...Æмæ азæлыд хъæд
Лымæндзинады тых
Сыхæгтæ
Чи йæ фылдæр уарзта
Тугхæстæг
Хъуынтъыз
Хойы мысинæгтæ
Хуын
Иу бон
Æхсæв цырагъдарæй
Ницы нын бавæййыс
Мæ сæр æркъул кодтон йæ цуры
Хæддзургæ чиныг
Зыд лæджы мæлæт
Арс æмæ Алхаз
Тар æхсæв фæдисы
Хъуыддаг та афтæ уыд
Наф-наф
«Сызмæлон, Алхаз?»
«Алхазы ривæддон»
Иухатт уалдзæджы
Æз дæр уæм зындзынæн

Автор: Бесаев Т.У.  

Теги: аивадон литературæ  

Год: 1966

Текст
                    ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ ЧИНГУЫТЫ РАУАГЪДАД
ОРДЖОНИКИДЗЕ*1966


С(Осет.) Б53 ТАЗРЕТ БЕСАЕВ ТАМ, ГДЕ РЕЗВЯТСЯ ОЛЕНИ Рассказы на осетинском языке для старшего школьного возраста Северо-Осетинское книжное издательство Орджоникидзе * 1966
1 1942-æм аз у йæ фæуыныл. Уазалгомау рагизæр. Сау мигътæ ауындзæгæй лæууынц Былауы сæрмæ. Саузым рахаста райдиантæй. Мит кæд хæхты раджы рауарыд, уæддæр быдыры хъæутæм нæма æрхæццæ. Æвæццæгæн, уый тыххæй фæстиат кæнынц мигътæ хъæдгæрæтты хъæуты сæрмæ. Фæлæ ацы изæр куыддæр зивæггæнгæ базмæлыдысты, сæхи аивæзтой. Бындзыггай араст сты кæдæмдæр. Ранæй-рæтты сын сæ фæндæгтæ бацахста сармадзанты фæздæг. Уый зилдухгæнгæ къуыбылæйттæй цæуы, цыма сау мигътимæ ерыс кæны, цыма сыл æнæмæнг фæуæлахиз уæвынмæ хъавы. Цалдæр боны æнæрынцойæ нæры, азæлы хъæд хæсты змæлдæй. Хæстæг у стыр тархъæдмæ Былауы хъæу. Чи кæцæй æхсы, чи кæдæм хъавы, уый дзæбæх не ’мбары Сæудæт. Алы гæрахæй дæр ус хæрдмæ фæхауы, йæ хъустæ дыууæ къухæй ахгæны. Чи зоны, йæхи мæт æй уыйбæрц нæй, фæлæ йæ лæппу!.. Иæ лæппу Фидар... Цалдæр боны сæ хæдзармæ нæма фæзынд. Кæм цы агуры? Ай бæстæ судзгæ куы кæны! Гъе йæ кар куы нæма æййафы, гъе йæ фадæттæ куы нæ амонынц. Катайты хай баци Сæудæт, бады сæ дурæй амад ныггæиды, хуыцаумæ кувы, куры, цæмæй æнæфыдбылызæй баззайа йæ хъæбул. Ацæргæ у Сæудæт, 3
саулагъз, тæнтъихæгарæзт. Æдзух хъуыддагхуыз. Алцыдæр ын хыгъд æмæ хъуыдыгонд вæййы. Ныййарæг та йæ цоты зæрдæйы хатт куыннæ фæзоны! Зыдта йын йæ рохтыл хæцын, рæстфæндагыл æй арæзта. Фырт æм фæстæмæ никуы сдзырдта. йæ ныхасыл ын дыууæ никуы загъта. Ныр ыл цыдæр æрцыд, схивæнд, мады æвастæй кæдæмдæр ацыд!.. Изæры уазал æндавы адæймаджы. Нæрынц сармадзантæ, сæ фæздæг сæмхæццæ сау мигътимæ. Сæудæт бацыдис ныггæнды чысыл рудзынджы цурмæ. Иу ран йæ авг асаст æмæ йыл гæххæтт ныхæст. Гæххæтт аскъуыд æмæ дзы уадымс хъазы, карчы саст базырау ауыгъдæй аззайы. Сылгоймаг афæлгæсыд, сæ хъæуæй йæм цы хай зынди, ууыл, æвиппайды йæ цæстытæ цæхæртæ акалдтой. Се ’рвадæлты даргъ уæрдондæттæ, стыр хæдзæрттæ сыгъдысты, сæ сырх пиллон фæйнæрдæм лæбурдта. Хæдзæрттæ сыгъдысты, æви сæ фарсмæ немыцæгты скълад, уый сылгоймаджы сæр нæ ахста. Арты пиллон куыд цырен кодта, афтæ тыхджындæрæй азæлыд бæстæ. Исчи æхста, æви уыцы артæй сармадзаны нæмгуытæ рæмыгътой, уый дæр нæ хатыдта Сæудæт. Æвирхъау нывмæ кæсын йæ бон нæ баци. Ацы хатт бамбæрзта йæ цæсгом, куыддæр фæуадзыгау... Стæй уæд бæстæ загъд æмæ хъæлæба сси. Немыцæгтæн сæ сæр сæ кой сси, згъордтой фæйнæрдæм. Цыдæртæ дыгъалдыгъул кодтой сæхирдыгонау, ницы сын æмбæрста Сæудæт. Ауыдта йе ’фсымæр Тарбеджы. Уый кæдæмдæр хъуыддагхуызæй тырныдта. Немыцмæ комендантæй куыста. Цымæ сыл цы ’рцыдис? Мæлдзыджыты губаккау куы базмæлыдысты. Йе ’фсымæрмæ дзы куы ницы маст æрхауид!.. Сæудæт касти рудзынджы састæй æмæ фиппайдта: тыхджын дымгæ æгъатырæй пыртта фæздæг æмæ сау мигъты. Ранæй-рæтты сæ арв бынтондæр асыгъдæг, æмæ изæрон хур, рынчынау, æнæбары бахудти. Иучысыл фæрухс Сæудæты зæрдæ. Фæлæ циу уый? Сыхаг устытæй сæм чидæр æрбазгъоры. Уайгæ-уайын кæмæдæр дзуры: — Мæ фæрстæ йын айхæлой Сæудæтæн... Йæ лæппуйы йын фæкæнынц... Фидары æрцахстой!.. Мадæн атар сты йæ цæстытæ, фæтасыдысты йæ уæрджытæ... Куыд æрхаудта, уый дæр нал бамбæрста... 2 Рацыд цалдæр боны. Изæрыгон та Сæудæт бадтис йæ хъæбул Фидаримæ сæ ныггæнды. Йæ цæстытæ цины цæхæртæ калдтой. Иæ хъæбул ма немыцæгты дзæмбытæй фервæздзæн, йæ хæдзар ма сæрæгасæй ссардзæн, уый æнхъæл та ма чи уыд!.. 4
Æрмæст лæппу циндзаст нæ уыди, йе уæнгтæ куыддæр æрызгъæлдысты. Дзурæгмæ нæ дзырдта, кæсæгмæ нæ кастис. Цы кæны Фидар, йæ уарзон хъæбул? Æви йæм нæ хъары, ингæны къæсæрæй фæстæмæ кæй раздæхтис, уый? Йæ риумæ йæ æрбалхъывта мад, цыма йын фæстæмæ ацæуынæй тарсти. «Нæ, нæ! Ныр дæ дзыцца никæдæмуал ауадздзæн! Мемæ дæ, мемæ уыдзынæ», — дзырдта хинымæр мад. Лæппу йын йæ къухтæ йæхицæй аиуфарс кодта: «Сывæллон æнхъæл ма мын у!.. Куыд нæ мæ ’мбары?» Бацыдис, йæ мад уынгмæ кæцæй касти, уыцы саст рудзынджы цурмæ. Афтæ зынди, цыма сæ хъæу иучысыл йæ цæстæй ракастис. Уынгты змæлыдысты иугай адæймæгтæ, цыдæртæ архайдтой. Изæрон тар тæлмытæ сæхи хæстæгæй-хæстæгдæр ластой хъæугæрæттæм æмæ-цыдæр æнахуыр æнæбæрæгдзинад хастой семæ. Хъæугæрæтты фæндæгтæ æмæ пыхсбынты йæ цæст ахаста лæппу, фæкастис хæхтæ æмæ тархъæдмæ. «Хъуамæ цыфæндыйæ дæр ахсæв ацæуон уырдæм!» — йæхинымæр сфæнд кодта, йе ’ргом азылдта мадырдæм æмæ йын лæгъстæхуызæй загъта: — Дзыцца, зæгъ Тарбегæн. Баххуыс кæнæд Ладемырæн. Ницы гæнæг у. Дзæгъæлы йæ æрцахстой! Фехсдзысты йæ! Никуыма федта мад йæ хъæбулы афтæ тыхстхуызæй. йæ ныхæстæ-иу йæ хъуыры фæбадтысты. Цыма йæ тынг не ’вдæлд, цыма йæ кæдæмдæр тагъд хъуыд, афтæ йæм кастис. — Иумæ бадтыстæм ахæстоны. Ныр æз — сæрибар, уый та... Куы йæ амарой, уымæй тынг тæссаг у! Нæ мæ уырны, Тарбеджы бон ницы у, уый! Фæлтау мæ куынæ рауадзын кодтаид. Æмбарыс, дзыцца, æз хъуамæ йемæ уон!.. Куынæ суæгъд уа, уæд фæстæмæ йæ цурмæ бацæудзынæн... Зæгъ Тарбегæн, балæгъстæ йын кæн... Ныййарæджы зæрдæ ихы къæрттау ауазал уыцы ныхæстæй. Зæрдæ йын цæмæй бавæрдтаид, уымæн ницы зыдта. «Уый та куыд! Фæстæмæ сæм йæхи къахæй цæуы? Æрра сси?» — Æмæ мад фæлмæн хъæлæсæй загъта: — Тарбеджы бон дзы ницы у, дæ фæхъхъау фæуон. Уый немыц афтæ цæстфæлдахæнæн сæвæрдтой хъæуыхицауы быиаты. Уæвгæ сæхи фæндтæ тæрынц. Чи йæм хъусы? — Уæдæ мæн куы суæгъд кæнын кодта. — Ды ма сывæллон дæ, мæ хур. Дæу, æвæццæгæн, уыйас ницæмæй аххосджын кодтой немыц. Ладемыры та партизан хонынц. Чидæр, дам, æй банымыгъта... Йæхи аххос дæр уыд. Æгæр æргомæй ардыдта адæмы сæ ныхмæ. Нал, æвыдæй нал баззайдзæн. Цы йын нæ бон у? Иу æмæ дыууæйы куы нæ фесæфтой немыц... Дæхæдæг ма мын кæй аирвæзтæ, хæдæг! Тарбеджы фæрцы, мæ удын царды хос фæуа. Никуы !у
мæ ферох уыдзæн уыцы хорздзинад. Дæ зæрдыл æй бадар ды дæр. Мацыуал дзы дом... Мады фæстаг ныхæстæ бынтондæр асастой лæппуйы ныфс. Иуцасдæр зæхмæ æдзынæг кæсгæйæ алæууыд. Стæй йæ цæстыты ногæй ссыгъдысты карз маст æмæ стыр æнæуынондзинад æвдисæг зынджы стъæлфæнтæ. Цыдæр уæззау ныхæстæ зæгъынмæ хъавыд, фæлæ, мадæн тæригъæд кæнгæйæ, йæхи ныуурæдта, дæлиауæй ныуулæфыд: — Ныххатыр мын кæн, дзыцца, фæлæ... Кæд Ладемырæн пицы у мæ бон баххуыс кæнын, уæд хъуамæ æз ардыгæй ацæуон. Нæй мын ам æнцад бадæн. Цы цæсгом ма равдисдзынæн ме ’мбæлттæм. Нæ хæдзарæй мæхи искæдæм куы айсон, уæд хуыздæр у. — Ма дзур афтæ, лæппу! Уый тыххæй дæ нæ рауагътой ахæстонæй. Тарбег сын дзырд радта, кæй никæдæм ацæудзынæ, ууыл. Стæй мæн та кæмæн уадзыс? — мадæн йæ кæуындзæг йæ хъуырмæ схæццæ. Раст уыцы сахат хæдзармæ бахызти Тарбег. Уый, æвæццæгæн, раздæр æрбацыди, дуарæй сын сæ ныхæстæм йæ хъус дардта. Сæудæт куыддæр фæкъæмдзæстыг. Ие ’фсымæрæн «æгас цу» загъта, бандон ын йæ цуры авæрдта. Тарбег сæрыстырæй ныккастис Фидармæ, стæй йын уайдзæфы хуызы загъта: — Мæ хур, æз дын лæгдæр æнхъæл уыдтæн. Ды та... Уымæн дæ рауадзын кодтон æмæ æнæсæрфат митæ кæнай? Кæд ахæм хæрзгæнæг басгуыхтæ, уæд, табуафси, дæ лæджыхъæд æмæ дæхæдæг! Дæ къухтыл дын куы ничи хæцы... Фæлæ дæ мады сæрыл дæр ахъуыды кæн... Бæстæ сызмæнтдзынæ... Дæлгоммæ ныхæстæ кæнынмæ чи амбылдтаид Тарбеджы! Хорз нæ бамбæрстой мад æмæ фырт, йæ ныхæстæ кæцырдæм здæхт уыдысты, уый. — Ладемырмæ йæ зæрдæ ’хсайы. Зæгъын, Тарбеджы бон ъш ницы у,—загъта мад, йæ лæппуйы сраст кæныныл аряайгæйæ.— Куыд у, куыд, мæгуыр, йæ хабар! Ладемырæй зæгъын. — Хорзæй йæм ницы ис. — Кæй дзурынц, уый æцæг у? — Ома? — Марыны тæрхон ын æцæгæй рахастой? — Се ’гъдау афтæ у. Хъуамæ йæ æргомæй фехсой. — Уый та куыд æргомæй, мæ фæрстæ йын айхæлой? — Афтæ æргомæй! —тызмæгæй дзуапп радта Тарбег æмæ ма йæ ныхæстыл бафтыдта: —Сæ ныхмæ чидæриддæр лæууа, уыдон æхсгæ дæр, ауындзгæ дæр æргомæй кæнынц. Уый сæ хъаруйы бæрæггæнæн у. Уæд сæ æмризæджы риздзысты. Уæд <6
сæм мæнæ Фидар æмæ Ладемыры хуызæттæ фæстæмæ фæкæсын дæр нæ уæнддзысты... Ныр сæм кæсыс? — Тарбеджы фæндыд, немыцы хæцæнгæрзты авар дыууæ лæппуйы кæй басыгътой, уыцы хабар бæлвырддæрæй радзурын. Фæлæ цæуылдæр ахъуыды кодта, иучысыл аджихау, стæй загъта: — Фидар, мæ хуры чысыл, исчи мын нæ дæ. Адæм хæрæфырты астæуыккаг цæджындз хонынц. Æмбаргæ дæ, чи зоны, мæ хæс дæр у феххуыс кæнын. Фæлæ ницы у мæ бон. Дæу суæгъд кæнын дæр мæ къухы зынтæй бафтыд. Дзырд сын радтон: искæдæм куы алидзай, уæд мæ Ладемыры фарсмæ сбадын кæндзысты... Фехсдзысты мæ... Гъемæ дæ куыд фæнды, афтæ. Æз дын æндæр ницы зæгъын... — Цытæ дзурыс, Тарбег! Мæ лæппу ахæм æнæмбаргæ у! Стыр хуыцау æй бахизæд ахæм зондæй! — кæуынхъæлæсæй загъта Сæудæт æмæ йæ цæссыгтæ тымбыл къухæй асæрфта. Тарбег хиндзастæй бакастис йæ хойы лæппумæ, мидбылты бахудти æмæ та йæ ныхæстыл бафтыдта: — Фидар, дæ ныфсы уазæг у. Кæд дæ искæдæм ацæуын, гъе та искæмæн феххуыс кæнын фæнды — дæхи зæрдæ дын тæрхонгæнæг. Мæ мæт дæ ма уæд!.. Иуцасдæр рæстæг хо æмæ æфсымæр æнцад кастысты лæппумæ. Уый йæ цæстæнгас нал иста зæххæй, цыма дзы исты агуырдта... Афтæ йæм касти, цыма кæйдæр ныхæстæ йæ хъустыл уадысты: «Нæ, нæ, Фидар, нæ дын æмбæлы дæ хæдзары æнцад бадын! Ладемыр дæм æххуысмæ æнхъæлмæ куы кæсы!» — Цæй, æз цæуын. Хæрзизæр, — загъта Тарбег æмæ ахызти дуармæ. 3 Зæхбын ныггæнд. Талынг æмæ уазал. Цыма сæм зымæгон тар æхсæв саст рудзынгыл æрбахызт æмæ ныр семæ йæ фæллад уагъта. Лæппу дзæвгар фенхъæлмæ касти, мад кæд бафынæй уыдзæн, уымæ. Нæ йæ фæндыд, йæ зæрдæ йын фæриссын кæна, уый. Фæлæ йын ацы æхсæв сæхимæ фæлæууæн нал ис. Æмæ йæ рыст зæрдæ саджилтæ кодта. Иуæй йæ мад Сæудæт æмæ йæ мады æфсымæр Тарбег уыдысты йæ мæт: куыд сæ фæсайа? Куыд сæ баппара фыдбылызы? Иннæмæй та йæ хæс уыд йæ хистæр æмбал Ладемырæн феххуыс кæнын. Фæлæ куыд, цæмæй? Тарбеджы бон ын куы ницы у, уæд ын Фидары бои цы хъуамæ уа? Æмæ уæвгæ Тарбег цæмæн хъуамæ баххуыс кæна партизанæн? Уый тыххæй, миййаг, немыцæгтæм куысты куынæ ныллæууыд... Цымæ Фидары бынаты уæвгæйæ, æндæр лæппу цыæрхъуыды кæнид? Уæд та ма йын æмбал куы уаид. Афæрсид æй... Æмæ йын «ма ацу» куы 7
зæгъид, уæд та? Байхъусид æм цымæ? Нæ! Фидар ныртæккæ никæимæ сразы уаид. Фæлæ мæнæ дзыцца... Цал æнæхуыссæг æхсæвы арвыста, мæнæ ныр арæдзæ-мæдзæ кодта. <^æ ныггæнды иу къуымы — хæсгæ далыс. Мад æй уастырджийæн снывонд кодта. Немыцæй йæ æмбæхсы. ,Йæ фырт ахæстонæй кæй фервæзти, уый стыр амондджын хабар у...— Сæудæт ахæм хъуыдыимæ бафынæй æмæ ныр йæ мидфыны цæмæйдæр тыхсы. Хатгай тарф рынчынау схъæрзы. Фидар æй æмбары, тæригъæд ын кæны. Æваст куы райхъал уа æмæ йæ куы нал ауына, уæд... Далысæн цы у, æнæмæтæй сынæр цæгъды. Хатгай арф ныуулæфы, æмæ йæ комытæфы хъарм Фидары буарыл сæмбæлы. Лæппуйы фæнды йæхи æруадзын, афынæй кæнын. Фæлæ йæ цæуын хъæуы. Дуарæй рахизыны агъоммæ ма Фидар иучысыл алæууыд рудзынджы цур. Æдзынæг байхъуыста. Кæмдæр сæ кæрæдзи тыдтой дзæгъæлдзу гæдытæ. Дымгæ хъазыд авгыл ныхæст скъуыд гæххæтты гæбазæй. Цавæрдæр æнахуыр нывтæ ногæй февзæрдысты лæппуйы сæры. Мæйдар æхсæв тархъæды... Партизантæ æхсæвæдтæ Ладемыримæ кæм бадтысты, уыцы ахæстон... Рæвдз бабырыдысты мæйдары немыцæгты хæцæигæрзты скъладмæ. Минæтæ дзы бавæрдтой... Капитаны цин уыд Ладемырмæ. Уый цæфæй æрæджы ссыд сæ хъæумæ... Куыд æмæ йæ цы кæнын хъæуы, уыдæттæ зыдта. Гъе фæлæ кæм фæрæдыдысты, уый хорз нæ бамбæрста Фидар. Чи зоны, кæд сæ Тарбег банымыгъта, кæд сæ фæдыл касти. Уæдæ сын куыдтæй базыдтой се ’мбæхсæн бымат? Цæмæн æрцыдис Ладемырыл ахæм рæдыд?.. Зæрдæ риуæй рацæйхаудта. Цæуын хъуыд Фидары. Цымæ искуы йæ ныфс бахастаид ахæм мæйдары хъæдмæ ацæуын? Ныр йæ бар йæхи нæ уыд. Хæс дардта æмæ йæ уый фидын хъуыд. Кæддæрау бирæгътæ æмæ хæйрæджытæй нæ тарсти. Уыдон йæ хъуыдыйы дæр нал уыдысты. Уый тарсти знаджы хъалагъуртæй. О, куыд æнæуынон ын уыдысты, куыд! Сæ къухтæм дыккаг хатт куы бахауид, уæд ын Тарбег дæр ницыуал феххуыс кæнид. Цæмæн сæмдзæхдон йæ мады æфсымæр уыдонимæ? Хæсты размæ Тарбег хъæдгæсæй куыста. Фидары-иу йемæ ахуыдта хъæдмæ. Цуаны дæр-иу цыдысты... Ныггæнды дуар æрзилгæ хъæдын къæбæлæй æхгæд уыд. Чидæр æй сабыргай байгом кодта. Мидæмæ æрбахызт. Фыртæссæй лæппуйæн йæ сурхид акалд. Сдзурынмæ йæм хъавыд, фæлæ йæ ныхæстæ уæлæмæ не ’схаудтой. — Æз дæн, Фидар, — загъта Тарбег, — ма фæтæрс. Æа дын фынæй æнхъæл уыдтæн. Дæхи арæвдз кæн, лидзгæ хъæд8
мæ. Сæудæтæн мæхæдæг истæмæй феххуыс кæндзынæн... — Æмæ сын дзырд куы радтай... — Мацыуал дзур, тагъддæр! Дыууæйæ иумæ рахызтысты дуарыл. Лæг ахъæбыс кодта лæппуйæн. Йæ къух ын нылхъывта: — Фæндараст. Давонджын мæрмæ куы бахæццæ уай, уæд-иу стыр сусхъæды мæрайы хæринæгтæ фен! — Цы бауыдзæн Ладемыр? — Мауал фæстиат кæн... Уый мæт дæ ма уæд. Тар æхсæв дыууæ сау æндæрджы кæрæдзийæ фæхицæн сты... 4 Талынг æхсæв, йæ уд йæ къухы хæсгæйæ, лæппу тухитæй фæхæццæ хъæдмæ, хæринæгты бæсты бæласы мæрайæ райста фондзæхстон топп; Тарбегæн зынтæй бантыст сæ хъæуккаджы ахæстонæй суæгъд кæнын, стæй йæ хойæн зæрдæтæ бавæрдта Фидары ацыды фæстæ... Хæстæг уыд тархъæд Былауы хъæумæ. Бирæ арф кæмттæ æмæ цъæх æрдузтæ æмбæхста. Дæттæ дзы алæгæрстой сæхицæн фæндæгтæ æмæ, урс фынк калгæ, згъордтой Теркмæ. О, стыр æмæ диссаджы рæсугъд уыд Былауы хъæд! Уарзта йæ Тарбег. Уарзта йын йæ бæлæсты сыр-сыр, йæ дæтты сыбарсыбур, йæ мæргъты зарын. Бирæ дзы фæхаттис, фæлæ йын йæ уындæй никуы бафсæст. Ныр æй уырдæм кодтой марынмæ. Хъæуы рæгъау кæдæм фæхæццæ вæййынц, сæгуыттæ сæ къахвæдтæ кæм ныууадзынц, булæмаргъ кæцæй фæзары, уырдæм... Уый — адæмы мастисæг — иунæг уыд, фæллад æмæ æфхæрд. Уыдон — тыхгæнджытæ — цалдæрæй, гæрзифтонг æмæ цардхуыз... Сæ иу— йæ разæй, дыккаг — йæ фæстæ, иннæтæ—йæ фæйнæ фæрсты... Афтæ зынд, цыма цæргæс карз хæсты фæстæ, уæззау цæфæй бахаудта сау халæтты дзæмбытæм. Ахст цыдис сæрыстырæй, цыма йæм автоматтæ къæппæввонгæй нæ дардтой. Арвы кæрæттыл, хæхты бæрзæндтыл, хъæдыл цæргæсау фæлгæсыд. Йæ зæрдæйы æхсызгопæй хаста цъæх мæнæуы хуымты сурæт, æхсæрдзæнты сæх-сæх, мæргъты зарджытæ. Йæ цæсгом сыгъдæг уыд. Фидар уыдысты йæ къахдзæфтæ... Марджытæ та, сау халæтты къордау, «хъуахъ» хуызæй цыдысты. Сæ цæст дзы нæ истой. Тарстысты, миййаг, сæ уацайраг цæргæс — сæ астæуæй куы стæха. Хæсты уынæр знонæй мынæгдæр уыд, сау мигътæ тымыгътæй нæ бадтысты Былауы хъæугæрæтты. Хур касти æмæ йæм зымæгон бæгънæг æрдз йæ фæсонтæ тавта... 9
Цыди уацайраг, фидар — йæ къахист, ныфсхаст — йæ цæстæнгас. Фæлгæсы размæ, хæхты сæрмæ. Цыма та кæддæрау хъæд бæрæггæнæг рацыд. Фæлæ циу уый? Хæстæг кæцæйдæр куы цæуы топпы гæрæхтæ. Диссаг! Кæй къухтæм бахаудта хъæдгæсæн йæ хъыримаг. Хицæн у уымæн йæ зыланг, йæ нæрын. Зоны йæ, йæ хъустæ йæ иртасынц, йæ зæрдæ йæ хаты... Марджыты къордæй ничиуал сарæхсти, иу дзы не ’сгæрзхъом се ’знаджы ныхмæ. Цалдæр гæрахæй æрхаудтой. Сæ уацайраг йæ фæндагыл тагъд кодта размæ... Æмæ та ногæй азæлыд хъæд... Сæудæтæн нырхæндæг йæ зæрдæ. йе ’нгас сарæзта тархъæдмæ, хæхтæм. Нæ зыдта, райсом ын ног бон цы ’рхæсдзæн, уый. Йæ далыс-нывондаг та фæлмæн сынæр цагъта.
Æз уæд цардтæн Дзæуджыхъæуы, Терчы тæккæ былыл, ног хæдзары. Стæм хатт вæййы адæймаг разы йæ ног цæрæн бынатæй, алы фаутæ йæм фæхæссы... Мæнмæ хъæстагæй ницы уыд. Уый нæ, фæлæ ма арæх, кæм æргом иыхасæй, кæм та хинымæр, арфæтæ кодтон, ам, æнусон Терчы был, алыхуызон бæлæстæ æмæ дидинджытæй фæлыст паркгæрон æмбисонды рæсугъд галуан чи сарæзта, уыдонæн. Мæ фатер уыд æртыккæгæм уæладзыджы. Уалдзыгон æмæ сæрдыгон райсомты-иу уарзтон уырдыгæй кæсын. Науæд-иу Терчы былмæ рацыдтæн. Утæппæт адæмы æхсæн-иу æз арæх сæмбæлдтæн иу æрыгон лæппуйыл. Иæ фенд-иу мын æхсызгоп уыд. Мæ цæстыты раз схъомыл. Авдæны сывæллон ма куы уыдис, уæд-иу æй йæ мад æмæ йæ хо зынаргъ цыппардзæлхыг уæрдоны ардæм арæх раластой. Æнæ фæкæсгæ, æнæ бахудгæ йæм-иу чи фæлæууыдаид: уыди йын æрвгъуыз цæстытæ, йæ фæлмæн нард гуккытæ-иу кæмæ фæнды дæр батылдтаид, худæндзаст æмæ дзурыымондаг уыд кæддæриддæр. Иæ мад уыд дохтыр, йæ фыд та — æфсæддон, булкъон. Уый дæр хъусæггагæй зыдтоп. Лæппумæ-иу куыннæ сдзырдтаиккой æмæ йын йæ иом мæ зæрдыл бадардтон — Олег... Айрæзти сывæллон. Сси æхсæрдæсаздзыд цæ; п
хæрцæст лæппу. Терчы былмæ цæуаг уыд, йæ фæдыл-иу згъордта йæ куыдз Узден. Куыд дзырдтой, афтæмæй уыцы куыдзы æфсадæй лæппуйы фыд сласта æмæ йын æй балæвар кодта. Лæппу æмæ куыдз кæрæдзийыл æрхъæцмæ дæр иæ хъæцыдысты. Узден уыд арæнхъахъхъæнæг æфсæддонты куитæй. Рæсугъд, æмбаргæ æмæ къæрцхъус, бирæгъхуыз, сагартæн. Лæппуйæ иæ рох кæнынц фыды ныхæстæ. Куыдз ын куы лæвар кодта, уæд ын фыд загъта: — Цæрæгойты æхсæн адæймагæн куыдз æмæ бæхæй лымæндæр ницы ис. Уыдон сæ хицауыл гадзрахатæй никуы рацæуынц... Макуы сæгад кæн Уздены. Куы йæ бафхæрай, уæд. дын æй, нæ фехъуыстон ма зæгъ, байсдзынæн. — Нæ, баба! Никуы йæ бафхæрдзынæн... Зилдзынæн æм, хъахъхъæндзынæн æй, — ард хæрæгау загъта фырт йæ фыдæн. Фыд лæппуйæн радта иу чиныг æмæ йыи бафæдзæхста: — Лæмбынæг æй бакæс æмæ базондзынæ Уздены, кæрæдзи æмбардзыстут... Зæрдæргъæвд вæййы уыцы кары лæппу, сыгъдæг вæййынц йæ фæндтæ æмæ хъуыдытæ... Адæм уынаг сты, бафиппайдтой, Олег æмæ Уздены æхсæн стыр хæлардзинад кæй райгуырд. Лæппуйы æмгæрттæ-иу сЫл амбырд сты, диссагмæ кæсæгау-иу сын кастысты сæ хъазынмæ. Олег-иу арæх йæ цæстытæ бабаста,Уздены хъуырылиу рон бафтыдта, йæ хæссинæгтæ-иу æм радта, уый та-иу æй раст фæндæгтыл ахуыдта сæхимæ. Машинæйæ тас-иу кæм уыдаид, уым-иу хъуамæ æрлæууыдаид. Афтæ дæр-иу уыдис, æмæ Узденæн йæхи цæстытæ бабастой, Олег-иу хъуамæ искуы арф ран амбæхстаид. Куыдз-иу йæхи æцæгæлоны къухтæй арæмыгъта, баст цæстытæ-иу æд бæндæн азгъордта, уайтагъд-иу æй ссардта. Йе ’мбæхсæн бынатæй-иу æй æмбæлтты æхсæнмæ ракодта йæ фæдджийæ... Лæппу Терчы йæхи арæх надта. Доны арфмæ-иу йæ фæдыл бацыдис Узден дæр. Уылæнтимæ-иу хъæбысæй хæцыдысты, хъазыдысты. Адæм сæм-иу былгæропæй цымыдисæй кастысты. Бонæй-бонмæ фидардæр кодта сæ хæлардзинад. Кæрæдзи æмбæрстой цæстæнгасæй, ныхасæй, уæнгты чысыл фезмæлдæй... Æз сыл куыддæр фæцахуыр дæп, мæ цæст сæм дардтон. Æмæ-иу мæм афтæ касти, цыма æнæ сæ кæрæдзи не ’сфидауиккой. Фæлæ, æвæццæгæн, царды æнамонд цаутæн дæр æнæ ’рцæугæ нæ вæййы. Иухатт, сæрдыгон сæумæрайсом горæты бульвары киоскы балхæдтон газет. Æркæстытæ йæм кодтон. 12
Æвиппайды йæ фæстаг фарсыл бафиппайдтон сау рамкæйы сауфыст хабар: Оледжы ныййарджытæн се ’мгусджытæ хъыгзæрдæйæ тæфæрфæс кодтой, сæ зынаргъ лæппу цæрынхъуагæй кæй фæзиан, уый фæдыл. Цалдæр хатты йæ бакастæн. Мæ зæрдæ срысти судзаджы зианыл... Куыд дзырдтой, афтæмæй уыйразмæ бон лæппу йæхи надта Терчы, æдзухау йемæ уыд Узден. Цалдæр хатты лæппу йæхи баппæрста доны арфмæ. Фæлæ иуахæмы фæстæмæ рахизын йæ боп нал баци: йæхи истæуыл ныццавта æви йæ хæххон доны æндзыггæнаг уазал æрцахста, уый ничи базыдта бæлвырдæй... Йæ мард ын æрмæстдæр дыккаг бон ссардтой. Лæппуйы сыгъдæг сурæт нæ цух кодта мæ хъуыдытæй, йæ хуыз-иу мæ цæстытыл ауад, фæстаг хатт ма йæ цы дарæсты федтон, уыдоны. Фæлæ, диссаг, уыцы сахат мæ цæмæдæр гæсгæ айрох Узден... Мæ зæрдыл куы æрлæууыд, уæд сагъæсты бацыдтæн: «Цымæ уый та цытæ кæиы, мæгуырæг? Иæхи куыд дардзæн?.. Æви цыппæркъахыг цæрæгойтæ ницы фембарынц, нæ фæзонынц цин æмæ хъыгдзинад?..» Искæй зианæн адæймаг фидар у, фæзæгъынц, ферох дзы вæййы тагъд. Лæппуйы сурæт мæ цæстытыл афтæ арæх иал уад, фæстагмæ мæ ферох ис. Чи зоны, никуыуал æйæрæмысыдаин, фæлæ Узденмæ гæсгæ мæ зæрдыл æрлæууыд. Лæппуйы фæзианы фæстæ цасдæр рæстæг Узден Терчы былмæ нал фæзынд. Искæдæм æй акодтой, æви йæ æддæмæ нал уагътой, нæ зонын... Ралæууыдысты августы фæстаг бонтæ. Хурджын рæстæг ахаста, Терк афтæ змæстæй нал цыди, йæ уылæнтæ афтæ знæт нал уыдысты. Стыр дуртæ æмбисæй уæлæмæ сзындысты. Иубон Терчы былмæ фæзынд Узден. йæ цæстытæ кæддæрау ныр цинæрттывд нал кодтой, нал æм уыд раздæры къæрцхъусдзинад. Фæхъуынтъызтæ, фæмæллæгдæр. Дзурæгмæ нал касти... Терчы был-иу бæрæг ран схуыссыд, йæ раззаг къæхтыл-иу йæ сæр æрæвæрдта æмæ-иу æдзынæг касти доны уылæнтæм. Хаттæй-хатт-иу фестадис, бахызтис-иу донмæ, æвæццæгæн ма фæстагдæр хатт йæ хицауы кæм федта, уырдæм. Цыдæр агуырдта, ленк кæнын æвзæрста. Стæй-иу рахызт донæй фæстæмæ. Афтæмæй-иу ыл æрталынг. Лæппутæ йæм сидтысты йæ номæй, йемæ-иу сæ ахъазын фæндыд. Æвæццæгæн ын уыдон дæр мæнау тæригъæд кодтой, хæринæгтæ йын æппæрстой. Фæлæ уый йæ хъус ницæмæ дардта, Цыма дзы йæ ном дæр ферох и... Чи пæ йæ зыдта, уыдон ыл-иу хъæртæ дæр скодтой, истЫтæ дæр-иу ыл фехстой. Доныбылæй йæ асурынмæ хъавыды13
сты... Узден-иу цавддур фестад, Терчы уылæнтæм-иу æдзынæг касти. Чи зоны, йæхимидæг дис кодта, йæ зæрдыл-иу æрлæууыд, Олегимæ æмбæхсынты куыд хъазыдысты, уый... Уайтагъд-иу æй куы ссардта цæстытæ бастæй дæр! Уæдæ ныр афтæ арф кæм бамбæхсти? Донæй бынтондæр рахизинаг нал у, æви йæ мæстæй мары? Æмæ уæд Узден цыфæнды зынтæй дæр бацагурдзæн йæ хæлары!.. Кæм фæнды бамбæхсæд, уæддæр æй ссардзæн!.. Цыдæр тых-иу размæ, Терчы уылæитæм, арæзта Уздены... Знæт уылæнтæ та йæ æгъатырæй хостой, былмæ-иу æй фæстæмæ ратардтой. Фæлæ иухатт донæй фæстæмæ нал рахызти. Уый уыдис бонрæфты. Æз кастæн мæ балкъонæй. Терчы был адæм æрæмбырд сты, цæуылдæр тыхстысты. Сывæллæттæ хъæр кодтой, згъордтой доныбылтыл. Мæ зæрдæ куыддæр фæкъæпп кодта: «Цыдæр бæллæх æрцыди!» Тагъд-тагъд ацыдтæн адæмы цурмæ... Иу ран, доны астæу, арф уылæнтимæ хъуырдухæны бацыд Узден. Фæстæмæ раленк кæнын йæ бон нал у, зæгъгæ, афтæ ахъуыды кæнæн нæ уыд: йæ сæр бæрзонд хаста. Уылæнтимæ æмзылды бафтыд... Хаттæй-хатт-иу былгæронмæ дæр рахæццæ, мæнæ ныр хусмæ рахиздзæн, зæгъгæ-иу сцин кодтам. Алырдыгæй йæм сывæллæттæ сæ къухтæ тылдтой, хъæр кодтой: — Узден! Узден!.. Гъа! Гъа! Узден! Раздæх! Узден! Узден!.. Фæлæ Узден ницы хъуыста, никæй уыдта. Фæстагмæ бынтондæр карз гуылфæнтæм бахаудта æмæ йæ уыдон сæ хъæлæсы ахастой... Æз æм рыстзæрдæйæ кастæн. Бæлвырд хъуыды кæнын: цалынмæ йæ мæ цæст ахста, уæдмæ йæ сæр не ’руагъта... Чи зоны, искуы рахызти былмæ. Фæлæ йæ æз уыцы бонæй фæстæмæ никуыуал федтон... Ныр дæр ма арæх æрымысын дыууæ хæлары, куыддæр æнæнхъæлæджы схауынц уæд мæ ныхæстæ, химæ дзурæгау: о, цæй диссаг дæ ды, хæлардзинады тых!
Бæрзонд хæхты рæбынæй гуырыдис Сæгъгæсы дон æмæ, йæ урс фынк калгæ, арф комы бырста размæ. Æхсæвæй-бонæй тырныдта быдыртæм, Теркмæ, денджызмæ. Бирæ цыдæртæ фенын æй фæндыд. Фæззæг-иу йæ тызмæг уылæнтæ фенцаддæр сты, рæсугъддæрæй-иу згъордта. Зымæг ыл-иу их-фæйнæджытæй хидтæ сарæзта, хи конд зæгæлтæй-иу сæ фидар бахудта кæрæдзимæ. Фæлæ уæддæр йæ цæуынæй никуы бафæллад, никуы банцади. Йæ сыхаг та уыди уыгæрдæны чысыл суадон. Суадон æмбæрста Сæгъгæсы доны зарæджы ныхæстæ. Сæгъгæсы дон æм зæрдæбынæй сидти, хуыдта йæ йемæ. Куырдта дзы, цæмæй йыл бафтауа йæхи, цæмæй сиу кæной сæ цыд, сæ хъару æмæ афтæмæй згъорой сæ дард балцы. Стыр сыхаг мæт кодта, иу туг, иу стæг кæимæ уыд, уыцы чысыл суадоныл: тæвд бонты зын æмæ дард фæндагыл иунæгæй куы никæдæм фæхæццæ уа, хур æм йæ зынг цæст куы ныддара æмæ куы айсыса, науæд искуы хус змисы куы ’рбайсæфа... Гъе уымæн æм сидти æппынæдзух. Фæлæ чысыл суадон разынд æнæрвæссон, хиппæлой. Уый згъордта дидинæг фæлыст уыгæрдæнты æхсæнты, сæ адджыи тæфæй 6>ц уыди 15
æмæ йæхимæ касти бæсты бикъ—комы дæгъæл. Йе ’стыр сыхагыл-иу кæл-кæлæй худти, дзуапп-иу ын лæвæрдта былысчъилæй: — «С-с-с -ма-а-ссид, ма-а-а-м!» Ома, сабыр у дæхицæн! Ма мæм сид! Æз рæсугъд дæн!.. Æз рæсуг дæн!.. Æз сыгъдæг дæн! Æз æиæ дæу дæр Теркмæ, денджызмæ ссардзынæн фæндаг!.. Не ’сразы æнæрвæссон суадон йе ’стыр сыхагимæ.Æмæ йæ цæсты кæронæй дæр нæ федта нæдæр быдыр, чæдæр Терк, нæдæр денджыз. Йæ фæндагыл зæрдæзæгъгæ быдырмæ нæма азгъордта, афтæмæй дзы иу сæрдыгон тæвд боны хур иучысыл йæ дойны басаста, цы цъыртт ма дзы калд, уый та йын саумæр анызта. Суадонæн йæ донвæд хусæй баззад... Сæгъгæсы дон та ма абон дæр згъоры, размæ бырсы быдыртæ, Терк æмæ денджызмæ. Æфсады зæхх æмæ хуры дойны дæр.
Зондджын лæг бирæ дзураг нæ вæййы. Бирæ дзурын никуы уарзта Сихаты Сахан дæр. Хорз куырдыл нымад уыд. Йæ къухты конд дзаума кæмæ нæ уыди, ахæм хæдзар бирæ нæ разындаид æгас хъæубæсты. Сæумæцъæхæй-иу йæ уæззау дзæбуджы æмæ йе ’ндон хъæсдарæджы зæлланг райхъуыстис куырдадзæй, суанг изæрмæ-иу нæ банцад. Фæллад, фæлæ зæрдæрухсæй-иу æрбацыдис сæ хæдзармæ. Йæ ус Мурион ын цыфæнды хæринаг куы æрæ^ вæрдтаид, уæддæр ыл не ’сбустæтæ кодтаид. Гуыбыныл уæздан уыд. Йæ къай æмæ йе ’ртæ фырты та куыннæ уарзта! Бинонты амонды уыдта йæхи амопд, уыдопы сæраппонд фæллой кæнынæй нæ фæлмæцыд. Гъе, æрмæст-иу йæ фырттæм искуы-иухатт куы æрбамæсты, уæд-иу дзы сирвæзти ахæм пыхæстæ: — Лæг куыстæй никуыма амардис, гормæттæ! Лæг цалынмæ йæ цæстытæй кæса, йæ къæхтыл лæууынхъом уа, уæдмæ хъуамæ кусгæ кæна. Æнæ куыстæй цард нæй. Йæ мойы уыцы иыхæстæм-иу ус арæх сбустæ кодта: — Лæппутæ нырма æрыгон сты! Ды арахъхъ æмæ бæгæныйæ кæй бапызтай, уый уыдон доиæй дæр нæма бапызтой. Уадз, æмæ уал аирхæфсой сæхи. Куыст дæр сын никæдæм аирвæздзæн. — Уымæй сæ ма уарз! Куыстæй сыи ницы уыдзæн! Йæ зæнæджы чи 17
нæ уарзы, уый амæлæд, зæгъгæ, ралгъыстæуыд, уæд цымæ исчн амæлид? Ничи. Æртæ фырты-иу сæ ныййарджыты ныхæстæм арæх сæ хъус æрдардтой, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, сæ мады фарс тынгдæр хæцыдысты. Усмæ афтæ кастис, цыма йыл хъæбултæ æнувыддæр сты, цыма сæм сæ фыд æцæгæлоны цæстæй кæсы. Æмæ-иу хаттæйхатт йæ ныхæстыл афтыдта: — Нæ, нæ! Мæн мæ лæппуты бæрц ничи уарзы. Лæгæн цы у! Мæ| цæст куы фæцъынд уа, раст уыцы бон æндæр ус æрдавдзæн. Зæнæг та уæддæр мады хур сты!.. Сахан афтæ хъуыды кодта: мады зæрдæ та уæддæр фæлмæндæр у, зæнæджы хъæнтæ дзæбæх никуы фæиртасы. Уадз, æмæ дзура сæ сæрыл. Искуы бамбардзæн йæ рæдыд. Мад та уæддæр фыртты фарс хæцыд: — Мах зæрæдтæ стæм!.. Уыдон мын ахæрой! Уыдон мын адарой! Царды хос сын феста мæ уд!.. Гъе афтæмæй цардысты Сихаты Саханы бинонтæ. Фæлæ иубон куы уыд, уæд ус æнæнхъæлæджы цыдæр арф хъуыдыты аныгъуылд. Бавдæлд, æмæ диссаджы хæбизджынтæ скодта. Сыхæгты лæппутæй кæмæдæр йæ кæрчыты хуыздæры аргæвдынмæ бадавта. Сцæттæ кодта минас æмæ сæ хæдзары иу къуымы урс хæцъилтæй бамбæрзта. Иæхæдæг хуыссæны схуыссыд æмæ, уæззау рынчынау, хъæрзын райдыдта. Уалынмæ фæзынди хистæр фырт. Мады хъæрзгæйæ баййæфта, фæлæ дзы цы риссы, уымæй йæ нæ бафарста. Иæ уазал цæстæнгас ахаста хæдзары къуымтыл æмæ загъта: — Хæринаг иæм ницы ис, гыцци? — Нæ фæразын, мæ ахсджиаг!.. Дæ разы хæцъилты бын рыгтæ бамбырд кодтон! Акал-ма сæ, мæ хур, марадз! Худинаг у! Хæдзармæ уазæг дæр цæуы!.. — Æндæр исчи сæ акалæд! — лæппу йæхи азылдта фæстæмæ æмæ ацыд уынгмæ... Уымæй чысыл фæстæдæр æрбацыд дыккаг фырт. Мады хуыссæны хъæрзгæйæ федта. Уымæн дæр йæ фарст йæ разæй фæци: — Ницы нæм ис, гыцци? Сыдæй мæлып! — Ницы нæм ис, гыцци дæ фæхъхъау фæуа, дæлæ бырæттæ акалын мæ бон нал сси! Акал-ма сæ, мæ хур... Худинаг у... Лæппу йæ былтæ фесчъил кодта, зулаивæй бакасти къуыммæ æмæ æнæдзургæйæ дуары æдде фæцис. Уалынмæ фæзынд кæстæр лæппу дæр. Уый иннæтæй æнувыддæр уыди мадыл. Иæ комы комдзага^и йæ хаста. Ау, уый 18
зындз^ ?ЫН аХæМ ДЗуапп РатДзæн? Иннæтау дурзæрдæ раи Нае! Ницæмæй бафарста мады йæ кæстæр фырт. Уый ма иыл бустæтæ дæр скодта: — Нæ зоныс, мæнæн æххормагæй мæ бон хъазын кæй нæу, уый? Иннæтæн сæ мадæлтæ ахæм хорз хæринæгтæ сцæттæ кæнынц... — Цæмæн афтæ зæгъыс, гыццийы чысыл хур! Æз дæу бирæ куы уарзын!.. Тынг нæфæразгæ дæн! Мæ зæрдæйæ мæлын! Фен-ма уæртæ хæцъилты бын рыгтæ. Сæ ракалын дæр мæ бон нал сси... Исчи нæм, миййаг, куы фæзына, мæ цæсты гагуы! Акал сæ... — Гъо! Ныр дын бырæттæ калдзынæн! Фæстæмæ та ацыд уый дæр. Уалынмæ йæ мойы къæхты хъæр æрбайхъуысти Мурионмæ. Ус та тынгдæр схъæрзыдта. Куырдæн йæ хуыз фæцыд: «Не ’фсин цыдæр кæны! Хуыцау бахизæд фыдбылызæй». Батырныдта рынчыны цурмæ. Иæ ныхыл ын фæллад къухтæ æрæвæрдта... — Не ’фсин!.. Уый цы кодтай? Куыд æрбарынчын дæ?.. — Афтæ æвиппайды... мæ сæрæй, мæ зæрдæйæ, уæртæ уыдон акалын дæр мæ къухы нал бафтыди... Хæцъилтæй сæ бамбæрзтон. Кæд дын зын нæу, уæд... Худинаг у!.. Уæвгæ сæ уадз... мæхæдæг сæ акалдзынæн. Цыма мын иучысыл фенцондæри!.. — Цытæ дзурыс, не ’фсин! Ды мын адзæбæх у, æндæр... æз ныртæккæ... Куырд йе ’стыр къухтæй фæхæцыд тæбæгъыл... Хæбизджынтæ æмæ фых карчы тæф йæ фындзыл ауад. Бинтыл схæцыд æмæ цымыдисæй бакаст йæ къаймæ. Фæлæ ус уæдмæ тагъд-тагъд рахызтис йæ сынтæгæй. — Ныр æз базыдтон, кæмæн зынаргъдæр дæн, уый. Сомы дын кæнын: сæ сæрыл зул ныхас никуал скæндзынæн... Мидбылты худти Мурион. Хиндзаст æмæ йын хъæлдзæгхуызæй радзырдта, йæ фыртты куыд ракъахта æмæ йын уыдон цы дзуаппытæ радтой, уыдæттæ, стæй фæрсæй-фæрстæм æрбадтысты æмæ се ’рыгон бонтæ æрæмысыдысты. Рагæй сыл нал скодта ахæм цины сахат.
Дард, цæгатаг æдзæрæг хæхты астæу, цуаны уæвгæйæ, мах иухатт æхсæвиуат æркодтам донгæрон стыр айнæджы рæбын, кæддæр æртуат кæм уыд, ахæм ран. Уыдис рагвæззæг. Фæлæ сæрды комытæф бынтон нæма фæхицæп æрдзæй. Хъарм æмæ ма ирд хаста. Хур аныгъуылд хæхты фæстæ, йемæ бамбæхста йæ рухс тынты. Ирд арвæй дзæбæх худтысты стъалытæ. Мæй нын йæ цалхыдзаг цырагъ дардта. Уыдон хъазæнтау æрттывтой цæугæдоиы чысыл уылæпты. Ацы бон нæ цуан æвзæр нæ рауадис: сырды мæрдтæй дзаг уыдысты иæ хордзептæ. Цуанонæн та йæ зæрдæйы конд афтæ у: йæ изæр æй афтид къухæй куы не ’рæййафы, уæд хъæлдзæг вæййы. Къæдзæх рæбын стыр арт скодтам, не ’ртæхæйдзаг дарæстæ йæм схус кодтам, нæ цурты арф комы сыр-сыргæнгæ цы хæххон дон згъордта, уым нæхи цæхсадтам. Гъе стæй уæд 20
кæстæртæ физоиджытæ кæныпмæ февиæлдтой, хистæртæ та арты фарсмæ таурæгътыл фесты. Æфсæст æмæ фæлладæй нæ цуры сæхи æруагътой нæ куитæ дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, уым уæтæр куы уыдаид, фысты дзугтæ, хъом рæгъæуттæ дзы куы ривæд кодтаиккой, уæд куиты фынæй кæнынмæ нæ равдæлдаид. Уымæн æмæ фиййаукуыдз хъуамæ æдзухдæр фосы алыварс зилдух кæна, дардмæ æмбуда сырды тæф æмæ хъуамæ йæ рæйынæй хæхтæ ризой. Фæлæ нæ куиты ницы хъахъхъæнын хъуыди. Æмæ æнцад хуыссыдысты фæйнæ ран. Æхсæвæй дзæвгар рауади. Стыр артыл хус сугтæ æрцæхæр сты. Арты алыварс сыфтæртэе, фæсæлттæй нæхицæн хуыссæнтæ æрцарæзтам... Нæ хистæр æмбæлттæй иу иуварсмæ ацыди. Уырдыгæй нæм æвиппайды йæ ныхæстæ æрбайхъуыстысты: — Акæсут-ма амæ, уæ хорзæхæй! Ие ’мбæлттæ сæхицæн «пыффæй» хуыссынц, ай та нын хъахъхъæнæг слæууыд!.. — Кæмæй зæгъыс, Осмæн, кæ? — Мæнæ Мыдхуыз хæрдмæ цæмæндæр дзыназы, цыдæр хъахъхъæны айнæджы хъусмæ бæласы сæрмæ. Исчи ма уæ судзгæ æхсидав рахæссæд!.. Æз æхсидавимæ бацыдтæн донгæронмæ Осмæны цурмæ. Мыдхуыз — нæ куиты стырдæр, сæ хуыздæр. Осмæны агуырд уыди æмæ йæ уый йæ комы комдзæгтæй хаста. Æхсидавы рухсмæ бафиппайдтон: Осмæны цæсгом уыди сагъæсæйдзаг. Уый ныхас кодта Мыдхуызимæ: — 'Æдылы къоппа, иннæтæй уæлдай ды ам цы хъахъхъæныс?.. ; Йæ хицауы ныхæстæм куыдз базмæлыд, ныззæмбыдта, æмæ йæ каст скодта чысыл æддæдæр, къæдзæх рæбын стыр бæласы сæрмæ. Мыдхуызы не ’ппæт дæр зыдтам: дзæгъæл цыд, дзæгъæл рæйд никуы скодтаид. Йæ уæрæх гом, бурбын цæстытæ зондджынхуыз æмæ фæлмæндзаст зындысты кæддæриддæр. Кæмæ каст, уыцы бæлас цы уыдис, уымæй егъаудæр зындис талынджы: бынæй йе ’ставд къалиутæ парахатæй фæйнæрдæм фæцыдысты, йæ цъупп арвы талынджы ныгъуылди. Мах фæндыди базонын, куыдз афтæ æнувыдæй цæмæ кæсы, цы хъахъхъæны? Фæкастыстæм, дзæвгар фæхъахъхъæдтам, фæлæ цæст ницæуыл æрхæцыд. — Арæби, Мыдхуыз, ды дзы цы ссардтай? Цом фæлтау, схуысс дæ бынаты! — дзырдта йæ куыдзмæ Осмæн. Фæлæ уый нæ фезмæлыди. Не ’хсидав ахуыссыд. Фæстæмæ талынджы аздæхтыстæм 21
арты цурмæ. Мыдхуыз нæ фæстæ не ’рбацыди. Не ’мбæлттæй фынæй ничима уыдис. Куыдзы хабар сын куы ракодтам, уæд фæйнæ-фæйнæ ныхасы кодтой: — Кæд дзы, миййаг, цæргæс бады. — Нæ, Мыдхуыз йæ хъус мæргътæм никуы фæдары. — Уæдæ кæд сæлавыр, гъе хъæддаг гæды у?.. — Кæд уæле, хохы рæбын арс, миййаг, йæхи ныхъхъус кодта! Арсы коймæ, Осмæи хъæрæй ныххудтис æмæ загъта: — Худæгæй марут: ам хæстæг сырды мыггагæй исты куы уаид, уæд куитæ афтæ æнцад хуыссиккой! Мыдхуыз сæ разæй, ^æфтæмæй сæ рæйдæй хæхтæ арауиккой! — Уæдæ дæумæ гæсгæ ды хъахъхъæны дæ Мыдхуыз? — афарста та æмбæлттæй чидæр. — Сырды мыггагæй ницы, уый бæлвырд у... — Ныууадзут-ма, хуыцауы тыххæй, уæ ныхæстæ! — райхъуыстис æмбæлттæй кæйдæр хъæлæс. Фæлмæст адæмы сæ фæллад суадзын хъуыди. Æмæ чысыл фæстæдæр арты фарсæй хъыпп-сыпп дæр нал хъуыстис. Мæн хуыссæг нал ахста. Цæстыл уадис Мыдхуыз: «Цымæ цæуыл ныбб&лцхъус, цæуылнæ æрбацыдис йæ хицауы фæдыл?» — фарстон мæ мид-зæрдæ мæхи. Сæумæрайсом æмбæлтты разæй фестадтæн. Донмæ бацыдтæн. Дысонау йæ уылæнтæ нал æрттывтой, йæ зарæг аскъуыд. Афтæ мæм касти, цыма мæй æмæ стъалытимæ хъазынæй ныффæллади. Дуне райхъал æмæ цыма дон та фынæй кæнынмæ фæци — æнцад-æнцойæ згъордта. Нæ куитыл мæ цæст ахастон: Мыдхуыз уым нæ уыд. Уæд æз райстон мæ хъыримаг æмæ бацыдтæн, дысон æй цы бæла.<сы цур ныууагътам, уырдæм. Бæлас, дысонимæ абаргæйæ, зындис бæгънæгдæр æмæ æгуыдзæгдæр. Йæ сыфтæртæ згъæлыдысты. Зæронд тæгæрæи йæ иу цонг галиуырдæм тæссармæ бафаста хохы фарс, тæрхæгау рон кæм фæцис, ууыл скъубал. Уыцы ронмæ уыдис æрмæстдæр галиуырдыгæй иунæг бацæуæн. Мыдхуыз уым нæ разынд. Фæсидон æм, зæгъгæ, куыд афæнд кодтон, афтæ мæ цуры фегуырди Осмæн. Бамбæрста мын мæ цыды сæр, йæ мидбылты бахудгæйæ, бафарста: — Нæ зыны? — Нæй. — Ам хъуамæ æввахс уа. Дысон уæлæ уыцы хохы ронмæ кастис,— загъта Осмæн æмæ æхситтæй фæсидтис йæ куыдзмæ. Æхситмæ куитæ срæйдтой нæ бынатæй. Рæйын райхъуысти хохы ронæй дæр. Мыдхуыз!.. Мах æй нæ уыдтам, йæхæдæг нæ, æвæццæгæн, уыдта. :22
— Уым ис. Цымæ кæуылты ссыдис уырдæм? Фæстæмæ цæуылнæ цæуы? Фæлæуу-ма, æз æм фалæты ссæуон! — Æмæ дæртты цæмæн зилыс! Мæнæ бæласыл сбыр,— хохы тигъмæ дзы цы цонг цæуы, ууыл бахиздзынæ! — баурæдта мæ Осмæн. Æз тыхамæлттæй схызтæн бæласы цонгыл хохы дагъмæ. Сабыргай бакастæн тæрхæгауы байбынмæ. Æмæ куыннæ ныддис кодтаин: Мыдхуызы фарсмæ хуыссыд чысыл бирæгъы лæппын, тарст цæстытæй мæм æнахуыр каст кодта. Йæхи нылхъывта. — Мæнæ диссаг, Осмæн, бирæгъы лæппыы ис йæ фарсмæ, — фæхъæр кодтон æз. Мæ хъæрмæ чысыл сырд фæгæпп ласта, хохы нарæг роны рындзыл лидзынмæ фæцис. Æхсынмæ йæ хъавыдтæн, фæлæ Осмæн фæфæдис: — Ма йæ фехс! Ма йæ фехс! Æз мæ хъыримаг æруагътон: ме ’мбал, æвæццæгæн, йæ куыдзæн фæтарст. Мыдхуыз æмæ бирæгъы лæппын уайтагъд фæаууон сты. Сæ размæ рындзырдæм фæцæйуади Осмæн дæр... Цалынмæ хохы тæрхæгæй фæстæмæ зæхмæ хызтæн, уæдмæ Осмæн бацыдис æмбæлтты цурмæ, йæ хъæбысы бахаста сырды лæппыны, йæ фарсмæ лæууыд Мыдхуыз дæр. Цуанæттæ цымыдисæй æрæмбырд сты. Сæ цурмæ бацыдтæн æз дæр. Осмæнмæ сæ къухтæ ивæзтой, бирæгъы лæппынмæ æвнæлдтой. — Фæлæуут-ма. Ныртæккæ йæ æрæвæрдзынæн, цымæ Мыдхуызæй искæдæм алидзид!.. Осмæн зæххы æрывæрдта бирæгъы лæппыны. Уый йæ мидбынат фæтъæпæн. Æнахуыр æнкъард æмæ тарстхуыз цæстытæй ахъахъхъæдта, ныхъхъус, цыма кæдæм алидза, уый агуырдта. — Искуыдæм ма акæнут ныр Мыдхуызы! Æз куыдзмæ фæсидтæн иуварсмæ. Уæд фæгæпп ласта бирæгъы лæппын æмæ Мыдхуызы фæдыл азгъордта. Иннæ куитæ дæр ыл амбырд сты, — куы йæм сæ иу, куы сæ иннæ басмуды. Бирæгъы лæппын Мыдхуызмæ йæхи ласта, уымæй фæхицаен нæ куымдта. Куыдзыл йæхæдæг дæр æнувыд уыди, æмгæрон æм никæй уагъта. — Кæм бадти, уый федтай? — афарста мæ Осмæн. — Федтон. — Æмæ дзы цы уыди? — Пакъуытæ, æндæр ницы, — дзуапп радтои æз. — Ау, мæргъты ахсын йæ бон уыдаид... — Уæдæ цæмæй хъуамæ цардаид? — Уый истæмæйты цардаид. Фæлæ, ардæм куыд æрæфтыДи, диссаг уый у! — Афтæ та фæйнæ-фæйнæ ныхасы кодтой 23
цуанæттæ. Чидæр дзы дзидзайы мур радта лæппынæн. Уый йæм дисгæпæгау бакасти, стæй зыдæй февнæлдта. — Мæнмæ уæдæ уыдæттæ уадиссаг нæ кæсынц, — загътон æз, — чи зоны, йæ мад махæй фæтарст, алыгъди, уый фынæйæ аззади. Кæд æй, миййаг, уæллаг цæгатæй дон раласта... Æз дис Мыдхуызыл кæнын. Цæмæй йæ ссардта, стæй кæрæдзиуыл куыд æнувыд сты?! — Уым та уæдæ æппындæр ницы ис диссагæй, — загъта Осмæн.— Куыдз æмæ бирæгъы лæппын тугхæстæг сты. Хион хионы зæрдæйæ æмбары. Стæй уыдонæй иу хъомыл у, иннæ чысыл, чысыл та кæддæриддæр рæвдауинаг вæййы. Уынут, ныр дæр куыд цæстуарзонæй кæсы Мыдхуыз йæ чысыл æмцегмæ!.. Мах не ’ппæтдæр ноджы лæмбынæгдæр æркастыстæм бирæгъы лæппынмæ: чысыл донгъуыз сырд ныр уыди æдас ран æмæ зыдæй хордта, цы йын лæвæрдтой, уыдон. Иу сахаты фæстæ нæ фысымуатæй араст стæм. Æз ме ’нгас дардтон сырды лæппынмæ. Уый цух нæ уагъта Мыдхуызы. Згъордта йæ фæдыл.
Иу зымæгон хъызт боны та, райсомæй изæрмæ цуан фæкæныны фæстæ, æз фæллад æмæ афтид къухæй цыдтæн нæ уæтæрмæ. Арв æмбæхст уыд сау мигъæй. Хуры цæст никуыцæй зынди. Сахат та мæм уæвгæ нæ уыд. Цы афон уыдаид, нæ зонын. Фæндагыл мыл куы æрталынг уа, уымæй тарстæн æмæ тындзыдтон нæ мусонгмæ. Мæ боны хæтæнтæй изæрæй нæхимæ афтид къухæй кæй цыдтæн, уымæй фæлмæст æмæ æнкъард уыдтæн. Хъæды арфæй, нæ мусонг кæм уыди, уыцы æрдузмæ куы рахызтæн, уæдмæ бон дзæбæх раирди. Мигътæ сæхи кæдæмдæрты айстой, æмæ бæлæсты астæуæй хуры фæстаг тынтæ дзæбæх æрбакастысты. Бынатмæ здæхынмæ ма æгæр раджы уыдис. Мæ зæрдæ ма æхсайдта æрдузгæрæттæм — ацуан ма, зæгъын, кæнон. Фæлæ мæ къæхтæ мæ быпы нал цыдысты. Æмæ мæ фæллад уадзынмæ æрдузгæрон иу калд бæласы цопгыл мæхи æруагътон. Изæрон хуры тынтæм ’æхсызгонæй тавтон мæ фæллад уæнгтæ, зæрдæ сæ рухс кодта. Мæ алывæрсты цырддзастæй 25
хъахъхъæдтон, цы нæ вæййы — сырд цуаноныл алкæм дæр æрбамбæлы. Мæ цуры иу хъæлдымæг цъиу пæррæстытæ кодта. Æз ын мæ хордзенæй кæрдзыны муртæ систон, акалдтон ын сæ. Цъиуæн йæ цъыбар-цъыбур ссыди. Йе ’мбæлттæ йæм фæйнæрдыгæй æртахтысты. Æмæ нартхоры кæрдзыны муртæ æмхуызонæй уыгътой. Сæ минасæй разы уыдысты. Æз сæм зæрдæдзæбæхæн мæ цæст дардтон, кæсынæй сæм не ’фсæстæн: цъиутæ дæр уарзынц кæрæдзи, уыдонмæ дæр ис лымæндзинад, — афтæ мæм дзырдта мæ зæрдæ. Уыцы сахат æвиппайды мæ цæстытыл цыдæр сырды мыггаг ахъазыд. Мæ хъыримагмæ фæлæбурдтон, фæгæпп ластон мæ бынатæй æмæ æрдузы иннæ кæрон стыр бæласы бынмæ ныккастæн. Цыма уым иу стыр бирæгъ холы хордта, иннæ бирæгътæ йæм фæрсырдыгæй кастысты, афтæ мæм зындысты. Ныхъхъавыдтæн сæм æмæ топпы гæрахæй Сау хъæды кæмттæ ныййазæлыдысты. Цы бæласы бынмæ ф.ехстон, уырдыгæй куиты рæйын куы сдыди, уæд мæ зæрдæ куыддæр ауазал. Нæ уæтæргæсты куитæ! Цыдæр холы хордтой бæласы бын. Кæд сæ искæй амардтон, зæгъгæ, хорзау нал фæдæн. Мæ хордзен, кæм бадтæн, уым фæуагътон, мæхæдæг сæ цурмæ ныууадтæн. Нæмыг куитæй никæуыл суади. Дисы куыннæ бацыдаин: фиййæутты стырдæр куыдз Хъуынтъыз хъуджы мардмæ дунейы куитæй æмгæрон никæй уагъта. Зыд каст æм кодтой, хæстæг бацæуын æм ничи уæн-. дыд. Иугыццыл сæ чи фæныфсджын вæййы, холымæ чи бацæуы, ууыл æваст Хъуынтъыз йæхи андзары æмæ йæ хъис ссæуы. Хъуынтъызы иууыл уæтæргæстæ дæр зыдтой: уый уыди цъæх, мигъæнгæс, хъуынтъыз, фыд-зонд, фыд-зæрдæ æмæ мæстыгæр. Никæуыл сахуыр, никуы никæуыл бацин кодта. Иæхи нæ фæнды, зæгъгæ, уæд йæ бынатæй ницыхуызы фезмæлыдаид. Йæ хицауы коммæ дæр дзæбæх нæ касти. Хосы мæкъуылыл куы схуыссыдаид, уæд-иу ын уырдыгæй атæрыны амал нал уыди. Йæ цæстытæ-иу ныдздзагъыр сты; йæ хæмхуттæ-иу æнахуыр зыр-зыр байдыдтой, йæ цыргъ æссыртæ-иу базыхъхъыр сты. Куитæ йын зыдтой йæ дæндæгты ахаст, тарстысты дзы, рызтысты дзы æмæ йæм бавналын нæ уæндыдысты. Æлдариуæг та кодта Хъуынтъыз ацы ран дæр. Æз ноджы хæстæгдæр бацыдтæн куиты цурмæ. Мæ маст рафыхтис: иунæгæй æнæхъæн холы йæ быны скодта, авдæй та йæм фæйнæрдыгæй кæсынц! Æз æй асурынвæнд скодтон. Фæлæ мæм Хъуынтъыз тугдзастæй разылд, йæ холыйæдзаг цыргъ æфсæртæ мæм 26
равдыста. Æфсæрмы нæ, фæлæ ма мыл йæхи ныццæвынмæ дæр хъавыди. Æз фæфæсмон кодтон, мæ хъыримаг мæ фæлладуадзæн бынаты кæй фæуагътон, ууыл. Нæ мæм фæци лæдзæг дæр. Фæстæмæ раздæхтæн. «Пыхсы иу хъил ракæнон, æмæ йæ уымæй расурон», — зæгъгæ, афæнд кодтон. Фæлæ æвиппайды иннæ куитæ сæхимидæг куыддæр базмæлыдысты. Сæ иу уыди миты хуызæн сæнтурс, иннæ — сатæгсау, къуда. Дыууæ куыдзы — бирæгъхуыз, хъулæттæ, къуырд хъустæ сын: иу мады лæппынтау æмхуызæттæ. Уыдон уыдысты цалдæр уæтæры куитæ. Холыйы тæфмæ æрæмбырд сты. Æгæр куы катай кодтой, уæд пыхсмæ хъил ракæнынмæ нал ацыдтæн, кæсыныл сæм фæдæн. Цыма цыдæр уынаффæтæ кодтой, сæ кæрæдзийы цыма æмбæрстой, афтæ мæм зынди. Цæмæдæр гæсгæ мæ цæстытыл ахъазыдысты, чысыл раздæр кæрдзыны муртæ цыч цъиутæн акалдтон, уыдон. Иу цъиу дзы иннæты хæрынмæ хуыдта, цъыбар-цъыбурæй сæм сидтис. Ам та иу куыдз — авды холымæ нæ уадзы... Æмæ мæнæ æваст къуда сау куыдз иннæтыл радыгай азылди. Ацинтæ сыл кодта, цыма сын исты дзырдта, цыдæр сын амыдта. Цыма йын йæ фæндон иннæтæ дæр бамбæрстой, уыйау йæ алыварс æрзылдысты. Хъуынтъыз йæ хæрын нæ ныууагъта, стæм хатт-иу йæ сæр разылдта, цыма гуырысхо фæци. Уалынмæ къорды астæуæй къуда куыдз стъæлфæгау фесхъиудта, йæхи уыцыиу скъæрд бакодта Хъуынтъызыл, йæ сынæгæй йæ ныццæвынмæ хъавыди, фæлæ уый йæхи фæтылиф ласта. Къуда æгæр размæ уад фæци. Хъуынтъыз æм чъылдымырдыгæй фæлæбурдта. Къуда фæстæмæ фæзылд. Сæ фæстæгтыл слæууыдысты æмæ фæныхæй-ныхмæ, фæхъуырæй-хъуырмæ сты. Холыхор йе ’стыр ссыртæй къудайы хурх ацахсынмæ хъавыд, фæлæ йæм уæдмæ фæлæбурдтой дыууæ урс куыдзы. Сæхи йыл бауагътой бирæгъхуызтæ дæр. Иæ хъустæ, йæ къабæзтæм ын лæбурдтой, фæйнæрдæм-иу æй аивæзтой. Нæ, къуда дæр афтæ æдых нæ разынд, йæхи састы бынаты нæ уагъта. Пуртиау фесхъиудта Хъуынтъызы бынæй æмæ йыл йæхи ныццавта. Иуахæмы Хъуынтъыз йæ быны фæци. Иннæ куитæ дæр уæд ныфсджындæрæй сæхи бакалдтой. Тояшнтæ йæ байдыдтой. Дыууæ урс куыдзы йын йæ фæстаг къабæзтыл фæхæст сты. Бирæгъхуызтæ та йæм разырдыгæй лæбурдтой, аныхъуырынмæ йæ хъавыдысты. Æз бирæ хæттыты федтон куитæ хылгæнгæ. Лæппу ма куы 27
уыдтæн, уæд-иу сæ кæрæдзиуыл дæр сардыдтон. Фæлæ уæды опг ахæм карз хыл никуыма федтон. Мæхи нал баурæдтон, бауадтæн сæм. Хъуынтъызы баиргъæвтон. Уый ма йæ къæхтыл тыххæй лæууыд, тугæрхæмттæ йæ бакодтой. Тæрсгæ-ризгæйæ, мæ къæхты бын æрхуыссыд. Иæ хъæдгæмттæ йе ’взагæй стæрдта. Æз куиты асырдтон, уый та мемæ мусонгмæ ахуыдтон. Фæстæмæ мæ дзаумæтты цурмæ æрбаздæхтæн. Хур йæ был фæцавта хохы фæстæ, йæ фæстаг тынтæ ма нывæзта бæлæстæ æмæ æрдузыл. Сырддонцъиуты бал ма ныр дæр мæ хордзены раз пæррæстытæ кодтой. Æз ма сын ноджыдæр акалдтон кæрдзыны муртæ. Уыдон сæ лымæнæй, хъæлдзæгæй уыгътой. Мæ хордзен ме ’фцæгыл æрæфтыдтон. Иу хатт ма ахъахъхъæдтон Хъуынтъызы. Фæлæ уый никуыцæйуал разынд.
Хурыскæсæн Сыбыры центр Иркутскмæ бахæццæ стæм сæумæрайсом. Мæ цæст ахастон горæтыл. Стыр агъуыстыты рудзгуыты æвгтæ хуры тынтæм мæнтæ калдтой. Мæ зæрдыл æвиппайды æрбалæууыд мæскуыйаг ацæргæ профессор, фыссæг Степан Петрович Днепровский. Уымæн æрæджы рацыд йæ чипыг: «Дæлвæзты æмæ хæхты». 1913 азæй нырмæ у партион. 1917—1919 азты цардис æмæ куыста Забайкалы, Читайы, стæй ам — Иркутскы дæр. Йæ чиныджы дæр равдыста уыцы рæстæджы хæсты цаутæ — Дард Хурыскæсæн æмæ Сыбыры горæтты. Мæнæп Мæскуыйы уыимæ мæ сæмбæлд тынгдæр уыдис Ирыстоны æхсарджын фырт Гетъоты Хаджи-Омары тыххæй. Уый Сыбырмæ хаст уыд революцийы агъоммæ. Уым тох кодта граждайнаг хæсты рæстæджы урсыты ныхмæ. Уыдоны къухæй фæмардис хъæбатырæй. Зындгонд кусæгыл нымад уыд. Кæд æй, зæгъып, миййаг, ацы профессор зыдта, иауæд æм, зæгъын, ме ’мбæстаджы цардыл чи дзуры, кæд исты ахæм æрмæг ис. Профессоримæ зæрдæбынæй фæныхас кодтам. Сыбырырдæм комаидировкæйы цæуын, уый куы базыдта, уæд мын адристæ радта. Иæ зонгæтæй кæмæдæрты фысгæ дæр ныккодта. Ныр ып йæ писмотæй иу систон, йæ адрисмæ йын æркастæн: «Иркутск, На29
бережная, 64, 4, Кирилова Зоя Иваповна». Мæ зæрдыл æрлæууыди зæронд профессоры фæдзæхст: «Тынг хорз адæймаг у Зоя Ивановна. Пенсийы ацыд. Йе ’фсымæр Иван уыди граждайнаг хæсты зындгонддæр комиссартæй иу. 1918 азы йæ атаман Семеновы бандæ амардтой. Иæ кæстæр æфсымæр Советон Цæдисы герой, хъæбатырæй фæмарди немыцаг фашистты къухæй. Хæрзконд, хæдæфсарм’ æфсымæртæ уыдысты! Ахæм у сæ хо Зоя йæхæдæг дæр. Æнæфенгæ-иу æй ма фæу. Хъуамæ дын исты æрмæг радта де ’мбæстаджы тыххæй». Зоя Ивановиа мыл бацин кодта рагон зонгæйау. — Фæллад уыдзынæ. Æфсæрмы ма кæн. Мах — сыбирæгтæ дæр кавказæгты хуызæн уазæгуарзон стæм... Тынг æхсызгон мын. у, мæ мæскуыйаг хæларимæ зонгæ кæй дæ, уый. Растзæрдæ адæймагу. Фыдæбонтæн у, бирæ йын бантысти... Фыссæн стъолыл мын мæ цуры æрæвæрдта ног газеттæ. Уым цавæрдæр къухфыстытæ машинкæйæ мыхуыргондæй æмæ бæзджын альбом бирæ алыхуызон къамтимæ. — Истæмæты уал æркæс. Мæнæ уый уыд мæ иу æфсымæр, уый та — иннæ.Æз ныртæккæ, мæ хур! — сылгоймагцæлгæнæнырдæм фæзылди... Æз къамтæм æркæстытæ кодтон. Сыбираг партизан æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты герой уæлдай аивдæр зындысты æнæхъæн альбомы. Сæ хо сæ иннæ къамты æхсæн уæлдай буцдæр дардта, стыр сæ систа. Сыстадтæн мæ бынатæй. Гом рудзынгæй мæ цæст ахастон диссаджы рæсугъд дон Ангарайыл. Сыбираг горæты æнувыд уырыссаг сылгоймаджы.хæдзар мæм хи хæдзарау фæкасти. Йæ хуымæтæг цæстæнгас, йæ зæрдæбын ныхæстæ мын мады хъарм æмæ сыгъдæг цинтау уыдысты. Афтæ мæм фæкаст, цыма ныртæккæ нæхимæ, Ирыстоны дæн. Мæнæ Хидгæрон уынг. Уæладзыгæй кæсын æнусон Теркмæ. Хъуысынц мæм йæ зарджытæ... Нæ фæлладуадзæн парк... Хинайæг сывæллæтты хъæлдзæг цъыбар-цъыбур... Æз улæфын хæххон сыгъдæг уæлдæф. Уадымс мын хъазы мæ халасдзагъд сæрыхъуынтæй... Рæсугъд у, тынг рæсугъд Ангара!.. Терчы хуызæн уазал. Рæсугъд æмæ аив — йы донбылтæ. Рæсугъд сты егъау æмæ райдзаст рагон горæт Иркутскæн йæ ног æмæ бæрзонд агъуыстытæ, уæрæх, парахат æмæ даргъ—йæ ног уынгтæ... Ацы горæты бынаты, Иркутскы сакъадахы чысыл уæтæргонды фыццагдæр цæрджытæ фæзындис 1652 азы. 1661 азы Ангарайы рахиз фарс уыцы уæтæры бæсты сарæзтой ахæстон. Ахæстоны бынат ныр бæрæг нал у. Ам ныр тæмæнтæ калы 30
сывæллæтты парк. Рудзынгæй мæм. дзæбæх зыны, кæсынæй йæм не ’фсæдын... Рудзынг ноджы тынгдæр айтыгътон, мæхæдæг стъолы цур бандоныл мæхи æруагътон. Газетыл мæ цæст ахастон. Стæй та фæкомкоммæ дæн машинкæйæ фыст гæххæтты сыфтæм. Фысты сæргопд мæхинымæр бакастæн: «Хойы мысинæгтæ»- Кæд не ’мбæлд, æнæ бафæрсгæйæ аив нæ уыд сæ райсын, уæддæр мæхи нал баурæдтон. Нал сæм фæлæууыдтæн. Кæсын сæ райдыдтон... 1919 аз. Сыбыр. Нерченск. Майы мæй. Рæсугъд уалдзыгон изæр. Æнцад у Тайга. Хур йæ ныгуылæны йæхи æххæстæй нæма æрæмбæхста. Йæ зæрин тынтæ ма фæлурсæй уафы. Мæргъты зарджытæ ма хатгай райхъуысынц хъæдæй. Урс бæрзыты сыфтæртæй, бурбын, даргъ æмæ лæгъз нæзыты хихтæй дзæбæх хъазы уадымс. Сæ сусæг сыбар-сыбур мын æнахуыр рыстæй агайы мæ зæрдæ... Уалдзæг адæймагæн цин æмæ ныфс æрхæссы, уæлдайдæр та мæ цахъхъæн чызгæн. Цæуы мыл æрмæстдæр стдæс азы. Фæлæ никæй уырны, уыйбæрц мыл цæуы, уый... Æртындæс-цыппæрдæс аздзыд мæ фæхонынц. Нæ фыд мæм мæ гыццыл чызг, зæгъгæ, фæдзуры. Ме ’фсымæр Иван та мæ хоны: мæ чысыл хо. Иу рухсы цъыртт мæ зæрдæмæ нæ кæсы. Мæ фыд æмæ ме ’фсымæр нæхимæ не ’сты: баба куыстагур ацыд Черновскы хæзнакъахæнтæм. Ваня — ахст у. Æз баззадтæн иунæгæй нанаимæ. Бирæ уарзын мæ фыдымады, мæ нанайы. Арæх мæ æрбакæны йæ хъæбысы. Чысылæй мæ буцхаст скодта... Фæлæ йын ныр æгæр тæрсын йæхъарджытæй. Иунæгæй аззад — йæ цæссыгтæй йæхи фехсы. Мæнæй сæ фембæхсы. Æз æй æмбарын: тæрсы исты уæззау хабар фехъусынæй. Кувы, цæмæй нæ стыр хуыцау бахиза фыдбылызæй. Æз.тынг æнхъæлмæ кæсын ме ’фсымæры фæзындмæ. Уырны мæ: хъæлдзæгæй иу ранмæ æрæмбырд уыдзысты нæ бинонтæ, хур та пыл ногæй ракæсдзæн. Фæлæ уæддæр тæрсын æз дæр фыдбылызæй. Ацы изæр мæ бæллицтæ куы фæмæнг уой, мæ фæндтæ мæ хъуыры куы фæбадой. Æмæ мæхинымæр дзурын, фæзмын æз дæр зæронды ныхæстæ: «О, дунейы фарп, бахиз нæ фыдбылызæй!». Нæ кæрты æвиппайды æрбалæууыд æнахуыр, æнæзонгæ лæппулæг. Нæ нын йæ мыггаг бацамыдта, нæ йæ ном. Æрмæст нын æнкъардæй бамбарын кодта: — Уæ лæппу — Иваны уын фæласынц Макковеевы стапцæмæ—æхсыны тæрхон кæмæн ис, уыцы большевикты комиссартимæ иу вагоны. Кæд ын уæ бон истæмæй феххуыс кæнын у... Сæхæдæг мын фæдзæхстой, цæмæй уын хабар фехъусын кæнон... — загъта æмæ ацыдис. Мæнæн мæ цæстытæ атартæ 31
сты. Нанайæн йæ уæрджытæ йæ быны нал цыдысты... Нæ фыдмæ фæцыдтæн фæдисы, иумæ фæхæццæ стæм Макковеевкæмæ. Вагзалы платформæты къух бакæнæн нæ уыд поездтæй. Уыдон хуыдтой «Смертникты вагæттæ». Урс бандæтæ ардæм æрластой, сæ къухмæ чи бахаудта, уыцы большевикты разамонджыты, партизанты. Ахæстыты хъахъхъæдтой атаман Семеновы бандиттæ. Хъахъхъæнджытæ уыдысты бæхджын æмæ •фистæг æфсæддонтæ, фæсарæйнæгтæ, сæ цуры цæттæйæ лæууыдысты броневиктæ... Вагзалы стыр залтæй иу йе ’дзаг бацис сылгоймæгтæй, æнахъом сывæллæттæй, марыны тæрхон хаст кæмæн æрцыдис, уыдоны хæстæджытæй. Уыцы адæмимæ баиу стæм мах дæр. Адæм фæйнæхуызы ныхас кæнынц: — Ардыгæй дарддæр сæ нал аласдзысты!.. — Абон сæ фехсдзысты!.. — Нæ! Райсом! — Бирæ æхца бафидын кæй бон у, уыдопы суæгъд кæндзысты. — Сусæгæй сæ æхсдзысты? — Нæ, адæм дæр сæм кæсдзысты. — Адæмы уымæй фæтæрсын кæнынмæ хъавынц. Утæппæт ныхæстæ хъæрзæгау хъуыстысты адæмы æхсæнæй. Иу ран къуымы бадтысты дыууæ сылгоймаджы. Сæ каст мæм скодтой. Цыма мæ зонынц. Цыма сæ мæхæдæг дæр кæмдæр федтон... Устытæй иу фестадис. Йæ уæрæх æрвхуыз цæстытæ адæмыл аивæй ахаста. (^тæй комкоммæ мæнмæ æрбацыд. Сусæгæй мæ афарста: — Дæуæн дæр де ’фсымæр ахст у, нæ? — О. — Ам иу лæппу æрдæбонсарæй цыма дæу агуры. Кæд истæмæй феххуыс кæнид!.. Æз сæ ныр фæхъуыды кодтоы, — зындгонд комиссартæ Балябин æмæ Богомяковы æфсинтæ сты... Ау, адоны бон дæр ницы у. Фæлæ устытæ сæхи нæ хъæр кæнынц. Урсытæ сæ куы базоной, уæд сæ сæ лæгтимæ иумæ фехсдзысты... Къуымы иогæй сæхи сæ дзаумæттыл æруагътой. Мæн дæр сæ цуры бадын кæнынц... Мæнæ мæ ф.ыд иу лæппуимæ æрбацыд. Иучысыл абадтысты къуымы. Лæппуйыл фæззыгон палто. — Уый мын брльшевикты комиссартæй иу балæвар кодта. Уыдонимæ ахст уыдтæн æз дæр. Фæлæ æз сраст дæн æмæ мæ рауагътой. Сæ разæй рацыдтæн, комиссар мын ме уæхскыл йæ къух авæрдта. Загъта: «Мах нал хъæуынц палтотæ. Нæ 32
хъысмæт лыг у... Куы ацæуай, уæд нын-иу нæ хæстæджытæй искæй фен... Хабар сын-иу зæгъ. Кæд сæ бон исты уа, уæд...» Ноджы ма нын бамбарын кодта уыцы лæппу, изæры, дам, ахæстытæй искæйты донхæссынмæ ракæндзысты станцæмæ. Уæ цæст, дам, сæм-иу фæдарут, кæд сæ хъахъхъæнджытæ цыфæнды карз сты, уæддæр уын сæ бон кæд исты зæгъын бауид... Лæппу ацыдис нæ цурæй. Мах сагъдауæй баззадыстæм... Æхца нæ никæмæ уыдис. Нæ фыд, мæгуыр, йæ хъæздыг хæстæджытæм ’бахатыдта, фæлæ уыдон не ’знæгты фарс уыдысты. Æниу нæм æхца куы уыдаид, уæддæр сæм æй раттын чи бауæндыдаид... Нæ фыд лæппуйы фæдыл сусæгæй тайгайырдæм ацыд. Мах уым ныууагъта. Уыцы æхсæв ныл тыхтæ-амæлттæй аивгъуыдта. Дыккаг бон мæ фыд фæстæмæ фæзынди фæллад æмæ хуыссæгхъуагæй. Балябины усы æмæ мæн кæуылдæрты бахуыдта, поезд кæм лæууыд, уырдæм. Рагъамад шпалæты фæстæ нæхи æрæмбæхстам. Кæуывдзаст æмæ æндзыгæй бирæ фæбадтыстæм. Æрæджиау бафиппайдтам, Балябины вагонæй куыд ракодтой, уый. Хъахъхъæнджытæ йæ алыварс æрзылдысты. Махмæ æрбаввахс сты. Чи зоны, кæд нæ ауыдта. Иæ къух ауыгъта. йæ ус йæхи нал баурæдта. Агæпп ласта. Æрдиаг кæнгæ йæм азгъордта. Стæй рельсытыл æрхаудта. Йæ дзыккутæ тыдта, йæхи хоста. Бæстæ хъæр æмæ æрдиаг сси: кæцæйдæр рагæппытæ кодтой афицертæ, салдæттæ. Топпытæ нæм фæдардтой. Сæ разæй нæ атардтой вагзалмæ. Мæ фыд йæ сæрыл сдзырдта, нæхи цæмæйдæрты сраст кодтам... О, уалдзыгон ирд бон уыд уæд. Фæлæ мæнмæ зымæгон хъызт бонæй уазалдæр касти. Дидинджытæ, бæлæстæ дæр мæм æрдæгмард æмæ фæлвых кастысты. Урс афицертæ æрратау фæйнæрдæм згъордтой. Цæуылдæр мæстæй мардысты. Сæ фылдæр уыдысты расыг, сæ сырх цæстытæ, сæ рæсыд цæсгæмттæ—æнæуынон. Вагæтты къултыл ауыгъд уыдысты мæлæтхæссæг эмблемæтæ: сæрыкъуыдыр æмæ стджытæ... Изæрырдæм станцæйы адæм сæхимидæг æнахуыр тарстхуызæй базмæлыдысты. Мæ хъустыл ауади хъадаманты зæлланг, хъæлæба. Мæнæ ракæнынц ахæстыты... Уыдонимæ ис ме ’фсымæр Ваня дæр, йе ’мбæлттæ дæр. Æз сæм хæстæгдæр бацыдтæн... Абон дæр ма мæ цæстытыл ауайынц сæ мæрдвæлурс цæсгæмттæ. Мæ зынаргъ æфсымæр! Æнæхудгæйæ мæм дзурын, кæсыы чи никуы зыдта. Мæхи Ваня!.. Ныр уымæн дæр йæ хуыз уыд æгъатыр, мæстæйдзаг æмæ ныфсхаст. Тагъдтагъд йæ цæст ахаста адæмыл... Агуырдта йæ фыд æмæ йæ хойы. , 3 Сагхъазæны 33
Федта нæ æви нæ, нæ зонын. Мæ цæстытæ донæй седзаг уыдысты. Дзæбæх ын нæ раиртæстон йæ цæстæигас. Æз фæкастæн мæ фыдмæ дæр. Æмбæрстон ын йе ’стыр хъыг, сау калм ын кæй æууылдта йæ зæрдæ: йæ хъæбул, йæ уарзон хъæбулы йын йæ цæсты раз фæкæнынц марынмæ!.. Ныр дадайы иоджы тынгдæр бауырндзæн йæ фырты, йæ кæстæрты рæстдзинад, цæй сæраппонд цæуы мæлæтмæ... Мæнмæ гæсгæ мæ фыды тыххæй уыцы сахат афтæ хъуыды кодта ме ’фсымæр йæхæдæг дæр... Хъæлдзæгхуыз æмæ рухс уыд Георги Богомаковы* цæсгом. Уый мидбылты худгæйæ, цыдæр дзырдта, цыдæр амыдта ме ’фсымæрæн, фæлæ йæм Ваня нæ хъуыста. Иучысыл ауыдтон Балябины цæсгом дæр. Уый цыди сæрбæрзондæй, размæ, дард кæдæмдæр касти... Марджытæ ахстадæмы тагъд-тагъд бакодтой броневикмæ. Уый фæрастис станцæйæ — хурыскæсæнырдæм. — Æхсынмæ сæ фæкæнынц. — Тугцъиртæ... — Æнаккаг лæгмартæ! — Нал, никуыуал сæ фендзыстæм,— мæ хъустыл уайынц адæмы кæуын хъæлæстæ. Хорз нал’хъуыды кæнын, дарддæр цы ’рцыдис, уый. Ныр дæр мæм, мæйдар æхсæвæй хъуысæгау, æрбайхъуысы хъадаманты уæззау зæлланг. Салдæттæ æмæ афицертæ адæмы схуыстытæгæнгæ фæстæмæ станцæмæ тæрынц... Мæнæй куыддæртæй фæхицæни мæ фыд. Чидæр мын рæвдауæгау æрхæцыд мæ къухыл, бахуыдта мæ вагзалы цур чысыл паркгондмæ, бандоныл мæ сбадын кодта. Цас рæстæг рацыдис? Минуттæ æви сахæттæ, нæ зонын. Цыма рæстæг йæ цæуынæй банцад... Мæ уарзон æфсымæр Ваня! Хæрз æрыгон ма уыд! Царды зындзинад æмæ фыдæбон йедтæмæ ницы федта. Цы хъуыды кодта уыцы уæззау сахат? Разы уыд йæ фæндагаэй? Кæй ном ма сдзырдта фæстаг хатт — йæ ныййарæг мады, йæг уарзон чызджы?.. Мæ тар хъуыдытæ æрбаскъуыдысты. Кæйдæр фæлмæн къухтæ мын адаудтой мæ сæрыхъуынтæ. Фæстæмæ азылдтæн. Уый уыд, дыууиссæдз азы кæуыл цыд, ахæм лæг. Иæ уæлæ — хæстон дарæс, æнæ исты нысантимæ. Йæ цæсгом ын нал хъуыды кæнын, фæлæ уырыссаг кæй нæ уыд, уый йæ ныхасæй базыдтон. Бафарста мæ: «Ды Кирилова Зоя нæ дæ?» О, зæгъгæ, мæ сæр батылдтон. Уый мын лæмбынæг радзырдта, ме ’фсымæр æмæ иннæ ахæстытæ йе ’мбæлттæ кæй уыдысты. * Балябин æмæ Богомаков уыдысты граждайнаг хæсты Сыбыры зындгонд партизантæй, Гетъоты Хаджи-Омары æмтохгæнджытæ. Уыдоны дæр фехстой урсытæ (автор). 34
Хæрзæрæджы дæр ма семæ кæй ныхас кодта. Бирæты дзы мæлæтæй кæй фервæзын кодта, иннæты туг кæй райсдзысты сæ марджытæй. «Ваня дæуæн фæдзæхета, цæмæй ды уæндопæй цардмæ дæ къах бавæрай1» Уыйфæстæ ма йæ ныхæстыл бафтыдта: «Не ’мбæлттæ, не ’фсымæртæ — революцийы хъæбатыр салдæттæ — сæ цард нывондæн æрхастой ног царды сæраппонд. Никуы сæ ферох кæндзыстæм! Ды та, нæ хо, фидар лæуу!» Фестадис. йæ сæрæй мын ныллæг акуывта. Ацыд. Уый фæстæ йæ никуал федтон. Мæ фыд мæ цурмæ æрбацыд... О, йæ сæр халас адардта! Иу бонмæ! Иу сахатмæ! Загъта: цом, Зоинькæ... Броневик фæстæмæ æрбаздæхт... марджытимæ... Уыцы бон ны^калдис нæ адæмы хуыздæрты туг... Уый хуымæтæджы нæ уыд. Абон нæ бæстыл хур кæсы, цард дзы æхсиды! Ам немæ сты нæ цытджын æфсымæрты сурæттæ дæр... # * * Хæдзары æфсин дзаг тæбæгътимæ æрбахызтис. Стъолыл сæ æрæвæрдта. Æз фефсæрмы дæн: — Бахатыр кæ, Зоя Ивановна! Кæд не ’мбæлд, уæддæр... Бакастæн дын дæ къухфыст... — Цæмæн зæгъыс. Ницы кæны... Æгайтма йæ бакастæ! — загъта уый, фенкъарддæр, ныуулæфыд æмæ ма йæ ныхæстыл бафтыдта,—кæд дын истæмæн фæпайда уыдзысты мæ мысинæгтæ, уæд табуафси. Ратдзынæн дын сæ. Зоныс, æрдæбонсарæй цæуыл хъуыды кæнын... Цымæ чи уыдаид уыцы лæг?.. Хæстон дарæсджын?.. Фæлмæн ныхæстæй мын зæрдæтæ чи бавæрдта?.. Кæд, зæгъын, де ’мбæстаг... кæмæй мæ фæрсынмæ хъавыдтæ, уый уыди? Ам куы куыста... Хаджи-Омарæй, зæгъын... Мæ фысымы уыцы ныхæстæй мæ зæрдæ куыддæр стæлфыд. Ног хъуыдытыл мæ бафтыдта.
Æгъдауджын, хæлар зæрдæйы хицау æмæ адæмуарзонæй зыдтой чысыл хæххон хъæуы цæрджытæ Тохтиаты Аттойы. Æнæмаст, æнæ уæлдай ныхас. Бахъуаджы сахат дын йæ уд дæр нæ бавгъау кодтаид. Æмæ йын адæм дæр æвзæр нæ уыдысты, уарзтой йæ, хионы зæрдæ йæм дардтой. Уæддæр, кæрцæй хæдон хæстæгдæр у, зæгъгæ, Атто уæлдай æнувыддæр уыдис йæ хæстæджытæ, йе ’рвадæлтæ, йæ мыггагыл. Суанг ма дзы дард быдыры хъæуты чи цардис, уыдон дæр рох нæ уыдысты. Æмæ-иу арæх йæ бинонтæн афтæ загъта: — Æнæ хæстæг, æнæ къабаз хуыцау адæймаджы макуы скæнæд. Æнæ базыртæ маргъæн тæхæн нæй, мæ хуртæ. Уыцы 36
æмбисонд нын фыдæлтæй баззад æмæ йæ- зæрдыл дарын хъæуы. Æмæ иуахæмы... Иуæй-иутæ куыд дзурынц, афтæмæй уыцы хабар æрцыдис колхозтæ саразыны агъоммæ. Аттойæн йæхимæ, стæй йæ бинонтæм та афтæ кæсы, цыма уыцы хъуыддагыл бынтон æрæджы цыдис ныхас сæ хæдзары... уæвгæ, цы уæлдай у — кæдфæнды æрцæуæд, уæддæр уыди... Цыбырныхасæй, иуахæмы Аттойы зæрды æрæфтыд сæ быдираг æрвадæлтæй иуы бабæрæг кæнын. Афтид къухæй кæм ацыдаид æмæ хæххон хъæбæрхорæй сау бæгæны бахсыста, кусæрттаг, чъирийæ-æндæрæй — æцæг ирон хуын сарæзта. Райсом ацæудзæни, зæгъгæ, уыцы æхсæв йæ сыхæгты æрхуыдта: «Иумæ абадæм, фæндараст мын зæгъут». Гаджидаутæ дзы куыд нæ уыдаид! Хорз арфæтæ йын фæкодтой. Сæумæрайсом дæр ма сæм чидæртæ бауадис. Бæхыл ын саргъ бавæрдтой, хæргæфсыл — уæргътæ æмæ йын фæндараст загътой. Нæ дзурдзыстæм, хохæй быдырмæ дард фæндагыл цал æмæ цал бæлццоны сæмбæлдис Аттойыл, цалæн дзы загъта уæздан ныхас йæ фæндаггагæй. Аттойæн рагагъоммæ йæ цæстытыл уадысты йæ хъæздыг хæстæджытæ: сæ бацæуæнтæ, сæ кæрт, сæ хæдзар. Куыд цинтæ йыл кæндзысты, куыд æхсызгон сын уыдзæн йæ фенд. Хъуамæ йын хорз салам раттой. Бирæ арфæтæ йын æрбарвитдзысты йæ бинонтæ æмæ ма суанг йæ хъæубæстæн дæр... * * * Фæлæ, æвæдза, цард уæддæр куыд хъулон у! Хаттæй-хатт уый адæймагмæ йæ зыгъуыммæ кæрц фелвасы. Йæ сыгъдæг фæндтæ йæ хъуыры фæбадынц... Хъæддых æм куы нæ фæлæууай — уазал ихы цæмы дын цыппардзæн æнæнхъæлæджы дæ хъарм æмæ фæлмæн зæрдæ... Цы рæсугъд, фидар æууæнк дæм уыдис, зынаргъ дæм цы каст, уыдон дын фæмæнг уыдзысты... Кæлæддзагæй дæ цуры фестдзысты дæ амад мæсгуытæ... Афтæ ауазали æвиппайды нæ хæххон бæлццон Аттойьг зæрдæ дæр. Ау, уый та куыд!? Иæ бæллицтæ афтæ мæнгæфсон уыдысты?! Нæ! Нæ! Уымæн уæвæн нæй! Иæ хъустæ йæ фæсайдтой, æвæццæгæн!.. Фæсайдтой? Нæ! Нæ! Кæд æрыгон нал у, уæддæр ма хъусæй, цæстæй дзæбæх у. Йе ’рвадæлты кæртæй йæм хъуысы æнахуыр дæрзæг ныхæстæ. Атто йæ бæхæй æрхызти, бæхбæттæныл æй абаста. Дуары хуынкъæй аивæй бакасти. Цæлгæнæны федта хæдзары хицауы. Ехсæй дуар бахоста. Ус рацæйуади, æвæццæгæн, дуар гом кæнынмæ. Фæлæ йæ лæг фæурæдта, загъды бын æй 37
фæкодта: «Чц у! Дуæртты сæттын уымæ кæсы, æви! Ам нæ дæн ын зæгъ!» Ус уæддæр нæ фæлæууыд, хуынкъæй ракастис, федта хæргæфсы æд уаргъ. Чидæриддæр у — афтид къухæй сæм не ’рбацыд! Фездæхти йæ моймæ, цæмæйдæр æй фæрсы. Ныхæстæ æрдæгдзæфæй уайынц уазæджы хъустыл: — Нæ лæг! Уазджытæ!.. Хохæй!.. — Гъомæ сыл судзгæ мæрдтæ æрцæуæд!.. — С-сс... Не ’рвадæлтæй у, æнхъæлдæн!.. — Æнæбайрайгæ сæ скæн ме ’рвадæлтæй! Гъе уыцы ныхæстæ ныххаудтой ихы къæрттау Аттойы зæрдæйы. Уый кæсгæйæ баззади йæ хæргæфсмæ. Мæгуыр хайуан уæззау уæргъты бын тыхулæфт кодта, куы йæ иу къах фæтасы йæ быны, куы иннæ. Аздæхид фæстæмæ, фæлæ хуын фæстæмæ куыд ахæсса йæ фысымты дуарæй?.. Уазæг аджих, басабыр сты мидæгæй дæр. Нал та фæлæууыд Атто, бахоста, стæй байхъуыста: — Цæй, байгом ын кæнон... — дзуры та ус! — Нæ хæстæджытæ сты дын зæгъын!.. Хуын сæм ис, хуын! Гукк! — Хуын зæгъыс? — Уæдæ! Хæргæфсыл ахæм уæргътæ ис, ахæм лалым!.. — Лалым зæгъыс! Тагъддæр!.. Æдылы къоппа, дуар бакæ! Худинаг у. Кæдæй лæууынц!..—лæг усы разæй фæци. Уазæгыл ныццинтæ кодтой. Хæдзары хицау йæ лæппутæм фæдзырдта: — Марадзут, мачи уæ баззайа, хайуан тæригъæд у! Иæ уæргътæ йын1 арæхстгай æрисут!.. — О, о! Арæхстгай,— загъта Атто.— Бирæ хорздзинæдтæ кæй бон у, фæлæ, зæгъын, не ’рвадæлты иу хатт бабæрæг кæнон... — Уæдæ! Уæдæ! Бузныг, Атто, иу туг, иу стæг кæй стæм, уый нæ рох кæнын нæ хъæуы! Бузныг! Æниу сæ цæмæн хастай! Æнæ уый дæр кæрæдзиуыл сек нæ хæссæм. Арфæтæ йын кодтой. Зæрдæлхæнæн ныхæстæ сарæх сты. Цæмæй зыдтой, Аттойы зæрдæ кæй уыдис уазал æмæ æрхæндæг, тагъддæр æй алидзын кæй фæндыд сæ разæй... * * * Абон дæр ма Атто арæх ракæны йæ хуыздæр лымæнтæй бирæтæн йæ хуынхасты хабар. Йæхæдæг дæр уыдон æмхуызон фæхуды æмæ фæзæгъы: — Афтæ мæ ма бамбарут, æмæ мæ хардзыл фæсмон кæнын. Нæ! Мулк ницы у, зæгъгæ, нæ зæгъын. Фæлæ уæддæр æз 38
кад æмæ амонд ууыл никуы сбæтдзынæн! Хъыг мын æндæр хъуыддаг уыд!.. Æмæ та дæрдтыл ахæссы йæ ныхас Атто. Æмбæлттæ йæ æнæуый дæр фембарынцæмæ йæ иуахæмы сæиу хъазгæйæ бафарста: — Дæ маст дын æмбарæм, Атто, фæла. уæд йед та... æнæ базыртæ маргъы хабар та? Уый ныр искæдæм атæхдзæн? Атто йæ мидбылты бахудти æмæ дзуапп радта: — Нæ, мæ хур, æнæ базыртæ маргъæн атæхæн нæй. Фæлæ уый ныр æз æндæр хуызы æмбарын: лæгæн йæ базыртæ, йæ къабæзтæ канд йæ хæстæджытæ æмæ йе ’фсымæртæ не ’сты — адæм се ’ппæт дæр; чи йæ фæуарзы, кæй уарзы, хорзæй кæй фæнымайы, æмæ йæ чи фæнымайы!.. Уарзон æмæ хæларæй кæимæ цæрай, уыдон дын туг хæстæг, æфсымæр дæр æмæ лымæн дæр.
1 Йæ фыды ном, йæ мыггагæй йæм арæх нæ дзырдтой. Хуыдтой йæ Верæ. Ацæргæ сылгоймагмæ уый хъыг ницæмæй касти. Хæд-зонд, хæрзæгъдау, фæлмæизæрдæ Верæ. Цы адæмы ’хсæн куыста, уыдонæй се ’гасæй дæр хистæр уыд. Хи хъæбулты хуызæн æм кастысты. Хистæрæй кæстæры онг дзы кæстæриуæг кæмæн нæ бакодта. Уый куыста ахуыр-иртасæг институты æфснайæгæй. Верæ маст никуы никæмæн скодта, искæй зын, искæй зиан æй никуы бафæндыдаид, тызмæг ныхас никуы никæмæн загъта. Иæ удыхъæды цы хорз миниуджытæ уыдис, уыдонæн сæ фылдæры æнæмæнг æрдзæй рахаста, иннæты та царды гуыргъахъхъ фæндагыл цæугæйæ фембырд кодта. 40
Къæсхуыртæ арæзт, фæллойуарзаг, хъæлдзæг, хъазаг сылгоймаг ардæм, кавказаг горæтмæ, куыстагур кæд æмæ кæцæй æрбахауд, уыдæттæ ныр дзæбæх ничиуал хъуыды кæны. Раджы уыд уый. Уæдæй нырмæ дыууиссæдз азæй фылдæр цæуы. Уæд ма Верæ йæ тæккæ хъаруйыл уыд. Йæ тыхст æмæ йæ зыны сахат æнæхъуаджы хъынцъым никуы зыдта. Никуы фæцудыдта, йæ ныфс никуы асаст. Æмæ йæ мой Адот’Ивановичæп дæр æфсæп цæджындзау фидар æнцой уыд. «Лæг æмæ ус фæрæтхъæдæй барст сты», — фæзæгъынц. Фæлæ Верæ æмæ Адот Ивановичмæ уыйас æмхуызонæй ницы уыд. Лæг чысыл ницæуыл дæр тыхсаг уыди. Алцæуылдæр фаутæ æвæрдта. Иæ цардæй-иу хъаст кæныныл куы фæци, уæд ын-иу банцайæн нал уыди, куы та-иу æгас бон уддзæф йæ дзыхæй нал схауд, адæмæй йæхи иуварс ластаид, зулмæиу сæм,кастаид. Нозтыл дæр-иу фæци... Мидхæсты рæстæг Адот Иванович уыди хуымæтæджы салдат. Чысыл æм ахуыргонддзинад уыд, уæддæр æфсæддон цинмæ нæ бабæллыд. Суанг кæронмæ хæсты фæци. Уырдыгæй рацыд фæллад æмæ æрхæндæгæй, йæ хæдзар нал æрæййæфта. Сæ хъæу карз хæсты басыгъд. Фыццаг æххормаг аз. Цы фæуыдаиккой? Æмæ йæ йæ къай, Верæ, Кавказмæ ацæуыныл сразы кодта. «Кæдæм?..» «Цæмæн?..» «Цы дзы агурæм?!» «Чи нын цы ратдзæн?» — йæ къухтæ-иу сцагъта Адот. Фæлæ йæ ус нæ ныууагъта. Сæ чысыл лæппу семæ, афтæмæй ссыдысты ацы горæтмæ. Уыдонæн — се ’ссыд, ног институтæи — йæ байгом. Уырдæм сæ райстой куыстмæ: Адот Ивановичы — комендатæй, Верæйы та — æфснайæгæй. Институты кæрты сын пъадвалгонды иу уат радтой. Кусын райдыдтой, хъомыл кодта сæ фырт дæр. Бирæ азтæ рацыдис уæдæй нырмæ. Цал æмæ цал хицауы уыдис сæ рæстæджы ацы институтæн! Базæронд сты, ам райдианты чи ахуыр кодта, уыцы аспиранттæ. Чи дзы доцент сси, чи профессор, сæ сæртæ фæхалас сты, сæ æфснайæгæй фæхистæрхуыз сты. Раджы амардис Адот Иванович, Фæкардзыд сæ лæппу дæр. Ус æрхаста. Ацыд ацы горæтæй. Нал æй хъæуы мады æххуыс. Уый хъуаг нæу мад йæхæдæг дæр. Иæ куыст нæма ныууагъта. Стæй ма йын уый уæлæмхасæн иучысыл пенси дæр фидынц. Ахуыр-иртасæг институт стыр нæу, бирæ адæм дзы нæ кусы. Æмæ Верæ кусджытæн тынг хорз зоны сæ биионты дæр. Æмæ дзы искуы искæмæ куы бауайы, уæд дзы алкæмæдæр йæ номæй фæдзуры, уæлдайдар та сывæллæтты фæрæвдауы 41
йæ хъæлдзæг фæлмæн ныхасæй. Гъемæ йын йæхиуыл дæр æнувыд сты. Уымæ афтæ касти, цыма сæ коллектив иу хæдзары бинонтæ сты. Йæхи иунæг нæ хуыдта, кæддæриддæр уыцы иухуызы худæндзаст уыд, цавæрдæр æхсызгондзинад ардта æмæ уыдта адæмы фемд æмæ иудзинады. 2 Фæлæ иубон æвиппайды Верæйы зæрдæ æнахуыр уазал рыст скодта. Иæ риу куыддæр æрбахгæдта, æрбауынгæг. Хъуырмæ схæццæ йæ кæуындзæг. Мæ цæссыгтæ куы фемæхсой, зæгъгæ, сæхимæ бауади. Йæхиуыл дзæбæх дæр нæма æууæндыд, нæ йæ уырныдта. Чысыл раздæр директоры кабинетмæ цæйдæр тыххæй бауайынмæ хъавыд æмæ йæ хъустыл æрцыди: — Верæйæн мацы ма зæгъут. Куыд нæ йæ бамбара, афтæ! Кусын дæр ын мауал бакæнут, цалынмæ йæ хъуыддаг бæрæггонд не ’рцæуа... Дæхæдæг фæкæс номхыгъдмæ дæр, чи цы зæгъынмæ хъавы... кæмæ цы фæнд ис... Верæйы тыххæй сын нæ уынаффæ бамбарын кæн!.. Уыцы ныхæстæ директор дзырдта йæ секретарь-машинисткæ Тамара Андреевнæйæн. Цæмæн, цæй тыххæй сæм рауадысты уыцы ныхæстæ? Абон уæлдай раздæр цæмæн æрбацыдысты сæ куыстмæ? Уыцы хуызы йын цæмæн ракодтой йæ кой? Скатай сылгоймаг. Куыд хъуамæ дара ныр йæхи?.. Кæдæмдæрты цыдæр гæххæттытæ ахæссын куы хъуыди... Кабинеттæй дæр ма йын цалдæр æрдæгæфснайдæй куы аззадис!.. Рахызтис йæ уатæй Верæ. Кæсы, æмæ Тамарæ гæххæттытимæ архайы. Верæ йын салам радта. Цæмæйдæр æй афæрсинаг уыд, фæлæ йæ уый хиндзаст æмæ гæдывадæй æндæр ныхæстыл фæкодта. — Æз мæхæдæг афснайдзынæн, Верæ. Дæуæн ацы бонты уыйбæрц æхсызгон куыстагæй ницы ис... Кæд дæ фæнды — горæты атезгъо кæн, дæ фæллад суадз. Науæд дæ зонгæтæй искæй абæрæг кæн!.. — Æмæ гæххæттытæ та? Ахæссын сæ нал хъæуы? Знон сын абонмæ куы æмгъуыд кодтай? — Нæ, нæ! Мæхæдæг сæ фæхæццæ кæндзынæн!.. Ныссагъæс кодта Верæ. Уый исты куы нæ куса, куы ницы архайа, уæд нæ зоны! Катайты хай баци: «Цы дзы сусæг кæнынц? Æргомæй йын цæуылнæ зæгъынц йæ аххос?» Бафæрсын æй фæндыд, фæлæ йæ ныхæстæ дзыхæй уæлæмæ иæ хаудысты. Кæй фенкъарди, уый, æнхъæлдæн, Тамарæ фиппайгæ дæр нæ бакодта... 42
Аивгъуыдта иу бон, дыккаг, æртыккаг... Тамарæ, раст цыма Верæйæн исты фыддæрадæн ми кодта, уыйау-иу æхсæвыцæстæй йæ куысты балæууыд. Бафснайдта-иу уæттæ. Искæдæм æрвитын цы гæххæттытæ хъуыдис, уыдон дæр йæхæдæг хаста. Цавæрдæр номхыгъд сарæзтой, бухгалтермæ йæ раттой. Мызд исæн рæстæг куы æрцыдис, уæд æй Тамарæ йæхимæ райста. Æркасти-иу æм. Куы-иу иуимæ, куы иннæимæ сусæгæй цыдæртæ адзырдта. Архайдта, цæмæй йæ Верæ ма фехъуса, мацы бамбара. Фæлæ Верæ æмбæрста, цыдæр дзы кæй æмбæхсынц, сусæгæй цыдæртæ кæй аразынц. Чи зоны, тагъд хъуамæ сбæрæг уа сæ сусæгдзинад. Директор зæгъдзæн, Верæ цæмæй фæаххосджын, уый, æмæ йын рахæсдзысты исты тæрхои. Фæлæ кæд? Цæуылнæ йын равзарынц тагъддæр йæ хъуыддаг?.. Ныссаджилтæ ис Верæйы зæрдæ. Уæддæр æнцад, æпæмастхуызæй æвдыста йæхи йе ’мгусджыты раз. 3 Æмæ мæнæ уыцы бон ралæууыд. Институты стыр залмæ сæ кусджытæ фыццаг хатт æрæмбырд сты, Верæ сын нæ фехъусын кодта, афтæмæй. Уымæ та, мæгуыр, афтæ касти, цыма æнæ уый хуындæй ардæм никуы ничи æрцæудзæн... Нырма сæм акæс! Иууылдæр сæ бæрæгбоны дарæсы. Хъæлдзæгхуыз. Цæуынц æмæ цæуынц. Залы чидæр пианинæйæ цæгъды. Рæсугъд мелодийы зæлтæ азæлынц... Уыдон куы банцайынц, уæд та айхъуысы ирон зарæггæнæджы хъæлæс. Цалдæрæй йын дзæбæх бахъырнынц. Стъолыл бирæ дидинджыты бæстытæ. Хæрд æмæ нозт. Мæнæ кæйдæр хъæлдзæг ныхæстæ хъуысынц уæладзыгæй бынмæ — Верæйы цæрæн бынатмæ: — Æмæ аххосджын йæхæдæг кæм ис!.. Кæм ис Верæ? Цæуылнæ йæ ракæнут?.. Ныууад æм Тамарæ, йæ фæдыл ма æндæр чидæртæ. Йæ ног дарæстæ йыл акодтой. Сæ уæлныхты йæ рахастой. Адæм .лæугæйæ къухæмдзæгъд сарæзтой. Цины хъæлæбайæ байдзаг зал...Стæй сбадтысты, сбадтис Верæ йæхæдæг дæр. — Æмбæлттæ! — загъта институты директор, урссæр, ацæргæ хæрзконд лæг. — Абон махæн нæ цины бонтæй иу у. Не ’ппæтæн мады хуызæн, уарзон хойы хуызæн чи у, бирæ азты дæргъы не ’хсæн чи кусы, бирæтæ нæ кæй къухы схъомыл сты, уый бæрæгбоны фæдыл æрæмбырд стæм! Верæйы райгуырæн бон у... йæхицæй, чи зоны, рох дæр æрбаци. Фæлæ мах афтæ бафæндыди: цæй, æмæ, зæгъгæ, нæ зынаргъ Верæйæн йæ райгуырæн бон уæддæр исты салам радтæм. Зæрдæйы фæндиаг хъуыддæгтæ йын нæ сараздзыстæм, — зæрдæ43
бынæй йын арфæ кæнæм... Сидт уадзæм йæ цæрæнбоны тыххæй... Адæм та хъæлдзæгæй базмæлыдысты. Алчи йæ дзæбæх иыхасы кой кодта. Верæ куыддæр ныфсæрмдзаст. Фæлурс рустæ рæсугъд сырх сæрттывтой. Уый ныр бамбæрста æппæт дæр, агуырдта арфæйы стырдæр ныхæстæ. Фæлæ сæ нæ ардта. Уæддæр æй цавæрдæр ципы уылæы хæрдмæ иста йе ’мбæлтты æхсæн æмæ ма æрмæстдæр разыйæ мидбылты худти. Уый уыд йæ царды амондджындæр æмæ рæсугъддæр> бонтæй иу...
1 Ног азмæ ма цалдæр боны уыд, афтæ иу райсом колхозы фосы дохтыр Алыматы Габола йæ ус Госæдамæ фæдзырдта: — Усай, хурæй раздæр лæг йæ сыхаджы фены. Фехъуыстай ахæм æмбисонд? — Фехъуыстон бирæ хæттыты дæхицæй. — Бæлас куы акæлы, уæд йæ сыхагыл банцайы, уый дæр уæдæ зондзынæ? — Зонын... — Æгайтма сæ зоныс. Ныр дзæбæх æрбайхъус. Ног аз æрбалæууы. — Хорзæй ныл æрбацæуæд! — Хорзæй цæуы, не ’фсин. Гъемæ ногбоны æхсæв нæ дзæбæх сыхæгтимæ хъуамæ махмæ абадæм. Иумæ фæцин кæнæм. Бавдæл æмæ дæ хъарутыл ма бацауæрд. Сыхæгтæн раздæр бамбарын кæн: Габолайы, зæгъ, афтæ фæнды æмæ сæ уый фæстæ «нæ фехъуыстон» куыд ничи зæгъа... — Хорз. Æрмæст та-иу дæхæдæг дæ хæдзармæ ма байрæджы кæн. — Уый фендзыстæм. Нырма уæдмæ бирæ рæстæг ис,— загъта Габола æмæ йæ куыстмæ ацыдис. Госæда та йæ дзæбæх зæрдæйыл уыди, йæ фæстæ кæсгæйæ баззадис. 2 Иуæй-иу адæмтæ сæ цардæн аргъ кæнын нæ фæзонынц. Царв æмæ сæ мыдæй хæсс, паплинтæ сын уæлæдарæсæн дар, уæддæр царды ад нæ фембарынц. Никуы ницæмæй бафсæды сæ цæст, 45
мулк-мулкгæнгæ амæлынц. Никуы рачындæуы сæ хорзы кой, ницы ныууадзынц сæ фæстæ раппæлинагæй. Нæ, ахæмтимæ иумæйагæй ницы уыдис Алыматы бинонтæн. — Дæуæн циу, Алыматы Габолайы хуызæн сыхаг кæмæн ис! Дæ цин, дæ зианы боны — де ’стыр æнцой, дæ мæсыг. Ахæм сыхагæн æз мæ дæндагæй цырагъ дарин... Ахæм ныхæстæ-иу арæх фехъуыстой Габолайы сыхæгтæ сæ хъæуккæгтæй. Ныхæстæ-иу æрцыдысты Госæдайы хъустыл æмæ-иу йæ мойæ тынг сæрыстыр уыд... Госæда йæ цæстæнгас ахаста сæ хæдзар, се ’стыр цæлгæнæны къуымтыл. Ацы рæстæджы та ма хæдзары дзаума хъуаг чи у. Хуыцауæй бузныг, æнæнизæй куы цæриккой йæ хъæбултæ, нæ лæг кæй уарзы æмæ йæ чи уарзы, уыдон се ’ппæт дæр. Алыхуызон авджын рæсугъд вазæтæ, тæбæгътæ, агуывзæтæ, графинтæ, цинкæ къустæ,— айдагъ каструлкæтæ сæм цал хуызы ис: стыртæ, рæстæмбистæ, къаддæртæ, — Госæда сæ ног æхсадæй тæрхæгыл куы рарæнхъ кæны, уæд дзуджы хуызæн вæййынц. Æмæ æцæгдæр, уыдон фыстæ, далыстæ æмæ уæрыччытæ куы фестиккой, уæд Габолайы фиййау æххуырсын бахъæуид... Ноджыма хæрзæрæджы Габола дæс æмæ ссæдз туманæй балхæдта æвзистдоны тылд сервиз. Раст сæ дæ хъуыры æгънæджытæн бакæнис, ахæм диссаджы рæсугъд цайцымæнтæ, цайдан, сæкæрдон, мыд кæм æрæвæрай, ахæм. Чысыл, хæрзчысыл ахуыргонддзинад уыдис колхозы фосы дохтыр Алыматы Габоламæ. Революци йæ гъæйтт, зæгъгæ, лæгæй æрæййæфта. Уый размæ йын скъолайы бакæсыны фадат нæ фæци. Фæстæдæр та æгæр фæкарджын, стæй йæ хæдзар дарын хъуыдис. Къухæй дæсны. Сæ хъæуы Габолайы къухæй амад агуыридур хæдзарæй рæсугъддæр нæ разындаид. Фæрæт, хырх, лæгъзгæнæн аивдæр никæй къухты сфидыдтаиккой. Бидаркæйæн цы хъæуы, — цалхы дæндæгтæй райдай æмæ гуыффæ, рæтæнæгъдты онг, — уыдон-иу йæхи къухæй скодта. Бæх-иу дзы куы баифтыгътой, уæд æм-иу адæм кæд кæсгæйæ нæ баззадысты. Горæты иу аз сахуыр кодта æмæ райдыдта колхозы фосы дохтырæй кусын. Колхозы правлени йын хъæугæрон иу æвзæргомау къуындæг агъуыст радта. Æмæ уыцы къанторы дуарæй чи нæ бакастаид! Габоламæ-иу цал æмæ цал курдиатимæ æрбацыдысты! Афон нæ зыдтой. Хи хæдзары къæсæрыл хизæгау-иу бахызтысты... Æмæ Габола фæллад нæ зыдта, æфсон никуы скодта. 46
Уæд сæ хъæуы электрон рухс нæма уыд. Фосы дохтыр-иу кæддæриддæр йемæхаста æхгæд фанар. Уый йын рухс кодта йæ фæндаг. Кæм-иу нæ балæууыд!.. Æмæ-иу зымæгон уазал даргъ æхсæвты стыр хъæуы уынгты цырагъимæ исчи куы фæцæйцыд, уæд-иу æй Габола фæхуыдтой. Чи йæ агуырдта, уый-иу æй ссардта. Бирæ æхсæвты-иу ын сæ хæдзары рудзынгæй йæ цырагъы рухс хъахъхъæдта йæ фыццаг ус Залихан дæр. Кæм цы ми кодта, уыдæттæ йын уый æипæтæй дæр хуыздæр зыдта. Йæ фанары рухс ыи иртæста иннæ рухсыты ’хсæн дæр. Иæ ’рбацыдмæ йын-иу хъарм дон цæттæ дардта, уазал хæринаджы æвджид æй никуы бауагъта. Афтæ дæр-иу рауадис: Габола-иу æнафоны фæлладæй æрбацыдис йæ куыстæй. Ус-иу йæ размæ рауад, йæ цырагъ-иу нæма æрæвæрдтаид, афтæ йын-иу хъуамæ загътаид: — Нæ лæг, мæ хæдзар, дæлæ Фаризæты хъуг цыдæр кæны. Ууыл ын исты куы ’рцæуа, уæд ма, мæгуыр, цæмæй цæрдзысты. Сывæллæттæ æнæ урсагæй баззайдзысты. Цалдæр хатты дæм æрбацыд... Æмæ-иу Габола фæраст ис. Райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Габолайæн уæдмæ йæ сæр фæхалас. Ацыдис уырдæм. Йæ кармæ гæсгæ бахаудта кусæг батальонмæ. Арвыстой йæ Каспийы денджызы фæстæмæ эвакуацигонд чи æрцыдис, ахæм хæстон заводмæ. Хæдзары баззадысты йæ ус Залихан æмæ йæ дыууæ чызджы. Дыууæ азы æмæ æрдæг Габола фæци заводы, уый фæстæ йæ арвыстой цавæрдæр хæстон медицинон курсытæм. Уыдоны каст куы фæцис, уæд кусын райдыдта Астæуыккаг Азийы госпитæлтæй иуы санитарæй. Хæст йæ кæроимæ фæцæйхæццæ кодта. Габолайы сæ хæдзармæ арвитынмæ хъавыдысты. Иу райсом йе ’мгусджытæ бафиппайдтой уымæн йæ сусæг цæссыгтæ. Уыдон базыдтой, ууыл кæй сæмбæлдис æбуалгъ хабар —йæ уарзон къай Залиханы фæзиан. Æмæ йын йе ’стыр зианыл тынг фæхъыг кодтой... Сæ фыды ссыдмæ, Залихан дæр ма æгас уыдис, хистæр чызг Уарзет смой кодта. Кæстæр, Зоя, ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы. Хæдзармæ сæ цæст дардтой хæстæджытæ. Хионтæ, уарзон сыхæгтæ æрбамбырд сты урссæр салдатыл. Æгъдау ын радтой йæ зианы тыххæй. Зианджынтæ бирæ уыдысты хъæубæсты. Фæсивæды дзæбæхтæй хæсты артæй бирæтæ нал сыздæхтысты. Уыдоны ныййарджытæм тæфæрфæстæ кæнынмæ фæцыдис Габола. Йæ чызг Уарзетимæ ссыди уæлмæрдтæм. Иæ къух бавæрдта йæ уарзон бинойнаджы ингæныл. Ставд цæссыгтæ йыл фæкалдта... 47
Фæлæ цард уæддæр йæ кæнонтæ кæны. Нæй хæдзар æнæ сылгоймагæй. Æнæ бинойныг лæг та, дыууæйы бæсты уæрдоны ивтыгъд чи вæййы, ахæм галы хуызæн у. Чи йын бахъарм кæндзæн хæриыаг йе ’рбацыдмæ, чи йын дардзæн сыгъдæгæй йæ дарæс? Йæ фыццаг бынаты кусып райдыдта Габола. Куыддæр ферхæндæг. Иæ зæрдыл-иу æрлæууыдысты Залиханы хъазæп иыхæстæ: «Нæ лæг, куы дын æрбамæлон, миййаг, уæд-иу бирæ рæстæг дæхи æнæ бинойнагæй ма ныууадз. Нæ чызджытæ мойтæ скæндзысты, æнæ ’фсин хæдзар та æнæфснайд мус, æнæхгæд хосдонæй хъауджындæр иæу, дымгæ йæм кæд цы ’рбахсдзæн, æмæ дзы кæд цы ахæсдзæн, уый бæрæг ын нæ Еæййы... Æрмæст-иу дæхицæн цардæмбал равзарын базон»... Залиханы уыцы ныхæстæ йæм ныр уæлдай растдæр кастысты. Фæлæ йын сæ баххæст кæнын æнцон нæ уыд. Дæ фыдгул йæ фыццаг бинойнаджимæ амонд ма ’ссара! Афтæ хъуыды кодта Габола дæр, цалынмæ Госæдайы не ’рхаста, уæдмæ. Госæда бирæ кæстæр уыд йæ мойæ. Æфсæрмдзаст, мадзура, абадгæ чызг. Уый куыста районы сывæллæтты хæдзары хъомылгæнæгæй. Габола йæ фыццаг хатт куы федта, уæд ын йæ зæрдæ цыдæр стыр тых фелхыскъ кодта. Хæстæг нæ уæвгæйæ, дыууæ адæймаджы кæрæдзийæн мацы æййафой, афтæмæй тынг æмхуызон уой, уый зын зæгъæн уыдис. Госæда уыд раст Залиханы кæддæры сурæт. Иæ урс цæсгом, даргъ дзыккутæ, йæ фæлмæн цæстæнгас, йе ’ппæт уæнгты фезмæлдæй. Æнахуыр диссаджы змæлд бакодтой Габолайы хъуыдытæ. Джихæй кæсгæйæ баззадис чызгмæ. Фефсæрмы. Фæлæ йæм æнæ кæсгæ йæ бон нæ уыд. Лæджы уыцы цæстæнгас бафиппайдта Госæда йæхæдæг дæр, фæсырх æмæ сывæллæттимæ иуварс азылд. Ацыди Габола дæр. Фæлæ уыцы сылгоймаджы сурæт йæ цæстыты разæй нал хицæн кодта. Æвиппайды бамбарæн кæмæн нæй, ахæм æхсызгондзинад æмæ стыр ныфс йæ зæрдæйы райгуырд. Æгæр кардзыд кастис Габола йæхимæ æмæ уымæй къæмдзæстыг кодта... 3 Уæдæй ардæм бирæ азтæ рацыдис. Ныр Госæдайæн йæ лæппу æмæ йæ чызг скъоладзаутæ сты. Габолаимæ фыццаг хатт куы ныхас кодтой, уыцы изæр арæх æрæмысы. Хинымæр фæсырх вæййы, мидбылты бахуды. Ирд фæззыгон изæр уыд. Габола йæ фæндаг акодта сывæллæтты хæдзарыл. Фæдзырдта Госæдамæ. Уый сывæллæт-48
ты акодта сæ хъазæн уатмæ, рацыдис тыргъмæ, Габолайы цурмæ... — Бахатыр кæн, Госæда... Хистæр дæн. Чи зоны, æмæ мыы ие ’мбæлыд бауæндын дæумæ уыцы хъуыддаджы. Фæлæ мæ зæрдæ пæ бакасти мæ коммæ... Кæд мыл ничи фæхуда... Зонынц мæ адæм, зоныс мын мæ уавæртæ, мæхи. Иу æмæ дыууæ хатты нæ ахъуыды кодтон ацы хъуыддагыл... Иæ ныхы хид асæрфта. Госæда хорз æмбæрста Габолайы, цыдæр дзæбæх рæвдауæн ныхæстæ зæгъын æй фæндыд, фæлæ йæ ’фсарм æххæстæй дзурын нæ уагъта. — Дæ зæрдæ мыл нæ фæхудт? — тарст хъæлæсыуагæй йæ куы бафарста Габола, æрмæст уæд схаудтой Госæдайы æрдæг ныхъхъуырд ныхæстæ: — Нæ! Цæмæн!.. Æз дæуæн... сымахæн стыр аргъ кæнын... Фæззыгон æхсæвæй дзæвгар ацыдис. Ирд арвæй худтысты стъалытæ... Уæды онг зæрдæбынæй фæныхас кодта Габола, стæй «хæрзæхсæв» загъта Госæдайæн. О, ахæм хъуыддæгтæ адæймагæй никуы ферох вæййынц. Нæ ферох сты Госæдайæ дæр. Æмæ ацы райсом, ногбон æхсæвмæ цæттæтæ кæнгæйæ дæр, йæ зæрдыл æрлæууыдысты. Ай-гъай, цыдæриддæр æмбæлы ног азæн «æгас æрцу» зæгъынмæ, сыхæгтæн хорз фынг саразынмæ, уыдон бацæттæ кæндзæн Госæда. Гъе, æрмæст та Габола йæхæдæг уыцы æхсæв дæр афоныл куы не ’рбацæуа сæхимæ, уымæй тарстис рагагъоммæ... 4 Æмæ мæнæ ног аз сæ уæлкъæсæр. Хъæубæсты цырæгътæ ма фæстаг хатт судзынц. Зæронд азы уæлдæф цæлгæнæнтæй фæйнæрдæм хæссы нард физонджытæ æмæ дзаджджын чъириты тæф. Цæттæ сты Госæдайы кувинæгтæ. Йæ чызг æмæ йæ лæппу сæхиуыл зыгъуыммæ фæлдæхт кæрцытæ скодтой æмæ се ’мбæлттимæ зилынц хæдзæрттыл. Нæй сæхимæ Габола дæр. Фæссихор иу уад æрбакодта, цыдæртæ ахордта, зæрдæтæ авæрдта Госæдайæн, фæскуыст æнæмæнг кæй фæзындзæн, уый тыххæй. Фæлæ та, æвæццæгæн, кæйдæр зæронд хъуг мæлы, æнæрай сын макуы фæуа!.. Госæда ахъахъхъæны рудзынгæй. Фæнды йæ уынджы цырагъы рухс бафиппайын. Фæлæ сæ хъæуы уынгты ныр æгæр бирæ цырæгътæ ссыгъди. Хатгай сæм Госæда лыстæг куы ныккæсы, уæд æм афтæ фæзыны, цыма уыцы цырæгътæ се ’ппæт дæр иу ран нæ лæууыпц, цыма цæугæ кæнынц. Куыддæр сæ цæстытæ ныкъулынц. Мæстæй марынц Госæдайы. Нæй, иикуы зыны Габола. Ахæм ма дзы цирчы адæймаг фен4 Сагхъазæны 49
дæуыдзæн! Ногбон æхсæв дæ хæдзармæ афоныл ма ’рбацу. Къулыл стыр сахат цъыкк-цъыккæй нымайы зæронд азы фæстаг минуттæ. Рæстæг афтæ тагъд кæй цæуы, уый Госæдайæн зын у. Фæлæ йæ куыд баурома... Уалынмæ сыхæгтæ иугай-дыгай æмбырд кæнын райдыдтой Габолайы хæдзармæ. Арфæ, хъæлдзæг ныхæстæ сарæх сты. Хæрд æмæ нозтхъуаг ничи у уыдонæй, фæлæ уæддæр, æгъдау куыд амоны, афтæ рагагъоммæйы нуазæнтæ исынц Госæдайы къухтæй. Чи сæм æрбацыди, уыдон се ’ппæты нæ зоны æфсин. Цавæрдæр зыгъуыммæконд кæрцытæ ис сæ уæлæ, сæ цæсгæмттæ — æхгæд. Дынджыр рихитæ æмæ роцъоджынтæ. Чи сæ дзуры сывæллоны хъæлæсæй, чи та дзы кæны бынтон зæронд лæджы цыдтытæ. Госæда сæ хæдзаронтæгæнæг сывæллæттæ фенхъæлдта. Æмæ сын хыссæйæ конд дедатæ авæрынмæ хъавыд. Фæлæ уыдонæй сæ иу йæхи фæкæстæр кодта æмæ йæ къухмæ райста цайдан æмæ иннæтыл рæгъ ауагъта. Дыккаг къæрит кæрцджын фынджы уæлхъус рагагъоммæ бадты хистæры бынат æрцахста. Æртыккаг, маймулийы хуызæн чи уыдис, уый, ныхасы бар ракуырдта æмæ загъта: — Цæй, цалынмæ ног аз нæ къæсæрæй нæма æрбахызту уæдмæ уал фæйнæ баназæм Алыматы хорз Габолайы рухсаджы тыххæй, уымæн йæ хæдзары, йæхи фæллойæ... Адæм ыл схор-хор кодтой. Гаджидауы ныхмæ сыстадис хъуынтъыз кæрцы боцъоджын, йæхимæ райста ныхасы бар æмæ загъта: — Мæнæ хорз адæм, маймули раст нæ загъта, фæлæ йæ зонд уымæй фылдæр нæ кæрды æмæ йын хатыр кæнæм йæ рæдыд. — Хатыр ын фод!— загътой се ’ппæтдæр. — Ныр та æз афтæ зæгъын, — дарддæр йæ ныхас хаста стыр боцъоджын, — ацы хæдзары хицау Алыматы Габола, йæхи зонынхъом куы фæцис, уæдæй нырмæ нæ адæмæн æхсæв цырагъдарæй фæцыдис... Цæй, æмæ йын мах йæ цæрæнбонты тыххæй фæйнæ баназæм... Фæлæ уыцы минут иннæ фæцырд. Рог фæгæпп ласта йæ бынатæй æмæ карзæй загъта: — Нæ! Æз разы нæ дæн гаджидауыл. Габолайæ хистæр у нæ уазæг — ног аз! Кæсут-ма! Мæнæ нæ къæсæрыл æрбахызти. Цæй, æмæ йын нæ худтæ сисæм æмæ йын «æгас цуай» зæгъæм! Къулыл стыр сахат дыууадæс хатты ныццагъта. Адæм æм50
хуызонæй систой сæ худтæ. Хъазгæ æмæ худгæйæ банызтой гаджидау. Уый уыд Габолайы гаджидау. Йæ худ дæр нæма систа, афтæмæй йæ йæ хъæлæсæй базыдта Госæда. Тыхджын æхсызгондзинадæй сног ис сылгоймаджы зæрдæ. Афтæ йæм кастис, цыма бирæ, тынг бирæ азты фæстæ дæр адæм ацы хæдзары ныртæккæйы хуызæн цинты баддзысты... Иæ мой Габола дæр æнустæм цæрдзæн æмæ цырагъдариуæг кæндзæн сæ хъæубæстæн... Ног азы.' æхсæв та йæ цыд кодта дарддæр. Куывды бадджытæй чидæр рудзгуытæй иу байгом кодта. Хъазæгау æрбадымдта зымæгон сыгъдæг уæлдæф. Арвæй та сæм худтысты стъалытæ.
1 Уæззау бонтæ кæуыл не ’скæны! Царды бирæ арф, уынгæг рацæуæнтæ, зын схизæнтæ æмæ фæзилæнтæ ис. Дæ алы къахдзæфмæ дæр дæ цæст дзæбæх куы нæ дарай, уæд нæ базондзынæ, бæрзонд былæй куыд фæцуддзынæ, уый. Æвæццæгæн, рæсугъд цардмæ цы фæндаг ис, ууыл афтæ зын цæуæн куы нæ уаид, æрвылбон ыл тох æмæ хъуыды куы нæ хъæуид, уæд, чи зоны, цæрын дæр уыйбæрц диссаг никæмæ кæсид... О, фæлæ уæддæр иуæй-иутыл æрмæст сæхи аххосæй скæны зыи рæстæг. Æгъатыр маст сын судзины фындзæй ныхилæгау фæагайы сæ зæрдæтæ. Цард сын æвиппайды ад нал фæкæны. Æмæ сæм, срастгæнæн кæмæн нал вæййы, сæ уыцы рæдыдты фæдыл æрæджиау стыр фæсмон æрцæуы. Гъе, ахæм хъуыдытыл æфтауы мæн мæ сыхаг Саухалаты Саукуыдзы уавæр. Йæ чысыл хæдзар ис уæртæ мæ тæккæ бакомкоммæ. Къаннæг тыргъы лыстæг цæджындзыл лæг сæргуыбыр æмæ уæнтæхъилæй йæхи бауагъта. Æдзынæг кæсы зæхмæ. Афтæ фæлæууы æрмæстдæр, исты стыр бæллæхæй йе уæнгтæ кæмæн азгъæлынц, судзгæ маст йæ риу кæмæн феууилы... Саукуыдз мæ сонты бонты бухъзæрдæ æмгар у, — бæрзонд, хæрзконд æмæ домбай арæзтытæ, сырхуадул. Мæн уырнгæ дæр нæ кæны — кæддæры цæхæрцæст лæппу, хъазын æмæ худын кæуыл фидыдтой, царды бирæ
дзæбæхдзинæдтæй йæ хай исын чи зыдта, чызджыты хуыздæртæ кæрæдзийы сæрты кæмæ кастысты, уый ныр афтæ тынг фæзæронд, афтæ тыпг æй æрæлхъывтой азтæ... Йæхи адæмæй иуварс ласы. Ныр дæр афтæ ’нхъæлы æмæ йæ ничы уыны. Нæ! Мæнмæ ардæм, бæрзонд хæдзары сæрмæ, дзæбæх зыны Саукуыдз. Хатгай йæм фæкæсын. Мæ миднымæры ныхæстæ та куыддæрæй мæ дæлæвзагæй схауынц: «О, ай-гъай, æнæууылд къæбæр кæддæриддæр хъуыры бады, фарсыл дзæбæх нæ хæцы». Цыма æнæмæт, хъæлдзæг фæндаггон барæджы æнæнхъæлæджы багæрах чындæуыд, йæ саулох йæ быны фæкалд, йæхæдæг та саргъæй фæсвæндагмæ асхъиудта æмæ йæ зæрдæ фыртарстæй ауазал, йæ дзæбæх хъуыдытæ сæры фæхæццæ сты... Мах — йæ сыхæгтæ цалдæрæй абон зиууæттæ стæм Саукуыдзы фырттæн. Фондз лæппуйæ дыууæ æфсады сты. Иннæтæй иу горæты ахуыр кæны, иннæ тракторыл кусы. Хæдзары ма сты хистæр фырт Амырхан, йæ мад Дунетхан æмæ йæ чысыл дыууæ хойы. Æфсымæртæй ус ничима æрхаста. Мад сæрыстыр у йæ цотæй. Бындзытæ кæм уа, мыд дæр уым вæййы — алчи дæр дзы йæ куысты хай æххæст кæпы. Бирæ кæмæндæрты фæзминаг сты ацы бинонты хорз хъуыддæгтæ — сæ лымæн цард, сæ хорз фæллой. Хъæубæсты фæсивæды æхсæн сæхæдæг куыд бæрæг дарынц, афтæ бæрæг дарынц сæ уынджы хæдзæртты рæыхъы сæ ног арæзт агъуыстытæ. Агуыридурæй амад цалдæр уаты. Диссаджы тыргътæ æмæ сын аив бацæуæнтæ. Рæсугъд нæзы силофкæтæй сæ цартæ, филонкæджын — сæ дуæрттæ æмæ рудзгуытæ. Гъе æрмæст хæдзары сæр æххæст æмбæрзт нæма фæци. Абон сæм зиу ракодтой. Фæлæ сæ фыдæн зиууон уæвыны бар нæ радтой. Саукуыдз хицæнæй цæры æмæ хонæгмæ æнхъæлмæ касти. Знон иннæ сыхæгтыл зиууонгуртæ зылдысты. Хъуамæ йæм æрбадзырдтаиккой. Нæ, йæ дуæртты ацыдысты. Хъыг ын уыди. Фæлæ уæддæр, туг-тугæй не ’хсадæуы, зæгъгæ, абон сæумæрайсом фæзынди йæ кусæн дарæсы. Æнхъæл уыд, зæгъгæ, бацинтæ йыл кæндзысты. Фæлæ ницы. Йæ ус æмæ йын йæ чызджытæ «æгас цу»нæзагътой. йæ фыртта ма йыи уайдзæф дæр бакодта: «Ницы нып бавæййыс! Зиууон дæр дæ нæ хуыдтам! Ацу дæ фæндагыл, иу хатт ыл куыд ацыдтæ, афтæ!..» Æз раст уыцы сахат бахызтæн Амырханы кулдуарыл. Фехъуыстон лæппуйы ныхæстæ. Федтон: лæг сæргуыбырæй, джихæй фездæхтис йæ фæд-фæд. Æз цыма ницы бамбæрстон, афтæ дардтон мæхи. Ныр мæнæ хæдзары сæрыл лæууын. Æмбæрзæн дуртæ æвæрын даргъ, цыппæрдигъон рейкæтыл. Мæ алыварс — иннæ 53
зиууæттæ. Чи хæдзары фисынтæ ныхасы, чи нæм дуртæ æмæ чъырæзмæст бынæй уæлæмæ дæтты. Кæд æнувыдæй кусын, уæддæр арæх ахæссын мæ цæстæнгас хæхтæ, хъæд æмæ быдыртыл. Ардæм мæм дзæбæх зынынц нæ хъомхизæнтæ, уыгæрдæнтæ, хуымтæ, хъæубæстæ. Мæ зæрдæ бахъазы. Хъæздыг æрдз æмæ мæ хъæуы царды нывтæ кæдæмдæр акæнынц сæ фæдыл. Ахæм æмбисонды хурбонтæ цал æмæ цал хатты скæны махмæ фæззæджы! Тæккæ знон дæр ма арв æмæхгæд уыд сау мигътæй. Хæхты мит уарыд. Хъæд æмæ быдыртыл бæзджын сæлфынæг хъуынтъызæй лæдæрсыд. Уазал æмæ уымæл буары иннæрдæм хызтысты. Нæ хъæу йæ зымæгон сагъæсты ныгъуылыд. Ныр æм мæнæ æрбакæс! Цыма дзыхъхъынногæй райгуырди. Райсомæй сæуæхсид арвыл тыбар-тыбур кодта, афтæ йæ цардмондаг æмæ куыстуарзаг адæм æмхуызонæй райхъал сты. Фæлæ уыцы хъарм хуры тынтæ нæ тавынц Саукуыдзы. Уымæ цæмæндæр афтæ кæсы, цыма дунейыл мастæй дард.дæр ницы ис... Цæмæн æй баййардта афтæ карзæй æнæрайы маст? Иæ риуы йын цы ныссагъта йæ дзæмбытæ? Нæй йын дзуапдæттæг... 2 Бухъзæрдæ, хъал лæппу уыд йæ заманы Саухалаты Саукуыдз. Арæх-иу ацыди æндæр хъæутæм уазæгуаты. Къуыригæйттæ-иу ахастой йæ балцытæ. Гал дæр æфсонæй æргæвстæуы. Æфсæндтæ та йын куыннæ уыдис: чызгуынæг, чындзхон, искæмæн минæвар. Науæд та-иу афтæ æнæуи абæрæг кодта сæ хæстæджыты, сæ лымæнты... Йæ хорз фыды номæй йæ синысæртыл хæцыди, тырныдта кад æмæ намысмæ. Кæддæриддæр уыдис нымады. Йæ цардæй разы уыд йæхæдæг дæр. Хаттæй-хатт-иу Саукуыдз йæ фæндаг адардта æндæр горæттæм дæр. Куы ахуыр кæныны æфсонæй, куы æндæр истæй фæдыл. Куы-иу йæхи хуыдта юридикон институты студент, куы-иу хъуамæ загътаид: æз кæсын, фæсарæйнаг æвзæгтæ кæм ахуыр кæнынц, зынгæ дипломаттæ кæцæй рацæуынц, уыцы стыр скъолайы. Æвзæгтæ хорз кæй зоны, уый тыххæй дæр арæх æппæлыд йæхицæй. Хъуамæ-иу немыцагау загътаид: «Битте, геноссе, гебен зи мир дас вассер»,— æмæ дын æй иронау бамбарын кодтаид: «Дæ хорзæхæй, æмбал, дон ма мын рахæсс!» Науæд-иу гуырдзиагау загътаид: «Сени чъириме, цхъали мойтъани» — «Мæ уды гага, дон ма мын æри». Æмæ-иу æм чи байхъуыста, уыдоны уырныдта, Саукуыдз ахуыргонд æмæ фендджын лæг кæй у. Дард горæты балæууын æмæ уырдыгæй фæстæмæ фездæхын уымæ дуарæй къæ54
сæрмæ рахизынæй уæлдай нæ каст. Æмæ-иу сæрыстырæй дзырдтаид: «Дæлæ Мæскуыйæ суадтæн». «Уæртæ Душанбейæ хæдтæхæджы æрбатахтæн!..» Гъе, æвæццæгæн, ахæм хъуыддæгты фæрцы бафтыд йæ къухы нæ хъæуы чызджыты хуыздæр Дунетхан дæр. Æд зонд, æд æгъдау сылгоймаг уыди Дунетхан. Ног чындз уайтагъд бамбæрста йæ мойы. Иæ хъару цы амыдта, уымæй архайдта Саукуыдзæн феххуыс кæныныл, цæмæй дзы ферох уыдаид йæ рауай-бауай, æмæ йæ чындзæхсæвы фæстæ Саукуыдз цасдæр рæстæг æрхæдзарон. Цыдæртæ дæр-иу акуыста. Фæлæ ахуыр, ахуыр! Уый зын аппарæн вæййы адæймагæн æрæджиау. Дон йæ зæронд донуат фæагуры. Саукуыдзæн йæ хæтæнтæ йæ зæрдыл æрлæууыдысты, уайтагъд та йæ зæронд фæндæгтыл цæуын райдыдта: «Мæнæ Варанцов, уæртæ Бухар...» Азтæ тагъд ауайынц. Бабирæ сты Саукуыдзы сывæллæттæ дæр. Хæссын æмæ сæ хъомыл кæнын хъуыди. Мад дзы алкæмæн дæр авгау æрхауынæй тарсти. Рæвдыдта сæ, хаста сæ. Фæлæ сæ фыд йæхи дæрдты ласын райдыдта. Иу уалдзыгон бон кæдæмдæр афардæг æмæ дзы цалдæр азы хабар никуыцæй уал хъуысти... Амардысты йæ зæронд мад æмæ фыд. Адæм хорз сты ахæм сахат. Сыхæгтæ, хæстæджытæ, зонгæтæ æрбалæууыдысты Дунетханы уæлхъус. Кадимæ йын бавæрдтой иу хатт йе ’фсины, иннæ хатт та — йæ хицауы. Зæрæдтæ мæрдтæм арфæйагæй бацыдысты сæ чындзæй, сæ фыртæй та — мæстæлгъæдæй. Уалынмæ фæзынди сæ хъæумæ Саукуыдз. Иунæг нæ уыд. Иемæ сласта йæ дыккаг ус Даринкайы. Уый дæр сæхи хъæуккаг сылгоймаг уыд. Æвæццæгæн раздæр лымæн уыдысты. Æмæ кæрæдзийы æрцагуырдтой æндæр горæты. Цы куыстой уым, чи зоны. Фæлæ сæ уæлæ бæрæг уыдис, афтид къухæй кæй не ’ссыдысты. Дунетхантæм хæстæг сæхицæн хæдзар балхæдтой: дыууæ уаты æмæ цæлгæнæн. Уыдис сæм дыргъ бæлæстæ дæр. Зæнæг сын нал рацыд. Гъемæ, ахæм лæг æмæ ус куыд фæцæрынц, афтæ кæрæдзимæ кæсгæйæ цардысты. Адæмæй сын чи сæ цард мыдыкъусджы хуызæн хуыдта, чи сæм æнæуынон цæстæй касти. Цæй хæдзар у уый, сывæллоны кæуын, сабийы хъæлдзæг худын кæцæй никуы райхъуысы, цæй лæг у уый, йæхи къухтæй йæ бинонты цард чи фехалы, йæ цотæн æцæгæлон чи свæййы. Раст зæгъын хъæуы, абоны онг никуы ницæмæй бафхæрдтой йæ раздæры бинонтæ сæ фыд Саукуыдзы, ницы дзы домдтой. Саукуыдзмæ та фæстаджырдæм, æвæццæгæн, стыр фæсмон æрцыдис. Тынг æй фæндыд, йæ фырттæ йæм дзæбæхдæр 55
цæстæй куы кастаиккой, куы йæм цыдаиккой. Фыдмæ фыды номæй куыд фæдзурынц, афтæ йæм исчи куы сдзырдтаид. Æппын нæ, фæлæ йын уайдзæфтæ уæд та куы бакодтаиккой. Фæлæ лæппутæ æмæ чызджытæ, цыма иумæ сомы бакодтой, афтæ дардтой сæхи. Саукуыдз-иу хаттæй-хатт сæ рæзты дæр æруадис. Дунетхан-иу иунæг куы уыдис, уæд-иу æй хабæрттæй афæрсыимæ дæр хъавыд: цы фыссынц кæстæртæ æфсадæй? Цæйбæрц у хистæртæн сæ мызд?.. Фæлæ-иу æм ус йæ хъус не ’рдардта. О, фæлæ уæддæр ацы райсомау никуыма бархæндæг Саукуыдзы зæрдæ, ахæм уæззау рыстæй никуы ма рыстис. «Ницы нын бавæййыс!.. Нæ дæ хуыдтам зиууон дæр!» Уыцы ныхæстæ уайынц йæ хъустыл. Цæхæрау ын судзынц йæ цæсгом. 3 Зиууæттæй ничи фехъуыста, сæумæрайсом фыд æмæ фырты æхсæн цы ныхас рауадис, уый. Уыдонæй, чи зоны, уыйбæрц ни-* чн хъуыды кæны ныртæккæ Саукуыдзы хъысмæтыл. Фæлæ мæнмæ тынг хъары йæ зын уавæр. Фæнды мæ мæ зиууоп æмбæлттæн мæ ныхæстæ фæкæнын. Зиууон кадджын уыд нæ фыдæлтæм. Буц-иу æй дардтой. Махмæ дæр ныртæккæ хæдзары æфсин фæдзурдзæн: сихор скæнут, уæ фæллад суадзут нын зæгъдзæи. Æрхиздзыстæм хæдзары сæрæй. Нæ къухтæ цæхсдзыстæм. Куывды бадæгау, фынджы уæлхъус сбаддзыстæм. Худып æмæ пыл хъазын фидаудзысты. Фæлæ уæд Саукуыдз та, Саукуыдз? Цæмæй фенцопдæр уыдзæн уымæн йæ уавæр? Æви туг тугæй æхсадæуы?.. Æвиппайды мæхимæ фæмæсты дæн. Цæуылнæ йæ баурæдтон абон райсом? Цæмæн æй ауагътон ацæуын? Уыцы минут ын, æвæццæгæи, æндæр исчи йæ цонгыл æрхæцыдаид, йемæ йæ хæдзары сæрмæ схизын кодтаид, пæ фырт Амырханы зæрдæ инпæрдæм фездахып дæр базыдтаид. Æз та?.. Сихор хæрынмæ нæм фæсидтысты. Фынгыл нæма сбадтыстæм, афтæмæй Дунетхан æмæ Амырханæп загътон: — Тæригъæд у Саукуыдз... Ахæм лæгæн йæ рæдыдтытæ ныххатыр кæныи дæр памысы хъуыддаг у. Цæй... Ныббарæм ын... Фыды ном хæссы... Ахъуыды ма кæнут, абоы æй куыд бафхæрдтат, ууыл. Æз æм’райсомсарæй кæсын. Йæхицæн бынат нæ ары, тыхст æмæ хъыгзæрдæйæ бады. Бавдæлут, æмæ йæ æрбахонут. Абаддзæн немæ. Фенцондæр ын уыдзæн. — Не ’рбацæудзæн, — загъта Дунетхан æмæ дæлиауæй ныуулæфыд. — Стæй йын цæугæйæ дæр нæу! — Æз æй æрбахондзынæн. 56
— Уæд, лæппуйы куыд фæнды, афтæ. Æз лæгъстæхуызæй бакастæи Саукуыдзы хистæр лæппумæ. Уымæн йæ рухс цæсгом куыддæр фæтари. Зæхмæ ныццавта йæ цæстытæ. Бæрæг уыди, дызæрдыг сагъæсты кæп аныгъуылд. Æрæджиау йæ цæстæнгас раздæхта мæнмæ. — Бахатыр мын кæн, мæ зынаргъ хистæр. Дæ зæрдæ мыл ма фæхудæд, фæлæ... Исчи йын тæригъæд бакæна, исчи йын æгъдау ратта, уый аккаг нæу! Ома хуымæтæджы æцæгæлон у, уый тыххæй нæ, фæлæ махæй никæмæн ницы бавæййы!.. Чи цы агура, уый ссары! Æз афтæ æнхъæл дæн æмæ мæ ды раст бамбардзынæ... Мæ мад... ме ’фсымæртæ, мæ хоты ’вастæй афтæ куыд бакæнон? Фæлтау, дæ хорзæхæй, — фынгмæ. Сбадæм. Æмбæлттæ махмæ кæсынц... Æз ницуал загътон. Чи нæ растдæр уыд? Нæ зонын. Фæззыгои хур ма йæ хъарм тынтæ æлвыста. Райдзаст уыдысты нæ хъæубæстæ, ме ’мзиууæттæ. Æрмæст иунæг адæймаджы сурæт уадис мæ цæстытыл. Уый фыццагау сæргуыбырæй лæууыд сæ цæджындзы æнцой, йæхимæ хъуыста. Тæригъæд ын кæнын. Уæвгæ кæд æцæгæй никæмæн ницы бавæййы ме ’рдхорд Саухалаты Саукуыдз...
1 Зæронд лæг Къолойты Гæбуди йе ’ртæ фыртæй сæрæстыр кæй уыд, уый æргомæй никуы равдыста. Мадзурайæ куыстуарзаг, чысыл тызмæгхуыз, фæлæ фидар уæнгты хицау. Уæззау цард æй къулбадæг ахуыр не ’скодта. Лæгæй лæгдзинад домдта. Лæджы ном стыр кæй у, уый хатыдта Гæбуди æмæиу арæх хъуыды кодта: «Лæджы ном зын хæссæн у. Æмæ иугæр цардмæ куы рацæуай, уæд æй кадджынæй хæсс, уæд ын аргъ кæнын фæраз!» Исчи йын-иу, йæ цæуæтæн æгæр карз кæй уыд, уый йæ цæстмæ куы бадардта, уæд-иу Гæбуди æнæ исты сдзургæйæ дæлиауæй ныуулæфыд. Нæ, йæ хъæбулты чи нæ уарзы, ахæм адæймаг хъуамæ зæххыл ма цæуа! Фæлæ йæм фау чи хаста, уыдон хорз не ’мбæрстой зæронд лæджы зæрдæйы уаг. Ирон æгъдæуттæ, æнæ фыст закъонтæ тыхджын уыдысты. Æрыгон фыдæн хистæрты цур не ’мбæлд йæ сабийыл цин кæнын. 58
Гæбудийы зæрдыл-иу арæх æрлæууыд иухатт йæ чысыл лæппу Куыдзи бæхы къæхты бынмæ куыд фæцæйбырыд, уый. Фæлæ йæм уæддæр фыд не ’рæвнæлдта: кæрты хистæртæ бадтысты æмæ уыдонæй æфсæрмы кодта. Азтæ бонтау ауадысты Гæбудийыл. Цæргæсы лæппынтау уайтагъд рахъомыл сты йе ’ртæ фырты: бæзæрхыг, чысыл мæстыгæргомау Георги, æхсарджын Куыдзи, фæлмæнзæрдæ Барис... Цæй фырт у, — йæ фыдæй фылдæр базонынмæ чи нæ •бæлла, йæ фыдæй фылдæр сгуыхтдзинæдтæ чи нæ равдиса?! Афтæ уыдысты Къолойты зæронд Гæбудийы хъуыдытæ. Æмæ нæ фæфыдæнхъæл, зæрдæйы фæндиаг фырттæ йын рахъомыл. 2 Гæбуди царди Чырыстонхъæуы. Уæрæсейæ ардæм революдийы зынджы цæхæртæ хаудысты, уæлдайдæр та 1905—1906 азты. Сæрды мæйты-иу горæттæй сæ фæллад уадзынмæ æрцыдысты студенттæ. Уалдзæгхæссæг зæрватыччытау-иу семæ -æрхастой ног хъуыдытæ. Рæсугъд сæрдыгон æхсæвты-иу Къолойты дыууæ æфсымæры арæх цыдысты сусæг æмбырдмæ, хъуыстой-иу сусæг хабæрттæм. Куыдзи æрыгонæй фæцис дард бæстæ Амуры. Æрæджы ссыдис уырдыгæй. Уым базыдта кусджыты цард, зыдта сын сæ зондахаст. Загарены станцæйы дæргæйæ, лæппу фæлымæн революционер Адам Каменскийимæ. Уый фæдзæхстытæй бирæ цыдæртæ бадардта йæ зæрдыл Куыдзи. Æмæ сыл ныр, сæ хъæумæ куы сыздæхт, уæд ногæй хъуыды кодта. Куыдзимæ диссагау кастис: Адам Каменский уыд стыр ахуыргонд, йæхицæн хорз цард æнæуи дæр ссардтаид. Æмæ уæдæ цæмæн райдыдта мæгуыр адæмы сæрыл .дзурын? Уыцы хъуыддагæй студентты куы фарста Куыдзи, уæд ын уыдон дзуапп радтой: — Де ’мбал ахуыргонд, зондджын уыд, царды рæстдзинад агурджытæй. Рæстдзинад та афтæ амоны: кусгæ чи нæ кæна, уый хъуамæ хæргæ дæр ма кæна. Махмæ та: фæллой чи нæ кæиы, хъæздыгдзинæдтæ уыдоны къухы сты, хæргæ дæр, даргæ дæр уыдон кæнынц. Иу ахæм сусæг æмбырды ныхас рауадис хъæуыхицау Бæдмæнты Дрисы тыххæй. Студентты къорды разамонджытæй чидæр дзырдта: — Нæ хъæуыхицау бадилатимæ æмдзæхдон у. Иу хæдон сын уæрæх у. Мæгуыр адæмыл нæ ауæрды. Иæхи адæймаг чи хоны, хъуамæ уыдоны зæрдæтæ риссой адæмы тæригъæдæй. 59
хъуамæ сдзурой сæ сæрыл. Нæй нын хуымзæхх, нæй нын хъ’æд,. нæй нын сæрибар... > Æхсæвы æрæгмæ æрбацыдис Куыдзи сæхимæ. Нæ басусæг кодта йæ хъуыдытæ йе ’фсымæрæй: — Райсом хъæуы стыр хъуыддæгтæ уыдзæн. Макæдæм ацу! Хъæуыхицау кæд йæхæдæг дзæбæхæй ныууадза йæ бынат, уæд хорз, науæд нæ йемæ тох кæнын бахъæудзæн! Лæппуйы ныхæстæ фыд дæр фехъуыста. Йæ мидбылты бахудти: æхсызгон ын уыдис, йæ фырт адæмы рæнхъы кæйг цæуы, уый. 3 Райсомæй раджы адæм аргъуаны кæртмæ æмбырд кæнын райдыдтой. Аргъуыд куы фæци, уæд Вæдманы-фырт йе ’мбæлттимæ рацыдис аргъуанæй. Хистæртæй йæ иу баурæдта æмæ йын загъта: — Мæнæ ацы адæмы фæнды, цæмæй ды дæ хицауы рæхыс сисай, дæ бынатæй ацæуай æнæ фыдбылызæй. Фæлæ Бæдманы-фырт йæхи æнцонтæй раттынмæ нæ хъавыд. Æмæ адæммæ бартхъирæн кодта. Гæбуди уыцы сахат адæмы æхсæн агуырдта йæ лæппуйы: «Кæм ис Куыдзи? Куыд уромы йæхи! Æви йæ фыды туг не ’хсиды йæ буары!» Æвиппайды чидæр фæлæбурдта хъæуыхицауы риумæ. Фæцыд дамбацайы гæрæхтæ. Уый Бæдманы-фырт фехста. Чидæр æрхаудта. Адæмæн сæ фылдæр цавддуртау фесты. Хъæуыхицау се ’хсæпты фæцæйлыгъд сыхæгтæй кæйдæр кæртмæ. Фæлæ йæ ацахстой Куыдзийы домбай къухтæ. Арæмыгъта йыи йæ рæхыс, йæ дамбаца. Амарын æй сæ зæрды уыд. Фæлæ сæ зæронд лæгтæй чидæр баурæдта. Бæдманы-фырты кæйдæр скъæтмæ баппæрстой, æмæ йыл дуæрттæ фидар сæхгæдтой. Уыцы изæр адæм сæхицæй равзæрстой хъæуыхицауы... Цыдысты сырх тырысатимæ, æдгæрзтæ, хæлдтой æлдариуæггæнджыты хæдзæрттæ, сæ зæххытæ сын истой. Фæлæ уыцы рæстæг бирæ нæ ахаста. Паддзахы æфсæдтæ сæ ныхмæ рацыдысты, сæ разæй — булкъон Ляхов. Уый хъæуы хæдзæрттыл æрæвæрдта стыр фиддон. Адæмы раздзæуджыты хæдзæрттæ сармадзанæй æхста. Куыдзи хорз зыдта, йе ’знæгты дзæмбытæм куы бахауа, уæд дзы æнцонтæй кæй нал аирвæздзæн. Иу æхсæв фæсидтис йæ фыд Гæбуди æмæ йæ хистæр æфсымæр Георгимæ, сæ хæдзарæй сæ ракодта Урсдоны былмæ, аууон ранмæ. — Ныххатыр кæ, дада, мæхицæй дып зондамонæг кæй аразын, уый тыххæй. Æндæр гæнæн нæй. Хъуыддæгтæ уæхæ60
дæг зонут, хъæуæй мæхи хъуамæ айсон. Цæуын дард бæстæ Амурмæ. Чи зоны, фæндагыл мæ зонгæтæй искæуылтыл сæмбæлон. Мæнмæ уæ зæрдæ ма ’хсайæд. Мæхи бафснайын бафæраздзынæн. Фæлæ мæнæ Георги... Мæ бæсты йæ куы æрдахсой, уымæй тæрсын. Йæхиуал рæстæгмæ бафæсвæдкæнæд! Фыд æмæ æфсымæр Куыдзийы ныхæстæм хъуыстой æнкъардæй, æмбæрстой лæппуйы уавæр. Булкъон Ляховы афицертæй иу — Кулеш, айразмæ бавдæлыд æмæ сæдæ æфсæддонимæ сбырста Дыгуры уæздæтты хъæдмæ. Уым адæмæй суг чи кодта, уыдоны æрцахста, æд бæхтæ, æд уæрдæттæ сæ ратардтой. Хъуамæ сæ станцæмæ акодтаид. Фæлæ хабар æрбайхъуыст хъæумæ. Чидæр аргъуаны дзæнгæрджытæ фæдисы цагъд ныккодта... Адæм амбырд сты фæдисмæ. Фæсидтысты сæм раздзæуджытæ. Гæбудийы хъустыл ма ныр дæр уадысты йæ фырт Куыдзийы ныхæстæ: «Худинаг нын фæуæд, нæ хъæддзауты, нæ хъæуккæгты афицеры чысыл къорды дзæмбытæй куыиæ ■суæгъд кæнæм, уæд!» Адæмы разæй йæ саулохыл тахти Куыдзи. Кулешы отряды ныхмæ хъæбатырæй схæцыдысты, ахст адæмы суæгъд кодтой. Афицер Кулешы та фистæгæй семæ æрбатардтой хъæумæ. О, ахæм æфхæрд нæ ферох кæндзæн булкъон Ляхов. Чысылдæр йæ зæрдæ кæмæ фехсайа, уыдонæй никæмæн ныббардзæн!.. Ахæм сагъæстæ агайдтой зæронд лæджы зæрдæ уыцы сахат. — Раст зæгъыс, лæппу, — тыххæй схаудтой фыды ныхæстæ, йæ зæрдæ æнахуыр гуыпп-гуыпп кодта. «О, ай-гъай, — хъуыды кæны зæронд,— лæгæн иу афон вæййы — йæ хъару æмæ йæ йе ’хсар размæ куы фæхæссынц. Фæлæ йыл зæронды ном куы сбады, уæд йæ кæстæртæм ратты уынаффæ кæныны бар. Уыдон дзы тыхджындæр, арæхстджындæр æмæ дзырддзæугæдæр свæййыпц». Гæбудийы сагъæсæйдзаг хъуыдыты аскъуыдтой йæ фыртты ныхæстæ: — Мæпмæ уæ зæрдæ ма ’хсайæд. Дада, дæу хъуамæ ма бахъыгдарой. Ацæргæ дæ. Нæ кæстæр æфсымæр Барис æрыгон у, уымæ бавналын дæр не суыдзæн сæ бон. Фæлæ Георгийæн тас у æмæ, куыд загътон, афтæ бакæнæд... Иуцасдæр та сæ ныхас нал хъуыст. Талынджы æдзæмæй лæууыдысты. Бирæ цыдæртæ дзуринаг уыд зæронд, фæлæ дзы схаудта æрмæстдæр цалдæр ныхасы: — Хæдзары чи баззайы, уый истæмæйты фæцæры. Мæ61
гуыр фæндаггон у. Фæндараст у! — йе ’стыр цæнгтæй æрбахъæбыс кодта Гæбуди йæ уарзон хъæбулы, бафиппайдта йын йæ домбай уæнгты тых, йæ фидар уæхсчытыл ын æрæнцой кодта. Уыдоныл æртагъдысты йе ’ставд цæссыгтæ.— Бахатыр мын кæн, мæ зæрдæ куыддæр æрбауынгæг... Бауырнæд дæ, нырма мæ хъарутæ мæхимæ сты!.. — Уырны мæ, дада, уырны! Хæрзбон... Сæрдыгон æхсæвæй дзæвгар рацыди. Стъалыты ирдæй талынг æхсæв рухс дардта. Урсдон æвæлмæцгæйæ бырста Теркмæ. Хаттæй-хатт ын-иу уадымс æрбахаста йæ сусæг сыбарсыбур, йæ сыр-сыр. Фæлæ зæронд лæг уыцы сахат ницы- хъуыста, йæ цæстæнгас сарæзта æхсæвы тармæ — йæ фырттæй йæ чи фæиртæста, уыцы тармæ. Фæлæ сын тары дæр сæ фæндаг æвзæрста. Раст æм каст уыцы фæпдаг. Æмæ йæм уымæй иуварс рахизыны фæнд нæ уыд... 4 Уæдæй цалдæр азы рацыд. Къолойты Гæбудийы бинонтæ ногæй æрæмбырд сты сæхимæ. Сыбыры иуæндæсæм фистæг æфсæддон полкъ кæй хуыдтой, уырдыгæй сæ хъæумæ ссыдис Георги. Уый ралыгъди Корниловы æфсадæй. Иæхи æмбæхста Вендены горæты. Уырдæм æм ныццыди йе ’фсымæр Куыдзи, иумæ сæхимæ рацыдысты. Æфсымæртæ фæндагыл сæ хабæрттæ кæрæдзийæн фæдзырдтой. Хистæр радзырдта: Корниловы æфсадмæ йæ тыххæй акодтой, уым сусæг революцион куыстгæнæг æмбæлттимæ балымæн. Корниловы æфсæддон хæйтты æгъдау дæлæмæ хаудта, иугай лидзын байдыдтой. Иуахæм сæ чидæр банымыгъта. Кæуыл фæдызæрдыг сты, уыдонæй, Корниловы приказмæ гæсгæ, дыууадæсы се ’мбæлтты раз фехстой. Салдæтты маст тынгдæр сфыхтис. Чи дзы Сырх Æфсадмæ лыгъд, чи йæ хæдзармæ. Афтæмæй ралыгъдис Георги дæр. Куыдзийы хабæрттæ ноджы бæлвырддæр уыдысты. Уый радзырдта Ирыстоны, сæ хъæуы, кæй фæзынд «Кермены» парти. Уыцы парти хæссы ирон адæмон хъæбатыр хъæбул Чермены ном. Уый у большевикты партийæн æххуысгæнæг... — Æмæ, Куыдзи, ды нæ бацыдтæ «Кермены» партимæ?— бафарста йæ Георги. — Бацыдтæн. Æмæ йæм хъуамæ ды дæр бацæуай! Лæг иу бон гуыргæ кæны, иннæ бон — мæлгæ. Æмæ уыцы мæлæт лæг кадимæ куы-ссары, уæд йæ иом кадджынæй баззайы адæмы æхсæн... Гæбудийы фырттæ æртæйæ дæр ныр хæдзармæ нал æфты62
дысты. Æхсæвæй-бонæй сæ хæцæнгæрзтæ се ’ккойæ нал истой... Цалдæр азы размæ, талынг æхсæв Гæбуди йæ фыртты Урсдоны былæй дард балцы куы фæндараст кодта, уæддæр зæрондыл нымад уыд. Ныр æм афтæ каст, цыма йæм йæ фыртты ссыдимæ раздæры тыхтæ æрыздæхтысты æмæ дзы ныфс бауагътой, цыма йæ цæстытæ ноджы карздæрæй сæрттывтой æхсар æМæ æнæуынондзинадæй. Цыма йæ фыртты фарсмæ æрлæууынмæ цæттæ уыди. Иухатт та Куыдзи цыдæр ахсджиаг хъуыддаджы фæдыл сæ хæдзармæ æрбауад. Фæстæмæ куы фездæхт, уæд æй дуармæ фыд фæурæдта, хъазæгау æй афарста: — Лæппу, дæ разы уыдонæй сымахмæ дыгæйттæ, æртыгæйттæ куы ис, уæд дзы иу мæнмæ нæ хауы? Æви афтæ ’нхъæлут æмæ сæ æз нæ сарæхсдзынæн... Лæппу фембæрста йæ фыды: уый хæцæнгæрзтæм амыдта. — Мах сæ æртæйæ кæй хæссæм, уый æгъгъæд у, дадаГ Дæу ницæмæн хъæуынц. Стæй дзы, раст дын куы зæгъон, уæд арæхсгæ дæр не ’скæндзынæ. Фыдæлтыккон иуæхстæттæ не ’сты. Фырт ацыдис. Фыд йæ фæстæ кæсгæйæ баззад. Хъуыдыты аныгъуылд: раст ын загъта йæ фырт! Ног хъуыддæгтæм нал фæарæхсы зæронд. Чи зоны, ма/сарæхса ног хæцæнгæрзтæй фехсын дæр. Æниу æй сæ хæдзары зылдтытæй кæдæм равдæлдзæн? Хæдзары сывæллæттæ. Куыдзи бинонтæ æрæджьг æрхаста, йæ сабийыл бирæ нæма цæуы. Уыдæттыл мæт кæнын хъæуы Гæбудийы. Стæй та йæм фæзындис æндæр хъуыдытæ: иугæр хæсты цæхæртæ хъæумæ куы схæццæ уой, уæд альг лæгæн дæр йæ хæс уыдзæн йæ уынг, йæ хъæу бахъахъхъæнын. Бирæ цæимæдæрты ма дзырдта зæронды зæрдæ, æрмæст нæ ахъуыды кодта: уыцы фембæлд ма сæ фæстаг фембæлд кæй уыд, фыд æмæ хъæбулы уарзон цæстæнгасæй ма фæстаг хатт кæй бакастысты кæрæдзимæ... 5 Куыдзийы хъæуыл ноджы уæззаудæр рæстæг дæр скодта. Инæлар Шкуройы бандæтæ æгъатырæй бырсынц уырдæм. Инæлары цæстытæ туджы зилынц. Фæстаг рæстæг цал æмæ цал хъæуы, станцæйы байста. Знон уыди Елхоты. Уым йе ’фсад дыууæ дихы фæкодта. Иу къордимæ йæхæдæг рацыд, йæ ных сарæзта Гæбудийы хъæумæ. Уыцы иу цæфæй, сихормæ ныддæрæн кæнынмæ хъавыд ацы хъæуы керменистты, большевикты. Æртыккаг бон цæуынц тугкалæн хæстытæ хъæуы алыварс, 63-'
уæддæр инæларæн йæ бон ницы у. Цымæ сæм цавæр тыхтæ нс уагæр? Нæ, инæлар куыд æнхъæлдта, ахæм стыр тыхтæ нæ уыд ацы хъæуы. Чи дзы баззад, уыдонмæ та фаг нал уыд хæцæнгарз. Болыневикты-керменистты разамынд фæстагмæ сфæнд кодтой хъæуæй хъæдмæ сæхи айсын. Куыдзимæ цæ уыд хъæдмæ ацæуыны фæнд. Уый никуы сразы уыдзæн йæ хъæу знаджы къæхты бын ныууадзьщыл. Баззадис йе ’мбæлттæй иу къордимæ, Æмæ хъæуы стырдæр уынгтæй иуы пулемет æрцарæзта. Æрмæстдæр ын мæлæт ратдзæн бар уыцы уынгты знаджы æрбауадзынæн. Йе ’мбæлттыл йæ зæрдæ дары Куыдзи. Уыдонæн сæ иумæ радта пулемет, йæхицæн та йæ топпадзагъд арауы бæстæ. Цал æмæ цал хатты баурæдтой уыдоы размæбырсæг знаджы æфсады, цалы дзы барвыстой мæрдтæм. Фæлæ циу уый? Нал ис бырсæг уыны уынгыл. Хæстонты зæрдæтæ фырмæстæй ссыгъдысты. Уыдоныл сæмбæлдис æбуалгъ хабар... Хъæуккæгтæй чидæр гадзрахатæй рацыдис æмбæлттыл. Уыдон урс тырысатимæ ацыдысты зиаджы зефсæдты размæ æмæ сæхи радтой. Урс бандæтæ хъæуы уынгты февзæрдысты, фыдмитæ кæнынц адæмæн. Макæсын чи зæгъа? Мæнæ иу уынджы урс æфсæддонтæ сæ разæй стымбыл кодтой дуне адæмы æмæ сæ фæтæрынц. Кæдæм? Цæмæн? Урс тырысатæ куы кæм фæзынынц, куы кæм. Хатгай маиу иугай гæрæхтæ райхъуысти. — Цæй, ныр хæцæн нал ис, Афснайут пулемет, бахъахъхъæнут уæхи! Æз, уæлæ адæмы фæстæ скæсон! — Куыдзи æдгæрзтæ фæраст, урсытæ уацары кæй фæцæйкодтой, уыдонмæ. Хъуамæ сын сæ бæрæг базона, хъуамæ сын истæмæй феххуыс кæна... 6 Ницы зыдта Куыдзи, уыцы сахат йæ зæронд фыд Гæбудийыл цы ’рцыдис, уымæн. Урсгвардионтæ цалдæрæй фæмидæг сты зæронд лæджы кæрты. Тыхгæиджытæ йын раластой йæ бæхтæ... Æсхуыстытæ йын кодтой йæхи. , Куыд сын ныббарстаид йе ’фхæрд зæронд лæг! Хæцæнгарзæц ницæмæй рæвдз уыд, фæлæ йæ домбай. къухтæй фæлæбурдта æфсæйнаг сагоймæ. Æгады цардæй мæлæт хуыздæр у... Цалдæр минуты фæстæ урсгвардионтæтщыууæ сæ туджы мæцгæйæ мардæй лæууыдысты зæронд лæджы кæрты. Фæмард Гæбуди йæхæдæг дæр. Æнæхъæн взвод ыл æмхуызонæй р’адтой залп. Сæмбæлд ыл дыууиссæдз иæмыджы... Куыдзи тагъд кодта, урсгвардион афицерты къорд сæ ра•64
зæй уацары кæй фæцæйтардтой, уыцы адæммæ. Кæмæдæрты сæ радтой урс тырысатæ, афтæмæй сæ тардтой хъæуы астæу фæзгондмæ. Уырдæм куы ныххæццæ сты æмæ Урс æфсады булкъоп Гайдашев семæ ныхас кæпын куы райДыдта, уыцы рæстæг сæ цурм’æ бацыд æд гæрзтæ Куыдзи дæр. Иæ фидар уæхсчытыл аив фидыдтой йæ хæцæпгæрзтæ. Уый æввахс бацыди булкъонмæ, лæмбынæг æм хъуыста. Булкъон домдта адæмæй хорз бæхтæ, æвзист сæргътæ. Карз æртхъирæнтæ кодта йæ уацайрæгтæм. Стæй фæкомкоммæ Куыдзимæ. Кондджып, гæрзифтопг лæппулæджы афицер фæхудта. Æпхъæл уыд, кæд сæм йæхи раттыпмæ фæзыпд, зæгъгæ. — Ды афицер, миййаг, пæ дæ?—бафарста Гайдашев Куыдзийы. — Æз афицер дæн. — Æмæ дæхи махмæ дæттыпмæ хъавыс? — Ай-гъай! Раздæр уал уæм мæ гæрзтæ раттон, стæй мæхи. Адæм дисты бацыдысты, Куыдзийæ сæ цæст нал истой. — Кæмæ раттон мæ гæрзтæ, дæ бæрзонддзинад? — Æри сæ ардæм! — Гъа, айс сæ! — цыма кæрæбип йе уæхскæй иста, афтæ йæ рæвдз æрзылдта размæ. Булкъопæн æй йæ тæккæ риуыл иыццавта. Уыцы иу нæмыгæй фæмард Гайдашевæп йæ фарсмæ чи лæууыд, йе ’ххуысгæнæгыл кæй пымадта, уыцы афицер дæр. Ноджыдæр ма цалдæр æхсты— цалдæр марды. Адæм фæнпæрдæм фæпырх сты. Афицертæй ма иу алыгъд, æмæ хиды бын кæмдæр амбæхст. Къолойы-фырт уый нал ауыдта, фæлæ æхсарджынæй сидти адæммæ: — Горæтæй’нып æххуыс æрхæццæ, æмбæлттæ, тæрсгæ ма кæнут. Цæвут знæгты! Хиды бынæй рахъуызыд урсгвардиоп æмæ фæстæрдыгæй йæ джебогъæй барæхуыста Куыдзийы. Куыдзи ма уæддæр фæцырд йæ марæгмæ, фæстæмæ йыл бапымадта кæрæбины судзгæ нæмгуытæ... Уый фæстæ йæ адæм уæззау цæфæй схастой уæллаг сыхмæ, йæ хомæ. Уырдæм æм цыдысты, йæ цуры бадтысты. — Лæгиу бон гуыргæ ракæны, иннæбон та—мæлгæ. Уым хъыгагæй ницы ис. Тæрсын æрмæст æгаддзипадæй хъæуы,— дзырдта Куыдзи йе ’фсымæртæ, йе ’мбæлттæн. Нæ йын ской кодтой йæ фыды марды хабар. Хо æмæ сæ кæстæр æфсымæр Барис сæ кæуын нæ урæдтой. Æмæ уæд Куыдзи æфсымæрæн карзæй бауайдзæф кодта: — Лæгæи тохы рæстæг кæуын ие ’мбæлы. Гсоргимæ кæ5 Сагхъазæны 65
сыс, куыд фидар лæууы! О, мæнмæ Георги алкæддæр нæ фыдау фидарзæрдæ, хъæбатыр касти. Мæ фыды сымахыл фæдзæхсын. Зæронд, сывæллонау, тæнзæрдæ у. Фьтдæбонджын, æдзард уыд нæ фыд. Уыцы ныхæсты фæстæ йæ усмæ хæстæгдæр басидти: — Чысыл ацардыстæм, Нинæ. Хорзæй дын ницы фæдæн. Ныххатыр мын кæн! Саби де ’уазæг, куы бахъомыл уа, уæд ын. иу ракæ сæрибар фæз, сæрибар, уынджы тауырæгъ... Сахъгуырды хъуыр ахгæдта, йæ улæфт ын баурæдта æнæхатыр рис... Раджы уыди уый. Дзæвгар азтæ рацыдис уæдæй нырмæ. Фæлæ ма ис абон дæр Къолойты Куыдзийы номыл Чырыстонхъæуы уынг. Уадз æмæ йæ фæсивæд зоной, макуы ферох кæной хъæбатыры иом...
«Мах хуызæн мардмæ нæ цæуынц æндæр рæтты... Фезмæлæн нал уыдис абон нæ уæлмæрдты». Уыцы дыууæ рæнхъы кæцæй ист сты, уый, æвæццæгæн, сымахæй алчидæр зоны. Раст зæгъгæйæ, уыцы ныхæстыл бирæ хæттыты ахъуыды кæнын. Мæ зæрдæ мæм афтæ сдзуры, цыма, нæ адæмы æгъдæуттæй фыдæлтæй нырмæ хорзæй цы баззад, уыдонæй сæ иуæн æвдисæн лæууынц... Ахъуыды-ма кæнут, цал æмæ цал хатты хуындæуыд сымахæй алкæй дæр чындзхон, чызгæрвитæг, номæвæрæг. Алкæд нæ ацæут. Цины хъуыддаг æнæ дæу дæр ацæудзæн. Нæй афтæ зæгъæн зианы сахат. Зиан циндзинадæй хистæр у. Уым æгъдау раттын хъæуы. Зианджынæн йæ зыны бон йæ фарсмæ балæууын — мах адæммæ стыр хæсыл нымад сты. Ам «нæ цæууын» нæ зæгъдзынæ. Æвзæр бон æмæ йæ дард фæндаг дæр нæ бауромдзысты. Уæлдайдæр та, зиан адæмы куы уа, уæд. Ома, лæг канд йæхи бинонтæн нæ, фæлæ хъæубæстæн, адæмæн æмхуызонæй куы амæла, уæд... Гъе, ахæм зианы фæдыл ацыдыстæм мах æрæджы горæтæй суанг уæртæ Æрæфы фале Кæсæг-Балхъармæ хæстæг ирон хъæумæ, 67
Пæ дзурдзыиæн, цас адæм æрæмбырд мардмæ, цас цæссыг ыл фæкалдтой, ’йæ ингæпы уæлхъус цæйбæрц зæрдæбын ныхæстæ фæчынд, уыдæттыл. Ме ’мбæлттæй цыдæр æгъдауæй фæхицæи дæн. Уыдои фæцнæ-фæйнæ раиы лæуд фесты.., Ахæм ран чидæриддæр æрбалæудзæн дæ цуры, уæлдайдæр дардæй æрцæугæ уазæг дæ, уый куы зона, уæд. Сæ цæст дæм фæдардзысты зианджыны сыхæгтæ, йæ хæстæджытæ. Арфæ дын ракæндзысты. Чи зоны, хабæрттæй дæр дæ афæрсой.., Уый, æвæццæгæн, чи ’мбæлы, ахæм æгъдау у. Зианджыпæн йæ зыны сахат йæ цуры чи ’рбалæууыд, уыдонæн салам раттын йæ бон нæ вæййы. Уыцы хæс сæхимæ райсынц йæ хъæубæстæ, йæ хиуæттæ. Хæстæг лæуд мæм чи фæцис, уыдоиæй .мæм цалдæр æрбацыдысты. Сæхицæн хæсыл цы нымадтой, уый-иу бакодтой, стæй-иу уæд аивæй иуварс алæууыдысты. Мæ цурмæ æрбацыд ныллæг, фæлæ стæвдтæарæзт ацæргæ лæг, йæ цæсгом — хæбуздзыхъхъытæ. Кæд мартъийы хур дзæбæх тавта, уæддæр ууыл уыдис ног синджын кæрц æмæ бухархуд, йæ къæхтыл рог цырыхъхъытæ къалостимæ. Кæрц кфд чысыл дæлæсингомау уыд, уæддæр ыл худ æмæ къахыдарæсимæ дзæбæх фидыдта. Йæ ных зына-нæзына рахид... Хæрзхуыз, йæ уæрæх цъæх цæстытæ куыддæр æнахуыр æрттпваг уыдысты æмæ йын, куы хъæлдзæг мидбылты худтæй, куы та сагъæсхуызæй, йæ зæрдæйы уаг æвдыстой. Рагон зонгæйау мыи салам радта, мæ къух мын алхъывта. — Ай зæронд дæр куынæ кæныс, ме ’рдхорд! Дæ,урс сæрыхъуынтæ дæ азтыл комдзог куынæ цæуиккой, уæд æппындæр дæ лæппуйы хуызæй ницыма аппæрстай. Уæдæ ма мæнмæ æрбакæс. Цас кардæрхуыз дæн дæ цуры. Афтæмæй та мæ хистæримæ сымах æмгæрттæ уыдыстут. Нал мæ хъуыды кæныс? — Куыд нæ! Хъуыды ма дæ кæнып!—гæды иыхас загътон, мæ цæсгом ссыгъди. Æвæццæгæн, фæсырх дæн. Лæгыл лæмбынæг дæр мæ цæст ахастои. Нæ! Никуы йæ федтон. Мæ фарсмæ лæууæгмæ фæдзырдтой, æмæ тагъд-тагъд ауад. Уæлмæрд уыдис хъæуæй иуварсгомау, бæрзонд ран.Æз мæ алыварс мæ цæст ахастон. Хуссарвæрсты фæсалыл хызтысты иугай фыстæ, стуртæ. Кæйдæр хæдзарæй уасыдысты рагзад уæрыччытæ. Æвæццæгæи æхсырхъуаг уыдысты. Егъау цъæхсæр скъолайы тыргътæй хъуысыд сывæллæтты хъæлæба. Хъæугæрон кæмдæр хуым кодта трактор... Ацы хъæуы рагæй нал уыдтæн æмæ дзы цы ивддзинæдтæ æрцыдис, уыдонмæ æхсызгонæй кастæн. Æрæмысыдтæн мæ рагон фысымты. Нал сæ базыдтаин, сæ цæхæрадоны стыр 68
обау -куынæ уыдаид, уæд. Фæлæ ныртæккæ фемдзаст дæн уыиы обаумæ, фæкомкоммæ дæн кæрты се ’стыр кæрдо бæласмæ дæр... Ме ’рдхорд Хусины кæрт! Мæ сонты бонты фысЬшуат! Цымæ цы баисты сæ бинонтæ? Рагон обау æмæ стыр сæрдыгон кæрдо бæлас уым сты, фæлæ... Раджы уыд уый. Хусинимæ мах уæд куыстам окруджы фæскомцæдисы комитеты. Округ дард уыд ардыгæй. Фæлæ ме ?мбалимæ ардæм, уый хъæумæ, арæх æрбауайаг уыдыстæм. Сæрдыгон-иу уыцы кæрдо бæласы бын уагътам нæ фæллад. Хаудысты-иу бурварс, рæгъæд кæрдотæ... Кастæн сæм. Бæлас бæрзонд фæцыди. Цæхæрадоны астæуæй дзæбæх зыны обау дæр. Хуссарварс йæ миттæ атадысты. йæ сæр тымбыл фынгау лæгъз, даргъгомау бандон дзы... Дæс æмæ ссæдз азы размæ... Нæ! Нæ! Цыппæрдæс æмæ ссæдз азы размæ-иу æз æмæ Хусин — æрыгон сагсæр лæппутæ, уыцы обауы сæр арæх абадтыстæм. Нæ цин дæр иумæйаг, нæ хъыг дæр. Хусинæн уыд мад, хо æмæ кæстæр æфсымæр. Æз сæм æфсымæры зæрдæ дардтон. О, ай-гъай, рæсугъд, сыгъдæг æмæ тыхджын вæййы уыцы кары æрыгон лæппуты лымæндзинад!.. Цы бæстыхæйттæм кастæн, уыдонæй мæ цæстытæ аскъуынын нал куымдтой. Мæ хъуыдытæ мæ хастой ме ’взонджы бонтæм. Æвиппайды мæ цæстыты цур фæзындысты ме ’мгары мад Госæда æмæ йæ хо Муслимæты сурæттæ. Чызг йæ мады халдих — бæрзондгомау, уæнгджын. Урсцъар. Æдзухдæр — худæндзаст... Кæуылты уыд, уæды рæстæджы-иу фæндыр кæмæн балхæдтой, уыцы ирон чызджы циндзинад! Хъæубæстæ-иу уайтагъд базыдтой: чи æмæ йын æй кæм балхæдтой, цæй аргъ уыд... Муслимæтæн уый æз æмæ Хусины лæвар уыд. Горæты цавæрдæр конференцийы уыдыстæм. Дуканийы йæ бирæ фæндырты æхсæнæй равзæрстам. Æмæ-иу сæм уый фæстæ искуыиухатт куы фæзындыстæм, уæд-иу уайтагъд нæ цуры февзæрди Муслимæт. Зæрватыккау-иу нæ йæ хъæлдзæг цъыбар-цъыбурæй барæвдыдта. Мах-иу дзы ракуырдтам, цæмæй нын йæ фæндырæй ацагътаид. Уый-иу йæ мадмæ бауадаид, худгæйæиу ын ахъæбыс кодтайд: — Ацæгъдон сын, нана? Госæда-иу æм йæ цæст æрныкъуылдта, ома, ацæгъд. Чызгиу не ’хсæн сбадтис обауы сæрыл. Сыхбæсты-иу æрыхъусын кодта йæ диссаджы цæгъдтытæм. Мах-иу ын Хусинимæ бахъырныдтам. 69
Цæрæг хæдзарыл нымад нæ уыдысты. Галуæрдоны фæд сæ кулдуарыл цал хæттыты бауади, уый хъуыды кодтой. Иу хъуг, цалдæр сæгъы, кæрчытæ, хъæмпынсæр æмæ зæхбын цæлгæнæн. Хæдзары сæрыл æмбæрзæн дуртæ ранæй-рæтты — сæстытæ, къахыртæ. Рудзгуыты æвгтыл гæххæттæй æмхасæнтæ, сæ дуæрттæ—зыхъхъыртæ... Сæ ныллæг скъæты рагъхъæд фæтасыди, дардæй бакæсгæйæ уыдис стыр теуайы рагъы хуызæн. Мидæгæй та-иу хæдзар уыдис сыгъдæг, æфснайд. Мæ цæстытыл ауади Муслимæт. Уый-иу нын сæрдыгон тæвд боны ирон хъæзын къусы уазал дон куы рахаста кæрдо бæласы бынмæ... Мах-иу Хусинимæ æхсæв иу сынтæджы дæлфæдтæ-уæлфæдтæй куыд ф,ынæй кодтам, Бинонтыл не ’ххæсыдысты хуыссæнтæ. Сæ фыд граждайнаг хæсты фæмарди. Фæлæ ног дуджы сидзæртæ сæ мады фæрцы рахъомыл сты, сæхиуыл фæхæцыдысты. Фæллой кæнын уарзтой, сæ цард раст уагыл аразынмæ арæхстысты. Уæлдай кусагдæр басгуыхти ме ’рдхордæн йæ кæстæр: лæджы бындзæфхад, фыдуаг, цæрдæг æмæ куыстмондагæй цъыччытæ кодта... Æнæдон ададжы дон рауагътаид, дуры бынæй дæр йæ хай скъахтаид. «Цымæ цы хуынди уыцы лæппуйы ном? — фарстон мæхи. Мæ дæлæвзаг рауай-бауай кодта: «Гацыр»... «Хачыр»... «Батыр»... Нæ, нал æй хъуыды кодтон... Бухархудджын та мæ цуры февзæрд. Загъта: — Æнхъæлдæн æмæ ацы фæдыл аздæхынвæнд кæнут? Æнцон нæу ахæм ран фынгыл сбадын. Фæлæ ардыгæй горæтмæ æххормагæй ацу, уый дæр цас аив уыдзæн. Де ’мбæлттимæ уал нæм рацæут. Хæстæг цæрæм. Диссагæй уын ницы сараздзыстæм, уæхи ахъарм кæнут. Афтæ ’мбæлы! Бинонтæн дæр æхсызгон уыдзæн!.. Уый мын хионы ныхæстæ кодта. Æз та мæхи æфхæрдтон: «Хъуыды ма дæ кæнын, зæгъгæ, йын загътон... Йæхæдæг дæр мæ кæимæдæр ивддзаг кæны...» Лæг фидарæй сфæнд кодта: ’ цыфæндыйæ дæр мæ хъуамæ сæхимæ ахона. Цы ма загътаин, араст дæн йемæ... Уынджы иучысыл куы ацыдыстæм, уæд та мæм худæндзастæй æрбакастис: — Æнхъæлдæн æмæ мæ нал зоныс? — Раст зæгъыс... Стæй дæ цыма иикуы... — Никуы федтон, зæгъынмæ хъавыс? Æмæ мын уæд æрдæбон «хъуыды ма дæ кæнын» куы загътай. — Уый мын æнæрхъуыды ныхас уыд... Ды дæр мæ кæимæдæр ивддзаг кæныс? — комкоммæ дзуапп радтон æмæ мын уымæй фенцондæр. 70
Мæ хонæг дæлиауæй ныуулæфыд. Стæй та йæ цæстытæ уыцы хъæлдзæгæй ферттывтой: — Ай-гъай, Тамби! Æз дæ сæдæ азы фæстæ дæр базыдтаин! Æз Хусины кæстæр... Гуыцыр дæн!.. Дыргътæ-иу уын куы давтон?.. Цавæрдæр бонджынты цæхæрадонæй?.. «Гуыцыр!.. Гуыцыр!.. Хусины кæстæр. Дыргътæ...» — джихæй аззадтæн. Ноджы йæм æдзынæгдæр ныккастæн. Фæндыдис мæ кæддæры æрыгон фыдуаг лæппуйы базонын, уый фенын. Фæлæ сæ баиу кæнын мæ бон нæ уыд. Лæппуйы ныв хицæнæй уадис мæ цæстытыл. Уый уыд хæрз æрыгон, цæрдæг... Мæ цуры та лæууыди æнахуыр ацæргæ лæг. Æрмæст дæр мæм йæ цæстыты иу ферттывдæй фæзынд мæ зонгæ æрыгон лæппуйы хуыз, йе ’хсидгæ зæрдæ. — Ау, æппын мæм мæхи хуызæнæй ницуал ис? — уыцы хипдзастæй та мæ афарста. Нырма йæм ныр фæкомкоммæ дæн, мæ рæдыд бамбæрстон. Гуыцыр йæхи зæронд хуыдта. Уый мæнг ныхас уыд. Мæ цуры лæууыд цæхæрцæст лæппулæг æмæ йын йæ фарстæн æз дæр дзуапп радтон: — Нæ, ды де ’рыгон митæй æппындæр ницыма аппæрстай: Нырма дæ тæккæ лæппуйæ дæ!.. Куыдтæ сты уæ бинонтæ? — мæн фæндыдис уыдонæн сæ нæмттæ анымайын: Госæда, Муслимæт, Хусин, фæлæ мын уый мæ ныхас айста: — Дзæбæх... Æрмæст... де ’рдхорд Хусин... Сталинграды хæстæй нал æрбаздæхт... — Æмæ йын бинонтæй ницы баззад?.. — Хæсты агъоммæ Мæскуыйы куыста. Уырыссаг ус ын уыд. Йæ дыууæ лæппуйы стыртæ сты... Сæ мадимæ цæрынц. Арæх сæ райсæм писмотæ... Нанайæн мацы ской кæн... Иæ зæрдæ риссы... Хусинимæ иумæ кусгæйæ цалдæр хатты систам нæ къамтæ... Фыссынырдæм дæр æмхиц уыдыстæм... Цымæ уыдонæй ницыуал баззади? Афæрстытæ кодтон Гуыцыры. Уый загъта: сты ма уыцы къамтæ... йæ фыстытæй дæр цыдæртæ баззад. Ног хæдзары кæртмæ бацыдыстæм стыр кулдуарыл. Гуыцыр кæлиткæйы цæг фæзылдта æмæ загъта: — Ам сты. Æфсæйнаг къахсæрфæнтыл нæ къалостæн сæ цъыфтæ асыгъдæг кодтам. Кæрты иуварсгомау лæууыд нæ машинæ. Ууыл æрæмбырд сты хæрзхуыз, хæрзарæзт сывæллæттæ. Кæцæйдæр нæ размæ рауади къаннæг, тæитъихæг чызг. — Уæ къалостæ раласут. Æз уын сæ ахсон! — Æмæ уазæгæн «æгас цу» та цæуылнæ зæгъыс? 71
Чызг къæмдзæстыгæй бахудти æмæ мæм æрбацыд, мæ къух мын райста. — Стыр чызг ауы, мæ хур! — кæсгæ йæм баззадтæн. Цыма йæ рагæй зыдтон, афтæ мæм сдзырдта мæ зæрдæ. Уый къалостимæ хиæхсæнмæ бацыд. Гуыцыр мæм бахудти: — Никæй хуызæн дæм кæсы? — Кæсы, фæлæ... — Нæ хо — Муслимæты чызг у... Дыууæйы моймæ арвыста. Йæ хистæр лæппу æфсады ис, кадровик у, мæ хæдзар, дæлбулкъон! Ноджы ма йын кæстæртæ дæр ис. — Диссаг, йæ мады цæрмæстыгъд бакодта... Уæдмæ та, машинæйы цур чи лæууыд, уыдонæй иу лæппу æрбауадис. Туг æмæ æхсыр æмхуызонæй хъазыдысты йæ цæсгомыл, йæ цæстытæ æнахуыр тыбар-тыбурæй æрттывтой, цæмæ февналон арæзт уыди. — Папæ! Шофыр нын йæхæдæг загъта... Уадзыс нæ машинæйы бадын? — Дæд уын йæхæдæг бар радта, уæд цæуылнæ. Лæппу азгъордта фæстæмæ. Сабитæм кæсгæйæ, мæ зæрдæйы цавæрдæр циндзинад фæзынд. Æхсызгонæй ныххудтæн: — Гъе уый дын Гуыцыр, гъе! Бауырнæд дæ, дæ фырт мыл искуы куы сæмбæлдаид, уæд дæ уымæ гæсгæ æрхъуыды кодтаин... Мæ ныхæстæ æхсызгон уыдысты Гуыцырæн, фæлæ мæ йæ мидбылты худт æмбæхста, йæ ныхас иннæрдæм аздæхта: — Гъе адок дын нæ ног хæдзæрттæ, Тамби, æрæджы сæ скодтам. Ирон лæг, дам, хæдзар-хæдзаргæнгæ райгуыры æмæ хæдзар-хæдзаргæнгæ амæлы. Фæлæ дзы мах æвзæр нæ цæрæм. Æз та ног бæстыхæйттыл, кæртыл мæ цæст ахастон. Агуыридур галуаны бын—пъадвал. Хæдзарæн хурыскæсæнырдæм— егъау тыргъ авгæй æхгæд. Цемент-асинтыл схиз, бацу тыргъмæ. Галиуырдæм—иу дуар, комкоммæ—дыууæ дуары. Дуæрттæ—ахуырст, се ’хгæнæнтæ, рахæцæнтæ — æрттиваг. Мах фыццаг уыдонæй кæройнагмæ бацыдыстæм. Уат ницæмæй хицæн кодта горæтаг хæрзарæзт уатæй. Гауызæй телевизоры онг дзы алцы дæр уыди. Мæ хъустыл ауад сылгоймаджы барджын хъæлæс: фæкастæн æм æмæ федтон: дуарыл æрбахызт бæрзонд, цардхуыз ацæргæ ус, йæ уæлæ сау даргъ къаба, сау сæрбæттæн; йæ далитæ фæхалас сты. — Тамби! Куыд ма нæм фæрæдыдтæ! Рухсаг фæуæд уыцы лæг... ды ардæм кæй фæдыл æрцыдтæ!.. Базйдтон Госæдайы. Æваст æм сдзурын не ’сфæрæзтон. Йæ хъæбысы мæ æрбатыхта. Æз дæр æм мæхи бакъул кодтоп. 72
Цæмæдæр гæсгæ мæ цæстытæ донæй айдзаг сты. Æз хатыдтон, ныййарæджы зæрдæ йæ риуы куыд тæлфыд, уый. Ме уæхскыл мын æрывæрдта йæ сæр. Мæ хъустыл уадысты йæ фæлмæн ныхæстæ: — Куыд... куыд нæ ферох кодтай, Тамби, гормон, куыд!.. Лæппуйæ дæуæй мын хъауджыдæр куынæ уыд... Йе ’фсымæрæй дæ фылдæр куы уарзта... Æз æмбæрстон: мад кодта Хусины кой. Мæ уарзон æмгар... мæ сонты бонты хæстæгдæр хæлар Хусины кой. Куыд сраст кодтаин мады раз мæхи? Цы йын хъуамæ загътаин? Зæрдæйы æрхæндæг мын ахгæдта мæ дзых. — Ныххатыр кæ, Госæда!.. Æз т-ынг... тынг аххосджын дæн дæ цуры!.. — Нæ, нæ! Цытæ дзурыс уый, Тамби! — йæ цæсгом æвиппайды фæрухсдæр æмæ ныфсджынæй загъта: — Цин æмæ маст кæд æфсымæртæ сты, мæ хуртæ, уæддæр сæм иухуызы бартæ нæй!.. Маст æнусмæ нæ вæййы... Цинæн та кæддæриддæр зæрдæмæ уæрæх фæндаг ис. Ныфс æмæ цин адæймаджы базыртæ сты... Уыцы базыртæ хъуамæ æдзухдæр фидар уой, æнцой макуы зоной!.. — Фæхъус и, æмæ ма загъта: — Тæхуды, Тамби, чызг дæ куы федтаид! Æвæццæгæн ма уый зианджынтæм ис!.. Куыд дæ фæмысы!.. Нæ чызг Муслимæтæй зæгъын! Хъуыды ма йæ кæныс? — Куыннæ! Мæн нал хъуыды кодта Тамби. Æндæр ма Муслимæтæн йæ чызджы дæр базыдта, — фæцырд Гуыцыр. — Искæй ма йæм фервит сывæллæттæй, лæппу. Хуымæтæджы æхсызгон ын уыдзæн йæ фенд. — Ам ис, уый зоны, нана, зоны! Æз ын æй загътон. Тагъд æй ардæм хъæуы. — Хорз, мæ хур, хорз!.. Зæронд мад, афтид стъолы уæлхъус фæбадтыстут, зæгъгæ,. уатæй ауади.
(Фиййауы боныгæй) ХÆДДЗУРГÆ ЧИНЫГ Ехх, æвæдза, цæй диссаджы рæсугъд сты Тары хæхтæн сæ дæлвæзтæ! Мæ уд, мæ цæст — уалдзæг ам сæрвæттæ куы райхъал вæййынц, цъæх хъæдабæйау куы ферттивынц сæ хуссæрттæ, сæдæ хъæлæсæй куы айхъуысынц мæргъты зарджытæ; арвы талынгты ленкгæнæгау куы фæтæхынц дардмæ уынаг хъæбатыр цæргæстæ, се ’ргом куы саразынц хæхты сæрмæ. «Фæскъæвда хурбон, уымæл ривæддон — фиййауы сæнттæ, гъей, гъей!» — афтæ куы ныззарынц ме ’мбæлттæ, кæмттæ, къæдзæхтæ куы афæзмынц зарæджы ныхæстæ; райгонд куы вæййынц фиййæуттæ, урс-урсид, сау-сауид уæрыччытæм кæсынæй куы нæ фефсæдынц; дзугтæ куы фæхизынц цъæх кæрдæгыл. Сæ иу кæронæй иннæмæ фиййауы æхситт куынæ фæхъуысы... Науæд уалдзæг сæрдмæ куы рахизы: уæрыччытæ куы байрæзынц, далыстæ куы фестынц, сæ цармыдзаг куы свæййынц, æнтæф бон ривæд куы фæкæнынц... Гъе, ахæм райдзаст сæрдыгон бон скодта махыл Таркомы. Бæрзонд цъититæ тайынц æмæ æнусон æхсæрдзæнтæ, пырх калгæ, хъазгæ згъорынц кæмтты. Нæ фосы дзуг ривæд кæнынц Æхсырдуцæны бæрзондыл. Уый сæрдыгон хизæнтæн сæ рæсугъддæртæй у. Йæ алыварс — кæмттæ, къæдзæхтæ æмæ адæгтæ. Йæхæдæг та—лæгъз
æмæ уæрæх. Зымæг дзы лæджы æмбæрц æруары мит, рагуалдзæг цъæх-цъæхидæй сæрттивынц йæ хуссæрттæ. Сæрд рæсугъд сфæлынды йæхи алыхуызон дидинджытæй. Гауызтау сæвдисынц сæхи парахат хизæнтæ. Ардæм хорз зынынц хæхты цъуппытæ, арвгæрæттæ. Ривæддон урс-урсид дары фысты дзугæй. Мах Алхазимæ йæ иу кæрон лæууæм. Уый нæ хистæр у. Æдзухдæр — æнæрынцой, æнæвдæлон. Куы къуылых фысы къахимæ архайдзæн — тæнæг къæцæлæй йын æнцæйттæ амайдзæн æмæ йын æй бæтдзæн, лыстæг дуртæй йын æй сыгъдæг кæндзæн... Изæрыгон йæ алыварс амбырд вæййæм. Таурæгъ нын таурæгъы фæдыл райдайы. Мах — Алхазы кæстæртæ. Нæ иу — Дзасарбег. Къуыри иу хатт уæддæр цуаны куынæ ауайа, Сагджыны рындзтыл куынæ азила, уæд ын йæ) цард ад нæ кæны. Цæуы йыл дæс æмæ ссæдз азы. Мæнæй æмбис хистæр у, Алхазæй та æмбис кæстæр. Ныр дæр та Цегирайы цæгæттæм цуаны ацыд. Исты куы фехса, уæд æй мах æнæбазонгæ нæ фæуыдзыстæм. Топпы гæрæхтæ ам дардмæ хъуысынц. Дæлейæ, нæ мусонджырдыгæй хъуысы иннæ кæстæр, нæ бынатгæс Солтаны зарæг. Лæппу йæхæдæг нæ зыны ардæм, фæлæ йын йæ зарæг хæххон уадымс хæссы. Солтанимæ æмгæрттæ стæм, уæддæр фиййæутты æгъдæуттæм мæнæй дæсныдæр у. Уый тыххæй йæм хауы не ’хсæн æртыккаг бынат. Дзуджы иннæ кæронæй, кæрæдзийы расур-басургæнгæ, æрбазгъорынц мæ кæстæртæ — Сахан æмæ Сослан. Æз сын аивæй æмбарын кæнын: — Иучысыл ма уæ бынæтты æнцад æрбадут! Нæ уынут, Алхаз цæуылдæр кæй хъуыды кæны, уый? — Æмæ нын исты радзурдзæн? Уæд сбаддзыстæм, — сæ цæстытæ мæм пыкъулынц, амонынц мын Алхазырдæм. Уый нын, æнхъæлдæн, нæ ныхæстæ хъусы. Махырдæм нæ кæсы, фæлæ, цæмæдæр гæсгæ, йæ мидбылты худы. — Зæгъ-ма, Алим, хæддзургæ чиныгæн... Кæд та нын исты таурæгъ радзурид. Хæддзургæ чиныг мах Алхазы хонæм. Æз æм кæсын æмæ мæм мæ хъуыдытæ сдзурыпц: цымæ цы уаиккам мах, Таркомы уæтæргæстæ, æнæ Алхаз? Тызмæг ныхас никуы фехъуыстам нæ хистæрæй. Кæй нæ йæ къона схоны, кæмæ мæ хурæй сдзуры, кæмæн дæ рынтæ (Захæрон фæзæгъы, кæй дадайы карк схоны. Дзых зæрдæйы дуар у, адæймагæн йæ дзыхы ныхас йæ зæрдæйы уаг æвдисæг у. Кæд азтæ сæ уæззау фæдтæ лыстæг ауæдзтæй ныууагътой Алхазы цæсгомыл, уæддæр ма æрыгон у йæ зæрдæ. Цæрдæг — йе уæнгты змæлд, рæуæг — йæ къæхты айст, фæл76
мæн — йæ мидбылты бахудт. Мах йемæ кусынæй никуы бафæлладыстæм, никуы йын бафсæстыстæм йæ таурæгътæм хъусынæй. Нæ хистæр Саухъæдты тъæпæнтæй, æрдузтæй, рындзытæ æмæ хизæнтæй кæм нæ уыд, кæй нæ зоны, ахæм нæй. Алкæмæн дæр сæ сæрмагонд ном ис. Сæ нæмттимæ баст сты сæ хабæрттæ. Бафæрсут уыцы бынæттæй алкæцыйы тыххæй дæр Алхазы. Цæмæн хуинынц «К/ьауырейы хох», «Сагхъазæн», «Тумары ком», «Æхсырдуцæн»? — æмæ уын таурæгъ таурæгъы фæстæ кæндзæн. Ам уал уын радзурон Алхазимæ фыццагдæр куыд базонгæ стæм. Нæ хъæу стыр у, цæрджыты сегасы дæ зæрдыл кæм бадардзынæ. Æз никуы федтон Алхазы, уæвгæ йын йæ кой арæх хъуыстон. Уый — колхозы фосгæс — хъæдæй хъæумæ арæх не ’фтыдис. Æз цыдтæн скъоламæ. Дæсæм кълас каст куы фæдæн, уæд сфæнд кодтон хъæууонхæдзарадон институтмæ бацæуын. Фæлварæнтæ лæвæрдтон механикон факультетмæ. Институтмæ бахауыны тыххæй ссæдз балы хъуыди. Мæнæн та æвддæсæй уæлдæр не ’схæццæ сты. Сæйрагдæр дзы цы предмет хъуыди — математикæ, уымæй райстон æртæ. Уæлдæр скъоламæ кæй нæ бахаудтæн, уый кой дæр не ’скодтон. Фæлæ адæмæй цы хъуамæ бамбæхсай? Хабар суанг колхозы правленийы дæр базыдтой. Иу сæрдыгон райсом мæм раджыгомау фæсидтысты уырдæм: — Ды, Алим, æвгъау дæ дзæгъæл бадт кæнынæн. Таркоммæ нын фиййауæй ацу. Фæсмон нæ фæкæндзынæ. Хæддзургæ чиныгимæ уæтæры иучысыл куы ацæрай, уæд дæ дæ къах никæдæмуал хæсдзæн. Хæддзургæ чиныг йæхæдæг дæр æмбалæн дæ хуызæн лæппуты агуры. Уый дæ хорз фиййау, стæй рæвдз цуанон рауайын кæндзæн. Иунæг нæ уыдзынæ, ис ма йын кæстæр æмбæлттæ,— загъта колхозы сæрдар Тамби æмæ хиндзастæй бахудт. Уый уыди бæрзонд, бæзæрхыгарæзтытæ. Мæхи æмбарынхъом куы фæдæн, уæдæй нырмæ Тамби колхозы сæрдарæй кусы. Зæрдæвæрæн ныхас мын кодта: — Ды æнхъæлыс, Алим, æмæ дæ æз не ’мбарын? Æмбарыи. Гъе, фæлæ фæсивæд се ’ппæт æнæмæнг институттæм цæуой, ахæм закъон никуы ис. Дæ карæнæн бирæ гæнæнтæ ис. Равзар дæхицæн дæсныйад æмæ гъæй кæ дæ фæндагыл!.. Мæнмæ сæрдары ныхæстæ æфхæрæгау фæкастысты. Институтмæ фæлварæнтæ кæй не ’сфæрæзтон, æвæццæгæн мын 76
уый мæ цæстмæ дардта. Æндæр мын цæй хæддзургæ чиныджы кой кæны. — Чи у уыцы хæддзургæ чиныг? — бафарстон æй æз. Сæрдар хъæлдзæгдæрæй бахудтис. Йе ’стыр хурсыгъд къухтæ мын ме уæхсчытыл æрæвæрдта, комкоммæ мын бакастис мæ цæстытæм: — Алхаз у, Алхаз! Нæ колхозы уæтæргæсты хистæр. Дæс æмæ дыууиссæдз азы кæсы йæхи скъолайы. Хæддзургæ чиныг æй хонынц. Цин кæн, ахæм ахуыргæнæгмæ дæ æрвитæм! Иемæ ма чи ис, уый зоныс? Нæ хъæуы фидауц Дзасарбег!.. Тамби хъуыдыты аныгъуылд. Гом рудзынджы цурмæ бацыд æмæ уырдыгæй афæлгæсыд, йе ’ргом разылдта мæнырдæм æмæ ныллæг хъæлæсæй загъта: — Скæс-ма сæрдыгон хизæнтæм, цъититæм. Сæрибар цæргæсты тæхæн бынæттæ, къæлæтсыкъа дзæбидырты хъазæн айнæджытæ, æрсыты лæгæттæ. Æхсæрдзæнты сæр-сæр... Сæгъы æхсыр зæгъай, бæзджын мисын дæ зæрдæ бацагура... Дæ фос ривæд куы кæной, уæд дæ чиныг райс, уыйасдæр кæс... Демæ дæ чингуытæ, ахæссын ма ферох уæд... Ахуыр фæсаууонмæдæр кæнынц... — Фæсаууоимæ ахуыр? — цымыдисæй афарстон Тамбийы. —Æз куы никæмæн ницы загътон... — Ницы дзырдтай, фæлæ йæ æз базыдтои. Мæхæдæг дæр уырдæм бацыдтæн, фæсаууонмæ. Кæд дæ фæнды, ног хабар дын зæгъдзынæн. — Ног хабар? — Ды дæ гæххæттытæ балæвæрдтай механикон хайадмæ. Зæрдæ дын бавæрдтой, фæлæ сæм къамис ногæй æркасти: тематикæйæ сæ бынтон рæвдзытæй кæй нæ дæ, уый тыххæй дæ аивтой зоотехникон хайадмæ. Мæнæ дын дæ ног æвдисæндар... Сæрдары къухæй гæххæттæ райсгæйæ, æз джихæй баззадтæн. Куыд бирæ уарзтон уыцы факультет. Æмæ дын ныр уый та механикæ! — Уæдæ мæм уый тыххæй фæсидтæ? — æнкъардæй бафарстон Тамбийы. — Нæ! Æз дæм фæдзырдтон Таркоммæ ацæуыны тыххæй. Тынг дын феххуыс уыдзæн фæсаууонмæ ахуыры... Чи зоны, искуы дын уый дæ зæрды æрæфтауа исты наукон куыст ныффыссыны хъуыды. Цы худыс? Дæс азы фæахуыр кодтай, ныр та басмуд иучысыл царды тымыгътæм дæр... Сæрдар ныр мемæ ныхас кодта æмсæр адæймагау» зæрдæбынæй. Сæрдары кабинетмæ иугай-дыгай цæуын райдыдтой. Чи уыдысты, уый дзæбæх дæр нæ раиртæстон. — Уæдæ куыд? Цæуыс Таркоммæ? — цæхгæр афарста 77
Тамби. Æз куыддæр æрбатыхстæн. Уыцы минут мын фæстейæ чидæр мæ хъусы æрбадзырдта: «Разы дæн зæгъ, Алим». — Хъæрдæрæй йын зæгъ, хъæрдæрæй, Солтан, науæд нæ разы кæны, — райхъуыст кæйдæр ныхас. Æз фæстæмæ фæзылдтæн. Мæ цуры ауыдтон ме ’мбал Солтаны. Йæ фарсмæ лæууыдысты Сахан æмæ Сослан дæр. Уыдон мæм æртæйæ дæр цымыдисæй кастысты. Сахан æмæ Сослан ацы аз æстæм къласмæ бацыдысты. Æвæццæгæн, сæ сæрды улæфты рæстæг уæтæры арвитынвæнд скодтой. Солтан æвдæмты онг скъоламæ мемæ фæцыд, æртæ азы размæ ныууагъта йæ ахуыр. Уый æрмарæхст уыд, акуыста колхозы куырдтимæ, пълотниктимæ. Куыд фæстæмæ йæ йе ’рыгон зæрдæ хæххон сæрвæттæм, фиййæуттæм ахаста. Æз рагæй нал федтон Солтаны. Уæлдай хуызæн нæ фæци, Асæй—ныллæг. Фæлæ цыма йæ чысыл цъæх цæстытæ цыдæр æндæр æрттивæнтæ калдтой. Куы ницы дзуапп лæвæрдтон, уæд мæм хæстæгдæр æрбалæууыд, мæ къух мын нылхъывта æмæ мæ бæсты дзуапп радта сæрдарæн: — Тамби, Алим мемæ ацæудзæн Таркоммæ. Æццæй нæ, Алим? — æмæ мын мæ къахыл аивæй æрлæууыд. ’ >, Дзургæ ницы скодтон, уæддæр, æвæццæгæн, мæ бакастыл бæрæг уыд: Таркоммæ, Алхаз æмæ Дзасарбеджы цурмæ цæуынмæ цæттæ кæй дæн. Æмæ мын мæ къух фæндарасты ист ракодта сæрдар... Солтанимæ фыццаг хатт Таркоммæ куы ссыдыстæм, уæдæй нырмæ бирæ бонтæ рауадис. Иу æмæ дыууæ хатты нæ азæлыдысты бæрзоид хæхтæ нæ зарджытæй, нæ уадындзты уастæй, Дзасарбеджы топпы хъæртæй... Мемæ цы æнæфыст тетрæдтæ схастон, уыдон мæ се ’ппæтдæр бахъуыдысты: фыстон дзы нæ царды хабæрттæ. Чи цыфæнды дзурæд—æз бауарзтон хæхты астæу фиййау цæуын. Æрбалæуут-ма нæ фарсмæ Арсы хохмæ хæстæг Сагхъазæны бæрзондыл... Дзуджы кæронмæ йæхи æруагъта Алхаз. Йæ худ йæ фарсмæ æрæвæрдта, йæ зачъетæ адаудта. Мах æртæйæ: æз, Сослан æмæ Сахан йæ цуры сбадтыстæм. Ныр нæм нæ мусонгæй нал хъуысы Солтаны зарæг. Айрох нæ ис Дзасарбег дæр. Хъусæм та Алхазы æмбисонды радзырдтæм. ЗЫД ЛÆДЖЫ МÆЛÆТ ...Уынут, далæ стыр хосгæрсты хуссар къæдзæхы бынчысыл мила куыд дары. Уый Сау лæгæты бацæуæн у. Кæддæр ,æй иæ фыдæлтæ «Дæлмагуырты лæгæт» хуыдтой. Дзырдтой, зæгъгæ, дам, уым ис хæйрæджыты фысымуат. Рухсыцъыртт æм никуыцæй цыд. Уыдис æм æрмæстдæр иунæг бацæуæн. 78
Мидæгæй-талыиг — ахæм талынг, æмæ дын дæ цæсты исчийе ’нгуылдз куы фæтъыстаид, уæддæр æй нæ федтаис. Дурбын. Лæгъз къæйдур йæ къултæ. Иуныхасæй, æрдз йæхæдæг зæххы бын кæй скодта, ахæм егъау галуан. Къæвдайы æртах, миты тъыфыл æм никуы æрхаудта, хуры тынтæ йæм никуы бакалдысты. Афтæмæй та йæ къултæ—хус,зæланггæнаг... Мидæмæ бахиз, исты сдзур æмæ дæ къултæ миихъæлæсæй сфæзмдзысты. Тæккæ райсом уæ акæндзынæн уырдæм. Уæхи цæстытæй йæ фендзыстут... Бакæ дзы æнæхъæн дзуг æмæ йæ къуымы дæр нæ фæзындзысты. О, æмæ уын уый дзырдтон... Нæ фыдæлтæ йæ кæддæр «Дæлмагуырты лæгæт» хуыдтой. Уæвгæ та уыди зыд æлдар Хъантемыры лæгæт. Йæ алыварс — уый уыгæрдæнтæ æмæ фосхизæнтæ. Æнæзæхх мæгуыртæй йæм бирæтæ æххуырсты куыстой. Сæрд-иу ын дуне хос ныккарстой, фæззæг-иу æй лæгæты размæ æрластой. Æфтауцы алыварс-иу сис самадтой, цæмæй ын тас ма уыдаид дымгæ æмæ дзæгъæл фосæй. Зымæджы хъызты та фиййæуттæ æндарæнтæ кодтой Сау лæгæты. Дзугæн-иу райсомæй дæр, бонрæфты дæр æмæ изæрæй дæр хæринаг радтой æддейы миты рагъыл, стæй-иу сæ лæгæтмæ баскъæрдтой. Нæ-иу сын сырдæй тас уыд, нæ — уазалæй... Æлдар-иу æппæлыд: «Нæй мæ хостæй хуыздæр хостæ, мæ фыстæй нарддæр фыстæ, мæ лæгæтæй стырдæр лæгæт». Иу хатт куы уыдис, уæд та æлдар æмæ æххурстыты æхсæн рауадис ахæм ныхас. — Æз, уе ’лдар Хъантемыр, ме ’мсæртæй уæздандæр æмæ рæдаудæр дæн. ’ Сымах хуызæн никæй æххуырстытæ цæрынц, — мыздæй зæгъай, хæринагæй, дарæсæй. Афтæмæй та уæ мæ лæгæтæн йæ тæккæ арфдæр къуым никуыма ничи басгæрста. Тæппудтæ стут! Хæйрæджытæ, дæлимонтæй тæрсут. Искуы ма уæ искæмæ лæгдзинад разынæд, бацæут лæгæтæн йæ тæккæ рæбинаг къуыммæ. Хæснагыл уæд та! — О, нæ хорз æлдар, — сдзырдта уæд æххуырстытæй иу,— хæснагыл лæгдзинад æвдисын нæ фыдæлтæ дæр кадыл нæ нымадтой. Фæлæ иугæр дæу кæм фæнды, уым разы дæн. Æрмæст мын зæгъ: хæснагæн мын цы ратдзынæ? Чъынды уыд Хъантемыр-æлдар, тынг чъынды. Хæспагæн бирæ кæм бафыстаид, йæхицæн дæр хъуыдыгонд уыд. Фæлæ йæ уæддæр хъæбæр фæндыд йæ лæгæты арфдæр къуым басгарын — кæд дзы, миййаг, исты хæзнатæ æмбæхст ис, зæгъгæ, æмæ цымыдисæй бафарста æххуырсты: — Цæуыл сразы уаис? — Мæ афæдзы мыздмæ ма мын уæлæмхасæнæн иу уыйбæрц! 79
Иунæг æххуырсты афæдзы мызд цанæбæрæг уыд. Уæд* дæр æлдар æрбамæсты: — Талынг лæгæт басгарыны тыххæй дæ афæдзы мызд. хъæуы?! Гъы, абырæг! Цармыстигъæг! — Уæдæ дæхæдæг зæгъ: цас мын бафиддзынæ? — Цас!.. Цас! — Хъантемыры чысыл зæгъын фæндыд, фæлæ тарст, æххуырст лæппу куы нал сразы уа, уымæй, йæхинымæр баджис-къус кодта, стæй фидарæй загъта: — Мæ дзугæй дын æртæ фысы ратдзынæн! Уый дæр, мæ’ хорз зæрдæйыл кæй дæн, уый тыххæй... — Уæдæ ды, хъæбатыр æлдар, басгар дæхæдæг дæ лæгæт, æмæ дын мах нæхæдæг ратдзыстæм... — Цы, цы мын ратдзыстут? — фæцырди æлдар. — Иу афæдз дæм не ’ппæт иумæ лæвар бакусдзыстæм!— загъта фиййæутты кæстæр, хиндзастæй афарста йæ иннæ æмбæлтты: — Разы стут мемæ? — Разы стæм, — загътой æмхъæлæсæй. Æлдары кæрæф цæстытæ сæ къуырфытæй рацæйхаудысты. Æххæст нæма æууæндыд йе ’ххуырстытыл æмæ та сæ ’ афарста: — Куыд загътат, куыд? Цы мын ратдзыстут, загътат? — Иу афæдз дын лæвар бакусдзыстæм! — Уæдæ разы дæн! Цæуын ныртæккæ мæ лæгæтмæ! Иу хæйрæг, иу дæлимонæй дæр нæ фæтæрсдзынæн, хъусут? Сымах мæнæн кусдзыстут æнæхъæн афæдз лæвар!—æмæ фæраст ис æлдар, фæлæ йæ фиййæуттæй чидæр баурæдта: — Фæлæуу, иу хабар ма ис... Цæмæй базондзыстæм,. ды лæгæтæн йæ тæккæ арфдæр къуыммæ фæхæццæ дæ,. уый? — Ау, афтæмæй мыл не ’ууæндут? — Æууæндгæ дыл куыннæ кæнæм, фæлæ хæснаг æвдисæйнаг домы. Мæнæ дын цурк. Куыддæр лæгæты хæд рæбынмæ бахæццæ уай, афтæ йæ уым зæххы арф ныкъкъуыр. Мах цурк йæ бынаты къуырдæй куы баййафæм, уæд уый уыдзæн нæфембылды бæрæггæнæн. Кæд нæ, уæд та нын дæхæдæг æмбылды бынаты баззайдзынæ! — Разы дæн ууыл дæр! —загъта æлдар æмæ цуркимæ барастис лæгæтмæ. Цурк ныкъкъуырыны тыххæй ма йæм фæрæт дæр радтой. Рæстæг цыдис, фæлæ æлдар фæстæмæ никуыцæйуал зынд. Уæд æххуырстытæ ссыгътой нæзы цырæгътæ. Бацыдысты лæгæты арфмæ. Æмæ куыд æнхъæлут? Цыхуызæн æй йæссардтой? — Исты хæзнатæ йæ дзыппыты æмбæхста, æвæццæгæн? — сдзырдта Сослан. 80
— Нæ! Фæрæдыдтæ, лæппу,—загъта Алхаз æмæ ма йæ ныхæстыл бафтыдта: — Мардæй йæ ссардтой, мардæй. — Уый та куыд! Чи йæ амардта? Æцæгæй дзы хæйрæджытæ уЪщис? — Нæ! Хæйрæджытæ никуы уыдис æмæ нæй дунейыл. Уый кæрæф адæймаг уыд. Кæд йæ фырзыдæй талынг лæгæтмæ цæуын фæнд скодта, уæддæр тæппуд уыд. Цурк зæххы куы къуырдта, уæд æнæрхъуыдыйæ йæ цухъхъайы фæдджи æрцахста. Фæстæмæ куы здæхти, уæд æй цурк баурæдта. Цыдæр мæ æрцахста, зæгъгæ, фыртасæй йæ зæрдæ аскъуыд... Мах æртæйæ дæр джихæй баззадыстæм. Алхаз йæ мидбылты бахудт æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — Афтæ, мæ хуртæ, мæгуыр æххуырстытæ сæ маст райстой сæ саузæрдæ æфхæрæгæй. АРС ÆМÆ АЛХАЗ Хиуарзон куыннæ у адæймаг, æвæдза. Ие ’мбæлттæй, йе ’мкусджытæй иу къахдзæф раздæр куыд цæуа, кадджындæр, зондджындæр сæ куыд уа, уымæ тырны. Гъеныр мæнæ æз нæ дæн. Кæд цыфæнды бирæ уарзын ме ’мбæлттæ Сахан, Сослан æмæ Солтаны, уæддæр мæ уыдонæй иучысыл хуыздæр уæвын фæнды. Алхаз æмæ мæ Дзасарбег фылдæр куы уарзиккой, Алхазы таурæгътæ дæр æз иннæтæй хуыздæр куы зонин... Цæмæн афтæ у мæ зæрдæйы уаг? Нæ зонын. Цымæ ма мæ нннæ æмбæлттæй искæмæ ахæм хъуыды ис? Уый дæр зын зæгъæн у... Хур фæуырдыг кодта арвы астæуæй хæхтырдæм. Бон фæсатæгдæр. Нæ фыстæ апырх сты Сагхъазæны хуссæртты, сабыр хизынц. Æз хъуамæ сæ иу кæрон лæууон. Фæлæ мæ зæрдæ дзуры Алхазимæ. Мæ къæхтæ мæ уайтагъд уый цурмæ бахæссынц æмæ та ныхæстыл свæййæм. Мæнæн кæддæр мæ хъустыл æрцыдис Алхаз æмæ арсы æмбисонды хабар. Æцæг уыдаид, уый нæ зонын. Æмæ мæ йæ базонын фæнды. Мæ хъустыл уыцы хабар мæнæ афтæмæй æрцыд: уартæ «Галы уæзæг» кæй хонынц, уым, фыдвадат хох рæбын хæрхæмбæлд фесты арс æмæ Алхаз. Куыд, цы — бæлвырддзинæдтæ мын нæ радзырдтой. Æрмæст, дам, арс йæ быны æрнорста Алхазы, дынджыр къодæхтæ йыл самадта. Иучысыл йæ цуры алæууыд, стæй, нал змæлы, уый куы базыдта, уæд йæ фæндагыл ацыдис. Алы хаттч.Алхазы афæрсинаг вæййын, фæлæ йæм чи уæнды. Нæ, ацы хатт ын æнæбазонгæ нæй. О, фæлæ мæ ныхас цæмæй райдайон? Цæмæдæр гæсгæ мæ зæрдыл æрбалæууыд Дзасарбег. 6 Сагхъазæны 81
— Цымæ Дзасарбег куыд æрæгмæ зыны. Ницæмæй тæссаг ын у, Алхаз? — Цæмæй йын хъуамæ уа тас? Хъæбатыр, хъаруджын, цæхæрцæст æмæ рæстдзæф! — Арсæй дæр нæ? Алхаз мæм цымыдисæй æрбакасти. Цæуылдæр ахъуыды кодта, йæ цæстытæ фертт&втой: — Арс æрмæстдæр цæфæй у тæссаг. Дæ фыдгулыл афтæмæй фæхæст уа!.. — Уæдæ цæф куынæ уа, уæд адæймагмæ не ’вналы? — Æвналгæ та куыд нæ кæны! Фæлæ дзы хи хъахъхъæнын зонын хъæуы. — Æмæ ахæм тыхджын сырдæй дæхи куыд хъуамæ бахъахъхъæнай? Исты, миййаг, ныхæстæ æмбары? — Æмæ уæдæ куыд æнхъæл уыдтæ? Цæрæгойтæ се ’ппæт дæр æмбарынц фæлмæн н^ыхас. Æмбарынц цæстæнгасæй дæр. Нæ дæ уырны? Æз ын, йæхиуыл цы хабар æрцыд, уый æрæмысынмæ хъавыдтæн. Фæлæ мæхи фæуромын. — Куы ныхъхъус дæ? Фæдзур-ма мын уæдæ Наф-нафмæ. Наф-наф—нæ фиййау куиты хуыздæр, уæтæргæсты уарзондæр куыдз — йæ ном айхъуыста. Æрбазгъордта нæ цурмæ. Алхазы раз алæууыд, комкоммæ йæм кæсы, йæ къæдзил тилы, цинтæ кæны. — Кæс ныр лæмбынæг, кæддæра йæ цæстæнгас мæ цæстæнгасмæ гæсгæ куыд ивдзæн... Алхаз мидбылты худгæйæ кæсы Наф-нафмæ. Цыдæр фæлмæн ныхæстæ йын дзуры. Куыдз фырцинæй йæхи цы фæкæна, уый нал зоны. Йæ цæстытæ æнахуыр змæлд кæнынц. Йæ къæхты бын ахуыссыд. — Уæдæ ма йæм гъеныр кæс. Алхаз йæхи фæхъуынтъыз кодта, зулаив кæсы йæ куыдзмæ. Æз фиппайын: Наф-нафы цæстытæ фæуазал, фæтæргайхуыз сты. Аххосджынау сæ зæхмæ æруагъта, йæхи дæрдты ласы йæ хицауæй, хатгай ма йæм фæзилы. Нæй, йе ’рфгуыты æлхынцъ нæ халы Алхаз. Ныр бынтон хорзау нал у Нафнаф.Фæстæмæ ацыд йæ бынатмæ. — Федтай? — худы Алхаз. — О. Æмæ уый ахуыр куыдз у. Йæ хицауы æмбары. Фæлæ сырд... Арс куыд бамбардзæн адæймаджы? — Цирчы сырдтæ никуы федтай? Домбайтæ, стайтæ, суанг уырытæ... Сæрмахуыр вæййынц. Æз мæхи нал баурæдтон. Цæхгæр афарстон Алхазы: — Уæдæ, Алхаз, ды фæлмæн цæуылнæ дзырдтай, иухатт дæ йæ быны чи скодта, уыцы арсмæ. Куыд дзы фервæзтæ, 82
ууыл ма абон дæр бирæтæ дис куы кæнынц... Уыцы хабар æцæг уыди? — О, æрцыдис мыл кæддæр ахæм хабар... Уæд ма мæ тæккæ лæппуйæ уыдтæн... Гъе, мæнæ Дзасарбег ныр куыд у, афтæ... Алхазы таурæгъ мæ йемæ ахаста, ахуыдта мæ йæ лæппуйы заманмæ. Мæ цæстытыл ауади хъæбатыр цуанон лæппу. Хосгæрдæнты фæстаг бонты уыд. Таркомы хосдзауты уарынтæ хъыгдардтой, кæй ныккарстой уыдон æмбыдысты. Кæд фæбон кæнид, зæгъгæ уал хосдзаутæ сæ цæвджытæ лæгæты бавæрдтой. Чи дзы æхсæрдзуан ацыд, чи хъæлæрдзыдзуан. Алхаз та «Галы уæзæгмæ» йæхи айста цуаны. йæ хистæртæ зыдтой: афтид къухтæй сæм не ’рыздæхдзæн. Иугæр Алхаз фехста, уæд сырдтæн аирвæзæн нал ис. Иу нæ, дыууæ стыр сычъийы амардта уыцы бон Таркомы Алхаз. Æмбæлттæ кастысты сæ мусонгæй «Галы уæзæджы» хæхтырдæм æмæ федтой — иу ран айнæджы сæрмæ фæздæг мигъау сбадти. Бамбæрстой: Алхазйæхицæн физонджытæ кæны. Не ’мбæлы цуанонæн, сырд кæм амара, уырдыгæй æыæ физонджытæ скæнгæйæ хъæмæ цæуын... Нæ фæрæдыдысты хосдзаутæ. Алхаз дыууæ уæхсты бæрзсутты цæхæрмæ дардта, сæ цъыс-цъыс цыди. Цуанонæн йе ’стыр кард сырдты мæрдты цур тугæйдзагæй аззад. Йæ хъыримаг дæр —дæрддзæфгомау бæласы цонгыл ауыгъд. Хус сугтæ ма æрбадавон, зæгъгæ, цасдæр хъæды бауади... Хæмпæл вæййы уыцы афон хъæд. Æвиппайды арвæй дур* æрхауæгау, йæ цуры февзæрд дынджыр арс. Ныббогътæ йыл ласта. Иæ фæстæгтыл слæууыди, стæй йæм комкоммæ æрбацыд... Афтид армæй цы акæндзынæ? Фæлæ цуанон сарæхсти. Уый зыдта, арс фæлмæн ныхасæй сабыргæнаг кæй у. Ма йæ хъыгдар — ацæудзæн йæ фæндагыл. Æнцад слæууыд Алхаз. Фæлмæн, рæвдаугæ хъæлæсæй йæм сдзырдта: «Дату, Дату!.. Цы кæныс уый! Цу дæ фæндагыл... Куы ницы дæм æвналын... Ды дуду... дзæбæх Дату куы дæ... Цу, цу дæ фæндагыл», — æмæ йын кастис йæ цæстытæм. Арс йæ раззаг къæхтæ æруагъта зæхмæ, бакасти ма Алхазмæ. Стæй иннæрдæм азылди. Иучысыл ацæуы, стæй та фæстæмæ фæзилы. Алхаз лæууы, фæлмæн ныхасæй та арсмæ сдзуры: «Цу, Дату, цу, дæ фæндагыл». Сырд куы адарди, тæссаг дзы нал у, лæг уый базыдта, уæд уыцы иу тахт баласта йæ хъыримагмæ. Раскъæфта йæ. Æмæ диссаг, арс ногæй йæ цуры февзæрд, ныббогътæ ласта. Хъыримаг æм бæргæ фæдардта Алхаз, фæлæ ивтыгъд нал разынд. Æмæ ма лæгъз ныхæстæ бæргæ агуырдта цуанон, æрмæст ма йæм Дату кæм хъуыста. Йæ къухæй йын атыдта йæ 83.
хъыримаг æмæ йæ дард хъамылтæм фехста. Йæхи йын æрбырста. Æрæгмæ фæзынди уыцы ’хсæв йе ’мбæлттæм Алхаз. Ие ’ккойы иунæг сычъийы мард, йæ цæсгом — фæлурс æмæ цъæррæмыхстытæ, йæ дарæс—скъуыдтæ. Иæ дзыхæй ныхас дзæ<5æх нал хаудта, йæ хабæрттæ цыдæр амæлттæй ракодта хосдзаутæн. Дзæбæх ыл нæ баууæндыдысты. Райсомæй сæ цалдæрæй йемæ ахуыдта «Галы уæзæгмæ». Федтой, арсимæ кæм фæхъæбысæй-хъæбысмæ сты, уыцы бынат. Стæй йæ дыккаг сычъийы мард сæккой кодтой, æмæ фæстæмæ æрбацыдысты... — Афтæ у, мæ хур, — кæронбæттæн кæны йæ таурæгъæн Алхаз. — Тыхст рæстæг дæ чи бамбара, ууыл гадзрахатæй макуы цу... Датуйæн йæ бон уыд нæ фыццаг фембæлды мæн ныцъцъист кæнын, фæлæ йæм бахъардтой мæ лæгъз ныхæстæ... Цæрæгойтæ дæр, мæ хæдзар, æмбарынд фæлмæн ныхас, æмбарынц. Ацыди мæ цурæй фысты иннæ кæронмæ Алхаз. Иæхимæ фæсидти Наф-нафмæ. Цыдæр лæгъз ныхæстæ та йын кодта, мæнæ дзы цыма хатыр куырдта. Куыдз-иу йæ къæхтæ йæ хицауы риуыл авæрдта, куыиу зæхмæ æргæпп кодта фæстæмæ, йæхи йыл-иу ахафта. Æз сæм кæсынæй не ’фсæстæн. ТАР ÆХСÆВ ФÆДИСЫ Хур æрныгуылд. Изæрмилтæ сабыргай хъуызынц тархъæды арф кæмттæй. Бæрзбынтæй нал хъуысынц цъиуты зарджытæ. Уæлдæфы ма иугай цæргæстыл æрхæцы цæст. Æвæццæгæн, сæ ахстæттæм чи байрæджы кодта, ахæмтæ сты. Хуссары хæхтæй уадымс хæссы цъити дæтты сæр-сæр. Тагъд ссудздзысты арвы риуыл æнæнымæц цырæгътæ. Уыдон уæлдай тыбар-тыбургæнаг сты хæхты сæрмæ. Мин цæстæй та æрттивдзысты нæ мусонгмæ. Нæ фос скъæрæм бынæттæм. Æз цæуын дзуджы разæй. Мæ хæд фæстæ цæуы бур нæл сæгъ — Боцки. Раст ыл цыма сæракæй хуыд къахыдарæс ис, афтæ хъыс-хъыс кæнынц йæ сæфтджытæ. Хаттæй-хатт æз æрлæууыи. Фæстæмæ акæсын ме ’мбæлттæм. Алхаз дзуджы фæстæ ис, йæ фарсмæ — Наф-наф. Сахан æмæ Сослан та—фæйнæфæрсты. Ахæм æгъдау ис фиййæуттæм: алчи дæр дзы хъуамæ дзуапп дæтта йæ куысты хайыл. Дзасарбег нын абон цуаны ацыд, Солтан — бынатгæс. Боцки мæ æрбаййафы. Мæ фарсмæ алæууы, йæхи мыл ахафы. Афтæ йæ фæнды, цæмæй та йын йе ’рагъыл мæ фæлмæн къух ахæссон. Талынджы йын йæ хъуынтыл мæ къух куы ада«4
уын, уæд лыстæг цæхæртæ скалынц. Боныгон дæр, æвæццæгæн, афтæ ферттивынц, фæлæ сæ цæст нæ ахсы. Æнхъæлмæ кæсып Солтанмæ. Уый хъуамæ нæ размæ рацæуа. Фæлæ нæ зыны. «Куыд ничи зыпы нæ быпаты цур? Гъа. Дзасарбег цуанæй ма-ма æрцæуæд, фæлæ Солтан кæм фесæфти?!» — Мæ зæрдæ саджилтæ кæны. Æппынфæстаг нæхимæ фæхæццæ стæм. Фос бафснайдтам сæ бынæтты. , — Дзасарбег, æвæццæгæн, цуаиæй нæма æрцыдаид, фæлæ иын Солтан та кæм ис? — фæрсы Алхаз. — Кæд хæрæджы агуры? Йæ саргъ æмæ йе ’фтаугæ дæр ам не ’сты,— дзуапп дæтты Сахан. — Сугмæ йыл кæд ауади, миййаг? — мæ пыхас баппæрстоп æз дæр. — Æмæ мæнæ фæрæт ам куы ис... Тæрхæтты бацыдыстæм. Лæппуйы райсомæй бынаты ныууагътам. Сихорыл дæр ма нæм йæ зарджытæ хъуыстысты... Нæ мусонджы фаллаг фарс пыхсæй цыдæр къаххъæр æрбайхъуысти. Куитæ срæйдтой, стæй фæхъус сты. Иууылдæр пыхсмæ нæ каст скодтам. — Солтан. Гъе, Солтан!—хъæр кæнын æз. Нæй дзуапп дæттæг. Пыхсæй рацыдис Дзасарбег. Мах Сосланимæ йæ раз.мæ суадыстæм — йе ’ккойы уæззау хызын, топп. — Цы? Нæма фæзынди Солтан? — фæджих Дзасарбсг. — Æмæ кæм уыди? Нæ фарстæн нын дзуапп нал радта цуанон. Топп йе ’ккойæ æриста æмæ йæ Сосланмæ радта. Уæззау хордзен та мæнмæ. Йæхæдæг бацыдис Алхазы размæ. — Æфсати дын бирæ раттæд,— загъта зæронд. Æз тугæй ахуырстытæ хордзепмæ æркастæн. — У-у-у, мæнæ цæййас сæр!.. Дзæргъ уыди!.. Ракæс-ма, Сослан! — Нæ цурмæ æрбауади Сахан дæр. Цуаноны хордзен сгарæм. Дистæ кæиæм. Дзасарбег йæ хабæрттæ кæныпмæ фæци. Хуытæ Балцауы мæрбынты арæх сты. Уырдыгæй æрбахизынц «Галы уæзæгыл». Уым та бирæ уынгæг рындзытæ ис. Цуапонæн дзы хорз фадæттæ вæййы сырд фехсынмæ. Дзасарбег амардта дыууæ сырды — хуы æмæ сычъи. Уырдыгæй Солтанмæ ныхъхъæр ласта хæрæгыл рацу, зæгъгйе. Солтан фæцыди Дзасарбегмæ. Уый сырды мæрдтæ хайуаныл уаргъæвæрд скодта, арвыста йæ хуыздæр фæндæгтыл. Иæхæдæг фæсвæидæгты цуангæнгæ арасти бынатырдæм... — Мацы йыл æрцæуа? — мæ хъустыл ауадысты нæ хистæрты ныхæстæ. Дзасарбеджы йæ сырдты мæрдтæ дæр нал æндæвтой. Йæ хъыримаг райста, нæ цурæй фæаууон. йæ фæдыл фæраст стæм æз æмæ Сослан. Сахан баззад Алхазимæ... 85
Мæйдар тынгдæр æрæмбæхста хæхты, нæ уæтæртьт. Дзасарбег фæллад уыд, уæддæр æй мах пе ’ййафæм. Иу ран фæлæууыд. Цæмæдæр байхъуыста. Фæлæууыдтæи æз дæр. Мæ зæрдæ ауазал. — Бирæгътæ ниуынц!—не ’мбал рог фæзылдта хъыримаг. Фæд-фæдыл цалдæр æхсты фæкодта хæхтырдæм. Æхсæвы тальшг кæмттæ ныййазæлдысты. Стæй æрдз гобийау ныссабыр, нал хъуыст бирæгъты ниуд. Цыма сын топпы гæрæхтæ æмæ хæхты азæлд сæ дзыхтæ ахгæдтой. Дзасарбег цæугæ-цæуын аивтыгъта йæ дыууæхстои. Æрбаййæфта нæ Сослан. Уый спичкæ ссыгъта. Цæуылдæр æй бафтауынмæ хъавы. йæ къухы йын фиппайын даргъ резинæйы уаццаг — уæзласæн машинæйы цалхы шинæйæ. Бамбæрстон, мусонгæй куы рараст стæм, уæд ма Сослан лæгæты къуыммæ цæмæн бауади, уый. — Ссудзон æй, Дзасарбег? — фæрсы йæ! Спичкæ ахуыссыд. Дзасарбег иæ бамбæрста, Сослаи æй цæмæй фарста, уый. — Нæ хъæуы! Рухс цæстытæ сайы талынджы,— карзæй загъта уый. Æмæ та фæраст стæм. Мæнæн æхсызгои у, Сосланы фæндæй кæй ницы рауад, уый. Исты мæстæймарæн ныхас зæгъынмæ йын хъавын, фæлæ ма мæ кæм æвдæлы!.. Ногæй та ниуынц бирæгътæ. Тас тынгдæр хизы риумæ, агайы зæрдæ. Ныр мæ тынг æрфæндыд, Сослан йæ резинæ куы ссудзид, уый. Фæлæ мæм фæстæмæ дæр нæ кæсы. Целы хохы сæрмæ Дзасарбегæй фæраздæр и. Уым йæ мидбынат алæууыд, стæй йæ хъæлæсы дзаг ныхъхъæр ласта: «О-о-о-о, Со-о-лт-а-а-н!..» «Со-о-л-та-а-ан» — æгомыг хæхтæ та фæйнæрдæм сæ хъæлæсты фæхастой уыцы хъæр. Афтæ зынди, цыма мах нæ, фæлæ хæхтæ сæхæдæг агуырдтой Солтаны... Дзуапп дæттæг нæ фæци. ХЪУЫДДАГ ТА АФТÆ УЫД... * Хивæнд лæппу Солтан йæ хъус дзæбæх не ’рдардта Дзасарбеджы фæдзæхстмæ. Цы фæндаг ын бацамыдта, ууылты пæ рацыд. Цæттæ фæндагыл алчидæр цæуын базондзæн! Уым диссагæй ницы ис! Ды хъуамæ дæхæдæг ссарай ног фæндаг. Æмæ хæрæджы æвæдты атардта. Хæрæг уæззау уаргъимæ лæгъз рæттæм тырныдта, Солтан та йæ рагон къахвæндагмæ арæзта. Хайуан-иу, цъындæй цæуæгау, уади. Йæ уæргътæ-иу куы иуырдæм, куы иннæрдæм фæбырыдысты. Тыххæйты-иу сæ барæвдзытæ кодта. Лæппу æрæджиау бамбæрста, хорз’ фæндыл кæй нæ ныллæууыд, уый. 86
Æмбисмæ дæр нæма ахæццæ, афтæ хур хæхтыл æрныгуылд. Талынг æхсæв æрбаввахс, æмæ тасы æфтыдта лæппуйы... Ахæм сахат æгомыг къæдзæхтæ æмæ бæлæстæй æххуысмæ никæмæ бадзурдзынæ. Мæнæ иу ран хæрæджы фæстаг къах тулдз бæласы уидæгты æхсæн арф аныхсти. Схæц-схæц ма йыл кæны, мæгуыр, фæлæ йын нал комы сласын. Йæ уæраджы лыстæджы царм фегом æмæ дзы туг рахъардта. Иучысыл алæууы, стæй та йæ къах срæмудзыныл ацархайы, фæлæ дзæгъæлы. Æрæджиау æрхуыссыд йæ уаргъы бын... Солтан тынг тæригъæд кæны йæ хæрæгæн. Йæ уæргътæ йын исы йæ рагъæй. Иуварс сæ авæры: кæд афтæмæй сыстид, зæгъгæ. Æмæ, æцæг, Дзæхой (афтæ йæ хуыдта) дзæвгар фæцæрдæгдæр. Афтæ зыны, цыма ныр уидæгты æхсæнæй йæ къах сласын йæ бон бауыдзæн. Сыстадис æмæ та йæ къахыл схæц кæны. Нæй, никуы æмæ ницы. Бæрæг у: йæ къахыл лæууын нал фæразы. йæ бынаты та æрхуыссыд... Солтан æгæр хорз дæр ма бамбæрста йæ уавæр. Сæхимæ ацæуид, æмæ сырдты мæрдтæ дзæгъæлы куыд ныууадза? Æниу Дзæхой!.. Цы йын зæгъдзысты йе ’мбæлттæ? Нæ, Солтан цыфæндыйæ дæр æхсæвæдтæ баззайдзæн... Агурæг æм рацæудзысты, фæлæ кæдæм? Кæуылты йын загъд уыд, ууылты нæ ацыд... Хæрæг хуыссы æмæ йæдзых кæдæм æххæссы, уым кæрдæджытæ æхсыны. Солтан кæрдæг тоныныл фæци. Цалдæр хатты йæ дæлармыдзæгтæ æрбахаста æмæ йын сæ йæ разы ныккалдта. Уый сæ адджынæн хордта. Лæппу сбадти йæ фарсмæ. Уалынмæ ныммæйдар. Хъуыдытæ йæ сæ мусонгмæ ахастой. Иæ цæстытыл ауадысты йе ’мбæлттæ. Цымæ цытæ дзурынц? Агурынмæ йæм нæма рацыдысты? Ехх, æвæдза, ныр æй Сосланы лæдзæгыл тыхт чъиуæй ахуырст фæскъæуттæ куы уаиккой! Ссудзид сæ æмæ дзы тар æхсæв ныррухс уаид!.. " Мæйдар æхсæв ахæм æгомыг сабыр ныцци, ахæм, æмæ лæппу йæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп дзæбæх хъуыста. Уый, сахаты цъыкк-цъыккау, æнувыдæй тæлфыд. Æмæ мæнæ йæ зæрдæ æвиппайды куыддæр ауазал. Иæ хъустыл æнахуыр уынæр æрцыдис. Фыццаг æм афтæ фæкасти, цыма йæ исчи агуры, чидæр æм дзуры. Йæ улæфт баурæдта, æдзынæг байхъуыста. «У-у-у-о-о! Æ-у-у-о-о!» — хæстæг кæцæйдæр ниудтой бирæгътæ! Йæ бадæнæй фестад Солтан. Алидза? Фæлæ кæдæм? Йæ цуры бæрзонд тулдзы цъупмæ скасти. Цы акæндзæн? Æвиппайды йæ цуры куы æрбалæууой. Нæ йæм кард, нæ æндæр исты хæцæнгарз... Тагъд-тагъд уаргъæй райхæлдта бæндæнтæ. Цалдæры кæ87
рæттæ дзы бæласы къалиутыл æруагъта, хæрæджы алфамблай. Сæ кæрæттæ, дзидзæрой кæнгæйæ, зæххыл æмбæлдысты. «Бирæгътæ, дам, бæндæнæй тæрсаг сты... Калм æй фæхонынц»... Иу бæндæн йæ астæуыл, иннæ йæ къухы, афтæмæй бæласы сæрмæ хизыныл фæци... Уым тæккæ цъупмæ ’ввахс — фидар къалиутыл слæууыд. Бæндæны иу кæрон къалиуыл^ абаста, иннæ кæрон зæхмæ аппæрста... Бирæгътæ та дзыхъхъынногæй баниудтой. Солтанмæ куыд фæкасти, афтæмæй ныр бынтон хæстæг уыдысты. Цыма йæм сæ цæстытæ ферттывтой, сæ дæпдæгты къæс-къæс раст Дзæхойы хæдцурæй хъуысы. — Уыст, уыст! А-гъа-гъа! — ныхъхъæр кодта йæ тых йæ бонæй Солтан. Бæласы сæрæй цыдæр хус къæцæлтæ фехста. Уыцы сахат хæхтæ ныццарыдтой топпы гæрæхтæй. Сырдтæ сæ дзыназынæй фенцадысты. «Мæи агурыпц. Фæдисы мæм ссæуынц!» — ныццин кодта. Солтан ныхъхъæр кæнынмæ хъавыд, фæлæ не ’сфæрæзта. Бæласы быи æмызмæлд сси. Къудзитæ бирæгъ фестадысты. Талынджы йæм зынгцæстытæ сæрттывтой... стæй цæвардæр æнахуыр æфсæрты цæлхъ-цæлхъ!.. Æнхъæлдæн аргæвстой Дзæхойы!.. Бæндæнты нæ уынынц! Нæ сæ тæрсынц!.. Йæ тых-йæ бонæй та ныхъхъæр кодта Солтан. Бæндæн раппæрста зæхмæ... Нæ! Нæ! Дзæхой æнцад иæ лæууыд! Уый дæрддзæфмæ бафиппайдта сырдты. Æмæ йæ къах уидæгтæй стонын æввопг слæууыд... «Гъо-и!» «Гъои-и!..» — æрдиаггæнæгау ныууасыд Дзæхой. Никуыма айхъуысти æхсæвыгон ахæм уасып ацы рæтты. Афтæ фæуасы хæрæг æрмæстдæр, сырдтæ йыл сæхи куы ныццæвынц, уæд!.. Уый феуæгъди æмæ лыгъди тæргæбæхæй æхсæвы тары. Кæмттæ та ныццарыдтой топпы гæрæхтæ æмæ фæдисонты хъæртæ!... ...Фæдисæттæ уыдыстæм мах — Дзасарбег, Сослан æмæ æз. Ныр Сосланы къухты даргъ лæдзæгыл ссыгъди пиллон цырагъ. Нæ развæндаг ныррухси, згъордтам Солтаны размæ... ...Ныххæццæ стæм... Нæ размæ фесты дзидзаты кæлдтытæ, æркастыстæм сæм. Бæндæнтæ, æвдулæнтæ. Солтан зынæг нæй, цæст нæ хæцы хæрæгыл дæр. — Цы фæци?! Ныртæккæ йын йæ хъæр куы фехъуыстам?! — Æз мæнæ дæн! — бæласæй æрхызтис Солтан. Дзасарбег æй йæ хъæбысы æрбакодта: — А-а! Хивæнд чи у!.. — Ныххатыр кæн! Фæрæдыдтæн. — Ницы дын уыд? — Ницы... Фæлæ Дзæхой... — Æгайтма дæхæдæг æнæфыдбылызæй баззадтæ!.. Дзæхойæн, мæгуыр, æгæр бирæ «хъузæттæ» кæй уыд, уый бæрæг 88
у. Асырдтой йæ.—Дзасарбег февнæлдта хæйттæ кæнынмæ. Цыппар лæгæн — цыппар уаргъы. Араст стæм нæ мусонгмæ. Сосланы цырагъ ма ныр дæр пиллон уагъта. Рухс нын кодта нæ фæндаг. Æз мæ хъæлæсы дзаг ныхъхъæр ластон: — Алхаз! Сахан! Ма нын тæрсут!.. Фæцæуæм!.. Уыцы фæдыл мæ зæрдыл æрбалæууыд Дзæхой: «Куыд дурзæрдæ стæм! Куыинæ йыл батыхстыстæм!». Мæ хъуыды Сосланæн дæр загътон. — Цы бæрæг ис! — загъта Сослан. — Кæд сын аирвæзти æмæ афонмæ мусонджы балæууыд!.. Æмæ æцæгæй дæр, нæ мусонджы дуармæ баййæфтам Дзæхойы. Уый æнцад лæууыд, йæ цæф къах зæххыл дзæбæх не ’мбæлыд. Алхаз æмæ йын æй Сахан цæмæйдæрты бабастой. — Æвæдза, диссаджы хорз ма дзы аирвæзт Дзæхой. Æнæмæнг топпы гæрæхтæ æмæ адæмы змæлдæй фæтарстысты! — загъта Алхаз. Нæ уæргътæ æристам æмæ та ногæй нæ мусонджы бамбырд стæм. Нæ дзуг æнæмæтæй сынæр цагътой. Наф-наф та сыл зилæн кодта. Цæмæй зыдтой уыдон, махæн тарст æмæ фæдисы æхсæв кæй уыди, уый. НАФ-НАФ Бонтæ дæр, цæрæгойтау, фæйнæхуызы вæййынц. Чи дзы йемæ цардамонд æрхæссы, райдзастæй ралæууы, райдзастæй ацæуы... Чи та дзы уадтымыгъ фæхæссы, чи тæрккъæвдатæ. Хæхты астæу — суанг Таркомæй Тоборзæйы онг Саухъæды æрдузты таухæрæны æмæ зы’мæгон дарæнты ме ’мбæлттимæ цы бонтæ арвыстон, уыдон дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, иухуызон нæ уыдысты. Иуæй-иутæ дзы сæ фæд бæрæгдæрæй ныууагътой мæ зæрдæйы, иннæтæ та, фæззыгон мигъау, хæхты цъасты атайдзысты, ферох мæ уыдзысты. Кæй никуы ферох кæндзынæн, уыцы бонтæ баст сты нæ куиты хуыздæр Наф-нафимæ. Нæ куитæ бирæ хæраг æмæ хылгæнаг уыдысты, уарын æхсæв скодта — сæхицæн хус бынæттæ агуырдтой, мигътæм-иу рæйдтой. Наф-наф та? Æхсæв æнцой нæ зыдта. Хъарм бынат никуы бацагуырдта. Дзæгъæлы дын куыннæ срæйдтаид, зылди æмæ-иу зылди дзуджы алыварс. Бацыдис-иу мæлæтдзаг тохы стонг, æгъатыр бирæгътимæ. Иу æмæ дзы дыууæйы нæ аууæрды... Сырдтæ йæ йæ хæппæй зыдтой... Иуныхасæй, Наф-наф, цыма, дунемæ æрмæстдæр уый тыххæй фæзынди, æмæ йæ хицау Алхазимæ æдзух дзугты фæдыл цæуа. Сынты базырау сатæгсау уыди Наф-наф. Æрмæстдæр 89
йæ раззаг дзæмбыты уæлфæдтæ æмæ йæ цæстыты алыварс чысыл мыдхуыз тæлмытæ бæрæг дардтой æмæ йæ фидауцджындæр кодтой. Фæлæ уыцы тæлмытæ æвиппайды зын бафиппайæн уыдысты. Урс дзуджы астæу сау стъæлфау зынди. Сагартæн, риуджын — Наф-наф алкæддæр йæ раззаг æрдæг бæрзæндты хаста. Афтæ зынди, цыма йæ хъарутæ, йæ фидар риу, йæ фæтæн мæргъджыты уыдысты. Сырдты дæр-иу хъæбысхæсты агъоммæ раздæр йæ сынæгæй сцавта, йæ сынæгдзæф та йын уромгæ нæ кодтой. Кæцæй йæм æрцыд уыцы стыр хъару? Чи йæ сахуыр кодта? Уый зын зæгъæн уыди. Суанг ма сæ Алхаз йæхæдæг дæр хорз нæ зыдта. Нæ хистæрмæ-иу йæ кой арæх рауад. Наф-нафы мад Æрсой уыдис кавказаг фиййау куитæ «Парийты» мыггагæй. Бирæгъхуыз, стæвдтæ, тыхджын æмæ æмбаргæ. Иæ хицау—мæгуыр хæххон лæг — куыдзы зæрдæхудты никуы ницæмæй бацыдис. Æрсойы къæбылатыл-иу фиййæуттæ хæлоф кодтой. Уымæй дзы лæвар ничи куымдта. Фидгæ цы къæбылайыл нæ бакæнай, уый, дам, хорз куыдзаг нæ вæййы — ахæм уыд адæмон æмбисонд, Гъе, афтæмæй балхæдта Алхаз дæр кæддæр Наф-нафы. Сæ уæлхæдзар ын бынат скодта. Æхсыр æмæ йæ дзидзайы муртæй хаста. Къæбыла бастæй куы схъомыл вæййы, къухæвдылд куы нæ баййафы, уæд тынг хъæхъхъаг кæны. Наф-наф афæдзмæ гъæйттæй стыр куитыл уæлахиз кодта, барæджы-иу йæ нымæты фæдджитæй баурæдта. Уалынмæ йæ фиййæуттæм акодтой. Уым ноджы тынгдæр рабæрæг сты йæ миниуджытæ. Тарæхсæвты дæр-иу уæтæрæй дард ацыдис бирæгъты фæдыл. Иухатт ыл хæцгæ дæр фæкодтой. Ныр дæр ма сæ дæндагдзæфты ностæ бæрæг сты йæ агъдыл. Чи зоны, кæд ^ын уыцы маст йæ зæрдыл бадардта Нафнаф, уымæн афтæ къæрцхъус уыди. Æрмæст ыл иунæг хатт æрцыдис сайд. Сайд æрцыдис канд Наф-нафыл нæ, фæлæ йæ хицау Алхазыл дæр, махыл не ’ппæтыл. Уый та афтæ рауади. Фæззæджы дæргъы, суанг зымæджы фыццаг мæйты дæр нын нæ фосы бирæгътæ никуы бахъыгдардтой. Цыма сæрысæфты фесты. Нæ куитæ куыддæр фестырзæрдæ сты. Нæхæдæг дæр-иу æдасæй фынæй кодтам. Æртхъирæны мæй уыд йæ фæуыныл. Фæлæ ма нæ фос уыдысты зымæгон дарæнты. «Сæгъзайæны» рæстæг, зæгъгæ, фиййæуттæ уыцы афонæй загътой. Уæд нæм-иу уæрыччытæ нæма уыдис. Ныр суанг тъæнджы мæй дæр сæтътæ нæ, фæлæ фыстæ дæр ныззаиынц. Бирæ уæрыччытæ æмæ зæддаг фос нæм уыдис. Хицæн 90
бынæтты сæ дардтам. Иу æхсæв та, нæ фос куы бафснайдтам, уæд таурæгътыл фестæм. Сослан æмæ Сахан хъæумæ. ацыдысты. Баззадыстæм ма цыппарæй: Алхаз, Дзасарбег, æз æмæ Солтан. Мусонг уыд хъарм. Арты ма иугай æхсидæвтæ ныллæг пиллон уагътой. Æрæджиау, æвæццæгæн, æнæнхъæлæджы тарф фынæй аистæм. Æвиппайды куитæ срæйдтой. Хуыскъаг фос кæм уыдысты, уырдæм каутæ æрбатыдтой. Не ’ппæтæй раздæр фæгæпп ласта Алхаз. Хъыримагмæ фæлæбурдта æмæ дзы цалдæр æхсты фæкодта. Бæстæ сæмхæццæ... Скъæты фæмидæг стæм. Дæ фыдгулыл ахæм бæллæх сæмбæлæд. Фыстæй цалдæр дæргъæй лæууыдысты, — кæмæн дзы йæ къæдзил тынд, кæмæн йæ хурх æууылд. Цалынмæ мах фосимæ архайдтам, уæдмæ нæ куиты ниуын кæуæгау хъуысти. Рæйдтой иннæ фиййæутты куитæ дæр. Æвæццæгæн, сырды æппæты разæй базыдта Наф-наф. Уыцыиу æхст фæкодта| йæхи фосы астæумæ. Йæ хъæлæсы ахаста сырды. Арф комы йæ рацахста æмæ сын мæлæтдзаг тох ба-. цайдагъ. Топпы гæрах куы айхъуыста, уæд æй фæуагъта. Стахти, фосыл æрзылди, стæй фæстæмæ мæсчъы балæууыд. Бирæгъæн афтæ дард алидзын йæ бон нæма баци. Æвæццæгæн æй раздæр дзæбæх атонæгау кодта. Ногæй та йæ йæ быны анорста... — Гъа, иннæ куитæ цыфæнды фæуæнт, фæлæ Наф-нафыл та сайд куыд æрцыдис? — тыхстхуызæй фарста Солтан. — Худинаг!.. Худинаг мæ зæронд сæрæн! Куыд мæрдхуыссæг мыл бафтыди. Цы цæсгомæй зæгъдзынæн ацы хабар адæмæн? Дзуджы нымæц нæхиуæттæй баххæст кæндзыстæм. Фæлæ йæ худинаг... — уынгæг хъæлæсæй дзырдта Алхаз. — Тыхсынæй ницыуал ис, Алхаз. Стырзæрдæйæ ныл сайд æрцыдис, — зæрдæтæ æвæрдта Дзасарбег нæ хистæрæн. Фос æрсабыр сты. Цырæгъты рухсмæ-иу ферттывтой сæ тарст цæстытæ. Бирæгъ кæй аргæвста, уыдон скъæтæй æддæмæ ахастам. Бафснайдтам зæддаг æмæ хуыскъаг фосы. Иу ныхас никæй дзыхæй хаудта. Хъуыдытыл фестæм. Æвиппайды арф комæй сыхъуыст Наф-нафы рæйын. Исдугмæ не ’ппæт дæр аджих стæм. Арф мæсчъы куиты æнахуыр хъуырдухæн тынгæй-тынгдæр кодта. — Æхсидав ма радав. Мах сæм ныккæсæм! — нæ цурæй фæаууони Дзасарбег. Æз æмæ Солтан фæйнæ судзгæ æхсидавы радавтам мусонгæй, æмæ не ’мбалы фæдыл азгъордтам. Куитæ фæйнæрдыгæй рæйгæ уадысты, фæлæ Наф-наф нæ фæзынд. Мæн пыхсытæ баурæдтой, ме ’мбæлтты фæстæ аззадтæн. 91
— Æрцахста йæ!.. Ныххуыдуг æй кодта! — сыхъуыстысты мæм Солтаны цымыдис ныхæстæ. Уалынмæ сæм æз дæр фæхæццæ дæн. Наф-наф, йæ цæстытæ туджы зылдысты, афтæмæй йæ быны сæууæрста дынджыр нæл бирæгъы. — Цæв æй топпæй, Дзасарбег! — сдзырдта Солтан. — Уадз æмæ дзы йæ маст райса, — мæ ныхас баппæрстон æз дæр... Дыууæ боны дæргъы хæргæ дæр нал бакодта Наф-наф. Мæрдджынау æнкъардæй бадти. Бирæгъ кæй аргæвста, уыцы фысты дзидзайæ не ’сахуыста, цыма йæ аххос æмбæрста. Иннæ куитæ-иу холытæй куы хордтой, уæд-иу Наф-наф иуварс рацыд, йæ раззаг дзæмбытыл-иу йæ сæр æрывæрдта. Йæ æхгæд цæстытæй дондзаст фæрдгуытæ хъардта. Æвæццæгæн, сайд ыл кæй æрцыдис, уый маст æй агайдта... Æз хъуыды кодтон Наф-нафыл: «Цымæ цавæр æрдзы закъонтæм гæсгæ афтæ дардта йæхи уыцы æгомыг цæрæгой?» Алхазы ныхæстæ-иу мæ зæрдыл æрлæууыдысты. Мæ цæстытыл-иу ахъазыд иухатты ныв: Наф-нафы цинтæ йæ хицауыл, стæй дзы тæригъæдхуызæй йæхи иуфарс куыд айста, уый. Нырма уæтæры стæм. Фæлæ мæ уырны: искуы бон куы фæхицæн уæм кæрæдзийæ, нæ куиты хуыздæр Наф-наф уæлæуыл куы нал уа, уæддæр æй мæ зæрдыл дардзынæн. Нæ мæ ферох уыдзæн йæ ном дæр — Наф-наф. Мæ хъустыл уайдзæн йæ бæзджын хъæлæс, хæхты дыдзы хъæр та йæ фæзмдзæни, æмризæджы дзы риздзысты сырдтæ... сСЫЗМÆЛОН, АЛХАЗ?» Июны æмбисы æз æмæ Дзасарбег горæтмæ сесситæм ацыдыстæм. Мах бæсты Алхазæн колхозæй рæстæгмæ сæрвыстой æндæр фиййау æмбæлттæ. Уыдонæй иу уыд Дзæмбег: сабыр, æнæуæлдайми, коммæгæс лæппулæг. Бакастæй дæр бæрæг уыд, фиййауы дарæс фыццаг хатт кæй скодта йæ уæлæ. Дзæбæх ницæмæ арæхсти. Чысыл исты акуыста, уæд та-иу йæ хид акалд. Алхаз алцыдæр фиппайдта, æмæ йемæ фæлмæн, рæвдаугæ ныхас кодта... Мах ацыдыстæм горæтмæ. Æз кæм нал уон, уым бæстæ фесæфдзæн, зæгъгæ, уæ мачи макуы ахъуыды кæнæд. Уæтæрæй нæхимæ куы цыдыстæм, уæд махмæ дæр ахæм хъуыдытæ уыди. Фæлæ фæрæдыдыстæм. Мæй рауади. Иу изæр нæ уæтæрмæ ссыдыстæм æмæ нæ хистæрты æмбисонды хъæлдзæгæй сыййæфтам. Алхаз, мусонгæй дæрддзæфгомау, фысты дзуджы кæрон лæууыд æмæ, бауромæн кæмæн нал вæййы, ахæм худтæй худти. Йæ иу къухæй хæцыди йæ гуыбыны цъарыл, ин92
нæ къухæй та йæ былтыл. Æгас цæут зæгъынмæ дæр ие са-. рæхсти. Алхазы афтæ зæрдиагæй худгæ рагæй никуыуал федтам æмæ дисы бацыдыстæм. Бафæрсынмæ йæ хъавыдыстæм, фæлæ йæ худæг фæстагмæ махыл дæр бахæцыд. — Ысс!.. Ма нæ фехъусæд, фефсæрмы уыдзæн... — фæтарстхуыз Алхаз æмæ нын бамбарын кодта хъуыддаг: абон райсомæй мын Дзæмбег загъта, ацы бон, дам, цыдæр кæнын! Демæ фиййау ацæуын мæ бон куынæ суа, уымæй тæрсын1 Æз ын загътон: мах нæхæдæг аскъæрдзыстæм фос. Ды дæхи хъарм ныннорд æмæ изæрмæ змæлгæ дæр мауал скæ! Æз ын афтæ хуымæтæджы, цæмæй йæхи уазалæй бахъахъхъæна, уый тыххæй загътон. Уый та фенхъæлдта: кæд ын æцæгæй не ’мбæлы сызмæлын. Æмæ сæумæрайсомæй изæрмæ æнæзмæлгæйæ фæхуыссыд... — Фос куы æрыскъæрдтам, уæд йæ цурмæ бауадтæн. Куыд дæ, зæгъгæ, йæ фæрсын. Æмæ дын мæ Дзæмбег афарста: сызмæлон, Алхаз? Гъе ууыл худти зæронд фиййау, афтæмæй йæ баййæфтам мах дæр. — Ахæм раст адæймаг ма дзы фендæуыдзæн! —дис кодта Алхаз. — Иучысыл хиндзинад та кæмæ нæ вæййы!.. Ма нæ бамбарæд... Уый фæстæ дæр ма хъазгæйæ бирæ хæттыты дзырдтам кæрæдзимæ: «Сызмæлон, Алхаз?» зæгъгæ, фæлæ нæм æнæмаст Дзæмбег никуы фæхæрам. «АЛХАЗЫ РИВÆДДОН» Урсдоны сæрмæ Соппæры æрдузыл куы бацæуай, «Куыройфыдты» мæскъ кæй хонынц, уымæй Саухъæды тъæпæныл Сæгъгæсы донырдæм куы ахизай, уæд дзы иу бынат хонынц «Алхазы ривæддон!» Афтæ цæмæн хуины уыцы зæххы хай, уый, æвæццæгæн, бирæтæ нæ зонынц. Нæмттæй фылдæр та цы ис! Се ’ппæтыл чи у хъуыдыгæнæг. Фæлæ мах æнæ афæрсгæ куыд хъуамæ фæлæууыдаиккам. Алхаз нæхи Алхаз у. Æмæ йын хъуамæ йæ хабæрттæ зонæм. Бæргæ йæ афæрсæм, фæлæ уый йæхи æндæр ныхæстыл фæкæны. Иубон нæм сыхаг уæтæрæй иу фиййау уазæгуаты æрбацыд. Ныхас ныхасы къахы, æмæ цæмæдæр гæсгæ «Алхазы ривæддоны» кой рауад. Сæ бынат уырдæм аивынмæ хъавыдысты,. æви уырдыгæй æрæджы аивтой, афтæ куыддæр уыди. Мах уазæджы фæрстыты бын фæкодтам: — Цæмæн хуины афтæ? Чи у уыцы Алхаз? Уый йæ мидбылты бахудти æмæ нын радзырдта: 93
— Уыцы бынат мæнæ уæхи Алхазы ном куы хæссы... Йæ тæккæ фыдуагæй ма уыд, дард хъуыдытæм æй нæма æвдæлд. Ницæуыл ахъуыды кодта цæхæрцæст дæсаздзыд Алхаз дæр, сæ хъæуккаг хъæздыг Никъолозмæ æххуырсты бацæуын фæнд куы скодта, уæд дæр. Никъолозтæ-иу уалдзæг сæ фысвос мæнæ Къулæрдуз кæй хонынц, уым дардтой. Фиййæуттæн та-иу фылдæр хатт æрыгон лæппуты æххуырстой: «Кус, фæлæ сар дæ къона, фос ривæд кæнын афон куы бафынæй уай, уæд! Фосыл исты зиан куы æрцæуа, уæд та — фидгæ!» Уалдзæг, хæххон хизæнтæм скъæрыны агъоммæ ма дзæвгар рæстæг фыстæ Саухъæды æрдузты фæхизынц. Æххуырст лæппу хуыссæгæй кæм бафсæды. Бон йæ тæккæ даргъыл вæййы, æхсæв йæ цыбырыл. Никъолозы æххуырстытæй дæр никуы ничи бафсæсти хуыссæгæй... Бонрæфты ривæд афон-иу сæ хуыссæг куыннæ ахставд. Фæлæ афынæй у æмæ дæ хæдзар сарæзтай! Чысыл Алхаз-иу райсомæй раджы аскъæрдта йæ фысты дзуг æмæ-иу сæ изæрæй афойнадыл сæ уæтæрмæ фæхæццæ кодта. Нæ зыдта кæрæф хицау, йæ æххуырст лæппу цы мадзал æрхъуыды кодта, уый. Æмæ-иу ыл хинымæр дисты бацыдис, уæдæ йæ хуыссæг куыд никуы æрцахсы, зæгъгæ. Лæппу та цы мадзал ссардта? Фос-иу бонрæфты æфсæстæй аууæтты куы абырыдысты, уæд-иу стыр нæл сæгъы нымæтын ронæй йæ цонджыхъулмæ фидар бабаста æмæ-иу йæ зæрдæйы дзæбæхæн бафынæй. Фыстæ фестадысты, сæ бынатæй цæуынц, зæгъгæ, уæд-иу нæл сæгъ дæр фестади, лæппуйы цонгиу аивæзта. Фехъал-иу чысыл Алхаз æмæ-иу йæ дзуджы фæдыл арасти... Цас фæкуыста афтæмæй хъæздыг Никъолозмæ, чи зоны, фæлæ йыл иу хатт уæддæр бæллæх сæмбæлди. Йæ нымæтын рон сæ цæрæнбынаты ферох æмæ ривæдафон нæл сæгъы йæ цонджыхъулмæ цæмæй бабастаид, уый нæ уыд. Уæд Алхаз бавдæлд æмæ сывылдз бæласы цъарæй дзæбæх гæрзытæ рауагъта. Уыдонæй бабаста йæ цонгмæ нæл сæгъы. Цас фæхуыссыд, чи зоны, фæлæ куы райхъал, уæд кæсы æмæ нал фысты дзуг, нал сæгъ. Бамбæрста йæ рæдыд: йæ сывылдзы цъарæй быд бæндæн ын бахордта нæл сæгъ æмæ афардæг фысты фæдыл. Фос кæй фæдзæгъæл сты, уый базыдта Никъолоз. Æмæ сæ кæд ницы фæхъуыд, уæддæр æххуырсты фæтардта... Гъе уæд схуыдтой фиййæуттæ уыцы бынат «Алхазы ривæддон». Фæцис йæ таурæгъ нæ уазæг. Худæнбылæй бакастис Алхазмæ æмæ ма йæ ныхасыл бафтыдта: — Мæнæ уын йæхæдæг цардæвдисæн — зæгъæд, раст нæ радзырдтай, зæгъгæ! $4
Фæлæ та нæ хистæр ацы хатт дæр пыхас æндæрырдæм фездæхта, дард кæдæмдæр йæ цæстæнгас сарæзта. Чи зоны, кæд йæ соиты бонтæ йæ цæстытыл уадысты, йæ фысты дзуг, йæ сау нæл сæгъ æмæ сывылдзы цъар... ИУ ХАТТ УАЛДЗÆДЖЫ Нæ ног æмбал Дзæмбегимæ мах хъæбысæй арæх фæхæцæм. Йæ уæзбын ныхæстæ нæм худæг фæкæсынц. Йе ’внæлд дæр цыдæр æнарæхст. Уый-иу йæхи ницы æмбарæгау дардта. Æр^ мæст-иу æгæр-æгæр куы худтыстæм, уæд-иу нæ кæрæдзиуыл самадта. Иу æхсæв таухæрæны хъæды нæ фосыл арс æрбамбæлд. Бæстæ хъæр, куиты рæйд æмæ топпадзагъд сси. Фиййæуттæ æмхуызонæй сæ къæхтыл слæууыдысты. Фосыл зиан не ’руагътой. Дзæмбег нæ райхъал уыцы хъæлæбамæ. Фæллад уæйыгау, фынæй кодта арты фарсмæ. Уый фæстæ йын хабар куы радзырдтам, уæд нын цымыдисæй загъта: — Ау, æмæ йæ топпæй цæуылнæ фехстат? Марын æй хъуыди!.. Ам æнæхудгæ чи фæлæууыдаид. Кæнæ мæнæ ахæм хабар: нæ бынæттæм æввахс картоф сагъд уыдис колхозтæн. Уырдæм фæцахуыр сты хъæддаг хуытæ. Тар æхсæвты йæм цыдысты, къахтой йæ. Уыцы рæстæджы нæ цуанон æмбал Дзасарбег хъæумæ ацыд. Чи бахъахъхъæдтаид картоф? Иу æхсæв, мах куы бафынæй стæм, уæд Дзæмбег сусæгæй ацыд дыууæхстонимæ. Æвæццæгæн йæ зæрдæмæ бахаста нæ хистæры ныхæстæ: уыцы хуытæй чи амарид, уый нын Чермены ном скæнид: Йæ кæстæртæй-иу исчи истæмæй куы фесгуыхтис, уæд сын ахæм фæлмæн ныхæстæй æлхæнаг уыд Алхаз сæ зæрдæ. Æмæ мах фиппайдтам — нæ ног æмбалы бирæ цæмæйдæрты фæндыд Чермены хуызæн хъæбатыр уæвын. Дыууæхстон йе ’фцæджы, хъамайы бæсты цыргъ фæрæт йæ сины сагъд, рон æнгом æлвæст, афтæмæй фæрасти Дзæмбег цыппæркъахыг знаггадгæнджыты размæ. Йæ зонгуытыл бахъуызыд картофы хуыммæ. Хуыты сæ тæккæ къахгæйæ баййæфта. Бахъавыд сæм, æмæ гæрæхтæй æгомыг хъæд ныййазæлыд. Бацыд, кæдæм хъавыд, уырдæм. Дзыппыдаргæ цырагъæй срухс кодта. Дынджыр хуы æнæзмæлгæ хуыссыд, йæхæдæг цы къæхтытæ скодта, уыдонæй иуы. Бавнæлдта йæм æнафоны цуанон, йæ цæфтæ йын асгæрста. Йæ туг куы рацыд, уæд æй йе ’ккой скодта. Цал путы уыдаид, чи зоны? Йæ асмæ гæсгæ — фондзæй къаддæр нæ! Фæлæ йæ уæддæр Дзæмбег уыцы иухастæй нæ мусонджы æрбалæууын кодта. Никæмæн ницы загъта, афтæ95
мæй схуыссыд йæ хуыссæны. Райсомæй æмбæлттæ дисы куыннæ бацыдаиккой: — Черменау нын ном чи скодта? Дзæмбег ницы æмбарæгау касти куы йе ’мбæлттæм, куы та хуымæ. Цыма уый дæр исты бафæрсын фæндыд. Куы ничи ницы дзырдта, уæд Солтан йæ цæст йæхимæ æрныкъуылдта. — Æз мæхæдæг!.. Дысон фестадтæн, бахъуызыдтæн картофы хуыммæ æмæ сæ сечкæйæ ныггæрах ластон!.. Æндæр хатт та Дзæмбег æнæхъæн калд бæлас ныффаста, суг самадта мусонджы раз. Изæрæй нæ нæ хистæртæ фарстой: — Чи ныффаста уыйбæрц суг? — Æз мæхæдæг! — фæраздæр та ис Солтан. Афтæ-иу мах Солтанимæ Дзæмбегæн йæ куыстытæ бирæ хæттыты нæхи ’фсон фæкодтам. Уæддæр нæм никуы фæхæрам уый. Уымæн йæ домбай уæнгты, Чермены хуызæн, стыр тых уыдис, йæ фæтæн риуы сыгъдæг зæрдæ уыди. Иуизæр та Дзæмбег нæхимæ нæ уыд, афтæмæй нæм ныхас рауад: — Бирæ фæцардтæн, фæлæ дзы ацы лæппуйау раст æмæ хуымæтæг адæймагыл никуыма сæмбæлттæн!—дзырдта Алхаз. Зæронд лæг фæсаууонмæ йæ кæстæры тыххæй æргомæй дзырдта.— Ис ахæм бонзонгæ адæмтæ. Иннæтæй хуыздæр уыдзæн, ахсджиагдæр хъуыддæгтæ араздзæн, афтæмæй йæхи аууонмæ ласдзæн, куыд ничи йæ бафиппайа, ууыл архайдзæн. Уый у хорзы миниуæг. Нæ хистæры ныхæстæм мæ цæстытыл ауадысты фæстаг бонтæ. Бамбæрстон, иæ хистæры зæрдæмæ нæ ног фиййау æмбал Дзæмбег не ’ппæтæй хæстæгдæр кæй лæууы... Уыдис-иу афтæ. Сæрдыгон хизæиты нæ фос ривæд кæнынц. Махæй чи цуаны ацыди, чи хъазыныл фæци, чи чиныг кæсы, йæ фæсаууонмæйы ахуыры кой кæны. Алхаз æмæ-иу Дзæмбегæн та хъуыддаджы ныхас бацайдагъ. Ахуыргæнæг æмæ мæм скъоладзауы хуызæн кастысты. — Алы куыст дæр уарзын хъæуы, — дзырдта-иу Алхаз, — фиййауы куыст та уæлдайдæр. Зын у, фæлæ æфтиаг бирæ у... Æрмæст фарон нæ колхоз йæ фыстæй пайда райста сыгъдæг æхцайæ æхсæзыссæдз мин сомы! Дзæмбег æнæмбаргæ лæппу нæ уыд. Фæлæ уæддæр исты дзурынæй истæмæ хъусын фылдæр уарзта... Иу уалдзыгон райсом мах æртæйæ: Дзасарбег, æз æмæ Дзæмбег нæ хуыскъаг фос аскæрдтам хизынмæ Сырх хæхты хуссармæ. Сырх хæхтæй Тырмоны æрдузы астæу та цæуы Урсдон. Хур рæстæджы сыгъдæг æмæ тæнæгæй згъоры. Фыстæ дзы æнцонæй ахизынц йæ иннæ фарсмæ. Хизæнтæ уым хуыздæр сты. 96
Уарынты рæстæг тынг раивылы, æрбахизæн ыл нал вæййы. Уый амы фиййæуттæй чидæриддæр зоны. Фæлæ уыцы бон мах боныхъæд фæсайдта: диссаджы уалдзыгон райсом скодта. Арв уыд сыгъдæг æмæ райдзаст. Цъиутæ сæдæ хъæлæсæй зарыдысты. Адæймаг сæм хъусыпæй не ’фсæсти. Фæлæ иуафон сау мигътæ ахгæдтой хуры цæст, дымгæ, фæлварæгау, æрбафуттытæ кодта, йемæ ставд æртæхтæ æрбахаста. Райдыдта къæвда, лæдзæгæн ыл ныххæцын æмбæлд, зæгъгæ, кæмæй фæзæгъынц, ахæм къæвда. Нæ фос ма цæй хизыныл уыдысты. Хæхтæм æввахс тæрфы пæлæхсар бæлæсты бын баныгъуылдысты. Нæхæдæг дæр аууæтты слæууыдыстæм. Æмбæрстам — цалынмæ тæрккъæвда нæфенцайа,уæдмæ сын ардыгæй тæрæн кæй н§ей. Æмæ уæдмæ та дон раивылдзæн. Бæллиццаг нæ уыд нæ уавæр... Уарын нал æмæ нал æнцадис æмæ мæсчъыты æлыгхуыз сахатæ рацыдис. Урсдон сабузта, гуылф-гуылфгæнгæ бырста размæ, цæуЬшдæриддæр хæст кодта, уыдон йæ хъæлæсы хаста... Нæ уæтæрмæ фæстæмæ куыдæй баирвæзæм, ууыл стыр сагъæсы бацыдыстæм. Уаргæ ма кодта, афтæмæй нæ цурæй фæцыдæр Дзæмбег. Уалынмæ нæм дард кæцæйдæр æрбайхъуыст йæ фæрæты къупп-къупп. Кæрæдзимæ бакастыстæм. Фæрæт æм уыдис, уый дæр махæй ничи бафиппайдта. — Бæлæстæ калы! Æз ын аххуыс кæнон! — загъта Дзасарбег, æмæ уый дæр нæ разæй фæаууон. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу бæлæсты къæр-къæрæй, сæ гуыппытæй кæмттæ ныййазæлыдысты... Донæн йæ нарæгдæр раи бацагуырдта Дзæмбег. Дыууæ бæласы фæрсæй-фæрстæм куы æрлæууыдысты доны сæрмæ, уæд сыл фаллаг фарсмæ бахызтис. Уыцы былыл дæр уыдис ахæм бæрзонд бæлæстæ. Уыдон дæр та хъавгæ ракалдтой æмæ иннæты æмбуар æрхуыссыдысты. Стæй сын сæ астæутæ фæфидар кодта пыхсытæй. Рауадис дзы хид. Цыма йыл фос баскъæрæн уыди, фæлæ нæ ныфс дзæбæх нæ хастам. Фыстæ ахæм ран хивæнд сты. Иу сæ фæрсырдæм агæпп кæнæд, уый йедтæмæ се ’ппæт дæр йæ фæстæ акалдзысты сæхи. Мах архайдтам арæхстгай: раздæр сæгъты фæкъорд кодтам æмæ сæ баскъæрдтам хидыл. Стæй æз æмæ Дзасарбег хиды фæйнæ фæрсты слæууыдыстæм, цæмæй фыстæ нæ астæуты цыдаиккой, уромæгау сæ кодтам. Фæдисы нæм рацыдысты Алхаз æмæ Солтан дæр. Фаллаг фарс лæууыдысты æмæ иуранмæ скъæрдтой, чи-иу фæфалæ, уыцы фысты. Фæлæ фæстагмæ фыстæ æмгуылфæй ныккалдысты, хид сын скъуындæг. Уромын сæ нал фæрæзтам. Се ’знæтдæртæ-иу хиды кæронмæ æххæст нæма фæхæццæ сты, афтæ-иу агæпп ластой былмæ, чи дзы-иу хусæй баирвæзт, чи та-иу донмæ пыххаудта. Уæрыччытæн ласы7 Сагхъазæны 97
нæй тæссаг уыд. Уæд Дзæмбег тагъд-тагъд йæ æддаг хæлаф феппæрста, æмæ хиды дæлеты ивылд доны бацыдис. Фыстыиу ацахста æмæ сæ-иу былмæ баппæрста. Æгъатыр уылæнтæ фиййауы æрбырсынмæ хъавыдысты. Фаллаг фарсæй йæм тарстхуызæй хъæр кодта Алхаз: — Сæфыс!.. Рахиз доыæй!.. Фæлæ йæ Дзæмбег цыма нæ хъуыста. Фидар лæууыд йæ тыхджын къæхтыл. Дзæмбег хидыл æрбахызтис не ’ппæты фæстæ. Æвæццæгæн æй уæдæй нырмæ райдыдта фылдæр уарзын Алхаз дæр... Æмæ ныр нæ хистæры ныхæстæм хъусгæйæ, мæнмæ мæ зæрдæ сдзырдта: о, цæй диссаджы миниуæг у’уый — адæйм^аг адæймагыл цин куы кæиа, хорзæй—хорз зæгъын куы фæраза... ÆЗ ДÆР ТА УÆМ ЗЫНДЗЫНÆН Ралæууыди та сæрд. Фæсаууонмæ чи ахуыр кодта, уыдон аивылдысты горæтмæ, сесситæм. Уыдонимæ — æз æмæ Дзасарбег дæр. Мах фæйнæ курсы ахуыр кодтам. Нæ фæлварæнтæ иу бон фесты. Райсом нæхимæ ацæудзыстæм, зæгъгæ, афтæ проспекты хæрхæмбæлд фестæм нæ колхозы сæрдар Тамбиимæ. Уый уыди тынг æнæвдæлонхуыз. Хабæрттæй нæ тагъд-тагъд афарста. Стæй нын загъта: — Сымах, æвæццæгæн, нæ фехъуыстат Алхазы фæрынчыны хабар? Мах кæрæдзимæ бакастыстæм. Уый нын дарддæр дзырдта: — Мæнмæ ардæм обкоммæ фæсидтысты. Иу-дыууæ боны афæстиат уыдзынæн. Сымах батагъд хъæуы уæ куыстмæ... Тарф рынчын æй хонынц. Дохтыр æм арвыстам. Чи зоны, ардæм ласын æй бахъæуа! — Иучысыл йæ ныхас фæурæдта Тамби, зæхмæ ныккаст, стæй та йæ цæстæнгас махырдæм фæзылдта, йæ ныхæстыл ма бафтыдта: — Рагæй йæ зонын, фæлæ æнхъæлдæн, йæ къахы алгъ дæр никуы срысти... Къæдзæхы хуызæн фидар уыд. Хуымæтæджы низæн æнцонтæй æртасын нæ бакуымдтаид! Тагъддæр æй бабæрæг кæнут. Тамби ацыди. Мах та кæрæдзимæ бакастыстæм: дзæбæхæй йæ куы ныууагътам, уæд ыл цы ’рцыдаид, цымæ? Фæрсæй-фæрстæм араст стæм нæ фæндагыл. Мæн уыцы сахат мæ хъуыдытæ ахастой сæрдыгон хизæнтæм. Мæ цæстытыл хъазыдысты не ’мбæлттæ, Алхаз. Рынчынæй нæ, — куыд æй ныууагътон, афтæ хъæлдзæгæй, æнæнизæй. Мæ хъуыдыты хал мын æвиппайды аскъуыдтой Дзасарбеджы ныхæстæ: — Абон дæр ма ам цы лæууæм?—зæрдиагæй загъта уый,— 98
тагъддæр нæ ацæуын хъæуы нæхимæ!.. Чи зоны, кæд Алхазы .нæ сæр истæмæн хъæуы! Æз ме ’мбалы иыхæстыл дыууæ нæ загътон. * * * Æмæ та мæпæ Тарком, хæхтæ, сæрдыгон хизæнтæ. Ирд сæумæрайсом. Хур хохы сæрæй йæ был сдардта, йæ тынтæ нæм æрбауæфта. Сагхъазæны задкæрдæгыл тæмæнтæ скалдтой райсомы æртæхтæ. Цæгатвæрсты хизæнтæ ма уымæл дарынц. Нæ куитæ фынæй кæнынц дзуджы кæрон. Фыстæ кæм хуыссынц, кæм лæууынц, сынæр цæгъдынц. Раджы ма сын у хизынмæ скъæрынмæ. Нæ мусонджы раз лæгъз къæйдурыл фæлмæн фистын хъæццул æрытыдта Дзæмбег. Мусонгæй рахуыдта Алхазы æмæ йæ ууыл сбадын кодта, бæрз лæдзæг æм радта. Зæронд дыууæ къухæй лæдзæгыл хæцы, йæ кæрон ын къæхты астæуты дурмæ фидар быцæу сарæзта. Æрæнцой йыл кодта æмæ йæхи хурмæ тавы. Иæ цæсгом — фæлурс, йæ дæллагхъуыртæ æнцъылдтæ, къухтæ фæхусдæр сты. Йæ цæст ахæссы хæхтыл. Фидар, æнусон сты. Афтæ йæм кæсы, цыма арвы дæр уыдон уромынц. О, о, хæхтæ уæлæуæз уымæн сфардæг сты, хуры тынтæ сыл æхсызгонæй уымæн ахъазынц. Уыдон сты æвдисæн, Алхаз дæр кæддæр нырау æгуыдзæг кæй нæ уыд... Кæддæр-иу ам сагтæ хъазыдысты. Ныр нал сты, сæ номыл баззадысты хъазæн дæлвæзтæ. Гъе, ахæм хъуыдытæ зилдух кæнынц ацы райсом Хæддзур:гæ чиныг Алхазы сæры. Æмæ сæ махæн дзуры. Горæтæй куы ■æрцыдыстæм, уæд ын цалдæр боны фæдзырдтам, хъæумæ дæ аласæм, рынчындоны тагъддæр сдзæбæх уыдзынæ, зæгъгæ. Не ’сразы ис. Знон та йæм Тамби йæхæдæг фæзынди. Маши•нæ дæлейы, коммæ æрбацæуæны ныууагъта. Дысон ам баззад колхозы сæрдар. Ныр дæр мусонджы ис, фынæй кæны. Махæн бафæдзæхста: уæ хистæрты барæвдз кæнут фæндагмæ. Не ’ппæты разæй фестад Дзæмбег. Уый уæлдай æнувыддæр ,зилæнтæ кæны. Мидæгæй мусонджы цыдæртæ архайы. Æвæццæгæн, бæлццæттæн аходæны кой кæны. Æхсыр æмæ кæрдзыны тæф былтыл уайы. Дзасарбег, Солтан æмæ æз нæ хистæры алыварс сбадтыстæм. Фæнды ыæ, цалынмæ нæма араст ис йæ фæндагыл, уæдмæ йæ барæвдауын, зæрдæтæ йын авæрып, стæй йын йæхи фæдзæхстытæм байхъусын. Мах ын æппæлæм шофырæй: уый цы фæндæгтыл атæра •йæ машинæ, ууылты йæ ныфс ничи бахæсдзæн. — Бузныг, мæ чысыл хæлæрттæ. Сымах аккаг арфæтæ уæвгæ дæр нæ разындзæн... Æз цæуын... æмæ уæ иу хабар ку99
рын — макуы мын бацæут хæхтæ æмæ Дзæмбеджы зæрдæхудты. Уыдоы æмхуызон мадзура æмæ тыхджыи сты... Хæхтæ нæ фидауынц æнæ адæймаг! Мæ лæппуйы бонты-иу арæх схызтæн сæ сæрмæ, дардмæ-иу фæлгæсыдтæн, хъуыстон сын сæ сусæг улæфтмæ, се ’хсæрдзæнты сæр-сæрмæ... Уыдои кæд арвмæ, стъалытæм хæстæгдæр сты, уæддæр сæ бындур зæххыл ис. Зæхх та адæмæн сæ цардыхос у... Агурут уыцы цардыхос... Никуы федтам афтæ æнкъард æмæ сагъæсхуызæй Алхазы. Йæ хъуыдыйæдзаг цæстыты сæрмæ куыддæр балхынцъытæ сты йæ æрфгуытæ. Афтæ зынди, цыма йæ бирæ таурæгътæ, йæ бирæ зæгъинæгтæ æрдæгдзырдæй зайынц, æмæ цыма ууыя тыхсти. Йæ иу уæраг уыд бæзджын бæмбæг æмæ бинтæй бæстытæ. Хатгай-иу ын хус хуыфæг йæ тæрттæ ахгæдта. Анызта-иу, дохтыр ын цы хостæ ныууагъта, уыдонæй... Хур дзæвгар ссыди хæхты сæрмæ. Аходæн бахордтам. Тамби нын хъæлдзæгæй дзырдта: — Сымахæн циу. Ам, хæхты астæу, сыгъдæг уæлдæф æмæ цъити дæттæй уæ фарчы хай тонут... Æз та, мæгуыр мæ бон, уым тухийæ мæлын... Чи зоны, цынæ вæййы, куыд нæ рауайы, суæгъд мæ кæндзысты... Æмæ уæм Алхазы бæсты фæзындзынæн... Уымæн та пенси ратдзыстæм!.. Фæлæ махæй никæмæ уыд уыцы сахат хъазæн ныхæстæ кæныны зæрдæ. Мах, æрыгон фиййæуттæ, хæхты астæу бирæ бонты кæимæ æрвыстам, буц хистæр æмæ Хæддзургæ чиныгæй кæмæ дзырдтам, йæ диссаджы таурæгътæ нын нæ зæрдæты чи ныууагъта, уыимæ хъуамæ ныр фæхицæн уæм. Мах цардхъом æрыгæттæ, уый—зæронд, рынчын. Цæмæй зонæм, искуыма йæ фендзыстæм, уый... Машинæйы онг йæ фæстæ ацыдысты Дзасарбег æмæ Дзæмбег, радыгай йæ сæ уæлкъухты хастой, цыма сын бынтон чысыл сывæллон уыд. Мах сæ фæстæ æнкъардæй кастыстæм. Æнкъард æмæ иучысыл сæргойхуыз уыд Наф-наф дæр. Цыма æрæджиау бамбæрста, цы ’рцыди, уый, афтæ азгъордта сæ фæдыл. Алхаз æм фæсидти, йæ сæр, ын адаудта æмæ йын дзугмæ ацамыдта: — Цæугæ уырдæм... Куыдз раздæхти фæстæмæ. Чысыл суади, стæй та уырдыгмæ йе ’ргом азылдта, йæ фæстæгтыл абадтис æмæ уынгæг хъæлæсæй баниудта. Æмæ æцæг, махæн не ’ппæтæн дæр цыдæр нал фаг кодта уыцы райсом. Цыма Таркомы хæхтæ æгомыгдæр фесты, цыма цъиутæ бæрзбынты иннæ хæттытау хъæлдзæгæй нал зарыдысты, цыма хъæбатыр цæргæстæ нæ сæрты афтæ бæрзæндты нал тахтысты... 100
Не ’мбæлттæ нæм фæстæмæ куы ссыдысты, уæд сæ æз бафарстон: — Гъы, куыд у? Зын нæ уыди Алхазæн машинæйы? — Куыннæ. Фæлæ фидар лæууыд. Стæй зоныс, йæ фæстаг ныстуан дæумæ уыдис. — Куыд? — Дзæбæх, хъæлдзæг æмæ æнæниз ут! Фосмæ хорз зилут... Æз дæр та уæм зындзынæн! — Нæ сайыс? — Нæ! Раст куыддæриддæр фæдзæхста, афтæ дын æй загътон. Мæнæн æхсызгов уыди нæ хистæры уыцы ныстуан.
Ч И Н Ы Д Ж Ы И С: ... Æмæ азæлыд хъæд 3- Лымæндзинады тых 11 Сыхæгтæ 15 Чи йæ фылдæр уарзта 17 Тугхæстæг 20 Хъуынтъыз " . . 25 Хойы мысинæгтæ 29 Хуын . . . . • 36 Иу бон 40 Æхсæв цырагъдарæй 45 Ницы нын бавæййыс 52 Сæрибары уынг. Æцæг хабар 58 Мæ сæр æркъул кодтон йæ цуры • 67 Хæхты астæу. Фиййауы боныгæй 74 Хæддзургæ чиныг • — Зыд лæджы мæлæт 78 Арс æмæ Алхаз 81 Тар æхсæв фæдисы 84 Хъуыддаг та афтæ уыд 86 Наф-наф 89 „Сызмæлон, Алхаз?" 92 „Алхазы ривæддон" 93 Иухатт уалдзæджы 95 Æз дæр уæм зындзынæн 98
Бесаев Тазрет Урусбиевич Там, где резвятся олени Редактор Г. X. Бицоев Художник Б. Л. Митрофанов Худож. редактор X. Т. Сабанов Технический рсдактор Е. У. Датприева Корректоры Е. У. Датриева, В. Т. Дзодзикова Сдано в набор 14-1Х-65 г. Подписано к иечати 8-1-1966 г. Формат бумаги 60х901Л Печат. листов 6,5. Учетно-изд. листов 5,11. Заказ № 1065. Изд. № 85. Тираж 1000. ЕИ 00206. Цена 15 к. Северо-Осетинское книжное издательство Управления по печати, г. Орджоникидзе, ул. Димнтрова, 2. Республиканская книжная типография, г. Орджоникидзе, ул. Тельмана, 16. 7-6-3 49 - 66 М