К.Д. Ушинский
Уасæг йæ бинонтимæ
Бишкæ
Гæды
Хъуг
Бæх
Цæу
Цыппар фæндоны
Бабыз
Урсзачъе зымæджы æрдхъирæнтæ
Фæраз банхъæлмæ кæсын
Мыдыбындзытæ
Дыууæ цæукъайы
Бæх æмæ хæрæг
Арс æмæ къодах
Цæргæс æмæ гæды
Дада
Тæппуд Ваня
Куырм бæх
Ахуыргонд арс
Иу фæткъуы бæласы таурæгъ
Сау калм
Æцæгæлон айк
Цæваг хъуг
Текст
                    К. Д. УШИНСКИЙ ДВА КОЗЛИКА Перевод на осетинский язык
А. Саламова Северо-Осетинское книжное издательство Орджоникидзе* 1968


К. Д. УШИНСКИЙ Бирæ азты размæ Уæрæсейы царди диссаджы хорз уырыссаг ахуыргæнæг — Константин Дмитриевич Ушйнский. Ушинский райгуырдис 1824 азы. Йæ сабийы азтæ æмæ лæппуйы бонтæ уый арвыста чысыл горæт — Новгород-Северскы. Уым ахуыр кодта гимназы. Уый фæстæ каст фæци университет Мæскуыйы. „Мæ райгуырæн бæстæйæн куыд фылдæр гæнæн ис, уый бæрц пайда раттын — гъе уый у мæ царды иунæг хæс“,—дзырдта-иу Ушинский. Константин Дмитриевич стыр æмæ ахсджиаг хъуыддагыл нымадта уырыссаг адæмы рухсады куыст рапарахат кæнын. Уый тырныдта уымæ, цæмæй Уæрæсейы уа фылдæр скъолатæ, стæй дзы ахуыр кæной хуымæтæджы уырыссаг адæмы цот. Бирæ азты дæргъы Ушйнский сывæллæтты йæхæдæг ахуыр кодта скъолайы. Уыдонæн уый йæхæдæг сарæзта ахуыргæнæн чингуытæ — „Детский мир“ æмæ „Родное слово“. Уыцы чингуыты Ушинский йæ гыццыл чиныгкæсджытæн дзырдта адæмы цард æмæ куысты тыххæй, æрдзы диссæгты тыххæй, стæй нæ алфамбылай дуне куыд стыр æмæ алыхуызон у, уый тыххæй. Уый сывæллæтты ахуыр кодта хи адæмы æмæ хи мадæлон æвзаг зæрдæбынæй уарзыныл. Бирæ фыдæбæттæ федта Ушинский йæ царды. Паддзахы хицауад ын йæ куыстмæ касти æнæуынон цæстæй. Цытджын уырыссаг ахуыргæнæгæн йæ царды фæстаг азты нал радтой скъолайы сывæллæтты ахуыр кæныны бар. Ушинский амардис 1870 азы. Ацы чиныджы мыхуыргонд æрцыдысты Ушинскийы гыццыл радзырдтæ æмæ сывæллæттæн кæсынæн кæй рацарæзта, уыцы уырыссаг адæмон аргъæуттæ.
БИШКÆ „Цæй-ма, Бишкæ, бакæс, ацы чиныджы цытæ фыст ис!“ Куыдз басмыста чиныгмæ æмæ иуварс ацыди. „Мах хъуыддаг, дам, нæу чингуытæ кæсын; æз хæдзар хъахъхъæнын, æхсæв фынæй нæ кæнын, рæйын, давджыты æмæ бирæгъты тæрсын кæнын, цуаны цæуын, тæрхъусы фæдыл зилын, бабызтæ агурын, уаргъ хæссын — уыдæттæ дæр мын æгъгъæд сты“.
ГÆДЫ У нæ гæды — цъæх гæды, урс йæ фындз, йæ хъуыр. У нын цинтæгæнаг, стæй у хинæйдзаг. Йæ къæхтæ хъæдабæ, йæ дзæмбытæ цыргъ. Хъусæй у къæрцхъус, йæ рихитæ — даргъ, йæ кæрц зæлдагау — фæлмæн æмæ хъарм. Уый у цингæнаг, тасгæ-уасгæ, йæ къæдзил атилы, цæстытæ фæцъынд кæны, аргъæуттæ нын акæны. Фæлæ искуыцæй мыст фæзынди — дæ фыдгул афтæ — ацахсы йæ! Æмæ куыд нæ: йæ цæстытæ дынджыртæ, къæхтæ — хъæддых æндонау, дæндæгтæ — цыргъ, зылынтæ, йæ дзæмбытæ — рауадзгæ!
X Ъ У г Рæсугъд нæу хъуг, фæлæ нын уый дæтты æхсыр. Йæ ных—уæрæх, йæ хъустæ фæйнæрдæм пака; йæ дзых — дæндæгтæхъуаг, йæ сыкъатæ — дынджыртæ, йе ’рагъ — цыргъ, къæдзил лæдзæгау раст, йæ фæрстæ фæйнæрдæм дымст, йæ сæфтæджытæ та дывæр сты. Хъуг кæрдæгыл хизы, сынæр цæгъды, цъатайы змæст нуазы, уасы, йæ дуцæгмæ сиды. „Рацу, æфсин, рахæсс ведра, сыгъдæг хæцъил сæрфынæн. Æз сабитæн æрбахастон æхсыр, стæй бæзджын хъаймагъ“.
Б Æ X Бæх мыр-мыр кæны, йæ хъустæ тилы, йæ цæстытæ зилы, йæ згъæллаггом æууилы, бæрзæй, хъазау, хъал хуыз дары, йæ сæфтæгæй зæхх къахы. Бæрзæйыл барц уылæнтæ-уылæнтæ бады. Фæсте йæ къæдзил хæтæлы хуызæн, йæ ныхыл — бецыкк, йæ фадхъултыл — щеткæтæ; йæ хъуын æвзистау æрттивы. Йæ дзыхы згъæллаггом, йæ рагъыл саргъ æвæрд, йæ æгъдæнцæйттæ сызгъæринæй, цæфхæдтæ та æндонæй конд. „Сбад æмæ гъæй зæгъ! Авд хохы фалемæ!“ Бæх згъоры, зæхх æнкъуысы, дзыхæй фынк кæлы, фындзыхуынчъытæй тæф цæвы.
У.АСÆГ ЙÆ БИНОНТИМÆ Кæрты рацу-бацу кæны уасæг: йæ сæрыл сырх-сырхид къоппа, бырынчъы бын сырх зæлдаг боцъо. Уасæг Петкæйæн йæ фындз у раст сарты хуызæн, йæ къæдзил та — цалхы хуызæн, стæй рæсугъд æмæ нывæфтыд, йæ къæхтыл та сыкъатæ ис. Петкæ йæ дзæмбытæй фаджыс къахы, сиды цъиутæм, кæрчытæм: „Кæрчытæ-гопджынтæ! Цотмæзилаг æфсинтæ! Хъулæттæ, дзыгъуыртæ! Саутæ æмæ урсытæ! Æрбамбырд ут уæ цъиутимæ, уæ гыццыл лæппынтимæ: æз уын хоры нæмыг ссардтон!“ Кæрчытæ сæ цъиутимæ æрбамбырд сты, хъуыдаттæй бæстæ сæ сæрыл систой; нæ бафидыдтой — хоры нæмыгыл фæхыл сты. Уасæг Петкæ афтæ нæ уарзы — бинонты уайтагъд æрсабыр кодта: кæмæн йæ къоппа æркъуырдта, кæмæн
йæ гопп, нæмыг та йæхæдæг ахордта. Стæй кауы сæрмæ стахтис, йæ базыртæ сцагъта æмæ йæ хъæлæсы дзаг ныууасыд: хъихъ-хъыры-хъу-хъу!
Б А Б Ы 3 Вася бады доныбыл æмæ кæсы, бабызтæ цады куыд сæрбихъуырæйттæ кæнынц, уымæ: сæ фæтæн бырынчъытæ доны арф ауагътой,сæ бур къæхтæ хурмæдарынц. Васяйæн сæхимæ бафæдзæхстой бабызты фæхъахъхъæнын; уыдон доны смидæг сты—мадæлтæ дæр æмæ лæппынтæ дæр,—ныр ма сæ куыд акæна сæхимæ! Æмæ уæд Вася бабызтæм сидын райдыдта: „Баби, баби-бабитæ! Æнæфсис сыфкъах бабитæ! Æгъгъæд уын у уаллæттæ æмæ хъуыппитæ ахсын, кæрдæгыл хизын, уæ гуцъатæ дзаг кæнын,— афон уын у хæдзармæ цæуынæн!“ Бабызтæ Васямæ байхъуыстой, сурмæ рахызтысты æмæ узгæ-узгæ сæхимæ араст сты.
Ц Æ У Фæцæуы хъуынджын цæу, фæцæуы боцъоджын, йæ сыкъатæ тилгæ, йæ боцъо фæйлаугæ, сæфтджытæй къупп-къупп кæны, цæугæ-цæуын уасы, сæгътæ æмæ сæныччытæм сиды. Сæгътæ та сæ сæныччытимæ цæхæрадонмæ бацыдысты, кæрдæгыл хизынц, бæлæсты цъæрттæ æхсынынц, ног сагъд талатæ сафынц, сæ лæппынтæн æхсыр æмбырд кæнынц; сæныччытæ та æхсыр æфсæстæй быруйы сæрмæ схызтысты æмæ сыкъайæ хæцынц. Фæлæуут, фæлæуут, æрбацæудзæн уæм уæ боцъоджын хицау æмæ уе ‘ппæтæн дæр фенын кæндзæн — æрсабыр уæ кæндзæн!
ЦЫППАР ФÆНДОНЫ Митя йæ зæрдæйы дзæбæхæн фæбырыд чысыл дзоныгъы ихын къуыбырæй, стæй къахдзоныгътыл салд цæугæдоны ихыл, сæхимæ æрбазгъордта хъæлдзæгæй, йæ уадултæ ссырх сты, афтæмæй æмæ йæ фыдмæ дзуры: — Эх, куыд хорз у зымæджы! Æвæдза цы хорз уаид, æдзухдæр зымæг куы уаид, уæд! — Дæ фæндон мæ дзыппыдаргæ чиныджы ныффысс,— загъта йын фыд. Митя ныффыста йæ фæндон. Æрцыд уалдзæг. Митя хорз фæразгъор-базгъор кодта уыгæрдæны хъулон гæлæбуты фæдыл, æртыдта дидинджытæ, æрбазгъордта йæ фыдмæ æмæ йын загъта: — Уæдæ цы диссаджы хорз у уалдзæг! Æвæдза, цы хорз уаид, æдзухдæр уалдзæг куы уаид, уæд! Лæппуйы фыд та систа фыссæнчиныг æмæ та дзы Митяйæн йæ фæндон ныффыссын кодта. Ралæууыди сæрд. Митя йæ фыдимæ ацыд хос кæрдынмæ. Лæппу сæрдыгон даргъ бон-изæрмæ арвыста тынг хъæлдзæгæй: ахста кæсаг, тыдта æрыскъæфтæ, сæр-
бихъуырæйттæгæнгæ фæхъазыд адджын тæфгæнагхосыл, стæй изæрæй йæ фыдæн загъта: — Абон, æвæдза, цы диссаджы хорз бон уыд, æдзухдæр сæрд куы уаид! Æмæ та Митяйы уыцы фæндон дæр фыст æрцыд уыцы чиныджы. Æрцыди фæззæг. Цæхæрадоны тыдтой дыргътæ — сырх фæткъуытæ æмæ бурбурид кæрдотæ. Митяйы цинæн кæрон нал уыд æмæ йæ фыдæн дзырдта: — Фæззæг афæдзы афонтæн сæ тæккæ хуыздæр у! Уæд лæппуйы фыд йæ дзыппæй систа йæ фыссæнчиныг æмæ йæм равдыста, Митя зымæгæй дæр, уалдзæгæй дæр æмæ сæрдæй дæр раст афтæ кæй дзырдта, уый.
МЫДЫБЫНДЗЫТÆ Ралæууыд уалдзæг. Хур быдыртæй фæсырдта мит. Фароны бурбын кæрдæджыты æхсæнæй ранæй-рæтты сæ сæртæ сдардтой ног, цъæх-цъæхид кæрдæджы хæлттæ. Бæлæсты къуыбыр нæрсыдис, фæзындис сыл гыццыл ног сыфтæртæ. Мæнæ йæ зымæгон фынæйæ райхъал мыдыбындз дæр, йæ цæстытæ аууæрста йæ хъуынджын къæхтæй, райхъал кодта йе ‘мбæлтты æмæ сæ рудзынгæй ракастысты: цымæ мит, их æмæ уазал цæгатаг дымгæ сæхи ардыгæй айстой æви нæма, зæгъгæ. Кæсынц мыдыбындзытæ æмæ уынынц: хур кæсы, бæстæ иууылдæр у рухс æмæ хъарм. Бындзытæ рахылдысты сæ чыргъæдæй æмæ уæртæ фæткъуы бæласмæ фæтæхынц. — О фæткъуы бæлас, ницы дæм разындзæн мæгуыр мыдыбындзытæн? Мах æнæхъæн зымæг æххормаг уыдыстæм. — Ницы,—дзуры сæм фæткъуы бæлас,—æгæр раджы мæм фæзындыстут; мæ дидинджытæ нырма къуыбырты мидæг æмбæхст сты. Бабæрæг-ма кæнут бал бæласы.
Атахтысты мыдыбындзытæ бал бæласмæ: — Нæ зынаргъ бал бæлас! Дидинæг дæм нæ разындзæн æххормаг мыдыбындзытæн? — Райсом-иу мæ абæрæг кæнут, мæ хуртæ,—дзуры сæм бал бæлас,— абон мыл нæма ис, чи рафтыдта, иу ахæм дидинæг дæр, куы мын рафтауой, уæд табуафси, тынг бацин кæндзынæн уазджытыл. — Мыдыбындзытæ атахтысты тюльпан дидинæгмæ: ныккастысты йын йæ хъулон сæрмæ; фæлæ уый тæф дæр нæ кодта, мыд дæр дзы нæ уыди. Æнкъард æмæ æххормаг мыдыбындзытæ сфæнд кодтой фæстæмæ сæхимæ атæхын, фæлæ уалынмæ иу къудзийы бын ауыдтой хуымæтæджы копрадзхуыз динæг — фиалкæ. Уый мыдыбындзытæн байгом кодта йæ къуск. Къуск та йæ тæккæ дзаг уыди адджын донæй, стæй кодта тынг дзæбæх тæф. Бафсæстысты мыдыбындзытæ æмæ хъæлдзæгæй атахтысты сæхимæ.
УРСЗАЧЪЕ ЗЫМÆДЖЫ ÆРТХЪИРÆНТÆ Смæсты ис урсзачъе зымæг: сфæнд кодта, дунейыл æппындæр улæфт куыд нал уа, афтæ бакæнын. Раздæрраздæр йæ куыст скодта мæргъты: сфæлмæцыд сын сæ хъæр æмæ сæ цъиу-цъиуæй. Ныффуттытæ кодта зымæг, æрцагъта хъæдты æмæ къохты сыфтæртæ æмæ сæ байтыдта фæндæгтыл. Цы ма фæуой цъиутæ, кæм бамбæхсой сæхи; æмбырдтæ кæнын райдыдтой уыдон балтæ-балтæй æмæ хъуыды кодтой сæхиуыл. Æрæмбырд сты, бирæ фæхъæр кодтой æмæ атахтысты бæрзонд хæхты сæрты, цъæх денджызты сæрты, хъарм бæстæтæм. Йæ бынаты ма цæргæ баззад сырддонцъиу, æмæ уый дæр цары бамбæхсти. Мæргъты нæ баййафдзæн, уый куы бамбæрста зымæг, уæд уыцы хуызæнæй йæ ных сырдтæм сарæзта. Митæй æрæмбæрзта быдыртæ, митхъæпæнтæй сæхгæдта хъæдтæ, ихцъар сæвæрдта бæлæстыл æмæ хъызтæй-хъызтдæр кæны бæстæ. Хъызт тъæнджытæ кæны, иу зазы къалиуæй иннæмæ схъиуы, къæрццытæ кæны, сырдты тæрсын кæны. Нæ фæтарстысты сырдтæ: кæмæн йæ кæрц хъарм у, чи та арф хуыкгомы бамбæхсти; æхсæрсæттæг мæрайы арф
бады æмæ æхсæртæ хæры, арс хъарм хуыкгомы хуыссы æмæ йæ къахы бынтæ сдæры; тæрхъус, гæппытæгæнгæ, йæхи хъарм кæны; бæхтæ, хъуццытæ, фыстæ та рагæй дæр хъарм скъæтты сты æмæ цæттæ хос хæрынц, хъарм дон нуазынц. Ноджы тынгдæр мæсты кæны, агъуийы зымæг,— кæсæгтæм йæхи сарæзта; хъызт хъызты фæдыл æрвиты, сæ иу иннæмæй цъаммардæр. Хъызтытæ фæлдзæгъдæн кæнынц, сæ дзæбугтæй къупп-къуппгæнгæ æнæ цурк, æнæ къодахæй цадтыл æмæ цæугæдæттыл хидтæ аразынц. Ныссалдысты дæттæ æмæ цадтæ, фæлæ ныссалд æрмæст сæ уæллаг цъар; кæсæгтæ та иууылдæр бынмæ нылленк кодтой; ихын цъары бын сын ноджы хъармдæр ма у. „Сар мын сæ къона кæны,—йæхинымæр зæгъы зымæг,— æз адæмы куы нæ ныссæлын кæнон!“ — æмæ та æрвиты иу хъызт иннæйы фæдыл, сæ иу иннæмæй хъыхъхъагдæр. Хъызт рудзгуыты æвгтыл ихæй нывæфтыдтæ сарæзта, мидæмæ хойы къултæ, дуæрттæ, фыруазалæй хъæдтæ къæрццытæ кæнынц, фæйнæрдæм фæрчытæ хауынц. Адæм та пецты арт бандзæрстой, сæхицæн тæвд лауызтæ фыцынц æмæ зымæгыл худынц. Искæйы хъæдмæ цæуын куы бахъæуы, уæд йæ уæлæ хъарм дынджыр тулуп æрбакæны, къæхтыл нымæтдзабыртæ скæны, къухтыл цæрмын æрмкъухтæ бакæны æмæ фæрæтæй бæлас калын куы райдайы, уæд ихæн нæ, фæлæ ма йæ хид дæр акæлы. Фæндагыл, цыма зымæджы мæстæй марынц, уыйау дæргъæй-дæргъмæ арæнхъ сты уæрдæттæ; бæхты сæрмæ тæф фæздæгау сбадт; бæхтæрджытæ сæ мидбынаты скафынц, æд æрмкъухтæ æрæмдзæгъдгæнæгау кæнынц, се уæхсчытæ бауигъæгау кæнынц æмæ зымæджы хъызтæй æппæлынц. Уæлдай æгаддæр та фæкасти зымæгмæ уый, æмæ ма дзы суанг гыццыл сывæллæттæ дæр кæй нæ тæрсынц!
Сæ зæрдæйы дзæбæхæн дзоныгътæй æмæ къахдзоныгътæй ихыл бырынц, митæй хъазынц, митын лæгтæ аразынц, митобæуттæ кæнынц æмæ сыл дон уадзынц, сæхæдæг хъызтмæ хъæр кæнынц: „Рауай-ма, аххуыс нын кæн!“ Зымæг фырмæстæй нылхыскъ кæны иу лæппуйæн йæ хъус, иннæмæн — йæ фындзы къоппа,—суанг аурс вæййы лæппуйы хъус, кæнæ фындз. Уæд лæппу мит фелвасы æмæ — æууæрдыс ма нал йæ сыд бынат — йæ цæсгом раст цæхæрау ссудзы. Кæсы зымæг, æмæ иуыл дæр йæ бон нæ цæуы, уый куы бамбæрста, уæд фырмæстæй ныккуыдта. Хæдзæртты сæртæй æртахгай æркалдысты зымæджы цæссыгтæ... æвæццæгæн, уалдзæг дард нал у!
ФÆРАЗ БАНХЪÆЛМÆ КÆСЫН Цардис æмæ уыди хо æмæ æфсымæр: карк æмæ уасæг. Иухатт дын уасæг азгъордта цæхæрадонмæ æмæ бынтон цъæх хъæлæрдзытæ хæрыныл схæцыд. Карк æм бадзырдта: — Ма хæр, Петкæ! Багъæц уал хъæлæрдзыйы сцæттæмæ. Уасæг æм нæ байхъуыста; хордта æмæ хордта, гъемæ йæхицæн цы хъуыд, уый бакодта: тыххæйты ма æрбахæццæ йæ хæдзармæ. — Ох!—хъæрзы уасæг.— Мæлын, мæ хо! Мæ буар иууылдæр риссы. Карк уасæгæн бадардта битъынайы дон, гарчичниктæ йыл сæвæрдта, æмæ уасæг фæдзæбæх. Уасæг куы сдзæбæх ис, уæд та быдырмæ ацыд; уым бирæ фæразгъор-базгъор кодта, стæвди, рахид кодта æмæ суадонмæ азгъордта уазал дон нуазынмæ. Карк хъæр кæны йæ фæдыл: — Макæ, ма бануаз, Петкæ, фæлæуу уал, цалынмæ æруазал уай, уæдмæ!
Фæлæ нæ бакаст уасæг йæ хойы коммæ,— банызта уазал дон æмæ уайтагъд тæфсæгæй æрбарынчын; карк ма йæ тыхамæлттæй æрбакодта сæ хæдзармæ. Карк азгъордта дохтырмæ, дохтыр уасæгæн рафыста маст хостæ. Бирæ фæсадис Петкæ. Уасæг сдзæбæх ис зымæгмæ. Кæсы, æмæ дон сæвæрдта тæнæг ихцъар. Уасæджы бафæндыд уыцы ихыл къахдзоныгътæй абырын. Уæд æм карк дзуры: — Ох, фæлæуу уал, багъæц, Петкæ! Бауадз уал цæугæдоны бынтон ныссæлын; нырма йæ их хæрз тæнæг у, дæ быны ныттондзæн æмæ фæдæлдон уыдзынæ. Фæлæ та ницæмæ æрдардта уасæг йæ хойы ныхæстæ, абырыд тæнæг ихыл; их ныссаст, æмæ уасæг—цæлхъ, зæгъгæ, доны смидæг ис! Æмæ, дæ фыдгул уыйау: байсæфти.
ЗÆХКУСÆГ ÆМÆ АРС (А Р Г Ъ А У) Арс балымæн ис зæхкусæгимæ, æмæ сфæнд кодтой уыдон иумæ булчъытæ ныссадзын. Лæг ын загъта: — Йæ уидæгтæ-иу мæн уæнт, йæ сæртæ та дæу. Булчъытæ æрзадысты тынг хорз. Куы сæ æркъахтой, уæд зæхкусæг йæхицæн райста уидæгтæ, арсæн та радта сæ сыфтæ. Арс фæхъуыр-хъуыр кодта, фæлæ ницуал гæнæн уыд. Дыккаг аз та лæг арсæн загъта: — Цæй æмæ та иумæ бахуым кæнæм. — Цæй! Æцæг ацы хатт ды мæнæн ратт уидæгтæ, дæхицæн та йæ сæртæ райс,— загъта йын арс. — Хорз!—æнцонæй сразы ис лæг.—Фæуæд, ды куыд зæгъыс, афтæ. Æмæ байтыдтой мæнæу. Замманай хорз æрзадис мæнæу. Лæг йæхицæн райста мæнæуы сæртæ, арс та райста уидæгтæ. Уæдæй фæстæмæ арс æмæ лæджы хæлардзинад фехæлдис.
РУВАС ÆМÆ ДУРЫН (АРГЪАУ) Иу ус быдырмæ ацыдис мæнæу кæрдынмæ. Уым куыристы фæстæ нывæрдта йе ’хсыры дурын. Рувас бахъуызыди дурынмæ, нытътъыста дзы йæ сæр æмæ басдæрдта, цы æхсыр дзы уыди, уый иууылдæр. Ныр хæдзармæ цæуын афон дæр у. Фæлæ мæнæ бæллæх: дурынæй йæ сæр уæлæмæ нал комы — ныссагъди дзы. Дыууæрдæм зилдух кæны рувас, йæ сæр тилы æмæ дзуры: — Цæй, дурын, ахъазыдтæ мæ æмæ дын ныр æгъгъæд фæуæд—суадз мæ, дæ хорзæхæй. Фæлæ йæ дурын нал æмæ нал уæгъд кæны,—дæ гæндзæхтæ дæр атон. Æмæ йæм уæд смæсты рувас. — Афтæ кæныс, уæдæ, æнаккаг! Дзæбæхæй мæ нæ уæгъд кæныс, нæ? Фæлæуу, æз дæ ныртæккæ куы нæ фæдæлдон кæнон! Рувас доны былмæ азгъордта, æмæ архайы дурын фæдæлдон кæныныл. Дурын бæргæ фæдæлдон ис, фæлæ рувасы дæр йемæ доны бынмæ нылласта.
ХЪЫРИХЪУПП ÆМÆ КÆСАГЛАС (АРГЪАУ) Фæцæйтахт уыг — хъоппæгцæст. Тахти, тахти æмæ иу ран æрбадт, йæ къæдзил ратил-батил акодта, йæ фæйнæ фарсмæ аракæс-бакæс кодта æмæ та ногæй атахти. Тахти, тахти æмæ иу ран æрбадт, йæ къæдзил ратилбатил акодта, йæ фæйнæ фарсмæ аракæс-бакæс кодта... Уый аргъау нæма у, аргъау йæхæдæг та нырма фæстæдæр уыдзæн. Раджыма-раджыма иу цъымарайы цардис æмæ уыди хъырихъупп æмæ кæсаглас. Цъымарайы фæйнæ кæрон сæхицæн хæдзæрттæ сарæзтой æмæ дзы алчи йæхицæн царди. Хъырихъупп схъыг ис иунæгæй цæрынæй æмæ сфæнд кодта ус ракурын. „Цæй æмæ,—зæгъы,— фæцæуон æмæ баминæвар кæнон кæсагласмæ!“ Араст ис, йæ хъæлзæнгтæй сардзинтæ нымайгæ. Авд версты бæрц фæцыд, цъымара змæнтгæ. Стæй бахæццæ ис æмæ дзуры: — Кæсаглас! Баком мын: райдайæм иумæ цæрын. — Нæ-æ, хъырихъупп, æз дæумæ чындзы нæ ацæудзынæн: дæуæн дæ дарæс æгæр цыбыр у, дæ къæхтæ тынг даргъ сты, ноджы тæхынмæ дæр дæсны нæ дæ, цæмæй мæ хæсдзынæ?! Айс дæхи ардыгæй, дæргъындзæг!
Хъырихъупп ацыди сæхимæ сæргуыбыр æмæ уæнтæхъилæй. Фæлæ хъырихъупп куы ацыд, уæд кæсаглас æрфæсмон кодта: „Иунæгæй цæрыны бæсты, хуыздæр уыдзæн хъырихъупмæ чындзы ацæуын“. Кæсаглас ацыди хъырихъупмæ æмæ йын загъта: — Хъырихъупп, комын дын, ракур мæ! Фæлæ хъырихъуппæн йæ маст нæма ссыд: — Нæ, кæсаглас, æз дæу нæ ракурдзынæн: кæд разы уыдтæ,уæд дæм куы бацыдтæн, уæд ма мæ цæмæн рарвыстай? Ныр —адде у ардыгæй. Æгад æркастис йæхимæ кæсаглас, фырмæстæй скуыдта æмæ сæхимæ ацыд. Хъырихъупмæ фæсмон æрцыдис æмæ загъта: „Дзæгъæлы ауагътон кæсагласы: æнкъард у иунæгæй цæрын; цон æмæ йæ æрбакæнон“. Хъырихъупп бацыдис кæсагласмæ. — Кæсаглас!—загъта йын хъырихъупп. —Æз сфæнд кодтон дæу ракурын, баком мын. Фæлæ кæсаглас мæсты у хъырихъупмæ æмæ йын загъта: — Дæхи айс ардыгæй, дæргъындзæг! Æз дæумæ чындзы нæ ацæудзынæн. Хъырихъупп ацыди сæхимæ. Уæд кæсагласмæ фæсмон æрцыдис: „Цæуылнæ йын бакуымдтон? Цæй æмæ фæлтау ацæуон æмæ йын бакомон!“ Ацыд æм, комын дын, зæгъгæ, фæлæ хъырихъупп нæ разы кæны. Гъе афтæ кæрæдзимæ рацу-бацу кæнынц цъымарайы ныры онг дæр: цæуынц кæрæдзимæ курæг, фæлæ сын бафидауыны хъомыс нæй.
ЦЫ БАЙТАУАЙ, УЫЙ ÆРКÆРДДЗЫНÆ (А Р Г Ъ А У) Иуахæмы рувас бахæлар ис хъырихъуппимæ æмæ йæ сфæнд кодта фæхынцын: — Æрбацу мæм, мæ хæлар, æрбацу мæм, мæ зынаргъ! Тынг дæ суазæг кæндзынæн, минасæй дæ цармæ скæсын кæндзынæн! Æрбацыдис æм хъырихъупп хуынды; уæд ын рувас лæхурæгæй кас сфыхта, уæлæнгай тæбæгъыл æй тæнæг байсæрста æмæ хынцы хъырихъуппы: — Ахæр, мæ хæлар, ахæр мæ зынаргъ уазæг! Мæхæдæг æй скодтон. Хъырихъупп йæ бырынкъæй тæбæгъ æркъуырцц-æркъуырцц фæкодта, фæлæ дзы йæ дзыхмæ ницы бахæццæ. Рувас бавдæлд æмæ йе ’взагæй тæбæгъы кас сдæрыныл схæцыд æмæ йæ иууылдæр йæхæдæг смарзта,
уæдæ цы уыдаид.Рувас кас æгасæй дæр хæрд куы фæци, уæд йæ уазæгмæ дзуры: — Хъаст мæ ма ракæн, дæ хорзæхæй, мæ хæлар, æндæр дæ цæмæй фæхынцон, уый нæй. — Бузныг, мæ хæлар рувас, уымæй дæр, — дзуапп ын радта хъырихъупп. — Райсом-иу ды дæр мæнмæ æрбацу хуынды. Дыккаг бон рувас хуынды бацыд хъырихъупмæ. Хъырихъупп дзидзайы хъæрмхуыпп скодта, ныккодта йæнарæгхъуыр дурыны, дурын æрæвæрдта стъолыл æмæ хаты рувасмæ: — Ахæр, мæ хæлар, ахæр, мæ цæстырухс! Ма мæ рахъаст кæн, æндæр дæ цæмæй фæхынцон, уый нæй. Рувас дурыны алывæрсты цъилау зилы: куы йæм иуырдыгæй бауайы, куы иннæрдыгæй, дурыны фарсдæр асдæры, смудгæ дæр æм бакæны, фæлæ дзыхмæ ницы хæццæ кæны. Хъырихъупп дæр йæ даргъ хъæлзæнгтыл лæууы æмæ йæ даргъ бырынкъæй дурыны хъуырæй дзидзайы кæрдихтæ иугай исы æмæ æмпулы. Афтæ, æнцад йæхицæн хордта æмæ хордта, цалынмæ хæринæг иууылдæр хæрд нæ фæцис, уæдмæ. — Цæй, хъаст мæ ма ракæн, мæ хæлар, æндæр дæ цæмæй фæхынцон, уый нæй. Рувас йæ комдæттæ ныхъуыргæ, афтид гуыбынæй йæ хæдзармæ афардæг. Уый адыл хъырихъуппимæ сæ хæлардзинад фехæлдис.
УАСÆГ ÆМÆ КУЫДЗ (АРГЪ АУ) Раджыма-раджыма цардис æмæ уыди зæронд лæг æмæ ус. Уыдон цардысты тынг мæгуыр. Фосы мыггагæй сæм уыдис æрмæстдæр уасæг æмæ куыдз, уыдонмæ дæр зылдысты тынг æвзæр. Æмæ иуахæмы куыдз загъта уасæгæн; — Петкæ, — цæй æмæ хъæдмæ нæхи айсæм; ам нæ цард ницæййаг у. — Цом,— сразы ис уасæг,—уым нын амæй фыддæр нæ уыдзæн. Баныхас кодтой æмæ араст сты, сæ къах сæ кæдæм хаста, уырдæм. Фæцыдысты бон-изæрмæ, райдыдта талынг кæнын. Афон уыди искуы æхсæвиуат бакæнынæн. Уыдон фæндагæй иуварс ахызтысты, хъæдмæ бацыдысты æмæ уым æхсæвиуатæн равзæрстой иу дынджыр мæра бæлас. Уасæг стахти къалиумæ, куыдз бабырыд мæрайы — æмæ бафынæй сты.
Райсомæй бон куыддæр æрбацъæх ис, афтæ уасæг ныууасыди: — Хъихъ-хъыры-хъу-хъу-у! Уасæджы уасын рувасы хъустыл сæмбæлд: æрфæндыдис æй уасæджы фыдæй йе ‘стонг суадзын. Мæнæ æрбауадис бæласы размæ æмæ райдыдта уасæгæй æппæлын: — Гъе уый уасæг у, гъе! Ахæм маргъ æз мæ цæстæй дæр никуыма федтон: дæ систæ дæр цы æнахуыр рæсугъд сты! Æниу дæ къоппа та, сырх-сырхид глазийау тæмæнтæ калы. Кæннод дæ зыланггæнаг хъæлæс та! Уæ рæсугъд, æртæх мæм хæстæгдæр! — Цæмæ дæм ныттæхон?—фæрсы йæ уасæг. — Цом мæнмæ уазæгуаты: æз абон мæ ног хæдзарæн куывд кæнын, дæуæн дæр дæ нартхоры нæмгуыты хай æвæрдæй лæууы. — Хорз,—дзуры йæм уасæг,— фæлæ мын иунæгæй ацæуынæн амал нæй: мемæ ма æмбал ис. „Мæнæ мæм цы амонд æрхауд æваст!—йæхинымæр бацин кодта рувас. — Иу уасæджы бæсты мын уыдзæн дыууæ!“ — Æмæ кæм ис де мбал?—фæрсы рувас.— Æз уый дæр ахондзынæн нæхимæ. — Дæлæ уым, мæрайы хуыссы,— дзуапп ын радта уасæг. Рувас бæгуылæгау базгъордта мæрамæ,— куыдз æм хæпп, зæгъгæ, фæкодта, йæ хæмхуттæ йын ацахста æмæ йæ акъуыхтæ кодта.
ХИНÆЙДЗАГ ГÆДЫ (А Р Г Ъ А У) I Раджы кæддæр иу хæдзары цардис æмæ уыди гæды, цæу æмæ фыр. Уыдон иумæ цардысты тынг хæлар: армыдзаг хос дæр æмхуызон уæрстой сæ кæрæдзийы æхсæн, фæлæ над æмæ рæхуыстытæ та иууылдæр уадысты æрмæстдæр гæдыйыл иунæгæй. Уый ахæм даваг æмæ сусæгхор уыд, æмæ йын зæгъæн дæр нæй: исты хæринаг уæлæнгай æвæрдæй аззайæд, уæд ыл дæ къух ауигъ — гæды йæ уайтагъд ассивдзæн. Иуахæмы та дын нæ цъæх гæды къуылых-къуылых кæугæ æрбацæуы, йæ цæссыг калы. Фæтæригъæд ын кодтой цæу æмæ фыр æмæ йæ фæрсынц: — Уæ нæ хæлар, нæхи гæды! Цæуыл кæуыс, цы кодтай? Æртæ къахыл цæмæн згъорыс? — Куыд нæ ма кæуон, мæ хæлæрттæ!—дзуры сæм уынгæг хъæлæсæй гæды. — Хæдзары æфсин мæ æмбисонды над фæкодта, мæ хъустæ дæр мын сцæйтыдта,
мæ къæхтæ мын ныссаста, стæй ма мæм ноджы бартхъирæн кодта амарынæй дæр. — Æмæ дæ цæмæн афтæ тынг бафхæрдта? Уа бæллæхæй цы ракодтай, уагæры? — фæрсынц æй цæу æмæ фыр. — Эх-эх! Куыддæр æгъдауæй æнæбары басдæрдтон æхсырысæртæ. — Уæдæ дын уæд афтæ хъуыди! — дзуры йæм цæу.— Ма дав æхсырысæртæ æмæ æнæмаст уыдзынæ! Иухатт куы уыди, уæд та дын гæды кæуы: — Хæдзары æфсин мæ фæнадта æмæ мын нæмгæнæмын дзырдта: „Мæ сиахс мæм æрбацæудзæн, æмæ ма йын ныр æхсырысæртæ кæм ссардзынæн? Бар-æнæбары дæр нæ ныр нæ цæу æмæ фыры аргæвдын бахъæудзæн“. Уыцы ныхæстæ фехъусгæйæ ныккуыдтой, нырдиаг кодтой цæу æмæ фыр: — Æ, фыдбылызы цъæх гæды, æнæзонд сæрхъæн! Цæмæн нæ бабын кодтай уый? Хъуыдытæ, уынаффæтæ кæнын райдыдтой, уыцы стыр фыдбылызæй куыд фервæзой, ууыл, —æмæ сфæнд кодтой уыцы сахат: æртæйæ дæр иумæ алидзæм искæдæм. Хъахъхъæдтой, æмæ ус йæ фæдыл кулдуар гомæй куы фæуагъта, уæд алыгъдысты. II Бирæ фæлыгъдысты гæды, цæу æмæ фыр дæлвæзты æмæ хæхты, зын цæуæн змисты. Иу афон бахæццæ сты иу карст уыгæрдæнмæ æмæ сфæнд кодтой уым бахсæвиуат кæнын. Уыцы уыгæрдæны та хосы цъына-
тæ афтæ бирæ уыд, æмæ йæм дардæй кæс, уæд горæты хуызæн зынди. Уыди мæйдар æмæ уазал æхсæв. Кæм самал чындæуа зынг? Гæды ссардта бæрзы цъар, цæуы сыкъатыл æй стыхта æмæ йын загъта, фыримæ уæ сыкъатæ кæрæдзиуыл тынг скъуырут, зæгъгæ. Уыдон сæг сыкъатæ кæрæдзиуыл сцавтой, сæ цæстытæ цæхæртæ акалдтой, æмæ уыцы цæхæртæй бæрзы цъар ссыгъди. — Хорз,—загъта цъæх гæды,— ныр схъарм уыдзыстæм!— Айтæ-уыйтæ нал фæкодта, фæлæ уыцы хуызæнæй æнæхъæн хосы цъынайыл бандзæрста. Æххæст дæр нæма схъарм сты, афтæ сæм фæзынд иу æнахуыр уазæг—Бырсæгаты Гуырымыхъхъы фырт Арсæмæг. — Бауадзут мæ,— зæгъы,— æфсымæртæ, мæхи схъарм кæнын æмæ мæ фæллад суадзынмæ: куыддæр мæ чемы нæ дæн. — Табуафси, рацу нæм, Бырсæджы-фырт,— загъта йын гæды. — Кæцæй цæуыс? — Мыддартæм фæцыдтæн,— загъта арс,—мыдыбындзыты бабæрæг кæнон, зæгъгæ, æмæ мыдгæстимæ фæхыл дæн; нæфæразгæ кæй дæн, уый дæр мын гъе уыцы хылы аххос у. Бауазæг кодтой арсы æмæ иууылдæр сæхи ауагътой: цæу æмæ фыр арты фарсмæ, гæды цъынайы сæр, арс та цъынайы бын бабырыд. III Бафынæй ис Гуырымыхъхъы фырт Арсæмæг, цæу æмæ фыр та æркув-æркув кæнынц; æрмæст иунæг гæды нæу фынæй, æмæ уыны алцы дæр. Кæсы, æмæ, дын,
уæртæ æрбацæуы авд цъæх бирæгъы æмæ иу урс бирæгъ. Сæ ных комкоммæ цъынайы артмæ сарæзтой. — Уф-уф! Цы стут, цавæр стут уый!—дзуры урс бирæгъ цæу æмæ фырмæ.— Цæйут ма, бавзарæм нæ тых: чи нæ тыхджындæр у кæддæра. Цæу æмæ фыр фыртæссæй бауасыдысты; уæд сæм цъæх гæды цъынайы сæрæй дзуры: — Æ, уæртæ урс бирæгъ, бирæгъты æлдар! Ма нын смæсты кæн нæ хистæры. Кæннод уæм йæхи куы фæхъуынджын кæна, уæд уæ иу дæр æгасæй нал аирвæздзæн. Уæртæ йын йæ зачъетæ нæ уыныс, уый мидæг ис йæ тых дæр: æппæт сырдты дæр йæ зачъейæ нæмы. Йæ сыкъатæй сырдтæн æрмæстдæр сæ царм стигъы. Фæлтау, кæд ма уæ цæрын фæнды, уæд æм сыгъдæг зæрдæйæ бацæут æмæ йын балæгъстæ кæнут: фæнды нæ, зæгъ, дæ кæстæр æфсымæримæ, уæртæ цъынайы бын чи хуыссы, уыимæ ахъазын. Уый адыл бирæгътæ цæуæн балæгъстæ кодтой, гæ-
ды сын куыд загъта, афтæ. Амбырд сты бирæгътæ арсыл æмæ йæ æнцой нал уадзынц — фæныхил-фæныхил æм кæнынц, мæстæй йæ марынц. Арс сæм иуцасдæр йæхи урæдта, урæдта, стæй æгæр-æгæр куы кодтой, уæд рамæсты æмæ дзы цыппармæ уыциу лæбурд фæкодта, йæ дзæмбытæ сыл æруагъта, æмæ — дæ фыдгул афтæ — бирæгъты ниуд æмæ æрдиаг уæларвмæ хъуысти. Бирæгътæ ма тых-амæлттæй æрдæгмæрдтæй раирвæзтысты цъынайы бынæй æмæ, сæ къæдзилтæ сæ сагæгъдты бамбæхстой, афтæмæй лидзынмæ фесты,— цæст дæр сыл нал хæцыд раст. Цæу æмæ фыр та, цалынмæ арс бирæгътимæ хъуырдухæн кодта, уæдмæ сæ гæдыйы се ‘ккой абадын кодтой æмæ цыппæрвадæй сæхирдæм ныййарц сты. — Æгъгъæд нын фæуæд æнæсæрфат лекка кæнын,— загътой сæхицæн æртæ лымæны, — ахæм хæтæнхуагæй бынтон фыдбылызы бахауынæн дæр бирæ нæ хъæуы. Цомут фæлтау нæхимæ. Зæронд лæг æмæ ус тынг бацин кодтой, сæ цæу æмæ фыр сæхимæ кæй æрбаздæхтысты, ууыл; фæлæ ма цъæх гæдыйы нæмгæ дæр фæкодтой йæ мæнгард миты тыххæй.
ДЫУУÆ ЦÆУКЪАЙЫ Цæугæдоны сæрты хиды бæсты уыд иу лыстæггомау тымбыл хъæд æвæрд. Уыцы хидгондыл хæрхæмбæлд фесты дыууæ хивæнд цæукъайы. Сæ дыууæйæн иумæ уыцы иу рæстæг хидыл ацæуæн нæ уыд. Сæ иу уал хъуамæ раздæхтаид фæстæмæ æмæ иннæмæн фæндаг раттаид. — Иуварс мæ фæндагæй, æз хъуамæ раздæр ацæуон, — загъта сæ иу. — Гъы, уæдмæ дæр уал лæуу! Дæхимæ исты кæсдзынæ! Мæлæты хабедзен! — дзуапп ын радта иннæ.— Айс дæхи фæстæрдæм: æз хидмæ дæуæй раздæр æрбахызтæн! — Нæ, мæ хуры чысыл! Æз дæуæй бирæ хистæр дæн, æмæ дæу хуызæн хъуымызбылæн фæндаг раттон?! Уый никуы уыдзæн! Æмæ уæд айтæ-уыйтæ нал фæкодтой, фæлæ уыцы хуызæнæй сæ фидар ныхтæ кæрæдзимæ фæцарæзтой. Лыстæг тымбыл хъæдыл сæ къæхтæ ныббыцæугæн-
гæйæ, сбæндæн сты сыкъайæ хæцыныл. Тохы куы бацыдысты, уæд дыууæ хивæнды дæр фæбырыдысты æмæ доны арфы сæ цæлхъ фæцыди.
БÆХ ÆМÆ ХÆРÆГ Замманай тыхджын, аласа бæх, æппын æнæ уаргъæй æмæ, уæззау уаргъ амад кæуыл уыд, ахæм хæрæг фæндагыл сæ хицауы фæстæ фæцæйцыдысты. — Уæртæ бæх, дæ хорзæхæй, — дзуры йæм хæрæг, — мæ уаргъæй мын дæхимæ иугыццыл уæддæр айс; хуыдуг кæнын уæззау уаргъы бын. Бæх ын сæрыстырæй загъта, нæ дын æххуыс кæнын, зæгъгæ. Арф ныуулæфыд, мæгуыр, хæрæг æмæ, йæ хъустæ æруадзгæйæ, дарддæр араст. Фæлæ ма тых-амæлттæй иу версты бæрц фæхаста йæ уаргъ, стæй фæцудыдта, æрхаудис æмæ ныххæдмæл. Фосы хицау нырма гъеныр федта, хæрæгмæ куыд æнаккаг æвзæр, æнæтæригъæд цæстæнгас дардта, стæй тыхджын, æрыгон бæхы афтæ буц хæрз дзæгъæлы кæй дардта, уый. Лæг ма фæхъыг кодта, йæхицæн фæуайдзæфтæ кодта, фæлæ ма йын уый цы æххуыс фæуыдаид. Цæуын хъуыдис дарддæр. Æмæ лæг хæрæджы уаргъ иууылдæр сæрыстыр бæхыл самадта, стæй ма йыл хæрæджы царм дæр бавæрдта: фæндагыл дзæгъæлы цæмæн баззайа уый дæр.
АРС ÆМÆ КЪОДАХ Иу арс хъæды смудгæ фæцæйцыд, кæд миййаг исты хæринагыл бафтин, зæгъгæ. Уалынмæ йæ фындзыл ауад мыды тæф. Арс йæ хæмхуттæ хæрдмæ сивæзта æмæ нæзы бæласыл ауыдта мыдычыргъæд. Чыргъæды бынмæ та бæндæнæй къалиумæ бастæй ауыгъд уыдис иу тымбыл лæгъз къодах. Фæлæ арсы уыцы къодахимæ ницы хъуыддаг ис, хъæугæ дæр æй ничердæм кæны. Уый мыд йедтæмæ ницы хъæуы. Æмæ схылди бæласмæ. Къодахмæ куы схæццæ ис, уæд ын уæлдæр хизæн нал уыд—къодах æй хъыг дардта. Арс æй йæ къахæй иуварс асхуыста, фæлæ къодах фæстæмæ рахъуыреццау кодта æмæ йæ тъæпп арсы сæрыл фæцыд. Сырд æй тынгдæр асхуыста æмæ та уый дæр ноджы тынгдæр ныццавта арсы. Æрбамæсты ис арс æмæ къодахы йæ тых-йæ бонæй асхуыста; уый иуварс атахтис иу-дыууæ сардзины бæрц, стæй фæстæмæ тæхгæйæ арсы афтæ тынг ариуыгъта, æмæ гыццыл ма бахъæуа, бæласæй ма рахауа. Иæ маст бынтон рафыхтис арсæн, мыд дæр дзы ферох ис, афтæмæй йæ
тых-йæ бонæй схойынтæ систа ауыгъд къодах, мæ маст дзы райсон, зæгъгæ. Фæлæ алы асхуыстæн дæр хъæд фæстæмæ ахъаззаджы хафт кодта сырды. Арс уыцы къодахимæ фæтох кодта, цалынмæ йæ бон уыдис, уæдмæ, стæй сау над æмæ фæлладæй бæласæй рахауд. Бæласы бын та чысыл михтæ сагъд уыди. Арс уыдоныл æрхаудис æмæ, — дæ балгъитæг уыйау,— царм ыл нал баззад. Йе ‘дылы маст ын афтæтæ бакодта, гъе.
ЦÆРГÆС ÆМÆ ГÆД Ы Хъæуы æдде гæды йæ лæппынтимæ дзæбæх хъазыди. Уалдзыгон хур сæ йæ хъарм тынтæй рæвдыдта, æмæ цыппæркъахыг чысыл бинонтæ сæхимæ кастысты тынг амондджын. Уалынмæ кæцæйдæр æваст фæзынд иу дынджыр быдираг цæргæс. Фатау, бæрзондæй йæхи æрыскъæрдта æмæ фæлæбурдта гæдыйы лæппынтæй иумæ. Фæлæ йын стæхын нæма бантысти, афтæ йыл мад йæхи ныццавта æмæ йыл йæ цыргъ дæндæгтæй ныззæгæл ис. Тугдзых маргъ гæдыйы лæппыны феуæгъд кодта æмæ тохы бацыди зæронд гæдыимæ. Се ‘хсæн бацайдагъ мæлæтдзаг тох. Домбай базыртæ, фидар бырынкъ, даргъ къæдз дзæмбытæджын тыхджын къæхтæ цæргæсæн уыдысты æмбисонды хорз хотыхтæ: уый фæйнæрдæм тыдта гæдыйы царм, скъахта йын йæ иу цæст. Фæлæ уæддæр йæ ныфс нæ асасти гæдыйæн, уый йæ тых-йæ бонæй
ныххæцыд цæргæсыл дæндагæй æмæ йын бахсыдта йæ рахиз базыр. Ныр уæлахиз кæнын райдыдта гæды; уæддæр ма цæргæс тынг хъаруджын уыди, гæды та бафæлладис. Æрæмбырд ма кодта йæ фæстаг тыхтæ, рæвдз багæпп кодта цæргæсмæ æмæ йæ зæххыл афæлдæхта. Уыцы минут ын йæ сæр бахсыдта æмæ, йæхи цæфтæ æрбайрох кæнгæйæ, бауад йæ цæф лæппынмæ æмæ уый сдæрыныл фæци.
Д А Д А Тынг базæронд ис дада. Йæ цæстытæй хорз нал уыдта, хъустæй хорз нал хъуыста; фырзæрондæй йæ къухтæ æмæ къæхтæ зыр-зыр кæнын райдыдтой. Йæ дзыхмæ-иу уидыг куы сцæйхаста, уæд-иу йæ хъæрмхуыппæй уидыджы ницыуал баззад, фæйнæрдæм-иу фæкалди. Зæронд нал цыд фырт æмæ чындзы зæрдæмæ: семæ йæ нал уагътой иу стъолы уæлхъус бадын дæр, бакодтой йæ пецы фæстæ къуымы æмæ йын уырдæм хæринаг лæвæрдтой дурын къусы мидæг. Базыр-зыр кодтой зæронды къухтæ, йæ къус æрхауд æмæ асасти. Ноджы йæм тынгдæр смæсты сты фырт æмæ чындз: фыдæн хæринаг дæттын райдыдтой иу зæронд хъæзын къусы. Зæронд лæджы фыртæн йæхицæн дæр уыд иу гыц-
цыл лæппу. Иухатт уыцы сывæллон зæххы бадтис æмæ æхсныфтæй цыдæр арæзта. — Цы ми кæныс уый, мæ хъæбул? — бафарста йæ йæ мад. — Мæнæ къаробкæ кæнын, — дзуапп ын радта сывæллон. — Ды æмæ баба куы базæронд уат, уæд уын æз хæринаг ацы хъæдын къаробкæйы дæтдзынæн. Мад æмæ фыд кæрæдзимæ бакастысты æмæ фæсырх сты. Уымæй фæстæмæ уыдон зæронд дадайы пецы фæстæ нал æмбæхстой, стæй йын хæринаг дæр хъæзын къусы нал лæвæрдтой.
ТÆППУД ВАНЯ Ваняйы мад дурыны æнхъизæн скодта æмæ йæ пецы сæр сæвæрдта, йæхæдæг сæ сыхæгтæм ацыди. Куы æрталынггæрæттæ ис, уæд Ваня сæхимæ æрбацыди. Мидæмæ дзуры, ам исчи ис æви нæй, зæгъгæ, фæлæ йын дзуапдæттæг нæ фæци: хæдзары ничи уыди. Лæппуйы зæрды уыди срухс кæнын, фæлæ уыцы сахат йæ хъустыл ауади, пецы сæр чидæр куыд хъуыр кæны, уый. „Æвæццæгæн, бынатыхицау у!“— ахъуыды кодта Ванюшæ, базыр-зыр кодта фыртæссæй, нæзы цырагъ йæ къухæй æрхауд, æмæ лæппу лидзынмæ фæци. Згъоргæ-згъорын талынджы цæхæрхафæныл фæлæууыд, уый фæхъил ис æмæ лæппуйы ныхæн — хафт! — Уау, æллах! Фервæзын мæ кæнут! — нырдиаг кодта Ваня æмæ ахъавыд хæдзарæй æддæмæ ралидзынмæ. Фæлæ йе ‘намондæн райхæлдис йæ къогъодзийы бæттæн, æмæ Ваня сенæмæ куы рацæйхызт, уæд бæт-
тæн дуар ацахста, лæппу сенæйы ныддæргъ и æмæ цъæхахстæй хъæр кæны: — Æллах! Фæдис, мæ сыхæгтæ! Фервæзын мæ кæнут! Бынатыхицау мыл ныххæцыди! Байсут мæ! Сыхæгтæ æрбазгъордтой, Ваняйы зæххæй систой, æгас у, мард у, уый бæрæг ын нал уыд, афтæмæй. Уалынмæ куы базыдтой, хъуыддаг цæй мидæг уыд, уый, уæд ыл худын райдыдтой. Уый фæстæ иууылдæр бирæ фæмæстæй мардтой Ванюшæйы æмæ йæ фарстой: цæй-ма, куыд фæтарстæ æнхъизæнæй, къуымы æвæрд цæхæрхафæнæй, дæхи къахыл конд къогъодзийы босæй?
КУЫРМ БÆХ Раджы кæддæр, мах нæ, фæлæ ма нæ фыдæлты фыдæлтæ æмæ ма суанг уыдоны фыдæлтæ дæр гуырд куы нæма уыдысты, гъе уæд денджызы был уыдис иу славяйнаг хъæздыг базарадон горæт Винетæ. Уыцы горæты та царди хъæздыг къупецаг Уседом. Уыцы къупецаджы наутæ, алы зынаргъ товартæй сæ тæккæ дзаг, афтæмæй ленк кодтой дард бæстæтæм. Уседом уыди тынг хъæздыг лæг æмæ царди фырхъæздыг, фырбухъцардæй. Уæды заман дунейыл хорзæй æмæ зынаргъ дзаумайæ ссарæн кæмæн уыд, ахæмæй йæ хæдзары цы нæ уыди, уый ахæм нæй. Хæдзары хицау, йæ ус æмæ йæ сывæллæттæ хæргæ дæр кодтой æрмæстдæр сызгъæрин æмæ æвзист тæбæгъты æмæ агуывзæты, сæ уæлæ дардтой æрмæст сæлавырдзæрмттæй æмæ хæрдгæхуыдæй фæлыст дарæс. Уседомы бæхдæтты уыди бирæ æмбисонды хорз бæхтæ. Фæлæ Уседомы бæхдæтты дæр æмæ æгас Ви-
нетæйы дæр нæ уыди Уадсуры хуызæн уайаг æмæ рæсугъд бæх, — Уседом йæ уарзон саргъыбæхы афтæ схуыдта, тынг уайаг кæй уыд, уый тыххæй. Уадсурыл йæ хицау йедтæмæ сбадын ничи уæндыди, стæй йæ хицау дæр уыцы бæх йедтæмæ æндæр бæхыл никуы никæдæм ацыд. Йæ сæудæджеры хъуыддæгты фæдыл та къупецаг иуахæмы уыди балцы. Фæстæмæ Винетæмæ фæндагыл уый йæ уарзон бæхыл æрбацæйцыд иу егъау æмæ тар хъæды астæуты. Хабар æрцыди изæрыгон, хъæд уыди тынг талынг æмæ бæзджын, дымгæ æнкъуыста тар нæзы бæлæсты цъуппытæ. Къупецаг цыди зыбыты иунæгæй, уыимæ сындæг, йæ уарзон бæхæн тæригъæдгæнгæйæ, уымæн æмæ йын бафæлладис дард балцы фæндагыл. Æвиппайды, дын, зæххы скъуыдæй февзæрæгау, къудзиты бынæй йæ размæ рагæпп кодтой æхсæз бæзæрхыгарæзт лæджы, сæ сæртыл хъуынджын худтæ, сæ бакаст, се ‘нгас хъæддаг сырдты хуызæн. Се ’ппæтмæ дæр рагон, фителтæй æхсгæ топпытæ, сæ къухты фæрæттæ æмæ кæрдтæ; абырджытæй æртæ бæхтыл уыдысты, æртæ та фистæг. Дыууæ абырæджы фæлæбурдтой къупецаджы бæхмæ æмæ йын йæ рохтыл фæхæцыдысты. Хъæздыг Уседом йæ райгуырæн Винетæ йæ цæсты кæронæй дæр нал федтаид, æндæр бæхыл куы бадтаид, уæд. Фæлæ Уадсур куы банкъардта йæ идоныл æцæгæлоны къухтæ, уæд размæ уыциу риуыгъд аласта æмæ йæ фæтæн, домбай риуæй скъуырдта, йæ идонбæстыл ын чи фæхæцыд, уыцы дыууæ фыдгæнæджы, æмæ зæххыл сæ тъæпп фæцыд; æртыккаг та, йæ даргъхъæд хæцæнгарз уæлдæфы тилгæ, размæ базгъордта барæгæн йæ фæндаг æрæхгæнынмæ, фæлæ та уыцы
фыдгæнæджы дæр йæ къæхты бын ассæста æмæ размæ уадау адугъ кодта. Бæхджын абырджытæ йæ фæсте асырдтой, баййафæм æй, зæгъгæ. Уыдонмæ дæр уæвгæ хорз бæхтæ уыди, фæлæ ма сæ Уседомы Уадсуры баййафынмæ бирæ хъуыди! Уадсур, кæд цыфæнды фæллад уыди, уæддæр куы бамбæрста, фæсте йæ æрбасурынц, уый, уæд, сахъ цуаноны фатау, фæцагайдта размæ; йæ уадыл цæст нал хæцыд, æмæ агъуыд фыдгæнджытæ йæ фæстæ дард баззадысты. Сахаты æрдæджы фæстæ Уседом йæ уарзон Уадсурыл бахæццæ ис йæ райгуырæн горæт Винетæмæ. Бæ- хы фынк фæркгай калди зæхмæ. Фырфæлладæй йæ фæрстæ сдымс-æрхау кодтой. Къупецаг йæ бæхæй куы æрхызти, уæд уыцы сахат, Уадсуры фынкбæрзæй къухæй æрсæрфгæйæ, стыр разæнгард æмæ зæрдиагæй дзырд радта, цыфæндытæ йыл куы æрцæуа, уæддæр йæ уарзон бæхы кæй никуы ауæй кæндзæн, кæй йæ никæмæн балæвар кæндзæн, стæй цыфæнды зæронд куы бауа, уæддæр æй кæй никуы атæрдзæн æмæ йын, цалынмæ æгас уа, уæдмæ алы бон дæр æртæ меркъайы хуыздæр сысджыйæ кæй дæтдзæн, уый тыххæй. Фæлæ, йæ ус æмæ йæ сывæллæттæм батагъдгæнгæйæ, Уседом бæхмæ нæ фæкасти, зивæггæнаг æххуырст та, куыд æмбæлы, афтæ нæ базылди тыхтард бæхмæ, йæ хид дæр бынтон нæма бахус, афтæмæй йын дон æгæр раджы бадардта. Уæдæй фæстæмæ Уадсур йæ сæрæн нал кодта, фæрынчын, сцола, йæ къæхтæ слæмæгъ сты æмæ, æппынфæстаг, бакуырм и. Къупецагæн йæ бæхыл йæ зæрдæ тынг рысти æмæ
иу афæдзы æрдæджы бæрц æнæфæсайгæйæ æххæст кодта йæ дзырд: куырм бæхы, раздæрау, дардта йе ‘скъæты æмæ йын алы бон дæр лæвæрдта æртæ меркъайы сысджы. Уалынмæ Уседом йæхицæн балхæдта æндæр саргъыбæх. Афæдзы æрдæджы фæстæ лæгмæ æгæр дзæгъæл хардз фæкасти куырм бæхæн бон æртæ меркъайы сысджы дæттын, æмæ æххуырстытæн бафæдзæхста, æртæ нæ, фæлæ йын дыууæ меркъайы дæттын куыд райдайой, афтæ. Рацыди та афæдзы æрдæг; куырм бæх нырма зæронд нæма уыди, хæссын æй бахъуыдаид бирæ рæстæг; дæттын ын райдыдтой бон иу меркъа. Æппынфæстаг, къупецагмæ уый дæр æвгъау фæкасти æмæ загъта, Уадсурæн йæ дзылар йæ сæрæй раппарут æмæ йæ дуары æдде фæкæнут, скъæты бынат дзæгъæлы куыннæуал ахса, афтæ. Æххуырстытæ куырм бæхы кæртæй ратардтой хъилæй нæмгæ: æддæмæ сын нæ куымдта. Мæгуыр куырм Уадсур не мбæрста, цы кæнынмæ
йын хъавынц, уый; нæ зыдта, цы фæуа, кæдæм цæуа, уый, æмæ кулдуары æдде лæугæ баззад, йæ сæр дæлæмæ æруадзгæйæ æмæ йæ хъустæ æнкъард атил-атилгæнгæ. Бахсæв ис. Мит рауарыд. Мæгуыр куырм бæхæн дуртыл æгæр хъæбæр æмæ уазал уыди. Уый иу-цалдæр сахаты фæлæууыд уыцы иу ран, фæлæ, æппынфæстаг, æгæр куы сæххормаг ис, уæд бар-æнæбары дæр фенкъуыст йæ бынатæй æмæ араст ис хæринаг агур. Йæ сæр хæрдмæ бæрзонд сисгæйæ, смудгæ цыди, кæд æппын æмæ иу зæронд, хæлддзаг хæдзары сæрæй армыдзаг хъæмпы мурыл уæд та фæхæст уыдаид, уый тыххæй, æмæ-иу иудадзыг йæхи куы хæдзары тигъыл скъуырдта, куы та быруйыл. Уадсуры хабар дарддæр кæныны агъоммæ, сымах хъуамæ зонат, Винетæйы, стæй славянты иннæ æппæт рагон горæтты дæр кæй нæ уыди кънйаз, горæтæн та уынаффæгæнæг уыдысты, чи дзы цардис, уыцы адæм сæхæдæг. Исты ахсджиаг хъуыддæгтæ-иу сæ алыг кæнын куы хъуыди, уæд-иу æрæмбырд сты горæты фæзмæ æмæ-иу уым бакодтой сæ уынаффæтæ. Адæм-иу сæхи сæрмагонд хъуыддæгтæ, стæй тæрхон скæныны æмæ бафхæрыны фарстатæ кæм лыг кодтой, уыцы æмбырд хуынди вече. Винетæйы астæу, фæзы, вече-иу кæм æрæмбырд ис, уыцы ран цыппар цæджындзыл ауыгъд уыди вечейы дынджыр дзæнгæрæг, уый цагъдмæ æмбырд кодтой адæм. Дзæнгæрæг ныццæгъдын йæ бон уыди, йæхи æфхæрдыл чи нымадта æмæ аххосджыны бафхæрын чи домдта, йе та йæхи бахъахъхъæнынæн адæмæй æххуыс чи агуырдта, уыдонæн æппæтæн дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, хуымæтæджы лыстæг хъуыддæгты тыххæй ничи уæндыди вечейы дзæнгæрæг
ныццæгъдын, уымæн æмæ алчидæр зыдта, уæд æй адæм тынг кæй бафхæрдзысты, уый. Куырм æмæ къуырма æххормаг бæх, горæты фæзы разил-базил кæнгæйæ, æнæнхъæлæджы бафтыди, дзæнгæрæг ауыгъд кæуыл уыди, уыцы цæджындзтæм. Кæд миййаг хъæмпынсæр хæдзар у, зæгъгæ, йæ дæндæгтæй фæхæст стыр дзæнгæрæджы бæндæныл æмæ йæ ваз-æриваз кæнын райдыдта. Дзæнгæрæг афтæ тынг ныццагъта æмæ адæм, кæд ма тынг раджы уыди, уæддæр, къордтæ-къордтæй згъорын райдыдтой фæзмæ, вечейы тæрхон афтæ тынг чи домы кæнæ уый æвджид йæхи афтæ зæрдиагæй чи кæны, уый базонынмæ. Винетæйы цæрджытæ иууылдæр зыдтой Уадсуры, зыдтой, уыцы бæх йæ хицауы мæлæтæй кæй фервæзын кодта, уый дæр, стæй Уседом йæ фервæзынгæнæджы тыххæй цы дзырд радта, уый дæр. Æмæ ныр адæм дис кодтой, мæгуыр æххормаг куырм бæхы фæзы астæу уазалæй зыр-зыргæнгæ, йе рагъыл та мит, афтæмæй куы федтой, уæд. Уайтагъд сбæлвырд и, хъуыддаг цæй мидæг ис, уый. Æмæ адæм куы базыдтой, хъæздыг Уседом йæ фервæзынгæнæг мæгуыр куырм бæхы йæ хæдзарæй ратардта, уый, уæд æмхъæлæсæй загътой, Уадсурæн бæгуыдæр йæ бон уыди вечейы дзæнгæрæг ныццæгъдын, зæгъгæ. Адæм бадомдтой æнæуæздан, æбузн къупецагмæ фæзмæ фæсидын. Уый кæд йæхи рæстытæ кодта, уæддæр ын æмбырд бахæс кодта бæхмæ раздæрау хорз куыд зила æмæ йæ куыд хæсса, цалынмæ цæра, уæдмæ, афтæ. Сæрмагонд адæймагæн фæдзæхст æрцыд, тæрхон куыд æххæстгонд цæуы, уымæ кæсын, тæрхоны уынаффæтæ та дурыл ныффыстой. Дур та, уыцы æмбисонды цау зæрдыл дарыны сæраппонд,æвæрд æрцыд вечейы фæзы...
АХУЫРГОНД АРС — Сывæллæттæ! Сывæллæттæ! — хъæр кодта зæронд ус.—Разгъорут, мæнæ арс фенут! Сывæллæттæ разгъордтой дуармæ æмæ уым ауыдтой бирæ адæм. Дæллагновгородаг зæхкусæг лæг, йæ къухы дынджыр золочъи, афтæмæй, иннæ къухæй хæцыд рæхысæвæрд арсыл; гыццылгомау лæппу та барабанæй æрцæгъдын æввонг лæууыд. — Цæй-ма, Михакъо (арсы йæ хицау афтæ хуыдта), сыст, слæуу, дæхи ареуа кæн, хорз адæмæн дæ сæрæй акув, чындзыты цæстмæ дæр дæхи равдис. Арс бахъуыр-хъуыр кодта йæ бæзджын хъæлæсæй, æнæбары слæууыди йæ фæстæгтыл, йæхи реуайау кæны, куы йæ иу къах, куы та иннæ сисы, адæмæн куы рахизырдæм, куы галиуырдæм акувы. — Цæй-ма, Михакъо, —дзуры та йæм лæг,— афæзм, гыццыл лæппутæ хъæдур куыд тонынц, уый: хус кæм у, уым — дæ гуыбыныл, уымæл кæм у, уым та — дæ уæрджытыл. Æмæ мæнæ фæбыры Михакъо, гуыбыныл йæхи
æруадзы, йæ раззаг къахæй уæлдæфы архайы, цыма хъæдуртæ тоны, уыйау. — Цæй-ма, Михакъо! Афæзм, устытæ кусынмæ куыд фæцæуынц, уый. Цæуы арс зына-нæзына сындæг; фæстæрдæм фæкæс кæны, йæ къахæй фæсхъус ныхы. Арс иу-цалдæр хатты бауынæргъыдта, смæсты ис, нал æй фæндыди стын, фæлæ йæ былыл цы æфсæн цæг конд уыди рæхысимæ, стæй йæ хицауы къухы цы золочъи уыди, уыдонæй тæрсгæйæ, коммæ касти, мæгуыр. Арс йæ хъазæн митæ иууылдæр конд куы фæци, уæд йæ хицау загъта: — Цæй-ма, Михакъо! Гъеныр дæ фæстæгтыл узгæ цыд акæн, хорз адæмæн сæрæй акув, зивæг ма кæн, ныллæгдæр сын æркув! Фæхудын кæн адæмы æмæ худ райс: къæбæр дзы куы нывæрой, уæд-иу æй ахæр; æхца та-иу мæнмæ æрбахæсс! Æмæ мæнæ арс фæцæуы, худыл хæцы йæ раззаг къæхтæй, афтæмæй адæмыл зилы. Сывæллæттæ йын йæ худы нывæрдтой дыууæ. суарийы; фæлæ уыдон тæригъæд кодтой мæгуыр Михакъойæн: цæджы бын былæй туг хъардта.
ИУ ФÆТКЪУЫ бæласы ТАУРÆГЪ I Хъæды задис иу хъæддаг фæткъуы; уыцы бæласæй фæззæджы зæхмæ æрхауд туаг фæткъуы. Цъиутæ бахсыдтой фæткъуы, бахордтой йын йæ æппытæ дæр. Æрмæст ма дзы иунæг апп бамбæхсти зæххы æмæ баззад æнæхæрдæй. Фæткъуыйы апп зымæджы дæргъы фæлæууыди миты бын, æмæ уалдзæджы, хур уымæл зæххы куы æртавта, уæд фæткъуыйы апп зайын райдыдта: бынмæ ауагъта уидаг, уæлæмæ та суагъта йæ фыццаг дыууæ сыфы. Уыцы дыууæ сыфы æхсæнæй суади лыстæг зæнг, йæ цъуппыл къуыбыр; уыцы къуыбыр рафтыдта гыццыл цъæх сыфтæртæ. Къуыбыр къуыбыры фæстæ, сыфтæр сыфтæры фæстæ, къалиу къалиуы фæстæ — æмæ фæткъуыйы апп кæдæм æрхауд, уыцы ран иу фондз азы фæстæ уыди дзæбæх тала фæткъуы бæлас. Дыргъдар белимæ æрбацыд хъæдмæ, федта уыцы фæткъуы бæлас æмæ загъта: „Ай хорз бæлас у, бабæздзæн мын“.
Базыр-зыр кодта фæткъуыйы тала, дыргъдар æй къахын куы райдыдта, уæд, æмæ хъуыды кæны: „Фесæфтæн бынтон!“ Фæлæ дыргъдар бæлас скъахта арæхстгай, йæ уидæгтæ йын нæ бахъыгдардта, афтæмæй, ахаста йæ дыргъдонмæ æмæ йæ уым хорз мæры ныссагъта. II Йæхицæй ныббузныг ис лæппын фæткъуы бæлас цæхæрадоны: „Æвæццæгæн, æз тынг стæм бæлас дæн,— хъуыды кæны уый, — æмæ мæ хъæдæй дыргъдонмæ уый тыххæй раивтой“, — æмæ æнæрвæссонæй кæсы йæ алыварс хæцъилбаст фыдуынд бындзæфхæдтæм; уый нæ зыдта, скъоламæ кæй æрбахауд, уый. Дыккаг хатт дыргъдар æрбацыди къæдзфындз кардимæ æмæ райдыдта уыцы фæткъуы бæлас лыг кæнын. Базыр-зыр кодта фæткъуы æмæ хъуыды кæны: „Гъеныр бынтондæр ме ‘сæфт æрцыд, гъе!“ Дыргъдар бæласæн йæ цъæх цъупп иууылдæр ахауын кодта, æрмæст. ма йын йæ бындзæфхад ныууагъта, стæй ма уымæн дæр йæ цъупп афаста, йæ зыхъхъыры йын хорзмыггаг фæткъуы бæласы ног къалиу нытътъыста. Уый фæстæ йын йæ хъæдгом байсæрста сæрдæнæй, бабаста йæ хæцъилы гæбазæй, ног æфтыдгонд бæласы алфамбылай чысыл михтæ ныссагъта æмæ ацыди. III Фæрынчын ис фæткъуы бæлас; фæлæ уый уыди æрыгон æмæ тыхджын. Тагъд фæсæрæн, сдзæбæх и æмæ баныхæст æцæгæлон къалиуимæ. Къалиу цъиры домбай фæткъуы бæласы сой æмæ
тагъд рæзы: къуыбыр къуыбыры фæдыл, сыфтæр сыфтæры фæдыл æфтауы, хæрдмæ æмæ фæйнæрдæм уадзы билцъ билцъы фæдыл, къалиу къалиуы фæдыл; æмæ иу-æртæ азы фæстæ уыцы æвзонг бæлас рафтыдта адджын тæфгæнаг сырхбын урс дидинджытæ. Азгъæлдысты бæласы сырхбын урс дидинджытæ, æмæ уыдоны бынаты фæзынди цъæх æлхынцъæгтæ; уыцы æлхынцъæгтæй та фæззæгмæ рауадис фæткъуытæ; уыимæ ныр уыдон туаг хъæддаг фæткъуытæ нæ уыдысты, фæлæ дынджыр, сырхварс, адджын, лæхурæг фæткъуытæ! Æмæ дзы ахæм хорз фæткъуы бæлас рауадис, ахæм, æмæ йæм æндæр дыргъдæттæй дæр цыдысты, бафтауынæн ног къалиутæ ракæнынмæ.
САУ КАЛМ Нæ хъæуы алыварс, æрхыты æмæ уымæл рæтты, уыди бирæ кæлмытæ. Æз хоргæлмыты кой нæ кæнын: уыцы сабыр, æнæмаст хоргалмыл махмæ афтæ сахуыр сты, æмæ йæ суанг калмыл дæр нæ нымайынц. Уымæн йæ дзыхы ис лыстæг æмæ цыргъ дæндæгтæ, уый ахсы мыстытæ æмæ суанг цъиутæ дæр, стæй, æвæдза, буар дæр фæхуынкъ кæндзæн; фæлæ йæ дæндæгты марг нæй, æмæ уымæ гæсгæ хоргалмы хæстæй æппындæр ницы тас у. Хоргæлмытæ махмæ тынг бирæ уыди, уæлдайдæр та мусты раз цы хъæмп уыд, уый бын. Куыддæр-иу хур æртавта, афтæ-иу уыдон дæр уырдыгæй сбырыдысты. Хæстæг сæм бацу, уæд сыф-сыф кæнын райдайынц, сæ фат æвзæгтæ радарынц æмæ цъыллинджытæ кæнынц. Фæлæ калм йе взагæй, миййаг, нæ фæхæцы. Хоргæлмытæ ма-иу суанг къухынайы пъолы бын дæр цардысты, æмæ-иу сывæллæттæ, пъолыл бадгæйæ, æхсыр куы цымдтой, уæд-иу хоргалм пъолы бынæй сбырыд æмæ къусмæ йæ сæр ивазын райдыдта; сывæллæттæ дæр ын-иу йæ ных уидыгæй æркъуырдтой, ма внал, зæгъгæ. Фæлæ махмæ канд хоргæлмытæ нæ уыди: махмæ ма
уыди маргджын кæлмытæ дæр, саутæ, дынджыртæ. Уыдоныл нæ уыди, хоргалмæн йæ сæры раз цы æртæ бур тæлмы ис, ахæмтæ. Ахæм маргджын калмы махмæ хонынц саугалм кæнæ хуссайраг калм. Саугалм-иу арæх фæхæцыди фосыл, æмæ-иу ахæм сахат адæмæн куы нæ бантысти хъæуæй зæронд Охримы æрбакæнын, — уый зыдта цавæрдæр хос маргджын калмы хæст дзæбæх кæнынæн, — уæд-иу уыцы стур ныммарди — ныррæсыдис-иу, мæгуыр, лалымау. Иу гыццыл лæппу дæр нæм амарди калмы хæстæй. Уыцы лæппуйыл калм фæхæцыд йæ тæккæ уæхскмæ æввахс, æмæ йæм цалынмæ Охрим цыди, уæдмæ рæсыд цонгæй бахæццæ ис бæрзæй æмæ риумæ; сывæллон сæнттæ цæгъдын, рафт-бафт кæнын райдыдта æмæ дыууæ боны фæстæ амарди. Æз ма сывæллон куы уыдтæн, уæд бирæ хабæрттæ фехъуыстон саугæлмыты тыххæй æмæ сæ тынг тарстæн, цыма уыцы тæссаг саугалмыл искуы фембæлдзынæн, уый зыдтон, уыйау. Нæ цæхæрадоны фæстæ, хуыскъ æрхы, алы аз дæр уалдзæджы къада дон кæм кæлы, сæрдыгон та æрмæст уымæлбын кæм вæййы æмæ бæрзонд бæзджын кæрдæг кæм зайы, уым хос карстой. Алы хосгæрдæн дæр мæнæн стыр бæрæгбон уыди, уæлдайдæр-иу хос чысыл мæкъуылтæ амад куы рцыди, уæд. Æз-иу тъæбæрттæй фæцагайдтон æмæ згъоргæ-згъорын мæкъуылмæ сгæпп кодтон, стæй-иу уыцы адджын тæфгæнаг хосыл ратулбатул систон, цалынмæ-иу мæ устытæ нæ асырдтой, мæкъуылтæ цæмæн пырх кæныс, зæгъгæ, уæдмæ. Гъе ацы хатт дæр та æз афтæ хъазыдтæн уыгæрдæны хосы мæкъуылыл: устытæй уым ничи уыди, хосгæрдджытæ ацыдысты дард. Æрмæст ма нæ дынджыр сау куыдз Бровкæ хуыссыди мæкъуылы сæр æмæ стæг æхсыдта.
Асæрбихъуырой кодтон иу мæкъуылыл, иу цъус ыл аратул-батул кодтон æмæ æваст фестъæлфыдтæн. Цыдæр уазал æмæ лæгъз мын мæ къухыл йæхи ахафта. „Саугалм!“, зæгъгæ, æваст мæ сæры февзæрдис ахæм хъуыды. Æмæ куыд æнхъæлут? Æвæццæгæн æй æз бахъыгдардтон æмæ дынджыр саугалм хосæй рабырыди, йæ къæдзилыл слæууыди æмæ йæхи æрбагæпп кæнын æввонг сцæттæ кодта. Æз, лидзыны бæсты, цавддурау лæууыдтæн, цыма йе нæуæлтъыфал, æнæныкъулгæ цæстытæй ныккæсгæйæ мын кæлæнтæ скодта, уыйау. Иунæг минут ма — æмæ ме’сæфт æрцыдаид, фæлæ Бровкæ мæкъуылы сæрæй цъиусурау йæхи фехста æмæ калмыл йæхи ныццавта. Куыдз æмæ калмы æхсæн бацайдагъ мæлæтдзаг тох. Куыдз йæ дæндæгтæй гæбазгай къуыхтæ кодта калмы, зæхмæ йæ æлхъывта къæхтæй. Калм лæбурдта куыдзмæ, фæхæцыд ын йæ хæмхудтыл, йæ риуыл, гуыбыныл. Фæлæ иу минутæй фылдæр нæ рацыд, афтæ саугалм лыстæг къуыхтæгонд æрцыд, æмæ уæд Бровкæ цыппæрвадæй азгъордта кæдæмдæр æмæ æрбайсæфти.
Æрмæст гъе уæд æрцыд мæ уд мæхимæ æмæ æз хъæр кæнын æмæ кæуын райдыдтон. Хосдзаутæ æрбазгъордтой æмæ сæ цæвджытæй бынтон ныцъцъæл кодтой, калмы гæбæзтæй ма змæлгæ чи кодта, уыдон. Фæлæ æппæтæй диссагдæр уый у, æмæ Бровкæ уыцы бонæй фæстæмæ фесæфти æмæ кæмдæр хатти. Æрмæст дыууæ къуырийы фæстæ æрбацыд куыдз сæхимæ цола, тæбæкк, фæлæ æнæнизæй. Мæ фыд мын дзырдта, куитæ, дам, зонынц, саугалмы хæстæй сæхи кæмæй дзæбæх кæнынц, ахæм кæрдæджы мыггаг.
ÆЦÆГÆЛОН АЙК Зæронд Даря сыстадис райсомæй раджы, кæркдонмæ бацыд æмæ уым иу хибар ран, талынг мкъуымы чыргъæды фæлмæн хосыл къуыртт нывæрдта æртындæс айчы, стæй сыл æрбадын кодта къуырттон карчы. Талынггомау ма уыди, æмæ зæронд ус нæ бафиппайдта, æртындæсæм айк цъæхбын æмæ иннæтæй стырдæр кæй уыд, уый. Карк йæ æйчытыл бады æнувыдæй, хъарм сæ дары. Хатгай разгъоры, хæринаг ахæры, дон ануазы æмæ та фæстæмæ йæ къуырттыл абады; йæ гуыбыныл бумбули дæр нал баззади, мæгуыр. Æниу куыд смæстыгæр ис, къуыртт-къуыртт æмæ цъиах-цъиах кæны, суанг ма уасæджы дæр йæхимæ хæстæг бацæуын нал уадзы, афтæмæй уый та тынг фæндыд, уыцы талынг къуымы цытæ цæуы, уый базонын. Карк æйчытыл фæбадтис иу æртæ къуырийы бæрц, æмæ уалынмæ æйчытæй цæуын райдытой цъиутæ иу иннæйы фæдыл: цъиу йæ бырынкъæй рахуынкъ кæны айчы хъузг, стæй тагъд бынтондæр рахауы, йæхи бацæгъды æмæ уайтагъд згъорын райдайы, къæхтæй къахы рыг, зæхх, йæхицæн агуры зулчъытæ, уаллæттæ. Æп-
пæты фæстæ фæкъæртт ис цъæхбын айк æмæ дзы цъиу рацыд. Æмæ цы æнахуыр цъиу у: тымбыл, хæмпус, бур, цыбыр къæхтæ йын, йæ бырынкъ фæтæн. „Цыдæр диссаджы цъиу рауагътон, — йæхинымæр хъуыды кæны карк, — хæргæ дæр æмæ цæугæ дæр мах хуызæн нæ кæны; фæтæнфындз, цыбыркъах, цыдæр зылынкъах, узгæ цæуы“. Фæдистæ кодта карк йæ цъиуыл, фæлæ цы гæнæн ис: цыфæнды куы уа, уæддæр йæхи лæппын у. Æмæ йæ уарзы, хъахъхъæны йæ иннæ цъиуты хуызæн, миййаг хъæрццыгъайыл йæ цæст искуыцæй куы ’рхæцы, уæд та, йæ тымбыл базыртæ фæйнæрдæм уæрæх ныппака кæнгæйæ, йæ быны æмбæхсы йæ цъиуты, кæмæн дзы цавæр къæхтæ ис, уымæ нæ кæсгæйæ. Карк йæ цъиуты ахуыр кæнын райдыдта, зæххы уаллæттæ куыд къахын хъæуы, ууыл æмæ йæ бинонты се‘ппæты дæр акодта ауæзты былмæ: ома, дам, уым зæхх фæлмæндæр у, стæй дзы уаллæттæ дæр фылдæр ис. Куыддæр уым цыбыркъах цъиу дон ауыдта, афтæ комкоммæ гъе уым смидæг ис. Карк фæдис хъæр кæны, йæ базыртæ тилы, донмæ йæхи æппары; цъиутæ дæр судаист сты, разгъор-базгъор кæнынц, алырдæм сцоппай сты, цъиу-цъиу кæнынц, иу уасæг ма дзы фыртæссæй дуры сæрмæ дæр стахти, йæ къубал ныттынг кодта æмæ йæ царды мидæг фыццаг хатт ныууасыди уынгæг æмæ фæсус хъæлæсæй: „Хъи-хъыры-хъу-хъу!“ Ома, дам, нын баххуыс кæнут, хорз адæм! Не ’фсымæры нын дон ласы! Фæлæ уыцы æфсымæры дон нæ аласта, уый йæ зæрдæйы дзæбæхæн, цингæнгæ, бумбулийау, рог æмæ цæрдæг ленк кодта доны, йæ уæрæх къæхтæй дон фæстæрдæм ссонгæйæ.
Карчы цъæхахстмæ хæдзарæй разгъордта зæронд Даря, ауыдта цы хабар æрцыд, уый, æмæ бардиаг кодта: „Æ, дæ тæригъæд фæхæссон! Æвæццæгæн, цæстæй уыйас хорз нал дæн æмæ карчы бын æнæрхъуыдыйæ бабызы айк нывæрдтон». Карк та, мæгуыр, донмæ йæ гæндзæхтæ цагъта; тыххæй-амæлттæй йæ ракодтой доныбылæй.
ЦÆВАГ ХЪУГ Иу хъуг нæм уыди. Уый ахæм знæт, ахæм цæваг уыд, æмæ йын зæгъæн дæр нæй! Чи зоны, гъе уымæ гæсгæ æхсыр дæр бирæ нæ кодта. Мад дæр æмæ хотæ дæр бирæ фæудхар кодтой йемæ. Хъоммæ-иу æй куы аскъæрдтой, уæд-иу арæх сихорыл фæстæмæ хæдзары æрбалæууыд, йе та-иу хоры хуымтæм баирвæзти. Æмæ, марадз йæ фæдыл уай! Ничи йын ницы хъом уыди. Ног задæй та йын æппын бауромæн нæ уыд,—йæ родмæ лыгъди алкæцæй дæр. Иухатт та йæ сыкъатæй скъæты къултæ ныппырх кодта, йæ родмæ бырста. Æмæ йын сыкъатæ дæр ахæмтæ уыди: даргъ æмæ раст, уыцы ныццæвын арæзт. Нæ фыд ын цалдæр хатты сфæнд кодтайæ сыкъатæ алыг кæнын, фæлæ иу хаттæй иннæ хатмæ æргъæвта уыцы куыст бакæнын, цыма йæ зæрдæ цыдæр æнкъардта, уыйау. Уыимæ диссаджы цæрдæг æмæ æвзыгъд уыд. Иæ къæдзил куы фæхъил кæна, стæй йæ сæр куы фæдæлæмæ кæна æмæ куы фæцагайа, уæд æй бæхыл дæр нæ баййафдзынæ!
Иухатт сæрды хъомгæсæй алыгъди, изæрмæ ма бирæ уыди, афтæ: йæ род уæд гыццыл уыди. Хъуг нæхимæ æрбалæууыд. Нæ мад æй æрдыгъта, йæ роды йæм рауагъта æмæ мæ хомæ —иу дыууадæс аздзыд чызгмæ — фæдзырдта: „Феня, аскъæр сæ уæртæ доныбылмæ, уадз æмæ уым былгæрæтты ахизой. Дæ цæст-иу сæм фæдар, хуымтæм куыд нæ баирвæзой, афтæ. Изæрмæ нырма дзæвгар рæстæг ис; ам æй цы дарæм дзæгъæльГ. Феня уис райста, хъуджы дæр æмæ роды дæр аскъæрдта быдырмæ; доныбылмæ сæ куы бахæццæ кодта,уæд сæ ауагъта хизынмæ, йæхæдæг дынджыр хæрис бæласы бын æрбадтис æмæ фæндагыл кæй æртыдта, уыцы динджытæй йæхицæн венок быдта; архайы йæ дидинджытимæ æмæ зары. Иу афон Феняйы хъустыл ауад цавæрдæр сæр-сæр пыхсырдыгæй: доны дыууæ фарсы дæр задис тынг бæзджын пыхс —хæрис æмæ æндæр алымыггаг къудзитæ. Кæсы Феня, æмæ дын бæзджын талаты æхсæн цыдæр цъæх быры, хъуызæгау; не дылы чызгæй афтæ, уый сæхи куыдз Серко у. Алчидæр зоны, бирæгъ куыдзы хуызæн тынг кæй у, уый, æцæг йæ бæрзæй тасаг нæу, стæй йæ къæдзил раст у, лæдзæджы хуызæн, йæ хæмхуттæ дæлæмæ уагъд, йæ цæстытæ та æрттивгæ кæнынц, зынгау. Фæлæ Феня бирæгъ хæстæгмæ никуы федта. Феня куыдзмæ сидын райдыдта: „Серко, Серко!“, фæлæ уыцы сахат ауыдта — род æмæ хъуг комкоммæ чызджырдæм æрбазгъорынц, цыма æрра фесты, уыйау,— род разæй, хъуг та йæ фæдыл. Феня фестади, йæхи нылхъывта хæрис бæласмæ, нæ зоны, цы кæна, уый. Род йæхи æлвæста чызгмæ, хъуг та сæ дыууæйы дæр йæ æгъдтæй бæласмæ балхъывта, йæ сæр та размæ ныггуыбыр кодта æмæ богътæ кæны, йæ раззаг къæхтæй зæхх къахы, йæ сыкъатæ та комкоммæ бцрæгъмæ сарæзта.
Феня тынг фæтарсти, йæ дыууæ къухæй дæр бæласыл ныххæцыд, ныхъхъæр кæнын æй фæнды, фæлæ хъæр кæнынмæ нал арæхсы. Уалынмæ бирæгъ йæхи уыциу скъæрд æрбакодта хъугмæ, фæлæ иуварс атахти: хъуг æм фæцарæхстис æмæ йæ бариуыгъта йæ сыкъатæй. Бирæгъ бамбæрста, æнцонтæй, комкоммæ лæбургæйæ йæ къухы кæй ницы бафтдзæн, уый, æмæ райдыдта хъугмæ куы иуырдыгæй лæбурын, куы иннæрдыгæй, цæмæй исты амалæй хъугыл фæхæст уа, йе та родмæ баирвæза, уый тыххæй. Фæлæ чердыгæй фæнды лæбура,— алы ран дæр йæ комкоммæ арæзтæй ауыны уыцы сыкъатæ. Феня ныр дæр дзæбæх нæма æмбары хабар, йæ зæрды уыди алидзын, фæлæ йæ хъуг нæ уадзы, бæласмæ йæ æлхъивы. Уæд чызг фæдис хъæр кæнын райдыдта, фервæзын нæ кæнут, зæгъгæ... Нæ иу хъазахъхъаг уырдæм хæстæггомау хуым кодта, уый фехъуыста чызджы хъæр дæр æмæ хъуджы богътæ дæр, йæ дзывыр фæуагъта æмæ азгъордта хъæрмæ.
Хъазахъхъаг кæсы хабармæ, фæлæ йæ ныфс нæ хæссы афтид армæй, æнæ исты хæцæнгарз бирæгъмæ бацæуын: сырд уыди æнахуыр егъау æмæ агъуыд; æмæ лæг ныхъхъæр кодта йæ фыртмæ: уый дæр уым хæстæг хуым кодта. Бирæгъ куы ауыдта, адæм æрбазгъорынц, уый, уæд йæ лæбурын фæуагъта, фырмæстæй йæ дæндæгтæй скъæс-къæс кодта, æртхъирæнау, иу хатт, дыууæ хатты, стæй пыхсбынмæ балыгъди. Хъазахъхъæгтæ ма Феняйы тыххæйты бахæццæ кодтой хъæумæ,— афтæ тынг фæтарсти. Цин кодта фыд, хъуджы сыкъатæ кæй нæ алыг кодта, уый тыххæй.
СÆРГÆНДТÆ К. Д. Ушинский 3 Бишкæ 4 Гæды . 5 Хъуг Бæх 7 Уасæг йæ бинонтимæ 3 Бабыз 13 Цæу 11 Цыппар фæндоны 12 Мыдыбындзытæ 14 Урсзачъе зымæджы æрдхъирæнтæ 13 Фæраз банхъæлмæ кæсын 13 Зæхкусæг æмæ арс (аргъау) 21 Рувас æмæ дурын (аргъау) 22 Хъырихъупп æмæ кæсаглас (аргъау) 23 Цы байтауай, уый æркæрддзынæ (аргъау) 25 Уасæг æмæ куыдз (аргъау) 27 Хинæйдзаг гæды (аргъау) 29 Дыууæ цæукъайы 34 Бæх æмæ хæрæг 36 Арс æмæ къодах 37 Цæргæс æмæ гæды 39 Дада 41 Тæппуд Ваня 43 Куырм бæх 45 Ахуыргонд арс 51 Иу фæткъуы бæласы таурæгъ 53 Сау калм 56 Æцæгæлон айк 60 Цæваг хъуг 63
К. Д. Ушинский ДВА КОЗЛИКА Редактор А. Т. Амбалова Обложка художника А. К ока е в а Художественный редактор У. К. К а н у к о в. Технический редактор Е. У. Д а т р и е в а. Корректоры Н. В. Ц о г о е в а, Т. А. Хумарова. Сдано в набор 16/У1-1958 г. Подписано к печатн 26/УП1-1958 г. Формат бумаги 84x1 Ов1/^. Печ.лист 6,97. Уетно-изд. листов 5,37. Зак. № 2423 Изд. № 73. Тираж 3000. Цена 1 р. 85 к. Северо-Осетинское книжное издательство, г. Орджоникидзе, пр. Сталина, 11. Республиканская книжная типография, г. Орджоникидзе, ,ул. Джанаева, 20