дар фырмæстæй зыр-зыргæнгæ йæ былтыцъæрттæ хорд- та,— фæндыд æй хъамалвæстæй хъазуат скæпын, æмæ æппынæдзухæй æнæхъавгæйæ куыдфæнды æхста. Æдзух Хаджы-Муратмæ фæстæмæ фæкæс-фæкæс кодта æмæ- иу хæцæнтæй йæ сæр радардта. Хъуынджын Ханефи ам дæр йæ кæнон нæ уагъта æмæ кæстæриуæгдзинад код- та: Хаджи-Мурат æмæ Курбаны топпытæ ифтыгъта, хъусхосдонæй сын сæ топпыты хъусты хус топпыхос æвгæдта æмæ иæмгуытæ, сойæдзаг псулы тыхтæй æну- выдæй æфсæйнаг топпы фатæй къуырдта. Хан-Магома иннæтау хæцæнты нæ бадт, фæлæ хæцæнтæй бæхты ’хсæн ратæх-батæх кодта æмæ бæхты аууонмæ, æдас ранмæ скъæрдта; æнæ саджилæгæй, æрми даргæйæ, æп- пынæдзух гæрæхтæ кодта сонт хъæр кæнгæйæ. Æппæ- ты фыццаг уый фæцæф. Нæмыг раст йæ бæрзæйыл сæм- бæлд. Дзуццæджы æрбадт æмæ йæ хъæлæсæй туг æп- паргæйæ æлгъыста. Уый хæд фæстæ фæцæф Хаджы-Му- рат йæхæдæг. Нæмыг йе уæхсчы бауад. ХаджыМурат йæ бæмбæджджын куырæтæй бæмбæджы цъупп ратыд- та, цæфы йæ атъыста æмæ та æхсын байдыдта. — Кардæй хæст самайæм,— æртыккаг хатт сдзырд- та Элдар. Хæцæнтæй йæ сæр радардта, æвæццæгæн, хъазуат скæнын йæ зæрды уыд, фæлæ йыл уыцы сахат знаджы пæмыг сæмбæлд. Лæг бадзой-дзой кодта æмæ уæлгом- мæ Хаджы-Мураты къахыл æрхауд. Хаджы-Мурат æм иу каст фæкодта. Йæ рæсугъд, зæрдæмæдзæугæ цæсты- тæ Хаджы-Муратмæ зæрдиаг æмæ æдзынæг каст код- той. Æмырдзыхы уæллаг схъæл был йæхимидæг змæ- лыд сывæллоны былау. Хаджы-Мурат Элдары бынæй 363
йæ къах раласта æмæ та хъавын байдыдта. Хаиефи æр- гуыбыр кодта æмæ мард Элдары цухъхъайы бæрц- агъудтæй æнæ æхст бæрцытæ иугай-дыгай ласта. Курбан заргæ-зарын сабыргай йæ топп ифтыгъта æмæ хъавгæ- йæ æхста. Знæгтæ иу къудзийæ иннæ къудзимæ згъордтой æмæ цъæхснаг хъæлæсæй хъæр кæнгæйæ хæстæгæй-хæстæг- дæр цыдысты. Хаджы-Мурат дыккаг цæф фæци,— нæ- мыг йæ галиу фарсыл сæмбæлд. Кæхæны йæхи æруагъ- та, йæ куырæтæй та бæмбæджы цъупп ратыдта æмæ дзы йæ цæф ахгæдта. Фарсы цæф мæлæтдзаг цæф ра- зынд. Хаджы-Мурат бамбæрста, йæ мæлæты сахат кæй æрцыд, уый. Бирæ хъуыдытæ, бирæ царды нывтæ кæ- рæдзи сургæйæ, фæд-фæдыл йæ сæры абадтысты. Куы- иу йæ разы фестад домбайарæзт Абунунцал-Хан, йæ къухæй йæ хауд зæбул уадулыл хæцгæйæ æмæ хъама- лвæстæй знагмæ лæбургæйæ; куы та-иу йæ цæстытыл хъазыд лæмæгъ, æнæбон, æнæтуг зæронд Воронцов йæ хинæйдзаг цæсгомимæ æмæ йын хъуыста йæ фæлм.сн хъæлæс; куы та-иу ауыдта йæ фырт Юсуфы кæнæ йа* ус Сафиаты, кæнæ йе знаг Шамилы сырхрихиджып цъынддзаст фæлурс цæсгом. Уыцы хъуыдытæ, уыцы нывтæ æзраздæрфæуонæй кæрæдзи фæдыл тахтысты йæ сæры мидæг, афтæмæй йæ зæрдæ ницыуал дзырдта, ницæмæуал рад, ницыуал æй æндæвта: нал æмбæрста тæригъæд кæнын дæр, нал æмбæрста маст æмæ уазалдзпнад дæр, нал æмбæрста æнæуый фæндондзинæдтæ дæр. Уыдæттæ-йедтæ, ныр- тæккæ йæ хуылфы йæ дзæмбытæ чи ауагъта, уыцы адзалы цур ницыуал уыдысты. Фæлæ ма уæддæр йæ тыхджын буар йе ’гъдау кодта: йæ фæстаг тых ма æрæмбырд кодта, хæцæнты фæстæ йæ къæхтыл слæу- уыд æмæ дамбацайæ фехста, чи йæм æрбацæйзгъорд- та, уыцы лæджы. Нæ нæ фæивгъуыдта. Лæг йæ мидбы- наты æрхауд. Уыйфæстæ хæцæнтæй рацыд æмæ хъама- лвæстæй комкоммæ, тынг чиугæйæ знæгты ныхмяе хъазуатæй бацыд. Иукъорд топпы гæрахы фæцыд. Ха- джы-Мурат ныдздзой-дзой кодта æмæ ахауд. Милицæ цалдæр лæгæй хъæлдзæг æмæ фырцинæй сонт цъæх- ахст хъæртæ кæнгæ Хаджы-Мураты мардмæ сæхи ба- калдтой. Фæлæ, мард æнхъæл кæмæн уыдысты, уыцы буар æнæнхъæлæджы æвиппайды базмæлыд. Фыццаг йæ уугæйдзаг гом, æнæхуд даст сæр схъил кодта, уый фæстæ йæ хъуыр, стæй дыууæ къухæй бæласмæ фæлæ- 364
бурдта æмæ йæ къæхтыл слæууыд. Йæ цæсгомы хагт, пæ цæстæнгас ахæм тæссаг уыдысты æмæ йæм чи баз- гъордта, уыдон сæ мидбынаты фыртæссæй сагъдæй аз- задысты. Фæлæ та æвиппайды фестъæлфыд, фæцудыд- та, бæласæй фæцух æмæ йын цыма йæ къæхтæ ра- къуырдæуыд, уыйау дæлгоммæ ахауд æмæ нал сызмæ- лыд. Уый нал змæлыд, фæлæ ма цыдæртæ æндæвта, æм- бæрста. Æппæты фыццаг æм бахæццæ Хаджи-Ага. Дын- джыр хъамайæ йын йæ сæр куы ныххафт ласта, уæд æм афтæ зынд, цыма йын йæ сæр дзæбугæй хостæуы, æмæ дис кодта, чи у æмæ цымæ цæмæн афтæ кæны? Уый уыд фæстаг бамбарындзинад, йæ буарæй куы нæ- ма фæхицæп æмæ ма кæрæдзийыл баст куы уыдысты. Уыйфæстæ ппцыуал æмбæрста, ницыуал æй æндæвта, æмæйын йе знæгтæ сæ къæхтæн æууæрстой æмæ лыггæ кодтой, чи ницыуал æмбæрста, æцæгæлон ын чи сси, уыцы буар. Хаджи-Ага йын йæ къахæй йæ сихтыл ныл- лæууыд æмæ йын дыууæ риуыгъдæй йæ сæр ахауын кодта æмæ йæ иуварсырдæм йæ къахæй атылдта арæхс- гæйæ, йæ дзабыртæ тугæй куыннæ сахуырстаиккон, аф- тæ. Сыгъдæг сырх туг фемæхст, ныппæххæст кодта йæ бæрзæйы тугдадзинтæй сау туг йæ сæры цæфæй, æмæ кæрдæг тугæй нал зынд. Карганов уæд, Хаджи-Ага уæд, Ахмет-Хан уæд æмæ милицæ се ’ппæт дæр, халæттæ холыйыл кæнæ цуанон- тæ саджы мардыл куы æрæмбырд вæййынц, афгæ æрæмбырд сты Хаджы-Мураты æмæ йе ’мбæлтты мæрд- тыл. Ханефи, Курбан æмæ Гамзалойы сбастой æмæ топпыхосы фæздæгæй дзаг къудзиты æхсæн, хъæлдзæ- гæй ныхæстæ кæнгæ цин кодтой, кæй фесгуыхтысты, кæй басастой, ууыл. Булæмæргътæ тохы сахат иыхъхъус сты, стæй та сæ зарын, сæ цъыбар-цъыбур ссыд, фыццаг иуæн хæстæ- гæй, стæй иннæтæн дардæй, кæронырдыгæй. Гъеуыцы мæлæт мын мæ зæрдыл æрлæууын кодта, цалх кæуыл атылд æмæ кæй ныцъцъист кодта, уыцы хæрæгсындз хуымгонд быдыры астæу.
СÆРГÆ II ДТÆ ЧИНЫГУАДЗÆПÆЙ . ХЪАЗАХЪХЪ ХАДЖЫ-МУРАТ
ЛевНиколаебич Т о лстой ПОВЕСТИ Казаки. Хаджи-Мурат Перевод с руссксго Бабу Касаевича Зангиева Составитель Зинаида Хасанбековна Тедтоева Редактор В. Г. Д1 а л и ев Художник Е. Е. Л а н с е р е Оформление обложки и титула У. К. Канукова Художественный редактэр У. К. К а н у к о в Технический редактор С. X. Г у т и е в а ектор 3. М. Т х а п с а е в а ИБ № 257 Сдано в набор 9-1П-'978 г. Подписано к исчатн 0-УП-78г. Формаг бумаги 84x10^. Печ. л. 11,5 + вкл. 0,03. Усл. и. л. 19,32 + вкл. 0,05. Учетно-изд. листов 20,03+вкл. 0,02. Тираж 1000 экз. Заказ № 4930. Пзд. № 10. Цсна 1р. 00 к. Бум. тип. № 1. Издательство „Ир" Управления по дслам издательств, полиграфин и книжной чор- говли Совета Мнниоров СО АССР, г. Орлжоникидзс, ул. Димитрова, 2. Книжная типография Управлсиия ио делам издательств, полиграфии н книжной торговли Совета Министров СО АССР, г. Срджоппкпд <е, ул. Тельмаиа, 10. Корр
^ ЗЫНАРГЪ ЧИНЫГКÆСÆ1! Ацы аз ма чиныгуадзæн «Ир» ноджыдæр рауадз- дзæн ахæм чингуытæ: Хетæгкаты Къо с т а. ФАТИМÆ. Чиныг уы- дзæн тынг аив фæлгонцгонд. Текст мыхуыргонд цæуы уырыссагау æмæ иронау (тæлмацгæнæг Ардасенты Ха- дзыбатыр.) Къубалты Алыксандр. УАЦМЫСТÆ. Ацы æмбырдгонд у, ныронг зындгонд ирон фыссæгæн цы чингуытæ рацыди, уыдонæй æххæстддæр. Чиныг сарæз- та, разныхас æмæ йын комментаритæ ныффыста поэт, филологон наукæты доктор Джусойты Нафи. Темыраты Дауыт. ЦÆРГÆСТЫ ХОХ. Автор йæ чиныгмæ бахаста æртæ пьесæйы: «Спартак», «Цы- колайаг балладæ» æмæ «Цæргæсты хох». Фыццаг уац- мысы ныхас цæуы Ирыстоны фæскомцæдисон органи- заци арæзт куыд æрцыд, æвзонг большевиктæ урс бандиттæ æмæ иннæ адæмы знæгтимæ куыд тох кодтой, ууыл. «Цыколайаг балладæйæн» дæр йæ бындур лæууы æцæг цаутыл. Цыколайаг пионертæ Ханафи æмæ Омар- би Стыр Фыдыбæстæйы хæсты цы æнæмæлгæ хъæбатыр- дзинад равдыстой, уый у пьесæйы темæ. Адæймаг йæ æнусон бæллицмæ куы тырна, уæд æй мæлæты тас дæр нæ бауромдзæн. Ууыл дзуры романти- кон драмæ «Цæргæсты хох». Чиныгуадзæн сывæллæттæн ракæндзæн хорз лæ- вæрттæ: мыхуырæй рацæудзысты радзырдтæ æмæ æм- дзæвгæты дыууæ æмбырдгонды «Балцы зарæг» æмæ «Хурыскаст». Дыууæ чиныджы дæр уыдзысты хорз фæлгонцгонд, сабитæн дзы сæхи конд нывтæ дæр фен- дзыстут.