Радзырдтæ
Фыццаг къахдзæф
Цыт
Тилифон
Райгуырæн бæстæ
Аууон
Ирвæзынгæнæг
Амерыкдзау
Пакет
Йæ ролы
Хъæндил
Уари
Цырагъ
Мастисджытæ
Дыууæ фембæлды
Зæронд Бадзи
Дыргъгæс Вано
Годахы мæлæт
Кафты аргъ
Сæлавыр
Алхæсты ускуырд
Гугула
Мæлæт
Фæсмон
Минæвæрттæ
Уазджытæ
Хъылма
Налхъуытæ
Принципиалон хъуыддаг
Зæрæдты рынчындон
Сæргæндæ
Текст
                    УАЦМЫСТÆ
ÆРТÆ ТОМÆЙ
РАДЗЫРДТÆ
ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ ЧИНГУЫТЫ
РАУАГЪДАД ОРДЖОНИКИДЗЕ
1965


Дабе Мамсуров Произведения В III томах Том I Рассказы Северо-Осетинское книжное издательство Орджоникидзе * 196^
ЦАРДЫ КЪÆПХÆНТЫЛ Бирæкъабазджын у Мамсыраты Дæбейы сфæлдыстад. Фыс- сæг кусы нæ литературæйы дæс æмæ ссæдз азæй фылдæр, æмæ йæм бахаста ног ахорæнтæ, дзæвгар æй фæхъæздыгдæр кодта йæ уацмыстæй. Æмæ кæд нæ аивады къæбиц нæ куынæг кæ- ны, уæд уымæн афтæ у, æмæ дзы Дæбе дæр рæбинаг у, хуын- хæссынæй йæм нæ фæлмæцы. Азтæ згъорынц, кæрæдзийы ивынц. Фыссæг нæ фæллайыг цардимæ æмдзу кæны, æмæ та чингуыты тæрхæгыл фæзыны йæ ног фыст. Раджы ссардта фæндаг адæмы зæрдæмæ — йæ цæст уынаг у, йæ æрмдзæф кæддæриддæр бæрæг дары, уæрæх сты йæ авналæнтæ. Дæбейæн йæ фыццаг радзырдты геройтæ дæр царды къæп- хæнтыл æдæрсгæйæ хызтысты. Æввонгхортæй сæ удхæссæг уыд- той, ног дуджы ссардтой сæ амонд, мæлинаг æгъдæуттæ æмæ- иу советон цардæвæрд хъæбысхæсты кæм бацыдысты, уым-иу агуырдтой рæстдзинад, уым-иу кодтой тыхæвзарæн. Иу хорз ми- ниуæг сæм кæддæриддæр фиппайдта адæймаг — тохмондаг уы- дысты, сомбоны рухс-иу сæ цæсгæмттыл хъазыди, æмæ-иу уый сæраппонд сæ удтæ дæр нæ бавгъау кодтой. Æхсары бон ра- лæууыд, уæд уыдон дæр фурдæн йæ тæнджытæ нæ агуырдтой. Залдуз æмæ Цолайыл хур куы скаст, уæд æнусы гуылфæнты сæ риуы æмбæрц алæгæрстой, фыдæлты «намысы» азарæй фервæ- зыныл бацархайдтой, Царды ног фæзындтæ хуызджын ахорæнтæй сфæлдыста нæ фыссæг «Тилифон», «Амерыкдзау» æмæ йæ бирæ æндæр ра- дзырдты. Кæм худгæйæ, кæм хъазгæйæ, кæм та мæстæлгъæдæй дзуры. Æмæ уым диссагæй ницы ис. Рæдийæгæн зонд бацамон, къуылымпыйы хос чи у, ууыл ма бацауæрд, тырысахæссæгыл ка- ды зарæг скæн — ахæм сты фыссæджы миниуджытæ, ахæм цæс- 3
тæй кæсы цардмæ. Æмæ чиныгкæсæг зæрдæбынæй фæхуды Хъæндилыл, Хæмæтхъаны фæсмон æм нæ бахъары («Фæсмон»), æхсæнадон исбонмæ æмхиц чи у, уый гæды митæ бамбары («Сæлавыр»). Уыдон ивгъуыд заманы стъæлфæнтæ сты. Ног дуджы цинæй чи райы, æхсæв хуыссæг кæй нæ ахсы, адæмы хъысмæтимæ йæ цард чи сбаста, уыдонæн нæ фыссæг балæвар кæны арфæйы дзырд, сæ рæсугъд удыхъæд сын равдисы æмæ чиныгкæсæгæн кæнгæхотæ æмæ æфсымæртæ свæййынц — Разиат («Иæ ролы»), Хъайсын («Кафты аргъ»), Бадзи («Зæронд Бадзи») æмæ бирæ æндæртæ лæууынц нæ литературæйы фæзминаг геройты æм- рæнхъ. Фыдыбæсты сæрвæлтау тохы лæгдзинад кæмæ разынд, уы- цы сахъгуырдтæ æрцахстой зынгæ бынат фыссæджы сфæлдыста- ды. Бирæ уацмысты сын ракодта се ’сгуыхтдзинæдты хабæрттæ, арæхстджынæй сын ныв кæны сæ удыхъæд, се ’нкъарæнтæ æмæ сæ бæллицтæ. Йæ геройты æхсæн арæх фæзынынц революцион тохы архайджытæ, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъайтартæ («Ир- вæзынгæнæг», «Мастисджытæ» æмæ æндæртæ). Æрмæстдæр цалдæр радзырды тыххæй загътам нæ цыбыр разныхасы, æрмæстдæр цалдæр тематикон циклы æрлæууын код- там чиныгкæсæджы зæрдыл. Дæбейæн та бирæ бантыст, царды вазыгджын цаутæ ма бирæ æндæр хæрзаив фыстыты равдыста. Се ’ппæтыл фæдзурын нæ фадат нæ амоны, фæлæ ма дыууæ ныхасы æнæзæгъгæ нæй Дæбейы эпикон уацмысты сæйрагдæр — роман «Хъæбатырты кадæджы» тыххæй. Уый дæр йæ равзæрст радзырдтимæ хаст цæуы йæ уацмысгы æртæтомон æмбырдмæ. Кадæг æй хуымæтæджы не ’схуыдта автор. Нæ фыдæлтæ-иу сгуыхт лæгыл скодтой кадджытæ, æмæ уый дæр уыцы зондыл хæст у. Цагъарады къæлæт чи ныссаста, революци кæй бахсыс- та, кълассон тохы адæмæн сæрибар чи æрхаста, уый бæгуыдæр у кадæджы аккаг. Æмæ нын Дæбе йæ романты хуыздæры æв- дисы Октябры уæлахиздзауты, адæмы иузæрдион хъæбулты. Фыссæг йæ геройты рахуыдта тох æмæ царды гуыргъахъ фæн- дæгтыл, æргом кæны историон цауты мидис, нывæфтыд обрæзты фæлынды рæстæджы вазыгджын фæзилæнтæ. Рæсугъд æмæ хъæз- дыг сты йæ ахорæнтæ, растдзæвин у йæ ныхас, аивады фæрæзтæй пайда кæны фæлтæрдджын къухæй. Чысыл ирон хъæуы цæрджытæ бавзæрстой рагон царды зы- над дæр æмæ ног царды хæрзтæ дæр, бамбæрстой се ’фхæрæг, сæ марæджы, схызтысты ног дуджы хохы æфцæгмæ æмæ сæ размæ 4
байгом быгъдæг фæндаг, æгæрон амондæй райстой сæ хай æмæ йæ цæсты гагуыйау хъахъхъæнынц. Тугвæндæгтæ, мидхъуырдухæн, тæссаг фæзилæнтæ, кълас- сон тохы цæхæртæ... О, хайджын сты алцæмæйдæр Гаппо, Де- мид, Любæ, Сослæнбег æмæ сæ бирæ æмтохгæнджытæ! Уымæн афтæ тыхджын æмæ фæразон сты зын сахаты, уымæн афтæ зæрдæмæдзæугæ вæййынц сæ цины бонты. Уымæн сæм цæуы Джамботты, Белогорцевы æмæ Михалы хуызæтты дæндæгты къæс-къæс. Уыдонæн сæ быны дон бацыд, сæ тугæйдзаг исбон æмæ æнæмæт цардæй афтид армæй аззадысты æмæ агъуыд сырдтау лæбурынц. Фæлæ тохы бон се ’сæфт æрцыд. Афтæ амоны историон рæстад, æмæ йæ нæ фыссæг дæр тыхджын обрæзты, аив фыст нывты иттæг дæсныйæ равдыста. Чиныгкæсджытæн æхсызгон уыдзæн сæ ног фембæлд сæ уар- зои геройтимæ. Мæрзойты Сергей.
ЗАЛДУЗ I Минæвæрттæ куы ацыдысты, уæд Дзабо æнкъар- дæй хæдзармæ бахызти. Сынтæджы бынæй раласта рагон чырын æмæ йæ байгом кодта. йæ уæлæ уы- дис рæтты хуызæн тæлытæ æрттиваг æфсæйнагæй. Гомгæнгæйæ-иу диссаджы зыланг фæласта. Уый хъусгæйæ, Дзабойы зæрдæйы гуырыдысты зæронд хъуыдытæ æмæ мысинæгтæ. Уым уыдысты, йæ рæс- тæджы йæм квитанцæйæ, вексылæй æмæ хъуыддаджы гæххæттæй цыдæриддæр бахаудта, уыдон. Гæххæттытæй æвæрæнтæ кæнын уарзта Дзабо, зæгъгæ, сæ уый тыххæй нæ дардта, фæлæ йæ кæддæр иу пъырыстыф сахуыр кодта æфснайын. Цæвиттон, Дзабо йæ хъалон бафыста афоныл. Райста квитанцæ, фæлæ йын фесæфти.* Дзабо йæ ни- цæмæ æрдардта: иу хатт цы бафыста, уый ма дзы дыккаг хатт куыд бацагурдзысты? Фæлæ дзы пъы- рыстыф æртæ азы фæстæ хъалон дыккаг хатт æр- домдта (æвæццæгæн, уыцы квитанцæ йæ къухтæм исты хуызы бахаудта). Дзабомæ гæххæтт нæ уыдис, æмæ та йæ фидын бахъуыди. Уæдæй фæстæмæ алцы æфснайын ахуыр ссис Дза- бо. Фæлæ йæ рагон гæххæттыты æхсæн уыдис иу тетрад — дыууæсæрон цæргæсы ныв ыл, æмæ йæ цæ- мæндæр фылдæр уарзта. Уый тыххæй-иу байгом код- та рагон чырын дæр. Систа-иу тетрад æмæ йын йæ цъæрттæ сындæггай фæлдæхта, алы фарсмæ дæр æдзынæг каст. Уыцы сахат-иу арф хъуыдыты аны- гъуылд, йе ’нгас та уыдис æнахуыр æнкъард. Кæд кæ- 6
сын нæ зыдта, уæддæр йæ зæрдыл хорз дардта, тет- рады цы фыст ис, уый. Ацы хатт уæлдай сындæгдæр фæлдæхта тетрады сыфтæ, стæй йæ цæсгом уæлдай сагъæсхуыз уыдис. — Афтæ тагъд цæуыл кæнынц ацы минæвæрттæ, уымæн ницы æмбарын,— зæгъы Дзабо.— Чызг ныр- ма ныр фæцис каст институт, нæ хæдзармæ дæр нæма схæццæ, афтæмæй минæвæрттæ æрбамидæг сты. Дза- бойы йæ чызгæй фæхицæн уæвын кæй нæ фæнды, уый цæмæй зонынц? — Цы сын бакæнæм? Афтæ у сылгоймаджы амонд, йæ ныййарджытæй йын æнæфæхицæн нæй,— дзуры йæ бинойнаг. — «Амонд, амонд»! — сфæзмыдта йæ усы Дза- бо.— Цæй амонд, йæхи фæфæнды йæ ныййарджытæй фæиртæсын, æндæр. — Омæ афтæ дæр фæуæд. — Æмæ æз дæр йæ фæндоны ныхмæ ницы зæ- гъинаг дæн...— йæхи раст кæны Дзабо.— Уæлдайдæр лæппуйы дзæбæх хонынц, зондджын, хæр^хъæд, стæй, дам, ахуыргонд у. Фæлæ тагъд цæуыл кæны? Нæ чыз- джы уал нын немæ чысыл ацæрын бауагътаид. — Сæхæдæг хуыздæр зонынц, куыд кæнын хъæ- уы, уый. — Уый раст у,— сразы ис Дзабо.— Æз минæвæрт- тæн дæр ахæм дзуапп радтон. «Иæхæдæг куыд зæ- гъа, афтæ алыг уыдзæн хъуыддаг». Уæдæ, дам, уæд чызг æрвитынмæ дæхи цæттæ кæн. Æмæ йæ зæрды цы ис, уый цæмæй зонынц? — Кæд ныхас бакодтой? — Мæнмæ дæр афтæ кæсы. Дзæгъæлкъах минæ- вæрттæ арæх нал сты... Афтæ сты ныры фæсивæд.— Дзабо арф ныуулæфыд,— кæрæдзи бауарзтой, зæгъ- гæ, уæд сæ ныхмæ дзурæн нæй... Дзабо ма цыдæр зæгъынмæ хъавыд, фæлæ уыцы сахат дуар байгом, æмæ къæсæрыл фæзындис бæр- зонд, хæрзконд чызг. — Мæ хъæбул, Залдуз! — фæхъæр ласта Дзабо, æмæ йæ чызджы йæ хъæбысы ныккодта. Иæ цæсгом ныррухс ис. йæ къухæй йын райста дыууæ чысыл чумæданы æмæ сæ къуымы æрæвæрдта. 7
Стæй æрбадт йæ бынаты, чырыны раз. Иæ цуры сба- дын кодта Залдузы дæр æмæ йæ фæрсын райдыдта: куыд фæцис каст, кусынмæ йæ кæдæм æрвитдзы- сты, уыдæттæй. Фæлæ йæ сæйрагдæр цы базонын фæндыдис, уымæй бафæрсын æфсæрмы кодта. Мад сæм кастис, арынгимæ архайгæйæ, æмæ йæ мидбыл- ты худт: кæдæй-уæдæй та иумæ сты нæ бинонтæ. Залдуз йæ хабæрттæ иууылдæр радзырдта. Фæлæ уый дæр иу хъуыддаджы кой не ’скодта. — Æндæр дæм ницыуал хабар ис? — Ницы,— фæсырх, афтæмæй дзуапп радта Зал- дуз. Ие ’фсæрм цæмæй бамбæхса, уый тыххæй Дза- бойы тетрад систа чырыны сæрæй. — Цытæ фыст ис ацы тетрады? — бафарста Зал- дуз. — Бакæс дзы,— сабыр загъта Дзабо.— Æндри, зæгъгæ, нæм иу ахуыргæнæг уыдис æмæ уый уарзта таурæгътæ, аргъæуттæ æмæ зарджытæ фыссын. Ацы таурæгъ дæр уый ныффыста, æмæ йæ æз мæхимæ æфснайдæй дарын. Залдузмæ диссаг фæкаст, йæ фыд тетрады тых- хæй цы хъæлæсы уагæй дзырдта, уый. Ахæм хъæлæ- сы уаг ын нæ уыдис æнæуи. Чызг тетрад рафæлдæхта æмæ дзы кæсын райдыд- та. Уым уыдис мæнæ ахæм таурæгъ. II Хъырмызæй ахуырсты хуызæн дыууæ уадулы. Сау дыууæ цæсты. Урс-урсид дæллагхъуыр. Дыууæ сын- тыбазыры хуызæн сау æрфыджы сæхи бæрзонд сис- той цæстыты сæрмæ æмæ æвдисынц Залдузы хъæл- дзæг зæрдæйы ахаст. Куы-иу бахудт, уæд-иу йæ аив, тæнæг сырх был- ты ’хсæнæй ферттывтой дзæнхъайы хуызæн урс дæн- дæгтæ. Бынтон æмбисонд уыдис йæ гуыры конд. Ахæм рæ- сугъд сылгоймаг зын ссарæн уыд æнæхъæн зылды дæр. Фæлæ æрмæст конд æмæ уындæй хорз адæймаг нæй. Лæгæй хорз куы фæзæгъынц, уæд ын фæкæ- сынц йæ хъарумæ, йæ уды хъæдмæ, йæ зондахастмæ. 8
Зын ссарæн уыдис ахæм хæххон куыст, Залдуз кæ- мæ нæ сарæхстаид: хос карста, хуымтæм фаджыс хас- та, хъæдмæ цыди. Уæдæ йыл цалынмæ цыппæрдæс азы нæма сæххæст, уæдмæ фиййау дæр уыдис. Кæр- дзын кæнын, хуийын зыдта, алдымбыдтæ быдта, хъуымбылтæ кæнын, тын уафын æмæ æндæр ахæм ми йæхицæй хуыздæр ничи базыдтаид. Зæронд адæм æй уарзтой йе ’гъдау æмæ йæ арæх- сты тыххæй æмæ иу дзырдтой: «Залдуз кæй хай фæ- уа, уый афтæ ’нхъæл ма уæд, æмæ йæ къухы зæххои адæймаг бафтыдис. Залдуз зæд у, зæд». Фæсивæд та йæ тынгдæр уарзтой йæ уынды тых- хæй. Нæ уыдис ахæм дыууæ цæсты, æмæ Залдузмæ кæсгæйæ, æнæтыххæй атонгæ æндæрырдæм чи аздæх- таид. Цыфæнды лæппу дæр-иу ыл сæмбæлгæйæ, уæд ын æнæцæстмæ митæ райдайгæ нæ уыд. Иухатт, Хъазыбег йæ усы куы хаста, уæд Æнхъæл дæр цæстмæ митæ кæнын райдыдта. Бæхæй ахауди æмæ йæ сæр аскъуыдта, йæ носыл ныр дæр хъуын нæма рахæцыд. Залдуз бричкæйы бадтис чындзы фарсмæ æмæ фæндырæй цагъта. Æнхъæл та уыцы цагъдмæ бæхыл хъазыдис. Æмæ ма искуы лæгъз ран дæр куы хъазы- даид, фæлæ куыддæр Æрæфы комы уыртæм æрба- хæццæ, афтæ райдыдта. Чындзхонты иувæрсты-иу йæхи, уарийау, æрба- уагъта йæ сау зыгъар байрагыл æмæ-иу фæхъæр ласта: «Æйтт! Уæхи хъахъхъæнут чызджытæ, скъæфын уæ искæй!» Уайгæ-уайын-иу зæхмæ фæлæбурдта, йæ армы- дзаг-иу хуыртæ фелвæста æмæ сæ-иу апырх кодта. Бæх æхст фатау, тахтис, афтæмæй-иу Æнхъæл ра- гæпп кодта æмæ та-иу фæстæмæ йæ дугъоныл абадт. Уый фæстæ-иу йе ’ргом фездæхта Залдузмæ, кæсы йæм æви нæ, уый базоныны тыххæй. Кæд æмæ-иу æм Залдуз каст, уæд та-иу ноджы æвирхъаудæр митæ кæнын райдыдта. Равдисынмæ хъавыдис æххæстæй йæ хъару Æнхъæл, цæмæй йын Залдуз йæ сæрæндзи- над базона æмæ йæ бауарза, уый тыххæй. Иу ран, Æнхъæл цæхгæр фæзилынмæ куыд хъа- 9
выд, афтæ бæхы къæхты бын уыры дуртæ фæбыры- дысты æмæ барæджы гуыпп зæххыл фæцыд. Бæх фæстæмæ фæгæпп ласта, цыма йæ хицауæй ныццæвы- нæй фæтарст, йе дзы æфсæрмы фæцис, афтæ, æмæ йæ уæлхъус тæрсгæ-ризгæйæ алæууыд, фæлæ барæг æнæзмæлгæйæ лæууыд. Ие ’мбæлттæ йын фыццаг барæй не ’стын æнхъæл уыдысты æмæ йыл худтысты, фæлæ æрæгмæ куы ста- дис, уæд æм дыууæйæ æрызгъордтой. — Мæлы!..— сыхъуыст сæ иуы тарст хъæр, йæ- хæдæг, йе ’мбалмæ дæр нал фæкаст, афтæмæй йæ урс нымæтхуд къусгонд акодта æмæ донмæ азгъордта. — Тагъд, чызджытæ, исчи уæ бæттæнтæ рада- вæд! — хъæр кодта иннæ дæр. Залдуз иу къухты кæлмæрзæн йæ дысæй фелвæс- та, иннæ йæ дзыппæй, рагæпп ласта бричкæйæ, ин- нæтæ дæр йæ фæдыл, афтæмæй æрызгъордтой цæфы размæ. Æнхъæлæн йæ тугæй дуртæ сырх адард- той. Залдуз ын йæ сæр æнгом æрбабаста. Иннæтæ цæ- фы рабадын кодтой æмæ йын дон бадардтой. Куыд- фæстæмæ Æнхъæл чысылгай æрчъицыдта æмæ æмбарын байдыдта, кæйдæр фæлмæн къух ын йæцон- гыл кæй хæцы. Чысылгай сивæзта йæ цæсты уæл- тъыфæлттæ æмæ тæригъæддаг каст скодта, йæ уæл- хъус чи лæууыдис, уыдонмæ. Уыцы фæлмæн къух Залдузы уыдис, уый куы федта, уæд йæ зæрдæйæн фенцондæр. Иæ рог уæнгтæ афтæ кæй æруагъта, уый тыххæй дзы æфсæрмы дæр фæцис æмæ йæхиуыл схæс- тытæ кодта, сыстынмæ хъавыдис, фæлæ уæнгтæ йæ коммæ нал кастысты, донласт къодахау, ныууæззау сты æмæ фезмæлын нал куымдтой. Сабыргай фæстæ- мæ æрæхгæдта йæ цæстыты уæлтъыфæлттæ Æн- хъæл. Фæстейы ма цы уæрдонджынтæ баззад чындзхæс- джытæй, уыдон дæр сæ уыцы сахат æрбаййæфтой. Атагъайы къалиутæ, кæрдæджытæ ратыдтой, уæрдо- ны сæ фæлмæн æрытыдтой æмæ сыл Æнхъæлы æр- хуыссын кодтой. Араст сты хъæумæ æнæфæндыр- дзагъд, æнæзард, æнкъардæй. 10
111 Бирæ лæппуты цæстыты фиутæ тадысты Залдуз- .мæ кæсгæйæ. Минæвæрттæ дæр æм бирæ цыдис мид- хъæуæй æмæ æндæр хъæутæй дæр. Хæлæф ыл код- той усгурты æвзаргæтæ, фæлæ никæмæн æнтыстис уыцы сызгъæрины къæртт атонын. Раджы равзæрста Залдуз йæ мойаджы. Гыццыл ма уыдис, афтæ тыхсын байдыдтой йæ рæзгæ зæрдæ- йы уидæгтæ Дзабойы зæрдæйы уидæгтимæ. Раджы баст æрцыдысты дыууæ æрыгон уды кæрæдзиуыл уар- зондзинады фидар рæхыстæй. Æппæт дунейы бон дæр хъуамæ мауал бауа уыдоны атонын, кæд ма сæ мæлæт атона, æндæр. Дзабо уыдис, йæхи фæллойæ дзæбæх чи цард, ахæм хæдзары лæппу. Цæргæ кодтой Залдузимæ иу хъæуы. йæ фыд уыдис Уæрæсейы æмæ иучысыл фыс- сын æмæ кæсын дæр базыдта. Сæхимæ куы ссыдис, уæд ус ракуырдта æмæ йын райгуырдис лæппу — Дзабо. Тынг бирæ йæ уарзта фыд æмæ-иу, куысты уæвгæйæ, цыфæнды фæлладæй куы ’рыздæхтаид, уæд- дæр-иу йæ иунæг хъæбулыл ацинтæ кодта. Кæд-иу æй сæхимæ не ’рыййæфта, уæд-иу афарста: «Уæдæ лæппу кæм нс, не ’фсин, ам куы никуьГзыны?» Раст цыппар азы куы рацыдис Дзабойыл, уæд амардис йæ фыд. Саби баззад сидзæрæй. Куы бахъомыл, уæд тыхтæй-амæлттæй сæ хæдзар фæстæмæ йæ къæхтыл слæууын кодта. Фæлæ адæймаджы хъуыддæгтæ зæрдæйы фæндон се ’ппæт кæм ацæуынц! Сомæхсæв Залдузмæ баминæ- вар кæнон, зæгъгæ, афтæ, Дзабойæн рæгъауы цы бæх уыдис, уый хохæй рахаудта. Уымæй æртæ æхсæвы куы рацыд, уæд ын йе ’ннæ бæх чидæр йе ’скъæтæй адавта. Уый фæстæ та йын йæ иунæг хъуджы бирæгъ бахордта. Хъæуы куыд дзырдтой, афтæмæй Дзабо- йæн уыцы фыдбылызтæ сарæзтой, Залдузы тыххæй йæм хæрам чи уыд, ахæмтæ, фæлæ, хъус-хъус ныха- сæй фæстæмæ, бæлвырд ницы рабæрæг. Фæцудыдта та хæдзар, фæлæ Дзабо уæлдай æн- •къарддæр нæ фæцпс. Иæ мадæн-иу зæрдæтæ авæрдта: — Хъынцъым мацæуыл кæн, нана, дæхи ма хæр! 11
Уыдон чп ссардта, уый дын æгас уæд, æндæр та ссар- дзæн. Зиан дæр, исты кæмæ ис, ууыл цæуы, æндæр» кæмæ ницы ис, уымæй цы фесæфа? Дзабо тарстис æрмæстдæр Залдузæн. Дзырдта-иу йæхинымæры: «Хæдзары цы хъæуы, уыдон æнцон сса- рæн сты, бæргæ, фæлæ Залдуз куы смой кæна, мæ хæдзар бынтон сæфт уæд фæкæндзæн». Дзабо Залдузæн смой кæнынæй тарстис, фæлæ уы- цы бирæ курджытæй иуæн дæр разыйы дзуапп нæ лæ- вæрдта, кæд уыдон хъæздыг хæдзары лæппутæ уыды- сты, уæддæр сæм йæ хъус нæ дардта,— йæ зæрдæйы сагъæстæ уыдысты æрмæст Дзабоимæ. Дис-иу кодтой адæм, уыйбæрц курджытæй Зал- дуз Дзабомæ цæмæ бæллы, зæгъгæ, мæгуыр куы у„ арвæй зæххы астæу æм иу хъуг йедтæмæ куы ницы ис, кæд æнæуи сæрæн у, уæддæр. Залдуз æмæ Дзабойы уарзондзинад хъæубæстыл айхъуыст, суанг ма-иу фиййæуттæм дæр æрцыдис уы- доны кой. Иу изæр Залдузтæм сæ сыхæгты ус Бадинæ цæйдæр æфсон бауад. Фыццаг цыдæртæ аныхæстæ- кодта, стæй йын баздæхт йæ мадмæ: — Чызджы йæхи бар уадзын нæ хъæуы, мæ бон^ Госа. Чызг царды гуылфæнты нæма аленчытæ кодта æмæ нæ зоны, арфдæр æмæ тæнæгдæр кæм у, уый. Кæд дæ, Госа, мæхи мады зæнæджы хуызæн нæ уар- зын, уæд ме ’ртæ хъæбулы мардмæ ссу. Госа фембæрста, цыдæр ныхас æм кæй ис, уый æмæ йæ афарста: — Цæмæн зæгъыс, мæ бон, Бадинæ? Дæхи фæн- диаг æнæнизæй цæрæнт дæ хъæбултæ. Зонын æй мæ- хæдæг дæр, цы зæрдæ мæм дарыс, уый. — Уæдæ дæ кæй уарзын, уый’ тыххæй дын зæгъын. Чызг ницы æмбары æмæ йын йæ бар йæхи куы ауа- дзай, уæд йæхи дæр фенамонд кæндзæн, сымахæн дæр стыр маст скæндзæн. Мах нæхæдæг дæр уыды- стæм чызджытæ æмæ ма дæ зæрдыл лæудзæн, куыд æрра æмæ æнæзонд уыдыстæм, уый. — Раст дын куы зæгъон, Бадинæ, уæд æз чызгæн æрра æппындæр нæ уыдтæн,— йемæ не ’сразы Госа- Бадинæ куыддæр фефсæрмыйау, фæкъуылымпы,. стæй та райдыдта: 12
— Ахъуыды-ма кæн, Госа, æхсыры цъæрттæй цы чызджы хæссыс, уый дын... — Раст дын куы зæгъон, Бадинæ, уæд æз мæ чыз- гæн бинонтæй уæлдай ницы хæринаг дæттын,— йæ ныхас ын æрдæгыл фæлыг кодта Госа. Бадинæ батыхст, йæ дзыхы ныхас нал бадт, фæлæ та уалынмæ райдыдта: — Дзабомæ дын куы ацæуа, уæд цæмæй цæр- лзæн? Иæ фæлмæн фæрстæ дын ын фæсмын бахæр- дзæн. Иæ уæлæ дын лæгъз дзаума никуыуал скæн- дзæн. Бадинæмæ Дзабойы кой цæмæн ис, уый дзæбæх лæ бамбæрста Госа æмæ йæ афарста: — Цавæр Дзабойæ зæгъыс, цæ? — Уæдæ, мæ бон, Госа, дæ чызг мой цæуылнæ кæ- ны? — райдыдта фæлмæндæр ныхасæй Бадинæ.— Дзабойы дын уарзы, Дзабойы, уæлæ Дударыхъойы фырты. Æмæ ма ахъуыды кæн, уырдæм дып куы ацæ- уа моймæ, уæд цæмæй цæрдзæн? Ацы ран дæр та йæм нал фæлæууыд Госа: — Æмæ кæд Дударыхъойы фырт æвзæр цæры, уæд ма дзæбæх та чи цæры? Кæд фосæй мæгуыр у, уæддæр, абоныстæн, æз æмæ дæуæй,хуыздæр цæры. Афтæ стыхстис ацы хатт Бадинæ, æмæ дзурын ни- цыуал сфæрæзта, минæвар кæй у, уый дæр нал схъæр кодта, афтæмæй ацыднс фæстæмæ. IV Дыууæ зæронды кæрты нæууыл изæры мæйрухс- мæ адджын бадтæй бадтысты æмæ фæндтæ кодтой, сæ иунæг хъæбулы кæмæн радтой, ууыл. Сæ хъуыды- тæ иу уыдысты. «Кæмæн æмбæлы, ахæмы хай куы нæ фæуа, миййаг, уæд дзы мæрдтæм азимагæй ацæудзы- стæм». • — Цымæ йæхæдæг кæй уарзы? Ницы йын æмба- рыс æппын? — бафарста Госайы йæ мой. — Абон мын уæртæ Бадинæ, Дзабойы уарзы, зæгъгæ, загъта, уæлæ Дударыхъойы фырты, æндæр ын ницы зонын æз дæр дæуæй уæлдай... — Уый мæлæты дзæбæх лæппу у бæргæ! 13
— Дзæбæх лæппу у, фæлæ ирæд фидынæн ницьо бакæндзæн, æз куыд уынын, афтæмæй. — Æмæ дзы цы кæнæм, цы ирæд райсæм, уымæй? Чызг йæхæдæг дзæбæх бынаты куы бахауид. Нæхимар цы пс, уыдонæй дæр ницыуал фендзыстæм. Мах мæрд- дзаг æмæ фæйнæ зæххы гæппæлы хъæуы, æмæ адæм хорз сты... — Цы ирæд дзы райсæм, уымæй хъæздыг не ’суы- дзыстæм, фæлæ адæм афтæ нæ зæгъдзысты, сæ ном- дзыд чызгæн куыдзы къæбылайы аргъ дæр не ’скод- той, зæгъгæ? — Мах адæмы мæт нæй, фæлæ нæ чызг, цалынмæ æгас стæм, уæдмæ йæ бынат куыд ссара, ууыл арха- йын хъæуы. Усмæ уæддæр æгад кастпс Залдузы æнæ ирæдæй раттын æмæ загъта: — Афтæ бакæнæм, æмæ фыццаг ирæд райсдзы- стæм, уæддæр адæм куыд ницы дзурой, уый тыххæй, стæй сын æй фæстæмæ ратдзыстæм. Ацы фæндыл лæг дæр сразы ис, æмæ ууыл сæ ны- хас ахицæн. Сбæлвырд мад æмæ фыдæн дæр Залдузы къайаг. Уыцы ’хсæвæй фæстæмæ æнхъæлмæ камын байдыдтой минæвæрттæм, фæлæ уыдон нæ зындыеты. Дзабо рæвдзытæ кодта йæ хæдзар æмæ йæ нæма æвдæлдис. Фыццаг куыд цыдысты Залдузмæ минæвæрттæ, мыр дæр æм цæуынц афтæ, фæлæ куыд æрбацæуынц, фæстæмæ дæр та афтæ ацæуынц. Чи нæ хъæуы, уыцы минæвæрттæ кæрæдзийы сæрты бырсынц, фæлæ æн- хъæлмæ кæмæ кæсынц, дзуапп кæмæи раттиккой, уы- донæн сæ кой дæр нæй. Адæмæй худинагæй куынæ тæрсиккой, уæд æм, æвæццæгæн, сæхæдæг барвитик- кой, рацу æмæ бафидауæм, зæгъгæ. Зæрæдты фæнды- дис, цæмæй айхъуыстаид, хъуыддаг конд фæцис, зæгъ- гæ, æмæ сæ уæд минæвæрттæ иу ран ныууадзик- кой. Курджытæй алчидæр йæ уд хъардта Залдузы рам- булыныл. Сæ иу иннæмæн бар нæ лæвæрдта. Хаттæй- хатт-иу кæрæдзимæ æртхъирæн дæр систой. Иуæй- иутæ та дзы афтæ кодтой: куы-иу сæмбæлдысты дыу- уæйæ иумæ, уæд-иу кæрæдзийæн Залдузы фыдкойыл 14
схæцыдысты. Алчидæр-иу куыста ууыл, цæмæй иннæ- иы зæрдæ фæхъæбæр кæна Залдузмæ. Уыцы ныхæсты фæстæ дзы-иу алчидæр йæ хæдзар- мæ худгæйæ ацыд: «Ныр æм уый нал бамииæвар кæн- дзæн бæргæ æмæ йыл мæхæдæг архайын куы райда- ин». Стæй та-иу изæры сæ дыууæйы минæвæрттæ дæр чызджы хæдзары сæмбæлдысты. Залдузы чи куырдта, уыдонæй иуы мад, Æнхъæлы мад Сæлимæт, йæ бон куы базыдта, йæ фыртæн ын нæ бакомдзæн, уымæй, уæд маст исыныл ныллæууыдис. Иу изæр уæлмæрдты устытæй иукъордмæ йæхн хæ- стæг баласта, йе ’нгуылдз йæ роцъомæ фæцарæзта æмæ сдзырдта: — Уæддæр, йæ бындур ныззила Госайы хъал чыз- гæн, цы бæллæх сарæзта йæхицæн. Куыд фегад код- та йæхи. Ныр ма йæ чи ракурдзæи? — Цы хабар у? Цавæр у? — сцымыдис сты ус- тытæ. — Ау, æмæ ницыма фехъуыстат? Цыдæртæ дзу- рынц адæм. — Ома, куыд цыдæртæ? — Цыма йæ чидæр уæртæ сæ сыхаг Хæмæтпмæ баййæфта... Рагæй дæр, дам, уарзæттæ уыдысты æмæ фæрæдыдысты... — Нæ, Сæлимæт. Залдузыл ахæм хъуыддаг æрцы- дис, уый мæн нæ бауырндзæн,— загъта устытæй пу.— Ныр дæр цыма дæ ныхæстæм фыны хъусып, афтæ мæм кæсы. Нæ уырныдта устыты уыцы æбуалгъы хабар: хур- бон арв ныннæрæгау сæм кастнс, фæлæ сын Сæлимæт æгæр куы басомытæ кодта, уæд ыл баууæндыдысгы. Иу иннæмæн дзургæ, иннæ аннæмæн, афтæмæй æппæт хъæуыл дæр ахæлиу уыцы хабар. Цъиутау æй уасын байдыдтой адæм. Айхъуыстис иннæ хъæутæм дæр. Зæрдиагæй архайдтой Залдузы ном фæчъизи кæ- ныныл, кæмæн нæ бакуымдта, уыцы лæппутæ. Се ’ппæ- тæй тынгдæр та архайдта, Залдуз йæ сæры цæфмæ кæмæн базылд, уыцы Æнхъæл. Чызджытæй бирæтæ рагæй дæр Залдузмæ хæлæг кодтой йæ хъару, йæ хæрзуыиды тыххæй, стæй йыл усгурты æвзаргæтæ афтæ æнувыд кæй уыдысты, уы- 15
мæ. Ныр уыдон дæр нал ауæрстой Залдузæй сæ маст райсыныл æмæ йын йæ фыдкой дардæй-дарддæр хæ* лну кодтой. Адæмæн сæ фылдæры пæ уырныдта Залдузы æвир- хъауы хабар, фæлæ æцæг у, мæнг у, уый мæт сæ нæ уыд: уыдоны хъуыдис йæ фæчъизи кæнын,— цæмæн у иннæтæй рæсугъддæр æмæ хъаруджындæр. Хабар базыдтой Залдузы фыд æмæ мад дæр, фæ- лæ йæхæдæг ницыма фехъуыста. Иу райсом Залдуз, йæ къæртатæ йæ цонгыл, афтаь- мæй йæ хорз æмгар Лезуханимæ донмæ рацыдис. Исчи сæ-иу нсты ныхас куы скодта, уæд-иу дыууæ- йæ дæр цъæхснаг хъæлæсæй ныккæл-кæл кодтой сæ дзыхыдзаг æмæ-иу сæ худын райсомы сыгъдæг уæл- дæфы фæйиæрдæм афардæг. Доиы былмæ ныххæццæ сты. Сæ къæртатæ бай- дзаг кодтой, дуры рæбын сæ æрæвæрдтой æмæ алæу- уыдысты иучысыл æнæдзургæйæ, цыма сæ фæллад уагътой, афтæ. Стæй Лезухаи æнкъардхуызæй загъта: — Залдуз, иу хъуыддагæй дæ бафæрсин, фæлæ дын хъыг куы уа? — Бафæрс, цæмæн мын уыдзæн хъыг? — Мæгъа, хъыг дын куы уа, миййаг. Цæй, фæлтау æй уадзон. Уæддæр æй фехъусдзынæ. Фæсмон ма кодта Лезухан, уыцы ныхас кæй рай- дыдта, ууыл, фæлæ топп куы фехсай, уæд нæмыгæн æрцахсæн нал ис. Нал уагъта Залдуз йе ’мбалы æнæзæгъгæ. Бирæ хæттыты йæ дзых схæлиу кодта Лезухан, фæлæ-иу сдзурын йæ бон нæ бацис. Æппын æрæджиау сабыргай загъта: — Афтæ фехъуыстон, цыма уæ чидæр... Хæмæтп- мæ баййæфта æмæ дæ уымаЁй бафæрсннаг уыдтæи...— æмæ йæ.цæсгом ссыгъди. Залдузæн уыцы ныхасæй йæ буар сæрæй къæхтæм ныддыз-дыз кодта, ауазал нс, цыма йыл исчи ихдоны къæрта бакалдта, уыйау. — Чи дын дзырдта уыцы хабар? — афарста ризгæ- йæ Залдуз. Лезухан бæлвырд кæй бацамыдтанд, уый нæ зыдта. Дыууиссæдзæй йæ фылдæрæй фехъуыста. 16
— Нæ зонын, кæмæй дын зæгъон, адæм æй æм- дзыхæй дзурынц, æмæ... Залдузæн йæ сæрыхъуын арц абадтис æмæ йæ бон зæгъын ницыуал ссис. Иæ къæртатæ систа æмæ дзæв- гар куы рауадис, уæд йæ цæстытæ доны разылдта: — Мæ цардцæрæнбонты цæмæй тарстæн, уый, æнхъæлдæн, мæ сæрыл æртыхстис рæстæй. Дысон мæм нана æмæ баба уыцы зулдзастæй куы кастысты, уæд æй уайтагъд фембæрстон, уым цыдæр кæй ис, фæлæ йæ бæлвырд равзарын мæ бон нæ баци. Ссыдис Залдуз сæхимæ. Цы куыстытæ йæм хау- дис, уыдон тагъд;тагъд акодта, йæ цæстытæ доны зил- гæйæ. Бахызтис йæ уатмæ, хуыссæныл ныддæлгом, йæ баз йæ сæры бын бакодта æмæ йæ æхсæвæртæм цæс- тысыгæй бауыдæста. Мад æмæ фыд куы не ’нцадысты сæ дзурынæй, уæд бамбæрста, уыдон дæр ын кæй фехъуыстой йæ хабар. Раст æмбисæхсæв банцадысты дыууæ зæронды сæ ныхасæй, æрфынæй сты, уæддæр ЗалДуз нæ лæу- уыдис йæ кæуынæй. Бон куыддæр цъæхтæ кæнын райдыдта, афтæ та Залдуз йæ къæртатæ йæ цонгыл акодта æмæ доны былмæ ацыд. Ничи ма райхъал хъæуæй, æдзæрæгау уыдис сабыр. Æхсызгон уыд уыцы æнцаддзинад Зал- дузæн. Хуыссынц адæм æнæ исты æмбаргæйæ, нæ хъуыды кæнынц æмæ нæ дзурынц Залдузы худина- джы хъуыддагыл. Фæлæ та тагъд райхъал уыдзысты, райдайдзысты та сæ боны куыстытæ æмæ рады дам- думтæ. Хорз фæкастаид ацы хатт Залдузмæ, адæм æнусмæ дæр афтæ фынæйæ куы цæриккой, бæстæ аф- тæ æнцад куы уаид æмæ сæ рохы куы баззаид, уый. Уыцы хъуыдытæ кæнгæ æрхæццæ донисæнмæ. Йæ къæртатæ æрæвæрдта, йæхæдæг хæрисы бын дурыл æрбадт. Фыдæвзаггæнджытæ Залдузы фесафыныл куыд ныллæууыдысты, Æрæфы дон та уыцы бæласы уд сыс- къуынынмæ йæ ных афтæ сарæзта. Иæ тых цы уыд, уымæй-иу ын йæ бынмæ бафæйлыдта. Куы ницы-иу ссис йæ бон, уæд-иу фырмæстæй рафыхти, сабузта- 2 Мамысраты Дæбе 17
иу, фæхъуырдухæн-иу кодта, йæхи-иу къултыл ныц- цавта, стæй-иу азгъордта дарддæр. Бон дзæбæх куы ’рбацъæх, хъæу змæлын куы бай- дыдтой, уæд Залдузы сæры фæзындис иу хъуыды, æмæ уый йæ зæрдæмæ фæцыди... Хи амарын æм фæ- каст стыр хорзы хуызæн... Мæнæ ацы гуылф-гуылф- гæнаг донæн хъуамæ бахæрын кæна йе ’нæтæри- гъæд цард... Уæд фервæздзæнис йæ удхарæй. Фестадис. Йæ кæлмæрзæн бæласы къалиуыл абас- та,— хъуамæ уæддæр адæм зоной, йæхи доны кæй баппæрста... Фæстаг хатт ма уыны дуне, Æрæфы хæ- рис бæлас. Уый фæстæ... йæ цæстытæ ахаста йæ ал- фамбылайыл. Бæстæ лæууыдис уыцы аив æмæ æнца- дæй. Хъæлдзæгхуызæй æрттывтой алырдыгæй дидин- джытæ, цины сыр-сыр кодта Æрæф, фаллаг фарс цъиутæ зарыдысты диссаджы рæсугъд зарджытæ, дымдта рог уддзæф, бæстæ ныррухс сæууон хуры тынтæй. Фыхтис цард райдзастæй... Фæлæ дзы хъуа- мæ ныртæккæ ахицæн уа Залдуз æнæаххосæй. Уыцы хъуыдытæй йæ зæрдæ тынгдæр ауынгæг, йæ хурхыуадындзы, здыйы къуыбарау, кæуындзæг абадтис... Базгъордта донмæ, баивæзта йæм йæ тых- джын къабæзтæ... фæлæ дзыхълæуд фæкодта: «Цы кæндзысты мæ зæронд мад æмæ фыд? Чи ма сæм кæсдзæн? Хæрздзæгъæлæй, æвæгæсæгæй баззайдзы- сты...» йæ цæстытыл ауадис Дзабойы худæнхуыз цæсгом... йæ зæрдыл æрбалæууыдысты йæ фæлмæн ныхæстæ... «Цы ’нхъæл у цымæ уый та? Иу хатт ма йæ уæддæр куы фенин». Баздæхт чызг фæстæмæ хæрис бæласмæ, сыхæлд- та йын йæ къалиуæй кæлмæрзæн, йæ сæрыл æй æн- гом æрбабаста, йæ къæртатæ систа æмæ рараст. Залдуз йæхи доны æппарынмæ куы хъавыд, уæд сæ сыхæгты чызг Косер та донмæ рацæйцыди. Залду- зы куы федта, уæд дисгæнгæйæ иу стыр дуры фæстæ æрæмбæхст æмæ касти, цæмæй бæлвырддæр базона, цы кусы, уый. Залдуз йæ къæртатимæ хъæуырдæм куы араст, уæд Косер дæр сыстад æмæ, цыма, ницы федта, уый- ау йæ иувæрсты æруад. Залдузы цæстытæ уыдысты сырх æмæ рæсыд, йе ’нгас æм уагыл нæ фæкаст. 18
Косер дис кодта, уыцы афон бæласыл баст цæмæн уыдис Залдузы кæлмæрзæн, ууыл. йæхи надтаид, æмæ куыд бауæндыдаид уыцы гуылф-гуылфгæнаг до- ны бахизын? Нæ, ам æндæр цыдæр ис... Сыгъдæгæй уый усбирæгъ уыд дысон, ныр та бонæй йæ дарæс йæ уæлæ скодта. Афтæ уыдаид, æндæр цы!.. Ссыдис Косер сæхимæ æмæ рахабар кодта, йæ цæстæй цы федта, уыдоныл ма йæхицæй дæр баф- тыдта. Иу иннæмæн дзургæ, цыма кæрæдзимæ хæрзæггу- рæггаг уадысты, уый хуызæн, афтæмæй та уайтагъд хъæуыл айхъуыст, зæгъгæ, дам, Залдуз усбирæгъ дæру. Ацы хатт фыд йæхи нал баурæдта. Бацыд, Залдуз цы уаты уыдис, уырдæм. йæ дæрзæг зæронд къухы уæлфадæй асæрфта йæ цæссыгтæ æмæ, сывæллонау, хæкъуырццæй куыдта: — Цы хуыцау дæ ралгъыста, нæ уарзон æмæ нæ зондджын чызг? Дæ фыццаг тæхудиаг куы уыдис, уæд дæ фæстаг худинагмæ цæмæн æруагътай? Лæ- джыхай бакодтай, фæлæ ма дæхи усбирæгъ та цæ- мæн скодтай?.. Залдузæн йæ зæрдæ мастæй айдзаг, атыппыр ис æмæ фæйнæрдæм фæцæйскъуыд... ,Иуæй æфсæрмы кодта, иннæмæй та — тæригъæд йæ зæронд ныййар- джытæн. — Æз дæумæ дзурын, цъаммар! — йæ пырх калд- та фыд.— Æнæхъæн мыггагæй нын ацæуæн нал ис адæмы размæ. Фæфидиссаг нæ кодтай... Уæ мæ хъа- руджын чызг! Дунейы рухсæй мын рухсдæр куы дард- тай мæ зæрдæ, уæд мын ныр цы бакуыстай? — дард- дæр ма цыдæртæ зæгъынмæ хъавыдис, фæлæ йын кæ- уын йæ ныхас айста. Ацы хатт йæхи нал баурæдта Залдуз: — Баба фыдгултæ мæ донæн ласын кæнынц, фæ- лæ ма мын ды та мæ фæдыл къусы дзаг цæмæн ка- лыс? Мæ уд сыгъдæг куы у, усбирæгъы хабар хъус- гæ цы фæкодтон, æндæр цы хуызæн у æмæ æцæг вæй- йы, æви нæ вæййы, уый дæр куы нæ зонын, уæд мыл æй цæмæн мысынц? Цы кодтон, баба?.. Цæмæн фæдæ ме ’знæгты фарс?.. Æз афтæ ’нхъæл уыдтæн, æмæ мын 19
цыфæндыйæ дæр мæ ныййарджытæ мæ сыгъдæгдзи- над зондзысты... Фыд ницыуал сдзурын бафæрæзта, афтæмæй йæ цæссыгтæ сæрфгæ ацыд... Æртæ къуырийы аивгъуыдтой Залдузы хъизæма- ры цардæй, æртæ къуырийы дæргъы йæ дзыхы хæри- наг адджынæн нал бакодта. Нал схуыссыдис фæлмæн хуыссæны. Æрмæст ма иу æндахы халæй баст уыдис дуне- имæ Залдуз, иунæг фæндоныл ма лæууыдис йæ уд. Уый уыдис Дзабойы рухс цæсгом фенын, уый фæл- мæн ныхас фехъусын. Хъуамæ базона, цы зæгъы Дза- бо та ацы дам-думты тыххæй. Мад æмæ фыды ба- уырныдтой уыцы хахуыртæ, уыдоны тыххæй иу бон дæр нал фæлæууыди... Фæлæ Дзабо, Дзабо та?.. Хъуамæ йыл фембæла!.. Кæд уыдзæн? Кæм фесæфти? Искуы балцы ис, æви?.. Æхсæвæй, боиæй æнæрынцойæ сыгъд Залдузы зæрдæ. Аззадис ма йыл æрмæст царм æмæ стджытæ, цæстытæ арф бахаудтой сæ къусджыты æмæ уырды- гæй тарст каст кодтой. Дыууæ дзаг уадулы хъилæй аззадысты. Цæсгом урс-урсид дардта, цикъæйы хуы- зæн. Фыццаджы кондыл ма баззадысты айдагъ дзык- кутæ, хъустæ æмæ урс дæндæгтæ. Æнæ адæмæй иуцъусдуг цæрын чи нæ фæрæзта, уыцы Залдуз ныр æртæ къуырийы йæхи дæр нал рав- дыста. Райсомæй-иу раджы донмæ рауадис, цæмæй йæ мачи фена, уый тыххæй, æмæ-иу дон сдавта. Бо- ны рухсмæ-иу, хæдзары мидæг цы куыстытæ уыдис, уыдон акодта, стæй-иу йæ уатмæ бацыд æмæ йæ рæс- тæг кæугæйæ æрвыста. Ацы бон дæр та Залдуз сæумæйæ рацæйцыдис донмæ. Æнхъæл куыд нæ уыдис, афтæ хæрхæмбæлд фесты Дзабоимæ. Лæппу уынджы сцæйцыд æд цæвæг. Залдуз æй куы ауыдта, уæд йæ зæрдæ цинæй айдзаг, фæлæ дзы тынг кæй фефсæрмы, уымæ гæсгæ йæ сæр фæгуыбыр кодта. Дзабо йæм райсомы мæнг рухсмæ куы бакастис, уæд æй нал базыдта, æмæ йæм сабыр хъæлæсæй сдзырдта: — Залдуз нæ дæ? 20
Чызг къæмдзæстыгæй дзуапп радта: — Æз дæн. Дзабо исдугмæ æрлæууынмæ нæ хъавыдис, фæлæ йын йæ уарзондзинад фæндаг нал радта дарддæр акъахдзæф кæнынæн. Аркъауы хуызæн ын цыдæр йæ зæрдæ цæлхъывта. — Уæдæ мæм иучысыл ныхасмæ нæ байхъус- дзынæ? Хъусынæй йæм бæргæ никуы бафсæдид, Залдуз, фæлæ æфсæрмы кодта æмæ ницы дзырдта. — Цæй, кæд мæм иу ныхасмæ хъусыс, кæннод цæугæ кæнын,— загъта дыккаг хатт Дзабо. — Дзур, цы дæ фæнды, уый. Хъусын дæм. Дзабо йæ цæвæг æриста æмæ чызгмæ хæстæг бацыд: — Цæй фыдхуыз дæ уый? Æгасæй куы бахус дæ! Иу фыды мур дыл куынæуал ис! Цæмæн æргæвдыс дæхи дзæгъæлы? Афтæ лæмæгъ уæвын хорз нæу! Мæ коммæ кæд кæсыс, уæд мауал хъус фыдæвзæгты ны- хæстæм. Уыдон фæдзурдзысты, фæдзурдзысты, стæй банцайдзысты. «Æнхъæлдæн æмæ мын Дзабо æмбары мæ рæст- дзинад»,— цинæй айдзаг Залдузы зæрдæ. Чысылгай йæ сæр уæлæмæ систа æмæ загъта> — Æгас дунейы дæр, æвæццæгæн, мæ хуызæн æна- монд нал ис...— цыдæр ма сдзурынмæ хъавыд, фæлæ йæ йæ кæуын нал бауагъта. Йæ сæр та фæстæмæ йæ риуыл æрхаудта æмæ цæссыгтæ æргæр-гæр кодтой сæ ахуыр фæндагыл. — Цæй, мауал ку! Мауал мæ удхарæй мар. Ныр дæ æртæ къуырийы кæй нал федтон, уый дæр мын чысыл низ нæ уыдис. Фæлтау ма мын зæгъ æргом дæ зæрдæйы уаг. Фыццаг дæм цы уарзондзинад уыдис, уымæй ма дæм исты ис, æви нал? — Æз, уарзондзинад цы у æмæ цард цы у, уымæн дæр ницыуал æмбарын,— дзуапп радта Залдуз. — Æртæ къуырийы дæ нал федтон, мæ зынаргъ Залдуз, æмæ уæдæй нырмæ зонгæ дæр никуыуал ба- кодтон, хур ма скастис искуы, æви нал. Баталынг мыл ис бон. Мæ цард мын ихы къæртт фестадис æнæ дæу. Бирæ хæттыты бакастæн кауы хуынчъытæй уæ 21
кæртмæ, фæлæ мæ къухы никуы бафтыдис дæу фе- нын. Ныр æз афтæ зæгъын: цыфæнды дзурæнт адæм, кæй цы фæнды, уый кæнæд, уæддæр мæ бон нал суы- дзæн дæу ныууадзын. Мæ бон нал у мæ зæрдæйы уи- дæгтæ дæуæй аскъуынын. Æмæ ма мæ кæд ды дæр афтæ уарзыс, уæд...— уыцы ныхасы фæстæ Дзабо йæ къух бадаргъ кодта Залдузмæ. Чызг йæ кæуынæй фæсабыр ис æмæ сындæггай йæ къух балæвæрдта Дзабомæ. Лæппу фæйнæрдæм акаст, æмæ сæ ничи уыны, уый куы базыдта, уæд æй йæ былтæм схаста æмæ йын адджын пъа ныккодта, стæй йæ риумæ æрхаста æмæ йæ æнгом балхъывта, цыма йæ зæрдæйыл сæмбæлын кæнынмæ хъавыд, уыйау. Айрох дзы ис, æртæ къуырийы дæргъы цы хъизæ- мар фæкодта, уый. Цæсгомыл фæзындиг амондджын æнгас æмæ загъта: — Кæд ма дæ мад æмæ дæ фыды цæсгом хъуы- ды кæныс, æмæ дæ æз куыд уарзын, ды дæр ма мæ афтæ уарзыс, уæд мын ма басусæг кæн, адæм кæй дзурынц, уыцы ныхæстæ æцæг сты, æви нæ.^.. Ахуыссыдис Залдузы цин, атахтис йæ ныфс. Зæр- дæ æвиппайды ныссæххæтт ласта, буар ауазал. Зал- дуз æнхъæл уыдис, йæ рæстдзинад ын Дзабо йедтæ- мæ ничи зоны, зæгъгæ, фæлæ ныр сбæрæг, Дзабо дæр ыл кæй не ’ууæнды, уый. Арвæй ма йæм цы хъугдзар- мы йас гæппæл зындис, уый аталынг ис. Аскъуы- ди, Залдузы уд ма цардыл кæмæй хæцыд, уыцы иунæг æндахы хал дæр. Атыдта йæ къух æмæ араст донмæ. Дзабо йæ бынаты лæугæйæ баззад. Цы бакодта, цæмæй афтæ тынг бафхæрдта Залдузы, уый æваст нæ рахатыдта. Стæй æрæмбæрста: ницы аххосджын у æмæ йыл гуырысхо кæй кæнынц, уый уромын йæ бон нал у. Æниу хорз куы зыдта, Залдуз сыгъдæг, æнæ- тæригъæд кæй у, уый, уæд ма йæ цæмæн бафарста? Æрæууæндын æй кæнын хъæуы, кæннод фесæф- дзæн зæфцыфыдæй... — Залдуз, иу ныхасмæ ма мæм фæлæуу, нæ уар- зондзинады номæй дæм дзурын. Фæлæ уый нал фæлæууыд, тагъддæрæй-тагъддæр 22
уадис, цыма йæ исчи фæсте сырдта, афтæ, æмæ йæм нал ракасти. Дзабо йæ цæвæг йе уæхскмæ сæппæрста æмæ асырдта Залдузы: донисæны ма йын уæддæр радзур- дзæн йæ ныхæстæ æмæ йæ басабыр кæндзæнис. Фæлæ иу ран æрлæууыд Дзабо. Уый ауыдта къу- лы нарæг фæндагыл дыууæ усы донисæнмæ æд гогон- тæ æрцæйуайгæ. Цæвиттон, Залдузимæ баныхас кæнынæн фадат нал ис. Сындæггай раздæхт æмæ сæхимæ рацыдис Дзабо. Уыцы бон ницыуал бакуыста. Хъуыды кодта, Залдузыл дамтæ фыццаг хатт чи рауагътаид, ууыл. Ехх, лæг æй куы ссарид, уæд... Фæлæ йын ссарæн нал ис.Æмæ йæ агурын дæр цæмæн хъæуы, Дзабо йын йæ- хæдæг йæ рæстдзинадыл куы ’ууаеады, уæл?.. «Тæккæ изæры йæм цæуын йæ хæдзармæ. Фыд æмæ мад куы бахуыссой, уæд фæныхас кæндзынæн йемæ... Чи зоны, чындзæхсæвыл дæр сразы уа Залдуз... Уæд тагъддæр ныхъхъус уаиккой фыдæвзæгтæ». Уыцы уынаффæйыл фесты Дзабойы хъуыдытæ æмæ изæрмæ æнхъæлмæ каст. Залдуз Дзабойæ куы фæхицæн, уæд сыздæхт æд дон сæхимæ. Къæртатæ æрæвæрдта, цы кусинæгтæ йын уыдис, уыдон дæр ныууагъта: йæ хъару нал бацис. Æнæхъæн бон æххормагæй æмæ кæугæйæ арвыс- та Залдуз æхгæд уаты... Йæ фæнд конд уыдис... Хъуа- мæ сомбоны хуры рухс мауал феной йæ цæстытæ. Ацæудзæн æмбисæхсæв æмæ йæхи хæрис бæласы бын Æрæфы баппардзæн, уазал доны фæйлауæнтæ йын айсдзысты йæ цард, фæхойдзысты йын йæ рæзгæ буар дæрзæг къæдзæхтыл æмæ афтæмæй фервæздзæн йæ хъизæмæрттæй. Фæлæ хъуыддаг рауадис бынтон æндæр хуызон. Æмбисæхсæв чызг кæртæй фæстæмæ баздæхтис хæ- дзармæ. Сындæггай, æнæхъинцæй бакодта дуар, ба- цагуырдта кард. Хуыссæныл ма иуцалдæр хатты адæлгом, базыл-иу дæндагæй ныххæцыд, цыма йæ маст уымæй иста, уый хуызæн. Цы бæрæггæнæн ныу- уадза, цæмæй йын адæм йæ мæлæты фæстæ базоной йæ рæстдзинад? Фæлæ ницыуал æрхъуыды кодта. 23
Сыстадис, галиу къухæй сынтæгыл æрынцадис, ра- хизæй та карды фындз зæрдæйы комкоммæ сарæзта. Цыргъаджы бандзæвдæй буар æнахъинон рызт нык- кодта. Цыфæнды зын ран куы уа адæймаг, уæддæр æн- цон нæу цардæй ахицæн уæвын. Кардыл мидæмæ ба- хæцон куыд загъта, афтæ йе ’уæнгтæ адон сты, æрбай- сæфтис йæ ныфс. Исдугмæ чысыл ахъуыды кодта, ма- ра йæхи æви нæ. «Чи зоны, Дзабойы загъдау, адæм фæдзурдзысты, фæдзурдзысты, хъизæмар кæнгæйæ сæм фæхъусдзæн Залдуз, стæй сæ ферох уыдзæн æмæ йæ хъуыды дæр ничиуал кæндзæн»,— ахæм сагъæстæ фегуырдис Залдузы сæры. Уыцы сахат чидæр цъæхснаг хъæлæсæй ныхъхъæр ласта Залдузы уаты рудзынджы хæдраз. Иукъордæй йын бахъырныдтой. Уый уыдис ыог зарæг, нырæй размæ йæ никуы фехъуыста. Залдуз дзы рахатыдта ахæм ныхæстæ: «Гъей, уæлæ мын фиййаумæ, гъей, Уæй, хæдмæл агъд баззадис, гъей, Гъе, Хиуаты Хæмæтæн, гъе, Гъей, Залдузы уаты йæ хæлаф баззадис, гъей». йæ сæр уыциу тъæпп нылласта фырмæстæй Зал- дуз сынтæджы ныхыл... Кард фæцарæзта зæрдæйы комкоммæ ногæй... Фæлæ уынгæй фæцыди Дзабойы мæсты хъæр: — Гъей, кæцытæ стут, уый? Цавæр зарæг у уый? йе ’скæнæджы йын ссардзынæн, æмæ мæ дард нæ фæ- цæудзæн. Чи йæ зара, уый та ацы зæххыл цæрын æмæ цæуын хъæудзæн! Æнæгъдæуттæ тагъд-тагъд сæхи кæдæмдæр айс- той. Фæлæ нал... цыдæр ’фæци Дзабо дæр... Цæмæй зыдта Залдуз, Дзабо йæм фæстаг амонд- джын ныхæстæ кæнынмæ кæй æрбацыд æмæ агъуыс- ты къулрæбын кæй лæууыд, ныййарджытæ куы ’рфы- нæй уой, уæдмæ æнхъæлмæ кæй касти. Залдуз тыхстис хъуыдытæй, тартæ кодта йæ зонд. Иуцъусдугмæ йæ цæстыты раз фæзындис йæ цард, хи æмбарын куы байдыдта, уæдæй нырмæ. Куыд зæр- 24
дæрухс^уыдис ныронг æмæ йыл куыд æрбаталынг йæ бон!.. Йæ уарзон мад æмæ фыд куыд кæудзысты йæ марды уæлхъус, уый дæр йæ цæстытыл ауад æмæ йæ зæрдæ ныккæрзыдта. Дзабо та, Дзабо?.. Ууыл ма лæу- уыдис йæ уд. йæ фæстаг дзырдтæ ма ауадысты Зал- дузы хъустыл æмæ уæд къух тынгдæр æрбалхъывта карды фистон... Ныхъхъынцъым ма кодта, йæ фæстæ йæ худинаджы зарæг кæй баззад, ууыл... Дзабо йæ иу хатт баурæдта, фæлæ зарæг куы сæвзæра, уæд ын ба- уромæн нал ис. Амбырд кодта йæ фæстаг тых æмæ ныфс, раздæр ахгæдта йæ цæстытæ æмæ бариуыгъта кард мидæмæ. Иу цъæхахст ма фæласта. Уыцы хъæрæй фæтарст Дзабо. Ницæмæуал фæкаст. Фæмидæг уаты. Фæлæ байрæджы: Залдуз йæ сынтæджы раз хуыссыдис æнæ- змæлгæйæ, йæ бынæй туджы суадон ралæсæн кодта. V Афтæ фæцис таурæгъ. — Æмæ æцæг хабар ныффыста ахуыргæнæг? Æцæг амардта йæхи Залдуз? — бафарста чызг йæ фыды. — Æцæг хабар уыдис,— загъта сындæггай Дза- бо,— æгады цардæй йæм амæлын хуыздæр фæкастис. Уыцы талынг рæстæджы йæхицæн хуыздæр хос не ’ссардта. Иунæгæй йын зын хæцæн уыдис. — Уæд Дзабо та чи уыдис? Куыд нæ йын баххуыс кодта? Фыд ницы дзырдта. Æрмæст йæ цæсгом фæсырх. — Кæм ис ныртæккæ уыцы Дзабо? Дзуапп та йын нæ радта. — А-а!..— бакодта Залдуз, хъуыддаг куы фембæр- ста, уæд. — Дæуыл дæр уыцы Залдузы ном сæвæрдтой, мæ хур,— æнкъардæй загъта мад.— Афтæ бафæндыд дæ фыды. — Уæ нæмттæ иухуызон сты, фæлæ уæ амонд иухуызон нæу,— сдзырдта хинымæры дзурæгау фыд.—Амондджын рæстæджы рæзыс ды... Цæй, уы- 25
цы ныхæстæ ныууадзæм,— ауыгъта йæ къух Дзабо, цыма йæ уæззау хъуыдытæ асырдта, уыйау... Фыс æр- ласын хъæуы. Чызг каст фæцис институт æмæ йын куывд скæнæм. Æфсин, ды цæттæ дæ? — Цæттæ дæн, цæттæ, сыхæгтæ зонынц хабар æмæ мæм фæкæсдзысты. 1927
ФЫЦЦАГ КЪАХДЗÆФ I 1924 азы февралы изæрæй иу чысыл хъæмпæй æм- бæрзт къæссы, йæ къух рудзынджы тæрхæгæй йæ сæр- мæ саразгæйæ, кæуындзастæй бадтис хæрзхуыз сыл- гоймаг. Бафæрсын никæйы бахъуыдаид: «Ай цавæр лæ- джы бæстыхай у?» Дардæй бакæсгæйæ дæр бæрæг уыдис. Хæлддзаг каутæ, йæ алы цæджындзмæ дæр дыгай аразæнтæ кæмæн уыд, уыцы сара, хурыскæсæ- нырдæм йæ уæз чи ауагъта, фæлдæхынæй ма дыууæ сывылдз саджил аразæны кæй урæдтой, уыцы кæрк- доны хуызæн хатæн дзырдтой алы цæуæгæн дæр: «Уый сидзæргæсы хæдзар у». Дыууæ гыццыл чызджы, зæронд, фæлæ хæрзæхсад къабаты, тæвд къæйыл нартхорæй цæкуытæ кодтой æмæ-иу пуси куы асхъиудта, уæд-иу æм фæлæбурд- той. Кæй-иу фæцис, уый-иу æй, аскъæфынæй тæрсгæ- йæ, йæ дзыхы баппæрста. Кæд-иу кæстæры фæцис, уæд-иу ын хистæр йæ сау дзыккутæ раивæзта, æмæ-иу се ’рдиаг ссыд. — Ма хъæлæба кæнут! — фæхъæр-иу сыл ласта мад æмæ та-иу йæ цæстытæ салд фæрсагмæ аз- дæхта. Миты тъыфылтæ рудзынджы æвгтыл сæхи цавтой æмæ, пакъуыйау, зилгæ хаудысты зæхмæ. Арв дардта тарбын цъæх æмæ зæрдæ тыхстис йæ уындæй. Уыцы ус уыдис Нузалты сидзæргæс — Дасхан. Иæ мой амарди æхсæз азы размæ. Чызджытæй йын кæс- 27
тæр баззад гуыбыны, хистæр — æртæаздзыдæй, йæ лæппу Бутуз (афтæ йæ хуыдта йæ фыд, чысылæй тым- был æмæ нард сывæллон кæй уыд, уымæ гæсгæ, æн- дæр йе ’цæг ном Батрадз хуындис) — астаздзыдæй. Зынвадæтты баззадис йе ’нахъом сабитимæ Дас- хан. Нæ йæм дардтой сæ хъус æрвадæлтæ æмæ цæгат дæр. йе ’фсымæртæ æмæ йын йæ тиутæ уадзын кодтой йæ цоты, фæлæ не ’сразы ис. — Æз мæ сывæллæтты нæ ныууадздзынæн искæйы фæсдуæртты ниугæ, æппарæггаг къæбæртыл, æмæ нæ ацæудзынæн мæхицæн æндæр рæтты, кæйдæр хæ- дзæртты ног амонд агурæг,—дзырдта Дасхан. йæ риуæмбæрц, лæгау, размæ цæугæйæ, зындзи- над, уæззау куыстæй нæ тæрсгæйæ, алы мадзæлт- тæй ардта кæрдзыны мур æмæ хорз кæм ис, фæ- лæ хуымæтæджы дарæс йе ’нахъом сывæллæттæн. Нæ бакуымдта сæттын царды зын фадæттæн. Фæлæ цæмæн у ныр афтæ ’нкъард, раздæр хъæл- лзæгзæрдæйæ кæй зыдтой адæм æмæ хъазæн ныхæс- тæ кæй дзыхæй хъусын ахуыр уыдысты, уыцы Дас- хан? Куы никуы йыл фæтых сты йæ мæгуыр царды уæззау хъуыдытæ, уæд ныр кæуындзастæй цæмæн кæ- сы зымæгон хъуынтъыз арвмæ? Дуары хъинц фæцыди æмæ сындæггай байгом. Митæмбæрзтæй мидæмæ бахызтис ныллæг æмæ гуы- быргомау, сæгъбоцъо, фыдцъылыс, цъæхдзаст лæг. йе ’стыр уæлдзарм худ æмæ æнæцъар кæрц ацагъта; йæ фæстæ дуар куы рахгæдта, уæд йе ’мпъызтытæ сæрак дзабыртæ, фæсдуары цы ихсыд, зæронд цъы- лын уыдис, уымæй амарзта. — Ам стут? Уе ’зæр хорз уæд,— сдзырдта æрбацæ- уæг, йæ барджын цæстæнгас хæдзары къуымтыл ахас- та æмæ пецмæ хæстæгдæр ’бацыд. Дасхан фестад æмæ æнæдзургæйæ рудзынджы рæ- бын алæууыдис. Лæг æрбадтис арты фарсмæ æмæ цæхæрмæ ба- каст йæ расыгхуыз цъæх цæстытæй, стæй сдзырдта: — Марадз, чындз, дæ кæрдзынтæ басыгъдысты,— æмæ йæм нал фæкаст, фæлæ йæхæдæг æфсæйнаг æр- 28
тыскæн райста æмæ сæ пецы къулæнцой рæнхъ-рæнхъ равæрдта. Дасхан сæ йæ тиуы разæй систа, голлагыл сæ асæрфта, стæй сæ уæлвæйнæджы кæрæдзиуыл аца- мадта, æмæ та йæ фыццаг бынаты æрлæууыдис. Хистæр чызг цæкуытæ йæ фæдджимæ ракалдта, зæххыл тъæпæн æрбадтис æмæ сæ йæ кæстæримæ æмбистæ кодта. йæхицæн-иу пуситæ фылдæр куы æрæвæрдта, уæд-иу кæстæр мæсты уынæр скодта, фæ- лæ-иу фæстæмæ фæсыпп сты, фыды æфсымæр пецы фарсмæ бады, уый-иу сæ зæрдыл куы æрбалæууыд, уæд. — Чындз,— райдыдта æрæджиау Дасханы зæронд тиу,— цытæ дзурынц адæм, уыдон раст сты, зылын сты, уый дæхи зæрдæ йедтæмæ чи зоны, фæлæ йæ хъусыс дæхæдæг дæр, мах æй куыд хъусæм, афтæ... Æвæццæгæн, хуыцауы арæзтытæ сты хъуыддæгтæ иу- уылдæр, æндæр, не ’фсымæр куы амардис, уæд куы бацагуырдтаис дæ хæдзар, куы ссардтаис дæхицæн ног амонд, уæд нын ацы хабар æгас дыууæ мыггагæй дæр чысылæй стыры онг нæ сæртæ нæ риутыл не ’рха- уын кодтаид, дæ сабитæ фидиссагæй нæ баззадаик- кой... Махæн дæр нæ туг, не ’стæг сты æмæ сæ мæлын, былæй ахауын нæ бауагътаиккам. Фæлæ цы æрцыдис, уый æрцыд. Чи аивгъуыдта, уымæн раздахæн нал ис. Уымæй дарддæр дæ курæг стæм æгас мыггагæй: рацух кæнын кæн дæхи хъæуыхицауы бынатæй æмæ партийæ дæр. Акæс дæ алыварсмæ æмæ ахъуыды кæн, лæджы хуызæн лæгæй искæйы усы уыцы бынаты уы- ныс? Нæ, æмæ дзы нæ фендзынæ. Уым сылгоймæгты бынат нæу. Æнцад лæууыдис уайсадæг чындз йæ бынаты, фæ- лæ йæ цæсгом маргæйдзаджы хуызæн ныттар. Маст байдзаг зæрдæйы æмæ тыдта фæйнæрдæм. «Кæдæй-уæдæй сылгоймагмæ дæр бар æрхаудта цардмæ бацæуынæн. Фыццаг къахдзæф æм бакодтон а хъæуы æз æмæ нæй ахæм тых, мæн фæстæмæ чи раздахын кæна мæ бынатæй. Фæлæ мын уе ’нæуаг ны- хæстæй мæ зæрдæ куы нæ рæхоиккат æмæ мæ куысты куы нæ хъыгдариккат»...— дзырдта йæхинымæр Дас- хан. 29
— Кæд ма дæ фæнды,— загъта тиу,— дæ къабæз- тимæ цæрын, æмæ ма дæ сидзæр сывæллæтты’ де ’фсы- мæрты æмæ мæнæ цы мыггаг саккаг кодтай дæхицæн цæрынæн, уыцы мыггаджы сæр нымайыс, уæд сæм байхъус. Æнæ уыдонæй, æнæ хъæуыхицауы бынатæй, æнæ партийæ фæцæрдзынæ, фæлæ дын æнæ мах, æнæ æфсымæртæй фæцæрæн нæй... Смæсты кодтай, фæху- динаг кодтай, бафхæрдтай дæ къабæзты æмæ дыл сæ къух систой. Фæлæ та æрфæлмæн уыдзысты сæ зæр- дæтæ, банымайдзысты та дæ сæ хойыл. Æрмæст нæ коммæ бакæс... Кæртæй дзаг уæрдоны салд цæлхыты хъæр фæцыд, æмæ Дасханæи æддæмæ рахизынæн æфсон фæцис йæ тиуы разæй. Тагъдгомау рауадис йæ хъæддзау — Бутузы раз- мæ æмæ цырд февнæлдта бæх уадзынмæ. Цыппæрдæсаздзыд лæппу, йе ’ргъæвст сырх къух- тæй архайдта гузитæ халыныл, фæлæ йын дзæбæх нал арæхстысты. — Мæ къонайыл! Уæртæ куыд ныссалд! Ауай, мæ уды гага, хæдзармæ æмæ дæхи батав,— сдзырдта Дас- хан йæ лæппумæ.— Ауай тагъд, мæ бон, ам мæ бар уадз. Дасхан суагъта бæх. Дон, хæринаг ын радта. йæ дзауматæ бафснайдта. Уæрдон равдæлон код- та. Суг ныссаста, æмæ нал баздæхт мидæмæ, цалынмæ йæ тиу Елбыздыхъо рацыд, уæдмæ. Бирæ фæдзырдта Елбыздыхъо Бутузæн, зæгъгæ, уый дæр сывæллон нал у, æмбарынхъом у, хъæдæи иунæгæй суг чи æрласы, уый лæгыл нымад цæуы, æмæ хъуамæ йæ мадæн бамбарын кæна, цы бынаты ис, уыцы бынат сылгоймагæн худинаг кæй у æмæ дзы хъуамæ рацæуа. Бутуз хъарм кæрдзыны был расаста æмæ уый аф- тидæй хæргæйæ хъуыста йæ фыды æфсымæры ны- хæстæм. Ныр ды дæр лæджы бæрц æмбарыс, зæгъгæ-иу ын куы загъта, уæд ын æхсызгон уыдис æмæ-иу дзы йæ- хинымæр фæбузныг. Цыма æиæг ас ля>г у æмæ йæм стыр хъуыдытæ кæныны бар хауы, афтæ-иу фæкастис йæхимæ. 80
— Ныртæккæ ахæм рæстæг нал у. Мах мад сæри- бар адæймаг у, æмæ цы фæндагыл цæуы, уырдыгæй йæ раздахын мæ бо’и дæр нæу, æмæ æндæр искæйы бон дæр, йæхи куы нæ фæнда, уæд,— загъта Бутуз æрæджиау бирæ хæттыты фæскомцæдисы æмæ ног- дзауты æмбырдты цы ныхæстæ фехъуыста, уыдон. Æцæг сæ загъта, йæ зæрдæйы конд куыд уыдис, аф- тæмæй. — Хорз, мæ хуртæ, хорз. Сæрибар уын радтой æмæ йыл хæцут фидар. Сæрибары фæндагыл уæ сарæзтой æмæ йыл цæугæут кæронмæ, фæлæ уæ, дунейы чи сфæлдыста, уыцы иунæг хуыцау ма сразы уæд, мах дыууæ мыггагæй дæр адæмы цæсты чи фегад кодта. Хæцут уæ сæрибарыл фидар, фæлæ зонут, æрвадæлтæ æмæ уын мадырвадæлтæ кæй нал ис, уый,— загъта ма мæстджынæй Елбыздыхъо æмæ дуары æддейы фæци. — Æнæуи дæр арахъхъ нал рауадздзыстæм, нуа- зынмæ хæстæджытæ нын уыдыстут æмæ,— сдзырдта ма Бутуз йæ фæдыл æмæ хъарм кæрдзыны къæбæр адджындæр ныррус кодта. Фездæхинаг æм уыдис фыды ’фсымæр æмæ йыл лæдзæгæй хорз æрцæуинаг, фæлæ йæ ныфс нал ба- хаста... Фæстæмæ афтæ чи дзуры, уый нæмыныл дæр нæ бацауæрддзæн. Æмæ иугæр куы бавнала, уæд къа- базджын у, кæд æрыгон у, уæддæр. Уыциу цыдæй ацыд Дасханы æфсымæртæм. Хъуа- мæ сын радзура сæ хойы фæстаг дзуапп æмæ та сын сæ маст фæцагайа. Уый сæ нал уагъта æмæ сæ хойыл хъоды дæр уый æвзагæй бакодтой. Хъодымæ нæ,— æн- дæр цæмæдæр æнхъæлмæ касти, фæлæ хъуыддаг аф- тæ рауадис. Дасханы хистæр æфсымæр сабыр адæймаг у, æмæ зын ракъахæн у. Фæлæ кæстæр Темыр — масты дзæ- къул, куыддæр *æй фæцагайай, афтæ ныпъпъæгъгъæст ласы. Æрмæст æй тынгдæр бацырын кæнын хъæуы, кадылмæлæг у. Елбыздыхъо Дасханы хæдзарæй куы ацыд, уымæй бирæ рæстæг нæ раивгъуыдта, афтæ кæртæй цавæр- дæр хъæлæба æрбайхъуыст. Бутуз æмæ йæ мад æм- каст ракодтой рудзынгæй. Темыры иргъæвтой цалдæр лæджы, фæлæ уый хъамалвæстæй лæбурдта. 31
— Цæуылдæр та схæйрæджджын не ’рра,— загъ- та Дасхан æмæ сæм рауад. — Æнцад йæхицæн лæууæд, кæннод ын мады ’фсымæры хатыр нæ бакæндзынæн,— загъта мæстыйæ Бутуз, æмæ рацæйцыд йæ ныййарæджы фæстæ. Фæ- лæ йыл Дасхан йæ къухæй мидæмæ бахæцыд æмæ йæ фæдыл дуар рахгæдта. Уæддæр Бутуз тыргъмæ ра- хызт. — Рауадзут-ма йæ, уæ хорзæхæй, кæддæра мын цы зæгъид,— скуыдта Дасхан. — Ауадзут-ма мæ, æмæ æз мæ зæгъинæгтæ зæгъон уыцы чъизи, хæлд сылгоймагæн,— фæхъæр та ласта Темыр æмæ иргъæвджыты къухтæй йæхи ратоныныл афæлвæрдта. — Нæ фæлæ дын æз афтæ зæгъын, æмæ мæ ныу- уадз. Хъоды мыл бакодтат æмæ уын æз ничиуал дæн. Мæ куыст мын ма хъыгдарут. — Æппындæр куыд ничиуал уай, æз дын афтæ бакæндзынæн, фæлæуу! Иргъæвджытæ аластой Темыры. Дасхан та йæ хæ- дзармæ баздæхт йæ лæппуимæ. Цыма æппындæр ни- цы æрцыд, афтæ æвдыста йæхи, сывæллæтты зæрдæ цæмæй ма рисса, уый тыххæй, æнæуи та йæ маст сыгъди. II Арвæй дур куы æрхаудтаид, уæд зæххыл нæ сæм- бæлдаид, афтæ бирæ адæм уыдис Уæллагхъæуы къæнцылары кæрты. Къордгæйттæй ныхас кодтой æмæ сæ гуыв-гуывæй бындзыты чыргъæдтæй уæлдай нæ уыдысты. Дыууæ фæскомцæдисоны рахастой стъол æмæ йæ бæласы бын æрæвæрдтой. Сæ фæстæ рацыд зæронд хъæуыхицау, йæ иу къухы гæххæттытæ, иннæйы та къæлæтджын бандон. — Бахатыр кæнут, бынæттæ æрцахсут æмæ бай- хъусæм кæрæдзимæ,— сдзырдта хъæрæй зæронд хъæ- уыхицау. Адæм фæсыпп сты. Чи дуарыл йæхи æруагъта, чи нæудзармыл. 32
— Знон байхъуыстам зæронд советы дзуапмæ, ра- хастам ыл уынаффæ, куыстытæй сын цы бантыст æмæ иннæтæн цы бахæскæнинаг уыдыстæм, уый сбæрæг. Абон та бавналдзыстæм ног разамонджытæ æвза- рынмæ. Табуафси, зноны президиумылæгтæ сæбынæт- тæ æрцахсæнт. — Курæм, йæ хъæлæсы бар ист кæмæн у, уыдон æмбырдæй куыд ацæуой,— сирвæзтис устытæй иуы ныхас. — Уадзут сæ æмæ хъусой... — Уадзут сæ! Цы нæ хъыгдарынц!.. Райдыдтой æвзарын. Фондз лæджы дзы æнæхъæ- лæбайæ æрцыдысты хъæлæсмæ æвæрд, фæлæ сæ æх- сæзæймаг баурæдта. «Æхсæзæймаг — Нузалты Дас- хан...» — куыддæр сæрдар сдзырдта, афтæ йæ мидбы- наты базмæлыдис хъæуы æмбырд, мæлдзыджыты губаккыл цæхæр куы ныккалынц, уæд ма уыдон дæр афтæ базмæлынц. Сæ сыбар-сыбур, сæ дыв-дыв ссы- дис. Дасханмæ йе ’мбæлттæ хæлæггæнæджы цæстæй бакастысты. — Бахатыр кæнут чысыл, хорз адæм! — загъта, æнæныхас ракургæйæ, иу мæллæг бæрзондгомау, тар- æрфыг лæг.— Кæд æхсæны хъуыддагæй æмæ нæ хи- цауадæй хынджылæг кæнæм, уæд, табуафси, æндæр æз никуы фехъуыстон иратаманы, ирон адæм сæхи- цæн сылхицау равзæрстой, зæгъгæ. *Нæ лæгтæ та къуымæл дуцдзысты?.. Уый дзырд нæма фæцис, афтæ алырдыгæй ныхас- курджыты къухтæ æмбырды сæрмæ сарæх сты. — Мæнæн Дасхан у мæ мадæй райгуыргæ хо, æмæ æз ацы хъуыддагыл разы нæ дæн,— дзырдта мæстджынæй йæ хъæлæсыдзаг Дасханы æфсымæр Те- мыр. — Советон хицауадæй нæ куы тæрат, уæддæр мах нæ бауадздзыстæм нæ сидзæргæс усы уыцы бынат- мæ,— хъæр кодта Елбыздыхъо. Дасхан æфсæрмдзастæй хæстæг бацыд æмбырды сæрдармæ æмæ йын йæ хъусы цыдæр бадзырдта... — Цæуыл гæппытæ кæнут? Цы уыл æрцыд? Цы гуыбынниз уæ тилы? Кæуыл дзурæм, уый мæнæ йæ- хæдæг ам куы ис æмæ «мæнæн мæ бартæн хицау ма- 3 Мамсыраты Дæбе 33
чи лæууæд» куы зæгъы, уæд? Ныхас нал ис. Хъæлæс- мæ йæ æвæрæм,— хъæр кодта йæ тых-йæ бонæй сæр- дар, фæлæ йæм хъусæг нæ уыд. «Мæнæн ныхас!» «Мæнæн ныхас!» — хъуыстис алырдыгæй. Тыххæй бантыстис æмбырды хистæрæн адæмы ба- сабыр кæнын æмæ хъуыддаг хъæлæсмæ æрæвæ- рын. Дасхан советмæ бацæуа, уый кæй фæнды, уыдон сæ къухтæ сдарæнт, зæгъгæ, куыддæр ауад адæмы хъустыл, афтæ ныххæррæтт ластой. Чи дардта фы- дæнæн, кæд уæ афтæ фæнды, уæд æй равзарæм, стæй дзы цы рауайа, уый фендзыстæм, зæгъгæ. Чи дардта хынджылæгæй, чи зæрдиагæй, афтæмæй Дасхан райс- та, иннæ лæгтæй хъауджыдæр, «æмхъæлæс». Дасханы куы равзæрстой, уæд æмбырд бирæ нал бафæстиат. Адæм цыдысты сæ хæдзæрттæм, сæ «сылпаддза- хыл» ныхас кæнгæйæ. Къæнцылары ма баззадысты æрмæст ног советы уæнгтæ, æмæ Дасханы хъæуыхи- цауæй равзæрстой. Фыццаг бонты адæм Дасханы хъæуыхицауæй куы уыдтой, уæд сæм худинаг каст, цыма разамонджытæ цæстмæ митæ кæнынц сылгоймæгтæн, æндæр сын се ’нæхъару зонынц, уыйау. Уазæг-иу сæм куы ’рбацыдис æмæ-иу зæрæдтæй искæйы куы фарста, сæ хъæуыхицау чи у, уымæй, уæд ын-иу æй хъæр кæнын дæр сæ сæрмæ нæ хастой. Фæлæ цыдис рæстæг. Уалынмæ сылгоймæгтæн бай- гом хуийджыты скъола, ахуыргæнæг кæмæн нæ уыд, уыцы сывæллæттæн Дасхан ахуыргæнæг ракуырдта районæй; хидтæ кæм нæ уыдис æмæ фос тухийæ кæм мардысты, уыцы рæтты конд æрцыдис хидтæ — ивта йæ хуыз бонæй-бонмæ хъæу. Æмæ йæм уæд адæм кæсын байдыдтой æндæр цæстæй. Сылгоймæгтæ дзы уыдысты разы æмæ дзырдтой: — Махæн нæ зындзинад нæхи йедтæмæ ничи зо- 34
ны. Кæсут, цалынмæ æхсæны куысты æрмæст лæгтæ уыдысты, уæдмæ уæлдай нæ кодта нæ цард. Ныр нын цы фадæттæ рæзы! Дасхаи чысыл ахуыргонд йедтæмæ нæ уыдис, фæ- лæ бирæ хъуыдытæ фыцын фæрæзта йæ сæр. Исчи йын-иу куы загъта: уыцы ран æмæ уыцы ран хъуыд- даг афтæ саразинаг у, зæгъгæ, уæд-иу дзы фæбузныг, йæ зæрдыл ын æй кæй æрлæууын кодта, уый тых- хæй. Тынг тарстис, исты дзы æнæсаразгæ куы аир- вæза, уымæй æмæ-иу адæмы йæхæдæг дæр афарста, кæм цы хъуаг у хъæу, зæгъгæ. «Иуы цæстæй сæдæйы цæст уынагдæр у»,— уыдис йæ дзырд. Алкæимæ дæр уынаффæ кодта, æууæндæн кæуыл уыдис, уыцы адæмæй, фæлæ арæхдæр та партчыры секретаримæ. Æдзух-иу бадтысты иумæ, æмæ сыл чидæртæ гуы- рысхо дæр фæци. Иу бон æм бацыд йæ сыхаг Тезоты Даухан, йæ лæп. пуйы йын къазнайы хардзæй скъоламæ цæмæй айсой, ахæм гæххæтт агурæг. Уый уыдис хъæздыг лæджы ус. Бирæ дзæбæхдзи- нæдтæ фæцис Дасханæн. Лæвæрдта йын йæ сывæл- лæтты зæронд дзауматæ, дзабырты хæррæгътæ, стæй хаттæй-хатт нартхоры ссады тæбæгъ дæр. Фæлæ йыл не ’рвæссыдис, сыхагау йемæ никуы абадтис, никуы аныхас кодта. Дасханы хъæуыхицауы бынатмæ ра- взæрстой, уый куы фехъуыста, уæддæр ыл æнæхъæн къуыри худынæй нæ банцад. Хъал æмæ зынæрвæссон адæймаг уыдис Даухан. Кæд æртæ азы размæ йæ лæг амардис, æмæ сидзæр- гæсæй баззад, уæддæр йæ сæр дæлæмæ не ’руагъта, йæ мой йын бирæ мулк кæй ныууагъта, уый фæрцы. Гæххæтт агурынмæ куы бацыд ныр Даухан, уæд Дасхан ахъуыды кодта: амæн йæ фадат у йæ лæппу- йы скъоламæ йæхи хардзæй раттын, хъæуы та мæ- гуыртæ бирæ ис... Фæлæ йæм куы нæ фæкæсон, уæд та дзы худинаг у. Сагъæсы бацыд Дасхан... Æнæдзургæйæ иудзæвгар фæхъуыды кодта, стæй йын цæхгæр загъта: — Мæ хур, Даухан, нæ дын ратдзынæн гæххæтт, уый тыххæй æмæ хъæуы дæуæй мæгуырдæртæ бирæ 35
ис. Махæн та скъолаты ис нымад бынæттæ. Дæ бон у, æмæ дæ кæд фæнды, уæд æй дæхи хардзæй алас, кæн- нод уал дын мæнæ нæхимæ ахуыр кæнæд. Ахæм дзуапмæ ницы хуызы æнхъæлмæ кастис Даухан. Уырныдта йæ, Дасхан ын йæ бирæ дзæбæх- дзинæдтæ уыцы гæххæттæй кæй бафиддзæн æмæ ма йын æхсызгондæр кæй уыдзæн... Дзæвгар ма фæлæхстæ кодта ус, фæлæ Дасханмæ ахæм миниуæг уыдис, æмæ-иу ныхас куы загъта, уæд æй фехалын йæ бон нæ уыд. * Сæрдыгон рæсугъд райсом долапи куыройы дуар- мæ бадтис устыты къорд. Рæстæг ивгъуыйæн ныхас кодтой æмæ сæ алчидæр æнхъæлмæ кастис йæ радмæ. Уæд бедратимæ доны былыл фæзындис Дасхан дæр æмæ уайтагъд фæстæмæ фæаууон ис. — Æнхъæл куыд нæ уыдысты адæм, ахæм хъæ- уыхицау рауадис Дасханæй,— сдзырдта сæ иу. — Æмæ дзы æнхъæл куыд нæ уыдысты, ахæм æнæгъдау митæ бакодта. Саударæг усæй уыцы кой рацæуыны бæсты йæ зæхх йæ быны куы ныххауид, уæд ын хуыздæр уаид,— йæ ныхасмæ йын бафтыдта, йæ дæндæгтæй нартхоры гагатæ сæтгæйæ, Даухан. Устытæ йæм зæрдиагдæрæй байхъуыстой. Иуæй- иутæн дзы хъуыддаг бамбарынæн, Даухан цы загъта, уый дæр æгъгъæд уыд, уымæн æмæ сау мигътæ раджы æмбырд кæнын байдыдтой Дасханы сæрмæ, рагæй дзы дзурынц сусу-бусуйæ хахуыртæ. Фыдгултæ ма æрмæст æнхъæлмæ кастысты, кæд ныннæрдзæн арв, æмæ кæд ныццæвдзæн Дасханы. Иуæй-иутæ сæхи хæстæгдæр баластой Дауханмæ. Бæлвырд фæрсын æй байдыдтой, фæлæ йын йæ дзуап- мæ хъуыстой, рагæй кæй зыдтой, ахæм хабармæ хъу- сæгау. — Æз уæ мад, уæ фыды уазæг, мæ ныхæстæ уæ мачи ауæй кæнæд,— загъта, йæ дамты тынтæ нывæзт куы фæцис, уæд Даухан. Фæлæ йын дыккаг бон йæ ныхæстæ лæвар исæг 36
дæр нал уыдис, уый тыххæй æмæ сæ уайтагъд базыд- той чысылæй, стырæй. «Цы æрцыдис, уый нæма фехъуыстай? Нæ хъæуы- хицау æмæ партийы хицау цы бакодтой, уый?..» «Нæ сылпаддзах цытæ кæны, уый нæма зоныс?» — ахæм уацтимæ кæрæдзиуыл æмбæлдысты цымыдистæ. Ха- бар айхъуыст алфамбылайы хъæутыл дæр... Зæронд лæгтæ хъынцъым кодтой, ныхасы-иу æр- æмбырд сты æмæ алы тæрхæттæ систой, æгас Иры- стоны фидиссаг кæй фесты, ууыл. — Нæ фыдæлтæ-иу куыд кодтой, афтæ — æхсæны дурæй йæ амарæм,— дзырдтой иуæй-иутæ. — Бæхы къæдзилыл æй бабæттæм æмæ йæ хъæуи- хъæу æрзилын кæнæм, уадз æмæ йæ æппæт адæм дæр базоной,— загътой иннæтæ. Елбыздыхъойы ныхæстæ дыууæ мыггаджы хистæр- ты сæ сæртæ сæ риутыл æруадзын кодтой. Дасханы кæстæр æфсымæр Темыр цалдæр хатты бабадтис партчыры секретарь Хъылцыхъойы размæ, фæлæ та йæ баиргъæвынц фыдбылызæй. Дасхан йæхæдæг йæ хистæр æфсымæрæй хабар куы фехъуыста, уæд æй цыма хъуыды дæр не ’ркодта, ахæм æнгас равдыста. Йæ куыст дæлæмæ æруадзыны бæсты йæ фæкодта ноджы хуыздæр, афтæ йæм кас- тис, цыма йæ фыдгулты цæстытæ уымæй скъахдзæн. III Иу бон Хату сæ хæдзармæ фæсидтис Темырмæ. Арахъхъ рауагътой æмæ дзы йæ лымæн куы фæхъæ- стæ уаид, уый йæ тынг фæндыд. Хату хъæусоветы сæрдары бынатмæ бахауынмæ æнхъæлмæ кастис. Хъæздыг лæг у уый. Фæлæ ацы хъалонтæ... Уыдон ма куЫ’ нæ уаиккой, уæд йæ мулк кæуылты уаид!.. Æмæ ныр, хъæуыхицау уæвгæйæ, уæд, æвæдза, исты амал скæнид хъалонæй фервæзынæн. Æмæ кæмæ бæллыди, уыцы бынат Дасхан кæй æрцахста, уый тыххæй йæм тынг мæсты уыд. Ноджы налогтæ исынмæ та уæнгæлæй уæлдай нæу. Фæком- коммæ дæм, уæд дын дæ хæс дæ фындзыхуынкъæй дæр сласдзæн. Стæй Хатумæ афтæ кæсы, цыма Дас- 37
хан ууыл фыдæнæн фылдæр хъалон æвæры. Кæддæр ан йæ мой æххуырст уыди. Хæрæгау ын йæ бæрзæй надта Хату... Кæннод Дасхан йæхæдæг хъугдуцæг æмæ кæртмæрзæгæй чысыл фæхырхта Хатуйы хæ- дзары? Æмæ дзы цыма Дасхан ныр уыцы мæстытæ исы, афтæ æнкъары Хату. Æхсызгон ын уыд, адæм Дасханæй цытæ дзурынц, уый куы фехъуыста, уæд. Æнхъæлмæ кæсы, йæ тиутæ кæнæ йæ йе ’фсымæртæ кæд амардзысты, уымæ... Фæ- лæ кæм!.. Мæстæй судзы Хату. — Æз дын, Темыр, лæгæй-лæгмæ дæттын мæ нуа- зæн,— загъта уый, фынгыл йемæ бадгæйæ,— æмæ йæ дæттын дæ мыггаджы номыл. Цæмæн? Уымæн æмæ цæрынæй-хæрынмæ йæ фыдæлты кад æмæ намыс сыгъдæгæй чи рахаста, уыцы мыггæгтæ бирæ не ’сты — æдæппæт цалдæр, æмæ уыдонæй иу стут сы- мах дæр. Дæттын дын нуазæн мæ уыцы мыггаджы кад æмæ намысхæсджытæй мæрдты чи ис, уыдонæн æй сæ рухсаджы тыххæй, æгас ма дзы чи у, уыдонæн та йæ сæ цæрæнбоны тыххæй бануаз. Цæмæйдæр фефсæрмы Темыр. Ныхас уыдис æппæ- лæн, йæ иысан — æфхæрæн, амыдта цыдæр фыддзи- надмæ. Райста йæ. Раарфæ кодта Хатуйæн æмæ йæ анозта, здыйы къæрттытæ ныхъуырæгау. — Дæ хорзæхæй, Темыр, мæ ныхас дæм хъыг ма фæкæсæд, фæлæ цытæ баистут уыцы хъуыддагæй?.. Тынг уын бафхæрдта уæ мыггаджы уыцы уæ хогонд, Дасхан чи у, уый. Фæсырх та Темыр. Барæхуыста йын йæ зæрдæйы хъæдгом. йæ маст схæлбурцъытæ кодта... — Цы баистæм? Æмбал кæмæн нæй, уыцы иунæг кадджын хуыцау дзы ма сразы уæд, æндæр ын нæ бон циу? — Æвзæр хабар у, æвзæр. Фегад уын кодта уæ мыггаджы. Мæ хуыцауæй дын ард хæрын, хъыг мын вæййы адæмы ныхæстæм хъусын. Фыдæй-фыртмæ дæр чи ницы уыд æмæ ныр дæр чи ницы у, уымæ дæр куы байхъусай, уæд худы... Æмæ ма худгæ дæр... Фæлæ бæллæх уый у, æмæ фыдæвзаг худын куы байдайа, стæй дæ, уæлдайдæр, æцæг худинаджы, бынаты куы 38
ссара, уæд. Æмæ афтæмæй Дасхан та йæхи нæма фæ- хицæн кодта уыцы Хъылцыхъойæ. — Чи зæгъы уый? — Адæмæн сæ хæрзтæ дæр æмæ се ’взæртæ дæр. Нозт æмæ маст схæццæ сты Темыры хуылфы æмæ цыренæй сыгъдысты... «Кад æмæ цард иу сты,— дзырдтой фыдæлтæ æмæ нæ мыггагмæ дæр кад нал ис, уæд цард дæр...» — хъуыды кодта йæхинымæр уый. Тынг мæстджынæй ссыд Темыр Хатуйы хæдзарæй сæхимæ. йæ дæлгоммæ ныхæстæ йын бынтондæр скъахтой йæ зæрдæ, адæммæ кæсын дæр æфсæрмы кодта, цыма йыл иууылдæр худынц, афтæ йæм зынд... Фæлæ ма уæдæй фæстæмæ дæр бирæ хæттыты фе- хъуыста уыцы æфхæрæн ныхæстæ хъæуы хъæздыг- дæр, номдзыддæр адæмтæй æмæ йæ æррайау кодтой. Бирæ хæттыты рахъавыд йæ хо Дасханы амарынмæ æмæ афтæмæй худинагæй фервæзынмæ. Йæ хистæр æфсымæр Иналы дæр ма бацардауы, фæлæ уый лæбурыныл куы свæййы, уæд та йæ йæхæ- дæг бауромы. IV Раивгъуыдта къуыри, дыууæ къуырийы, мæй, дыу- уæ мæйы, æмæ бонæй-бон фæлурсдæр кодтой Дасха- ны цардхуыз сырх уадултæ. Бонæй-бон мæстджындæр æнгас бадын байдыдта цæсгомыл* Фæлæ йæм никуы æрцыдис йæ куыст ныууадзыны зонд, йæ бынатæй рацæуыны хъуыды. Иу изæр та æнкъардæй бадтис рудзынджы цур æмæ сагъæс кодта, чи ауагътаид уыцы дам, æмæ ма дзы куыд фервæзæн ис, ууыл. Р1æ сæры зылдысты алыхуызон хъуыдытæ, фæлæ сæмхæццæ сты, æмæ дзы хуыздæр кæцы у, уый равзарын нал фæрæзта. йæ цæстытæ æддæмæ арæзт уыдысты, фæлæ уынгæ ницы кодта. Фæцыдис дуары хъинц. Дасхан сыстад, сæгъдзарм ламаздыхъ йæ къахы фындзæй сынтæджы бынмæ фе- схуыста, йе ’рфгуытæ фæтардæр кодта, афтæмæй, къæсæрæй чи æрбахиздзæн, уымæ æнхъæлмæ каст. 39
Уалынмæ æрбазынд схъæлбоцъо, цъæхдзаст Темыр. Æнæдзургæйæ æрбадтис, йæхи хæдзары бадæгау. Æвæццæгæн, йæ зæрдæ мастæй байдзаг ис, æмæ йæ кæцы ныхæстæ скалдтаид, уый не ’взæрста. — Цæй, ныр дæм дарддæр цы зонд ис, цытæ ныл айхъуысын кодтай, уыдон дæм æгъгъæд нæма кæ- сынц, æмæ рацæуынмæ нæма хъавыс уыцы бына- тæй?—райдыдта дзурын арф улæфты фæстæ Темыр.— Цалынмæ ма ноджы истытæ æрымысой адæм, уæдмæ дзы дæхи райсинаг дæ, æви нæ дæ? — Æз уыцы бынатмæ бацыдтæн кадджынæй æмæ дзы фæстæмæ æгадæй нал раздæхдзынæн,— загъта æнцадæй Дасхан. — Нал раздæхдзынæ, æмæ дæхицæн къахыс ин- гæн. Дыууæ мыггагæй дын нæ ныббардзыстæм ацы худинæгтæ... Мыггæгты та фыдуаг лæппутæ кæй ис, уый дæхæдæг дæр зоныс. — Æмæ мыл сæ сардаут. Ницæмæй сæ тæрсын. — Ды кæй ницæмæйуал тæрсыс, уый рагæй зонæм, хуыцау дæ ма сразы уа, фæлæ дыл иудадзыг хъоды куы бакæнæм æгасæй дæр, мардæй дæр, уæд та? — Цы чындæуа, ме ’фсымæртæ мæ искæй хахуыр ныхæстыл куы уæй кæной, уæд? — дзуапп лæвæрдта сабыр ныхасæй Дасхан. — Цы хъомыс стæм хуыцауæн, цæмæн нын æвза- рын кæны ацы зындзинæдтæ?! Мах тугæй куы нæ дæ ды, æппæт мыггагæй нæм ахæм куы никуыма уыдис, уæд цæмæн хауы дæ бæллæх махмæ? Цæмæн ары мæнмæ фидиссаг Темболат, йæ сыст фæрæтдзæгатæй марын куьГнæ комы, уæд? Куыд сиса лæг йæ къух йæхимæ, æндæр, хаттæй-хатт сæрра вæййын, мæхи амарынмæ рахъавын... Фæхудинаг стæм! Дзуапп ын нæ радта Дасхан æмæ хъодыйы дзыр- дæй куы рацыд Темыр, уæд сынтæгыл, сывæллонау, дæлгоммæ æрхаудта, йæ цæсгом базы атъыста, æмæ, цыфæнды стыр зиантæ дæр тыххæй кæй змæлын код- той, уыцы цæссыгтæ суадонау фемæхстысты. Дыууæ къуырийы аивгъуыдтой, æмæ Дасхан, мид- хъæуы уæвгæйæ, никуы никæуылуал сæмбæлд йæ ма- дызæнæгæй. йæ цæгатæй-иу æй исчи куы федта, уæд- иу æндæр уынгтыл аздæхти. Æрмæст ма йæм-иу æр- 40
уадис Темыры фондзаздзыд, æппынæдзух æиæхсад лæппу, æмæ-иу æй æнцой сахат дзæврар рæстæг нæ рауагъта йæ хъæбысæй. Иæ цæгатмæ цы уарзондзи- над дардта, уый сарæзта уыцы гыццыл сабимæ. Фæ- лæ-иу куы базыдта сывæллоны Темыр, уæд-иу ын йе рагъыл æрцыд. Дасхан-иу ын цы лæвæрттæ ракодта (айк, гуыл æмæ æндæртæ), уыдон-иу фехста уынгмæ, æмæ уæдæй фæстæмæ банцад йæ цæуынæй. Фыццагау ма разæнгардæй куыста Дасхан, фæлæ йæ сæры байдзаг сты уыцы фыдæбоны хъуыдытæ, æмæ йæ зæрдæ дзæгъæлтæ кæнын байдыдта. Хаттæй- хатт-иу цыдæртæ зæгъынмæ хъавыд, исты хъуыддаг кæнгæйæ, фæлæ-иу дзыхæй схаудтой, æппындæр кæ- уыл нæ хъуыды кодта, ахæм ныхæстæ. Иудзæвгар-иу зæхмæ джихæй кæсгæйæ баззадис æмæ-иу æм цалын- мæ хъæрæй сдзырдтой, уæдмæ-иу нæ бамбæрста. Фæстаг хатт æм Елбыздыхъо куы æрбацыдис æмæ йын дзуапп куы нæ радта, уæд бамбæрста, уыдон дæр дзы кæй ахицæн сты,— уæлдайдæр æм уый фæс- тæ æртыккаг æхсæв минæвар куы æрбарвыстой, мыг- гаг дæ курынц æмæ дæхи Нузалтæй мауал хон, зæгъ- гæ, уæд. йæ фæстаг ныфс банцадис парти æмæ фæскомцæ- дисыл, стæй иннæ æхсæны организацитыл, фæлæ бам- бæрста, уыцырдыгæй дæр æм чидæртæ гуырысхойы цæстæй кæй кæсынц. Ноджы зæрдиагдæрæй æвнæлд- та йæ куыстмæ йæ фыдкой басæттыны тыххæй. Фæлæ зæронд зондахаст нæма асаст æххæстæй йæ мидæг æмæ ма йыл хаттæй-хатт тыхджын кодта. Иу изæр та бадтис йæ ахуыр бынаты. Сывæллæт- тæ уыдысты сæ сыхæгтæй кæмæдæр. Хъуыды кодта: хорзæй цы федта, цымæ? Маст, æфхæрд, мæгуыры тухитæ — æндæр ницы уад йæ цæстытыл. Цыма чъизи цады аныгъуылд, афтæ йæм фæка- сти. йæ бирæ бонтæ арвыста уырдыгæй хусмæ тырн- гæйæ æмæ ныр куыддæр былгæрон къæдзæхыл йæ къухæй фæхæсти æмæ дзы рабырынмæ хъавы, афтæ йын чидæртæ йæ ных лæдзджытæй хойынц, фæстæмæ цæмæй ныххауа, уый тыххæй. Акастис уыцы æнусон чъизи цадмæ æмæ йæхинымæр загъта: ацы хъуырду- 41
хæны бæсты мæхи фæстæмæ куы ауадзин, уæд хуыз- дæр нæ уаид... — Нал... нал ис æгасæй фæстæмæ æмбыд цъыма- рамæ ныххизæн,— сдзырдта фидарæй. Уыйбæрц нæма рацыд размæ, уыйбæрц хорз нæ- ма байгом сты йæ цæстытæ, æмæ парахатæй фена, лæдзджыты æхсæнтæй йæм, кæд се ’ппæт не ’сты, уæддæр бирæтæ сæ къухтæ кæй дæттынц. Зæрдæтæ йын чи авæрдта, уыдонмæ дæр акаст, уыдон ын, æвæццæгæн, цæстмæ кæнынц уыцы ныхæстæ, æндæр дзы фæсаууон галиумæ куы дзурынц. Цыма йын раз- мæ фæндаг нал ис, афтæ йæм фæкаст. Йæ зæрдыл æрбалæууыд, æхсæны хотыхтæй йæм сынтæджы фæстæ дыууæ топпы æмæ наган æмбæхст кæй ис, уый. Сындæггай, сагъæсгæнгæ, сыстад. Ба- цыдис. Райхæлдта голладжы зæрондæй ливор æмæ сынтæгмæ хæстæг æрлæууыд. «Уæддæр фæстæмæ нал»,— сдзырдта йæхинымæр æмæ ливоры дзых йæ фæтæн тæрныхмæ сарæзта. Сæры ма алыхуызон хъуы- дытæ, мигъау, амбырд сты, фæлæ сын бæлвырд ницы- уал рахатыдта. Стæй та йæ зонд йæхимæ куы æрцыдис, йæ хъуы- дытæ чысыл куы фæрухсдæр сты, уæд бамбæрста, цы кæнын хъæуы, уый кæй нæ кæны. Къух сындæггай цыд дæлæмæ-дæлæмæ æд ливор, стæй æвиппайды æр- хаудта сынтæгыл. Кæмæйдæр фефсæрмы, фæлæ кæ- мæй уыд, уый йæхæдæг дæр нæ зыдта. Стæй бамбæрста — йæ сидзæр сывæллæтты, кæй- нæуал сæ æрхъуыды кодта æмæ сæ бынтон дзæгъæ- лæй, æвæгæсæгæй кæй уагъта. Афтæ йæм фæкаст, цыма йæ зæрдæйы цы бирæ сагъæстæ æвзæрыдис, уы- донæй фефсæрмы, кæронмæ сæ кæйнæуал ахæццæ кæ- нынмæ хъавыд, уый тыххæй. Ныр ын сбæрæг, чидæртæ йыл кæй æрымысыды- сты, уымæй худинагдæр хъуыддаг кæй кодта, æмæ ахæм хъуыды йæ сæрмæ кæй никуыуал æруадз- дзæнис. Размæ цæуынæй хуыздæр хос ын нал ис. Кæд ын бирæ адæм йæ ных фæстæмæ хойынц, уæддæр цæсты- тæ фæцъынд кæнын кæй хъæуы æмæ се ’хсæнты алæ- гæрдын. 42
♦ Иу райсом æрдæгконд хуымы кæрон адæм æрæм- бырд сты дыууæ загъдгæнæг лæджы иргъæвынмæ. Уыдонæй иу уыдис Темыр, иннæ йæ сыхаг — Хъылци. Фæхыл сты, сæ ауæдз раст хахгонд кæй не ’рцыд, уый тыххæй. — Мемæ дзурыны бæсты уал ацу æмæ дæ хойы адæмы бынæй скъах,— фæхъæр ласта йæ хъæлæсы дзаг Хъылци. Уыцы фидисæй тынгдæр ницы тых кодта Темы- рæн. Уый фехъусгæйæ, дзомс йæ къухы, афтæмæй Хъылцимæ балæбурдта, фæлæ йыл адæм ныххæцыды- сты, æмæ йæ бон ницы бацис. Куынæ йын бауагътой йæ маст райсын, уæд ив- тыгъд бæхы хамут феппæрста, багæпп ыл кодта, æмæ йæм бауромынмæ ничиуал сарæхсти. Адæм бамбæрстой, цыдæр фыдхъуыды кæй фев- зæрдис йæ сæры æмæ, йæ сыздæхынмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, нæ ацыдысты хуымы кæронæй. Темыр сæ уынджы бæхæй рагæпп кодта. Базгъорд- та уатмæ æмæ дзы раскъæфта, кауы мих кæй нæ урæдта, ахæм сауарæзт хъама. Уырдыгæй уыцы тæх- гæ ацыд æмæ фæмидæг йæ хойы хæдзары. Дас- хан йæхæдæг уым нæ уыд. Дыууæ гыццыл чызджы топпытæ райстой æмбæхсæнæй, сæ уæлæ сæ æрца- уыгътой æмæ сæ, лæгты фæзмгæйæ, сæ фæдыл ралас- балас кодтой. Темыр хъама сынтæгмæ баипæрста. Кæстæры ра- гъæй топп фелвæста, фæлæ дзы пцдзытæ нæ уыди. Хистæрмæ чи уыд, уый дæр ауыдта, уым разындис æртæ гилдзы. Ахъахъхъæдта фæйнæрдæм. Рудзынгæй акаст æмæ ауыдта Дасханы дыууæ доны бедраимæ кæрты æрба- цæугæйæ. Топп æддæмæ иу дард фæкодта, фæлæ цыдæр ахъуыды кодта æмæ йæ фæстæмæ æруагъта. Сывæллæттæ тарстхуызæй кастысты Темыры æн- гасмæ. Дыккаг хатт фæхъавыд фондзæхстонæй. Нæ- мыг апырх кодта рудзынджы авг. Дасханæн раздæр æрхаудтой йæ къæртатæ. 43
— Каеумæн цы кодтон?.. Чи мæ амардта? — ныхъ- хъæр ма лаоса фæстаг хатт æмæ фæззыгон тау кæр- дæгыл æрфæлдæхт, уæззау тулдз бæласау. Сых фæфæдис сти топпы хъæр æмæ сабиты цъæ- хахстмæ æмæ ма ауыдтой, Темыр зæронд кауыл цæ- хæрадонмæ куыд агæпп кодта, уый. Дыккаг бон хъæу чысылæй-стырæй Дасханы чы- рыны уæлхъус æрæмбырд сты къæнцылары кæрты. Сау кæронджын сырх тырысатæ сæ сæртæ æркъул кодтой табæты фæйнæфарс. Æгасæй йыл фыдныхæс- тæ чи кодта, уыдонæй дæр бирæтæ бамбæрстой, хъæ- уы астæуæй чи фæхъуыд, уый. йе ’ртæ хъæбулы йæ уæлхъус лæууыдысты æмæ сæ уадултыл сæ цæссыгтæ фæрдгуытау тылдысты. Фæстаг «фæндараст» ма йын загътой йе ’мбæлттæ. Иу æрыгон ус схызтис тыргъмæ, йæ къухæй сау кæронджын сырх тырысайыл фидар хæцгæйæ. Иу- дзæвгар рæстæг дзурын нæ фæрæзта, йæ цæстытæ до- ны зылдысты. Иууылдæр ныхъхъус сты. — Хорз адæм! — райдыдта уый æнæнхъæлæ- джы.— Мах уынæм нæ зæрдиагдæр кусджытæй, нæ хъаруджыидæртæй иуы зынгхуыстæй. Чи у не ’знаг? Чи нын сæргъæвта нæ раздзогмæ топп? Чи йæ амард- та? Кæмæ бацамонæм? Хæст стынг дыууæ кълассы æхсæн... Хæст стынг дыууæ царды æхсæн. Уым архайынц алыхуызон хо- тыхтæ. Бирæтæ сылгоймагмæ сахуыр сты хуыссæнгарзы цæстæй кæсын. Уымæй спайда кодта кълассон знаг йæ тохы фадæттæн æмæ нын айста нæ хуыздæр æм- балы нæ фидар рæнхъытæй. Нал ис Дасхан. Фæлæ йæ фыццаг къахдзæфæй бирæтæн равдыста, сылгой- маг дæр æрмæст хуыссæны дарæс кæй нæу, уый. Дас- хан мард фæцис, фæлæ йæ бынаты балæудзысты би- рæ æндæр сылгоймæгтæ. Дасханæн йæ фæстаг хъуы- дытæй иу уыдис сылгоймæгты къорд саразын. Уый æрцæудзæн арæзт. Цы сывæллæтты рæвдауæндон са- рæзта, уый схондзыстæм йæ номæй. 44
Дасхан, дæ сабитæ дзæгъæл не ’сты. Фæндараст у. С&рибары сырх тырысайш бын фæмард дæ, æмæ дыа æй сылгоймæгтæ ныссадздзысты дæ цыртыл, дæ хъуы- дытæ дын кæронмæ кæй ахæсдзысты, уый нысанæн... Адæм æмкуыд ныккодтой. 1929
цыт I Ие ’цæг ном, кæнæ та адæм куыд дзырдтой, афтæ- мæй йæ бæрæгбоны ном хуындис Хъуыдæберд. Фæ- лæ йын уый хи хъæуы цæрджытæй дæр æмæ æдда- гæттæй дæр бирæ нæ зыдта. Иухатт Бураты Хъуыдæ- бсрды номыл æрцыдис писмо æмæ йæ кæмæ раттын хъуыд, уый нæ зыдта постхæссæг, кæд хи хъæуккаг уыдис, уæддæр. Æрмæст ныхасы бадæг зæронд лæгты æххуысæй сæмбæлд писмо йæ хицау Бураты Хъуыдæ- бердыл. Æмæ йæ адæм Хъуыдæберд кæй нæ хонынц, уый диссаг нæу, фæлæ йæхæдæг дæр дызæрдыг фæкæ- ны, искуы йæ йæ ном фыссын куы бахъæуа, уæд Хъуыдæберд ныффысса, Дзынга ныффысса. Уæды онг йæ фæсонæрхæджы дæр никæмæн уыд, Бураты Дзынгайæн ма «Хъуыдæберд» ном дæр ис, уый. Фæлæ уыцы писмо куы æрхаста постхæссæг, уæд кæйнæуал бафарста, Хъуыдæберд чи у, зæгъгæ, иу ахæм нал баззад. Стæй постхæссæгæн йæхи фæрсыи райдыдтой, «Хъуыдæберд» чи разынд, уымæй æмæ уæ- дæй фæстæмæ бирæтæ базыдтой Дзынгайы æцæг ном. Фæлæ кæд фыццаг Хъуыдæберд хуынд, уæд æй æрæджиау Дзынга чи фæкодта, ууыл-иу сбыцæу сты бирæтæ. Иутæ дзырдтой, зæгъгæ йыл уыцы ном уы- мæн æвæрд æрцыдис, æмæ йæ цæстытæ цъæх æмæ стыр сты, дзынгайы цæстыты хуызæн; иннæтæм гæс- гæйæ афтæ хуынд æрцыд йæ даргъ схъæл боцъоты тыххæй, фæлæ, æвæццæгæн, уый раст нæ уыд, уымæн æмæ «Дзынга» хуындис, рихитæ йын куы нæма уыди, уæддæр. Бирæтæ дзырдтой, зæгъгæ, æххуырстытæ 46
кæй дары æмæ сын сæ туг кæй цъиры, дзынгайы хуы- зæн, уый тыххæй йæ афтæ хонынц æмæ сæ ныхас цæ- мæй бафидар кæной, уый тыххæй йæм бафтауынц, зæгъгæ, дзынга сæрдыгон куыд фæзыны æмæ куыд цъиры цæрæгойты туг, Дзынга дæр афтæ æххуырсты- тæ дары æрмæст сæрды куыстыты рæстæджы, зымæ- гон та йæм вæййы фосмæ фæкæсыны тыххæй æрмæст иунæг æххуырст. Адæмæн сæ иу хаймæ гæсгæ та йыл ахæм ном æвæрд æрцыд, быцæугæнгæйæ кæм ал- хыскъ хъæуы, уымæ дæсны кæй у, уый тыххæй. Уыцы хъуыдытæй кæцы æцæгдæр у, уый зын рав- зарæн у, æмæ йын, æвæццæгæн, равзарæн дæр нæй. Фæлæ махмæ уый сбæлвырд кæнын диссаг нæ кæсы, диссаг уый у, æмæ адæм кæй дзырдтой, уыцы миниу- джытæ се ’ппæт дæр кæй уыдысты Дзынгамæ. — Æз уалдзæг, хъæмпыл хуысгæйæ, хурмæ мæ гуы- бын нæ тавын, фæлæ кусгæ кæнын, кусгæ,— арæх æп- пæлыдис йæхицæй Дзынга. Æмæ æцæгдæр афтæ уыдис йæ хъуыддаг. Уалдзы- гон куыстытыл-иу хъуыды дæр ничима кодта, афтæ- иу Дзынга цæттæгонд фæцис йæ сæрды кусæндзаума- тæ — суанг рувæнæй, гутоны æфсæн рацæгъдыны онг. Тъæнджымæй-иу кæнæ Кæсæджы, кæнæ Змейкæ- йы зæххыл баххуырста дыууадæс дæсæтины бæрц йæ- хи хæйттæй уæлдай. Кусгæ кодта йæхæдæг æвæллайгæйæ, хуры скас- тæй хуры ныгуылдмæ. Хъæуы æхсæн царди се ’ппæ- тæй хъæздыгдæр. Фæлæ бирæтæ куыд æнхъæл уыды- сты, афтæмæй хъæздыг йæ тыхджын куысты тыххæй нæ уыдис. Уæд уымæй къаддæр нæ куыста, æнæхъа- рудæр нæ уыдис йæ тæккæ сыхаг Чысиаты Цола дæр, фæлæ уый цардис мæгуыр. Бакæс ма сын сæ кæртыты фæлгонцмæ! Рахизы- рдыгæй лæууы бæрзонд, райдзаст, агуыридурæй амад хæдзар, сисыл æвæрд дыууадæс цæсты сара, дæр- гъæй-дæргъмæ скъæттæ, кæркдон, дыргъдон, цæхæ- радон. Суанг ма йæ уазæгдон дæр уыдис нæзы си- лофкæтæй конд, машинæйы дурæй æмбæрзт. Кæннод ма бакæс сарайы дæллаг кæронмæ кусæндзауматæм. Гутонæй, похцийæ, самангæрдæнæй, бричкæйæ, бага- 47
лæгæй, хъæдтæласæн тачкæйæ, æндæрæй бæстон лæм- бынæг æфснайдæй лæууынц. Галиуырдыгæй та, зæронд, хæлддзаг кауын быру- йы мидæгæй, кæрты, лæууы ныллæггомау, хъæмпæй æмбæрзт къæсс, йæ фæхсын дуаримæ æмæ æвгты бæс- ты сойæ сæрст гæххæттытæ ныхæст кæуыл ис, уыцы дыууæ рудзынгимæ. Кауæй быд, зыгуымæй сæрст скъæт акъул ис хурыскæсæнырдæм, æмæ йæ, цыма, йæ дæллаг ныхмæ цы дыууæ хъæдын цалхы æнцой- гонд ис, уыдон фæлдахын нæ уадзынц, афтæ зыны. Кæрты астæу лæууы стыр æхсынцъы бæлас, фæлæ уымæн дæр фырзæрондæй йæ къалиутæй бирæтæ ба- хуыскъ сты, бамбыд йæ иу фарс æмæ фидауц дæтты- ны бæсты кæны æдзæрæгдæр хуыз. Кусæндзауматæй ницы зыны кæрты, тыргъы сæрмæ хъайваныл ауыгъд чи ис æмæ сæ хъæдтæ дæлæмæ кæмæн зынынц, уыцы дыууæ къæпийæ уæлдай. Иу хæдзар ссæнды иннæйы. Иу хæдзар худы ин- нæуыл. Дзынгамæ куывды, хисты, ныхасы Цолайы исты æфсонæй фелхыскъ кæнынæй æмæ ахынджылæг кæ- нынæй хуыздæр ницы кæсы. Ноджыма йæ ном дæр рауад, зарæджы кæй кой фæкæнынц, уыцы мæгуыр Цолайы æмном æмæ йæ бынтондæр уымæй скæсын нæ уадзы Дзынга. Иухатт куывды бадгæйæ куы банозтджын сты, уæд та Дзынгайы æрфæндыдис Цолайы хардзæй бахъæл- дзæг уæвын æмæ ныззарыд: Ой, Цола, Цола, уæй, Цола, гъей, Ой, Цола, цæй мæгуыр у дæ къона, гъей! Никуы ницы сдзырдта Дзынгамæ. Уæддæр та сы- хаг... Стæй Дзынгаимæ хъаугъа кæнæн нæй. Суг ла- сынмæ, хор ласынмæ æмæ æндæртæм ын уый авæры бæх. Кæд ын уыцы хæрзиуæг цыппар ахæмæй баххæст кæны уый фæстæ, уæддæр æм йæ тыхст сахат фæ- кæсы. Фæлæ ацы хатт нозтджын кæй уыд, уымæй, æви йæ маст йæ зæрдæйы фембырд æмæ уромын нал ба- куымдта,— цæй аххосæй уыд, не ’сбæрæг,— цы сгуы æхсыдта, уый стæг дард фæхаста, æмæ та куыддæр йæ 48
дзых фæхæлиу кодта зарынмæ Дзынга, афтæ йын дзы йæ былтæн ахæм цæф нылласта æмæ йæ дæндæгты туг фемæхст. Ноджы йæ хъама фæцъортт кодта кæрд- дзæмæй æмæ дзы æрцæвынмæ хъавыдис Дзынгайы æрттивгæ лæгуын ных, фæлæ йын иргъæвджытæ йæ къух ацахстой... II Дзынга æмæ Цолайы æхсæн хыл рауадис иукъорд азы размæ. Бафидыдтой. Раджы ферох сæ маст. Уæ- дæй фæстæмæ, æдде бакæсгæйæ, цæрынц уарзон сы- хæгты цардæй, кæд зæрдæйæ иу иннæмæн æнæуынон у, уæддæр. Æххуыс кæнынц кæрæдзийæн раздæрау. Зымæгон суг цæмæй æрбаластаид йæ бинонтæн, фæз- зыгон та — йæ хортæ, ахæм кусæг фос нæ уыдис мæ- гуыр Цоламæ. Йæхи-иу бакъул кодта йæ сыхаг Дзын- гамæ. — Дæ фæхъхъау фæуæнт. Сифтындз иу нæ, фæлæ дæ кæд дыууæ цæды хъæуы, уæддæр галтæ, æрмæст сæ æгæр ма фæриссын кæ,—дзырдта-иу Дзынга. Нæ зыдта Цола, ахæм дзуаппы фæстæ цавæр ны- хæстæй раарфæ кæна йæ тыхстаразæгæн, уый. Хат- тæй-хатт-иу цыдæр сдзурынмæ хъавыдис, фæлæ-иу йе ’взагыл цы ныхæстæ абадтис, уыдон æм хæрзиуæгæн раарфæйы аккаг нæ фæкастысты æмæ-иу æппындæр ницыуал загъта, куыстæй йын баххуыс кæндзынæн, зæгъгæ. Зымæгон никуы дзырдта Цолайы æххуысмæ Дзын- га. Раст сæрды æнтæфы, мæнæугæрдæнты, хосгæрдæн- ты-иу æй бахъуыдис йæ сæр. — Цола, мæ фæллæйттæ доныкъусы сæфт кæнынц, куы нæ мæм фæкæсай, уæд,—дзырдта Дзынга æцæгхуызæй. йæ ныхасы уаджы та уыдис: «Куы нæ мын баххуыс кæнай, уæддæр дæ бар ис, фæлæ æнæ уый дæ бон нæу, уымæн æмæ ды мæнæй тыхстдæр вæййыс». Иæхи хъуыддæгтæ дæр ныууадзы Цола æмæ ацæ- уы Дзынгайы куыстмæ, йæ сыхаджы зæрдæ йыл куыд нæ фæхуда, афтæ. Фæлæ диссаг уый уыдис, æмæ ахæм бахъуаджы рæстæг фæлмæн æвзагæй дзургæйæ, кæрæдзийæ уыд- 4 Мамсыраты Дæбе 49
той се ’сæфт. Цоламæ калмæй уæлдай нæ каст Дзын- га: калмы уындау ын — йæ фенд, калмы æхсипау—йæ дзыхы ныхас хъусын. Ноджы йæ бынтон нæ уарзта йæ худты, йæ хынджылæджы тыххæй. Ныхасмæ ра- цæйцæугæйæ-иу Дзынгайы уым куы баййæфта, уæд-иу цыма уырдæм нæ цæуы, йæхи афтæ акодта æмæ иу- вæрсты аивгъуыдта. Кæнæ-иу Цола йæхæдæг уым уæвгæйæ, Дзынга дæр куы фæзынди ныхасмæ, уæд-иу исты æфсæнттæй йæхи асайдта. Уыцы хъуыддаг райдиаиы ничи æмбæрста, фæлæ йæ æрæджиауырдæм адæм бафиппайдтой æмæ сыл-иу худтысты. Уыйразмæ дæр арæх бадаг нæ уыд Цола ныхасы, фæлæ уæдæй фæстæмæ бынтондæр нал цыд, ахицæн адæмæй æмæ цардис йæ сахъари къæссы. Фе- рох сæ, хъæуы ма искуы Цола дæр ис, уый. Æхсæны ног хабæрттæй дард уыдис Цола. Нæ цыдис æмбырдтæм, нæ уæндыд ныхас кæнын,— куы йыл худой, ай та ахæм стыр хъуыддæгты цы быры йæ бызгъуыртимæ, зæгъгæ, уымæй тæрсгæйæ. Æрмæст бегарайы, фæндæгтæ цалцæггæнгæйæ, хидтæ аразгæйæ, цыбыр ныхасæй, уæнгдыхæй куыст кæм хъуыд, уыцы ран æнæсайдæй архайдта. Ноджы ма йæм иу миниуæг уыд: фæзынд æм, йæ сыхаг Илас хынджылæгæй куыд дзырдта, афтæмæй, «суанг Цо- ла хуинын куы байдыдта», уæд. Сыгъд хуыссын кæ- нынмæ æмбисонд басгуыхт! Иу сæрдыгон бон ссыгъдис Бердаты Уырызмæджы хæдзар. Ныр дæр ма хъæуæй æддæмæ куы фæцæйцæ- уай, уæд сисыл бæрæг дарынц йæ алатæ. Уырызмæг йæхæдæг уыдис быдыры, йæ ус Аминæт та цæхæ- радоны, æмæ хæдзар ссыгъди, уый базыдта, адæм фæ- дис хъæр кæнын куы райдыдтой, æрмæст уæд. Раз- дæр ссыгъдысты тыргътæ, æвæццæгæн, сывæллæттæн йæ быны хъазгæйæ, исты хуызы сæ хистæр спичкæтæ аппæрста æмæ уайтагъд арт ацахста рудзгуытæ, дуар. Сыхæгтæ скъæфтой дон, ратæх-батæх кодтой хъил-. тимæ, белтимæ, бæстæ хъæлæба сси, ницыуал хос ардтой... — Бабын дæн! — хъæр кодта йæ хъæлæсыдзаг Аминæт, тыдта йæ дзыккутæ, йæ уадултæ, афтæмæй йæхи æппæрста артмæ, адæм æй куы нæ урæдтаиккой, 50
уæд.—Ауадзут мæ... Мæ рæзгæ сабитæ цы арты афыхтысты, æз дæр уым басудзон. Куыд рабæрæг, афтæмæй хæдзары баззадысты Аминæтæн йæ авдæны сывæллон æмæ дыууæ- аздзыд лæппу. Адæмы катай бауагъта сæ тæригъæд, скуыдтой сыхы устытæ дæр, фæлæ сæ фервæзын кæ- нын уыдис зын. Ничи хаста йæ ныфс. Уыцы рæстæджы кæрты, тарст адæмы æхсæн сми- дæг Цола æд фæрæт. йæ хид калди. Дзыхълæуд фæ- кодта, цыма тох цæмæй райдайа, уый нæ зыдта, аф- тæ. Уайтагъд базыдта хабар æмæ куыддæр фæцис. Стæй иу сылгоймаджы цурæй бедра раскъæфта, дон артыл калыны бæсты йæ йæхиуыл бакалдта æмæ та цасдæр лæугæйæ аззад. Стæй судзгæ дуарыл йæхи ныццавта. — Гъей!.. Гъей!.. Кæдæм?.. Ард дæ къонайы бацыд, сафыс дæхи! — схъæр ма йæм кодтой, фæлæ Цола арты хуылфы аныгъуылди. Цæстыфæныкъуылдмæ, цыдæр тыхтон раскъæфгæ- йæ, цæхæрæй фæстæмæ рагæпп ласта. Хъæццул рай- хæлдтой æмæ ма сабитæ кодтой мæнг улæфт. Ами- нæт базгъордта Цоламæ, сывæллæттæм дæр нæма бавнæлдта, афтæмæй йæ зонгуытыл æрхауд, йæ сæр- бæттæн ын æрæппæрста йæ размæ æмæ кæуæгау сдзырдта: — Мæ ирвæзынгæнæг Цола, мæ уд дæ фæхъхъау сæ мæрдты мын физонæг кæнын чи нæ бауагъта. Уыцы бон хъæбатыры хуызæн кастис Цола адæм- мæ. Хъæубæсты алы ран дæр стыр диссагæн кодтой йе ’сгуыхты кой. Фæлæ уый фæстæ адæмæй байрох. Цола баззадис мæгуыр æмæ æгадæй — раздæр куыд уыдис, афтæмæй. Раст зæгъын хъæуы, Уырызмæг йæ- хæдæг стыр цыт скодта Цолайæн: æрхуыдта йæ, стæй дзы ракуырдта, цы дыууæ сывæллоны бахызта фыд- былызæй, уыдонæй хистæры йæхицæн лæппу рахо- нын, искуы, миййаг, куы схъомыл уа, уæд йæ хæрз- гæнæджы йæ зæрдыл куыд дара, афтæ. Уæдæй фæстæмæ цал æмæ цал азы рацыд! Иу æмæ дыууæ ахæм сгуыхтдзинады нæ бакодта Цола, фæлæ уæддæр адæмы цæсты уыдис мæгуыр, æгад Цола. Хъазыдис дзы æмæ йын йæ туг цъырдта йæ сыхаг. 51
III Фæлæ йæм ацы фæстаг рæстæджы мæлæты хæла- ры цæстæй кæсы Дзынга. Авджыдзаг нал нуазы, кæр- дзыны къæбæр нал хæры æнæ Цола. йе ’фсин исты ацæттæ кæны, арвиты йæ чысыл лæппуйы æмæ йæ æрбахоны, иумæ абадæм, зæгъгæ. Ноджы дзы æх- хуыс дæр нал агуры фыццагау, афтæмæй йын дæтты зæрдæхæларæй йæ галтæ, йæ бæхтæ суг ласынмæ, æндæрмæ. Иу бон та Цолайы ус Ханиффæ куыроймæ нарт- хоры голладжы æрдæг ссинаг фæцæйхаста. Уынджы йыл Дзынга сæмбæлдис æмæ йæ баурæдта: — Гормон, æгас сыхæй дæр нæ худинаг куы кæ- ныс. Бæхтæ нæм куы ис, галтæ нæм куы ис, уæд æк- койæ цæмæн хæссыс? Зæгъ лæппутæй искæмæн, æмæ дын аифтындздзæн бæх. Æфсæрмы цæмæй кæныс? Мæнмæ чи ис, уый сымах нæу? Кæнæ сымахмæ цы ис, уымæй мæ уе ’ххуыс куы бахъæуа, уæд уæхи иу- варс аласынмæ хъавут? Афтæ хорз нæу... Ханиффæ йын раарфæ кодта æмæ цæуынмæ хъа- выд, фæлæ йæ Дзынга нал ауагъта. йе ’ккойæ йын райста йе ’ссинаг, зæххыл æй æрæвæрдта, йæхæдæг ацыд æмæ уæрдон сивтыгъта, сæ сыхæгты лæппуйы бæхтæрæгæн сбадын кодта æмæ дзы Ханиффæйы куы- роймæ арвыста. Ноджы Цолайæ ныхасы хынджылæг дæр нал кæ- ны. Искуы-иухатт адæмы æхсæнмæ куы рацæуы, уæд лæггадгæнæджы стад скæны Дзынга йæ бынатæй, иу- варс алæууы æмæ, цалынмæ Цола сбады, уæдмæ не ’сбады. Уый фæстæ алцæуылдæр зæрдиаг ныхас рай- дайы, адæймаг йе ’мхуызонимæ куыд ныхас кæна, аф- тæ. Кæд адæмæй ферох сты, уæддæр сын ныр Дзынга æрымысын кæны, иухатт Цола Уырызмæджы сывæл- лæтты фыдбылызæй куыд бахызта, Октябры револю- цийы рæстæджы Прохладнæйæ Грознамæ урс æфсæд- ты куы ластой Сырх Æфсады ныхмæ, уæд динамитæй Æрджынарæджы æфсæнвæндаг куыд фехæлдта, æмæ уый тыххæй кусджытæ уæлахизæй куыд баззадысты, уыдæттæ. — Уый æндæр исчи куы уыдаид, æндæр исчи куы 52
фæуыдаид революцийæн ахæм æххуыс, уæд ын афон- мæ стыр хорзæхтæ радтаиккой,— йæ ныхас-иу фæцис Дзынга æмæ уымæй Цолайæн æмбарын кодта, ацы хицауад дæр дæ хуызæн мæгуыртыл тынг нæ тыхсы, зæгъгæ. — Æмæ ма хицауад дæр гъа! Фæлæ дæлæ Уырыз- мæджы лæппу Аксо, дæу тыххæй ис абон дæр ма æгæсты æхсæн æмæ цы? йæхицæн афардæг æмæ кæм- дæр дохтырты скъолайы кæсы. Инæлары хуызæн арæзтæй ссæуы æмæ дыл, æнхъæлдæн, «æгасцуай» зæгъынмæ дæр нал æрвæссы. Афтæ сты ныры адæм, хорз ничиуал хъуыды кæны. — Нæ. Раст куы зæгъон, уæд, мæгуыр, Аксо ис- куы-иухатт куы суайы, уæд æппæты разæй мах абæ- рæг кæны. Уырдыгæй дæр мæм ныр цалдæр писмойы сæрвыста. Мæрдтæм нæ цæуын хъæуы... Æнæгæды ныхасæй нæ Аксо нæ рох кæны,— бафиппайдта Цола. — Уый æз дæр зонын,— фæзæгъы уæд Дзынга,— фæлæ ууыл нæ дзурын. Уыдон ницы сты. Уый дæлæ хицауады тæккæ раз ис æмæ сæм иу хатт куы бацæ- уид, куы сын радзурид, зæгъгæ, ис ахæм æмæ ахæм лæг, афтæ æмæ афтæ фехæлдта æфсæнвæндаг рево- люцийы рæстæджы æмæ нæхионты фервæзын кодта, куы дын сæ радомид исты хорзæхтæ, уæд уый хицæн хъуыддаг у. Уынджы дæр æмæ-иу хæдзары дæр Дзынга Цола- йы тыххæй куы ныхас кодта, уæд афтæ зынди, цыма тынг уарзы йæ сыхаджы, хъæздыг æмæ кадджын куы уаид, уый йæ фæнды. Ахæм зæрдæ йæм дарын цæмæн байдыдта, уымæн ницы æмбæрста Цола. Хъæусоветы уæнг кæй у, уы- мæ гæсгæ йæм истæмæ æнхъæлмæ кæсид, фæлæ æх- сæны лæг цалдæр азы дæр у, æмæ йæм уый тыххæй фаронæй размæ куы ницы хуыздæр цæст дардта. Хъуыды кодта Цола, цæй фæдыл æм кæсы ахæм хорз цæстæй Дзынга, бирæ фæцагуырдта уымæн дзуапп æмæ ахæмæй куы ницы ссардта, уæд банымадта: æвæццæгæн ыл æцæгæй æнувыд у. Æмæ йын йæ зæрдæйы уаг æргом кæнын байдыдта. Ноджы Дзынга æппынæдзухæй æппæлыдис Сове- 53
тон хицауадæй, нымадта, хъæуы хорзæй арæзт цы æр- цыд — скъолайæ, рынчындонæй, æндæрæй, уыдоны, æмæ-иу фарста Цолайы, ацы ног заман куы нæ уыда- ид, уæд ахæм рад кæд æрхаудаид ай хуызæн талынг хъæумæ, уымæй. Гъе уыдæттæм гæсгæ йыл алцæмæй- дæр байдыдта æууæндын Цола. Æнæ дызæрдыгæй йын-иу радзырдта, хъæусовет цы уынаффæтæ кодта, уыдон. — Гъы, цы хабæрттæ уыдис уе ’мбырды? — ба- фарста иу изæр Дзынга, Цола сæм арахъхъ куы ноз- та, уæд. — Нæ хорцæттæйы пълан нæма сæххæст æмæ ууыл ныхас кодтой, æндæр дзы ахæмæй ницы уыд. — Æмæ уæд хъæздгуытæй та цы загътой, цы сын бакæнынмæ хъавынц? — бафарста Дзынга æмæ йæм домæгау каст. Цола фæсырх, йæ цæстытæ тагъддæр стъыбар- тъыбур кодтой æмæ хъуыдыты ацыд: «Ай æцæг дзын- га куы у æмæ йæ бырынкъ кæй буары нæ фæтъыс- дзæн, ахæм куы нæй», стæй йæ сындæг бафарста: — Æмæ йæ цæмæй зоныс, хъæздгуытыл ныхас цыдис, уый? — Лæг цы нæ базона, ахæмæй та цы ис? Ды су- сæг дарыс дæ уарзон сыхагæй дæ хъуыддæгтæ, фæлæ иннæтæн дæр афтæ æнхъæл дæ? Бауырнæд дæ, Цола, æз дæуæй цы бамбæхсон, ахæмæй мæм ницы ис. Стæй дæхæдæг зоныс, ацы хицауады æз дæр къад- дæр никæмæй уарзын æмæ мæнæй цы басусæг чындæ- уа, ахæмæй дзы ницы ис. Фефсæрмы уыцы æфхæрæн ныхасæй Цола. Ноджы нозт йæ сæры бацыди æмæ йæ фæныфсджындæр код- та. Хъæусоветы æмбырд куы ахицæн, уæд сын секре- тарь ныффæдзæхста: ацы изæры уынаффæтæ сусæг даргæ сты. Фæлæ уымæй дæр нал фæтарст, æмæ ра- дзырдта хабæрттæ иууылдæр. Схъæр ын кодта, хъæзд- гуытæн сæ мулк исынмæ кæй хъавынц, фæлæ уыцы хыгъдмæ чи бахаудзæн, уый бæрæг кæй нæма у... — Æгæр бирæ уæм фæбадтæн, мæхи хорз федтон, фæлæ дæм цы хæрзиуæггур æрбацыдтæн, уый дын нæма загътон,— бакой йын кодта Цола. — Æмæ уый та дæхи аххос у, Цола. Зæгъ, æмæ 54
дын мæ бон баххуыс цæмæй уа, уымæй мæ уд дæ ны- вонд. — Дæ уд хуыцауы уазæг, фæлæ цыдæр капеччы- тæ фембырд кодтон исты хайуан æлхæнынæн... Хуы- мæллæджы иу лæгмæ дзæбæх бæх уæййаг амонынц, фæлæ ма иу æртæ туманы хъуаг кæнын æмæ зæгъын... — Уæуу! Фæлтау мæ хæсгæ мард куы федтаис, æмæ мын раздæр куы загътаис,— йæ ныхас ын æрдæ- гыл фескъуыдта Дзынга.— Абон-райсом мæм уыдис, фæлæ дзы нæ сыл...— Дзынга цæуылдæр ахъуыды код- та иучысыл рæстæг, стæй та сдзырдта.— Уæллæй, тыхст дæ Цола, æмæ дын исты амал хъæуы, зын у æнæбæхæй цæрын. Æнхъæлдæн, не ’фсин йæхицæн тинтычъи кæлмæрзæны аргъ цыдæр капеччытæ бам- бырд кодта, æмæ... Фæлæуу-ма, æз æй афæрсон.—Уы- цы ныхæсты фæстæ ацыд уатмæ æмæ дзы чысыл рæс- тæджы фæстæ раздæхт æртæ туманимæ. Æхца рад- та Цоламæ æмæ йын загъта, йæ бон бафидын куы бауа, уæдæй раздæр сыл куыд нæ тыхса, афтæ. йæ зæрдæ фæхъæлдзæгдæр Цолайæн. Цыма йæ цæрæнбонты цы амондмæ фæтырныдта, уый ныр йæ къухы бафтыд, афтæ йæм фæкаст. — «Колхозмæ бацу» зæгъынц, фæлæ, черт его жнай, цы уыдзæн æмæ дзы цы рауайдзæн? Стæй уыр- дæм дæр дæхионимæ куы нæ бацæуай, уæд дын чи цы ратдзæн! Куы дын дæттой, уæддæр æппынæдзухæй дæ зæрдыл дардзынæ, дæуæн дзы кæй ницы ис, уый æмæ уыдзынæ ссæсты бынаты... — Цу æмæ дæхицæн бæх балхæл æмæ æнæма- стæй цæр. Дæу колхоз ницæмæн хъæуы. Чи йæм ба- цæуа, уыдон дæр кæрæдзийы хъуын-хъис фæхæрдзы- сты æмæ фæстæмæ ныххæлиу уыдзысты. Дыууæ æф- сымæры иумæ цæрын куынæуал фæразынц, уæд адæм куыд фæцæрдзысты? — О, æз дæр афтæ зæгъын, æмæ дызæрдыг дæр уымæн кæнын... — Хъалтæ хъал митæ кæнынц, фæлæ ды мæгуыр, раст кусæг адæймаг дæ. Дæхицæн бæх балхæн. Фы- дæлты æмбисонд «иумæйаг дзыккайæ хицæн сир хуыздæр у», зæгъгæ, уый дæ зæрдыл дар æмæ æнæ- маст уай. 55
IV Цолайы ног æлхæд бæх уынынмæ чи æрæмбырд, уыдон æхсæн уыдис Дзынга дæр. Бæхы былтыл фæй- нæрдæм ахæиыд, схæлиу ын кодта йæ дзых æмæ йын йæ дæндæгтæм бирæ фæкаст, стæй йын йæ бæрзæймæ бавнæлдта, бауыгъта йæ, басгæрста йын йæ зæнгты нуæрттæ, æдзынæг æм ныккаст, стæй йæ алывæрсты æрзылд, дæрддзæф æрлæууыди æмæ загъта: — Цола, хайыр фос дын фæуæд, уыйбæрц æры- гон нæу, фæлæ оцани, йе æндæр исты ахæм сахъат куы нæ разына, уæд æвзæр хайуан нæ уыдзæн. Уыцы ныхæстæ диссаджы æхсызгон уыдысты Цо- лайæн. йæ дæрзæг, æнусон æнкъард цæсгомыл æрт- тывта цавæрдæр диссаджы сывæллоны цин, былтыл бадтис мидбылты худт æмæ йæ фæндыдис, Ханиффæ дæр’йæхи хъустæй куы фехъуыстаид, Дзынга сын цы зæгъы сæ бæхæй, уый. — Хайыр фæуæд, хайыр! — сдзырдта та Дзынга æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта хъæусоветы сæрдар Дадо дæр æй куыд фехъуыстаид, афтæ хъæрæй:— Горæтмæ цæуын æмæ æнхъæлдæн, æрæджы кæнын поездмæ! Чысыл рæстæджы фæстæ хъæусоветы рæзты йæ фынддæсаздзыд лæппуимæ ныйивгъуыдта Дзынга би- даркæйы. Уымæй размæ дæр бирæтæн алыхуызон æф- сæнттæй фехъусын кодта йæ балцы хабар. Ныр дæр уынджы адæмы цурты ныууадис, цæмæй йæ феной, æмæ горæтмæ кæй ацыд, уый базоной, уый тыххæй. Станцæйæ лæппу бидаркæ фæстæмæ скодта, фæлæ Дзынга уым баззадис, поездмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ. Вагзалы куы бады æмпылдæрфыг, æнкъардæй Дзынга, уæдæй нырмæ Беслæныхъæуырдæм сивгъуыд- та æртыккаг поезд, фæлæ цæмæндæр нæ исы билет. Нæ ацыдис горзетмæ Дзынга фæсахсæвæртæм. Стæй сындæггай рараст станцæйæ. Цæуы талынг уынгты, йæ къæхтæ дуртыл къуыргæйæ. Рахызт Кæр- дзынæй быдырмæ. Тырны мæйдары сæ хъæумæ. Ты- мыгъау йæ сæры зилынц алыхуызон талынг хъуыды- тæ, фыцы цæджджинагау йæ маст кæмæдæр. йæ къах дурыл куы скъуыры, куы асхъиуы размæ, уæд къух- 56
тæ сæхæдæг æрбатымбыл вæййынц æмæ æнгуылдз- тæ кæрæдзиуыл андзæвынц, кæрæдзи балхъивынц æфсæртæ фырмæстæй æмæ дæндæгты хъыс-хъыс ссæуы. Бирæ æнусты мулкджынæн лæгъстæйаг уыдысты адæм, мулкджын хæцыди царды рохтыл. Фæлæ ныр цæмæн у афтæ? Цæмæн ын сфæнд кодтой йæ исбон айсын? Цæуылнæ йæ уадзынц, цалдæр азы кæуыл фæхъуыды кодта, уыцы стыр куырой саразын, йе ’рмæг цæттæ кæмæн у, уыцы хырхæйфадæн завод са- разын? Рагæй-æрæгмæ кæмæ тырныдта, хæргæ, даргæ кæй тыххæй нæ кодта, æхсæв æй хуыссæг кæй тыххæй нæ ахста, бон æнцад кæй тыххæй нæ бадтис, уыцы фæндтæ суæвыны къæсæрмæ куыддæр бахæццæ сты, афтæ йын йæ тæккæ размæ дуар ахгæнынмæ цæмæн хъавынц? — зылдысты йæ сæры ахæм сагъæстæ, сæ артыл фыхтис йæ маст. Бæстæ у сабыр. Хъæуты, горæтты фынæй кæнынц адæм. Фынæй кæнынц, йæ цард ын сæнад уа, зæгъгæ, ууыл чи архайы, уыдон дæр. Ехх, джиди!.. Æвæдза, гæнæн уæвгæйæ, уæд сыл фæзилид æмæ сын бахсынид сæ хурхыуадындзтæ дæндагæй. Дзынга æнафоны бахæццæ хъæумæ. Стыр кулдуа- рыл бахæцыд æмæ, райсомæй станцæмæ цæугæйæ куыд бафæдзæхста, афтæ уæгъдссыд разынд. Хæдзар- мæ ма бауаинаг уыдис, фæлæ кæрты бæрæг астæу æр- лæууыд, алырдæм афæлгæсыд, стæй скъæтырдæм ба- раст. Басгæрста йæ. Уый дæр уыди уæлæнгай æвæрд. Рафтыдта Дзынга гуыдыр, зæхмæ йæ аппарынмæ хъавыдис, фæлæ йæхи фæурæдта, ахъуыды кодта иу- чысыл, стæй йæ фæстæмæ цæджы атъыста æмæ йæ сæттын байдыдта. Бирæ рæстæг фæцархайдта йемæ æмæ йæ æппынфæстаг фехста. Сындæггай байгом код- та скъæты дуар. Иæ буар барызти, фæтыхджындæр зæрдæйы маст. Фыццагдæр бацыд йæ саргъы бæхмæ, æрсæрфта йæ армытъæпæнæй æмæ сдзырдта: — Фæндараст, мæ зынаргъ Хъæрæгъæц, ныронг фæцардыстæм иумæ хæларæй, фæлæ ныр хъуамæ ахицæн уæм. Бæх цыма уыцы ныхæстæ æмбæрста, афтæ сын- дæггай йæ сæр раздæхта йæ хицаумæ æмæ банцой 57
кодта Дзынгайы риуыл. Йæ зæрдæ бынтондæр суын- гæг лæгæн, тыххæй ма урæдта йæ цæссыгтæ æмæ йын йæ сæр адджын хъæбыс ныккодта. Кулдуар йæ фæдыл ассыдта Дзынга. багæпп лас- та Хъæрæгъæцы рагъмæ, иннæ æртæ бæхы æрбаста йæ фарсмæ, дыууæ галы акодта йæ разæй æмæ араст та- лынджы хъæдырдæм. Уынджы фæзилæнæй ма иу каст фæкодта йæ хæдзармæ. Бæргæ лæууыд уый æхсæвы тары сæрыстырæй иннæ бæстыхæйтты æхсæн цæргæ- сау ныфсджынæй, фæлæ йын цыма йæ базыртæ ра- чындæуыд æмæ зæххыл æрхаудта, Дзынгамæ афтæ каст ныр йæ хæдзар. V Дружин фæд ахастой Елхотырдæм, бацыд Змейкæ- йы бынты æмæ куыд сбæрæг, афтæмæй Дзынгайы фос тард æрцыдысты Кæсæгмæ. Фæлæ Теркæй фалдæр фæд фесæфтис, ницыуал амал ын уыдис ссарынæн, уæлдайдæр фæндæгтыл цæуын куы байдыдтой, уæд. Хъуыддаг ууыл ахицæн, æмæ адæм Дзынгайы фосы банымадтой сæфтыл. «Фæниудта», «фердиаг» кодта Дзынга, æртæ бо- ны фæстæ куы æрыздæхт æмæ йын хабар куы ра- дзырдтой, уæд. Дыууæ хатты хъæусоветæй райсга æвдисæндартæ æмæ-иу Кæсæгмæ йæ фос агурын æфсон Лесченмæ йæ хомæ ацыд. Уырдыгæй-иу æрбаздæхт æмæ йæ чи фарста, уыдонæн дзырдта, йæ фос ссарынæн ницыуал хос ис, зæгъгæ. Бæлвырд фенкъард Дзынга. Ницыуал куыстмæ та- сыдис йæ къух æмæ æппынæдзух бадтис ныхасы, зæх- мæ кæсгæ æмæ йæ хуылфмæ хъусгæйæ. Хъуыды код- та, цы куса, ууыл. Иу бон ныццыдис колхозы правленимæ æмæ загъ- та сæрдарæн: — Хъамболат, мæ хуры чысыл, мæ хæдзар куы бабын, уый фæстæ ма мæм баззадис цыдæр кусæн- дзауматæ æмæ сæфынц згæйæ, æгуыстæй. Кæд уæ истæмæн бахъæудзысты, уæд сæм сæрвит æмæ сæ ра- ласут уæхицæн, æхсæны хъуыддагæн. Мæн ницæмæн- уал хъæуынц, мæ къæхтыл фыццагдæр уыйбæрц фи- 58
дар нæ лæууыдтæн, фæлæ куы бабын дæн, уæдæй фæстæмæ мæм нал æрцæудзæн ахæм хъару, æмæ ма фос балхæнон. Тынг æхсызгон уыдис уыцы хабар Хъамболатæн. Æгас хъæу дæр кæй зонынц, уыцы Дзынгайы саман- гæрдæн сæ къухы куы бафта, уæд æрцæрдзысты. Би- рæ нал ахъуыды кодта, афтæмæй загъта: — Дзын... Хъуыдæберд, стыр бузныг, фæлæ дæ кæд афтæ фæнды, уæд дæхæдæг æрбацу колхозмæ, кæннод дзаума исын мæ бон нæу. — Мæхæдæг, дæ рын бахæрон... Мæ зæрды уыд раздæр. Фæлæ ныр æнæфос, æнæистæмæй?.. Нæй, афтæмæй ницы бакæндзынæн. Дзауматы тыххæй кол- хозмæ мæхи бацыд уыйбæрц æхсызгон нæ хъæуы. Ныронг сæ куыстон æз, ныр сæ кусын мæ бон нал у æмæ сæ дæттын сымахæн, æхсæны хъуыддагæн, гъемæ уын хæлар уæнт. Уыцы изæр Хъамболат хъæлдзæгæй хабар дзырд- та партчыры секретарæн... Уый, Хъамболат куыд æн- хъæл уыд, афтæ нæ бацин кодта. Иучысыл рæстæг нииы загъта, стæй йæ армытъæпæнтæй йæ уадултæ æрдаудта: — Райс сæ. Фæлæ кæд йæхæдæг колхозмæ нæ цæ- уы, уæд æркæсын хъæуы. Уыцы давд куы нæ уыдаид, уæд уый дæр хъуамæ хъæздгуыты номхыгъдмæ хаст æрцыдаид, фæлæ... Райкомы секретары фарстон æмæ мын уый дæр бæрæг ницыма загъта. Ахæм цины хабарæн фаг аргъгонд кæй не ’рцы- ди, уый тыххæй чысыл фенкъард Хъамболат. Дзынга бирæ фæсагъæс кодта колхозмæ курдиат бадæттыныл, фæлæ йын йæ хæдзæрттæ, саратæ, скъæттæ ауæй кæныны фадат куы нал уа, уымæй тæрсгæйæ уал фæлæууыди. Цалдæр боны размæ ацыд Ногхъæумæ æмæ цавæрдæр хохæй æрлидзæгимæ йæ хæдзæрттæ ауæй кæныны тыххæй бадзырдта. Уый фæстæ ацыд заводмæ, нырма æххæст арæзт дæр чи нæ фæцис, уырдæм æмæ дзы йæхицæн ссардта куыст. Директор ын йæ гæххæттытæ куы федта æмæ дзы гуырысхойагæй куы ницы ссардта, уæд ын радта æф- сисады хайады хицауы бынат. Ахæм кусæг рагæй агуырдтой заводæн æмæ ныр лæгыл куы фæхæст сты. 50
уæд сын æхсызгон уыдис. Æнæхъæн сахаты бæрц фæ- ныхас кодта директор Дзынгаимæ, фæцамыдта йыи йæ хæстæ. Хицауæн Дзынга загъта, кæй нæ бафæра- за, ахæм уæззау куыстæй дзы кæй ницы ис æмæ йæм кæй сарæхсдзæн. Уæд ын директор снысан кодта фа- тер æмæ йæ арвыста йæ фенынмæ. — Æцæг, Хъуыдæберд, дæ хорзæхæй, куыд амал ис, афтæ тагъддæр бацархай сивыныл. Дæ дзауматæ ласыныл дæ тыхсын нæ бауадздзыстæм,— загъта ма йын директор фæстаджырдæм. Заводмæ цы бон лыгъдис Дзынга, уыцы бон хохаг дæр схæццæ йæ саратæ ласынмæ. Дзынгамæ афтæ касти, цыма йыл дуне рафæлдæхы, цыма йе ’сæфт æр- цыдис. Иуырдыгæй Дзынгайы хæдзарæй хастой æд- дæмæ дзауматы тыхтæттæ йæ ус, йæ лæппу, Цола, Ханиффæ æмæ сæ амадтой машинæты, иннæрдыгæй хохаджы кусджытæ сарайы сæрæй алырдæм фæйнæ- джытыл æмбæрзæндуртæ, фисынты ныхасæны чъыртæ скъæрдтой, æмæ бæстæ уынæрæй, рыгæй байдзаг. «Хæлы... Хæлы... Нал ис, нал ис цард»,— дзырдта йæхинымæры Дзынга, æмæ кæд ацы хъуыддæгтæ йæ- хи фæндонмæ гæсгæ конд æрцыдысты, уæддæр йæ маст сыгъдис йæ зæрдæйы æмæ домдта кæйдæр баф- хæрын. VI Аксо куыддæр Мæскуыйæ ссыдис, афтæ йæ Обл- æнæниздзинады хайад куыстмæ арвыста горæты сæй- раг рынчындонмæ, йæ дæсныйад куыд уыдис, уымæ гæсгæ хирургæй. Лæппу куырдта, фæллад куыд у, уымæ гæсгæ йæ иу мæй баулæфын бауадзын. Æрæгмæ йын разы код- та йæ фæндоныл хицау, фæлæ æппынфæстаг сразы ис дыууæ къуырийыл. Аксо æвæстиатæй ацыд хъæу- мæ. йæ дарддæры куыст æмæ царды уагæй хъæлдзæг кодта йæ зæрдæ. Иу бон куыддæр хæринаг хæрд фæцис Аксо, аф- тæ йæ дæлармы цыдæр тыхтон акодта, йæ мад Ами- нæтæн загъта, кæдæм цæуы, уый æмæ араст йæ кæн- гæ фыд Цолайы уынынмæ. 60
— О-о-о! Цæмæн ахæм хæрдзтæ кæныс, мæ хуры чысыл, Аксо, дæхæдæг нырма рæвдауинаг куы дæ? — дзырдта Цола, сгæллады тыхтон райсгæйæ æмæ йæм æдзынæг к^есгæйæ. — Цола, удуæлдайæ адæймаджы цæхæры астæ- уæй чи рахаста, уый хорздзинæдтæн бафидæн нæй, фæлæ сæрды практикæйы уыдтæн æмæ мæхи фæлло- йæн æхца куы райстон, уæд сфæнд кодтон æппæты фыццагдæр дзы, ды мæ номыл адджынæн цы фæда- рай, ахæм исты балхæнын. Хуыздæр ницы бафтыд мæ къухы. Цолайы фæндыдис, зæрдæмæ арф хъарæг ныхæс- тæй куы раарфæ кодтаид Аксойæн, уый, фæлæ аккаг дзырдтæ не ’ссардта æмæ загъта: — Уæллæй... Молодец, Аксо! Марадз-ма, æфсин, кæд, миййаг, æххормаг у,— фæлæ цы зæгъынмæ хъа- выдис, уыдонæн уыцы ныхæстæ сæ минæймаг хай дæр нæ уыдысты. Цалынмæ хабæрттæй кæрæдзи фарстой Цола æмæ Аксо, уалынмæ Ханиффæ сыхæгтыл азылдис æмæ Зæ- рæдайæ гуымбыл ракуырдта, Берозты Масайæ та графиныдзаг нозт. — Æз дæр тагъд иу æртæ аджы арахъхъ акæндзы- нæн. Ныр та ма дын исты курæггаг бæхмæ æнхъæлмæ кæсын, йе мæ суг æккойæ хæссын хъæуы?!—йæхицæй æппæлæгау ма фæстагмæ загъта Ханиффæ. Уайтагъд пец бандзæрста æмæ уæлибæхтæ кæны- ныл балæууыд. йæ цæсгом ссырх, цæхæрайы хуызæн ссис арты тæвдæй. Цалдæр хатты дзы Аксо куырдта, мæн тыххæй ма фыдæбон кæ, зæгъгæ. Фæлæ йæм Ха- ниффæ кæм хъуыста! — Æмæ уæддæр, Цола, ныронг колхозмæ цæуыл- нæ бацыдтæ? — ныхас кодтой кæнгæ фыд æмæ фырт, цалынмæ æфсин фынг æвæрдта, уæдмæ. — Колхозмæ... Бацæуид æм адæймаг, фæлæ... Чи зоны, цы дзы рауайдзæн?.. Банхъæлмæ уал æм кæ- сын хъæуы. — Цола, дæхæдæг æй æмбарыс, мæхи фыдæй уæл- дай мын нæ дæ. Мæ цæст дын уарзы... — Ууыл дызæрдыггæнæн нæй, мæ хур, Аксо. — Гуызавæ ма кæн, фæлæ йæм бацу, æмæ дæхи 61
хуызæттимæ бацархай æмдыхæй æнусон мæгуырдзи* надæй фервæзыныл. — Хуыцауæн табу, мæ хуры чысыл Аксо, фæлæ ныр уыйбæрц мæгуыр нал стæм. Акæс-ма, куыд нæ дын æй загътон раздæр. Балхæдтон иу аласа, йæ ра- уæйгæнæг амондимæ цæрæд, мæлæты æнæсахъат ра- зындис, æмæ цæрын фæразын райдыдтон. Цыдæр ка- печчытæ бамбырд кодтон, иучысыл ма сыл бафтау- дзынæн æмæ, кæд хуыцауы фæнда, уæд хъуг æлхæнынмæ хъавын. Уый ма мæ къухы бафтыдис, зæгъгæ, уæд цыма ницыуал хъуаг уыдзынæн. — Дæ фæндтæ дæхи фæндиаг уæнт, Цола. Куыд уынын, афтæмæй дæ фадæттæ хуыздæр кæнын бай- дыдтой æмæ мын æхсызгон у. Фæлæ, дæхи загъдау, цардмæ иу боны цæстæй кæсын нæ хъæуы. Абон цард афтæ у. Райсом цы уыдзæн, уый зонæн нæй. Де ’ппæт хъæздыгдзинад дæ бæх у, фæлæ... уый мæлын дæр зоны, исчи йæ адавдзæн æмæ та уæд фæстæмæ дæ гаччы абаддзынæ... Уыцы фæстаг ныхæстæ нырриуыгътой Цолайы зæр- дæ. Иæ цæстытыл ауадис, æцæг Аксо куыд загъта, ахæм бынаты та куы фестид, уæд куыд уаид йæ цард. йæ хъуыдыты сногстытыхст бонтæ æмæ йæ буар уа- зал дыз-дыз ныккодта. Йæхицæн зæрдæтæ цы бирæ фæндтæй æвæрдта, уыдон цыма фын уыдысты, афтæ йæм фæкаст. VII Æнæхъæн къуырийы дæргъы йæхимидæг хъазуат тох кодтой Цолайы ныфс æмæ гуырысходзинад. Лæм- бынæгдæр кæсын райдыдта колхозонты цардмæ. Ни- цы хъуыддаг-иу æй уыдис, афтæмæй цыдис правле- нимæ æмæ хъуыста адæмы алы ныхæстæм, алы хъуыддагмæ дæр кастис. Фарста колхозонты сæ цар- ды уагæй, сæ куыстæй æмæ йын дзы чи æппæлгæ код- та, чи та фаугæ. Уыцы рæстæджы-иу æм Аксо арæх бауад. Æппын- æдзух ын кодта колхозмæ бацæуыны ныхас. — Æз мæгуыр, куыстуарзаг лæг дæн, мæ хур. Мæ- нæн мæ къухтæ ме ’взагæй тыхджындæр сты, загъта иухатт Цола Аксойæн.— Колхозы та дзыхджынтæ сты 62
раззаг бынаты... Стæй... кæсыс, æндæрæбон, дам, бы- дыры дæлæ Дзусаты Къори æмæ Куыдзыгусаты Мæ- цыхъо сæ кæрæдзи къæпитæй ныппырх кодтой. Мæ- цыхъо дæр мæнау рагæй куыстуарзаг лæг у. Къори та куысты мидæг йе ’фсымæртæй дæр йæхи рафæлив-ба- фæливгæнаг уыдис. Ныр дæр сæм, зæгъы, уый фæдыл рауад хъаугъа. Æз ахæм хъаугъаты бæсты мæхицæн мæгуыр, фæлæ æнæмастæй цæрдзынæн. Фыдæлтæ-иу дзæгъæлы нæ акодтой: «Иумæ дзыккайæ хицæн сир хуыздæр у». Гъе уый раст абоны цардæн загъд у. Æвæц- цæгæн, хуыцауы тæфæй æмбæрстой фыдæлтæ ацы хъуыддæгтæ æмæ фæдзæхстой сæ байзæддæгтæн, сæхи дзы куыд хъахъхъæной. Æнцад æм фæхъуыста Аксо. Бамбæрста, Цолайы колхозыл баууæндын кæнынæн цæйбæрц хъару хъæ- уы, уый, æмæ сагъæс байдыдта йæхинымæр, куыд дзырдæуа йемæ, ууыл. — Фыдæлтæ хицæн сир хуыздæр куы хуыдтой, уыцы дуг аивгъуыдта, Цола, махмæ ма æрмæст йæ дымгæ хæццæ кæны. Фæлæ афтæ дзырдта, йæхимæ дзыккайаг кæмæн уыдис, уый, цæмæй иннæтæ хæрой сæхи сир æмæ уый дзыккамæ ма ’вналой. Раст у дæ ныхас, колхозонтæ нырма иумæ нæ фидауынц, се ’хсæн хъаугъатæ рауайы, иуæй-иутæ дзы куыстæй сæхи фæ- ливынц. Фæлæ уый у нырма ног хъуыддаг. Нырма ног цард йæ тæккæ гуыргæйæ у. Æнæ зын æмæ хъизæ- марæй та райгуырæн нæй. Уыцы ныхæстæ диссаджы дæсны фæкастысты Цо- ламæ, ома разы сыл уыд, уый тыххæй нæ, фæлæ сæ аив кæй загъта, уымæ гæсгæ. Кæд фыццагау карзæй колхозы ныхмæ лæууыдис Цола, уæд æрмæст уымæн, æмæ цæмæй Аксойы ракъа- ха иумæйаг царды тыххæй. Мидæгæй та æмбæрста, йæ зæрдæйы уаг куыд сæтты æмæ йæ алы ныхасы фæстæ дæр йæ хъуыдытæ колхозмæ тынгдæр куыд ла- сынц, уый. Ноджы хъæуы адæмæй, фылдæрæй-фыл- дæр лæууын байдыдтой колхозы æмæ Цола се ’ппæты фæстæ куы баззайа, уымæй дæр тас у. Стæй йæ >ыр- ны, Аксойы цæст ын æвзæр кæй никуы бауарздзæн æмæ Цолайæн бæлвырд хуыздæр куы нæ уаид, уæд æй разæнгард дæр нæ кæнид. 63
Иу изæр та Аксо сæхимæ ацыд æмæ Цола сынтæ- гыл йæхи куы æруагъта, уæд æй хуыссæг нал æмæ нал ахста. Хъуыды кодта колхозмæ бацæуыныл. Иу афон сындæггай сдзырдта: — Не ’фсин, фынæй дæ? — Дæумæ кæсгæйæ ма мæн дæр хуыссæг нæ ахсы. — Æмæ мæ цавæр хъуыдытæ хуыссын нæ уадзынц, уый зоныс? — Куы нæ мын сæ радзырдтай, уæд сæ цæмæй зокын? — Æз афтæ бауынаффæ кодтон, æмæ колхозмæ бацæуæм. Куыд дæм кæсы уый? — Уæдæ ма мах дæр адæмæй кæдæм фæлидздзы- стæм? Стæй Аксо зондджын æмæ ахуыргонд лæппу у, æмæ уый дзæгъæлы нæ фæнды нæ бацыд. — Уæдæ тæккæ райсом бахæсдзынæн колхозмæ мæ курдиат. Аксо мын æй кæд дзæбæх афыссид. Дыккаг бон Цола сæумæйæ сыстад, йæ бæхæн хол- лаг авæрдта æмæ Аксотæм ацыд. Аксо кæд фынæй нал уыд, уæддæр хуыссыди æмæ хъуыдытæ кодта. Иæ улæфты рæстæг фæвæййы. Баз- задис ма йын æрмæст æртæ боиы, стæй хъуамæ араст уа горæтмæ æмæ кусын райдайа. Ахуыр хорз кодта, цыдис йе ’мбæлтты раззаг рæнхъыты æмæ ныр дæр фæстаг бынаты кæй нæ уыдзæн, уымæй йæ ныфс ис. йæ зæрдæ хъæлдзæг у алцæмæйдæр, æрмæст ын йæ уарзон кæнгæфыд раст фæндагыл слæууын кæй нæ бакуымдта, уый йын хъыг у. Мæсты дæр æм кодта, фæлæ цы саразæн ис мæстыйæ? Фæлтау ма йæм абон ссæудзынæн æмæ фæныхас кæндзынæн йемæ. Чи зоны æмæ æппынфæстаг бамбара, сразы уа колхозмæ ба- цæуыныл. Уыцы рæстæг йæ хъустыл ауад: — Гъей, Уырызмæг, ам стут, цы? Уайтагъд базыдта Аксо Цолайы хъæлæс, æмæ фæ- дис кодта, ахæм цæуаг сæм куы нæ у, уæд уыцы афон цы хабар уа? Фестад хуыссæнæй, рауад йæ размæ. Цолайы цæсгомыл зындис цавæрдæр цины æнгас. Бæрæг уыд, цыдæр ахсджиаг хъуыддаг æй кæй ис, уый. — Мæ хуры чысыл, Аксо, бафыдæбон кæн æмæ мын тагъд курдиат афысс,— сдзырдта Цола, куыддæр 64
уатмæ бахызт, афтæ æмæ ма йæ ныхæстæм бафтыд- та: — Дысон бауынаффæ кодтам не ’фсинимæ. — Цы хабар у? Цавæр курдиат? Цола, ницы дын æмбарын,— барæй йæхи нæзонæг скодта Аксо. — Афысс, мæ хур, колхозмæ мæ куыд айсой, ахæм курдиат. Куыд дзæбæхдæр зоныс, афтæ йæ афысс. Аксойæн æхсызгон уыди, Цола йын йæ ныхасыл кæй сразы, уый. Иучысыл ахъуыды кодта, стæй загъта: — Мæ бар уадз уæдæ курдиат фыссын, Цола. Тыиг æхсызгон мын у, мæгуыры хæдзар бæндæнæй хид кæй у, колхоз та уæрæх хид, уый кæй бамбæр- стай. — Кæцæй нæу уæрæх хид, дæ хорзæхæй? Дæлæ Быдылæн колхозы йæ бæх амардис, æмæ йæ хъуыды дæр не ’ркодта. Иннæ бæхтæй кæны йæхи куыст дæр, иумæйаг куыст дæр. Уый ма иунæгæй цæргæйæ, уæд бабын уыдаид,— дзырдта Цола, цыма колхозы æн- цондæр æмæ хуыздæр кæй у, уый се ’ппæтæй бæлвырд- дæр зыдта, афтæ. VIII — Дæ хæстæ цытæ сты, уый зоныс, фæлæ ма дын ноджыдæр иу хатт зæгъын: стыр хъуыддаг дын ба- кодтам дæ бар — заводы кусæг адæмы царды уагмæ кæсын. Дæ размæ дæ бынаты уыдис Уанетæй Сос- лæнбег, зæгъгæ, иу. Тынг раст, æнæхин адæймаг у. Ныртæккæ дæр заводы у хуыздæр хъазуатонтæй иу. Фæлæ ацы куыстмæ нæ арæхстис. Нæ фæрæзта афо- ныл хæлц æрцæттæ кæнын, арæзтадæн афоныл æрмæг ссарын, æмæ куыст ныкъкъуылымпы,— дзырдта за- воды директор ног лæгæн. Æрлæууыдис йæ куысты Дзынга-Хъуыдæберд. Хорз бадардта фыццаг боны фæдзæхст йæ зæрдыл. Адæмæн сæ чысыл домæнæн дæр фæрæзта афоныл дзуапп дæттын. — Кæд уыдзæн ссад? — фарстой-иу æй кусджытæ. — Райсом, райсом, мæ хуртæ. Райсом рарвитут уæ бинойнæгты æмæ айсут ссад дæр, сæкæр дæр, ма- 5 Мамсыраты Дæбе 65
къаронтæ дæр — цыдæриддæр уæм цæуы, уый,->- дзырдта сын уарзæгой æвзагæй. Æхсыр фаг æмæ афоныл кæй нæ истой, уымæй тынг тыхстысты. Уый тыххæй Дзынга-Хъуыдæберд бадзырдта дыууæ колхозимæ, байгом кодта заводы раз чысыл базар æмæ йæм алы райсом дæр ластой ногдыгъд æхсыр. Федыхстдæр сты кусджытæ. Иæхи хъæппæрисæи дыууæ хатты стырдæр фæкод- та абана, ноджы фæхуыздæр, фæсыгъдæгдæр. Никуы ничи бафиппайдтаид, хицау Дзынга-Хъуы- дæберд адæмæй йæхи уæлдæр æвæра, ма сыл æрвæс- са, уый. Цардис кусджытимæ, улæфыдис семæ иу уæл- дæфæй. Цыфæнды мæстыйæ дæр никуы никæй баф- хæрдтаид. «Цæмæн афтæ кæныс, гормон?», «Мæ ху- ры чысыл, къазнайы куысты афтæтæ гæнæн нæи», æмæ æндæр ахæм дзырдтæ уыдысты йæ карздæр ны- хæстæ. Уыдæтты тыххæй йæ бирæ уарзтой æмæ цыма æп- пæт завод дæр уый руаджы рæзы, афтæ сæм зындис. Фæсивæд æй фырбуцæй хуыдтой «баба». Хистæртæм уыцы ном аккаг нæ каст, сæхицæй кæстæр кæй уыд, уый тыххæй, æмæ йæ сæхирдыгонау хуыдтой «хæрз- гæнæг». — Марадз-ма, «хæрзгæнæгмæ» фæсид,—дзырдта- иу директор Албег дæр, Дзынга-Хъуыдæберд-иу куы бахъуыдис, уæд. йæхи цард дæр æвзæр ницæмæй уыдис заводы Дзынга-Хъуыдæбердæн. Дзыхъхъыниог, сыгъдæг, рухс дыууæ уаты. Хæринæгты хицау — йæхæдæг æмæ йæ цы сахат цы бахъæуа, уый æнæфыдæбонæй йæ бон ссарын уыди. Дыууæ килограммы пырындз рахæсса, иу килограмм царв, кæнæ иу пут дзуллаг ссад, уый зынгæ дæр нæ фæкæндзæн кусджыты хæлцыл. — Ацы зæххæй дын ард хæрыи,— дзырдта-иу изæ- ры йæ усæн Дзынга,— адæймаг æрра у, æндæр мæ цæмæн хъуыдысты, æхсæв кæй тыххæй нæ хуыссыд- тæн, бон иу ран кæй тыххæй нæ бадтæн, уыцы бынтæ. Цард цæрынæн у, æмæ дын хуыцауæй цы дыууæ бо- ны лæвæрд ис, уыдон дзæбæхæй ацæр, æндæр дæ цæй мулчы мæт ис? Дæхи кой кæн. Дæ фæстæ чи базза- 66
йа, уый дæр, кæд истæмæн бæзза, уæд йæхи фаг ардзæн. Уыцы ныхас кæнгæйæ йæ цæсгомыл ахæм æнгас бадтис, цыма дзы исты фесæфтис, раздахæи ыи нал ис, уый æмбары æмæ ма йæхицæн зæрдæ æвæры. Чы- сыл-иу фæхъус, арф-иу ныуулæфыд æмæ дзырдта дарддæр: — Алцы дæр нæм ис, цъиуы æхсырæй фæс- тæмæ. Уый дын æргъæу чырыны хуызæн дыууæ уаты, дон дæ тæккæ тыргъмæ арæзт, абана дæ тæккæ фын- дзы бын, хæринаджы дзæбæх дæ къухы, дарæсæй æх- хæст. Иннæтæн дæр ахæм цард куы уаид! IX Кæд Дзынга-Хъуыдæберд тыхст ницæмæй æййæф- та, уæддæр йæ маст фыхти, гуырымыхъхъ риуыгъдтытæ кодта зæрдæйы. Цæмæн? Иухатт горæтмæ ацыдис агъуысты дуæрттæн хæ- цæнтæ æмæ æхгæнæнтæ, стæй ма ноджы æндæр цы- дæртæ æлхæнынмæ. Иæ хъуыддæгтæ конд фæцис изæрмæ. Фæлæ уыцы бон заводмæ раздæхын йæ къу- хы нал бафтыд. Баззад уым æмæ тезгъо кодта про- спекты. Уыцы рæстæджы Мæскуыйæ сластой бирæ алыхуызон сырдтæ. Адæм сæм цыдысты уынынмæ’. Æндæр цы архайдтаид, уый йын куыд нæ уыдис, уы- мæ гæсгæ Дзынга-Хъуыдæберд дæр балхæдта билет. Сындæггай зылдис æфсæйнаг къалатитыл. Майму- литæ, æрсытæ, рувæстæ, кæлмытæ æмæ æндæр алы- хуызон сырдтæ йæм диссаг фæкастысты æмæ-иу æр- лæууыдис сæ разы, дзæвгар-иу сæм фæкаст, стæй-иу ацыд дарддæр. Фæлæ се ’ппæтæй фылдæр бафæстиат ставд æф- сæйнæгтæй конд къалатийы цур. Уым уыдис гæрæм уссурийаг тигр. Уый æнæрынцойæ, йæ тыхджын къæх- тæ зæххыл уæззау æвæрд кæнгæйæ, хæлиудзыхæй ра- цу-бацу кодта, æхгæд, аирвæзæн кæцæй нæй, уыцы фидары æмæ йæ сырх цæстытæй мæстыйæ каст адæм- мæ. Ие ’нгасæй бæрæг уыд, куы раирвæзид, уæд дæ- рæнгæнгæ кæй ацæуид, æнцад сæ зæрдæйы дзæбæхæн уым чи зилы, уыдоны. Бæстæ суаид хъæрæмахст, ма- рой. Фæлæ уый ныддæрæн кæнид адæмы æмæ афар- дæг уаид, ног мард сырдты хъарм тугæй кæм цæрид, 67
ахæм хъæдмæ. Ныр ис фидар къалатийы, хъахъхъæ- нынц æй хурæй, уарынæй, уазалæй, дæттынц ын, йæ- хæдæг кæуыл нæ фæтухи кодта, уыцы фыд, кæсынц æм хорз цæстæй, фæлæ йын уыи цæи цард у? Тигр ма бæргæ хуийны йæ ном, фæлæ йæм ницыуал ис тиг- рæй. Уымæн цард уымæй диссаг уыд, æмæ Уссурийы бæстæты цуан кодта, ахста сырдты æмæ сæ хордта. Æнæ уый йын цард ницы у, æнкъард кæны, цы хæри- наг ын дæттынц цæттæйæ, уымæн. Тигрмæ кæсгæйæ йæ хъуыдытæ дард афардæг сты Дзынга-Хъуыдæбердæн. Уый цард æм фæкастис йæ- хи царды хуызæн æмæ йын тынг фæтæригъæд кодта. Уымæн дæр йæ ном фыццагау Дзынга-Хъуыдæберд у, фæлæ ма цæй лæг у, кæд æмæ нал ис мулк, нал ын ис схъæздыг уæвæн æмæ адæмы тугæй дойныйæн нуа- зыны бар? Уый цы хордта, æрмæст уымæй нæ цардис, уый цардпс йæ мулчы цинæй, йæ мулкмæ кæсгæйæ рухс кодта йæ зæрдæ. йæ куыст рог у, йæ цард рафауинаг нæу Дзынга- йæн ныртæккæ дæр бæргæ. Фæлæ уый разы ницæмæй у, æрмæст уæлæйы дарæс æмæ гуыбыны хардзæй дарддæр, бынтæ скæнæн, адæмы баххуырсæн куынæ- уал уа, мæнæ ацы бæх, гал, куырой, завод мæнæн мæ- хи у æмæ сæм ничи ницы бар дары, зæгъгæ, зæгъын йæ бон куынæуал уа, уæд. Уымæн ын сынад йæ цард, уымæн æнкъард кæны æппынæдзух йæ зæрдæ æмæ уымæн æхсиды йæ маст. Иæ къухтæ йæ синтыл сæвæрдта, афтæмæй сæр- гуыбыр æмæ тарæрфыгæй рацыдис Дзынга сырддо- нæй. Фæстæмæ ма иу хатт фæкасти тигрмæ. Уый уы- цыиу хуызонæй рацу-бацу кодта йæ бынаты, фæлæ цы æнусон къæппæджы бахаудта, уырдыгæй йын нал уыдис раирвæзæн. X Цола рагæй дæр фæллойгæнæг лæг уыдис, æххуырс- тæй дæр сайын йæ сæрмæ никуы æрхаста, стæй ныр дæр афтæ. Райсомæй-иу йæ хуыссæнæй змæлгæ дæр ничима фæкодта, фæлæ-иу уый æрлæууыди хъуыд- даджы. Æрмæст-иу куыстмæ йæ разæй фесты фæскомцæ- 68
дисон бригад. Цолайы тынг фæндыд уыдонимæ ерыс кæнын. — Уæ хорзæхæй, ам мæ тухийæ ма марут, фæлæ мæ къæнсæмолтæм бауадзут,—загъта иухатт Цола колхозы сæрдарæн. Зæрондæй ахæм зондыл хæст кæй у, уый йæм ху- дæг фæкасти æмæ йын афтæ. — Дæуæй ма цæй фæскомцæдисон рауайдзæн, Цо- ла, нæ зонын. Уырдæм æртæ æмæ ссæдзаздзыдæй уæ- лæмæ нæ исынц. — Æмæ сæм æз дæр цæугæ нæ кæнын, фæлæ мæ семæ кусын бауадзут, зæгъын,—дзуапп радта Цола. — Уый æвзæр нæу, Цола, фæлæ махмæ сымах бригадæй лæмæгъдæр нæй, æмæ уырдыгæй дæу хуы- зæн кусæджы æндæр ранмæ аппарын мæ бон нæу. Адæм ма дæумæ гæсгæ куы нæ разæнгард кæной, уæд бынтондæр фæсте баззайдзысты. Ницыуал загъта Цола æмæ дарддæр йæхи брига- ды архайдта. Иуахæмы йын быдыры Къори бакой кодта, газеты дæ рауагътой, зæгъгæ. Уыцы ныхасæй фесхъиудта Цо- ла, фæлæ, йæ тарстхуыз æмбæхсгæйæ, сабыр бафар- ста, æмæ дзы æвзæр хабарæй цы фыссынц, зæгъгæ. Афтæ æнхъæлдта, æмæ газеты æрмæст æвзæр хабæрт- тæ фыссынц, фæлæ йын Къори куы радзырдта, дæ хорз куысты тыххæй дæ рауагътой, зæгъгæ, уæд фæ- дис кодта. Æрмæст Къорийыл тынг нæ баууæндыд. Изæры хуымæй куы æрбацыдис, уæд газет иуцалдæ- рæн бакæсын кодта, цыма йæ æнæуи фæндыд байхъу- сын, ахæм хуызы, фæлæ йын алыхуызон æндæр ха- бæрттæ куы нымадтой, уæд кæсæндоны хицауæй ра- куырдта, мæн тыххæй кæм фыссынц, уый ма мын ссар, зæгъгæ. Къорийы ныхæстæ æцæг сты, уый куы базыдта, уæд æй фæндыдис тагъддæр азгъорын, йæ бинонтæм хæрзæггурæггаг фæуын. — Уыцы иунæг газет у? Æрмæст ацы хъæумæ æр- цыдис? — афарста Цола, кæсæндоны хицау каст куы фæцис, уæд. — Иунæг нæу, алы хъæумæ дæр цæуы. — Уæдæ йæ алы хъæуы дæр хъуамæ бакæсой, и? 69
— Ай-гъай! Уыцы дзуапмæ Цолайы зæрдæ фырцинæй скафыд. Ныронг, мæгуыр, æгад кæй хуыдтой, уыцы Цолайы цыт ныр айхъуыстис æгас Ирыстоны дæр, алы ран дæр ын кæсдзысты йæ хорзы хабар. Хъуамæ нырæй фæстæмæ кусын байдайа ноджы тыхджындæр. Хъазуатон æй кæй хонынц, уый тыххæй йын ралæвар кодтой ссæдз метры хъуымац. Диссаг кастис Цоламæ. Уый амæй размæ адæмы хæдзæртты дæр æмæ йæхи хæдзары дæр йæ удæй арт куы цагъта, уæд афæстаг рæстæджы йæ куыст афтæ кадджын куыд ссис? XI Фæрсырдæмты бирæ хæрдзтæ кодта Дзынга. Но- джы бухгалтеримæ иумæ архайдтой æмæ кæй бахорд- той, уыцы æхцаты нымæц схæццæ ис фондз æмæ ссæдз мин соммæ. Уый тыххæй тынг тасы бынаты уыдысты сæ дыууæ дæр. Исты амалæй фервæзын кæнын хъуы- дис хи уыцы хъуыддагæй. Бухгалтерийы гæххæттытæ басудзын къухы куы бафтид, уæд дзы бæргæ ссыгъ- дæг уаиккой. Фæлæ сын уыцы хъуыддаг къанторы агъуыстыл æнæ арт бандзаргæйæ бакæнæн нæй. Уымæн афтæ æхсызгон уыдис Дзынгайæн, колхо- зæй заводмæ цы кусæг адæм æрбакодтой, уыдоны æх- сæн Цола дæр фæцис, уый куы базыдта, уæд. Хи адæй- маг у. Йæ зæрдæ йын чысыл куы алхæдæуа, уæд æн- цон кæнæн у хъуыддаг. Ныллæууыдис, цæмæй Цола- йы къанторы хъахъхъæнæгæй сæвæрой. Фæлæ уый цæхгæр загъта, æз арæзтадмæ кусынмæ ссыдтæн, æх- сæвгæс та зæронд лæгæн дæр скæнæн ис, зæгъгæ. Иу æхсæв бонырдæм Цола йæ куыстæй рацыди. Рарасти ОРС-ы агъуысты рæзты. Æвиппайды къан- торы чъылдымæй фæзындис рухс æмæ дзы скалдис стыр сау фæздæджы къуыбылæйттæ. Уыциу згъорд баласта Цола. Хус нæзы фæйнæгæй конд бæстыхай ныггуыпп ласта æмæ йын арт ацахста йæ къарнизтæ дæр. Алырдæм акаст Цола æмæ заборырдæм цавæр- дæр лæг лидзгæ ауыдта. Басырдта йæ æмæ уый куыд- дæр æмбонды сæрты фæцæйгæпп кодта, афтæ йæ йæ фæдджийæ фæстæмæ æрæппæрста. Дзынга зæххыл 70
æрхауд. Куы йæ базыдта Цола, уæд сагъдауæй аззад. — Мацы-иу схъæр кæн,— загъта уый æмæ уыцы- иу тахт аласта. Нал æй баурæдта Цола. Фездæхт фæстæмæ, тарст æхсæвгæсы къухæй топп раскъæфта æмæ хæрдмæ цалдæр гæрахы фæкодта. Хуыссæгхъæлдзæг адæм бæргæ разгъордтой, фæлæ уæдмæ арт æнæхъæн агъуысты дæр йæ хъæбысы анорста. Заводы бухгалтер фыркатайæ ратæх-батæх кодта æхцайы гæххæттытæ æмæ æхцатæ судзынц, зæгъгæ. Дзынга дæр æрыздæхт уæдмæ, цыма йæ хæдзарæй рауад, ахæм хуызы æмæ мæты бацыд. Рагæй ахуыр уыд Цола артимæ тохыл. Ныр дæр гæххæттытæ æмæ æхцатæ судзынц, уый куы базыдта, уæд дон пырхгæнæны бынмæ алæууыд, уайтагъд æрхуылыдз æмæ йæхи баскъæрдта, арт кæмæ æрбав- вахс, уыцы дуармæ, хæдзары фæмидæг æмæ цъусду- джы фæстæ æхцавæрæн чырынæн кæрты йæ гыбар- гыбур ссыд. Стæй уæд йæ фæдыл арты хуылфæй тых- тонгай тæхын байдыдтой алыхуызон гæххæттытæ. Куыддæр арт дуарыл схæцыд, афтæ Цола йæхæдæг дæр рагæпп ласта арыд уырыйы хуызæн æмæ фехъу- сын кодта, мидæгæй гæххæтты гæбаз дæр нал ныу- уагътон, зæгъгæ. XII Ницы рауад сæ уынафсЬæйæ Дзынга æмæ бухгал- терæн Цолайы аххосæй. Æппæт бæллæхтæ дæр кæй тыххæй сарæзтой, уыцы гæххæттытæ Цола судзым нæ бауагъта æмæ йæм мæстæй мардысты. Цы бирæ дзæ- бæхдзинад ын фæци Дзынга, уыдоныл ныр фæсмон байдыдта. Фæлæ йæм фæхæрам уæвæн нæ уылис, уымæн æмæ куы зæгъа, арт æндзарæг Дзынга уыдис, уый, уæд бынтон фесæфдзысты сæ сæртæ. Уымæ гæс- гæ йæм фыццагау лæгъз дзыхæй дзырдта Дзынга, æрвыста йын лæвæрттæ æмæ дзы алы хатт дæр куьтрд- та, цæмæй йæ ма схъæр кæна. Фæлæ слестгæнæг цæ- мæндæр сидтис Цоламæ æмæ йæ фарста сыгъдæй. Айфьшцаг куыддæр æгъдауæй сирвæзт хабар Цолайы дзыхæй æмæ йæм æй, æвæццæгæн, исчи бахæццæ код- 71
та. Слестгæнæг æй цалдæр хатты бафарста, фæлæ йын ницы дзуапп радта. Æмæ-иу сæхимæ куы рацыдис, уæд тыхстис, рыст йæ зæрдæ. Гæды ныхас йæ сæрмæ никуы æрхаста. Фæлæ цыма ныр смæнгард ис, афтæ кæсы йæхимæ. Æмæ кæй тыххæй? Лæгыл дæр æй чи нæ нымадта, хынджылæг дзы чи кодта æмæ ныр æхсæны агъуыс- тытæ чи басыгъта, уыцы Дзынгайы тыххæй... Нæ, ахæм фæндагыл дарддæр цæуæн нал ис, нал ын ис йæхи паддзахады сайæн. Дзынга куы бамбæрста, Цоламæ цалдæр хатты фæсидтысты, уый, уæд цъил фестад. Бон-изæрмæ йæ фыркатайæ йæхицæн бынат нал ардта. Æппынфæстаг сфæнд кодта Цолайы амарын æмæ йын йемæ æппæт сусæггаг хъуыддæгтæ дæр баныгæнын. Куыд, уый тых- хæй пълан дæр сарæзта. Хъуамæ йæ ахсæв йæхимæ æрбахона, хорз ын баназын кæна, стæй куы рацæуа, уæд йæ фæдыл рахъуыза æмæ йæ хъамайæ барæхойа. Цола Дзынгайæ раздæхт æмæ ног конд хæдзæрт- ты рæзты сау талынг уынгты фæцæйцыд йæхи фатер- мæ. Уалынмæ йæ хъустыл ауад кæйдæр хъуызгæ къæхты уынæр æмæ ма йæм бæргæ фæкаст, базыдта йæ, Дзынга кæй у, уый, фæлæ уæдмæ йæ фарсы хъа- майы уазал æфсæйнаг бафардæг. йæ цæстытæ атар- тæ сты, иу богъ ныккæнын ма бафæрæзта Цола, æи- дæр ницыуал бамбæрста, афтæмæй æрхаудта... Хъæрмæ разгъордтой адæм, фæлæ раййæфтой Цо- лайы дæлгоммæ хуысгæйæ, æндæр бæстыл змæлæг нæ уыдис, нæ уыд бæрæг, уыцы фыдми чи бакодта, уый. Æрмæст ма Цола йæхæдæг сдзырдта: — Дзынга мæ бахордта,— фæлæ Хъуыдæбердæн заводы кусджытæй уыцы ном ничи зыдта æмæ баны- мадтой, зæгъгæ, Цола сæнттæ цæгъды. Уымæй уæл- дай та дзурын ницыуал сфæрæзта. Фыццаг бæстытæ йæ акодтой Цолайы, раздæр æм чи æрбахæццæ, уыдон, стæй йæ æвæстиатæй арвыс- той горæты рынчындонмæ, кæд ыл зæрдæдарæн нал уыдис, уæддæр. Директор ын хуыздæрæн йемæ арвы- ста Хъуыдæберды, стæй ма кусджытæй иуы. Афтæ уæззау цæф у, æмæ ницыуал æмбары. Хъуыдæберд хъуыддаг куы базыдта, уæд сразы йемæ ацæуыныл, 72
кæд, цæмæй нал фервæза, уый тыххæй йæ къухы дох- тыримæ баныхас кæнын бафтид, зæгъгæ, уыцы ныфсæй. Фæндагыл Цола йæхи æмбарын байдыдта, сындæг- гай ракасти, æмæ йæ уæлхъус Дзынгайы бадгæ куы ауыдта, уæд йæ цæсгом мæсты æнцъылдтæ ацис, цы- ма йæ хъамайæ ногæй барæхуыста, афтæ. Дзурын йæ бон не ’сси, æрмæст бауыиæргъыдта æмæ фæстæмæ йæ цæстытæ æрæхгæдта. Куыддæр дохтыр йæ куыстмæ æрцыдис æмæ йæ урс халат йæ уæлæ кодта, афтæ схæццæ сты Дзынга- итæ дæр рынчындонмæ. йæ кабннеты дуармæ йæ тагъд къахдзæфтæй басырдта, раздæр æй иунæгæй фенынмæ æмæ дарддæры фæндаг ахсæдынмæ йемæ баныхас кæныны тыххæй, стæй рынчыны кæм æрæ- вæрдæуа, уымæй дæр æй бафæрса. Дохтыр æм фæстæмæ куы фæзылд, уæд Дзынга, цавддурау, йæ бынаты лæугæйæ баззад. Уый разынди Аксо. Фыдгæнæгæн йе ’ппæт ныфсытæ дæр атадысты æмæ бамбæрста, аирвæзæн кæцæй нал ис, ахæм къæп- пæджы кæй бахаудта. — Хъуыдæберд куы дæ! Æгас цу! Кæцæй фæдæ? Цы хабæрттæ дæм ис? — загъта Аксо, фæлæ йæм уый æнкъардæй йæ къух радта æмæ йын радзырдта, Цо- лайыл цы æрцыди, уый. Цолайы кой фехъусгæйæ, Аксо разгъордта маши- нæйы размæ æмæ уæззау цæф у, уый куы базыдта, уæд загъта, æвæстиатæй йæ операцигæнæн уатмæ куыд бахæссой, афтæ. Æнæхъæн æртæ мæйы фæхуыссыдис Цола рынчын- доны. йæ фервæзыныл уый бæрц тынг нал уыдис зæр- дæдарæн, фæлæ Аксо æхсæвæй-бонæй нал цыдис йæ разæй, йæ куыстæй-иу куы суæгъд, уæддæр бадт йæ цуры, дардта йæм йæ цæст æмæ йæ тыххæй мæрдтæй здахæгау р.акодта. Йæхи æмбарын куы байдыдта Цола, уæд хабар куыд уыди, уый радзырдта Аксойæн. XIII Цолайы рацыдмæ Дзынгайы æрцахстой æмæ йын стæрхон кодтой дæс азы ахæстоны фæбадын. 73
Æрхæццæ ис Октябры революцийы бæрæгбон. Цо- лайы хъустыл æрцыд, зæгъгæ йын дирекци фондз мин сомы балæвар кæнынмæ хъавы йе ’сгуыхтдзинæдты тыххæй, фæлæ йæ тынг нæ уырныдта. Райсом бæрæг- бсн уыдзæн, афтæ йæм Албег йæхæдæг фæсидт, æмæ йын бамбарын кодта, дыууæ ныхасы зæгъын æй кæй хъæудзæн. Фырцинæй йæхицæн бынат нал ардта Цола, зыл- дис уынгты, бадтис ныхасы, йæ усæн цалдæр хатты радзырдта хабар, уæддæр бонæн фæуæн нал уыдис. Изæры бацыдис клубмæ, æфсæрмæй ныгъуылдты- тæгæигæ. Иууылдæр уымæ кæсынц, уый куы бамбæр- ста, уæд сæргуыбырæй æрбадтис бандоныл æмæ хъуы- ды кодта, дуне куыд схорз ис, лæджы фæллой куыд скадджын ис, ууыл. Уæлдай лæмбынæгдæр хъуыста Цола, Октябры революцийы тыххæй доклад чи кодта, уымæ, йæ алы дзырд дæр арф хызти зæрдæмæ. Æмбырды ныхæсты фæстæ рахызтысты хуыздæр кусджытæн лæвæрттæ дæттынмæ. Номхыгъды æппæ- ты разæй уыдис Цола. Бирæ феппæлыди партчыры секретарь Цолайæ, фæнымадта, кæм райгуырд, куыд цардис, революцийы рæстæджы цы æххуыс фæци, колхозы хъазуатоныл нымад кæй уыдис, уыдæттæ. Дис кодта Цола, сæ хъæуккаг куы нæ у, уæд ын йæ хабæрттæ афтæ бæл- вырд кæцæй зоны, зæгъгæ. Фæстагмæ партчыры сек- ретарь загъта: — Уыцы хъуыддæгты тыххæй завком, дирекци, стæй æппæт кусджыты фæндонæй Цолайæн лæвар- гонд цæуы фондз мин сомы. Залы къухæмдзæгъд нæрыди. Алырдыгæй хъуы- сыдис: «Иæхæдæг кæм ис!» «Иæхи ма йын равдисут!» — Уымæй уæлдай,— дзырдта дарддæр секре- тарь,— завком, дирекци æмæ иннæ æхсæнадон орга- низациты иумæйаг æмбырд уынаффæ рахаста, уæлдæр хицауадмæ курдиат æрвыст куыд æрцæуа, Цолайæн Сырх Стъалыйы орден раттыны тыххæй. Цола, рацу ма мæнæ размæ, æмæ нын исты зæгъ. Куыд дзурдзæн, ууыл фæхъуыды кодта æнæхъæн боны дæргъы Цола, цыдæр дзæбæх ныхæстæ бæргæ 74
бавæрдта йæ сæры, фæлæ йын ныр фæпырх сты. Цы ма зæгъдзæн, уымæн дæр ницыуал зыдта, афтæмæй сындæггай сыстад йæ бынатæй. Размæ куы рацæй- цыд, уæд адæмы къухæмдзæгъд хъустæ къуырма кодта. Оркестр хъæлдзæгæй сцагъта. Иæ цæстытæ тартæ кодтой Цолайæн, йæ хид лæ- сæнтæй уади буарыл, цæсгом, цæхæрау, сырх пиллон уагъта æмæ сдзырдта: — йед у... Хуыцау уын арфæгæнæг фæуæд. Мæнæн ахæмæй... фæлæ... Бузныг уæ дæн уе ’ппæтæй дæр, хуыцау уын раарфæ кæнæд. Æз дзыхæй тыхджын нæ дæн, уымæй дарддæр, уæнгтæй архайын кæм хъæуа, уым мæхи фæстæмæ никуы аласдзынæн. Æрвнæрæгау та ныккодта адæмы къухæмдзæгъд æмæ ура. Азæлыди та музыкæ. Иууылдæр сыста- дысты. Фæрсырдæм иу каст фæкодта Цола æмæ президиу- мы дæр, суанг Албег æмæ партчыры секретарь дæр, сæ мидбылты худтысты æмæ йын æмдзæгъд кодтой. Дзыллæтæ йæм кастксты хæлар, уарзон æмæ хицо- ны цæстæй. Бирæ фæцард Цола, æмæ никуыма федта паддза- хæн дæр ахæм цыт кæнгæ. Æмæ æцæг никуы чынди ахæм цыт паддзахæн, уымæн æмæ йын кодтой козбау цыт, Цолайы цыт та уыдис зæрдæбынæй цыт. 1929
ТИЛИФОН Гацыры хъæусоветы радыкъулер куы сæвæрдтой, раст гъе уый хæдразмæ бон къæнцылары сарæзтой тилифон дæр. Уæды онг æй никуы федта. Фехъуыста- иу, зæгъгæ, ахæм машинæ æрхъуыды кодтой, æмæ дзы иу хъæуæй иннæ хъæумæ искæимæ куы дзурай, уæд дæ хъусдзæн. Фæлæ æууæндаг нæу Гацыр. Ныртæк- кæйы диссæгтæ дæ се ’ппæт куы уырной, уæд раны куы фæдæ! Стæй йæ уырнгæ дæр куыд кæной? Иæхи лæппу Гогос нырма, дымгæ бон кæцырдæм лæууын хъæуы, уый нæма зоны, афтæмæй йæм куы байхъусай, уæд цыма бæсты бикъ, комы дæгъæл у, уымæй уæлдай нæу дзыхæй. Уæд дын ракæндзæи тилифоны кой. Кае- нæ дын радзурдзæн, зæгъгæ, дам, ахæм машинæ æры- мысыдысты, æмæ дзы ардыгæй Мæскуымæ лæг фенæн ис. Науæд бынтон диссаг та, кæрдгæ дæр, най дæр йæхæдæг кæны, зæгъгæ, цы мæнæугæрдæн машинæйæ фæзæгъы, уый у! Æвæццæгæн сын ахуыргæнæг ар- гъæуттæ фæкæны, раджы-иу уæйгуыты аргъæуттæ куыд кодтой, афтæ æмæ сæ сывæллæттæ æцæгмæ æм- барынц, Гацыр ма йæхæдæг чысыл куы уыдис, уæд сæ куыд æмбæрста æцæгмæ, уыйау. йæхи хъæуæй дарддæр никуыдæм ацыд Гацыр. Æгæр-мæгуыр нæхи горæты дæр никуы уыд. Иæ сы- хаг Берд ма йæ мæстæй дæр мардта, афтæмæй мæрд- тæм куыд бацæудзынæ, зæгъгæ. Бирæ сывæллæттæ дарын хъуыд Гацыры. йе ’ппын- æдзухы сагъæс дæр уыдон уыдысты. Сабитæн фæйнæ дарæсы хæррæгъы балхæнын æмæ сæ æххормаг нæ бауадзынæй стырдæр хъуыддаг ма кæй ис царды, ууыл ахъуыды кæнынмæ йае никуы равдæлд уæззау 76
æххуырсты куыстæй. Æмæ æниу горæты никуы уыдис, зæгъгæ, фæзæгъынц, фæлæ йæхи хъæуы æмæ йæхи хæдзары дæр никуы фæцард йæ зæрдæйы фæндиаг. йæ фылдæр бонтæ арвыста хъæуæй дард, искæй уæ- тæрты. Адæмæй-иу ферох, хъæуы ма Гацыр ис, уый. О, æмæ ныхас тилифоныл цыдис. Ныр æй бауыр- ныдта, æцæг дардмæ дзурæи машинæ кæй ис, уый. Исчи-иу искуыдæм куы дзырдта, уæд æм райдианы худæг каст. Дзурæгæн-иу йæ разы Гацыр йедтæмæ ни- чи уыдаид, афтæмæй-иу цыдæр къоболайы хуызæн йæ хъусыл авæрдта æмæ-иу райдыдта: — Райæххæстком?.. Дзыбын дæ? Дæ бон хорз... Уыцы хъуыддагæн цы бакодтат?.. Цы зæгъыс?.. Уæ, ард дæ хæдзары бацæуа! Уæ хорзæхæй, фæтагъддæр ыл кæнут. Ахæм ныхасгæпæджы уыпгæйæ ма-иу Гацыр йæ худæг тыххæй урæдта. Фæлæ йыл куыдфæстæмæ са- х>ыр. Нырма дис кæны æрмæстдæр, ныхас кæимæ фæ- хъæуы, уый къухы куыдæй бафты, стæй йыл ныхас куыд æмбæлы, ууыл. Бафæрсынмæ хъавыд искæй, фæлæ йæ йæ сæрмæ нæ хаста. — Ды аргъæуттæ кæнын бирæ уарзыс, фæлæ кæд исты зоныс, уæд ныртæккæ рабæрæг уыдзæн,— къа- хæгау загъта иу изæр Гацыр Гогосæн, сæхимæ куы ссыд, уæд.— Уæдæ тилифонæй куы фæдзурынц, уæд кæимæ фæдзурынц, уымæ куыд бахæццæ вæййы ныхас? Лæппу дæр дзæбæх нæ зыдта уыцы хабар. Фæлæ йæ фыды цæсты æгадæй цæмæй ма баззайа, уый тых- хæй радта ахæм дзуапп: — Трубкæ дæ хъусыл куы сæвæрай, уæд дæ зæр- ды кæимæ дзурын уа, уымæ фалейы тилифонæй йæ- хæдæг дзæнгæрæг ныццæгъды. — Æмæ куы никæмæ дзурын уа дæ зæрды, афтæ- мæй куы райсай трубкæ, уæд та кæмæ бацæгъддзæн дзæнгæрæг? — Уæд никæмæ. — Хорз æй зоныс,— загъта фыд æмæ цыма хъуыд- даг бамбæрста, йæхи афтæ скодта. Уæдæй фæстæмæ рацыд дыууæ азы. Гогос базыд- 77
та, тилифонæй куыд дзурын хъæуы, уый. Фæлмæцгæ дæр ма скодта, ногдзауты куысты тыххæй æппынæдзух фæскомцæдисы райкоммæ дзурынæй. Фæлæ Гацыры никуы никæдæм дзурын бахъуыд, æмæ тилифон куыд кусы, уый æмбæрста, кæддæр ын æй Гогос куыд ба- цамыдта, ныр дæр ма афтæмæй. Гъе æмæ уыцы зонындзинæдтимæ рацыд быдыры куыстмæ дæр Гацыр. Бригадæн уыди хорз стан. Суанг ма йæм тилифон дæр сарæзтой, сæ хъæуимæ баст цæмæй уой, уый тых- хæй. Стыр рувæн бæргæ рахаста Гацыр йемæ хорз цагъд æмæ цыргъгоидæй, фæлæ йæ ам хæринаггæнæ- гæй сæвæрдтой. Ноджыма йын бригадир хъазгæйæ загъта: — Изæрыгæтты та нын-иу хъисыи фæндырæй ацæгъд æмæ дын уæд фылдæр фæллойбонтæ фыс- дзыстæм. Æхсызгон уыдис Гацырæн, ахæм рог куысты йæ кæй æвæрынц, уый. Иæ цин басусæг кæнын нæ бафæ- рæзта, йæ цæсгом куыддæр фæсырх æмæ ма æфсæрм- хуызæй загъта: — Рувынмæ мæ куы ауагътаиккат фæлтау! Хæ- ринаг кæнын дæр... Фæлæ... Иу райсом Гацыр сыстад раджы. Куыддæр адæм рувынмæ аивгъуыдтой, афтæ аходæн цæттæ кæныимæ бавнæлдта. йæ лæппу Гогосæп каникултæ уыдис æмæ уый дæр быдырмæ йемæ ракодта. Лæппуйы арвыста донмæ. Иæхæдæг уæдмæ картофтæ астыгъта, дзидза æркарста. Дарддæр ын æнæдонæй ницыуал кæнæн уыд æмæ уал уæрдоны рæтæнагъдыл йæхи æруагъта. Иæ цæстытыл ауад йæ цард. Дунейы диссаджы рæ- сугъд хъуыдытæ æвзæрыд йæ сæры, хъæлдзæг уыд зæрдæ. Фæндыд æй искæимæ аныхас кæнын. Фæлæ ни- чи уыд бæстыл хæстæг. Иæ зæрдыл æрбалæууыд йæ бинойнаг Сæнæзи. Æрфæндыд æй уымæн йæ хабæрттæ акæнын. Се ’ры- гон бонты æнкъард адæймаг уыд Гацыр æмæ йæ са- гъæстæ йæ бинонтæн радзурын дæр нæ фæрæзта. Уый тыххæй сæм се ’фсинимæ хъаугъа бирæ хæттыты ра- уад. Æрæгæй нырмæ та æгæр ныхасгæнаг ссис æмæ йæ Сæнæзи «дзæнгæда цæгъдæг» хонын байдыдта. 78
«Стæ-ма, бадзурон æм тилифонæй»,— загъта йæ- хинымæр æмæ трубкæ систа. йæ зæрдæйы тæпп-тæпп цæуы. Ризгæ къухæй хæ- цы трубкæиыл æмæ йæм гуырысхо каст кæны. Ахъуы- ды кодта, дзурынмæ куы хъавыд, уæд ма Сæнæзи йед* тæмæ исчи йæ зæрдыл лæууыд, æви нæ, ууыл, цæмæй йæ тилифон «фалейы» æндæр искæмæ ма бадзæнгæ- рæг кæна, уый тыххæй. Æмæ йæ зæрдыл кæй ничи лæууыд, уый куы сбæлвырд, уæд, цыма йын йæ хъус куы асудза, уымæй тарст, афтæ йæм сындæггай труб- кæ схаста. Йæ хъустыл ауад сылгоймаджы зарын. Нæ фæдызæрдыг, уый Сæнæзи кæй зары, ууыл. Ныхъ- хъуыста йæм. Æвиппайды йыл фæхъæр кæнынмæ хъа- выдис, куыд фæтæрса, афтæ. Фæлæ йæм хъусынмæ фæцис. Фæхъуыста, фæхъуыста, стæй фæхъæр ласта: — Гъæй, байриай! Заргæ куы кæныс уый зæрон- дæй! йæ цæстытыл ауад, уыцы ныхасæй Сæнæзи куыд фестъæлфыдаид, уый. Æнхъæлмæ каст, йæ зард куыд фæуадздзæн æмæ æфсæрмхуызæй куыд сдзурдзæн: — Æ, зæронд хæйрæг, гъе, кæцæй мæ айхъуыс- тай, кæ? Фæлæ зарæр нæ фæхъус, цыма йæ нæ фехъуыста, афтæ йæ зарды кой кæны. Æмæ уæд Гацыр сабырдæр ныхасæй сдзырдта: — Гъæй, не ’фсин. Нал хъусыс, æви? Æниу ма хъусгæ дæр цæмæн кæнай? Хъаны цард дын ис æмæ. Цæуылнæ зарай? И) æртæ фондзыссæдз путы та дын хор баласдзыстæм æмæ дæ зымæг, миййаг, фыццагау ссадгурæй куынæ æрвитдзынæ. Гъæй! Хъус-ма! Æрра сдæ, дæ хорзæхæй? Æз дæумæ куы дзурын? Уæддæр зарæг не ’нцайы. Исдугмæ мæсты дæр ацис. Карз ныхæстæ скæнынмæ хъавыд. Фæлæ Сæнæ- зи афтæ хъæлдзæг кæм у, уым ын смаст кæнын хор- зыл нæ банымадта. — Гъæй, не ’фсин! Хæдæгай, цы цъæх хъуымац уарзыс къабайагæн, ахæм дыи балхæдтон,— фæсайын фæнд æй скодта Гацыр. Уæд фенцад зарæг. Цыма раст йæ тæккæ раз уыдис, афтæ худыны пыррыкк йæ хъустыл ауад Гацырæн. — Æ, гæды рувас, куыддæр ын хъуымацы кой 79
скодтон, афтæ йæ зарын куыд фæуагъта. Уæд худгæ та цæуыл кæныс, худгæ? — Дæуыл худын. Кæимæ дзурыс, кæ? — сдзырдæ- уыд, фæлæ уый тилифонæй ныхас нæ уыдис, хъæлæ- сæй та Гогосы хъæлæс уыд. Фæстæмæ сонт каст фæкодта. Гогос лæууыдис йæ хæдфæстæ, худæгæй йæ бон нал уыд, йæ гуыбыныл ныххæцыд, афтæмæй. Суанг хъусы кæрæтты онг йæ цæсгом сырх-сырхид афæлдæхт Гацырæн. Иæ цæстытæ æфсæрмы тъыбар- тъыбур скодтой. — Нæ хуымонтæ зарынц æмæ уыдонмæ хъусын,— æфсон кæнынмæ хъавыдис Гацыр, фæлæ Гогос тынг- дæр худын байдыдта: — Æмæ сæм тилифон арæзт куы нæ ис, куыд сæм хъусыс?.. Стæй цъæх къабайаг та кæмæн балхæдтай?.. Цыма стыр æгад фæцис йæ сывæллоны цæсты, аф- тæ фефсæрмы Гацыр. Цы ма загътаид, уымæн ницы- уал зыдта æмæ афарста: — Къулбадæг, худгæ ма кæн, фæлæ... дон æрба- ластай? «Гъе дæлæмæ ныххауа, сабийы бæрц дæр мах сы- рæзын чи нæ бауагъта, уыцы цард... Ногæй ахуыр кæ- нын хъæуы ног цард. Æййафын хъæуы нæ сывæллæт- ты, куыд нæ фегад уæм, афтæ»,— хъуыды кодта Га- цыр. 1932
РАЙГУЫРÆН БÆСТÆ I «Уазæг — цæттæ, фысым — æдзæпæ»,— зæгъы ирон æмбисонд. Уыцы бонæй размæ æз не ’мбæрстон, уым цы хъуыды æвæрд ис, уый, фæлæ йæ мæхæдæг куы бавзæрстон, уæд æй æгæр дæр-ма* бамбæрстон. Уый уыдис 1930 азы, нартхор рувын афон, Галиу- фарсы хъæуы. Дард фæндагыл тынг сæххормаг дæн, æмæ, æппынфæстаг, мæ фысымтæм куы бахæццæ дæн, уæд разындысты æдзæттæ æмæ ма мæ бахъуъ1дис иудзæвгар рæстæг æнхъæлмæ кæсын, цалынмæ хæдза- ры æфсин къæбицы архайдта, уæдмæ. Нартхоры кæр- дзын сæм бæргæ уыдис, цæхæрадонæй æрбахæссын хъуыд хъæдындзтæ æмæ булчъы сыфтæ,— уыдонæй хуыздæр ницы хъуыд мæн уыцы сахат ме ’ххормаг басæттынæн. Фæлæ фысым æфсæрмы кодта ахæм «минас» уазæджы раз æрæвæрын æмæ æнхъæлмæ кæ- сын хъуыд хъарм хæринагмæ. Хур аныгуылынмæ бирæ нал уыдис, афтæ мæ фы- сым — Мысост, æрæджы педтехникум каст кæимæ фе- стæм æмæ цыппар азы иумæ кæимæ фæцардыстæм, уый æрцыдис парткомæй. Уым уагъта къулы газет колхозæн. Иæ цинæн кæрон нал уыд æмæ мæ фæбуз- ныг, кæй сæ абæрæг кодтон, уымæй. Фæлæ мæ уæддæр хивæнд стонг æнцой нæ уагъта. Цыма арт дæр хорз мæ фыдæнæн нал сыгъдис æмæ фаг нал тавта алгъацы, афтæ мæм кастис æмæ тыхс- тæн мæхинымæр. — Цом, доны былтыл уал атезгъо кæнæм ацы дзæ- бæх изæр,— загътон Мысостæн, фæлæ мæ цыды сæр уыдис, цæмæй ме ’ххормаг айрох уа, уый тыххæй. 6 Ма^сыратм Дæбе 81
Сразы ис мæ ныхасыл Мысост æмæ сындæггай араст стæм хъæуысæрырдæм. Ауадыстæм иудзæвгар. Цыдыстæм доны рæзты. Зын у, Æрæфы былтыл иу сæрдыгон изæр дæр чи нæма арвыста, йæхæдæг æй чи нæ федта, уымæн ныхæстæй йæ диссаджы рæсугъд- дзинад сныв кæнын. Галиуфарсырдыгæй лæууы бæрзонд рагъ, арф кæрдæгæй уый хъулон адардта сырх, бур, фæлурс- сырх, фæлурс-цъæх æмæ æндæр алыхуызон хъæддаг дидинджытæй, иугай тулдзы къутæртæй. Цæгатырды- гæй зынынц тæрс бæлæсты цъуппытæ, лæгуын сæрыл ма иугай хъуыны æрдутæ куы аззайа, уыйау. Рагъæй дæ цæстæнгас дæлæмæ æрис æмæ дæ ра- зы тыгъдæй лæууынц гауызы хуызæн фæз, саухал, хъалхуыз нартхоры быдыртæ, мæнæуы хуымтæ. Хо- хырдыгæй дымы изæрон уадымс, фæйлауы хортæ, денджызы уылæнтау. Акæс хъæуы алыварсмæ, æмæ рæсугъд сæрвæты фендзынæ родтæ хизгæ, хъазты, гогызты, кæрчыты æмæ бабызты дзугтæ, цъæх нæууыл та чысыл сывæл- лæтты хъазгæ. Ахæсс дæ цæстæнгас Æрæфыл, йæ былтыл. Дыу- уæрдыгæй дæр æхгæд алы хъæддаг дыргъ бæлæстæй. Сæ быны æрхуыссын æввонг зайы ныллæг, фæлмæн кæрдæг. Арф комы, хæрис æмæ фæрвытæй атагъаты æхсæнты, мæсты сыр-сыргæнгæ, йе ’взист буар хур- мæ тæмæнтæ калгæ, къæдзтæ-мæдзтæй згъоры Æрæф. Атагъайы бæлæстыл сбырыдис бæзджын хуы- -мæллæг, стæй æндæр ахæм хилаг зайæгойтæ æмæ сæм уырдыгмæ ныккæс, уæд зын равзарæн у, бæлæстæ сты, æви кæрдæгæй æхгæд обæуттæ, уый. Уыцы нывыл бафтау изæры уазал, уæнгты роггæнæг сыгъдæг дымгæ. Йæ рахизфарсырдæм акæс Æрæфæн æмæ дæ цæс- тыты раз лæудзæн, галиуфарсырдыгæй чи ис, ахæм рагъ, æцæг, пыллæг къутæр бæлæстæй æхгæд. Скæс уæлæмæ, æмæ дæ цæстæнгас банцайдзæн бæрзонд, митсæр, дызгъуынтæ хæхтыл. Цыдыстæм Мысостимæ доны цурты, уыцы нывтæм æнæфсисæй кæсгæйæ. Былæй тылдтам дуртæ æмæ кастыстæм сæ фæдыл, сæ разæй-иу рыгкалгæ æндæр 82
дуртæ хæсгæйæ, Æрæфы гуылфæнты сæ пæллахъхъ куыд фæцыд, уымæ. Хур сындæггай æртылд рагъы аууонмæ æмæ ма сырх пиллон калдтой йæ фæстаг тынтæ. Колхозонтæ къордгæйттæй здæхтысты сæ куыстæй: чи æнцадгай, чи заргæ, чи фæндырæй цæгъдгæ æмæ æмдзæгъд кæн- гæйæ. Иу чысыл нарæг къахвæндагыл ныццыдыстæм ата- гъамæ æмæ бæлæсты бынты нæхи доны хæрзбылтыл айстам... Ахызгыстæм уæллаг кæронæй, Æрæф, æвæц- цæгæн, йæ цæуæн æрæджы кæцæй аивта фалдæрмæ, уыцы æхсады хуызæн сыгъдæг, алыхуызои дуртæй хъулон уырмæ, æмæ федтам диссаджы ныв... Дон кæй раласта, йæ къалиуты æмæ уидæгты æр- дæг змисы бын кæмæн фæкодта, ахæм стыр хæрисы раз лæууыдис ацæргæ, сауцъар, дæргъдзæсгом лæг. Кастис æм æдзынæг, йæ цæссыг калгæйæ, йæ рувæны хъæдыл æнцойæ. Иучысыл рæстæджы фæстæ йæ ру- вæн æрæвæрдта, бацыд бæласмæ хæстæгдæр, ныхъ- хъæбыс ын кодта æмæ, махмæ куыд фæкаст, афтæ- мæй йæм йæ цæсгом хæстæг æрхаста æмæ йын ныбба кодта йæ дызгъуын буарæн. Мах æм бацыдыстæм цымыдисæй, фæлæ нæ федта, æрмæст йæ цæссыгтæ йæ хурсыгъд къухы уæлфадæй куы асæрфта, рувæн куы систа æмæ хъæуырдæм куы рараст, уæд. Мысост æй базыдта æмæ мын æй куыд бацамыдта, афтæмæй уый уыдис туркаг, йæ ном та Хусейн. Ныр фараст азы цæры Галиуфарсы хъæуы. Фыццаг æххуырсты куыста, ныр та колхозон у. Лæг нæ куы ауыдта, уæд йæ цæсгом фæсырх æмæ йæ чысыл цæстытæ æнахуыр тагъд стъыбар-тъыбур кодтой. Иуцасдæр рæстæг аззадис сагъдауæй, стæй æфсæрмыгæнæджы худт бакодта йæ мидбылты æмæ нæм, хæстæгдæр æрбацæугæйæ, сдзырдта: — Æрра мæ ма фæхонут, фæлæ мыи ацы хæрис бæлас (йæ къухæй йæм ацамыдта) æрлæууын кæны мæ зæрдыл мæ ивгъуыд цард, мæ сæфт бннонты, æры- мысын мын кæны мæ фыдæбæттæ æмæ уæд мæ зæрдæ суынгæг вæййы æмæ фемæхсынц мæ цæссыгтæ. — Æмæ цы кодтай? Цавæр зынтæ дын æрымысын кæны? — бафарста йæ Мысост. 83
— Мæ таурæгътæ даргъ сты ацы ран радзурынæи. Уыныс уæртæ уыцы хæрис бæласы? Мæсты пвылд дон æй ратыдта, цы бынаты рæзыдис, уырдыгæй, ра- ласта йæ, дуртыл æмæ къæдзæхтыл хойгæ. Гъе афтæ мæн дæр царды уылæнтæ рахастой царды къултыл хойгæ мæ райгуырæн бæстæйæ. Мæн бафæидыдис исты бæлвырддæр базонын. Фæ- урæдтон ын йæ ныхас æрдæгыл æмæ дзы ракуырдтон, кæд ын изæры ницы куыст ис, уæд Мысосттæм æрцæ- уын æмæ нын йæ царды хабæрттæ радзурыи. Хусейн сразы ис æмæ иумæ рараст стæм хъæумæ. Æхсæв уыдис рæсугъд. Арвы астæуæй кастис мæй æмæ рухс кодта бæстæ. йæ алыварс стæммæ-стæм æрттывтой стъалытæ. Мах та æртæйæ бадтыстæм суг- ты сæр кæрты æмæ хъуыстам Хусейны таурæгътæм. II — Мæ царды хабæрттæ тынг даргъ сты æмæ уæм дзы диссагдæр цы фæкæсдзæн — нæ зоныи,— райдыд- та Хусейн. — Цыдæриддæр ма дзы дæ зæрдыл лæууы, уыдон нын радзур,—загътон ын æз. — Мæ ном хуины Хусейн,— загъта лæг æмæ иу- дзæвгар ныхъхъус и, зæхмæ æдзынæг кæсгæйæ баз- зад, æвæццæгæн, хъуыды кодта, цæмæй райдайа, ууыл, стæй дарддæр дзырдта: — Ныр базæронд дæн æз æмæ мыл ахæм ныхæстæ кæнын нал фидауы. Фæлæ мып иу хъуыддаг мæ зæрдæйы ныууагъта æнæбайгасгæнгæ хъæдгом. Суанг гыццылæй фæстæмæ, уарзон цы у, уый дзæ- бæх куы нæма фæзоны саби, уæдæй фæстæмæ æз уарзтон иу нæ хъæуккаг чызджы, Зари, зæгъгæ, йæ ном. Æмæ æрмæст уарзыныл нæ уыдис хъуыддаг. Гуы- быны ма уыдыстæм, афтæ бафидыдтой нæ фыдæлтæ, иумæ балцы уæвгæйæ: кæд дыууæйæ дæр лæппутæ уыдаиккам, уæд кæнгæ æфсымæртæ, кæд чызджытæ, уæд кæнгæ хотæ, кæд чызг æмæ лæппу, уæд та хъуа- мæ уыдаиккам лæг æмæ ус. Уыцы хабар æз хъуыстон чысылæй фæстæмæ мæ мадæй, æмæ фыццаг Зарийы 84
уарзтон æфсымæры уарзтæй, фæлæ куыд хъомыл код- тон, мæхи куыд æмбæрстон, афтæ йæ уарзын бай* дыдтон лæппуйы уарзтæй. — Æниу сымах хъæугæ дæр ницæмæн кæнынц уы- цы хабæрттæ,— загъта Хусейн æмæ мæм комкоммæ æрбакаст. Мæйы рухсмæ куыд равзæрстон, афтæмæй йæ цæсгомыл бадтис цины æнгас. Æвæццæгæн, йæ цæстыты раз сиог сты йæ уæдыггон царды нывтæ æмæ æхсызгон уыд йæ зæрдæйæн. — Дзур, дзур, дæ хорзæхæй,— ракуырдтон дзы æз. — Ныхас дардыл цæуы, фæлæ мæ фыд амардис, дыууæ азы мыл куы цыдис, уæд. Фыццаг дæр тынг хорз нæ цардыстæм, йæ зианы фæстæ та бынтон фæ- мæгуыр стæм. Уæдмæ Зарийы фыд, Мохамед та хъæз- дыгдæр фæци: балхæдта зæхх, байгом кодта дукани, фос æм уыдис дзæвгар æмæ дарын байдыдта æххуырс- тытæ. Æмæ нал фæндыдис Мохамеды йæ чызджы мæнæн раттын, ферох æй ис, кæддæр мæ фыдимæ ард кæй бахордта æмæ йæ фæсайын хорз кæй нæу, уый. Куы йын бакой кодтон мæ фæндон, уæд мын, йæ мидбылты зынæрвæссон худт бакæнгæйæ, дзуапп радта: — Ды мæ аккаг сиахс нæ дæ, фæлæ рацу мæнмæ, ратдзынæн дын куыройгæсы бынат, кусдзынæ æмæ дардзынæ дæ бинонты. Базыдтон мæ бон, бамбæрстон, ацал-ауал азы мæ- хицæн ныфс кæмæй февæрдтон, мæхи кæмæй буц код- тон, уыцы рæсугъд Зари мæн кæй нæу, мæ фæндтæ, мæ бирæ циитæ дзæгъæлы кæй фесты. Æмæ цæмæн? Мæгуыр кæй уыдтæн, уый тыххæй. Мæ зæрдæ-иу суынгæг, фыхтис мæ маст. Æнæхъæн къуыри фыдæнæн мæзджытмæ ламазмæ нал ацыд- тæн. Фæлæ мæ Зари йæхæдæг уарзта бирæ, уый дæр, æвæццæгæи, тыхстис, хабар куы базыдта, уæд. Иу- хатт мæм æрбаминæвар кодта не ’рвадæлты чызджы. Мæнæй уымæн, дам, зæгъ, йæ конд хъуыддаг афтæ- мæй куы ныууадза, уæд йæ худ аппарæд æмæ йæ сæрыл сылгоймаджы кæлмæрзæн стухæд. Æз минæвар æрвитын байдыдтон, уыцы ныхæстæ кæмæн кодта, уыцы чызджы Заримæ. 8»
Æппынфæстаг хъуыддаг уымæ æрцыдис, æмæ ныу- уагъта йæ хъæздыг фыды, йæ мыггаджы, нал баны- мадта худинаг æмæ ралыгъдис мæ фæлыл. Кæрæдзийыл æрхъæцмæ нæ хъæцыдыстæм. Кæд мæгуыр цард кодтам, уæддæр нæхи нымадтам амонд- джыныл. Æрмæст-иу куы æрæмысыди мæнмæ куыдæй рацыдис, уый, уæд-иу æрæнкъард. — Æз дæу тыххæй рахицæн дæн мæ фыдæй, мæ хæстæджытæй æмæ мын ничи ис дæу йедтæмæ. Цы уаин, кæмæ ма бакъул кæнин мæхи, дæуыл исты куы æрцæуид, уæд? — дзырдта-иу ахæм сахат Зари æмæ- иу йæхи мæ хъæбысмæ æрбаппæрста, атыхстис-иу мæ хъуырыл, цыма æцæг исты фыдбылызы бахауинаг дæн, æмæ мæ удæгасæй раттинаг нæу, афтæ. Тæригъæд ын-иу кодтон уæд æз дæр, тынгдæр-иу æй æрбалхъывтон мæ хъæбысы æмæ-иу дзаевгар рæ- стæг афтæ бадгæйæ баззадыстæм... Хусейн фенцад йæ ныхасæй. Йæ фæстаг дзырдтæ куыд хъуысыдысты, уымæй æнцон бамбарæн уыд, йæ зæрдæ кæй суынгæг ис, уый. Фыццаг ныджджих, цы сугыл бадтис, уымæ, стыгъта йын йæ хъуынатæ, стæй йæ сæр хæрдмæ систа, скастис мæймæ æнæмбаргæ кастæй, арф ныуулæфыд æмæ дарддæр дзырдта: — Фæцардыстæм афтæмæй иумæ æрмæст æртæ мæйы. Æз куыстон быдыры хурыскастæй хурныгуылд- мæ. Уый фæстæ-иу нæхимæ систон æвдæз æмæ цыд- тæн ламазмæ, азан-иу куы ныхъхъæр кодтой, уæд иннæ адæмимæ. Райсомы, сихоры, ечындыйы, æх- сæвы ламаз та кодтон быдыры кæнæ хæдзары, уыцы рæстæг мæзджытмæ цæуын къухы куыд не ’фтыдис, уымæ гæсгæ. Иухатт куыстæй куы æрыздæхтæн, уæд мæм Зари радта иу гæххæтты гæбаз мыхуырæвæрдимæ æмæ мын бамбарын кодта, къæнцыларæй æрвыст кæй у, уый. Æрбалæвæрдтой йæ изæры ламазы афон, фыст уыдис араббаг дамгъæтæй. Æз чысылæй ахуыр код- тон хъуыраны, чытаппы, зыдтон кæсын æмæ бакастæн гæххæтт. Зари мæ бафарста, цы фыст дзы ис, уымæй, фæлæ æмбæрстон, цас маст ын уыдзæн, уый æмæ сæфсон кодтон, нæ йæ æвзарын, зæгъгæ. Мæхæдæг ацыдтæн хъæуыхицаумæ, мæ тыхст ын радзурон æмæ 68
мæ кæд суæгд кæниккой уыцы фыдбылызæй, зæгъгæ. Фæцагуырдтон æй, фæлæ йæ не ’ссардтон æмæ фæстæмæ раздæхтæн. Систон æвдæз, мæ ламазгæнæн чысыл гауыз мæ дæларм бакодтон æмæ ацыдтæи мæз- джытмæ. Молло лæууыдис йæ бæрзонд лæууæны, адæм æры- тыдтой сæ ламаздзыхъхъытæ æмæ хъавыдысты ламаз кæнын райдайынмæ. Æз дæр æй се ’ппæты фæстæ тагъд-тагъд айтыдтон æмæ æррæвдз кодтон мæхи ла- мазмæ. — Бисмиллахи, æррæхмани-рахим! Дунейы скæ- нæг хуыцау у иунæг æмæ йыл мах æууæндæм кæдлæ- риддæр. Иæ хæстæгдæр пегъуымпар у, æцæгдзинадæй, Мохамед-пегъуымпар, æмæ мах цæуæм кæддæриддæр йæ амынд фæндагыл!..—дзырдта молло йæ къухтæ уæлæмæ скæнгæйæ, арвмæ лæхстиагхуызæй кæсгæйæ. æмæ адæм дæр афтæ бакодтой. Райдыдта ламаз, фæлæ мæнæн мæ зæрдæ æхсайд- та уыцы гæххæтты гæбазмæ, ферох мæ, мæзджыты дæн, уый дæр. Адæм-иу æрбадтысты сæ зонгуытыл, æз-иу баззадтæн лæугæйæ. Адæм-иу сыстадысты, æз- иу баззадтæн мæ зонгуытыл бадгæйæ. Сагъæс байдыдтон, куы ацæуон æфсадмæ, уæд цы фæуыдзысты, куыд цæрдзысты мæ зæронд мад æмæ Зари, чи сæ хæсдзæн, чи сæм кæсдзæн, ууыл. Нæ уы- дис, лæг йæ зæрдæ кæуыл бадардтаид, иу ахæм адæй- маг. Зыдтон æй, æз куы ацæуон, уæд кæй амæлдзы- сты æххормагæй, уымæн æмæ бон-изæрмæ æнæрын- цойæ куыстам, уæддæр мæгуыр цард кодтам. Фæцис ламаз мæзджыты. Фæлæ ма нæ молло ба- урæдта иудзæвгар рæстæг æмæ дзырдта: — Æмбал кæмæн нæй, уыцы иунæг хуыцау æмæ йæ хæстæгдæр пегъуымпар-Мохамедмæ хъусæг пысыл- мон адæм, Османийы цæрджытæ, цытджын Турчы адæм! Æгас дуне сыстад, фæцис дыууæ дихы æмæ зæххы цъарыл цæрæг дзыллæйæ алчидæр йæ туг, йæ цард не ’вгъау кæнгæйæ, æрлæууыдис йæ райгуырæн бæстæ, йæ дин бахъахъхъæныныл. Историйы мидæг махимæ хæцынæй никуы банцад гауырты бæстæ, Чы- рыстийы дингæнæг Уырысы паддзахад. Ныр дæр та 87
нæм æрбаивæзта йæ къухтæ, хъавы нæ йæ армы ба- кæнынмæ, Мохамеды рухс кувæндæттæ Чырыстийы аргъуантæй бамвынмæ. Алы туркаджы хæс дæр у уыцы гауыртæй пысылмон сыгъдæг дин бахъахъхъæ- нын æмæ Кавказы цæрæг пысылмон адæмæн уыцы гауыр Уырысы къухтæй сæхи ратоныныл тохы бах- хуыс кæнын. Зонут уæхæдæг, ныр æнæхъæн афæдз хæсты быды- ры сæ туг калынц уæ цот, уе ’фсымæртæ æмæ хъæба- тырæй хъахъхъæнынц райгуырæн бæстæ. Фæлæ уы- цы гауыртæ сты æнæкæрон бирæ æмæ хъавынц мах- онтыл фæуæлахиз уæвынмæ. Уымæ гæсгæ нæ цыт- джын султан сиды ногæй йæ адæммæ, хæстмæ иог тыхтæ арвитыны тыххæй. Мачи бауромæд йæ фырты, йе ’фсымæры. Мачи фæтæрсæд зындзинæдтæй, æмæ га- уыртæй бахъахъхъæнын бафæразæм нæ райгуырæн бæстæ, нæ дин... — Дзыхæй дæсны лæг уыдис нæ молло. йæ ны- хæстæ ахъардтой мæ зæрдæйы, ме 'уæнгты æмæ мæ бафæндыдис тохы амæлын. Турчы адæм цы хæсты быдыры мæлынц нæ райгуырæн бæстæ бахъахъхъæ- ныны сæраппонд, уым. Фæлæ нæ уыд ацæуæн, уæд бинонтæ сæфгæ кодтой мæгуыр æмæ сыдæй. Мæзджытæй здæхтæн сæргуыбырæй, хъуыдытæ- гæнгæ. Æхсæвæр хæргæйæ мæ мад бафиппайдта, æн- къард кæй дæн æмæ мæ, цы кæнын, уымæй бафарс- та. Æфсонæн ын загътбн, мæ сæр риссы, зæгъгæ, æмæ дзы мæт бацыд: тæккæ куыстафон куы фæрын- чын уон. Зари бамбæрста, ме ’рæнкъарды аххос къæнцыла- рæй цы гæххæтты гæбаз сæрвыстой, уый кæй уыдис æмæ хуыссæнмæ куы ацыдыстæм, уæд мæ нал уагъ- та. Бæргæ йын æй нæ хъавыдтæн хъæр кæныимæ, фæ- лæ мæм æгæр куы æрбаздæхт, дæу тыххæй ныууагъ- тон мæ хæдзар, уæддæр мæ ды дæ хъуыддæгтæ æм- бæхсыс, зæгъгæ, уæд дзы фефсæрмы дæн æмæ йын радзырдтон æцæг хабар. — Æмæ уæд æз та цы фæуыдзынæн? — сфæрæзта ма уынгæг хъæлæсæй, стæй мыл йæхи æрбаппæрста, ацауындзæг ис мæ бæрзæйыл, йæ цæсгом атъыста мæ дæллагхъуыр æмæ богъ-богъæй кæуын райдыдта. 68
Тынгæй-тынгдæр мæ æлхъывта йæхимæ, афтæмæй фæ- лæууыдыстæм дзæвгар рæстæг. Фæстагмæ йæ басабыр кодтон. Бавæрдтон ын зæр- дæ, райсом кусынмæ нал ацæуынæй, хъæуыхицау æмæ моллоимæ баныхас кæнынæй, мæ тыхстдзинадмæ мын куыд æркæсой æмæ мæ куыд суæгъд кæной сидтæй, афтæ. Дыккаг бон фæныхас кодтон хъæуыхицауивдæ. Ба- цыдтæн молломæ йæ хæдзармæ æмæ уымæн дæр фæ- дзырдтон мæ хабæрттæ. Фæлæ иицы. Нæ мын бай- хъуыстой мæ лæгъстæтæм. Æрмæст мын загътой, æр- тæ боны фæстæ кæй цæудзысты сидтонтæ хъæуæй æмæ мæ уæдмæ цæттæ кæнын кæй хъæуы фæндагмæ. Сыздæхтæн фæстæмæ æнкъардæй. Куыдта мæ зæронд мад, куыдта Зари. Уынгæг кодта мæхи зæрдæ дæр. Нал тасыд мæ къух куыстмæ. Не ’мгъуыд куы æрхæццæ ис, уæд æмбырд кодтой къæнцылармæ. Сидтонтæ, хæстон зарæг заргæйæ, се ’мбæлттыл зылдысты къордæй. Æз уыдтæн цæуын æв- вонг. Фæлæ мыл уаты Зари ныттыхстис, куыдта æмæ мæ нæ уагъта. Уыцы рæстæг уынгæй æрбайхъуыстис ме ’мбæлц- цæтты уынæр æмæ æрбалæууыдысты нæ дуармæ. За- рийæн йæ буар æнахуыр рызт ныккодта, йæ зæнгтæ фæдыдагъ сты, йæ кæуын фæхъус, фæлæ йæ цæсгом мæрдон цъæх ацис æмæ æрхаудта йæ зонгуытыл. Æз æй ацахстон æмæ йæ сынтæгыл æрæвæрдтон. Ницы- уал æмбæрста. Фæуагътон æй æмæ æддæмæ разгъорд- тон, мæ мадæн ма загътон, йæ цæст æм куыд фæдара, афтæ, мæхæдæг баиу дæн къордимæ æмæ заргæ араст стæм не ’ннæ æмбæлттыл зилынмæ. Æрдиаг кодтой мадæлтæ, æрыгон чындзытæ сæ мæйтты фæдыл, куыдтой чысыл сывæллæттæ, куыдтой æнæуынæр куыдæй урсрихи зæрæдтæ сæ фыртты фæстæ. Хур чысыл акъул, афтæ рахызтыстæм хъæуæй. II Горæты дыууæ къуырийы ацахуыр кодтам æмæ нæ къæхтæ раст исын дæр нæма базыдтам, афтæмæй нæ, æргæвдинаг фосы хуызæн, вагæтты бакалдтой æмæ нæ 69
Уæрæсейы арæнмæ, хæст цырынæй кæм цыдис, уыр- дæм аластой. Æххормаг æмæ æнкъардæй фæндагыл арвыстам дыууæ бопы. Нæ амондæн ма махимæ бадт фæцис Мурза-Али, зæгъгæ, иу мæ цахъхъæн, хæбуздзыхъ- хъытæ, фыдцъылыз, фæлæ æвирхъау хъазаг лæппу. Зарын, кафын, хъæлдзæг ныхас кæнынæй нæ банцад, æмæ м.ах дæр нæ бауагъта нæ сæртæ дæлæмæ æруа- дзын. Дыккаг бон изæрæй бахæццæ стæм хæсты быдыр- мæ. Хъуысын нæм байдыдта сармадзанты нæрын, топпыты къæр-къæр. Раст цыма арв æрцæйкалдис, бæстæ уымæй уæлдай нæ уыд. Рызтис, чысыл къо- рийау, зæхх. Алкæмæ дæр нæ афтæ каст, цыма æгасæй нал аир- вæздзæн. Æрмæст ма Мурза-Али нæ уагъта йæ зарын æмæ хъæлдзæг ныхас, фæлæ ууыл дæр фæбæрæг ис, йæхи ма афтæ тыххæй кæй дары. Ныр дæр мæ зæрдæ бауазал вæййы, куы æрхъуы- ды кæнын, нæ сæрты сармадзаны нæмгуытæ куыд тахтысты, нæ алывæрсты топпыты æмæ пулеметты нæмгуытæ куыд цъыф-цъыф кодтой, уый, уæд. Кæннод уырыссаг «ура» та! Уый нæ хотыхтæй фыл- дæр тас уагъта. Фæхæцыдыстæм афтæ иу æртæ боны. Фыццаг нæ уавæр хорз нæ уыд. Цалдæр хатты нæ Уæрæсейы æф- сæдтæ фæстæмæ раппæрстой, амардтой нæ бирæ. Фæ- лæ уалынмæ нæ хъуыддаг рæвдздæр цæуын байдыд- та. Атардтам фæстæмæ Уæрæсейы æфсады æмæ ба- цахстам фадатджын бынæттæ. Ныфсджынæй тохы баиыдыстæм. Мурза-Али хæцыдис мæ фарсмæ. Диссаджы адæй- маг уыдис уый. Цыфæнды тæссаг сахат дæр æй нæ федтаис æнкъардæй. — Хъусыс, куыд хъæрзы? Æвæццæгæн, уæззау рынчын у,— æрбадзырдта-иу мæм уый, искуы-иу сар- мадзаны нæмыг куы фехæлд æмæ куы ныууынæр- гъылта, уæд, йæхæдæг-иу бахудт. Фæстаг бон ма бадтыстæм иу дзыхъхъы фæрсæй- фæрстæм æмæ æнхъæлмæ кастыстæм размæ абырсы- ны дзырдмæ. 90
Хур аныгуылынмæ бирæ нал уыд, уæдмæ-иу ко- мандир куыд загъта, афтæ æхстам. Иуафон нæ хæд- сæрмæ фехæлд шрапнел, йæ картеччытæ зæхмæ æр- калдысты, фæлæ нын цыма ницы зиан ракодтой, аф- тæ мæм фæкаст. Æвиппайды Мурза-Али ныууынæргъыдта. Фæкас- тæн æм. Уый ма йæ тæвдæй фæстаг гæпп фæкодта, йæ фондзæхстон йæ къухы даргæйæ, стæй размæ фæцу- дыдта, æрхаудта йæ зонгуытыл, афтæмæй баззад иу- чысыл рæстæг. Иæ худæнхуыз хъæлдзæг цæсгом ацис мæрдон фæлурс, йæ цырд цæстыты уæлтъыфæлттæ æр- уæззау сты æмæ ма æнцадгай бырыдысты дæлæмæ... — Мæ...би...ной...наг баззад... куырдуаты... Ныф- фысс æм-иу мæ хабар,— сдзырдта ма скъуыддзæгтæй, стæй размæ фæцудыдта æмæ кæрдæгыл бафæлдæхт. Фæлæбурдтон æм. Фелвæстон æй мæ хъæбысмæ, фæлæ уæдмæ йæ уд систа. Æрмæст ма йæ нуæрттæ дыз-дыз кодтой... Æрæвæрдтон æй кæрдæгыл уæлгоммæ аемæ йæм æдзынæг ныккастæн. «Мæн дæр ахæм бынатмæ хъæуы, абон куы нæ уа, уæддæр райсом. Мæн дæр хъуыдыгæнæг нæ уыдзæн... Мæнæн дæр дзæгъæлæй баззайдзæн, бирæ мæ чи уар- зы, уыцы Зари æмæ мæн тыххæй йæ цард зындоны чи арвыста сидзæргæсæй, уыцы мад. Фæлæ цæмæн? Цæй тыххæй? Кæмæн цы кодтой, кæй бахъыгдардтой? Æгæр-мæгуыр сыхагимæ даер куы никуы фæхъаугъа сты. Æниу æз мæхæдæг цы хъомыс дæн, мæ марыныл зæрдиагæй чи архайы, уы- цы уæрæсейагæн? Кæрæдзи зонгæ дæр куы нæ кæнæм, уынгæ дæр куы никуы фæкодтам, уæд?» — дзырдтон мæхинымæр. Раст хъуыдытæ уыдысты уыдон, фæлæ сын зæгъæн никæмæн уыдис, уымæн æмæ рæстдзи- над, стæй паддзахады хæстæн нæй фæрсæй-фæрстæм бынат. Мæ сагъæстæй та фæцух дæн чысыл рæстæгмæ. Кастæн Мурза-Алимæ. йæ уазал цæсгомыл хъазыды- сты хуры хъарм тынтæ æмæ æвдыстой цавæрдæр ци- ны æнгас... Æвæццæгæн, мæлæты фæстæ судзаг рыс- тæй куы фервæзт, уæд та нуæрттæ æрцахстой сæ ахуыр бынæттæ. 91
— Размæ, гауыртæй райгуырæн бæстæ бахъахъ- хъæнынмæ! — фæцыд командиры хъæр. — Ура-а-а! Ура-а-а! — анхъæвзти æфсадыл, лæн- кæй рахæлиу стæм æмæ азгъордтам, уырысы æфсæд- дон хай кæм бадтысты, уыцырдæм. Сæмдзæгъд кодта сæ пулемет. Адæм фæтъæпæи сты зæххыл. Æмæ та ногæй куы фестадысты абырсынмæ, уæд дзы бирæтæ баззадысты дæлгоммæ хуысгæйæ. Ногæй та нæхи акалдтам размæ, кæм гуыбыр-гуы- бырæй, кæм фазыл быргæйæ. Нæ ныхмæ лæууæг уы- рыссаг æфсад йæхи иучысыл фæстæмæ айста. Адагмæ куыд фæуырдыг кодтон, афтæ гыццыл къу- тæры аууон мæ размæ фæцис иу уырыссаг салдат. Хурсыгъд, мæрдои цъæх цæсгом, æнæдаст уадултæ, хидæй уымæл сæрыхъуыитæ йыи,— цыма уыди уымæй тæригъæддагдæр! Кæрдæгыл бырынвæдæй бæрæг зын- дис, кæм хуыссы, цæф уым кæй нæ фæцис, уый. Мæн куы ауыдта, уæд сындæггай йæ къух хæрд- мæ систа, йæ уымæл цæстытæй мæм уацары каст скодта æмæ лæгъстæхуызæй сдзырдта: — Дон...— фæлæ æз æхсаргард куы фæцъортт лас- тон, уæд йæ цæсгомыл фæзыидис, цыма йæхи дæр фæиды, куы нæ æрцæвии, æмæ йæ йæ хъизæмарæй куы фервæзын кæнин, ахæм æигас. Æз мæхи бауро- мын бафæрæзтон. Уыцы сахат нæ цуры февзæрдис, уымæй размæ мæ фарсмæ акъоппы чи бадтис, ахæм янычар. Мæстыгæр æмæ диныл хæцæг уыд. — Æ-æ, гауыры фырт, ды дæр мæ райгуырæн бæс- тæ абырсынмæ хъавджытæй дæ, пысылмон динæй фæ- хынджылæг кæнынмæ чи хъавы, уыдонæй?! — фæ- хъæр кодта янычар æмæ уæззау цыргъ æхсаргард дард фæхаста... Æвиппайды Хусейн фæхъус йæ ныхасæй, йæ зæр- дæ суынгæг, йæ фыдхуыз уадултыл мæйы рухсмæ ферттывтой, авджын къориты хуызæн, дыууæ цæсты- сыджы. Аив æмæ бæлвырдæй дзырдта йæ таурæгъ Хусейн, дзæбæхдзинадыл йæ цæсгомы цнны хуыз æвдисгæйæ, зындзинадыл дзургæйæ та йе ’нкъард æмæ мæсты æнцъылдтæ кæнгæйæ. Ахастой мæ йæ ныхæстæ дард бæстæм — тугæй ахуырст, топпыхосы фæздæгæй æм- 92
æхгæд æмæ сармадзаны нæмгуыты рæмыгъдтытæи æМ- бæрзт ранмæ. Ферох мæ нс, кæм дæн, кæм бадын, уый. Хусейн куы фæхъус, уæд цыма хъал фæдæн. Дымд- та фыццагау сæрдыгон рог дымгæ, бæстæ уыд са- быр, мæй æрттывта фыццагау, стыр, цъæх хъуы- мацы хуызæн арвыл, тыбар-тыбур кодтой стъалы- тæ. Ныр уæлдай æхсызгондæр уыдис уыцы рæсугъд æрдзы нывмæ кæсын. — Фæхаста æхсаргард дард, нырриуыгъта æмæдæ фыдгул афтæ... Лæг æрæхгæдта йæ цæстытæ, йæ къух ризгæйæ йæ риуыл æруагъта æмæ кæрдæгыл уæлгом- мæ ахауд. Фæкодта ма фæстаг дзагъул, æнæмбаргæ кастæй ма нæм скаст, цыма афтæ зæгъинаг уыд: «Цæ- мæн мæ амардтат? Æз уæ дон куы агуырдтои, уæд мын уый бæсты карды цæф цæмæн радтат? Уæвгæ, бузныг, мæ хъизæмарæй мæ кæй фервæзын кодтат, уый тыххæй». Уыцы æнгас мын мæ уæигты бауагъта цавæрдæр диссаджы тæригъæддзинад, мæ зæрдыл æрбалæууы- дис: кæд уымæн дæр мæ хуызæн мæгуыр бинонтæ баззад æмæ йæм æрыздæхынмæ æнхъæлмæ кæсынц. Марæг дарддæр азгъордта. Æз уым лæугæйæ баз- задтæн. Фæстаг æмбырд ма æрбакодта цæф лæг йæ нуæрт- ты тых, хъизæмары æнхъырдтæ скодта йæ цæсгом,— Хусейнæн йæхи цæсгом анхъырдтæ ис уыцы ныхас кæигæйæ,— йæ риу хæрдмæ систа, йæ сæр æмæ йæ къухтыл æнцайгæйæ, фæлæбурдта йæ хæдоны тæрт- тæм æмæ сæ фæйнæрдæм арæмыгъта. Иæ риуыкъæй куы фегом, уæд мæм дзы фæзындис моллойы конд, сæрачы хуыд цыппæрдигъон чиныг. Уымæй бамбæрстон, уый дæр пысылмон кæй уыд, хæст райгуырæн бæстæ æмæ нæ дин бахъахъхъæныныл кæй иæ цæуы, фæлæ æндæр цæуылдæр. Цыма йæ мæхæдæг амардтон, уыйау мæм фæ- каст... Æмæ, чи зоны, афтæ нымайæн дæр ис. Æз яны- чаримæ иучысыл дæр разы куы нæ уыдаин, уæд ын ацахстаин йæ къух æмæ йæ марын нæ бауагътаин. Фæлæ мæхæдæг дæр дызæрдыг кодтон, сафинаг у, æви нæу, ууыл. Нал баурæдтон уæд мæхи, æрхаудтæн йæ риуыл, 93
НЫхъхъæбыс æй кодтон æмæ ма мæ фæндыд, исты хос ын куы акодтаин, фæлæ байрæджы — лæг нал змæ- лыд... Сыстадтæм... Цæф кæм фæцнс, уырдыгæй мæм фæзынд цавæрдæр гæххæттыты тыхтон. Бацыдтæн æмæ сæ систон. Се ’хсæн разынд рæсугъд сылгойма- джы хуызист кавказаг дарæсы. Æз æм кæсгæйæ баз- задтæн. Мæ сагъæстæ та райхъал сты. Айрох мæ, хæсты быдыры кæй дæн, уый. Нал æрхъуыды кодтон, уырдыг лæууæн кæй нæй, уый дæр. Æвиппайды мæ сæры галиу фахс ныддыз-дыз код- та æмæ мæ ницы фæрыст, афтæмæй мæ цæстытæ атар- тæ сты. Æрмæст ма бамбæрстон: фæцудыдтон æмæ фæфæлдæхын. Уый фæстæ мæ зонд атар æмæ нииы- уал ауыдтон. III Мæхи куы æрæмбæрстон, уæд — диссаг! Хуыссыд- тæн уырысы хæстон рынчындоны. Мæ уæлхъус лæу- уыд бæрзонд, бæзæрхыг, ирдцъар, урсхил хæрзконд дохтыр æмæ мæм уырдыгмæ кастис, мад йæ чысыл сывæллонмæ авдæнмæ куыд фæкæсы, афтæ. Мæ сæр æгасæй дæр уыдис æнгом бæстытæ æмæ йын бамбæр- стон йæ галиу фахсы хъæдгомы дудгæ рыст. Мæ цæстытæ дохтырæй аздæхтон, акастæн алы- рдæм. Мæ алыварс хуыссыдысты бирæ рынчынтæ. Сæ мæрдонхуыз цæсгæмттæ, уæззау нæтын, лæмæгъ æн- гас уынгæг кодтой лæджы зæрдæ. Фæлæ мæ уыцы сахат мæ цæф афтæ ныррæхуыс- та, афтæ, æмæ мæ цæстытæ ахгæдтон, кæд афынæй уаин æмæ ницыуал æмбарин, зæгъгæ. Хуыссæг та хæ- стæг нæ цыд. Æллæх, æллæх, цы тухитимæ арвыстон æз уыцы рынчындоны æртæ мæйы! Ныр дæр ма нырризы мæ зæрдæ йæ койæ. Нал фæрæзтон мæ сæры рыстæн, æн- цондæр мæм кастис амæлын, куырдтон дохтырæй, марг мын ратт, цæмæн дæ хъæуы мæ хъизæмар, цæ- мæн мын хæлæг кæныс уыцы чысыл хорздзинад, зæгъ- гæ, фæлæ мæм никуы байхъуыста æмæ дзырдта: «Фæ- разын хъæуы». Базыдтон æппæт хабæрттæ дæр. Хи- нæй рацыдис уырысы æфсад нæ полкъыл. Уыдон 94
барæй лыгъдысты размæ æмæ нæ сæ фæдыл сайдтой. Стæй се ’хсæн куы фестæм, уæд нæ уацары айстой. Рынчындоиæй рацыдтæн æртæ мæйы фæстæ. Ме- мæ рахастон мæ бæрæггæнæн.— Хусейн уыцы ныхас зæгъгæйæ йæ сау нымæтхуд систа æмæ йæ къух æр- уагъта, йæ сæры галиу фахсыл дæргъæй-дæргъмæ мæ- йы рухсмæ авгау чи æрттывта, уыцы стыр носыл, цы- ма нын æй амонгæ кодта, афтæ.— Нал уыдис нæхи- мæ, Туркмæ, аздæхæн, стæй ма дзы кæмæ цыдаин? Ферох мæ ис зæгъын... Уый хæдразмæ мæ хъæук- каг æмбал райста сæхицæй писмо æмæ, дам, Зари æмæ мæ зæронд мад амардысты. Дзырдта мын æй, куы сдзæбæх дæн, уæд, фæлæ уымæ дæр бæлвырд нæ фыс- той, цы сыл æрцыд, уый. Стæй радзæгъæл дæн куыстагур. Æрбафтыдтæн Ирыстонмæ. Быдырыхъæуы бацыд- тæн æххуырсты, Мисурæт, зæгъгæ, иу сидзæргæсмæ. Диссаджы фæлмæнзæрдæ, хуыцауы уарзон адæймаг разындис. Хæдзары цы уыдис, уый мын никуы бав- гъау кодта. Никуы мæ бауагъта маст, æмæ æз дæр архайдтон æнæсайдæй кусыныл. Мæ цард цыдис дзæ- бæх æмæ мæ ме ’стыр рыст рох кæнын байдыдта. Фыццаг хатт куы федтон Мисурæты, уæддæр мæм афтæ фæкаст, цыма мын йæ цæсгом зонгæ у. Æрмæст нæ фæрæзтон æрхъуыды кæнын, кæм æй федтон, уый. Иухатт æй, хъæдæй æрыздæхгæйæ, бафарстон, йæ мой цæмæй æмæ кæд амард, зæгъгæ. Уый арф ныу- улæфыд æмæ загъта: — Каед æгас у æмæ, искуы дæуау, уацары цæры, уæддæр ын цы бæрæг ис! Авд азы размæ йæ Турчы хæстмæ акодтой æмæ ма дыууæ писмойы сæрвыста, стæй дзы уæд ницыуал бæрæг хабар сыхъуыстис,— æмæ йæ цæстытæ доны разылдта. Уый фæстæ йын æз дæр мæ хабæрттæ фæкодтон æмæ ставд цæссыгæй фæкуыдта. Фæлæ уæд мæ зæрдыл æрлæууыдис иу хъуыддаг Ферох мæ ис зæгъын: куы фæцæф дæн, уæддæр мæ къухæй не ’суæгъд кодтон, мард салдаты разæй цы сылгоймаджы хуызист систон, уый. Куы мæ рахастой, уæд нывæн мæн æнхъæл куыд уыдысты, уымæ гæсгæ йæ батыхтой мæ дзаумæттимæ, стæй мын æй ме ’сдзæ- 95
бæхы фæстæ радтой æмæ йæ мемæ рахастон, цæм&й мæ хъуыдис, уый мæхæдæг дæр нæ зыдтон, афтæмæй. Ныр уыцы къам æрымысыдтæн. Рацыдтæн кæрт- мæ, æдзынæг æм фæкастæн æмæ бæлвырд бамбæр- стон, Мисурæты хуызист кæй уыд, уый. Цалдæр боны фæстæ йын куыддæр æгъдауæй бафтыдтæн йæ уатмæ. Къулыл ауыдтон дыууæ адæймаджы сурæты. Нæл- гоймаг кастис уарзæгой æмæ хъæлдзæг æнгасæй. Æз æй базыдтон, мæнæй дон чи агуырдта йæ мæлæты са- хат, уыцы салдаты къам кæй уыд, уый. Уымæй фæстæмæ Мисурæтæй хинымæр æфсæрмы кæнын байдыдтон, æфхæрдтон мæхи, цас мын фылдæр дзæбæх дзырдта, уыйбæрц мын уыди зындæр. Цæмæй хæйрæг уыди, мæгуыр, æз ын йæ лæджы кæй нæ фер- вæзын кодтон, мæхæдæг дæр ма йæ маринаг кæй уыд- тæн æмæ мын афтæмæй ахæм дзæбæхдзинæдтæ кæй кæны, уый? Æмæ уæд мæхи фарстон: цавæр дин, цавæр рай- гуырæн бæстæ хъахъхъæдтон, цæмæн бауагътон Ми- сурæты лæджы марын, куы ницы мæ дардта, уæд? Цæмæн ын ныууадзын кодтон сидзæрæй йæ сывæл- лæтты, йе ’рыгон усы? Мæхимидæг хъизæмар байдыд- тон. Архайдтон хæдзары зæрдиагдæрæй кусыныл, кæд уымæй фæсаууонмæ мæхи сраст кæнин, зæгъгæ. Афæдз æмæ æрдæг мидхъуырдухæн фæкодтон, æмæ рацыдтæн Мисурæтæй, цæй тыххæй, уый нæ загъ- тон, афтæмæй. Зыдтон æй, ахæм дзæбæх æмæ æиæ- маст цардмæ кæй нал бахаудзынæн, уый, фæлæ мын æндæр амал нæ уыд. Ногæй та радзæгъæл дæн бынатагур. Уалынмæ бацыдтæн колхозмæ, ныр уæхæдæг куыд зонут, афтæ. Радтой мын хæдзар. Дæн сæрибар, мæ царды фадæттæ — зæрдæзæгъгæ. Æз райгуырдтæн дзыхъхъынногæй. Кæддæр фыд- гулыл кæй нымадтон, уыцы бæстæ ссис ме ’цæг, мæхи бæстæ. Æз карджын дæн ныр. Нæ фæскомцæдисонтæ га- зетты фæкæсынц. Фæсарæнты мулкджынтæ, дам, не- мæ хæцынмæ хъавынц. Карджын дæн æз, фæлæ ма ацæуин тохмæ уыцы лæджы фыдхорты ныхмæ. — О, æмæ уын уый дзырдтон. Хæст куы æрсабыр, 95
уæд Туркмæ, цы хъæуæй рацыдтæн, уырдæм ныффыс- тон писмотæ. Фæлæ ницыуал уæлдай базыдтон. Зари æмæ мæ мад амардысты. Цы кодтой, уымæн абон дæр ницы зонын. Æрмæст мæ зæрдæйы баззад сæ сæфты судзаг маст. Мæнмæ гæсгæйæ мæ ныр æрра нал фæхондзыстут абоны хъуыддаджы тыххæй.—Хусейн арф ныуулæ- фыдис æмæ скастис арвмæ. Иæ цæсгомыл хъазыд ци- ны æнгас. ♦ * Мæй йæ хæрдгæ тынтæ уæфта зæхмæ. Чызджы риуæгънæджыты дурты хуызæн тыбар-тыбур кодтой фæтæн цъæх арвыл иугай стъалытæ. Изæрон сыгъдæГ’ уадымс дымдта хæхтырдыгæй æмæ йемæ хаста Æрæ- фы доны сусæг сыр-сыр. 1933 7 Мамсыраты Дæбе
АУУОН I Сауаты Гæбил къаннæг лæг у. Бакæс ын йæ гуы- рыкондмæ, йæ цæсгоммæ, уæд се ’ппæтыл дæр бæрæг дарынц гæдыдзинады, тæнзæрдæйы, фæлывды нысæнт- тæ. Схъæл рихитæм æмæ цыргъ боцъомæ кæсгæйæ æдзухдæр зыны, цыма, сæ астæу цы чысыл дзых ис, уый ныртæккæ фегом уыдзæн æмæ, лæгъстиаджы фæ- лывд мидбылты худгæйæ, æфсæрмхуызæй сдзурдзæн: — Ай-гъай, дæ ныхас тынг раст у. Мæ хъуыра- нæй дын ард хæрын, дæ хуызæн лæг ацы зæххыл нæма æрлæууыдис. Зæрдæбынæй никуы бахудт, афтæмæй былтæ æп- пынæдзухæй кæнынц худгæ, æрттивынц гыццыл цъæх, цыргъ цæстытæ. Ныртæккæ рацыд бригадæй. Цæуы сындæггай. Кæсы бынмæ йæ аууонмæ. йæ сæры гуыры цыдæр хъуыдытæ. Фæнды йæ ныхас кæныи, фæлæ йæ хъуы- дытæн нæй искæмæн радзурæн. — А-а-а! Байриай, мæ хæлар! — фæхъæр ласта æвиппайды йæ аууонмæ.— Мæ фæдыл цæуыс? Æниу ма ма рацу! Зын дын у мæ фæдыл цæуын? Мæнæн дæр зын уыдис... фæлæ гæнæн нæй. Æз дын мæ таурæгътæ куы ракæнин, уæд дæм зын нал фæкæсид дæ цард. Ды мæныл баст дæ æмæ æз куыд кæнон, афтæ кæн. Кæсыс, æз систон мæ къух, ды дæр æй систай. Æз акъæдз кæндзынæн мæхи, ды дæр дæхи акъæдз кæн- дзынæ. Æз мæ сæрæй æркувдзынæн, ды дæр дæ сæ- рæй æркувдзынæ... Уыныс? Кæй бар дыл цæуы, уый фæндон æххæст кæнын хъæуы. Уый раз хъуамæ дæ- химæ мацы фæндон уа. 98
Уæдæ, куы ма дын зæгъын, дæуæй мæнæн зын- дæр уыдис. Ды, æз цы кæнын, уый кæныс, æмæ дыл дзы рæдыд ие ’рцæудзæн. Фæлæ мæныл рæдыд арæх цыд. Æз раджы иу булкъонмæ, Лабунец, зæгъгæ, фæс- дзæуинæй куыстон. Архайдтон ын йæ фæндон æххæст кæныныл, йæ зæрдæ æлхæныныл. Уæдæ? Гæнæн нæ уыд. Иухатт æрбацыд æмæ мæ фæрсы: — Гаврил Хæмицович... (Гаврил Хæмицович мæ хуыдта, уый дæ зæрдыл дар æмæ йæ ’мбардзынæ, цас аргъ мын кодта, уый). Гаврил Хæмицович (æз ныр- тæккæ куыд зæгъын, афтæ), куыд сыл дæм кæсы Ли- зæ Петровнæ? Æз зыдтон, уыцы сылгоймаджы бирæ кæй уарзта, уый æмæ йын æй куыд хъуамæ рафаудтаин? Рафау ын æй æмæ дæ хæдзар сарæзтай. — Мæ хъуыраныстæн, зæгъын, уый хуызæн сыл- гоймаг зæххыл нæма æрлæууыдис. — Ницы, зæгъы, æмбарыс,— сæрхъæн дæ! — Æнæмæнг, зæгъын, сæрхъæн дæн, дæ бæрзонд- дзинад. Сæрхъæн бæргæ нæ дæн, дæхæдæг куыд зоныс, афтæ, фæлæ «сæрхъæн нæ дæн» зæгъ æмæ дæ хæдзар сарæзтай. — Уый цъаммар æмæ æдзæсгом куы у. Зыдта, йæ ныхæстыл æмæ йæ хъуыдытыл разы кæй вæййын, уый æмæ мæ цыма къахгæ кодта, цæмæй Лизæйæн æцæг аргъ скæнон, афтæ мæм фæкаст, æмæ та загътон: — Нæ, нæ, дæ бæрзонддзинад, Лизæ Петровнæ иттæг хорз адæймаг у. — Æвзæр, сæрхъæн! — зæгъы уæд булкъон.— Ни- цы æмбарыс! — Æнæмæнг, дæ бæрзонддзинад, сæрхъæн æмæ æвзæр дæн, ницы æмбарын, фæлæ уыцы ныхас зæр- дæйæ зæгъын. — Уæдæ йæ дæ зæрдыл дар, уый цъаммар сыл у. — Нæу, зæгъын, дæ бæрзоиддзинад. — Куыд нæу? Æз æм чысыл февнæлдтон, уый мын мæ уадул ныггæрах ласта. 99
Гъе уæд бамбæрстон, тынг кæй фæрæдыдтæн, уый. Æцæг ын «æвзæр» зæгъын хъуыд, æз та йын «хорз» дзырдтон. Ахæм зынтæ, мæ хур, гъе. Цы зæгъын- мæ хъавы булкъон, хæйрæг æй базонæд. Зонын та йæ хъæуы, раст дзуапп ын цæмæй радтай, уый тыххæй. Стыр рæдыд фæкодтон уæд. Фæлæ мæ амонд уыд æмæ Лизæйæ кæй загътон, уыдон мæхи хъуыдытæ сты, ууыл нæ баууæндыд, æндæр тыиг æвзæр уыдаид мæ хъуыддаг. Мæ рæдыд мæ исты амалæй сраст кæнын хъуыд. Дзурын дæр ма чи уæндыд, фæлæ лæджы цæсгом фи- дар у. — Бахатыр, зæгъын, кæн, дæ бæрзонддзинад. Æз, уарзгæ йæ кæй кодтай, уый тыххæй... — Æз уый никуы уарзтон, стæй уарзгæ дæр ни- куы бакæидзынæн ахæмты... Уайтагъд та бамбæрстон, кæй та фæрæдыдтæн, уыцы ныхас зæгъын кæй нæ хъуыд, уый... — Æз, зæгъын, никуы фæдызæрдыг дæн, ды йæ уарзгæ кæй нæ кодтай, ууыл, фæлæ йæ уæддæр спайда кæнынмæ хъавыдтæ, æмæ йæ уый тыххæй... — Спайда кæнынмæ дæр æй нæ хъавыдтæн, æз ахæм æлгъæгты нæ фæпайда кæнын,— зæгъы бул- къон, йæхæдæг мæстæй цæхæртæ калы. Адæймагæн йæ хицауы маст цас стырдæр кæна, уыйбæрц йæхæдæг та хъуамæ къаддæр кæна. — Пайда кæнынмæ дæр æн нæ хъавыдтæ, фæ- лæ...— фæлæ ма дарддæр цы æфсон акодтаин? Дæ бонæй уай, ды ахæм зындзинады никуы бахаудтæ! Мæ разæй цæуыс, æмæ æз цы кæнын, уый кæныс, æндæр дæ цы мæт ис! Фæлæ та мæ цыргъ зонд фæцарæхст. Цы йын загътон дæумæ гæсгæ? Дæуæн дæ дунейыл дæр ахæм дзуапп дæ сæрмæ не ’рцæуид, фæлæ та йæ мæ цыргъ зонд ацахста: — Бахатыр, зæгъын, кæн дæ бæрзонддзинад, мæн базонын фæндыдис, уарзыс æй, æви нæ, уый. Кæд æй уарзыс, уæд ма дын æй чи æнад кæны? Фæлæ йæ нæ уарзыс, уый кæм базыдтон, уым дын æцæг мæ хъуы- ды зæгъын (ныр мæ хицау мæ цуры кæм лæууыдис, уым мæм кæцæй хъуамæ æрцыдаид мæхи хъуыды, 100
фæлæ уæддæр). О, æмæ дын, зæгъын, мæ хъуыды зæ- гъон. Мæнмæ гæсгæйæ, уый цъаммар æмæ æнаккаг адæймаг у. Мæиæи дзы, зæгъын, мæ цæстытæ дæр рисгæ кæнынц. — Маладец! — фæхъæр ласта булкъон (ныртæк- кæ æз куыд зæгъын, афтæ).— Гаврил Хæмицович, ны- рæй растдæр никуы загътай! Цæугæ ныр æмæ искуы баулæф. Æз рацыдтæн. Дуар рахгæдтон. Мæхæдæг хъусын дуары дæгъæлы хуынкъæй. Хъусын æмæ мæ булкъон кæуы. — Æз, зæгъы, мæхи дæр амардзынæн, уæддæр æнæ уый ракургæ нæ фæцæрдзынæн. Нæ бафæраздзьг нæн цæрын æнæ уыцы сау цæстытæ, къæлæт æрфгуы- тæ, хъуымбыл дзыккутæ, урс дæллагхъуыртæ, æл- вæстастæу. Уыныс, йæхи хъуыдытæ дæр алыхуызæттæ уыды- сты, æмæ ацу, ды рагацау базон, йæ зæрдæйы цы ис, уый. Куы нæ сæ базонай æмæ йæ цы фæнды, уый куы нæ зæгъай, уæд та дæ хæдзар сарæзтай. Афтæ цардтæи æз хицæуттимæ æмæ мын бирæ аргъ дæр уымæн кодтой. Дæ зæрдыл дар, «Гаврил Хæми- цовичæй» мæм дзырдтой, æмæ уæд æмбардзынæ, цы кад мын уыдис се ’хсæн, уый. Æз ныр дæр афтæ кæнын. Хицау уæд, æмæ цы- фæнды дæр фæуæд. Мæ хъуыранæй дын ард хæрын, цы булкъоны кой кæнын, уый сæры мæ зæвæты бæрц зонд нæ уыд. Фæлæ зондæй нæу хъуыддаг. Мæнæ нæ колхозы сæрдар, мæ хъуыраныстæн, уыцы булкъонæй мин хатты зондджындæр у. Гъемæ мæ хицау у æмæ йын козбау ныхас кæнын хъæуы. Хицау нæ уæвгæйæ, уæд æм мæ сæрмæ дзурын дæр не ’рхæссин. Хуьщау æй зонды дæгъæл фестын кæнæд, уæддæр раджы æгад хæдзар уыдысты, æз та цæрæг хæдзарæй уыдтæн... Фæлæ йын козбау куы кæной, уæд æй не ’мбары. Æф- •хæрд та бынтондæр не ’мбары. Æмæ, мæ хъуыраныстæн, хицаухуыз дæр нæу. Æм- бырды йæ ныхмæ радзурынц, алывыд ын фæкалынц. Æз æнхъæл вæййын, ныртæккæ сæ ехсæй нæмын рай- дайдзæн, зæгъгæ. Уый рацæуы æмæ сабырæй фæзæ- гъы: 101
«Æмбæлттæ раст дзурынц, æцæг нæм уыцы хъæн- тæ ис æмæ сæ фесафын хъæуы». Уæуу, ард дæ хæдзары бацæуа, кæд куыд раст дзурынц, дæ ныхмæ куы цæуынц, уæд! Уæдæ ма мæ булкъонæн загътаис, раст нæ дæ, зæгъгæ. Уый дын раст æмæ зылын цы у, уый фенын кодтаид. О, æмæ дæуæй зæгъын. Ды м’ аууон дæ, æмæ хъуа- мæ мæ фæндтæ æххæст кæнай. Æз мæ хицауы аууон дæн, æмæ æз хъуамæ уый фæндон æххæст кæнон, уый та йæ хицауы аууон у æмæ уый фæндон æххæст кæ- на. Æз цард афтæ æмбæрстон æмæ йæ афтæ &мба- рын. — Дæ фæндаг раст, Гæбил! — фехъуыст æм æвип- пайды. Фæстæмæ дæр нæма фæкаст, афтæ та йæ лæгъстиа- джы фæлывд мидбылты худт бакодта Гæбил æмæ дзуапп радта: — Арфæгонд у, мæ хæдзар.— Уалынмæ йæ фæстæ цæуæджы ауыдта. Уый уыдис колхсзы сæрдар Сан- дыр. — Кæимæ дзурыс, кæ, Гæбил, иунæг куы дæ? — Мæхиимæ ныхас кæнын... Дæуæй æппæлын мæ- хицæн. Мæ хъуыраныстæн, зæгъын, мах хицауы хуы- зæн лæг ацы зæххыл нæма æрлæууыдис. — Æнхъæлдæн, æмæ та дæ аууонимæ ныхас кæ- ныс? Ныр аууæттимæ ныхас кæнæн рæстæг нал у. Уый раджы кæддæр уыдис. — Æмæ мын мæ ныхæстæ... Дæуæй æвзæрæй куы ницы загътон,— фæсырх Гæбил æмæ тæссæй ризæгау скодта. 1933
ИРВÆЗЫНГÆНÆГ Горæт Петровск ныссабыр, ныхъхъус. Нал зындис уынгты иу змæлæг. Æрмæст станцæйæ пихлæйттæй хæрдмæ калди сау æмхæццæ фæздæг, дымгæ йæ хаста æмæ йæ горæты сæрмæ пырх кодта. Уынгты, цæхæрадæтты, уæладзгуыты зылдис ца- вæрдæр тасдзииад. Фæлæ уымыты ахæмæй никæйы ардта, æмæ йæ риуы арфмæ, йæ зæрдæмæ кæмæн ныб- бырыдаид, йæ цæстысыгтæ кæмæн фемæхсын кодтаид, йе ’уæнгтæ кæмæн нырризын кодтаид. Æмæ уæд бырыдис уазал, уымæл, талыиг пъадвал- тæм, рынчындæттæм, æхсæнтæкалæн цъайтæм æмæ уым ардта хуыздзыд, æмризæджы рызтгæнæг адæмы дзыгуырты. Аходæнæй фæстæмæ катайгæнæджы змæлд кодтой урс æфсады хицæуттæ. Денджызы былæй Петровскы станцæмæ цыдысты хæрзконд, хæрзхуыз, цыбыр ды- мæг, æлвыдбарц бæхтыл афицертæ. Чест дæтгæйæ цыдæр хъусын кодтой, станцæйы ма урсыты хицæут- тæй цы зынгæдæртæ баззад, уыдонæн. Стæй здæхтыс- ты фæстæмæ сæ бынæттæм, цапуалæй уайгæйæ. Алы æрбацæуæджы фæстæ дæр æнкъардæй-æнкъарддæр, мæстыхуызæй-мæстыхуыздæр кодтой хицæуттæ æмæ сæ цæсгæмттыл бадтис цавæрдæр тасы æнгас. Æрмæст дзы хъæлдзæг уыди æрыгон, схъæлбоцъо, хæрзконд афицер Воронов. Уый ^ходæныл кæмдæр сæн банызта армæ срасыг ис. Иæ хъоппæг сау цæстытæ æрттывтой, сывæллон цин куы фæкæны, уæд уымæн куыд ферттивынц, афтæ худæнхуызæй. Бæстæ хъæ- рæй йæ сæрыл систа, зарыдис, æлгъыста большевич- чыты мадæлты æмæ сæм æртхъирæн кодта. 103
Æфсады хистæр хицау Величко йæм смæсты, йæ дæндæгты къæс-къæс æм цыд, ахæм тасы сахат кæй банызта, уый тыххæй. йемæ рагæй зонгæ уыд, хæла- рæй йын цардис йæ хъæздыг зæхджын фыдимæ. Зыд- та, Украинæйæ Кавказмæ дæр йæ расыггæнаг æмæ æнæгъдаудзинады тыххæй æппæрст кæй æрцыд. Афтæ мæсты йæм кæй у Величко, уый йæхæдæг дæр æм- бæрста Воронов. Йæхинымæры састис йæ рæдыдыл. Хъавыдис Величкойæ хатыр ракурынмæ. Бацыд æм иухатт хæстæг: — Гæспæдин булкъон, ныббар... Бафтыдтæн иу- ранмæ æмæ дзы сæн ссардтон. Нал æм баурæдтон мæхи, æмæ куыд уыныс, афтæ... Уыцы ныхæстæ зæгъгæйæ, йæ цæстытыл ауадис, цы хæдзары банызта, уырдæм куыд фæмидæг ис, уый. Æхсаргард куы фелвæста бинонтæм, уæд сылгоймæг- тæ цъæхахстгæнгæ фæлыгъдысты фæйнæрдæм. Иу та сæ рудзынгæй цæхæрадонмæ агæпп ласта, кæд ын йæ бæрзæй асæттынæй тас уыдио, уæддæр. — Цæугæ æмæ ныххуысс. Дæ нозт куы ссæуа, уæд ныхас кæндзыстæм,— мæстыйæ йым дзуапп радта Ве- личко. Воронов ацыд. Зылдис йе ’мбæлттыл, ныхас сын кодта, худтис æнæмбаргæ худтæй. Фæлæ иинæтæй ни- чи худт. Уыдон иууылдæр уыдысты мæсты æмæ тарст- хуыз. Хурыскæсæнырдыгæй Петровскмæ хæстæг кæнын байдыдта Сырх Æфсад æмæ æрбалхъывта урсыты. Суанг ма сихормæ сæ зæрдæ дардтой махонты фæстæ- мæ асурыныл, фæлæ æфсады хицау дзырд радта го- рæтæй ацæуын æмæ денджызмæ бахизыны тыххæй. Æмæ уæд урсытæ тынгдæр базмæлыдысты. Амад- той вагæтты хæлц. Æрвыстой сæ денджызы былмæ, дзаг сæ кодтой науты æмæ сæ ластой денджызы бы- лæй денджызы астæумæ хæстæгдæр. Машинист Хуытъинаты Мæхæмæтæн урсытæ уы- дысты йæ цæстысындз, уымæн æмæ сын бон-изæрмæ каст сæ фыдмитæм, уыдта, адæмы куыд æфхæрдтой, афицертæ сæ салдæттыты куыд надтой, уыдæттæ. Мæ- хæмæт нæ фæрæзта, мæсты сæм кæй у, уый æмбæх- сын. Æмæ-иу дзы Величко дзырдта: 101
— Ацы хуыйы хъыбылæн дæр йе ’смудæнтæ, æн- хъæлдæн, уыдонырдæм арæзт сты. Кæмæй йæ аивдæ- уа, уый куы уаид, уæд æй айсафын кæнин... Райсомæй йæм Величко бадзырдта æмæ йын загъ- та, маневыртæ кæнын кæй хъæуы, уый. Иæхæдæг æм афтæ æдзынæг ныккаст, цыма йæ аныхъуырынмæ хъа- выдис. Æвæццæгæн æй базонын фæндыд, цæмæн ыл дызæрдыг кодта, уыдæттæ æцæг сты, æви нæ, уый æмæ хъæбæрæй загъта: — Ардыгæй дын ацæуæн ис æрмæст дыууæ раимæ: кæиæ дæ паровозмæ, кæнæ ингæнмæ... Равзар... Асагъæс кодта Мæхæмæт. Исдугмæ зæгъынмæ хъавыдис, нæ ацæудзынæн... æнæфæразгæ дæн, зæгъ- гæ, фæлæ бамбæрста, уымæй ингæны дуар бакæны- нæй уæлдай кæй ницы рамбулдзæн. Раздæхт фæстæмæ æмæ æнæбары схызт паро- возмæ. Фæссихор урсытæн сæ тасдзинад фæтыхджындæр. Архайдтой тагъддæр маневыртæ фæуыныл. Фæлæ сын Мæхæмæт бамбарын кодта, бафæлладтæн æмæ мæ бон нал у, зæгъгæ. — Куыдзæй цы куыдз райгуырд, уый! Æнхъæл- дæн, тасдзинад куыд тыхджындæр кæны, афтæ йæхи- уыл æрвæссын байдыдта,— загъта Величко, хабар куы фехъуыста, уæд æмæ йæм арвыста афицер Фредберы ахæм дзырдæй: «Фæдзæхст сæххæст кæнæд, кæннод- иу æй амар». Мæхæмæт æмæ йе ’ххуысгæнæг Иваненко лæууы- дысты паровозы раз æмæ сойы тылд хæцъилтæй сæрф- той сæ мазутæй дзаг къухтæ. Хъавыдысты ацæуынмæ, хицауадæй сæ куыд ничиуал æрбаййафа, афтæ, фæлæ нæ уыдис паровозæн дæр ныууадзæн. Уыцы рæстæг вагæтты аууонæй фæзындис бæрзонд- гсмау лæппулæг афицеры дарæсы. — Цæмæн лæуут æнцад? — бафарста мæстыйæ. — Гæспæдин афицер, бафæлладыстæм, нæ бон ку- сын нал у,— дзуапп радта Мæхæмæт. — Тагъд паровозмæ схизут! — фæхъæр ласта, йæ галиу къухæй машинæйы асинтæм ацамонгæйæ, рахи- зæй та йæ хуымпъырæй ливор ласгæйæ. Мæхæмæт фырмæстæй рафыхт. Иæ цæстытæ фæ- 105
хъоппæг сты æмæ ферттывтой зынджы къæрттытау. йæхи йыл ныццæвынмæ рахъавыд. Ныртæккæ йæ йæ быны афсæрид, йæ дамбаца йын йæ къухæй акъахид, æмæ йып йæ авд нæмыджы дæр йæ сæрыл банымаид, фæлæ йыи афтæ бакæиæн иæ уыд. Сæ алыварс змæ- лыдысты урсыты салдæттæ, хъахъхъæнджытæ æмæ афицертæ. Мæхæмæт бакаст Иваненкомæ, уый цæсгомыл дæр бадтис ахæм мæсты æнгас. Хуыздæр гæнæн нæ уыд æмæ бахызтысты па- ровозмæ, сæ фæстæ, йæ дамбаца йæ къухы даргæ- йæ, Фредбер дæр. Дзырд радта, кусын куыд райдайой, афтæ. Паровоз, уæззау хъæрзтау, схъох-хъох кодта, скалдта мæстыхуыз, сатæг-сау фæздæджы пихлæйттæ, ныууасыд, фенкъуысыд йæ бынатæй æмæ ацыд фæс- тæмæ... Хур аныгуылынмæ бирæ нал уыдис, уæдмæ нæ банцадысты маневыртæ кæнынæй. Иухатт Мæхæмæт паровозы рудзыигæй фæндагмæ ракаст. Æвиппайды фæцыд дамбацайы гæрах. Фæкаст уыцырдæм... Сауцъар лæг, кусæджы дарæсы, расыджы хуызæн йæхи фæрсырдæм бахаста, вагоиы æвдузæныл фæ- хæст... йæ сæрыл хæрдмæ схæцыд, фæстæрдæм æй ап- пæрста æмæ йæ фæтæн риу размæ ракодта... Стæй йæ тымбыл къух хæрдмæ систа, маст æмхæццæ худт ба- кодта æмæ тыхджын ныхасæй сдзырдта: — Лæджы фыдхортæ!.. Мæн амардтат, фæлæ мæ хъуыддаг нæ амардзыстут!.. Уæхи цард, уæхи хъуыд- даг раздæр амæлдзæн!.. Фæцыд дыккаг гæрах. Ацы хатт æй фехста, стан- цæйы раз Величкойы дæлейы цы дæлбулкъон лæууы- дис, уый: мæлæджы ныхас аскъуыд æмбисыл. Иæсæр ма батылдта, цыма йыл бындз абадт æмæ уый сырд- та, афтæ. йæ русыл къæдзтæ-мæдзтæй æруадис ту- джы лыстæг лæсæн. Иæ уæрджытæ йæ быны фæды- дагъ сты, йæхи сындæггай зæххыл æруагъта, стæй вагоны бынмæ бафæлдæхт. Ноджы тынгдæр сабузта Мæхæмæты маст. Уыиы нывмæ кæсгæйæ, уый хъуыды кодта, цæй тыххæй йæ амардтой, ууыл. Æмæ йæ базыдта æрмæст æртæ боны 106
фæстæ. Уый уыдис кусджыты организацийы æрвыст лæг. Агуырдта сын, станцæйы вагæтты цы сæкæр æмæ ссад уыдис, уыдоны. Фæлæ йын сæ Величко нæ лæ- вæрдта, судзгæ сæ кæнæм, зæгъгæ, уый фæдыл кæрæ- дзимæ карз сдзырдтой æмæ... Вагæтты куыд æвæрын кодтой, афтæ æвæрд фесты. Дыууæ æмæ ссæдз вагоны хæлæг æрмæг, топпыхос, динамит æмæ пираксилинæй дзагæй æфснайд æрцыдысты, уæлбыл цы стыр бензи- ны бактæ уыдис, уыдоны хæдбынмæ. Сæ алыварс — сæдæ вагоны алыхуызон товартæ. Пъланмæ гæсгæ хъуамæ урсытæ, горæт уадзгæйæ, ссудзой кæройнаг вагон. Сæхæдæг куыд дард кæной, афтæ арт судзгæ æрбацæудзæн хæлæг æрмæгæй дзаг дыууæ æмæ ссæдз вагонмæ... Æмæ куы фехæлой, уæд фæйнæрдæм фæхæсдзысты, сæ хæдсæрмæ æд бензин цы бактæ ис, уыдоны. Ссудздзæн æнæхъæн горæт дæр æмæ минуты æрдæгмæ цыдæр æрбауыдзæн, ничиуал базондзæн, уыцы ран ма кæддæр хæдзæрттæ уыдис, æмæ дзы адæм цардысты, уый дæр... Æризæр. Хур ма йæ фæстаг тынтæй, тугæй ахуырс- ты хуызæн, сахуырста хъулæттæ æврæгътæ. Уыцы рæстæг сырхыты сармадзаны фыццаг нæмыг æрхауд- та вагæттæм дæрддзæф, станцæйы фæзы, æмæ, æрра галау, сфæйлыдта зæхх. Уымæй чысыл æддæдæр фе- хæлд дыккаг нæмыг. Горæты ма чи баззадис (зайгæ та дзы бакодтой, алидзыны фадат кæмæн не’сси, ахæм мæгуыртæ), уы- доныл цыма стыр хорз æрцыд, цыма бирæ æнусты кæ- мæ фенхъæлмæ кастысты, уыцы цин сыл сæмбæлд, афтæ æхсызгон сын уыд. Хуытъинаты Мæхæмæты æд паровоз «тагъд кæни- наг хъуыддаджы» æфсон арвыстой Каегентмæ. Куыд- дæр паровоз фæаууон ис, æмæ урсытæ сæ зæрдæ фæдардтой, машинисттæ арт нал феидзысты æмæ дыууæ æмæ ссæдз вагонæн станцæйæ аласынæй тас нал у, уый, афтæ ссыгътой, бæмбæгæй йе ’дзаг чи уыд, уыцы кæройнаг вагон... Уый фæстæ дзырд радтой, æмæ ма станцæйы цы иугай урсæфсæддонтæ баззад, уыдон денджызырдæм се ’мбæлттæм сæхи айстой. Хуытъинаты Мæхæмæт станцæйæ чысыл куы ауа- 107
дис, уæд фæсабырдæр кодта паровозы цыд, стæй йæ ауагъта хæрзсындæг! «Цавæр тагъд кæнинаг хъуыддагмæ нæ æрвитынц Каегентмæ? Уым сын куы ннцыуал баззад?.. Куы ни- чиуал сæ ис уым?» — фарста йæхинымæр æмæ æр- лæууыд. Паровоз йæ мидбынаты мæсты тыф-тыф кодта, хъæрзыдта, ныхситт-иу ласта, цыма кæдæмдæр йæ гæндзæхтæ тыдта. — Куыд æмбарыс, кæй нæ рарвыстой, уый? — ба- фарста Мæхæмæт æххуысгæнæг Иваненкойы. — Цыдæр х^ндзинад дзы ис,— дзуапп ын радта, йæ мил цæсгом уыйæрдæм разилгæйæ. Мæхæмæт йæ фистæггонд нуарджын цонгæй ал- хъывта хæцæн. Паровоз та ныххуыфыд, сатæг-сау фæздæджы пихлæйттæ сæппæрста йæ трубайæ æмæ тагъд фæстæмæ рараст станцæмæ. Уыцы ран иал зындис змæлæг. Цыренæй сыгъды- сты хоры, сæкæры, пырындзы, бæмбæджы вагæттæ. Чысыл дымгæ раулæфыди, йемæ хаста пиллæттæ æмæ афтæ зындис, цыма цавæрдæр стыр сырд йæ сæдæ сырх æвзаджы алырдæм радав-бадав кæны. Сыгъды- сты вагæттæ, сыгъдыст^ тилифоны хъæдтæ, сыгъдысты зæххыл чысыл фæтæгены æмæ дохты малтæ. Арт хæс- тæг бацыд хæлæг æрмæджы вагæттæм. Æрмæст ма цалдæр минуты, æмæ уæд цы нæма æрцыд, ахæм дис- саджы хабар æрцæудзæн,— æгас горæтæй рыг дæр нал баззайдзæн. Мæхæмæт уыцы сыгъд дардмæ куы ауыдта, уæд æддоз фæурæдта паровоз. Исдуг ахъуыды кодта, цы бачындæуа, ууыл. Фæстæмæ йын атæрæи æмæ афтæмæй хи аирвæзын кæнæн уыдис. Фæлæ уый та куыд? Утæппæт адæм кæм сæфынц æнæххуысгæнæ- гæй, уым бахъахъхъæн дæ сæр... Уыдонæн сæ бон ницы у... Дæуæн та, кæц дæ удæн тас у, уæддæр, чи зоны, дæ бон бауыдзæн сæ фервæзын кæнын... Æрвнæрæгау кодтой денджызырдыгæй дæр æмæ Сырх Æфсадырдыгæй дæр сармадзантæ, хъуысыдис топпыты гæрæхтæ, пулеметты къæр-къæр. Хъуыдытæ дардыл азгъордтой, фæлæ сæ рæстæг, цæстыфæныкъуылдау, фæцыбыр. 108
— Атæх æмæ уыцы вагæттæн фæндаг байгом кæн!..— райхъуыст Мæхæмæты ныфсджын хъæр. Ива- непко æнæзивæг паровозы асинæй æргæпп ласта. Чы- сыл æртыты сæрты тæррæстытæгæнгæ, азгъордта стрелкæмæ. Арт бахæццæ хъаймæты дыууæ æмæ ссæдз вагон- мæ. Фыццаг сæрфт скодта йе ’взаг æппæты фæстаджы къулыл, фæлæ йæ рог дымгæ уайтагъд пуварс аскъæф- та. Æрмæст ма хъуыдис цъусдуг... Стæй арт фæстæмæ æрбаирвæзтаид вагоимæ æмæ ныниæрыдаид бæстæ... Фæлæ арты дыккаг æрбалæбурдмæ адард сты тæс- саг вагæтгæ. Аивгъуыдтой цæхæры астæуæй. Арф улæфт ныккодтой Хуытъинаты Мæхæмæт æмæ Иванеико. Бакастысты кæрæдзимæ. Сæ цæсгæмттыл хъазыд мидбылты худт. Дзурын сæ ницы хъуыд. Æнæ- ныхасæй дæр кæрæдзи æмбæрстой, ацы сахат сæ цин цæуыл у, уый. Фæлæ талынджы горæтæй чысыл куы ауадысты, уæд сæ сæрты деиджызырдыгæй атахт прожекторы рухс. Уый хæдфæстæ фæцыд топпы гæрæхтæ, æмæ паровозыл пыггæр-гæр кодтой нæмгуытæ. Иниæрды- гæй æхсын райдыдтой сырхытæ дæр. Уыдон нæ зыд- той, поезд цавæр у, уый... Тасы ран уыдысты, стыр тасы ран. Фæлæ Мæхæмæт фæтагъддæр кодта цыд æмæ тъæпæн æрхуыссыдысты. Дыууæрдыгæй нæрыдысты хотыхтæ, дыууæрдыгæй нæмгуытæ хостой вагоны фæрстæ, уæддæр паровозы арт куыд сыгъдис, афтæ сыгъд Мæхæмæт æмæ Ива- ненкойы зæрдæты дæр цин. Чи зоны, ныр сæхи удтæн тæссагдæр у, чи зоны, нæмгуытæ динамитыл куы сæм- бæлой, уæд фехæлдзысты вагæттæ, фæйиæрдæм фæ- хæсдзысты, сæ алыварс цыдæриддæр ис, уыдоны, фæ- лæ дзы ныр мард фæуынæй тас у, мингай адæмтæн нæ — æрмæст Хуытъннаты Мæхæмæт æмæ Иваиенко- йæн. Сахаты цыды фæстæ дыууæ æмæ ссæдз тæссаг вагоны уыдысты Петровсчы фале æмæ мæйдары лæу- уыдысты быдыры. Бынтон талынг та уыд станцæ, фæстæмæ йæм куы æрбахæццæ сты, уæд. Баурæдтой, рахызтысты паро- возæй. Мæхæмæт зæххы ауыдта, дыууæ «синаджы 109
халы» судзгæ куыд цыдысты къæдзтæ-мæдзтæгæнгæ, уый. Хæстæгдæр сæм бауад, мæ къахæй сæ ахуыссын кæнон, зæгъгæ, æмæ æрмæст уæд бафиппайдта, йæ хæдразмæ, урсытæй ма чи баззад, ахæм бронепоезд «Олег» кæй лæууыдис, уый. Чысыл дарддæр ацæугæ- йæ, уæд ыл паровоз йæхи скъуырдтаид æмæ, дæ фыд- гул афтæ —ныппырх уыдаид. Куыд рабæрæг, афтæмæй Хуытъинаты Мæхæмæт йæ къæхтæй цы судзгæ «синаджы хæлттæ» ахуыссын кодта, уыдон разындысты пироксилины фитилтæ. Арæзт уыдысты бронепоезд «Оледжы» бынмæ. Цæл- хытæм судзгæ куы бахæццæ уыдаиккой, уæд фехæл- даид динамит æмæ фæхастаид фæйнæрдæм «Оледжы». Æиæнхъæлæджы ахæм хъуыддаг йæ къухы кæй бафтыдис Мæхæмæтæн, уый йыи афтæ æхсызгон уыд, æмæ ма абон дæр æнæстыхсгæйæ уыцы хабар ракæ- нын нæ фæразы. Дыууæ сгуыхтдзинады фæдыл фесæфт бои-изæр- мæйы уæззау куысты фæллад, байдзаг зæрдæ цпнæй, уæнгтæ кодтой рог. Райсомы Хуытъинайы-фырт ласта бæгънæг, æххор- маг, фæлæ тыхджын, революцион, ныфсджын Сырх Æфсады. Станицæйы хæдзæртты къултыл, будкæтыл, бæлæстыл ауыгъд уыдысты ставд дамгъæтæй фыст гæххæттытæ: — Цыт æмæ намыс хъæбатыр Хуытъинайы-фыр- тæп! Æгас цæуæд æппæт фæллойгæнджыты ирвæзын- гæнæг Сырх Æфсад! 1934
АМЕРЫКДЗАУ Нæ хъæуы рагæй дзурыиц: «Æцæг зæгъыс, æви Гæлæуы уæлибæхты кой кæныс?» Æнæзонгæ лæгæн зын бамбарæи у, цавæр Гæлæуы уæлибæхты кой кæ- нынц æмбисонды æмæ сæ æцæг ныхасимæ цæмæн бæттынц, уый. Фæлæ нæ дарддæры тауырæгъ цæмæй æнцондæр æмбарæн уа, уый тыххæй хъуамæ зонæм, уыцы æмбисонд куыд сæвзæрдис, уый. Мæгуыр æмæ йæхисдауаг лæг уыдис Гæлæу. Рап- пæлын мондагæй-иу гæды ныхæстæ дæр акодта. Иу- хатт та ныхасмæ рацыдис, йæ былтыл цы сойы муртæ аззад, уыдон сæрфгæ дæр нæ нык&одта, афтæмæй. — Оф, оф, оф! — загъта Гæлæу.— Нæ мад мæлæ- ты цæрвджын уæлибæхтæ акодта æмæ дзы æгæр ахорд- тон. Бауырнæд уæ, æртæ дзы бахордтон æмæ сæ уæд- дæр нæ бафсæстæн. Мæгуыр уыд Гæлæу. Хæдзары фосæй сæм æрмæст- дæр уыдис иу пыхцыл карк, иу лæгуынхъуыр уасæг æмæ, йæ комы фырзæроидæй иу дæндаг дæр кæмæн нал баззад, ахæм мила куыдз — Кути. Æгæр-мæгуыр сæм мыстытæ æмæ уырытæ дæр æв- вахс нæ цыдысты. Уый тыххæй-ну йæ хъæздыг æмæ хъал сыхаг Микъала афтæ дзырдта: — Цы кусой мыстытæ æмæ уырытæ дæр Гæлæуы хæдзары, сæ дæндаг дзы цæуыл æрхæца, уый йæм хоры гага куы нæ ис, уæд? Микъала хъал уыдис æмæ хъал ныхæстæ кодта, фæлæ Гæлæу мæгуырдзинадæй сфæлмæцыд. Касдæм дзы ахастаид йæ сæр, куыд дардтаид йæ мад æмæ йе ’фсымæр Арсæмæджы, уымæн ницы æмбæрста æмæ æппынæдзух катай кодта. 111
Се ’мбисоиды чъиритæ кæмæй скодта сæ мад, уы- цы гуымбыл сын сæ хæларзæрдæ сыхаг ус æрбахаста ссады тæбæгъыдзагимæ. Гъа, зæгъы, мæ бон, адонæй уæлибæхтæ акæн æмæ дæ бинонтæ урсаджы хъæстæ фæуой. Диссаджы чъиритæ рауадысты, æмæ дзы Гæлæу йæхи хорз куы федта, уæд рацыд ныхасмæ æмæ афтæ- мæй раппæлыд. Æмæ йын йæ ныхасмæ йæ хъус уый- бæрц ничи æрдардта, фæлæ йæ уыцы хъал æмæ цыргъæвзаг Микъала бафарста: — Дæ хорзæхæй, Гæлæу, дæ хæдзары пыхцыл карк, лæгуынхъуыр уасæг æмæ зæронд куыдз йедтæ- мæ куы ницы ис, уæд сæ кæцыйæ æрдыгътай, гуым- былтæ цæмæй бацахстæуа, ахæм æхсыр? — Хорз фиййау къæдзæх дæр радуцы! — хъазæн дзуапп бæргæ радта Гæлæу, фæлæ йæ ныхас худæг кæй иæ рауад, уый йæхæдæг дæр бамбæрста æмæ фæ- сырх. Ноджы Микъалайы æлхыскъмæ адæм ныккæл- кæл кодтой æмæ уæд бынтон фефсæрмы. Уæдæй фæс- тæмæ хъазгæйæ фæрсын байдыдтой хъалтæ æмæ цыргъæвзæгтæ Кæлæуы: — Цæй-ма, уыцы диссаджы уæлибæхты ад махæн дæр феныи кæндзынæ, æви нæ? йæ боны адæмы нæ бауырныдта, Гæлæу æцæг уæлибæхтæ бахордта, уый, гæды иыхасыл ын æй ба- нымадтой æмæ уæдæй фæстæмæ æмбисондæн баззад. Райдианы йыл цыма Гæлæу мæсты кодта, афтæ зын- дис, фæлæ куыдфæстæмæ сахуыр æмæ йæ йæхæдæг дæр дзурын ^айдыдта. Ныхас иыртæккæ уыцы æмбисондыл нæ цæуы, фæлæ Гæлæу бирæ азты Амерычы кæй фæцис æмæ дзы афтидæй кæй сыздæхт, ууыл. Куы ссыд, уæддæр та йæхицæй æппæлынмæ хъавыдис, тынгдæр та афтидæй кæй ссыд, уый куыд ничи бамбара, афтæ. Æмæ цæ- мæйты раппæлынмæ хъавыд, уыдон ын куы нæ рауа- дысты, уый йæхæдæг куы фæдзуры, уæд адæм артæн- хæлдтæ фæвæййынц. Бадты кæнæ бригады улæфты рæстæг арæх фæ- фæрсынц адæм Гæлæуы йæ амерыкаг балцы фæдыл ахудыны тыххæй. Æмæ уæд уый дæр райдайы йæ тауырæгъ. 112
— Сымахæн уый худæг у, уæдæ цы, фæлæ æз утæп- пæт фыдæбæттæ ме ’рагъыл бавзæрстон. Дæлдæр ныххауæд, нæ хъæумæ ахæм фæлитой куы фæзындис, уыцы бон. Дæлæмæ æрхауæд, ахæм дæсны дзураг æвзаг ын чи радта, уыцы хуыцау дæр! Æмæ йын æвзаг та диссаджы æвзаг уыднс! Хъуыддаг афтæ рауад: ныр уын цы лæджы кой кæнын, уый иу сæрдыгон бон æрцыдис н.т хъæ>мæ æмæ æрфысым кодта мæ сыхаг Микъаламæ. Йæ пом Тембол хуындис, хуыцау дзы ма сразы уæд дыууæ дуиейы дæр! Рацыд ныхасы адæммæ. Сбадын æй код- той, уазæгæн куыд æмбæлд, афтæ астæуæй. Æмæ дзу- рын райдыдта. Ныхас кодта Амерыкыл, куыд æй ссардтой, ууыл. Ныхас та афтæ кодта æмæ йæ алы дзырд дæр зæрдæмæ хъардта. Уым, зæгъы, адæмæн сæхицæн ницы куыст ис. Бад æнцад дæхицæн, кус- гæ та дæ бæсты машинæ кæндзæн. Æрмæст æм дæ цæст дар æмæ дæ дзыппыты æхца æвгæи. Иу бонмæ дып уыйбæрц бакусдзæн æмæ æнæхъæн афæдз куынæуал бакусай, уæддæр æлдары цард кæндзынæ. Æмæ йæ ныхас фæци мæиæ афтæ: «Лæджы цар- дæй иучысыл ацæрын кæй фæнды, уый цæугæуæд Амерыкмæ». Кæй зæгъын æй хъæуы, йæхи хæдзары дæр дзæбæх чи царди, уый ницæмæн хъуыдысты Темболы ныхæс- тæ. Фæлæ зæхх дæр æмæ фос дæр кæмæ пæ уыд, уа- зал æмæ æххормаг чи уыд, уыдои хъуыды кæнып рай- дыдтой: «Чи зоны, Тембол раст зæгъы: æцæгæйдæр ис, мæгуырдзинадæй фервæзæн кæм и, ахæм бæстæ». Мах, мæгуыртæ, кæрæдзпйы разæнгард кæнæм Амерыкмæ цæуынмæ. Тембол та мæныл ныйичъи. Цæугæ, зæгъы, Аме- рыкмæ. Æвæццæгæн мын мæ хъару базыдта (къам. беиæй домбайдæр уыдтæн уæд). Уымæн та мах хуы- зæтты тыххæй уæлдай æхца фыстой. Тæригъæд дын, зæгъы, кæнын, Гæлæу, дæ амоиди- мæ хицæнтæй кæй цæрут, уый тыххæй: ды — ам, уый та — Амерычы. Цу дæ амонды фæдыл. Уый дæ, зæп>ы, 8 Мамсыраты Дæбе 113
схъæздыг кæндзæн æмæ фæстæмæ куы сыздæхай, уæд зæхх æмæ фос балхæндзынæ, уæладзыг хæдзæрттæ скæндзынæ. Дæ цард дæр æмæ дæ кад дæр фендæр- хуызон уыдзысты. Æмæ уæд æз дæр ныхъхъуыды кодтон: «Чи зоны æмæ æцæг мæ амоид уым ис... Ам мæм хæстæг куы нæ цæуы, уæд уæдæ кæм уыдзæн? Æмæ мæ амондимæ куы нæ баи^ уон, уæд мæгуырæй фæхъизæмар кæн- дзынæн, стæй æгадæй амæлдзынæн. Амерычы та, чи зоны... Уадз, машинæтæ мæ бæсты ма кусæнт, мæхи- цæн къæхтæ æмæ къухтæ нæй? Æрмæст мын мæ фæл- лойæн фидæнт, куыд æмбæлы, афтæ, æндæр...» Цæуы- ныл ахицæн мæ хъуыды. Фæлæ хъуыды иу у, ацæуынæн та æхца хъуыдис. Æмæ сæ кæм ссардтаид мæгуыр лæг?.. Фæлæ æнæ цæугæ дæр нæ уыд. Мæ бинонтæн исты амал хъуыди, стæй мад дæр тæригъæд уыд, сидзæргæсæй нæ фæ- хаста æмæ йæ дарын мæнмæ каст. Лæджы бон бакæнын цы у, уый бакодтон — хъал Микъалайæ фæндаггагæн æфстау æхца райстон, алы сомæн дæр ын амерыкаг доллæр æмæ æрдæг кæй æр- витдзынæн, ахæм дзырдæй. Æхца дæтгæйæ мын загъ- та: «Амерыкæй куы сыздæхай, уæд та мæ цæстытыл уайы, дæхицæй куыд æппæлдзынæ, уый. Кæд æрмæст уый тыххæй цæуыс, уæддæр дæ хуыцау базонæд». Нæ, кæд, зæгъын, мæнæн дæр мæ капеччытæ дæ сомыйас ныддымсиккой, уый тыххæй цæуын,— дзуапп ын рад- тон æз. Мæлæты рæвдз рауад мæ пыхас, фæлæ Микъа- ла æхцатæ нымадта æмæ мæ нæ фехъуыста... Æмæ йæ ма фехъусæд... Нæ разы чи лæууыд, уыдон æй фе- хъуыстой æмæ мын уый дæр æгъгъæд уыд. Цыбыр дзырдæй, æхца райстон æмæ мæхи бацæт- тæ кодтон. Бирæ адæм срæвдз кодтой уæд сæхи Аме- рыкмæ цæуыимæ. Фæлæ мах, домбайдæртæ нæ чи уы- дис, уыдон, сфæнд кодтам иумæ цæуын, уæдæ лæмæгъ- ткмæ цы сарæзтаид лæг — чындзæхсæвмæ хуынд, мнййаг, куынæ уыдыстæм! Мæ мад, мæгуыр, акуыдта, фæлæ мæ нæ баурæд- та, уымæн æмæ æмбæрста, афтæмæй дарддæр цæрæн кæйнæуал ис, уый. Ме ’фсымæр Арсæмæг ма уæд хæрзчысыл уыдис æмæ бæгъæмзæнг, гом гуыбынæй 114
разгъор-базгъор кодта (ныр та æнæхъæн колхозы сæрдар у). Цыппар лæппуйæ нæ къæссатæ не уæхсчытыл æрæппæрстам æмæ араст стæм Елхоты станцæмæ — уым хъуамæ сæмбырд уыдаиккой амерыкдзаутæ. Нæ фæстæ ныууагътам, уарзон æмæ нын хæстæг цыдæ- риддæр уыдис, уыдоны, размæ та кастыстæм цавæр- дæр æбæрæг, æнæзонгæ, фæлæ нæ амондæн кæм æн- хъæл уыдыстæм, уыцы Амерыкмæ. Фæндагыл цы фыдæбæттæ фæкодтам, ууыл уын нæ дзурдзынæн, стæй сæ дзурын дæр цæмæн хъæуы!.. Иуныхасæй, нæ нау бахæццæ мигъæй æмбæрзт го- рæтмæ. Уый уыдис, цы горæттæ федтам, уыдонæй се ’ппæтæй стырдæр. Лæг уазæгуаты куы фæцæуы, уæд куыддæр бæрæг- бонхуыз вæййы. Рагацау æй фæзоны, кæмæ бацæуа, уымæн дæр æхсызгои кæй уыдзæн йæ фæзынд, стæй йæхицæн дæр æхсызгон кæй уыдзæн фысымты фенд. Амерык махæн нæ хæстæг, не ’рвад кæй нæ у, уый æз рагацау дæр зыдтон. Фæлæ йæ куыд хуыдтой, ахæм хорз бæстæ кæд у, уæд æм хъуамæ уа, уазæгæн «æгас- цуай» зæгъыны æгъдæуттæ дæр. Æмæ уымæ гæсгæ нæ зæрдæйы уаг уыдис, уазæджы зæрдæйы уагау, хъæл- дзæг. Фæлæ хорз «æгасцуай» нæ загъта Амерык ирыс- тойнаг уазджытæн. Чи зоны æмæ мæхи аххос дæр уыдис,— уыцы бæстæйы уазæгæн йæхи дарын куыд æмбæлы, афтæ нæ дардтон мæхи. Ныхæстæн кæрон нæй. Фæлæ иуахæмы нæ нау йæ фарс йæ лæууæнмæ æнгом балхъывта. Дæлæмæ æруагътой асинтæ æмæ сыл адæм хызтызты æд кар- зинкæтæ, асыччытæ, чумæдантæ. Æз дæр мæ къæссаимæ семæ æрцæуын... Æрцæ- уын, зæгъгæ, цæугæ нæ кодтон, алырдыгæй мæ æрбал- хъывтой, систой мæ æмæ мæ бынмæ ахастой. Фæстæ- мæ ма ме ’мбæлттæм ракæсыныл архайдтон, фæлæ кæм!.. Ранæй-рæттæй мæм ферттивынц сæ къæссатæ æмæ та фæаууон вæййынц... Мæн та дзыллæйы зæй йемæ хæссы. Каесын, æмæ мæ разæй дзыллæйы зæй фæхæссы 115
ныллæг, къæсхуыр сылгоймаджы, йæ уæлæ сау худ. йæ сывæллоны йæ сæрмæ бæрзонд снста, куыд нæ йын æй ныцъцъист кæной, афтæ. Дыууæ æмыйас, къамбецы хуызæн лæджы лæууы- дысты бынæй æмæ тагъд кодтой адæмы. Махмæ пъæ- лицæ уыдои хуызæн дарæсы нæ цыди, æмæ æз цæмæй зыдтон, пъæлицæйæгтæ сты, уый. Адæм-иу асинæй куы ахызтысты, уæд фæйнæрдæм фæпырх сты, цыма æлхъывд резинæ феуæгъд, афтæ, æмæ, кæрæдзи схойгæйæ, згъордтой дарддæр. Сывæл- лонджын сылгоймаджы чидæр асхуыста æмæ йæ худ ахаудта. Куыд æм фæгуыбыр кодта, афтæ йæ пъæли- цæйаг фæсте йæ къахæй сцавта, æмæ йæхи размæ ахаста. Исчи ма сывæллонджын усы цæвы, зæгъгæ, бауай- дзæф кодтаин пъæлицæйагæн, амерыкаг æвзаг куы зыдтаин, уæд. Фæлæ йын, зæгъын, мæ маст мæ тым- был къухтæй бамбарын кæнон, тымбыл къухы цæф алы æвзагыл дæр æмбарынц. Тыххæй слæууын кодтон сылгоймаджы. Радтон æм йæ сывæллоны. Мæхæдæг адæмы зæйы ныхмæ пъæли- цæйагмæ бырын райдыдтон. Цыдæр амæлттæй йæм бахæццæ дæн æмæ йæм дзурын нæхи ирон æвзагыл: — Сырды мыггаг, куыд цæвыс уый сывæллонджын усы? — йæ тæрттыл ын фæхæцыдтæн æмæ мæ къух хæрдмæ фæхастон (уыцы ныхасмæ Гæлæу йæ фысы сæрыйас тымбыл къухмæ æркаст). — Фæлæ пъæлицæйаг фæраздæр æмæ мын мæ сæр резинæ лæдзæгæй ныццавта... стæй дыккаг хатт... æр- тыккаг хатт... Æз æнæбын талынг коммæ атахтæн, ницыуал бамбæрстон. Фæстæдæр куыд базыдтон, аф- тæмæй мæ ме ’мбæлттæ рахастой. Уый мын уыдис амерыкаг хицауады фыццаг «лæ- вар». «Кæд, зæгъын, æвиппайды нæ бамбæрстой, æз дардбæстаг уазæг кæй дæн, стæй канд уазæг кæй нæ дæн, фæлæ мæ амонд Амерычы кæй цæры æмæ уымæ кæй æрцыдтæн»,— хъуыды кодтон мæхинымæр. Фæлæ уый фæстæ куыд рабæрæг, афтæмæй ма мæ тынг хорз дæр базыдтой, чи дæн, уый, уыцы æнамонд рези- нæ лæдзæгæй мыл æндæр хатт куы æрцыдæуыд, уæд. 116
Уый та рауадис афтæ. Цыппæрдæс азы дзы ныххырхтон хъæдфадæн за- воды. Кæй зæгъын æй хъæуы, машинæ нæ куыста мæ бæсты, мæхæдæг фæлдæхтон стыр хъæды лыггæгтæ. «Фæлæ цы гæнæн ис... Мызд бынтон чысыл ма уæд, æндæр...» — загътон мæхицæн. Цæргæ кодтам талынг, уымæл пъадвалы бирæйæ. Æвзæр дзы уыди, фæлæ нын аслам цыд. Æхца ку- сынмæ цы лæг ацæуа, уымæн та аслам уæд, æндæр дуртыл дæр схуысдзæн... Æнæбайрайгæ фæуæд йæ хæдзарæй уыцы Амерык! Уæд дзы цы æндыснæг слас- тон, уый ма мæ абон дæр цух нæ уадзы. Хæринагæй уын куы зæгъон, уæд дзы фыдджынтæ æмæ хъайлатæ нæ хордтам. Донджахи кæй фæхонынц, ахæм хъæрм- хуыпп æнæ картофы мурæй. Капекк капеччы уæлæ æвæргæйæ, чысыл цыдæртæ мæ къухы бафтыд. Цыппар азмæ мæм цы æрæмбырд, уыдонæй бафыстон Микъалайы хæс. Уый фæстæ мæм- иу цы капеччы муртæ æрбафтыд, уыдон нæхимæ æр- витинаг уыдтæн, фæлæ сæ нмцæуылтыл куы ахардз кæной, уымæй тарстæн, æмæ сæ мæхимæ æвæрдтон. Дардтон сæ мæ пинджачы æмбæхст дзыппы. Цыппæрдæс азы уæззау куыстæй цытæ æрæмбырд кодтон, уый хуыцау зоны, фæлæ уæддæр æппын ницы- йæ исты хуыздæр у. Нæ цæрæнбынат заводæй дард уыдис æмæ-иу æм- бисæхсæвмæ тыххæй æрбахæццæ стæм куыстæй. Фæн- дæгтæ та уыцы афон тæссаг уыдысты: зылдысты сыл стъигъджыты бал. Иу æнæхайыры æхсæв мæ куыстæй фæцæйцыдтæн нæ цæрæнбынатмæ. Кæд тынг фæллад уыдтæн, уæд- дæр, къæрныхтæй тæрсгæйæ, тагъд уадтæн. Уынгты цъиуызмæлæг нæ уыд, æмæ фæныфсджын дæн... Уалынмæ кæсын, æмæ уынджы тигъæй чидæр ра- зынд. «Иунæг кæд у, уæд цыфæнды тыхджын куы уа, уæддæр мын ницы йæ бон суыдзæн»,— хъуыды кæнын æз, фæлæ уæддæр мæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп ссыд. Хъавыдтæн уынджы иннæ фарсмæ мæхи байсын. Уалынмæ кæсын, æмæ лæгыл пъæлицæйы дарæс. Зæгъын, ацы Амерычы кусджыты хъысмæтыл куыд тыхсынц! Бастъигъынæй тæссаг кæм у, уыцы рæтты 117
пъæлицæйæгтæ æрæвæрдтой. Æнцад-æнцойæ баив- гъуыдтон пъæлицæйаджы рæзты. Уыцы цъусдуг хафт, æмæ мæ сæрыл æруад резинæ лæдзæджы цæф. Стæй хафт, хафт, хафт, зæгъгæ мыл ралæууыди, цалынмæ уадзыгæй æрфæлдæхтæн, уæдмæ... Æрчъицыдтон рынчындоны. Мæ сæр уæззау рыст кодта. Фæлæ афарстон: — Мæ уæлæдарæс кæм сты? — Ам сты, ма сын тæрс,—дзуры мæм медици- нон хо. Куы фæдзæбæхдæр дæн, уæд сын загътон, мæ дзаумæттæ мын æрбахæссут, зæгъгæ. Мæ сусæг дзып- мæ мæ зæрдæ тынг æхсайдта. Фæлæ мын бæрзонд, стæвдтæ арæзт сылгоймаг загъта: — Кæд рынчындонæй цæуынмæ хт>авыс, уæд ба- фид, цы дыл схардз кодтам, уый. — Фидгæ та цæй тыххæй? — Хостæ, хæринаджы æмæ нæм кæй фæцардтæ, уыдæтты тыххæй. Мæ куыдз дзы амæлæд уыцы Амерычы, æнæхца- йæ мæлæн дæр кæм нæй. — Æмæ мæ фидын та цас хъæуы? Куы мын æй загъта, уæд та фæцæйуадзыг кодтон... Мæ пинджак мын, зæгъын, æрбахæссут, ме ’хцатæ уым сты. Дæ дзыппы, дам, ницы ис. Рахæссут æй, зæгъын, рахæссут, мæхæдæг сæ зонын, кæм сты, уый. Æрбахастой мын мæ пинджак. Фæлæбурдтон дзып- мæ — æмæ дзы ницыуал. Фæрсын сæ: — Ам куы уыдысты ме ’хцатæ, уæд цы фесты? Фындзыкæлмæрзæн йедтæмæ, дам, дзы ницы уыд. Гъе афтæ фесæфтысты мæ бирæ азты фæллæйттæ. Куыд бамбæрстон, афтæмæй пъæлицæйаг кусджыты мæт нæ кодта... Кæд мæ рынчындонмæ йæхæдæг æрба- ласта, уæддæр æхцатæ уый йедтæмæ ничи систа. Ахæм у, гъе, Амерык. Нæхи хъæуæй мемæ чи уыдис, уыдон бафыстой рынчындоны хицауæн мæ хæстæ æмæ рацыдтæн, мæ пинджачы зæронд мæ уæлæ, афтæмæй. Рацыдтæн æмæ алырдæмты акастæн. Иуырдыгæй дæр мæм адæ дард- 118
дæры амонд нæ бахудт. Мæ бон уыд, кæцырдæмдæ- риддæр мæ бафæндыдаид, уырдæм ацæуын. Æмæ æз араст дæн, мæ къæхтæ мæ кæдæм хастой, уыцырдæм. Цавæрдæр æфсæнвæндаджы арæзтады куыстыл фæхæст дæн. Мæ мызд хæринаджы фаг дæр тыххæй уыдис. Фæлæ, зæгъыи, кæд æххормагæй нал амæлин. Стæй мæхæдæг кæй нæ амæлдзынæн, уый диссаг нæ уыд... Фæлæ, зæгъын, цы кæндзысты мæ мад æмæ мæ гыццыл æфсымæр Арсæмæг, æз сæм куы нæ фæкæсон, уæд? Æмæ мæхæдæг иунæгæй рельсытæ фæлдахын рай- дыдтон. Æртæ-цыппар лæджы кæм хъуыдис, уым иу- нæгæй куыстон. «Ницы, зæгъын, кæны, Гæлæу, лæджы фыд хæ- рынмæ нæ бæззы... Чи зоны æмæ дын зын уыдзæн, фæлæ дæ цы æхцатæ фесæфт, уыдон ма кæд бамбырд кæнис»,— æвæрдтон мæхицæн ныфсытæ. Иухатт рельс æгæр тыхджын фесхуыстон æмæ мæ тæнты цыдæр аскъуыд. Зынаргъæй ма мæм цы баззад, ома æнæниздзинад, уый дæр мæм нал уыд. Æрбадтæн æмæ хъуыды кæнын райдыдтон, дарддæр цы чыпдæ- уа, ууыл. Гыццылæй кæй ныууагътон, уыцы æфсымæр- мæ фæндаггаджы æхцамæ арвитин, фæлæ уый мæ сæрмæ куыд æрхæссон! Æмæ та уæд мæ цæсгом бахъæцыд мæ хъæуккæг- тæм. Райстон сæ æфстау æхца, сæ бинонтæн сын æй кæй бафиддзынæн, уый дзырдæй. Ноджы мæ нæ амерыкаг æмгусджытæ иуран нал уагътой: «Дæ райгуырæн бæстæм ацу. Уым цард хорз у. Мах дæ бынаты куы уаиккам...» Цыфæнды куы уа, уæддæр æдзæугæ нæй. Мæ- гуырæй сыздæхын... худииаг у... фæлæ сæфсон кæн- дзынæн, мæ мулк мын фæндагыл адавдæуыд, зæгъ- гæ... Кæй нæ уырной мæ ныхæстæ, уый-иу ацæуæд æмæ сæ сбæрæг кæнæд. Радтон тел нæ хæстæджытæм, мæ бинонтæ ма æгас сты, æви нæ, уый тыххæй. Фæстæмæ дзуапп райстон: «Дзæбæх стæм, рацу. Де ’фсымæр Арсæмæг». Бацин кодтон. Радтон фæстæмæ тел, кæй фæцæ- уын, уый тыххæй. 119
Рараст дæи дыууæ афтид чумæданимæ æмæ, зæ- гъын, Амерычы дзæгъæлы кæй фæхафтон, уый дæр схъæр кæнын иæ хъæудзæн. Цы диссæгтæ дзы федтон, уыдонæй æппæлынмæ фæуыдзынæн æмæ уæд адæм хъуыды дæр нал æркæндзысты, афтид армæй сыздæх- тæн, уый. Фæлæ дзы цæмæйты раппæлдæуа? Цы дис- сагдæр фæкæсдзæн адæммæ?.. Электрон рухс, автæ- мæбил... Фæлæ хъавгæ æппæлын хъæудзæн. Исты та куы фегæр кæнон, уæд мæ цæрвджын уæлибæхтау æмбисондæн баззайдзæн. Фатер мын хорз уыд. Æртæ уаты, лакæй ахуырст пъолтимæ, фæлмæн бандæттæ, цъæтджын сынтæджытæ... Уыдон хъуамæ бауырной адæмы. Кæй нæ уырной, уый рацæуæд æмæ сæ сбæрæг кæнæд. Даргъ-Къохы станцæйы поездæй куы æрхызтæн мæ дыууæ афтид чумæданимæ, уæд иу бæрзæндтæ, хæрзконд, хæрзарæзт лæппу мæ размæ æрбацыд æмæ мæ бафарста: — Бахатыр кæн, фæлæ ды Гæлæу нæ дæ? Мæ чумæ^антæ зæххыл æрæвæрдтон, мæ къух æм бадаргъ ксдтон æмæ комкоммæ лæпиумæ нык- кастæн. — Уый дæн, фæлæ дæ æз куынæуал хъуыды кæнын! — Куыд нæ мæ хъуыды кæныс, Сан-Францискы бирæ куы фæцардыстæм иумæ,— загъта лæппу, йæ худæг тыххæй уромглейæ. — Æцæг, æцæг,— сдзырдтон æз, уæвгæ нæ хъуы- ды кодтон, кæд цардтæи ахæм адæймаггмæ, уæддæр, фæлæ...— Æмæ ды раджы рацыдтæ Амерыкæй? — афарстон та йæ æз. — Иу аст азы размæ.— Стæй йæ худæг нал ба- урæдта æмæ ныппыррыкк кодта. — Æмæ уæддæр чи дæ? Нал дæ хъуыды кæнын. — Аосæмæг дæн, кæд искуы фехъуыстай ахæм ном. — Кæй Арсæмæг? — Дæ кæстæр æфсымæр. Фембæрстон хабар. Мæ цæсгом асырх. Смæстымæ мæ бпрæ нал хъуыд, фæлæ ахæм лæг кæй рауад Ар- сæмæгæй, уын мын æгæр æхсызгон уыд. — Цом уæдæ нæхимæ,— загъта Арсæмæг. — Цом, ’фæла*... Ехх, ныр Амерычы, уæд автæмæ- 120
бил аххуырс, абад дзы æмæ уайтагъд дæ хæдзары фест. — Цом, ай Амерык нæу, фæлæ кæд исты амæлт- тæй хæццæ кæниккам,— загъта Арсæмæг, мидбылты худгæйæ. Райста чумæдантæ æмæ хордæттырдæм араст. Зæрдæйы фаг феппæлынмæ хъавыдтæи Амерычы автæмæбилтæй, фæлæ йын сæ фæндагыл радзурдзы- нæн. Хъуамæ диссаг фæкæсой хабæрттæ ме ’фсы- мæрмæ. Уæдмæ хордæтты астæуты ахызтыстæм уынгмæ. Уым гом, æрттиваг автæмæбилты раз Арсæмæг æрæ- вæрдта чумæдантæ, йæ дуар ын байгом кодта æмæ мæм дзуры: — Ам Амерык нæу, фæлæ дзы мæнæ ахæм уæрдæт- тæ ис. Рацу сбад. Æз джихæй баззадтæн. — Кæй автæмæбил дын у? — афарстон æй дисгæн- гæйæ. — Райкомы,— цыбыр дзуапп мын радта. — Райгом дуар, уый мæхæдæг дæр уыныи, фæлæ дын, зæгъын, кæй автæмæбил у. — Райкомы, зæгъын,— дзуапп та радта Арсæмæг. — Райкомы, зæгъыс? Æмæ ахæм ком та кæм ис, куынæуал æй хъуыды кæнын? Æз райком цы у, уый не ’мбарын, Арсæмæг уый куы бафиппайдта, уæд мын æй худгæйæ радзырдта, стæй ма загъта, районы стахановонты æмбырды кæй уыдис, æмæ йын райкомы секретарь йæ размæ рацæ- уыимæ машинæ кæй радта. — Цæй, сбад æмæ цом. Мæ царды дæргъы уæд фыццаг хатт сбадтæн ав- тæмæбилы. Хъыг мын уыдис, раппæлинаг кæмæй уыд- тæн, уыцы хъуыддæгтæй иудæр кæйиæуал фæбæззы- дис, уый. Быдыртыл куы фæцæйцыдыстæм, уæд мæ Арсæмæг афарста: — Куыд дæм кæсы нæ мæнæуты ахаст? — Цавæр мæнæуты ахаст? — Мæнæ уыдон мах мæнæутæ сты. — Кæцытæ? 121
— Мæнæ ацы быдыртæ иууылдæр. — Æмæ цæмæй балхæдтай уыйбæрц зæххытæ? — дисгæнгæйæ бакастæн Арсæмæгмæ, хынджылæг та мæ кæны, æви æцæг дзуры, уый равзарынæн. йæ цæсго- мы æнгасмæ гæсгæ хынджылæг нæ кодта Арсæмæг. — Æлхæнгæ сæ нæ бакодтам, фæлæ нын сæ Про- летарон революци радта. — Уæдæ уыдон мах зæххытæ сты? — Мах... колхозы. — А-а? Уæдæ ды дæр уыцы Колхозмæ фæкусыс, иæ? — Ай-гъай. Уым кусын æз дæр. — Иæ бон ныккала, цæйбæрц зæххытæ йæм ис! Æмæ уæд йæ мыггаг та кæмæй у, Колхоз кæй хоныс, уымæн? Зæрдæбынæй ныккæл-кæл кодта Арсæмæг, æз кол- хоз не ’мбарын, уый куы базыдта, уæд, æмæ мын æй райдыдта амонын. Æз ницы рахатыдтон йæ ныхæстæй, фæлæ æдылыйы бынаты куыд нæ баззайон, мæхи аф- тæ дардтон. Уалынмæ автæмæбил иу хъæуы фæмидæг æмæ атахти лæгъз соса фæндаг уынджы. Амерыкмæ цæу- гæйæ ам цæоæг нæма уыдис æмæ афæрсинаг уыдтæн, цавæр хъæу у, уымæй, фæлæ уæдмæ машинæ фæлæу- уыдис иу кæрты дуармæ. Бæрзонд æвæрд, стыр ру- дзынгджын рæсугъд хæдзар. йæ разы дидинджьпæ æмæ дыргъ бæлæстæ сагъд. Диссаджы хъæздыг æмæ мæм рæсугъд фæкаст. — Цæмæн æрлæууыдыстæм ам? Кæй хæдзар у? — афарстон æй æз. — Ай у стахановоны хæдзар,— дзуапп радта Ар- сæмæг. — Æмæ уыцы Стахановон кæй хоныс, уый кæй ус у, цы нын бавæййы? — Уый ус нæу, фæлæ... — Омæ чызг дæр фæуæд, фæлæ нын цы бавæййы? Ныххудтис та Арсæмæг, æмæ мын бамбарын код- та, стахановон цы у, уый. Фефсæрмы дæн, бынтон æдылыйы бынаты кæй зайын, уымæй. Схызтыстæм сенæмæ. Уым уыд та- лынг. Фырцинæй цырагъ ссудзынмæ ничиуал арæхст. 122
— Ехх, ньтр ацы хæдзæрттæ Амерычы, уæд... уæд сæм электрон рухс бауагъдæуаид æмæ талынг нæ уаиккой,— раппæлынмæ хъавыдтæн, фæлæ куыддæр «уæд» сдзырдтон, афтæ Арсæмæг кънопкæ фæзылдта æмæ цырагъ ссыгъд. Мæ ныхас мæ хъуыры æрдæгыл фæбадт. — Уый та уæм кæцæй æрцыд? — сонт фарст акод- тон æз. — Махмæ Амерык нæу, фæлæ нæм ахæмтæ дæр ис,— хынджылæджы ныхасæй дзуапп радта Арсæмæг. Хъыг мын уыдис, ме ’ппæлинæгтæй та ноджы иуæй кæй ницы рауад, уый. Ныр ма мын баззад иу æппæ- линаг — Амерычы хорз фатеры цардтæн, зæгъгæ. Фæлæ... Арсæмæг уаты дуар байгом кодта æмæ мидæ- мæ бацыдыстæм. Электрон цырагъ ссыгъта æмæ мæ цæстытæ цæхæртæ акалдтой... Æрттивгæ хъулджын сынтæджытæ, гауызтæ, цъæтджын бандæттæ, гæрди- роб, стыр айдæн... Фæтарстæн, кæд мæ ме ’фсымæр хъазгæ кæны æмæ мæ искæмæ бахуыдта. Дызæрдыг- хуызæй бакастæн Арсæмæгмæ æмæ йæ фæрсын: — Каей уат у, лæппу, ай? Цы сты мæнæ уыдон? — Махмæ Амерык нæу, фæлæ нæм ахæмтæ дæр ис,— дзуапп та радта Арсæмæг. Фыццаг хатт æрбадтæн цъæтджын бандоныл. Ныхъхъус дæн. Истæмæйты ма уæддæр куы раппæлин амерыкаг мысгæ цардæй, уый мæ фæнды, фæлæ нал уæндын... Уæд та мæ, зæгъын, исчи, цæй афтидæй ссыдтæн, уымæй куы бафæрсид, уæд фæндагыл кæй сцæттæ кодтон, уыцы гæды ныхæстæ сын скалин. Фæ- лæ ницы, мæхи ссыдыл мын цин кæнынц. — Д-а-а! Каецæй æрхауа ахæм цард Амерычы мæ- гуыр адæммæ?! — мæхæдæг дæр æй нæ бамбæрстон, афтæмæй мæ хъуыд^1тæ сирвæзтысты хъæрæй.— Æз мæ сæнтты дæр ахæм цард никуы æрымысыдтæн. Ехх, бецау, Гæлæу,— ахъуыды ма кодтон уæд,— фондз æмæ ссæдз азы дард æцæгæлон бæстæтыл фæ- хаттæ амондагурæг, афтæмæй амонд та дæхи хæдза- ры уыд...» 1935
ПАКЕТ Мах бадтыстæм Абысалимæ Æрæфы был фæсвæд ран. Бæстыл уæлдай сыбыртт нæ хъуыстис, кæд стыр аходæн афон уыд, уæддæр, æрмæст дон цы уынæр кодта, æндæр. Фæлæ уыцы бынат йе ’нцады тыххæй нæ равзæрстам. Абысалæн йæхи фæндонмæ гæсгæ ацы- дыстæм уырдæм. Уый дзырдта, зæгъгæ, дам, мæ сæйрагдæр мысинæгтæ Æрæфимæ баст сты æмæ, дам, ын йæ тагъд уад куы уынон, йæ мæстыгæр сыр-сыр ын куы хъусон, йæ алыхуызон уирагдуртыл куы лæу- уон, уæд, дам, хуыздæр æмæ бæлвырддæр æрымысдзы- нæн ивгъуыд бонтæ. Æмæ дзургæ дæр кодта, Æрæфы тагъд уылæнтæм æдзынæг кæсгæйæ. йæ таурæгъ дæр уыдис доны хуызæн æнæскъуыйгæ рæсугъд æмæ тыхджын. Фæлæ йæ æз фыстон, йæ сæйраг хъуыдытæ æмæ йын нывтæ бæрæг кодтон мæ блокноты, уый фæстæ сæ кæй æры- мысдзынæн, ууыл зæрдæ даргæйæ. Фæлæ мын пакеты хабар куы ракодта кæронмæ, уæд ма дзы ракуырдтон, цæмæй ма мын æй иу хатт сындæгдæр радзура, æмæ йæ ныффыссон, куыддæрид- дæр æй фехъуыстон, афтæмæй. — Алцыдæр зæрдыл дарынмæ хорз дæн. Фæлæ дын æнæгæды куы зæгъон, уæд дзæбæх нал хъуыды кæнын, кæцы аз уыдис, уый. Нæ зыдтон кæсын, фыс- сын. Æнæуи та азтæ фæззæгмæ æмæ бæрæгбæттæм гæсгæ нымадтам. Гæды де ’знаг зæгъæд, фæлæ цыма ссæдзæм азы уыдис, афтæ мæм.кæсы. Цæвиттоны хъуыддагæй, уæд урсыты æфсад парти- занты къорды Дыгургоммæ батардта. Фæлæ, уыдон, нæхионтæ, авджы хъуыры къæрмæг куы ныссæдза, 124
афтæ комы нарæджы фидар æрбадтысты. Цы амал, цы мадзал нæ кодтой знæгтæ, уæддæр сын дарддæр сæ бон ницы уыдис. Сырх Æфсады уыдтæн уыцы рæстæджы. Уыдыс- тæм Дзæуджыхъæуы æмæ ныл уырдæм хабар сæм- бæлдис, партизантæ æвзæр уавæрты сты, зæгъгæ. Сырх Æфсады хицауадæн Дыгургоммæ бирæ тых арвитын йæ фадат нæ амыдта. Хæст ма дзæвгар рæт- ты цыдис тугдзыхты ныхмæ. Стæй бирæ тых æрвитын дæр нæ хъуыдис, уымæн æмæ, куыд хъусын кодтой, афтæмæй урсытæ æфсад нал уыдысты, фæлæ йæ баз- зайæггæгтæ, чысыл бандæйы къорд. Дыгуры партизантæн æххуыс кæнынмæ æрвыст чи цыд, уыцы дыууæ сæдæ барæгимæ фæдæн æз дæр. Горæтæй рараст стæм æмбисæхсæвты. Буц нæ уыд алчидæр йæхицæй, партизанты ирвæзын кæнынмæ кæй цæуы, уый тыххæй. Ноджы уыдыстæм хъæлдзæг, уы- мæн æмæ нæм афтæ каст, цыма урсыты бандæйы уай- тагъд адæрæн кæндзыстæм. Фæлæ сæ тæккæ чъылдыммæ куы æрхæццæ стæм, сусæг сгарджытæ сæм куы арвыстам, уæд уыдон ха- бар æрхастой, зæгъгæ, бандæ сты авд сæлæ адæйма- джы бæрц, стæй хотыхтæй бирæ ифтонгдæр махæй. Нæ хицауад фæдызæрдыг, цы бачындæуа, ууыл. Æрмæст нæхи хъаруйæ хæст райдайæн нæ уыдис. Гуырысхойаг нæ уыд, састы бынаты кæй баззадаик- кам, уый. Нæ хицауады нæ фæндыд штабмæ фылдæр тыхтæ рарвитыны тыххæй фехъусын кæнын, уæд æн- дæр фронт кæй фæлæмæгъдæр уыдаид, уый æмбæр- стой. Партизантимæ бастдзинад саразгæйæ, цал æфсæд- доны сты, цытæ сæм ис хæцæнгæрзтæй, уый базонгæйæ, уæд æнцон алыг кæнæн уыдис хъуыддаг. Æмæ уынаф- фæ дæр хаст æрцыд афтæ: хъуамæ иу лæг æрвыст æрцæуа мидæмæ, коммæ, сусæгæй базона хабæрттæ æмæ раздæха фæстæмæ. Фæлæ уый уыдис тынг зын. Коммæ баирвæзæн уыд æрмæст урсыты бандæйы æхсæиты ацæугæйæ. Уыдон та сгæрстой комыл мидæмæ цæуджыты, æмæ уадзгæ дæр кодтой, хорз кæй зыдтойГ æмæ кæуыл æууæнды- дысты, ахæмты. 125
Бынæтты уавæртимæ æз зонгæ уыдтæн. Иу къуыпп, иу дзыхъхъ дæр мын дзы æнæсгæрст нæ уыд. Æр- мæст нæ зыдтон, Æрæфы дондзон кæуылты у, уый йæ фæндаг арæх кæй раив-баив кæны, æз та афæдзы дæр- гъы нæхирдыгæй кæй нал уыдтæн, уымæ гæсгæ. Фæлæ мæ уый дæр цыма тынг нæ бахъыгдардзæн, афтæ мæм кæсы. Нæ командирæн радзырдтон мæ фæндон. Уый фыццаг дызæрдыг кодта, æнæсæр хъæбатырдзинады фæдыл комкоммæ мæлæты хъæбысмæ мæхи кæй æп- парын, ууыл. Фæлæ йын æз бамбарын кодтон, атагъа- тыл, доны былтыл хъуызгæ кæй цæудзыиæн хуымæ- тæджы ирон лæджы дарæсы. Кæд мæ æрцахсой, уæд- дæр мæм ницы бæрæггæнæн уыдзæн æмæ мын ницы кæндзысты. Æмбæрстон, урсыты æхсæн мæн чи зоны, ахæм лæг разынынæй тынг тæссаг кæй у, уый, фæлæ уыцы хъуыддаг командирæн нæ загътон, мæ балц мын куы бакъуылымпы кæна, уымæй тæрсгæйæ. Цæуынмæ мын бар лæвæрд куы ’рцыд, уæд, хъæуккæгтæй кæй ракуырдтон, ахæм бызгъуыртæ мæ уæлæ скодтон, мæ фадгуытæ уæлиау стылдтон, мæ ронбасты фæсонтырдыгæй фæрæт æрсагътон æмæ до- ны былтыл уæлæмæ араст дæн, амал кæм уыдис, уым атагъаты æмбæхсгæйæ. Цас хæстæгдæр кодтон бынатмæ, уыйас тынгæй- тынгдæр тарстæн. Аргъæутты, таурæгъты фæдзурынц, лæг мæлæтæй нæ тарстис, зæгъгæ. Æнæуи царды афтæ нæ вæййы. Нæй, мæлæтæй чи нæ тæрсы, ахæм. Æмæ мæлæтæй нæ тæрсыны, мæнмæ гæсгæ, хъæбатырдзи- над нæй. Адæймаг мæлæтæй куы тæрса æмæ дзы йæхи бахъахъхъæнын куы бафæраза, афтæмæй йæ хæс куы сæххæст кæна, уæд уый æцæг æхсарджын у... Уыцы ныхæстæ дæ чиныджы ма фысс,— загъта Абысал,— уыдон æрмæст мæхи хъуыдытæ сты. — Гъемæ дын цæуын доны былты. Уæлдай мондаг- дæрæй кæсын æрдзы нывтæм, Æрæфмæ, мæ уæлейы дызгъуын къулау чи лæууыд, уыцы хæхтæм, цыма сæ фæстаг хатт уыдтон æмæ сæ уындæй бафсæдынмæ хъавыдтæн, уыйау. Урс бандæ цы зæххы хай ахстой, уый уыдис æр- мæст дыууæ километры бæрц æмæ уырдыгæй адæй- 126
маг аирвæзт, зæгъгæ, уæд йæ хъуыддаг ацыд. Фæлæ мæн нал бахъуыд уыцы тæссаг бынатыл ахизын дæр. Цæугæ райсомæй раджы акодтон æмæ хуры скастмæ хæрзхæстæг уыдтæн урсыты бандæйы лæууæн бынат- мæ. Уым мæ хъуыд доныл иннæрдæм ахизын. Æнæуи дзы, æз цы фæрсты цыдтæн, уым ахизæн нæ уыд: дон къулмæ цавта йæхи. Чысыл дæлдæр цæхгæр фæзылд фалæрдæм æмæ ууылты хъуамæ ауадаин, уым тæнæг- дæр уыдис. Æмæ уыцырдæм куы баздæхтæн, уæд ауыд- тон æвирхъау ныв. Доны тæккæ былыл дæлгоммæ хуыссыдис цавæр- дæр бæгъæмсар лæг, бызгъуыртæ, удæст дарæсы. Æр- мæст йæ раззаг æрдæг уыдис лыстæг хуыр-змисыл, йæ роибастæй дæлæмæ та доны. йæ сæрыфахсæй хъардта туг, лæсæн кодта хуы- лыдз сæрыхъуынтыл донимæ хæццæйæ æмæ сыстис хуылыдз змисыл. Лæг мæлгæ, лæджы туг калгæ бирæ хæттыты фед- тон алыхуызон уавæрты дæр, æмæ мæм диссаг ницы фæкаст хабарæй. Стæй дын уый дзургæ дæр нæ ракод- таин, æрмæст туг кæлгæ йедтæмæ куы ницы федтаин, уæд. Фæлæ дзы федтон, мæ царды дæргъы уымæй размæ дæр æмæ уымæй фæстæмæ дæр кæй никуыуал федтон, ахæм диссаг. Лæгæн йæ къухтæ уыдысты размæ тыгъд. Бæрæг уыд, йе ’нгуылдзтæй змис куыд къахта, уый. Æз фыц- цаг афтæ фенхъæлдтон, зæгъгæ, былмæ куы раирвæзт, уæд ма йæхи æмбæрста, æмæ донæй бынтон рабыры- ныл архайгæйæ, къахта хуыр-змис. Фæлæ уæд æн- гуылдзтæ змисы сагъдæй баззадаиккой. Лæгæн та йæ иу къух уыдис дæлгоммæ æвæрд, иннæмæй та йæм йæ алыварсы змистæ æрбацæйсæрфта. Ноджы мæм, дæл- гоммæ æвæрд цы къух уыдис, уый бынæй фæзындис хуылыдз цыппæрдигъон I æххæтты иу къуым. Уæд фæ- дызæрдыг дæн змисы къахæн фæдтыл. Æрбадтæн дзуццæджы æмæ дæлгоммæ чи уыд, уыцы къух иуварс акодтон æмæ змисæй фелвæстон чысылгомау цыппæр- дигъон пакет. йæ ныхæстытæ суæгъд сты æмæ йæ хуылфæй уæззау хауд æркодта цыппæрдигъон тыхтæй гæххæтт. Уымæ куыд фæкастæн, афтæмæй бафиппайд- тон: лæджы къух сындæггай æрбацæйбырыдис, змис 127
йæ разæй сæрфгæйæ, пакет кæм ныгæд уыд, уыцыр- дæм. Базыдтон, æгас ма кæй у, уый æмæ йæм цырд февнæлдтон. Фæфæлдæхтон æй уæлгоммæ. Цæсгом уыдис цъæхтæ, рахиз уадулыл, суанг хъусы быны онг, тарбын сырх хахх æмæ йæ фыд гæбазгай æрзæбултæ. Цæсгом афтæ пырхытæ уыдис, афтæ сахуырст тугæй æмæ йæ, æвæццæгæн, йæхи ныййарæг мад дæр нал базыдтаид. Ныр æнцад бадгæйæ цадæггай дзурын хабар. Фæ- лæ уæд тагъд архайын хъуыд... Абысал йæ ныхас фæурæдта. Цасдæр рæстæг джи- хæй фæкаст Æрæфы тагъд уылæнтæм, цыма равза- рынмæ хъавыдис, уыцы лæджы туг ма хæссынц æви нæ, уый. Хъыг мын уыдис, йæ ныхас кæй фескъуыдта, уый. Фæлæ ныр æмбарын, Абысал тынг дæсны таурæгъ- гæнæг кæй уыдис, æмæ барæй кæй фæлæууыд, цæмæй мæ тынгдæр сцыбæл кæна хъусынмæ, уый тыххæй. — Систон лæджы æмæ йæ мæ хъæбысы ныххасточ, нæ дæлейы цы атагъайы къох уыдис, уырдæм,— дзырдта дарддæр Абысал.— Æрæвæрдтон æй кæрдæ- гыл, мæ хæдоны пырхытæй йын абастон йæ уадул æмæ йæ сæры цæф сæ туг сын тагъддæр бауромыны тыххæй. Уый фæстæ йæ мæ уæрагыл ауындзæг æвæрд æркод- тон æмæ йын йæ ахсæнæй ралæмæрстон, цы дон æмæ змис аныхъуырдта, уыдон. Лæг сулæфыд. Æз хъуамæ дарддæр араст уыдаин мæ нысангонд фæндагыл. Фæ- лæ пакетмæ мæ зæрдæ тынг æхсайдта. Уæдæй тынгдæр никуы смæсты дæн мæхимæ, чиныджы кæсын кæй нæ зонын, уый тыххæй. Уæд мын уый баххуыс кодтаид хъуыддаджы бæрæг базонынæн. Ноджы донласты дзæгъæл ныууадзæн нæ уыд. Цæвиттон, æнæраздæхгæ нал уыдис. Лæджы фæ- уагътон атагъайы цъæх нæууыл хуысгæ, мæхæдæг тагъдгомау рацыдтæн фæстæмæ, мæ командирæн ха- бар фехъусын кæнынмæ. Дардмæ мæ куы ауыдта командир, уæд фенкъард. Базыдта, æз бынатмæ кæй нæ бахæццæ дæн, уый. — Цы хабар ис? — бафарста, хæстæг æм куы ба- цыдтæн, уæд. Æз æгъдау радтон мæ командирæн, сырхæфсæд- 128
дон æгъдæуттæ куыд амонынц, афтæ. Мæ ронæй па- кет хъавгæ раластон æмæ йæм æй бадаргъ кодтон. Уый йæ арæхстгай райхæлдта, куыд нæ алæбыра, аф- тæ, кæд уæдмæ мæ буары хъармæй фæсурдæр æмæ йын алæбырынæй тынг тас нал уыд, уæддæр. Фыст разынд сау кърандасæй æмæ æз ахæмтæн ницы зыд- тон, фæлæ командиры ныхасмæ гæсгæ йæ фыстытæ æнцон æвзарæнæй баззадысты. Куыд дарддæр каст, афтæ йæ цæсгом рухсæй-рухс- дæр кодта. Æз уымæй бамбæрстои, цыдæр ахсджиаг гæххæтт кæй разынд, уый. — Кæм дын уыдис ацы пакет? — бафарста мæ командир, йæ цин уромын нæ фæразгæйæ. Æз ын хæрзцыбырæй радзырдтон, хъуыддаг куыд уыдис, уый. Æмæ мын командир куыд загъта, афтæ- мæй уый разындис партизанты хицауы æрвыст гæх- хæтт. Уый фыста, зæгъгæ, сты æхсæз сæдæйы бæрц, уым сæм Дыгургомы адæмæй чи æрбафтыд, уыдон.и- мæ. Пулеметтæ æмæ сæм топпытæ ис фаг, фæлæ ма сæм гилдзытæ баззад хæрзчысыл. Хъусын кодта, абон фæссихор хæцын кæй райдайдзысты æмæ куырдта, цæмæй уыцы афонмæ Сырх Æфсады хæйттæ знаджы чъылдымырдыгæй ныццæвой. — Дис кæнын æз,— загъта командир,— цæмæй хъуа- мæ базыдтаиккой, Сырх Æфсадæй сæм æххуыс æрхæц- цæ ис, уый? Комы мидæмæ дæр æмæ æддæмæ дæр урс бандæ никæй уадзынц, зæгъгæ, куы хъуысы, уæд? Æз ницы æмбæрстон хабарæн. Цыдæриддæр уыд, уæддæр нæхи цæттæ кæнын бай- дыдтам фæссихормæ. Уыцы рæстæг дыууæ сырхæфсæддоны насилкæтыл æрбахастой донласт лæджы. Сæ иу уыдис нæхи хъæук- каг, хорз зыдта алфамбылай бынæттæ æмæ мæн цæуын нал бахъуыд. Донласт мæ фæстæ æрчъицыдта, йæ уд йæ мидæг æрцыд æмæ йæ куы æрхастой, уæд ныхас кæнынхъом фæцис. Кæцæй йæ базыдтаид адæймаг, цæсгом ыл куыиæ- уал уыдис, стæй мæ хæдоны пырхæй йæ цæсгом тых- тытæ куы уыд, уæд? Фæлæ йын йæ дзыхы иыхас куы фехъуыстон, уæд æй базыдтон. Уый уыдис Дзæрай. у Мамсыраты Дæбе 129
Мæн тагъддæр базонын фæндыд, æгас ма у уыцы диссаджы лæг, æви нал, уый. Фæлæ Дзæрай, зæгъ- гæ, куы загъта, уæд кæд нæ алыварс ничи уыд, уæд- дæр мæм афтæ фæкаст, цыма нæм хæстæг искуы ис. Тох куыд ацыдис, урс бандæйы дыууæрдыгæй куыд æрбалхъывтой, сæ афицерты сын бæрзонд былæй куыд фæкалдтой партизаитæ, уыдон мын Абысал лæмбынæг фæдзырдта, фæлæ уыцы хабæрттæ, æвæццæгæн, æи- дæр фыстмæ бацæудзысты. — Хæстæй куы раздæхтæн,—дзырдта дарддæр Абысал,— уæдмæ Дзæрай сдзæбæх, йæ уадул ма рог хъæдгом уыднс, æидæр. Æз æппæты фыццагдæр бабæ- рæг кодтон уый. Кæрæдзиуыл фæцинтæ кодтам, стæй йæ бафарстон, йæ хабар куыд рауад, уымæй. Фæ- дзырдта мым сæ лæмбынæгæй. Куыддæр æгъдауæй чидæр бафтыд быдырæй Ды- гургоммæ. Партизан, æндæр нæ уыд, фæлæ хуымæтæ- джы адæмимæ иыхасы ракодта мах кой. Уыцы хабар уайтагъд сæмбæлд партизаитыл æмæ мадзæлттæ агу- рын байдыдтой немæ бастдзинад саразыныл. Æндæр хуыздæр куы ницы æрхъуыды кодтой, уæд Дзæрай йæхимæ райста хъуыддаг. Ныфс бавæрдта йе ’мбæлт- тæн бынатыл сæмбæлын кæнынæй. Æмæ æвзаргæдæр тæссаг, фæлæ хорз фæидаг ракодта. Бырыдис Æрæфы комы къултыл, бæласæй бæласмæ, къæдзæхæй къæ- дзæхмæ хизгæйæ. Æмæ ма бон æнцондæр уыдаид, фæлæ Дзæрай та бырыдис æхсæрыгон. Бирæ хæттыты- иу зæбулæй дæр аззад бæлæсты къалиутыл, кæнæ та айнæгдурты тигътыл хæцгæйæ. Ахæм тæссаг ранмæ бацæудзæи уыцы адæймаг, æмæ йæ хъуыддаг йе ’мбæлтты, йæ адæмы зæрдæйæ чи уарзы. Бирæ йæ нал хъуыдис урс бандæйы зонæйæ раир- вæзынмæ, афтæ бон дзæбæх æрбацъæх. Уæд та иухатт бæласы хихыл ауындзæгæй аззад, дон йæхи къулыл кæм цавта, уый хæдсæрмæ. Уыцы сахат æй бынæй ауыдтой, Æрæфы комы урс бандæйы цы пост лæууы- дис, уыдон. Фæхъæр ыл кодтой. Дзæрай уæлбылмæ слидзынмæ хъавыд, фæлæ уæдмæ йе ’схизæны алæу- уыдысты урс бандæйæ дыууæйæ. Йæхи мæлæт хъуы- ды дæр не ’ркодта Дзæрай. Тарстис æрмæст, пакет знæгты къухы куы бафта æмæ хæстон сусæгдзннæдтæ 130
æргомгонд куы æрцæуой. Исдугмæ рахъавыд пакет донмæ фехсын æмæ уый фæстæ хи раттын, фæлæ уы- мæй ницы бакæнæн уыд. Пост федтаид гæххæтт хаугæ æмæ йæ фæстæмæ систаиккой. Цалынмæ уыдæттыл хъуыдытæ кодта, уæдмæ пос- тырдыгæй дыууæ гæрахы фæцыд. Рахатыдта Дзæрай, цæф кæй нæ фæцис, фæлæ афтæ лæууæн бирæ кæй нæй. Иу къухæй пакет ронмæ æнгом æрбалхъывта, иннæ къух феуæгъд кодта бæласы хихæй æмæ ратахт бынмæ. Иуран бæласы саст хих куыд фæбыцæу йæ уадулмæ æмæ йæ куыд афаста, уый бамбæрста. Доны мæсты æмæ уазал уылæнтæ йæ бацавтой байбынмæ. Ноджы ма бамбæрста, байбынæй йæ дон дуртыл къуыр- гæ былмæ куыд раппæрста, уый, стæй уæд йæ зонд тар кæнын байдыдта. Иæ фæстаг хъуыдытæ баст уы- дысты пакетимæ. Йе 'уæнгты ма цы хъару уыдис, уымæй архайдта йæ гæххæтт змисы бын бамбæхсыныл. Æххæст бам- бæхсын æй нал бафæрæзта, афтæмæй йыл сæмбæлд- тæн æз. Уæдæй нырмæ йæ бирæ уарзын. — Хуыцауы тыххæй, тæргай усы бадт цы кæныс доны был, æви та дæ мысинæгтæ дзурыс? — æрбай- хъуыст нæм чъылдымырдыгæй кæйдæр ныхас. Æмкаст æм фæкодтам. Атагъайы къалиутæ фæйнæрдæм кæн- гæйæ, махырдæм æрбацæйцыд рæстæмбис кар, ныл- лæггомау лæг. Куы нæм æрбахæстæг, уæд ын йæ уаду- лыл ауыдтон дæргъæй-дæргъмæ нос. — Мæнæ мæ уазæг дæуæй фæрсы æмæ йын дæ сæрхъæн хабæрттæ кæнын,— дзуапп ын радта Абысал, йæ цæсгом цины рухс ныцци, афтæмæй. Лæг мын мæ къух райста, салам мын радта, стæй загъта: — Уыдон дæр сæ рæстæджы хорз хъуыддæгтæ уы- дысты æмæ сæ мысын, чи зоны, æвзæр нæу, фæлæ кæнын та ныртæккæйы хъуыддæгтæ хъæуы. Цом, дæ уазæджы дæр рахон, адæм дæумæ кæсынц. Райсомæй нырмæ дæ агурын. Уый нæ хуыдта бригадмæ. Уым уыдис стыр бæ- рæгбон: сæ бригадир Дзæрай йæ ивгъуыд æмæ йæ абоны хъуыддæгты тыххæй райста орден. 1935,
ЙÆ РОЛЫ Пьесæйы рольтæ куы уæрстой, уæд артисттæй ал- чидæр æнхъæлмæ касти. Æнхъæлмæ касти æрыгон артисткæ, фæскомцæдисон Разиат дæр. Тарстис, æв- зæр роль ын куы радтой, уымæй. Цыма йын æвзæр роль ратдзысты, афтæ йæм каст, æмæ рагацау мæсты кæнын байдыдта. Сагъæсы бацыд, зæгъгæ йын кæд æцæг æвзæр роль радтой, уæд æй æппындæр нæ ба- комдзæн... Нæ бакомдзæн? Æмæ уæд театралон æгъ- дау, фæскомцæдисон хæс та? Бамбæрста, æнæсразы йын кæй нæ уыдзæн, уый. Тынгдæр мæсты кæнын æмæ тыхсын байдыдта. Директоры кабинетæй рацыд сæйраг режиссер. Иæ цæсгом уыдис кæнæ фæлладхуыз, кæнæ та рагацау зыдта, цауддæр рольтæ кæмæн радтой, уыдон хъаугъа æмæ бустæ кæй кæндзысты, уый, æмæ сæ фæлмæн ныхасæй басабыр хъæудзæн. Артисттæ æнхъæлмæ кастысты. Разиат фæсте æр- лæууыдис æмæ æнувыдæй хъуыста. Режиссер-иу фыц- цаг бакаст артисты мыггаг, стæй та йæ роль. — Разиатæн...— сдзырдта режиссер. Чызг нал хъæцыд ролы ном фехъусынмæ. Фæлæ йæ зæрдæйыл цыдæр æхсызгондзинад сæмбæлд, цæсгом æфсæрмы сырх фæцис, режиссер «Госæдайы» роль, зæгъгæ, куы сдзырдта, уæд. Стæй йæ уæнгты ахъардта цавæрдæр тасдзинад, æмæ йæ буар барызти. Театрæй рацыд, йæ ролыл сагъæс кæнгæйæ. Нæ уыдта адæмы. йæ цæстыты размæ лæууыдис мæгуыр хæххон, æвадат сидзæргæсы фæлгонц, фæлæ йын нæ- ма уыдта йæ цæсгом, нæма йын хатыдта йæ зæрдæйы уаг, æмæ уыдоны агуырдта хинымæры. Фæсæмбисæхсæвмæ йæ бон бафынæй нæ уыд. Иæ 132
хъуыдыты ныв кодта уыцы усы. Бæлвырдæй-бæл- вырддæр йæ цæстытыл хъазын байдыдта æмпылд цæс- гом, гуыбыргомау, цардæй бирæ æфхæрд чи бавзæр- ста, ахæм сылгоймаг. Уæддæр тарсти... Уый у пьесæйы сæйраг рольтæй иу... Куы нæ йæ бафæраза равдисын... Бафынæй. Ньц) йæхæдæг фестад зæронд ус. Фæ- цæйхаста хуымтæм фаджыс. Дурджын фæндаг. Тынг хæрд. Бафæллад цæуыиæй. Йæ зæнгтæ йæ быны ды- дæгътæ кæнынц. Буар хидæй суымæл. Фæлæ уæддæр цæуы размæ. Иуран æнæбын комы сæрмæ къæдзæх- тыл фæбыры. Иу дуры тигъыл бакъуырдта йæ тæскъ. Фæцудыдта. Нал баурæдта йæхи, æмæ атахт былæй. Иæ дзыхыдзаг ныцъцъæхахст ласта æмæ комы айнæ- гыл нæма сæмбæлд, афтæ фехъал. Æцæг фæлладау рыстис буар. Зæрдæ тарст, гуыпп- гуыпп кодта, фæлæ фын уыд, уый куы базыдта, уæд ын уыдис æхсызгон. Фын ын феххуыс йæ роль дзæ- бæхдæр бамбарынæн. Фæлæ уый æгъгъæд нæма уыд. Æвæлмæцгæйæ куыста Разиат йæ ролыл. Зылдис уынгты, базары, æдзынæг кастис хъæутæй æрбацæуæг сылгоймæгтæм, фæлæ йын уый ницы ахъаз уыдн. Ив- гъуыд зын царды фæд сыл зайгæ дæр иæ баколта. Дыууæ хатты уыди хъæуты, зæронд устыты уынынмæ. Фæлæ йын бирæ пайда нæ фæци уый дæр. Цыма ног дуг зæрæдтæн сæ цæсгомы æнгас дæр аивта, уыйау æм каст. Æмæ æцæг афтæ уыд. Колхозон зæронд устытæн цин æрттывта сæ цæстыты. Пьесæ æвæрынмæ бирæ куынæуал уыдис, уæд Ра- зиатмæ йæ мад уазæгуаты ссыди. — Фенон дæ. Цытæ кусыс, цæуыл фæцахуыр код- тай, уыдæттæ базонон, уымæн дæм суадтæн,— загъта йæ чызгæн. Ацардысты къорд боны иумæ. Чызг дзырдта зæ* ронд усы ныхасы уагæй. йе ’ккоймæ-иу исты систа, цыдис, цыма уæззау уаргъ хæссы, афтæ бырæгау код- та хæдзары къулы æнцæйтты. «Охх, мæ бон нал у!.. Цымæ кæдмæ цæрдзынæн ацы хъизæмары цардæй?»— дзырдта Разиат. Хынджылæгау кастысты уыдон йæ ныййарæгмæ. Иу изæр чызгæн мæстыйæ загъта: — Кæд дæ ууыл фæцахуыр кодтой ацал-ауал азы, уæд уый ницы у. 133
Хъыг уыд йæ ныхас чызгæн, фæлæ йæм æрмæст йæ мидбылты бахудт. — Æз ахæм хынджылæггæнджытæм нæ цæуын кæсынмæ,— загъта мад, Разиат æй фыццаг æхсæвы спектаклмæ куы хуыдта, уæд. Фæлæ йæ Разиаты æм- бæлттæ тыххæй сразы кодтой. Театр адæмæй уыд йæ тæккæ дзаг. Мад сбадтис фæстозгомау. Бабуц йæ зæрдæ, йæ хъæбулмæ йын уый. бæрц дзыллæ кæй кæсдзæн, уымæй. Фæлæ йæ нæ уыр- ныдта, чызг сæхимæ цытæ кодта, æрмæст уыдон фе- нынмæ æрцыдысты, уый. Æвиппайды хъуымацæй æх- гæд къул дыууæрдæм ацыд. йæ фæстæ разындысты стыр хæхтæ. Хохы цъуппыл рывтой чысыл зæххы гæп- пæл цавæрдæр зæронд лæг æмæ чызг. Мад æдзынæг каст йæ хъæбулы рацыдмæ. Уæртæ, къæдзæхыл æнцæйттæгæнгæ, ссæуы зæ- ронд ус, йæхицæй стырдæр фаджысы тæскъ йе ’ккойы, афтæмæй. йæ зæнгтæ фæдыдагъ сты æмæ кæуы: — Кæдмæ ахæсдзæн ацы хъизæмары цард? — сдзырдта уынгæг хъæлæсæй. Айрох мадæй æппæт дæр. йæ цæстытыл ауадысты ивгъуыд заманы бонтæ. Зæрдæ æрбауынгæг. Уадул- тыл æрлæсæн кодтой цæстысыгтæ. Асæрфта сæ. Фæлæ бамбæрста, ногæй та кæй згъæлынц, уый. — Базæронд дæн. Нал ис хъару. Ноджы мæ æн- дыснæг амардта,— дзырдта сценæйы зæронд ус. Базыдта мад дзыхы ныхасæй, уый Разиат кæй у. Зæрдæ тынгдæр æрбауынгæг. Цæстысыгтæ арæхдæр æргæр-гæр кодтой. Æмбæрзæн куы ахгæдтой, уæд фестад йæ бынатæй. Ауад йæ чызгмæ. Чызг йæ дзау- матæ ивынмæ асинтыл уæлæмæ куыд фæцæйцыд, аф- тæ йæ баййæфта. Баурæдта йæ. Иæ цæсгомыл бадтис æнкъард æнгас. Цыма хорз нæ ахъазыд, афтæ йæм каст. — Чызг, уыцы дзауматæ мауал скæн,— загъта мад. — Цæуылнæ? — Нæ дыл фидауынц... Нæ дын бæззынц. Мæнæн зын у. — Æз роль хъазын, æмæ мын афтæ æнæкæнгæ нæй. — Æз дзы бирæ фæхъазыдтæн уыцы ролы æмæ 134
нын æгъгъæд у. Мæнæн йæ фенд дæр зын у. Ды хъаз- гæ кæныс æмæ дын æнцон у, фæлæ æз уыцы цард мæ- хи рагъыл бавзæрстон. Чызг фырцинæй зæрдиаг худт ныккодта. Бам- бæрста, йæ роль хорз кæй рауад, уый. Фæхæцыд ма- дыл æмæ йæ асинтыл хæрдмæ сыскъæфта. — Хæйрæ/ркытæ стут ныры фæсивæд,—загъта мад, чызг йæ дзауматæ куы аивта, уæд,— æндлвр уыцы цард дæ цæстæй дæр куы никуы федтай, уæд æй афтæ хорз кæцæй фæзмыс? 1938
ХЪÆНДИЛ I Зæронд тымбыл фынджы раз ирон ныллæг бандо- ныл бады ацæргæ лæг æмæ хæры æхсыры сæндæг. Ома сæм стъол нæй? Ис, фæлæ лæг ныллæг фынгыл бадын сахуыр рагæй. Ундыджыдзаг сисы сæндæг, сын- дæггай йæ йæ дзыхмæ схæссы, зæрдиагæй йæ адджын хуыпп скæны, уидыджы уæлæ цы кæрдзыны муртæ аззайы, уыдон йе ’взагæй дзыхмæ æрбасæрфы æмæ æууилгæ-æууилын йæ хъуынджын фындзы сым-сым ссæуы. Алы хуыппы фæстæ даф йæ даргъ рихитæ ада- уы, æхсырæй сыл цы æртæхтæ аззайы, уыдон райсыны тыххæй, къух ссæрфы фæсмын зæнгойыл æмæ та бав- налы дыккаг хуыпп кæнынмæ. Каед рихитæ къухæй дауынмæ фæзивæг кæны, уæд сæ йе ’взагæй дзыхмæ басæрфы æмæ сæ адджын стæрд акæны. Хæрыныл афтæ архайы, æмæ йæ, æвæццæгæн, фе- рох, йæ алыварс цытæ цаеуы, уый дæр. Иæ ус саулагъз, къæсхуыр, тæнтъихæг, фæляе фи- дар сылгоймаг, фæсдуар æхсы дзаумæттæ æмæ цыма йæхиимæ дзуры, афтæ зæгъы: — Цы хуыцау мын фæкодта мæ хай ацы æмбыд къодахы? Ацы хæдзармæ æрцæуынæй фæстæмæ йæ ме ’ккой хæссын... Лæгау искуыдæм нæ ауайдзæн, ницы ацамал кæндзæн. Акæс-ма адæмы лæгтæм. Чи дзы хъæдгуыст кæны, чи быдыры кусы, чи фиййау цæуы. Кусынц æмæ сæ хæдзæрттæ мыдыкъусджыты хуызæн сты. Лæг бады æнцад. Æнувыдæй хæры æмæ зын рав- зарæн у, йе ’фсины ныхæстæ хъусы, æви нæ, уый, уы- 136
мæн æмæ нæдæр йæ цæстæнгасыл, нæдæр йæ цæсгомы æнгасыл исты зыны. Хъусгæ кæны иыхæстæ, уымæн æмæ сæ сылгоймаг хъæрæй дзуры, фæлæ сыл рагæй ахуыр у æмæ, цыма, йæ хæринагæн æнæмæнг чи хъæ- уы, ахæм ахуыйæн сты, афтæ йæм кæсы. — Æз,— дзуры ус,— бон-изæрмæ æнцой нæ зонын. Фарон цыппар фондзыссæдз фæллойбоны бакуыстом. Цы æфтиаг мæм сæ æрбахаудта, уыдон алцæйы фаг дæр уыдаиккой. Фæлæ мæнæн мæ хæдзары кæфхъуын- дар бады æмæ сæ æиæрынцойæ æмпулы. Æз та мæ къабайы хæррæгъ цæмæй аивон, уый дæр мын нæй — Иучысыл ма мын æхсыр куы авæрис, кæннод къусы къæбæртæ йедтæмæ ницыуал ис æмæ хусæй хъуыры нæ цæуынц,— зæгъы лæг, цыма ус цытæ фæ- дзырдта, уыдон уымæ нæ хаудтой, афтæ, йæ русы къуымтæ йе ’взагæй æрбасæрфтытæ кодта æмæ йæ худы быиты йе ’фсинмæ æнцад бакаст. Ус йæ хæцынæй нæ лæууыд, афтæмæй айста къус, байдзаг æй кодта æхсырæй æмæ йын æй фæстæмæ йæ разы æрæвæрдта. Лæг æм ныккаст, сызмæста йæ уи- дыгæй æмæ бафиппайдта: — Æгæр æй байдзаг кодтай. Æз дын чысыл куы загътон. — Бацым. Кæд дзы де ’взæр ахсæн атъæпп ласид æмæ дæ искуы фервæзин,—йæ уайдзæф æм баппары ус. — Æмæ ма мын уæд æххæст иучысыл кæрдзын дæр авæр, æндæр дын афтид æхсырæй мæ тъæнгтæ æхсын,— бустæгæнгæйæ куры лæг. II Уый уыдис Бердаты Хъæндил. Ахæм æвзæр ном ыл бæргæ нæ сæвæрдтой мад æмæ фыд, дунемæ куы фæзынд æмæ йе ’ппæт миниуджытæм гæсгæ дæр нæл- гоймаг кæй у æмæ йæ нæлгоймаджы ном кæй хъæуы, адæмæн уый куы базонын кодта, уæд. Адæм ном æвæрынмæ куы æрæмбырд сты, уæд дзы куыд нæ уыдаид хорз нæмттæ! Фæлæ йын мад æмæ фыд агуырдтой исты стыр ном, зонд дæр кæм уыдаид, хъæбатырдзинад дæр, ныфс дæр æмæ кад дæр, ахæм ном. Нæмттæй æппындæр чи нæ бæззыд, уыдон куы 137
аппæрстой номæвæрджытæ, уæд ма дзы баззадысты Æхсарбег, Батыр, Чермен, Бола, Къоста, Таймураз æмæ Ос-Бæгъатыр. Уыцы нæмттæй иу равзарын фæ- зын, æмæ йыл бахъуыд фыдæбои кæиын. Бирæ рахъуыды-бахъуыдыйы фæстæ, кæд ма номæвæрджы- тæ дызæрдыг кодтой, уæддæр æвзæрст æрцыд «Чер- мен». Уайсахат ног адæймаг, фидæны стыр номдзыд лæг Чермены тыххæй фæзындысты гаджидæуттæ. Алчидæр уыцы сидт нуазгæйæ ноггуырды ном дзырд- та хъæрдæрæй, цæмæй йæ куывды бадджытæ сæ зæр- дыл тынгдæр бадарой. Фæлæ кæд ныййарджытæ дæр æмæ номæвæрджы- тæ дæр цыфæнды архайд кодтой, уæддæр фесæфт ном. Æмæ «Чермен» номæй никуы ничиуал рахуыдта, абон Хъæндил кæй хонынц, уыцы лæджы. Кæддæр чидæр цæмæндæр лæппуйы «хъæндил» рахуыдта æмæ уæ- дæй фæстæмæ баззад Хъæндилæй. Фыд мæсты код- та, æлгъыста, сабимæ уыцы номæй чи дзырдта, уы- доны. Лæппу куы фæхъомыл, уæд йæхæдæг дæр мæсты кæнын райдыдта, Хъæндилæй йæм чи дзырдта, уы- донмæ, нæмынмæ дæр-иу сæ рахъавыд, фæлæ-иу йæхæдæг нады фæци æмæ сæ уæд ныхъхъуытты уагъта. Ныййарджытæ æрсабыр сты æмæ йæ фæстагмæ сæхæдæг дæр «Хъæндил» хонын райдыдтой. Æмæ йæ мад æмæ фыд хонæнт, фæлæ йын-иу йæ- хи куы фарстой, дæ ном цы хуийны, зæгъгæ, уæд йæ- хæдæг дæр йæхи Хъæндил хуыдта. III Хорз уавæрты ацыдысты лæппуйæн йæ сывæллоиы бонтæ. йæ фыд уыдис дзæбæх цæрæг. Æмæ йæ иунæг хъæбул Хъæндилыл дардта йе ’ппæт ныфс, ууыл баст уыдис йе ’ппæт уарзондзинад дæр. Цыма йæ фырт куы амæлид, уæд цард æппындæр нал уаид, афтæ йæм каст. Тарстис ын элцæмæй дæр æмæ йæ тынг хъахъ- хъæдта. Куыстмæ кæнæ-иу æндæр искуыдæм куы цы- дис, уæд усæн карзæй фæдзæхста: — Дæ цæст æм дар æмæ йæ хъазынмæ макуыдæм ауадз. Кæннод фæкæ- лын дæр зоны æмæ йæхи ныццæвдзæн кæнæ йæ исчи асхойдзæн, сывæллæттæ фыдуаг сты. 138
Лæппуйы фæндыдис ауайын, йе ’мгæрттимæ ахъа- зын, бæлæстæм хилын, къæдзæхтыл бырын, хи найын. — Нана, хъæдмæ ацæуон? — Нæ, мæ бон, нæ. Искуыцæй рахаудзынæ æмæ æнæбындарæй баззайдзыстæм. Дæлæ, мæгуыр, Госæ- да афтæмæй нæ бабын. — Нана, лæппутæ æрыскъæфтæм цæуынц... — Дæуæн цæуæн нæй, дæ фæхъхъау фæуон. Ис- куы къæдзæхæй рахаудзынæ. Фарон, дам, иу ламар- дойнаг усæн, авд азы сидзæргæсæй кæмæн фæбадт, уыцы лæппу, æрыскъæфты фæдыл зилгæйæ, къæдзæ- хæй рахауд æмæ дам ын йе ’стджытæ дæр нал ссард- той. — Нана, лæппутæ сæхи найынмæ цæуынц... — Мæхæдæг дæ анайдзынæн, дæ фæхъхъау фæуон. Донмæ дын цæуæн нæй. Уыйæндæраз Гæблийы замма- най лæппуйы дон аласта. Æрмæст ын мæйы фæстæ ссардтой йе ’стæгдар дæлæ комыдымæджы. Ахæм дзуапп лæвæрдтой алы хатт дæр сабийæн йæ уарзон ныййарджытæ. Лæппу фыццаг мæсты кодта, тыхстис, сфыдхуыз. Фæлæ куыдфæстæмæ сахуыр йæ уавæртыл. Уый ма ницы, фæлæ йæхæдæг дæр тæрсын байдыдта, йæ алы къахдзæфы бынæй дæр æм мæлæт куы скæса, уымæй. Хур æй никуы басыгъта, йæ фындзы туг никуы ра- цыд, йæ къахы сындз никуы бауад. йæ буарыл иунæг нос дæр нæма уыд, афтæмæй лæппуйыл рацыд ссæдз азы. Уыдис æнæмæт æмæ хъæлдзæг. Фæлæ уый фæс- тæ, Хъæндил йæхæдæг куыд дзырдта, афтæмæй «хуы- цауы афтæ бафæндыд, æмæ йын йæ дзæбæх цард айста». Иу сæрдыгон изæр йæ фыд куыстæй æрцыд нæфæ- разгæйæ. Куыд дзырдта, афтæмæй йæ буар иууылдæр рыстис æмæ æмпылд. Дыккаг бон хуыссæнæй нал сыстад. Æртыккаг бон изæрæй сæнттæ цæгъдын бай- дыдта. Бадзырдтой йын дæснымæ. Уый бирæ фæ- хъуыр-хъуыр кодта рынчыны уæлхъус, фæзæмбыдис, йæ сæрмæ йын æртæ зылды æркодта мысайнаг æмæ загъта: — Рыныбардуаджы аххос ын у æмæ тынг зæр- диагæй скувын хъæуы уыцы мæстыгæр зæдæн. Хъæндилы мад ма тагъд-тагъд куывд бæргæ ба- 139
цæттæ кодта, фæлæ йæхæдæг дæр æрхуыссыд. Лæппу бадтис дыууæ рынчыны æхсæн. йæ зæрдæ уыдис æн- тъыснæг. Мад æмæ фыд сæнттæ цæгъдын куы байдыд- той, уæд æм куыддæр фæкаст, æмæ кæл-кæлæй худын байдыдта. Уый фæстæ бон фыд быитондæр йæхи ауагъта æмæ уæд кæйдæрты уынаффæмæ гæсгæ, Хъæндил фæс- хъæумæ расыггæиаг фершылмæ ацыдис. Цалынмæ фершыл рынчынмæ хæццæ кодта, уæдмæ йæ, йæхæ- дæг-иу куыд дзырдта, афтæмæй галтæ æмæ дзæбидыр- тæ сæ сыкъатæй фæхостой, ома, хуымæтæджы æвзагæй дзургæйæ, цалдæр галы æмæ дзæбидыры сыкъайы анызта арахъхъы фыццагæй æмæ йæ къахыл дæр дзæбæх нал лæууыд. Фершыл рынчыны цонджы на- рæгыл ныххæцыд тугдадзины ахаст базоныны тыххæй, йæхинымæры та хъуыды кодта: «Цымæ йыл цы хæ- цыи, мæ къухы бын вулкан куы змæлид, уæддæр æй куынæ базонин, уæд?» йæ расыг цæстытæй æдзынæг каст рынчыны цæсгоммæ, æрмæст-иу изгард куы схас- та, уæд йæ цæсгом фыдуынд æнцъылдтæ аци, æндæр змæлгæ кæны, уый зын раиртасæн уыдис. Бирæ раххе- баххейы фæстæ фершыл загъта: — Рынчын у, ныхас дæр ыл нæй,— æмæ дзы уыцы дзырдтæ афтæ сирвæзтысты, цыма рынчынфæрсджы- тæ æппындæр кæй нæма зонынц, ахæм хабар сын хъусын кодта. — Рынчын у, уый æнæдæу æххуысæй дæр зонын,— бафиппайдта Хъæндил,— фæлæ йын цы хос ис, стæй йæ низыхатт цы у? — Хос уымæ,— ацамыдта фершыл арвырдæм.—Иæ низыхаттæй мæ куы фæрсай, уæд та дын æргом зæгъ- дзынæн, зонын, дæ зæрдæ кæй фæрисдзæн, уый, фæлæ гæды дзурын мæ бон нæу, йæ хъуыддаг æвзæр у, æмæ кæд фервæза, уæд ын ницы уыдзæн. Фершыл цалынмæ ахæм «зондджын» ныхæстæ код- та, уæдмæ рынчын йæ къухгæ фæйнæрдæм аппæрста, ферттывтой ма иу хатт цæстыты урсытæ, стæй ма дзых фæхæлиу кодта фæстаг хатт. — Нæ загътон, йæ низыхатт æвзæр у, зæгъгæ,—- фæхъæр ласта фершыл цинхуызæй, фæлæ йæм рын- чынфæрсджытæй чидæр куы фæдзагъул кодта, уæд 140
йæхи иуварс айста, афтæ мæстыйæ йæм цæмæн ракаст, ууыл дисы бацæугæйæ. Уыцы æхсæв амард мад дæр. Æвиппайды Хъæн- дил ахæм стыр бæллæхы бахаудта, æмæ цы кодтаид, уымæн ницы зыдта. Фыццаг кæуынмæ дæр нæ хъавыд, фæлæ йæ алыварс адæм куы богъ-богъ кодтой, кæр* тæй кæйдæр марой куы æрбайхъуыст, «у-у-у нæ хæдзар фехæлд», зæгъгæ (уый уыдис йæ мады æфсымæр), уæд Хъæндил бамбæрста: æвæццæгæн, афтæ кæуын хъæ- уы, æмæ æвиппайды уый дæр райдыдта: — «Уæдæ мæ хæдзар дæр куы фехæлд!!!» Ноджы уыцы нæхæстæ загъта хъæрæй, ад.тм æй пууылдæр куыд фехъуыстаик- кой, афтæ. Фæлæ кæуын æпæммздзниадæи æвзæр кæй у (Биганоиыл йæ мойы змамы фæстæ кæуынæй ба- хæцыдчехоткæ æмæуымæй амардмс),уый йæзæрдыл куы æрбалæууыд, уæд фенцад. Мад æмæ фыды баныгæдтой. Хæдзар баззад Хъæн- дилы æзджид, йе та, растдæр зæгъгæйæ, Хъæндил баззад афтид хæдзары æвджид. IV Хъæндил цардис æнæмæтæй. йе ’стырдæр хъуы- дытæ баст уыдысты мæлæтæй хи аирвæзын кæныныл. Тынг тарстис йæ зынгæи бахуыссынæй. Чырыны мар- дæй куыд хуысдзæн, ингæнмæ йæ куыд ауадздзысты, уыдæттæ-иу йæ цæстытыл куы ауадысты, уæд-иу йæ зæрдæ йæхи къултыл бахоста. «Æмæ уæд дунейы цæрджыты æхсæн нал уыдзынæн æз?» — загъта-иу хинымæры æмæ-иу йæ цæстытæ бауымæл сты. Хæстæджыты фæидонæй Хъæндилæн ус æрхастой. Науæд йæ бынтæ бахордтаид æмæ йын йæ чызджы ничиуал радтаид. Ие ’фсин куыста, Хъæндил бадтнс æмæ хордта. йæ бинойнаджы-иу фæндыдис, лæг ын хæдзары мидæг истæмæ куы фæкæсид. Æмæ-иу ын бакой кодта. Иу- хатт та йын афтæ зæгъы: — Хъæдæй ма суджы къæцæлтæ æрлас æмæ уаза- лæй ма мæлæм. — Æмæ куыд æрласон? Уæд та мыл бæлас ракалд, йе мыл уæрдон афæлдæхт, науæд мæ къах алыг код- тон. 141
— Уæдæ æнæсугæй дæр куыд цæрдзыстæм? — Дæхæдæг исты амал акæн. Зын куыст нæу. Бæх ифтындзынмæ дæм æз дæр фæкæсдзынæн. — Æмæ^ уæд мæнæн тас нæу? — Ды æндæр хъуыддаг дæ... Фæлæ нæлгоймаг хæ- дзары астæуыккаг цæджындз у... Иухатт ус афæнд кодта искæдæм исты аласын, кæд сæ апайда чыидæуид, уæлæйы дарæстæ, æндæртæ алхæныны фаг уаиккой. Иу бон йæ мойæн загъта: — Картоф дын голджыты авгæнон, кæд сæ Мæз- дæгмæ ныддавдзынæ æмæ сæ ауæй кæндзынæ, уæд. — Куыд? Æз сæ ныддавон? Æмæ фæндæгтыл абы- рæгæй ацæуæн куынæ ис! Дзæгъæл хъуыды у уый, ницы дзы рауайдзæн! Куыдфæстæмæ ус йæ мойы базыдта. Нал ыл дард- та æххуысæй йæ зæрдæ æмæ йæ ныууагъта. Мæхи дзы байсон, зæгъгæ, дæр рахъавыд, фæлæ сидзæр, æвæ- гæсæг чызг цы фæуыдаид? Иæ карз фыды æфсымæр- тæм æй фæстæмæ йæ къах нал хаста. V Ивгъуыдтой бонтæ Хъæндилыл уыцы иухуызонæй: хордта, кæд амæлдзæн, ууыл хъуыды кодта, стæй ма- иу хаттæй-хатт ныхасы дæр абадтис... йæ алыварс цытæ цæуы, уыдонæй хорз зыдта æрмæстдæр уый, æмæ хъæуы хист, куывд, кæнæ чыидзæхсæв кæмæ ис, кæнæ тагъд рæстæджы кæмæ уыдзæн. Революцийы рæстæджы йæм чысыл цыдæртæ ба- хъардта. Бамбæрста, цавæрдæр большевиччытæ æмæ кадеттæ цæуылдæр кæй хæцынц, стæй кадеттæ боль- шевиччытæй æвзæрдæр кæй сты. Уый та мæнæ афтæ- мæй бамбæрста. Цæвиттоны хъуыддагæй, Хъæндилæн рон нал уы- дис. Иæ ус ын кæцæйдæр ссардта пулеметы ленты скъуыддзаг æмæ йын дзы рон скодта. Уый уыдис ка- марийы хуызæн. Хъæндил æй тынг нæ бауарзта, фæлæ йæ уæддæр дардта. Иу изæр хъæумæ кадеттæ бырсын байдыдтой. Фыццаг гæрæхтæ куы фæцыдысты, уæд Хъæндил йæ цард-цæрæнбонты дæр куыд никуы азгъордта, афтæ тагъд разгъордта хæдзарæй æмæ уæрммæ ныттылдис. 142
Дыккаг бйнмæ фæбадтис уым тæрсгæ-ризгæйæ. Уа- лынмæ ныхъхъуыст ныхас: — Басгарут ацы уæрм дæр. Уыцы рæстæг уырдæм ныггæпп кодта иу салдат, йæ наган иæ къухы, афтæмæй. Къуымы лæг хуысгæ куы ауыдта, уæд дзы æфсæддон йæхæдæг дæр фæтарст. Йæхи къулмæ балхъывта, наган Хъæндилмæ фæдард- та æмæ иыл фæхъæр ласта: — Дæ къухтæ хæрдмæ сдар, змæлгæ дæр ма фæ- кæн. — Фæлæуу... фæлæуу... ма мæ амар, дæ фыды мæрдтыстæи ..— сбогъ-богъ кодта Хъæндил. Нал æй ныццавта, фæлæ из? уæрмæй сластой. Ка- детты афицер ын йæ ронмæ лыстæг бакаст æмæ загъта: — Ай-гъай! Ай хорз кæф куы у! Ракæнут-ма йæ. Чысыл фæстæдæр Хъæндил бадтис сæрмагонд уа- ты хицауимæ. — Дæ пулемет кæм ис? — бафарста йæ афицер. — Цæй пулемет, мæ хуры чысыл? — дзуапп радта Хъæндил.— Æз мæ цард-цæрæнбонты мæ къухмæ хус гилдз дæр куы никуы райстон, дæ рынтæ бахæрон. Уыцы рæсгæг Хъæндилы гуыбын схъуыр-хъуыр кодта. — Уый дын циу уæдæ? — бафарста афицер рон- мæ амонгæйæ. — Уый пулемет нæу, мæ хур, уый мæ гуыбын хъуыр-хъуыр кæны,— æфсæрмхуызæй æмæ тарстæй йæ мидбылты бахудт Хъæндил.— Уæрмы бирæ фæбад- тæн æмæ дзы, æвæццæгæн, уазал бацыдис. — Хорз лæг, дæхи æррайæ ма æвдис,— йæ маст тыххæй уромгæйæ, фæхъæр ласта афицер,— æз дæу х^ызæттæ бирæ федтон æмæ мæ никуы афæлывтой... Æрра цæмæн дæн, дæ бæрзонддзинад? Иннæ адæ- мы хуызæн дæн æз дæр... Фæлæ фæливгæ никуы ни- кæйы акодтон. — Чи зоны, афæлывтай, фæлæ мæн нæ афæлив- дзынæ. Зæгъ-ма, пулемет дæм ис, æви нæй? — Нæй куы зæгъын æз. — Уый мæхæдæг дæр зонын, фæлæ дæ къахгæ кæ- нын, кæд пулеметыл ныхас кæнгæйæ басæттис, 143
фондзæхстон дæм кæй ис, ууыл. Дæ разы уый пуле- меты лент нæу, фæлæ топпы хъатара у. Ныр ахæм хъатаратæ кæнын райдыдтой дæу хуызæттæ пулеметы лентытæй. — Уый хъатара нæу, рон у. — Банцай! — мæсты цъæхахст та фæласта афицер æмæйæ бынатæй фесхъиудта.—Сикъкунд ма дын дæт- тын ахъуыды кæнынæн, стæй... Хъæндил тарстхуызæй каст æмæ не ’мбæрста, афи- цер цæуыл мæсты схъиудтытæ кæны æмæ йæ цæуыл хъуыды кæнын кæны, уый. Бирæ ма йæ фæфарста хицау. Иæ дæндæгтæ дæр ын цалдæр хатты маузеры бырынкъæй бакъуырдта. Тынг фæндыд Хъæндилы, иу æртиссæдз пулеметы дæр æм куы уаид, уый. Уæд сæ иууылдæр кадеттæн раттид æмæ уыцы хъизæмарæй фервæзид. Хъуыддаг ахицæн ууыл, æмæ дыккаг бон Хъæнди- лы æндæр æртæ лæгимæ ауындзынмæ ракодтой. Тынг тарсти, фæлæ йæ æнæаххосæй æрцауындздзысты, уый йæ нæма уырныдта. Уалынмæ бакастысты тæрхон... Куыддæр ын йæ бæрзæйыл бæндæн баппæрстой, афтæ кæцæйдæр фæзынд сæхи хъæуккаг прапорщик. — Уый та цы кодта? — бафарста сонтхуызæй. — Уый большевиччытæн сæ тæккæ цъаммардæр у, ницæуыл сæтты. — У-у-у, Барис, мæ хур, ма мæ бауадз марын хуы- цауы рæстæй, — ныллæгъстæ кодта Хъæндил. Кадетты хицау Барисæй æцæгдзинад куы базыдта, уæд хорзау нал уыд, æгады бынаты кæй бахаудта, уый бамбæрста. Цæмæй уыцы худинагæй фервæза, уый* тыххæй уæддæр Хъæндилы æрцауындзынвæнд скодта, раст у, нæу, уый нæ нымайгæйæ. Фæлæ Барисы фæрцы уæгъдгонд æрцыд Хъæндил. Æмæ йæхи цæстытæй федта, уый хуызæн раст лæгты дæр кæм æфхæрынц кадеттæ, уым æцæг цыдæр æв- зæр кæй сты, уый. VI Æмæ уыцы тарстæй фæстæмæ Хъæндил бынтондæр тæрсын байдыдта мæлæтæй. Хæрзцыбыр асинтыл цæу- 144
гаейæ д&р къах иста хъавгæ, куыд нæ фæкæла, афтæ. Афтæмæй фондз æмæ дыууиссæдз азы фæхъахъ- хъæдта йæ зынаргъ уд. йæ царды фæстаг сахат уыдис фæззыгон къæвда бон. Иæ зæрдæ уæлдай хъæлдзæг уыд Хъæндилæн, уы- мæн æмæ йæ ус колхозæй æрласта бирæ хор, мыд, дыргъ æмæ ма суанг хъуын дæр. Тынг бацин кодта Хъæндил къуымбилыл, ус ын дзы хъарм цъындатæ скæндзæн, зæгъгæ. Адджынæн бахордта сихор. Уый фæстæ йæ бафæн- дыд иучысыл сæ дуармæ абадын. Æмæ рараст сын- дæггай æддæмæ. Фæлæ йæ ацы ран æрцахста стыр фыдбылыз. Асинтыл куы æрцæйхызт, уæд къæпхæн йæ быны ныссаст, рахаудта æмæ... Иæ ус уыдис колхозы правленийы. Рудзынгæй сы- хæгты згъоргæ куы ауыдта, уæд уый дæр ратахти. Адæм сæ кæрты æмбырдтæ кæнынц, уый куы федта, уæд фæтарст, йæ къæхтæ йæ нал хастой. Уыцы рæс- тæджы йæ рæзты фæцæйуад чидæр. Ус йæхи нал ба- урæдта æмæ йæ афарста: — Цы æрцыдис, хорз лæг, дæлæ уыцы хæдзары? — Нæ зонын,—загъта уый,—цавæрдæр хъæнди- лыл дзы асин рафæлдæхт. Ус афæлурс æмæ тагъддæр азгъордта. Лæг йæ фæдыл кæсгæ баззад æмæ дис кодта: «Цы- мæ хъæндилы мардыл иæмæн афæлурс уыдаид?..» 1938 10 Мамсыраты Дæбе
УАРИ I — Гъей, Цоцкайы чызг, ма мæ æфхæр, мæ къона, æз зæронд нæ дæн, фæлæ фæнык дæн, фæнык, да-а-алæ къонайы кæй уыныс, ахæм фæнык. Уæдæ Гæби мæнæй хистæр у, мæ хæдзар, Цоцкайы чызг, æмæ нырма æф- сургъимæ дугъы ауайдзæн, фæлæ мæнæ мæнмæ æрба- кæс... Фæнык, фæнык, искæйы гуылтæ чи фæфыхта, ахæм суджы фæнык. Уæдæ ма мæ лæппуйæ æрæййæф- тай æмæ зоныс дæхæдæг, уыдонæй мæгуыраудæр нæ уыдтæн. Кусынмæ къордгæйттæй мемæ нæ бафæрæз- таиккой, уый сæхæдæг дæр дзурынц; иннæ ахæм ка- фынмæ, зарынмæ, бæхыл бадынмæ... Цæй, се ’ппæт цы нымайон, дæхæдæг мæ хорз куы зоныс! Афтæ арæх дзырдта Угъалыхъ йæ ус Хозианæн, йæ зæронды тыххæй-иу æй куы æфхæрдта, уæд. Æмæ йæ цæуыл æфхæрдта Цоцкайы чызг? Угъалыхъ куыд зæронд кодта, афтæ йæм иу ног миниуæг зынын байдыдта. Хæргæ кодтаид, цæугæ код- таид, кæмдæриддæр уыдаид, æрмæст ныхас куы код- та, уыцы рæстæгæй фæстæмæ, йæ сым-сым хъуыстис йæ алфамбылай цæрджытæм дæр. Уый тыххæй йæм мæсты кодта Цоцкайы чызг, æмæ-иу сæм арæх рауади хъаугъа. Базæронд Угъалыхъ. Фæлæ йыл азтæ, йæхи загъ- дау, бирæ нæма цæуы. Раст зæгъы йæхæдæг, искæйы гуылтæ чи фæфыхта, ахæм фæнык дæн, зæгъгæ. Зæх- хы куыст кодта, фæлæ зæхх йæхи нæ уыд. Куыста фосæй æмæ уыдон дæр йæхи нæ уыдысты, уыдис æм æрмæст нуарджын цæнгтæ, стæй сæ царм сæфтджытау 146
кæмæн ныхъхъæбæр, ахæм кЪухтæ, æндæр мур дæр ницы. Куыста Бонвæрноны скастæй изæры талынгтæм кæмæндæр æмæ сыгъдис. Уæззау куыстæй уыйбæрц нæ сыгъд, уыйбæрц нæ фæллад, фæлæ зæхх, фос, дзаума—адæймаг цæргæ цæмæй кæны, уыдон йæхи кæй не ’сты, стæй йæ къухы дæр кæй никуы бафтдзысты, уыцы хъуыддаг æмбарыны арт ын сыгъта йæ фидар æмæ домбай уæнгтæ. Базæронд. Ныффæнык. Бирæ фæкуыста. Бирæ хъæздыгдзинæдтæ арæзта. Фæлæ йын цы пайда сты, йæхи цард сæ хуыздæр куы нæ кодта, уæд?.. йæ уырг- тæ рафтыдта кæмæндæр, æгад æмæ фидиссаг дæр уы- мæн уыд йæ ном. Æмæ уый тыххæй кастис искæй мулкмæ удхæссæгмæ кæсæгау. Куы фæзæронд, йæхи загъдау, «царды асиитыл куы фæуырдыг кодта», уæд тагъддæр тайын æмæ руайын байдыдта Угъалыхъ, йæ фырт Ахпол дæр уый хуызæн фыдцард кæй кæндзæн, уымæй тæрс- гæйæ. Фæлæ фырт кæнæ амондджындæр фæцис кæнæ йæм йæ фыдæй фылдæр хъару разынд æмæ Кæсæджы иу ацæргæ цола ефс балхæдта. Угъалыхъæн кæд йæ- химæ хайуан никуы уыд, уæддæр æй дæсны бæхæв- зарæг хуыдтой. Æмæ бæх уынынмæ чи æрбацыд, уы- дон кастысты, цы дзы зæгъдзæн, уымæ. Бацыд Угъалыхъ ефсмæ хæстæг, æнæисты сдзур- гæйæ, йæ къæдзлæдзæг йæ дæларм акодта æмæ йæ æнгом æрбалхъывта, стæй йæ фыдхуыз зæронд къух- тæй бæхы былтыл ныххæцыд æмæ сæ тыххæй фæй- нæрдæм аивæзта. — Иуæндæсæймаг аз ыл ралæууыд уалдзæгæй нырмæ,— загъта Угъалыхъ, йæхинымæры дзурæгау, æмæ йæ суагъта. Стæй йын асгæрста йæ зæнгты норт- тæ, йæ гуыбыныл ын йæ къух ахаста æмæ куыддæр фæздонмæ бахæццæ, афтæ йæ бæзджын рихиты бы- нæй фæзындис мидбылты худт, къæвдайы фæстæ мигъ- ты æхсæнæй хур куыд разына, уыйау. — Заинаг у,— сдзырдта æнцадгай æмæ йæ мид- былты худт ноджы фæбæлвырддæр. — Кæсгон бæхы мыггаг уырсæй цыд, дам, у, афтæ загъта йæ хицау,— йæ фыдмæ хæрзæггурæггагау фæ- 147
цис Ахпол, йæ балхæд зæрдæмæ цæуы, уый куы 6аМ- бæрста, æмæ йын дзы куы раппæлыд, уæд. — Хайыры хайуан фæуæд, хайыры, хорз аласа чи у, ахæм зыны, оцани ма куы нæ разынид,— раарфæ кодта Угъалыхъ, адæмæн куыд арфæ кæнын ахуыр уыд, афтæ, фæлæ йæхи у, уый йæ зæрдыл куы æрба- лæууыд, уæд фефсæрмы, йæ цæсгом фæсырх æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — Хайыр цард фæкæнæд, кæй къухæй рацыдн, уый æмæ хайыры хъуыддæгтæ фæкæ- нæд, махæй цы капеччытæ айста, уыдонæй. II Уыцы ефсы балхæдæй фæстæмæ зæронд Угъалы- хъæн йæ зæрдæ фæфидар æмæ фæхъæлдзæгдæр. йæ æртхутæг цæсгомыл чысылгай зынын байдыдта æх- сызгоны нысан. Уæлдайдæр ын заинаг кæй у, уый уы- дис йæ ныфсы цæджындз. Фæлæ бирæ нæ ахаста йæ цин. Бæхы балхæдыл мæй рацыд, афтæ Ахпол хъæуы æмбырдæй баздæхт æикъардæй æмæ йæ фыдæн загъта: — Æз колхозмæ бацыдтæн æмæ бæх уырдæм дæттын. йæ зæронд буар уазал дыз-дыз иыккодта Угъалы- хъæн. Иæ фырт бæх кæмæн дæтты, цавæр колхоз у, уый дæр дзæбæх нæма æмбæрста, фæлæ та йæ хæдзар æнæдарæгæй кæй баззайдзæн, уый йын зын базонæн нæ уыд. — Цæмæн æй дæттыс, дæ рын бахæрон, цæмæй дзы фæхæсджын дæ уыцы колхозæй? — сдзырдта риз- гæ хъæлæсæй Угъалыхъ. — Никæмæн æй дæттын, фæлæ хъæу колхоз са- рæзтой, сæ фос иу кæнынц æмæ иумæ кусдзыстæм. — Нæй, мæ хæдзар, дæ кæрты цы нæ уа, уымæй дæуæн ницы пайда ис. Иæ фадат кæмæн у, уый йæ фыды фыдæн дæр дугъ уадзы. Хъалтæ истытæй фыл- дæр цы кæнынц, фæлæ мах мæгуыр адæм стæм, иæхи æмыс нын искæйы хæбизджынæй æнæмастдæр хæри- наг у. Бæргæ бирæ фæлæгъстæ кодта Угъалыхъ йæ фыр- тæн бæх ныууадзыны тыххæй, фæлæ дзæгъæлы. Ахпол ныллæууыдис бæхы колхозмæ раттыныл. 148
— Уæд та ма йæ, мæ хуры чысыл нæхимæ нызза- йын бауагътапс, йæ байраг мæн ницæмæнуал хъæуы, фæлæ дæхицæн куыд баззайа, афтæ,— дзырдта Угъа- лыхъ, фæлæ ууыл дæр нал сразы фырт... — Райсом æй ласын,— загъта иу изæр Ахпол. Уыцы æхсæв зæронд Угъалыхъы хуыссæг нал æр- цахста. Сæры зилдух кодтой цавæрдæр тасы хъуыды- тæ æмæ йæ сым-сым хъуыстис суанг иннæ уатмæ... Ахпол æмбырдæй æрцыдис кæркуасæнты. Мæйы тынтæ тæмæнтæ калдтой æмæ бонæй уæлдай нæ уыд. Куыддæр кауын дуар байгом кодта æмæ уынгæй кæрт- мæ бахызт, афтæ бæхдоны кæйдæр ауыдта, фæзынди ма йæм йæ къах. Давæг кæй у, ууыл нæ фæдызæрдыг Ахпол. Фæс- тæмæ аздæхын æмæ хабар хъæусоветы фехъусын кæ- нынмæ дæр хъавыд. Фæлæ цалынмæ уырдæм уайа æмæ фæдис æрбахæццæ уой, уæдмæ хуыснæг куы аирвæза, уымæй тарст. Сындæггай хæдзары размæ хъуызгæ бацыд, фæрæт райста йе ’вæрæнæй æмæ скъæты дуары рæбын æрлæууыдис, бæхы куы рацæй- ласа, уæд æй амардзынæн, зæгъгæ. Æрлæууыд æмæ байхъуыста... Тыххæй ма баурæдта йæ худæг. Мидæ- гæй хъуыстис Угъалыхъы сым-сым. Æрæвæрдта фæ- рæт къулы æнцой æмæ бафæрсинаг уыд, уыцы æна- фоны цы ми кæны, уымæй, фæлæ уæдмæ Угъалыхъæн йæхи сусæг ныхас райхъуыст: — Цæр, æнæмбаргæ хайуан... Зæрондæй ма дæ тæригъæды чи цæуы, æндæр дæ сафинаг уыдтæн, бæр- гæ. Хуыцау мын бахатыр кæнæд ахæм хъуыдыйы тыххæй. Цæр, æнæмбаргæ хайуан...— йæ зæрдæ суынгæг. Ссыдис та йæ сым-сым æмæ уымæй куыд бæ- рæг уыд, афтæмæй æддæмæ рацæйцыд. Ахпол скъæты къулмæ йæхи балхъывта. Угъалыхъ афтид мидæггаг дзаумæтты, йе ’хсæвхуыссæн худ йæ уæлæ, афтæмæй сындæггай рахызт бæхдонæй сым- сымгæнгæ. Иæ къухты æрттывта йе ’стыр кард. — Гъе, кæцы дæ уый? Цæвын дæ? — фæдзырдта йæм Ахпол. Уыцыиу схъиуд фæласта йæ бынаты Угъалыхъ. — Ма ныццæв, æз дæн,— фæхъæр кодта тагъд- гомау. 149
— Æмæ ам цы архайыс ацафон? — Мæнæ... йед... кæд, зæгъын, миййаг, йæ бæттæ- ны фæтыхстис уыцы хайуан æмæ йæ абæрæг кодтон. III Рацыд æртæ мæйы... Ефс ныр бацис колхозы Заи- наг куыд уыд, уымæ гæсгæ йыл дохтыр кусын нæ уагъта. Зымæджы уыдис бæхдоны, уалдзæджы та иннæ заинаг ефсытимæ хызтис быдыры. Бæхдоны дæр æмæ йæ быдыры дæр арæх бæрæг кодта зæронд Угъалыхъ. Уæддæр иннæ бæхтæй йæ зæрдæмæ хæс- тæгдæр уыдис. Нæмыг хæсгæйæ сæ-иу куы сæййæфта, уæд иннæ бæхты разæй дæр уый размæ æппæрста нартхæрттæ, уынæг æй нæй, зæгъгæ, уæд. Иухатт та уалдзæджы йæ ефсы уынынмæ сым-сым- гæнгæ быдырмæ фæцæйцыд зæронд Угъалыхъ. Дар- дæй куы бакаст, уæд бæхы цур иукъорд лæджы лæу- гæ ауыдта. «Æвæццæгæн, ныззадис»,— ахъуыды кодта Угъа- лыхъ æмæ йын цыдæр йæ зæрдæ фæрæхуыста.— Уæуу, мæ тæригъæд дæ фæдыл æфтыд фæуа, кæд цы лæппу дæ! — сдзырдта хъæрæй. — Ныр уый нæхи хæдзары ныззайгæйæ, уæд стыр амонды хабар нæ уыдаид? Уæуу, мæ тæригъæд дæ фæдыл æфтыд фæуа, мæ тæригъæд! Бахæццæ Угъалыхъ ефсы цурмæ. Йæ разы цъæх кæрдæгыл дзой-дзойгæнгæ лæууыдис зыгъарных, урс- къах байраг. Хайуан æвзарынмæ дæсны Угъалыхъ базыдта, уый æцæг кæсгон бæхы тугæй кæй у æмæ уæд йæ хæлæг фæтыхджындæр. — Цæй, Угъалыхъ, куыд дæм кæсы дæ ефсы бай- раг? — хъæлдзæгæй йæ афарста фосы дохтыр. — Цæй мæ ефс у? Мæ ефс куы уаид, уæд мæ хæ- дзары ныззадаид, фæлæ дзы хуыцау ма сразы уæд, мæн кæй фæндонæй нал у, уыцы æдылыйæ,— дзуапп радта зæронд Угъалыхъ мæстыйæ. — Тæрсгæ ма кæн, дæ ефс у ныр дæр,— загъта та дохтыр хъæлдзæгæй.— Фæлæ ды ахæмтæм дæсны дæ, цы ном сæвæрæм ноггуырдыл? — Цы уæ фæнды, уый йыл æвæрут, мæн куы уы- 150
даид, уæд ын æз ссардтаин ном. Уæ, хуыцау дзы ма сразы уа, ахæм фыртæй,— сдзырдта йæхинымæр дзу- рæгау.— Ацы байрагæй раст уарийы хуызæн æфсургъ рауайдзæн æмæ уый искæмæн балæвар кæн... — Уæдæ дзы кæд уарийы хуызæн æфсургъ рауай- дзæн, уæд йæ ном «Уари» фæуæд,— загъта дохтыр. Хъыг та уыд Угъалыхъæн, уыцы ныхас йæ дзыхæй кæй сирвæзт æмæ уæддæр нодо æвæрæг йæхæдæг кæй фæцис, уый. Иæ маст æрæгмæ цыд, стæй, æвæццæгæн, тагъд не ’ссæудзæн, хъуамæ йæ ингæнмæ дæр йемæ ахæсса. Уæлдай зындæр та йын у, æмæ йæ кæмæн радзура, уый кæй нæй. Æрмæст йæ хæлар Хæблийæн ныхасы бадгæйæ акæны йæ зæрдæйы хъæстытæ æмæ уый цы фаг у? Иуахæмы та дыууæ зæронды иумæ бадтысты. Дзур- гæ ницы кодтой, фæлæ сын уæддæр кæрæдзийы фарс- мæ бадын уыдис æхсызгон. Уыцы рæстæджы байраг- джын бæхты фæцæйскъæрдтой донмæ. Урскъах, зы- гъар байраг Уарийы та ауыдта Угъалыхъ. — Диссаджы бæх дзы рауайдзæн! — сдзырдта хъæрæй.—Æмæ уыцы хайуанæй дæхи барвæндæй æнæ- хай фæкæн? — Уый дæр ма гъа, фæлæ ма уæртæ мæ байрагмæ бакæс,— загъта Хæбли. — _Уый циу, уый, Хæбли? Фæлæ мах ефсы байраг сыгъдæг кæсгон уырсы тугæй у. — Ссардтай, гъе! Кæсгон бæх ницы у, фæлæ мах байраг сыгъдæг араббаг бæхы тугæй у. — Тобæ зæгъ, Хæбли. Гæды ныхас тæригъæд у. Æз хайуан базонынмæ иудадзыг къуымых нæ дæн æмæ бæрæг у, дæ байраг кæй хоныс, уый араббаг туг нæ, фæлæ нæхимæ хæххон бæх æмæ хæргæфсы тугæй чи равзæрд, ахæм кæй у. Уыцы ныхас фæхъыг зæронд Хæблийæн. — Хайуан равзарынмæ дæсны дæ, Угъалыхъ, уый тыххæй гæды зæгъæд дæ фыдгул, фæлæ фыдæнæн фа- уынмæ та ноджы дæсныдæр дæ. — Фыдæнæи нæ фауын, хуыцау ме ’вдисæн, Хæб- ли, фæлæ дæ байраг хæргæфсы тугæй у, хæргæфры! — Уæдæ кæд афтæ у,—,загъта Хæбли,— уæд дæ 1{И
байраг та хæрæджы тугæй у. Уый йæ бакастæй дæр бæрæг у. Фæхыл уæвынмæ бирæ нал хъуыд дыууæ зæроиды, Угъалыхъ йæхи куы нæ фæурæдтапд æмæ куы нæ загътаид, æниу сыл мæсты дæр цæуыл кæнæм, махæн дзы куы ницы ис, колхозы куы сты, зæгъгæ, уæд. Хыл нал фесты. Фæлæ Хæблийы зæрдæйы маст бауагъта уыцы боны ныхас. Сфæнд кодта «йæхи» бæхы байраг- мæ Угъалыхъы сусæгæй зилын æмæ йæ уый фæстæ мæстæй марын. IV Дыууæ лæгмæ сæ байрæгты тыххæй хъаугъа куы рауад, уæдæй фæстæмæ адæм арæхдæр уынын бай- дыдтой Хæблнйы колхозы бæхдоны дæр æмæ хизæн- ты дæр. Æдзух зылдис йæхи бæхы байрагмæ. Райда- йæнты йын ахсын дæр нæ куымдта, фæлæ йæ куыд- фæстæмæ сахуыр кодта йæхиуыл. — Æз дын раджы куы дзырдтон, уый хуымæтæ- джы бæхы мыггаг нæу, зæгъгæ. Кæсыс, куыд хæрз- хуыз æмæ хæрзконд у! — арæх фиппайдта Хæбли, ны- хасы бадгæйæ сын-иу сæ рæзты байрагджын бæхты донмæ куы сыскъæрдтой, уæд, йæхæдæг æм кæй зилы, уый æмбæхсгæйæ. — Нард хуы дæр кæны,—дзырдта Угъалыхъ, æн- дæр цы загътаид, уый йын кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ. Фæлæ хæлæг кæнын байдыдта. Хин хъуыды февзæр- дис йæ сæры. Хъуамæ сусæгæй зилын байдайа йæ бай- рагмæ, кæд æй колхозы бæхгæстæ бауадзой, уæд. Баныхас кодта сæрдаримæ, æгуыстæй куыд фæлмæцы, уымæ гæсгæ йæ байрæгтæм кæсып куыд уадзой, уый тыххæй. Сæрдар ма дзы бузныг дæр фæцис, æмæ йын бар радта. Уый дыккаг бон райсомæй раджы колхозы бæх- донмæ ацыд Угъалыхъ, цалыимæ Хæбли нæма сыстад æмæ йæ нæ фсдта, уæдмæ. Тагъд-тагъд æруади Хæб- лийы дуæртты йæ худы бынты фæкæс-фæкæсгæнгæ. Æхсызгон ын уыд, йæ цæст ыл куы не ’рхæцыд, уæд. Бæхдоны баййæфта Хæблнйы, байраджы фæрстæ счеткæйæ йæ тæккæ сæрфгæйæ куыд уыдис, афтæмæй. «Гъæ, зæронд хæйрæг, гъе, уæдæ дæ байраг уымæн 152
снард æмæ йæм уæлдай зылд кодтай»,— загъта йæхи- нымæр. — Байриай! Цы архайыс уый? — адæймаг къæр- кыхы йæ тæккæ давгæйæ куы æрцахсы, уæд æм куыд фæдзуры, афтæ сдзырдта Угъалыхъ. Сонт каст фæкодта, салам зæгъгæйæ, Хæбли. йæ фæлурс æнцъылдтæ цæсгом сырх-сырхид афæлдæхт, цæстытæ арæхдæр иыкъулын байдыдта. — Уый Угъалыхъ куы дæ! Ацафон ды та ам цы архайыс? — бафарста йæхæдæг дæр, æндæр хуыздæр дзуапп цы раттаид, уый нал æрцахста йæ сæр. — Æз дæуæй фæстæдæр ссыдтæн, фæлæ ды ам цы ми кæныс сæумæйæ? — бафарста Угъалыхъ. Уæдмæ дзуапп раттыны хъуыды фæзындис Хæб- лимæ: — Æз æнкъардæй æнцад бадыны бæсты колхозы куысты ныллæууыдтæн, æмæ мын ацы байрæгтæ мæ бар бакодтой. — Уæдæ мæнмæ дæр колхозы хицау фæдзырдта æмæ мæ ардæм байрæгтæм фæкæсынмæ рарвыста. «Бæргæ дæ нæ рарвыстой, зæроид сым-сымæг, дæ- хæдæг рацыдтæ»,— ахъуыды кодта Хæбли, стæй хъæ- рæй загъта: — Æнцад бадынæй стæг æхсынын хуыздæр у, æмæ æнувыдæй бавнæлдта байраджы буар сæрфынмæ. Иæ лæдзæг бæхдоны къулы æнцой æрæвæрдта Угъалыхъ дæр æмæ мидæмæ бараст йæ байрагмæ. Хæстæг æм куы фæцæйцыд, уæд Уари фæтарст, дард алыгъд æмæ сонт каст ракодта зæрондмæ. Хъыг уыд уыцы хъуыддаг Угъалыхъæи. Хæблийæн æй схъæр кæнынмæ дæр нæ хъавыд, исты ныхасæй та йæ куы фæрæхойа, уымæй тæрсгæйæ. Стæй радзырдта: — Хæбли, уæддæр йæ мард макуы фесæфа емы- лыччы мыггагæн! Иæхимæ мæ хæстæгдæр нæ уадзы. Дæуæн та фæллад хæрæджы хуызæн æнцад лæууьц — Æмæ йæхимæ æввахс цæуын чи нæ уадзы, мæ хур, Угъалыхъ, уыдон емылыччы мыггаг куы уаиккой, уæд тæрхъусæн æмæ иннæ сырдтæн сæ ном куы баз- заид. Цыдæр æлхыскъ кæнаг ныхас ма зæгъынмæ хъа- выдис Угъалыхъ, фæлæ ницыуал сдзырдта, афтæмæй 153
сындæггай бацыд байрагмæ, фæлæ та уый алыгъд æндæр къуыммæ. Цас нæ фæцархайдта Угъалыхъ Уарийы æрцахсы- ныл, уæддæр йæ къухы нæ бафтыд. Бамбæрста, ахсын ын кæй нæ бакомдзæн, уый æмæ мæстыйæ рацыд исты сайæн æрбахæссынмæ. V Арæхдæр æмбæлын байдыдтой ныр дыууæ зæрон- ды. Æцæг ныронг райсомæи дæр, изæрæй дæр æмбæ- лыдысты ныхасы, ныр та æмбæлын байдыдтой колхо- зы бæхдоны æмæ быдыры рæгъау хизæны. Ныронг фылдæр бадтысты ныхасы фæрсæй-фæрстæм æнæ- дзургæйæ. Ныр сыл иу бон æмæ иу сахат дæр æнæ- дзургæйæ нал ивгъуыйы. Сахуыр сты сæ ног бынаты кæрæдзиуыл, кæд сæ ныхæсты фылдæр иу иннæйы фелхыскъ кæнынæн уыдис, уæддæр масты фæдыл нæ цыд æмæ сын сæ хæлардзинад тыхджындæр кодта. Афтæмæй сыл ацыдис дыууæ азы. Ралæууыдис æртыккаг аз. Байрæгтæ хъомыл кодтой хæрзхуызæй. Сæ буар, айдæнау, калдта тæмæнтæ. Æцæг Угъалы- хъы байраг уыдис рæсугъддæр. Уый хъыггомау касти Хæблимæ, фæлæ йæхицæн зæрдæтæ æвæрдта, зæгъгæ, цы сæ уæлдай ис, иу дæр æхсæны байраг æмæ иннæ дæр. Ныр колхозмæ дыууæ зæронды кæсын байдыдтой æндæр цæстæй. Иухатт Хæбли бæхдонмæ ацыди раст кæркуасæн- ты. Базылди йæ байрагмæ, ныссыгъдæг æй кодта. Фенхъæлмæ каст Угъалыхъмæ, фæлæ уый нæ фæзын- дис. Хур скаст. Байрæгты хизынмæ скъæрын афон ссис, уæддæр нæма уыд Угъалыхъ. «Мæлгæ ма ныккæнæд уыцы зæронд сым-сымæг»,— загъта йæхинымæры æмæ дзы тас бацыди. Исты куы ’рцæуа Угъалыхъыл, уæд ын цыма йæ цард ад нал скæндзæн, афтæ кастис Хæблимæ. Иучысыл ма банхъæлмæ каст, стæй Уарийы сæр- фынмæ бавнæлдта. Йæ куыст фæуынмæ куыд хъавыд, афтæ йæ тæккæ раз йе ’мбалы сым-сым ссыд. Угъалыхъ райсомæй фехъуыста, хъæуы иу лæппу кæй фæзиан, уый хабар. Уырдæм тæфæрфæс кæнын- 154
мæ ацыд, æмæ дзы иучысыл афæстиат. Фæлæ йæ бай- раг йæ зæрдыл куы æрбалæууыд, уæлдайдæр Хæбли- йы мæрдджынтæм куы нæ федта, уæд бæхдонмæ ра- тахт. Æмæ Хæблийы Уариимæ архайгæ куы баййæф- та, уæд фæдызæрдыг, уый йын цыдæр знаггад кæ- нынмæ кæй хъавы, ууыл. Бахъуызыд æм сындæггай, йæ сым-сым дæр баурæдта, афтæмæй. «Зæронд хæйрæг, æз дын фенын кæндзынæн... Дæ- хицæн аирвæзын æнхъæл уыдтæ»,— ахъуыды кодта, фæлæ хæстæгдæр куы бацыд æмæ Хæблийы байра- джы сæрфгæ куы федта, уæд йæ маст атад æмæ йæхи цæсгом æфсæрмыйы сырх фæцис. — Дæ хорзæхæй, кæм бафæстиат дæ? — афарста йæ Хæбли. — Дæлæ зианмæ ныууадтæн, æмæ уым афæстиат дæн... Уырдыгæй уыцыиу тахт ракодтон, ацы байраг, зæгъын, хизынмæ æнæзылдæй куы аирвæза. — Уæ, де’скæнæг дæ айса! Æмæ йæ æз æнæба- зилгæ хизынмæ уадзын ам уæвгæйæ,—дзуапп радта мидбылты худгæ Хæбли. Уыцы ныхас кæрон скодта дыууæ зæронды фыдæ- нæны быцæуæн æмæ йæ сæхæдæг дæр нæ бамбæрстой, афтæмæй сæ хъаугъа ерысмæ рахызтис. VI Сæ фæллойбонтæй уæлдай Угъалыхъ байраг хъо- мылгæнæггаг æртæ хатты райста лаевæрттæ, Хæбли та дыууæ хатты. Æмæ ма лæвæрттæ дæр гъа, фæлæ æнæхъæн колхозы æмбырды уыдоныл кæй дзырдтой, уый та цасы аргъ у! Тынгдæр дзырдтой Угъалыхъыл, йæ байраг хуыздæр кæй рауад, уый тыххæй. Хæбли йæм хæлæгæй марди. — Бахатыр кæнут, хорз адæм, фæлæ Угъалыхъы байраг зылды тыххæй хуыздæр нæ рауад, æз дæр зылд- тæн мæ байрагмæ, фæлæ уымæ кæсгон бæхы мыгга- гæй уыдис,— загъта Хæбли, адæмы раз йæхи раст кодта, мæсты кодта, уый не’мбаргæйæ.— Æмæ йæ байраг схæссын чи куыд зоны, кæд уæ уый базонын æцæг фæнды, уæд ма нæм æмхуызон байрæгтæ фæйнæ раттут, стæй фендзыстæм. 155
Клуб къухæмдзæгъдæй ныннæрыд. Иæ ныхасæй ныббузныг Хæбли æмæ Угъалыхъмæ зулмæ бакаст, цыма йын йе ’нгасæй зæгъыимæ хъавыд: «Кæсыс, аф- тæ радзурын йæхæдæг дæр байраджы аргъ у». Уæд фæмæсты зæронд Угъалыхъ. Иæ сым-сым фæсабыр. Фестад. — Хорз фæуæд. Кæд ма дæ иу хатт бавзарын фæнды, уæддæр та дын мæнæ дæн,— загъта æмæ æр- бадт. Къухæмдзæгъд та æрвнæрæгау ныккодта. Дыккаг бои ног байрæгтæм зилын байдыдтой дыу- уæ зæронды. Уалынмæ хабар æрыхъуыст, районы, дам, дугъ уыдзæн, зæгъгæ. Колхозы бæхтæй уырдæм æв- зæрст æрцыдысты Уари, стæй Хæблийы хъомылгонд байраг. Зæрæдты быны дон бацыд. Дугъмæ кæсынмæ сæ кæнгæ дæр кодтой, фæлæ Угъалыхъ нæ бакуымд- та, йæ ног байраг æнæзылдæй куы аззайа, уымæй тæрсгæйæ. Уый куы бамбæрста, уæд нал сразы Хæб- ли дæр. Бон-изæрмæ йæ зæрдæ катайæ нæ банцад Угъа- лыхъæи. Куыд вæййы, цы вæййы, уæд... æппынфæстаг ын Хæблийы байраджы разæй уæддæр... Сагъæс кодта Хæбли дæр. Изæры дугъы уæвджытæ æрхастой хъæлдзæг ха- бар. Æппæт райоиы бæхты разæй фæцис Уари. Хъæуы разамонджытæ цыдысты Угъалыхъмæ арфæ кæнын- мæ. Тынг бахъардта маст Хæблимæ, кæд афтæ рауай- дзæн хабар, уый рагацау зыдта, уæддæр. Æмæ йæхи- нымæр сфæнд кодта, уыцы мæстытæ райсыны тыххæй чог байраг схæссын. Дыккаг райсом раджы Хæблимæ ацыд колхозы правленийæ æрвыст лæг æмæ йын фехъусын кодта, облæсты стырдæр сæрдар йæхимæ фос дарыны хуыз- дæр кусджытæм кæй сиды æмæ уыдонимæ уый дæр кæй ис. «Гъе-гъи Угъалыхъæн! Мæстæй басудздзæн, уыцы хабар куы фехъуса, уæд... Фæлæ уæле зонгæ кæнынц, зонгæ, кæмæ фæсидын хъæуы, уый»,— загъта йæхи- иымæр æмæ тагъд-тагъд рауад фæндагмæ йæхи сцæт- тæ кæнынмæ. Фыдæнæн рацыд Угъалыхъты уынгыл йæ хабар ын радзурынмæ, 156
Угъалыхъ сæ дуарМæ лæууыдис бæлццонхуызæй. Иæ бæрæгбоны дзабыртæ уыдысты карчы сойæ сæрст. Уыдис ыл урс куырæт, сау цухъхъа — лæварæн кæй райста æрæджы, уыдон. — Дæ фындзмæ дæ цæст дар, кæннод уыцы стыр хицауы раз дæр афтæ куы сым-сым кæнай, уæд худи- наг у,— сдзырдта йæм фæсте йæ ус. — Гъе, Цоцкайы чызг, кæд ма мæ зæрдæйы арт ис, уæддæр уæнгтæ фæнык сты, фæнык,— загъта Угъа- лыхъ йæ рагон ныхæстæ, фæлæ йæм кæсгæ та афтæ кодта, цыма йе ’уæнгтæ иууылдæр цины арт сты. Бамбæрста Хæбли, сæ дыууæ дæр цавæр стыр хицауы размæ цæуынц, уый, æмæ йæ цæуын дæр нал фæндыд. Тынг æй фæнды, уыцы стыр хицау сæм, сæ ног байрæгтæ хаст куы фæуой, уæд куы фæдзурид ны- ры бæсты. Стæй рабæрæг уаид, кæй байраг амбулид, уый. Чысыл рæстæджы фæстæ дыууæ зæронды араст сты уæзласæн машинæйы горæтмæ. Иæ зæрдæ афтæ хъæлдзæг уыд Угъалыхъæн, йæ уæнгтæ афтæ рог уы- дысты уыцы кары дæр ма, ноджы автомобилыл цæст нæ хæцыд æмæ йæм зындис, цыма уари у æмæ зæххыл нæ, фæлæ уæлæрвты тæхы. Цин кодта Хæбли дæр. 1938
ЦЫРАГЪ Зæронд Мухтар куыстæй сæхимæ куы æрбаздæхт, уæд уыцыиу раст баци, фæтæген абæрæг кæнон, зæгъ- гæ, къæбицмæ. Талынджы бирæ фæцагуырдта балон æмæ йæ уалыимæ ссардта, фæлæ афтид разынди. — Æ, гуыбынниз уæ макуы бахæра, кæд цы чыз- джытæ стут! Фæтæген не ’рхастой æмæ сæ уроктæ ах- сæв æнæ ахуырæй зайдзысты,— бахъуыр-хъуыр кодта Мухтар. Уыцы сахат дуары хъæр фæцыдис. Цыдæр ныцъцъыкк кодта æмæ къæбиц ныррухс. Мухтары цæстытæ атартæ сты. — Талынджы цытæ куыстай, баба? — бафарста йæ йæ лæппуйы чызг Разитæ. Æвиппайды дзуапп нæ радта Мухтар. Скасти цар- мæ, æркаст балонмæ, стæй та цармæ. «О, хæдæгай ныр махмæ дæр электрон рухс куы ис»,— йæ зæрдыл æрбалæууыд, колхозонтæ электростанцæ кæй сарæз- той, уый. Абон æй йæхæдæг куы ауагъта. Фæлæ йын чызг йæ рæдыд куыннæ бамбара, афтæ сæфсон кодта: — Ныр ацы балон ардыгæй аппарут, фæтæгены смагæй сафы, ницæмæнуал хъæуы. Чызг йæ мидбылты бахудти, фæлæ ницы сдзырдта. Мухтар йæхи зонынхъом куы фæци, уæдæй фæс- тæмæ рухсыл тынг уынгæг уыди. Уый алы изæр дæр цырагъмæ дардта йæ хъус, цæмæй судза æнæ алайæ, цæмæй хæдзары фæтæген уа. Æмæ колхозы электро- станцæ куы арæзтой, уæд Мухтар уырдæм кусынмæ æрцыди æппæты разæй. Иæ лæппуйы бонты нæзы цырæгътæ хæссын уый хæс уыдис. Ома йын æй йæ бар сæрмагондæй ничи бакодта, фæлæ бинонтæ афтæ нымадтой, цыма уыцы куыст Мухтары куыст у. Афтæ йæ нымадта йæхæдæг 158
дæр йæхинымæры, кæд ын æфсымæртæ æмæ хотæ уы- дис, уæддæр. Иухатт хъазыныл æгæр афæстиат Мухтар. Уыдис мигъ бон, фæлæ, æвæццæгæн, хур аныгуылынмæ бирæ нал уыд. Æфсæрмыхуызæй кæртмæ куы бахызти, уæд ыл йæ фыд уыцы мæсты хъæр фæласта: — Уынгты цъылын! Кæм лекка кæныс ныр абон- дæргъы! Цæуылнæ æрхастай цырæгътæ? Æнæхъæн бинонтæй уыцы иунæг хъугмæ æнхъæлмæ кæсут æмæ ахсæв зайыныл куы схæца, уæд ын цы кæндзыстæм æнæрухсæй? Род куы амæла, уæд хæдзар цæмæй да- ринаг стут? йæ рæдыд бамбæрста Мухтар. Хъуг æцæг зайыныл куы схæца, уæд... Ахъуыды кодта, цы чындæуа, ууыл. Нæзы хъæд дард у, дыууæ рагъыл æм ахизын хъæуы. Адæймаг æм талынгмæ хæццæ дæр нæ бауыдзæнис. Мæйдары цæуын та тæссаг у, дыууæ раны дзы ахауæи бынæттæ ис. Æнæ цæугæ нæй. Тарсти, фæлæ йæхи фæхъæбатыр кодта æмæ фæраст. Цырагъджын хъæдмæ бафтыди талынгты. Раздæр бахæццæ уыдаид, фæлæ фæндаджы хауæнтæй хизгæйæ иу ран йæ фæрæт йæ ронбастæй фæбырыд, бынмæ атахти æмæ уый агурыныл бирæ бафæстиат. йæ амондæн хъæд суанг хицæн бæласы онг дæр хорз зыдта. Ноджы йын къæдзæхы скъуыды сусæг æвæрæн ис иу стыр бындзæфхад — сыгъдæг мы- дадзау. Мухтар дзы цалынмæ схъистæ æппæрста, уæд- мæ банафон и. Тæрсын байдыдта. Бирæгъджын у ацы хъæд. Кæддæр дзы дыууæ лæджы дæр акъабæзтæ кодтой. Цырæгъты чысыл æргъом йе уæхскыл, афтæмæй рараст Мухтар. Йæ уæрджытæ дыдæгътæ кодтой, би- рæгътæ йыл куы сæмбæлой, уымæй тæрсгæйæ. Уæдмæ хъæдæй рахызт æмæ æнцонæй сулæфыдис. Фæлæ ма йæ дзæвгар ауайын хъуыд. Тас уыдис мæйдары къах- вæндагæй ахауынæй, бирæтæ дзы боныгон цæуын дæр нæ уæндыдысты. Мæлгæ та фæнды бирæгъты дзыхы акæн, фæнды дурджын комы. Бырыдис Мухтар йæ цыппæртыл, йæ къæхты фындзтæй фæндаджы æрлæу- уæнтæ агургæ. йæ амондæн ауылты арæх цæуы æмæ йæ хорз зоны. Фæлæ уæддæр йæ зæнгтæ фыртæссæй 159
рызтысты. Къухтæй ма бæргæ лæбуры дуртæм, фæл& йæ уыдон дæр нæ уромынц. Быры размæ, æмæ былмæ кæй фæхæццæ кæны, уый æмбары, фæлæ фервæзынæн ницы мадзал ары. Уæддæр ма йæхи нвазы... Сæрсæфæн былæй куыд азæбул, афтæ ма фæхæст иу сагъд дурыл. Фæлæ фез- мæлæн нæй, уæд дур феуæгъд уыдзæнис æмæ атæх- дзæн. Уæдæ афтæ ауыгъдæй лæууын дæр йæ бон нæ бауыдзæн, лæмæгъ кæны йæ къухты тых, цас хъару ис дыууадæсаздзыд сабийы нортты? йæ амондæи йæ фыды хъæр йæ хъустыл ауад: — Гъе-й-й, Мухтар! Цы фæдæ?! Æвæццæгæн, æрæгмæ куы цыдис, уæд ын фæтарст æмæ йæ фæдыл рацыдысты. Дзуапп раттынмæ хъавы лæппу, фæлæ йæ фыдмæ куыд фехъуыса, афтæ ныхъхъæр кæнын йæ бон нæу. Ноджы йæ хъыгдары доны æрра уынæр. Æнхъæлмæ кæсын хъæуы, куы æрбахæстæг уа, уæдмæ. Фæлæ фыд ныхъхъус æмæ дзæвгар рæстæг йæ хъæр нал ссыд. Мухтар фæтарсти, кæд фæстæмæ аздæхт, зæгъгæ. Уалынмæ йæ хæдсæрмæ фехъуыст: — Гъе-е-й-й, Мухтар, кæм дæ?! — Тагъд, баба, фæхауын былæй! Мухтары фыд æмæ йемæ чи рацыд, уыдои сæ рæт- тæ кæрæдзиуыл абастой, ныххæццæ йæм сты æмæ йæ фервæзын кодтой. Уæдæй фæстæмæ Мухтар афоныл хаста нæзы цы- рæгътæ æмæ сæ æфснайдта. Уалынмæ сæм фæзындис чысыл фæтæгены цырагъ, йæ фыд æй горæтæй æрласта. Уый хуыздæр уыдис, хуыздæр рухс кодта. Хъæдмæ йæ цырæгътæм цæуын нал хъуыди. Фæлæ та фæтæген хæссын йæхимæ æр- хаудта, цæуын та йæм дæллаг хъæумæ хъуыдис. Уæдæй фæстæмæ сахуыр цырагъмæ йæ хъус да- рын. Уыдæттæ иууылдæр Мухтар ныр æрбаймысыд, йæ къухы балон, афтæмæй. Иæ цæстытæ фæцъынд кæнгæйæ скасти. «О, Ильичы цырагъ, нæ иарды хуы- зæн рухс дæ»,— ахъуыды кодта уый. — Æнæмæнг ацы фæтæгендон искæдæм ахæссын хъæуы,— загъта зæронд Мухтар,—кæннод йæ тæф кæлы. 1940
МАСТИСДЖЫТÆ I Лади йæ уæрджытæй æнгом хæцыдис фондзæхсто- ныл æмæ йæ йæ иунæг къухæй сæрфта сæрдæнæй удæст хæцъилы гæбазæй. Афтæ æнувыдæй архайдта, æмæ, цыма, дунейыл цы цæуы, уый йæм хъаргæ дæр нæ кæны. Уæрджыты æхсæнæй-иу хæцæнгарз куы фæбыры- дис, уæд-иу галиу къухæй дæр бæргæ фæлæбурдта, раздæр куыд ахуыр уыд, афтæ, фæлæ цонджы хъулæй æддæмæ къух уыдис хауд. Цонг-иу тыхджын стъæлф- тæй ныддыз-дыз кодта. йæхи дæр нæ уырныдта, ахæм къухимæ ма йын топп исты æххуыс фæуыдзæн, уый. Фæлæ уæддæр архайдта уыцы æнувыдæй. Фæстаг сæрфт ма акодта Лади гилдзæвæрæн бы- нат. Рухсмæ сдардта фондзæхстоны хæтæл, уымæн бæлвырд зындысты йæ зилгæ адæгтæ. Æнцадгай сæр- гъæвта топп æмæ йæ æркъæпп ласта, стæй йæ къулы æнцой æрæвæрдта. Иæ сойæ ахуырст къухы уæлфа- дæй фæстæрдæм фæбырын кодта йæ худ, æмæ дзы ныхы хид иуварс æрбасæрфта, стæй йæ къух æхсын- мæ куыд араст, афтæ йæ хъустыл ауад хæдтæхджыты гуыв-гуыв. Фæлæууыд Лади æмæ байхъуыста. Хæс- тæгæй-хæстæгдæр кодта сæ уынæр. Мæстæй айдзаг йæ зæрдæ, фæлæ йæ бынатæй нæ фезмæлыд. Æддейæ фæцыд тарст сывæллæтты цъæхахст, сылгоймæгты цъæхснаг хъæр æмæ лæгтæй кæйдæр хъæр... — Ерыпълантæ та!.. Тагъддæр уæрмытæм!..— æмæ уыцы сидты кæрон кæмдæр арф ныккæнды аныгъуыл- дис. 11 Мамсыраты Дæбе 161
Уæлдæфæй фæцыд зæрдæйы тасуадзæг æхсптт. Дæлæмæ хæстæг кодта æмæ фæцис уæззау гуыппæй. Зæхх ныррызти. Ныззæланг ластой рудзынджы æвгтæ. Уæддæр йæ бынатæй нæ фезмæлыд Лади. Лæууыд цавддурæй. Зын бамбарæн уыд, цæуыл хъуыды код- та, уый. Уыцы рæстæг дыккаг хатт хæстæгдæрæй фæцыдис бомбæйы æхситт. Фехъуыста ма Лади уæззау гуыпп. Фæлæ дымгæ рудзгуытæ æмæ дуæрттæ куыд æрба- тыдта æмæ йын йæхи къулыл куыд ныццавта, уый нал бамбæрста. Æрчъицыдта къуымы, цары згъæлæнты бын хуыс- гæйæ. Рыстис йæ галиу син æмæ дудыдта йæ уадул. йæ рус æрсæрфтытæ кодта йæ армытъæпæнæй æмæ йæ буары цы чысыл авджы къæртт фæсагъдис, уый куы фæцагайдта, уæд йæ къух аскъæфта. Стæй йæ хъавгæ рафтыдта, æркастис æм æмæ йæ иуварс ап- пæрста. Сойæдзаг къухæй æрсæрфта уадулы тугæмæ æнцадгай сыстад. Йæ цæст хæдзарыл ахаста. Рудзын- джы æвгтæ ныппырх сты зæххыл. Дуар йæ иу æв- дузæнæй ауындзæгæй баззад. Уæрмыты кæй нæма бафснайдта Ладийы мад æмæ ма хæдзары чи аззад, уыцы дзаумæтты бомбæйы дымгæ ныххæлиу кодта къуымты, хуызистытæ къулæй зæхмæ раппæрста. Уæдæй размæ кæй нæ бавзæрста, ахæм æнтъыс- нæгдзинад фæзындис Ладийы зæрдæйы. Бирæ фæцис хæстыты. Бирæ хæттыты фехæлдысты йæ алы фæрсты бомбæтæ æмæ сармадзаны нæмгуытæ. Фæцис цæфтæ дæр. Федта æиæхъæн хъæутæ сыгъдтытæй æмæ дæ- рæнтæй. Фæлæ ныр уыцы мæстытыл бафтыдис йæхи хæдзары хæлды маст дæр, йæхи хъæуы пырх дæр. йæ дæндæгтæ æрæндæгъдысты, аркъауау, кæрæдзийыл. Рыгты бынæй топп систа æмæ рацыдис уынгмæ. Бæс- тыл нæ зындис змæлæг. Фос æмæ ма мæргътæ дæр бамбæхстысты кæмдæр. Диссаджы тас ын йæ зæрдæ ныццавта, Тематы Боцайы стыр æмæ райдзаст хæдзарæй ма иунæг æр- дæг хæлд къул куы ауыдта, уæд. Фари... Хæрзконд, рæсугъд Фари... Хæстмæ куы нæма ацыдис, уæд хъуа- мæ бафидыдтаиккой, фæлæ сæ хæст рæстæгмæ кæрæ- дзийæ фæиртæста. 162
Йæ алывæрсты-иу минæтае æхситт кодтой, хæлдыс- ты сармадзаны нæмгуытæ, уæддæр æй бирæ хæттыты æрымысыдис, бирæ хæттыты-иу ауадис Фарийы хъæл- дзæг сурæт йæ цæстытыл. Кæд æй афонмæ ферох код- та, кæд æндæр искæмæ моймæ ацыдис, зæгъгæ-иу уы- цы хъуыды йæ сæры куы фæзындис, уæд йæ зæрдæ срысти. Госпитæлы уадзыгæй куы хуыссыдис æмæ сæнттæ куы цагъта, уæддæр ын дзырдта йæ иом, дох- тыртæ йын уый фæстæ куыд загътой, афтæмæй. Сахъатæй сыздæхт фронтæй, фæлæ ууыл уыйбæрц нæ мæт кодта. Æрмæст æй иунæг сагъæс æнцой нæ уагъта: куы йæм фæуазалзæрдæ уа Фари, куынæуал æй уарза сахъатæй! Йе ’ссæуыны размæ йæм йæ хабар сæрвыста писмойы, фарста йæ, æмæ йын Фари дзуапп радта, кæй нæ йыл аивта йæ зæрдæ. Уæд бамбæрста тынгдæр, куыд бирæ йæ уарзы Фари æмæ йæ йæхæдæг дæр бауарзта ноджы фылдæр. Æмæ ныр кæд уыцы бомбæ Фарийы хæдзары æрæййæфта, зæгъгæ йын уыцы тас йæ зæрдæ фæрæ- хуыста. Азгъордта хæлд бæстыхаймæ, æррайау, цыма тагъддæр куы ныххæццæ уыдаид, уæд цы фыдбылыз æрцыдис, уый ныхмæ ма йæ бон исты бацадаид, афтæ. Уынджы æмæ кæрты хæлиуæй лæууыдысты хъай- вантæ, стъарапилты, рудзгуыты æмæ дуæртты сæсты- тæ, гобæттæ æмæ хъæццулты пырхытæ, базты пакъуы ма тахтис уæлдæфы. Хæдзары кæлдтыты бын искæйы мард ис, æви нæ, уый зыи базонæн уыд. Саст уæрдоны рæтæнæгъдты æхсæн колхозы бæх Бури цагъта йæ гæндзæхтæ. Бомбæйы схъис ын, æргæвдæгау, цæхгæр- мæ алыг кодта йæ хурхыуадындзтæ æмæ йæ туг ставд цыхцырæгæй калдис. Уæрдонæй чысыл æддæдæр дæл- гоммæ лæууыд сылгоймаджы мард, фæлæ чи уыдис, уый ничиуал равзæрстаид,— йæ сæр æмæ йын йæ га- лиу уæхск бомбæ кæдæмдæр фæхаста, уынджы иннæ фарс, сисы рæбын, рыгæйдзагæй хуыссыдис, фондз азы кæуыл цыдаид, ахæм лæппу æмæ ма удисæджы фæхæлиу-фæхæлиу кодта йæ дзых. Бацыд æм Лади æмæ йæ йæ иу къухæй йæ хъæбысмæ систа. Фæнды- дис æй, куы йын баххуыс кодтаид, уый. Фæлæ ма фæ- стаг хатт фестъæлфыди сывæллоны буар, йæ нуæрттæ барызтысты, стæй адаргъ. 163
Нæ аивта Ладийы цæсгомы æнгас. Æнкъардæй æдзынæг кастис сабийы мæрдон цæсгоммæ. Нæ ферт- тывтой йæ уадултыл цæстысыгтæ. Сындæггай зæхмæ æруагъта лæппуйы мард æмæ сыстад. Ахъахъхъæдта фæйнæрдæм. Мæрдтæ бавæрынмæ йæм чи фæкæса, ахæм адæймаг агуырдта, фæлæ бæстыл змæлæг нæ, зындис. Иæхæдæг сæ иунæгæй баныгæдта. Стæй райс- та топп æмæ цæхгæрмæ уынджы фалæрдæм араст, кæдæм цæуы, уый дæр не ’мбæрста, афтæмæй... II Изæрырдæм сармадзанты æхст фæхъус. Тахтысты хæдтæхджытæ, фæлæ бомбæтæ нал æппæрстой. Хъæ- уы фаллаг кæронæй ма хъуысыдис пулеметты æмæ автоматты къæр-къæр. Горæтырдæм тагъд кодтой уæзласæн машинæтæ бур кæттæгтæй æмбæрзтæй. Æн- къард æмæ фæлладхуызæй цыдысты Сырх Æфсады фæстаг хæйттæ. Хъæуысæрырдæм цыдысты лидзæг адæм дæр. Нарæг хидыл утæппæт дзыллæйæн уыцыиу уылæ- нæй ахизæн нæ уыд, æмæ хиды раз дзыгуыр кодтой. Кæрæдзи былгæрæттæм æлхъивгæйæ, цыдысты доны иннæ фарсмæ. Уым лæууыдис Гæгæрц æмæ дзырдта: — Дардмæ алидзын йæ бон кæмæн нæу, уыдон — хъæдмæ, Дидинæгджын æрдузы суадоны цурмæ. Хиды фалейы адæмы уылæн кодта дыууæ дихы æмæ дзы иу хай цыдис горæтырдæм, иннæ — хъæдмæ фæндагыл. Афтæ зындис, цыма адæм æнцад цæугæ стыр дои у, Гæгæрц та — могор. Дон могорыл йæхи цавта æмæ дарддæр калдис дыууæ къабазæй. Горæтырдæм цæуæг къабазы фæдыл-иу æнкъар- дæй акастис Гæгæрц æмæ хинымæрау дзырдта: — Хъæдырдæм, хъæдырдæм, мæ хуртæ, Дидинæг- джын æрдузы суадоны былмæ, дардмæ алидзын йæ бон кæмæн нæу, уыдон! Цалынмæ сырхæфсæддонтæ адæмимæ хæццæйæ цыдысты, уæдмæ сæ сæртæ хастой гуыбырæй, искæмæ бакæсын дæр нæ уæндыдысты, æфсæрмы кодтой цæ- мæндæр, цыма адæм афтæ хъизæмар кæй кæнынц, уымæй аххосджын уыдон сты. Ныфсджындæртæ ха- 164
тыр курæг цæстæнгасæй кастысты æдзæм, æнтъыснæг адæммæ æмæ сæ кæд ничи фарста, уæддæр дзырдтой: — Тæрсгæ ма кæнут... Мах тагъд раздæхдзыстæм. Мах фæстæмæ рæстæгмæ цæуæм... Адæм хиды цур кæм дзыгуыр кодтой, уым иуварс, хæлд сарайы сисы рæбын лæууыдис Лади. Дурæй кондау, уазалхуыз — йæ цæсгом æмæ цæуыл хъуыды кæны, уымæн равзарæн нæ уыд. Зыидис, цыма иицы уыны, иицы хъусы æмæ дунейыл цы цæуы, уымæй йæм мур дæр ницы хъары. Мидæгæй, йæ зæрдæйы та фыхтис стыр маст, йæ сæры зилдух кодтой æнтъыснæг хъуыдытæ æмæ агуырдта, ацы уæззау сахат æй растдæр фæндагыл чи сараздзæн, ахæм мадзал. Фæндыдис æй йæ хъæлæсы- дзаг ныхъхъæр кæнын. Фæлæ дзы ницы рауадаид. Æфсад фæстæмæ цæуы, æвæццæгæн, командæгæн- джыты бардзырдмæ гæсгæ. Бардзырдæн та æнæххæст- гæнгæ нæй. Уæд йæ хъуыдыйы фæзындис, хъæуы иннæ кæрон- мæ немыцаг æфсæдтæ кæцæй æрбабырсынц, уыцырдæм ацæуын, уым фидар бынаты æрлæууын, фашисттæн фенын кæнын, советон хъæу афтæ æнцон бацахсгæ кæй нæу, иунæг лæг дзы куы уа, уæддæр, æмæ сын уый куы базонын кæна, уæд амæлын æнцондæр у. Фæлæ зыдта. немыцаг æфсæдтæ раздæр танктæ кæй æрбауадзынц æмæ хуымæтæджы фондзæхстонæй уы- донæн кæй ницы бакæнæн ис, уый. «Танкты рæстæг мæхи æрæмбæхсдзынæн, стæй машинæджын æфсад цæуын куы байдайой, уæд...» Хур нæма аныгуылд, афтæ хъæу асыгъдæг адæ- мæй æмæ, рагон уæлмæрдтау, баззад æдзæрæг, æнæ- змæлæгæй. Æрмæст ма-иу искуы-иуран исчи фæ- зындис чысыл тыхтонимæ æмæ тагъд кодта хиды- рдæм, уырдыгæй та — хъæдмæ, Дидинæгджын æрдузы суадонмæ. Лади араст хъæуы бынмæ. Куыд хæстæгдæр кодта, афтæ бæстæ уыдис æдзæрæг. Æрмæст ма иуран, зæронд ахуыргæнæг Забейы тыргъы, ауыдта цавæр- дæр лæджы. Уый дуары æхгæнæны бын æфсæйнаг мæцъис стъыста æмæ тынг архайдта йæ ратоныныл, йæ иу къах тарвазмæ сарæзта, афтæмæй. Забе йæхæ- 165
дæг кæй нæу, уый бамбæрста Лади. Топп æриста йе ’уæхскæй дæларммæ, хауд цонджы лыггагæй иннæ къухæн æххуыс кæнгæйæ, суагъта къæпгæнæн йæ мæнг къахæй, æмæ лæгмæ хæстæг бацыд. Афтæ æнувыдæй архайдта, æмæ нæ бафиппайдта Ладийы æрбацыд. — Кæцы дæ уый? — сдзырдта Лади. Лæг фестъæлфыди æмæ фæстæмæ фæкаст. Уый уыдис рагон давæг, цъæхдзаст, схъæлбоцъо Муссæ. Иæ цæсгом фæсырх, æмæ йæ цæстытæ стъыбар-тъы- бур кодтой. Æфсæрмы худт бакодта мидбылты æмæ сдзырдта: — Адон бирæ зынаргъ дзаума ныууагътой æмæ тæссаг у, немыцы къухтæм куы бахауой, уымæй,— фæлæ куы ауыдта, Ладийы æфсæртæ мæстæй кæрæ- дзиуыл куыд æрындæгъдысты, цæстытæ цæхæртæ куыд акалдтой, æмæ топпы фындз йæхи бæрзондæй-бæр- зонддæр куыд иста, уый, уæд мидбылты худт фæтар æмæ йæ цæсгом афæлурс... — Цы кæныс, Лади?.. Æз!.. Фæлæ мадзура Лади ницы дзуапп радта, æрмæст æм цæхæртæкалгæ цæстытæй комкоммæ кастис. «Адæмæн сæ сæр сæ кой у, сæ ис-сæ бон ныууагъ- той, æмæ ахæм сахат давыны мæт йедтæмæ кæй ницы ис, уымæй бирæгъæй цы уæлдай и?» — ахъуыды кодта иуцъусдуг Лади. Муссæ йæ бамбæрста. Давæг лæджы фæлгæст акодта алырдæм æмæ бæстыл куы ничи уыдис, уæд йæ дзыпмæ нывнæлдта. Дамбаца æмбисмæ сласын йед- тæмæ йæ къухы нал бафтыд, афтæ йæ бахста Лади æмæ мардæй æрфæлдæхтис тыргъы. — Сырды мыггаг! — сдзырдта Лади æппын æрæ- джиау. Марды къух фæиуварс кодта, дзыппæй сласта дамбаца æмæ йæ йæ ронбасты атъыста. Чысыл асин- тыл зæхмæ æрхызтис æмæ араст хъæуы бынмæ. Уа- лынмæ йæ хъустыл фæрсырдыгæй ауад кæйдæр хъæр. Фæкаст. Уынджы æрцæйзгъордта йæ мад Гуассæ, йæ кæлмæрзæн йæ къухы, афтæмæй. Иæ дзыккуты быд райхæлд æмæ æвзистхуыз сæрыхъуынтæ фæйлыдтой изæры рог дымгæмæ. Лади æрлæууыд æмæ æнхъæлмæ касти йæ ныййа- рæджы æрхæццæмæ. 166
— Мæ зæрдæйы иунæг æнцой! Мæ хъæбул! Мæ цæстырухс, цом, дзыллæ кæм сты, уырдæм. Мауал æрлæуу сахъатæй уыцы джауырты ныхмæ. Адæмæн æгъгъæд цы у, уый махæн дæр — æгъгъæд,— лæгъстæ кодта мад æмæ æдзынæг кастис йæ лæппуйы æнæз- мæлгæ цæсгоммæ. Зыдта, йæ фырт ын дзуапп кæй нæ ратдзæн, фæлæ цы суынафАæ кæна, уый кæй нæ ныу- уадздзæн. Ницы сдзырдта Лади. Ауымæл стыйæцæс- тытæ æмæ раздæхт фæстæмæ. — Мæ хуры тын... Мæ зæрдæйы æнцой... Мæ цаес- тырухс...— æнæбанцайгæйæ дзыодта Гуассæ æмæ Ладийы фæдыл сæпп-сæппæй уад. Пулеметты къæр- къæр, минæйы хæлыны хъæр, кæнæ-иу сармадзаны нæмыг сæ сæрты куы атахт, æхситгæнгæ, уæд-иу йæ зæрдæ æрбампылдис, фæкаст-иу фæстæмæ, йæхицæн нæ, Фæлæ йæ фыртæн тæрсгæйæ. Хъæуæй рахызтысты хъæды фæндагмæ æмæ сæ ных сарæзтой Дидинæгджын фæзы суадоны былмæ. Разæй ма чысыл къордтæй зындысты иугай лидзæг бинонтæ æд сывæллæттæ, дзауматы тыхтæттимæ, сæ фæдыл уаргължын хъомтæ, хæрджытæ æмæ суанг фыстæ ласгæйæ. III Лади æнтъыснæг цæстытæй кастис, сывæллонæй цъæх нæууыл кæм хъазыд, колхозы кæм куыста, фос-иу кæм хызта, уыцы быдыртæм, бæзджын хъæдæй æм- бæрзт къуыбыртæм æмæ йæм афтæ зындис, цыма сæ фæстаг хатт уыны. Иæ зæрдæйы тугтæ калдысты æнæ- тынд нартхæртты æмæ æнæкъахт картæфты хуымтæм кæсгæйæ. Уыдон адæм сæхипæн фæкуыстой, æмæ сæ хъуамæ ныр фашисттæ æртоной, скъахой?.. «Кæдæм лидзын? Цæмæн? Мах æй куы нæ ба- хъахъхъæнæм, уæд нын чи бахъахъхъæндзæн нæ цард, нæ фæллæйттæ?» — дзырдта йæхинымæры. Исдугмæ фæлæууыд. Хъавыд фæстæмæ раздæхынмæ. Ракаст хъæуырдæм, фæлæ йæ мады тарст цæсгом æмæ лæгъ- стиаг æнгас куы ауыдта, уæд æнæдзургæйæ араст ис дарддæр. Иу фæуырдыггæнæны ныййæфтой уæрдон лясугæ. Фæндаджы иуварс сылгоймаг йæхи дæлгæмттæ кодта 167
сабийы мардыл. Иæ хъарæг зæрдæйы уидæгтæ скъуыдта: — Уæ, мæ бон куыд бакалдис! Æз дæ хъæдмæ ир- вæзын кæнынмæ куы ластон, афтæмæй дæ мæхи къу- хæй куы æрбамардтон. Уæ, йæ туджы фæмæца, мах не ’нцад цардыл чи нæ уадзы æмæ нын ацы бæллæхтæ чи уынын кæны, уыцы Гитлер! Сæ цыд фæтагъддæр кодтой æмæ бахæццæ сты усмæ. Уый уыдис сæхи хъæуккаг, Салаты Гади. Иæ дыууæ фырты æмæ йæ лæг уыдысты хæсты. Баззадис ма уыцы иунæг сабиимæ, йæ хистæр фырты лæппуи- мæ æмæ йæ хъæдмæ ахæццæ кæнинаг уыд. Уырдыджы сæ бæх былæй куы ахауа, уымæй тæрсгæйæ, сывæлло- ны уæрдоны фæуагъта æмæ ахæцыд бæхы дзыларыл. Иуран цалх дзыхъхъы ныххауд æмæ саби расхъиудта цалхы бынмæ. Бæргæ ма фæхæцыд бæхы рохтыл фæс- тæмæ, фæлæ æвиппайды йæхи бауромын нал бафæ- рæзта æмæ цалх сывæллоныл атылдис. Фæкуыдта Гуассæ мæрдджын усы раз. Стæй сы- вæллоны сæвæрдтой уæрдоны, дзаумæтты сæрыл. Ла- ди ахæцыдис бæхы дзыларыл æмæ араст сты Диди- нæгджын æрдузы суадоны былмæ. Бæрзонд къуыбырмæ куы схызтысты, уæд Лади баурæдта, сылгоймæгтæ сæ фæллад суадзой, зæгъгæ. Иæ къух йæ сины сæр авæрдта æмæ хъæуырдæм ра- каст. Дзæбæх æм зындис, немыцаг æфсæдтæ машинæ-) тæй куыд хызтысты æмæ хæдзарæй хæдзармæ куыд згъордтой, уый. Бамбæрста, уыцы сырдтæ уым фæфæс- тиат уæвинаг кæй сты. — Цъаммартæ!.. Мах танкты бын ныцъцъист кæ* нынмæ хъавынц. Фæлæ сæ нæ адæм се ’рагъмæ схизын нккуы бауадздзысты,—загъта Лади æмæ сæм йæ къухæй бартхъирæн кодта.— Уæхи хъахъхъæнутг угв фæстаг сахат æрхæццæ кæны! — фырмæстæй йе ’фсæр- тæ аркъауау æнгом æрæлхъывта, стæй æнæдзургæйæ ахæцыд бæхы рохтыл æмæ араст сты дарддæр. Дидинæгджын æрдузы алы кæрæтты, хъæдбынты æрæнцадысты лидзæг адæм къордгæйттæй æмæ бав- нæлдтой халагъудтæ аразынмæ. Лæгтæ бацыдысты хъæды арфмæ æмæ кодтой саджилджытæ. Сылгоймæг- тæ хастой хæмпæлтæ, тыдтой æрдæг хус кæрдæджытæ 168
æмбæрзынæн. Сыгъдæг кодтой сæ бынат. Хъæдрæбы- ны, зенитон сармадзанты хæтæлау, æртæ раны схъил сты уæрдæтты рæтæнæгъдтæ æмæ сыл сæ хицæуттæ æвæрдтой къалиутæ, æрытыдтой сыл зæронд нымæт- тæ. Фæрсырдыгæй, дымгæ куыд нæ кæна, афтæ сæ æмбæрзтой бæзджын сыфтæрджын къалиутæй. Ранæй- рæтты скалдис цъæхбын фæздæг æмæ уыцы сындæг- гай, æнкъардхуызæй, хæлиу кодта фæззыгон бур хъæ- дыл. Хъуысыдис сывæллæтты кæуын, рынчынты хъæр- зын. Æрдæг хус арф кæрдæгыл зыдæй хызтысты бæх- тæ, хъомтæ, хæрджытæ, фыстæ, сæгътæ. Цавæрдæр бæласы бынæй цыдис хъазты уасын дæр. Змæлæг арæх кæм никуы уыди æмæ дыууæ азы дæргъы лæджы къах æппындæр кæм не ’рлæууыдис, уыцы Дидинæгджын æрдузмæ æрбалыгъдис хъæу æнæхъæнæй йе ’ппæт царды æгъдæуттимæ. Суанг кол- хоз кæй нал ис æмæ Гæгæрц бригадир кæй нал у, уый фиппайгæ дæр ничи бакодта. Гæгæрц йæхæдæг дæр нæ бамбæрста, æвæццæгæн, уыцы хъуыддаг, æмæ фыццагау фæлмæн æмæ рæвдауæн ныхасæй адæмы тагъд кодта сæ куысты, архайдта алкæмæн дæр фех- хуыс кæныныл. Фыркуыдæй хæкъуырцц кæнгæйæ, Гади цыдис Гуассæйы фарсмæ мардласæг уæрдоны фæдыл. Фæлæ Дидинæгджын æрдузы хъæдрæбынты адæмы хæлиуæй куы ауыдта, уæд зæрдæбынæй скуыдта æмæ йæ хъарæг азæлгæ ацыдис комы. Иæ сывæллоны зианæй уæлдай ма адæмы тыхстдзинад дæр ахъардта йæ зæрдæйы. Сбогъ-богъ кодта Гуассæ дæр. Хъæды алы рæтты фæхъус сты фæрæтты къуппы- тæ. Адæм фæуагътой сæ куыст æмæ æмхуызонæй акас- тысты, кæуын кæцæй цыд, уыцырдæм. Æрдузы арф кæрдæджы, æвæдты, уырдыгмæ æрцæйцыдис мардла- сæг уæрдон. Лади, бæхы рохтыл хæцгæйæ, цыд сæр- гуыбырæй. Хъæды алы рæттæй адæм рауадысты йæ размæ. Куы йæм схæццæ сты, уæд дзауматы сæрыл ауыдтой гыццыл лæппуйы хуысгæ. Нырдиаг кодтой устытæ, сæхи нал баурæдтой зæронд лæгтæ дæр. Тынг- дæр куыдтой уымæн, æмæ Гадийы тыхстдзинады уыд- той сæхи тыхстдзинад. 169
Лади лæууыд адæмæй иуварс, йæ фондзæхстоыы бырынкъыл йæ хауд къухы дæлармæй æрæнцой кæн- гæйæ, æмæ уазал цæстытæй кастис суадоны тарбын цъæх уылæнтæм. Афтæ зындис, цыма йæм адæмь* кæ- уын нæ хъуысти, сæ тыхст æм нæ хъардта. Æвиппайды æрбадымдта уазал дымгæ, сусæг сыр- сыр скодтой бæлæсты бур сыфтæртæ æмæ зилдухæй хауын райдыдтой. Гæгæрц йæ зæронд куырæты фæдджийæ йæ цæс- тысыгтæ асæрфта, афæлгæсыд арвыл. Здыйы хуызæн мигътæ æрбазындысты хъæды сæрты фæсрагъæй æмæ сындæггай бырыдысты Дидинæгджын æрдузырдæм. — Æгъгъæд, мæ хуртæ. Кæуынæй ницыуал рауай- дзæн. Чи амард, уый рухсаг уæд. Фæлæ ма æгас чи у, уыдоны фервæзыны куыст кæнын хъæуы. Уазал дымгæ кæны. Мит куы рауара, уæд сывæллæттæ ба- сидзысты.— Йæхæдæг бæхы дзыларыл рахæцыд æмæ уæрдоны стыр сусхъæд бæласы бынмæ æркодта, йæхи бинонтæ кæм æрæнцадысты, уырдæм. Зæххыл æры- тыдтой сæрдыгон хъæццул, æрæвæрдтой йыл марды æмæ йæ батыхтой. Адæм фæхæлиу сты фæстæмæ, æмæ та алчидæр йæ куыст кæнын райдыдта. Хъæды алы рæттæй та ссыдис фæрæтты къуырцц-къуырцц, уынæр. Лади бацыдис, йæ мад йæ дзауматы хæррæгътимæ цы ныллæг бæзджын сыфтæр бæласы рæбын архайд- та, уырдæм. Иуцъусдуг алæууыд æнæдзургæйæ, стæй топп æрæвæрдта æмæ халагъуд аразы. IV Адæм бакъордтæ сты хъæдбын æмæ алы ныхас код- той. Чи нымадта, хъæуы йын цы дзауматæ баззад, уыдон, чи сагъæс кодта, æфсады йын чи ис, уыдоны хъысмæтыл. Иннæтæ та мæт кодтой, зымæджы мит куы рауара, уæд хъæды куыд цæрдзысты, ууыл. Лади бадтис суадоны был æмæ хъуыста адæм, мы- ды бындзытау, куыд дыв-дыв кæнынц, уымæ. — Тæрсын нæ хъæуы... Æрмæст ацы зынтæн иу- цалдæр боны бафæразæм, стæй уæдмæ нæхионтæ фæ- зындзысты,— хъуысыдис æм хæстæгдæр бæласы бы- иæй сылгоймалжы ныхас. Алкæйы сæры дæр, æвæццæгæн, фæзындис иухуы- 170
зон хъуыдытæ: «Цы уыдзæн цымæ дарддæр та? Кæд фæуыдзæн хæст? Дымгæ кодта уазалæй-уазалдæр æмæ тыхджын- дæр. Саумылазон мигътæ æрбахгæдтой алырдыгæй арв. Ладийы цæстытыл хауын байдыдтой иуган уазал æртæхтæ, фæлæ мит уарыд, æви дон, уый нæ рав- зæрста. — Мигъ æмæ уарыны кæд нæ фæзыниккой уыцы хуыцауы æлгъыст хæдтæхджытæ. Æртытæ бакæнут æмæ уæ сывæллæтты батавут,— фехъуыстис талын- джы Гæгæрцы ныхас. Æрмæст цыма адæм уымæ æн- хъæлмæ кастысты, афтæ чысыл рæстæгмæ хъæды ферттывтой æртытæ, барухс æрдуз, йæ сæрмæ фæзын- дис цъæх фæздæг. Æртыты рухсмæ уыд, æви фос хæстæг кæй сты, уый бамбæрста, фæлæ комырдыгæй нынниудта би- рæгъ. Алы рæттæй йын дзуапп радтой æндæр къуы- бырхъустæ. Æрдузæй фехъуыст куиты рæйын, æмæ Лади æрмæст уæд базыдта, фашисттæй куитæ дæр кæй ралыгъдысты, уый. «Сырдтæй фыддæр сты, адæм æмæ фос сырдты æхсæнмæ кæмæй ралыгъдысты, уыдон?» — ахъуыды кодта Лади æмæ раст уыцы рæстæг йæ дæлейы арты рухсмæ ауыдта цавæрдæр сылгоймаджы. Куыд бафип- пайдта, афтæмæй уый цыдæр агуырдта, фæлæ цыдис тæрсгæйæ, хъавгæ. — Кæцы дæ уый? — бафарста Лади сабыр ныха- сæй. — Чи дæ? — фестъæлфыд сылгоймаг. Æмæ йæ Лади йæ ныхасæй базыдта. Уый уыдис Фаои. — Æз дæн. Тæрсгæ ма кæн,— загъта Лади æмæ, Фарийырдæм цæугæйæ, бафарста: — Цы агурыс аца- фон? — Нæ хъуг мæ айрох ис... Кæдæмдæр ацыд. Би- рæгътæ йæ куы бахæрой. — Æмæ йæм уæд ды цæмæн рацыдтæ? Боца кæм ис? — Тынг рынчын у. Уыимæ архайгæйæ мæ айрох ие хъуг дæр.— Исдугмæ ницыуал сдзырдта Лади. Ахъуы- ды кодта цæуылдæр. Зæгъинаг ын уыдис: ды ма фы- дæбон кæн, æз æй æрбаздахдзынæн, фæлæ йын афтæ: 171
— Иунæгæй куыд ацæудзынæ талынджы, фæлтау æз демæ азилдзынæн. — Нæ хъæуы...— дзуапп радта Фари, йæ ныхасы уагæй та бæрæг уыд, иунæгæй цæугæйæ тæрсгæ кæй кæны, кæй йæ фæнды, æмбал æй куы уаид æмæ «нæ хъæуы» æфсæрмæй кæй зæгъы, уый. — Æфсæрмытæ-йедтæ ныууадз, фæлæ цом...— алыг кодта цыбырæй Лади æмæ араст. Фари цыдис йæ фарсмæ æнæдзургæйæ. Бирæ цы- дæртæ зæгъын сæ фæндыдис кæрæдзийæн, фæлæ адæм уæззау уавæры кæй сты, ныртæккæ уарзондзинады хъуыдытæм кæй никæй æвдæлы, уый æмбæрстой æмæ ныхъхъус сты. Лади æмæ Фари хъуджы агургæйæ, ацыдысты адæ- мæй дзæвгар. Гæзæмæ ма сæм дард кæцæйдæр æрт- тывтой æртытæ. Чысыл ма хъуыстис куиты рæйын. Афтæмæй дымгæ фæуазалдæр, арæхдæр хауын рай- дыдтой уарыны æртæхтæ. Лади куыд хъуыды кодта, Фарийæн сæ хæдзары хæлды хабар радзура, æви нæ, ууыл, афтæ сæ дæлейы фæцыдис цавæрдæр тьыбар-тъыбур, бæхы фындзы футтытæ. Стæй сæм æхсæвы тары ферттывтой дыууæ цъæх цырагъы. Фари фыртæссæй Ладийыл йæхи баппæрста, æмæ йæм йæхи нылхъывта. Чызгæн рызтис йæ буар. — Цы у уый? Лади дзуапп нæ радта, афтæмæй сæргъæвта топп, сахъат цонгыл æй æрæвæрдта, фæлæ æхсгæ нал фæ- кодта, гæрахæй адæм куы фæтæрсой, уый ахъуыды кæнгæйæ.— Гъей, гæбæр гацца! — фæхъæр ласта би- рæгъыл æмæ дыууæ цъæх цырагъы хъæды фæаууон сты. Кæй агуырдтой, уыцы хъуг адæймаджы хъæр куы айхъуыста, уæд сæм хæстæг æрбалыгъд æмæ æрлæу- уыдис футтытæгæнгæ. — Ма тæрс, бирæгъ уыдис,— сдзырдта æппын- æрæджиау Лади, æмæ йæ иу къухæй Фарийы йæхимæ æрбалхъывта. — Дæ буар ризгæ цæмæн кæны? — бафарста Ла- ди, æмæ ноджы тынгдæр æрбалхъывта чызджы йæ- химæ. 172
— Æвæццæгæн мын уазал дæр у,— загъта Фари æмæ йæ дæндæгты къæрцц-къæрцц ссыд. Лади чызджы тагъдгомау феуæгъд кодта æмæ хъугмæ хæстæг бацыд. Цалынмæ йыл сæрбос æвæры- ныл архайдта, уæдмæ къæвда ныккалдта ставд æр- тахæй. — Цом бæласы бынмæ, цалынмæ уарын фенцайа, уæдмæ, кæннод бынтон суазал уыдзынæ,— загъта Лади, йæ цинелы фæдджитæй æрбатыхта чызджы, хъуджы сæрбос уымæ радта, йæхæдæг йæ къух уæхс- чы сæрты айста, цинелы кæроныл хæцгæйæ, хуыздæ- рæй куыд æмбæрзтаид, афтæ. Бацыдысты сыфтæрджын бæласы бынмæ, æртах дæр кæдæм нæма æрхъардта, æмæ хус кæм уыд, ахæм ранмæ. Лади хъуджы къалиуыл бабаста. Бæласы фарсыл цы даргъ сау стъæлф зындис, уый разынд уæрæх мæра, æмæ Лади бацин кодта. — Ардæм-ма рацу,— фæдзырдта Фаримæ. Æмæ йæм чызг куы æрбахæстæг, уæд ма йæ ныхасыл баф- тыдта: — Мæнæ цинелы дæхи æрбатух æмæ мæрайы бабыр, æвæджиау ран у. — Æмæ уæд ды та?.. — Мæ мæт ма кæн. Æз ахуыр дæн уазалтыл,— дзуапп радта Лади, Фарийы уæхсчытыл цинел æрба- кæнгæйæ. — Нæ хъæуы... Мæнæн йæ иу кæрон дæр æгъгъæд у,— загъта Фари. Уæд Лади цинел йе ’ккой æрбакодта æмæ дзы йæ иу къабазы Фарийы æрбатыхта. Чызг фыруазалæй рызти, тæфсæгæй ризæгау, æмæ йæм уæд Лади йæхи æнгомдæр æрбалхъывта, тагъддæр æй схъарм кæнон, зæгъгæ. Афтæ лæууыдысты æнæдзургæйæ дзæвгар рæс- тæг, æмæ хъуыстой, уарыны ставд æртæхтæ бæлæсты сыфтæртыл хаугæйæ, куыд сыр-сыр кодтой, æфсæст хъуг куыд арф улæфыдис, уыдæттæм. Куыдфæстæмæ банцад Фарийы буары рызт. Тæф- сын байдыдта æмæ уыцы хъарм цавæрдæр æхсызгон- дзинад лæвæрдта Ладийæн. Иудзæвгар ма афтæ алæу- уыдысты, стæй сабырæй загъта: — Æз ахсæв цæугæ кæнын... Мæнæн адæмы зын- 173
дзинæдтæм афтæмæй кæсын мæ бон нæу. Цæугæ каё* нын... Æмæ нæ, чи зоны, мæлæт фæхицæн кæна кæ- рæдзийæ. Фæлæ-иу зон, бирæ дæ кæй уарзтон. Нæ бафарста Фари Ладийы, кæдæм цæуы, уымæй. Нæ йын балæгъстæ кодта, ма ацу, зæгъгæ. Ницы сдзырдта æппындæр. Лæууыд æмæ хæкъуырццæгæй куыдта. Фæстагмæ уарын фæкъаддæр, стæй бынтондæр банцад, æрмæст ма уазал дымгæ хаста. Лади къалиуæй райхæлдта хъуджы сæрбос æмæ рацыдысты. V Гæгæрц зылдис адæмы къордтыл, æвæрдта сын зæрдæтæ, лæгъстæ сын кодта, цæмæй зын сахат зын- тæн фæразой, хъармдæр тухын кодта сывæллæтты æмæ рынчынты, куыд нæ суазал уой, афтæ. Иу бæласы бын, халагъудæй хъуысыдис сылгойма- джы мæлæтдзаг хъæрзын, цъæхахст. Лади базыдта йæхи мад Гуассæйы ныхас дæр. — Марадзут, уæ фæхъхъау æрбауон, дон æрцæт- тæ кæнут. Артыл суджы къæцæлтæ баппарут æмæ йæ ахъарм кæнут,— дзырдта Гуассæ, æмæ ма ноджы фæлмæндæрæй бафтыдта: — Худинаг у, мæ бон, хъæ- уы зæронд лæгтæй. Дæхи фæуром. — Цы фыдбылызæн æрхаста йæ арын ацы бон- мæ, уæлдайдæр талынг æмæ уарын æхсæв?..— загъта, артдзæстимæ чи архайдта, уыцы сылгоймæгтæй иу. Лади æмæ Фари лæууыдысты дæрддзæфгомау æмæ сæм хъуыстой. Иурæстæг арæг фæхъус йæ маройæ. Цыдæр тас, тæригъæддзинад æмæ цины æмбудæнтæ фæзындысты Ладийы зæрдæйы... Стæй йæ хъустыл ауад: «Амардис». Лади сæрбос Фаримæ авæрдта. йæ къух ын ныл- хъывта æмæ загъта: — Хæрзбон. Æз цæуын... Æз адæммæ ахæм уа- вæрты кæсын нæ фæразын. Нанайæн-иу зæрдæтæ авæр, ма мын тæрсæд. Мæхæдæг ын зæгъин... Фæлæ мæ нæ ауадздзæн,— стæй феуæгъд кодта Фарийы къух, цæхгæр фæзылд æмæ хъуг кæцæй сластой, уыцырдæм 174
аивгъуыдта. Кæдæм цæуы, уымæй бафæрсын дæр æй йæ къухы нал бафтыдис Фарийæн. VI Ладийы госпитæлæй куы рафыстой, уæд иунæг къухимæ дæр фæстæмæ фронтмæ здæхынмæ хъавыд, автоматæй хæцынмæ сарæхсдзынæн, хæцынæн куы нæ сбæззон, уæд та æндæр исты пайдайаг хъуыдда- джы сбæздзынæн, зæгъгæ. Фæлæ йæ нæ ауагътой æмæ уæд рацыдис сæхимæ, фашистты ныхмæ йæ зæрдæйы цы бирæ маст æрæмбырд ис, уый йемæ рахæсгæйæ. Сæхимæ цы бон схæццæ, уыцы бон знаг æрбахæстæг сæ хъæумæ. Æмæ уæд Ладимæ фæзындис партизан- тимæ хи сбæттыны хъуыды. Азылдис уыцы фæндимæ хъæуыл, агуырдта партизантæй искæй. Фæлæ ма уым баззадысты хæрззæронд лæгтæ, устытæ æмæ сывæл- лæттæ. Хæцæнгарз хæссынхъом чи уыдис, уыдон та сæхи партизантимæ анстой. Кæдæм ацыдысты, кæм хъуамæ уой, уый ничи зыдта æмæ йæ Лади дæр нæ базыдта. Афтæмæй алыгъд Дидинæгджын æрдузмæ адæмимæ. Æмæ ам йæ маст йæ зæрдæйы куынæуал цыдис, уæд хъæдтыл зылди, кæд искуы партизантыл фембæлид, уыцы зæрдæйæ. Цалдæр боны Лади фæцагуырдта партизанты фæд, цардис хЪæддаг дыргътæй, мæкæрæзтæй æмæ йæ къухы цы æфтыдис, уыдонæй. Куы нæ сæ ссардта, уæд сфæнд кодта фæстæмæ Дидинæгджын æрдузмæ ацæуын, йæхицæн иучысыл хойраг рахæссын æмæ иунæгæй хæцын, цалынмæ æгас уа æмæ маст исын йæ бон уа, уæдмæ. Фæлæ ма æрдузы æрбаййæфта æдзæрæг халагъуд- тæ, рагон артдзæстытæ уазал фæныкимæ æмæ æрдæг- сыгъд æхсидæвтимæ. Хъæдрæбын æппæтæй стырдæр тæгæр бæласмæ хæстæг, иу гыццыл æмæ дыууæ стыр- дæр ингæны сæ ног цыртытимæ. Бацыд Лади хæстæг æмæ æнкъардæй æрлæууыдис сæ уæлхъус. Æртæ ин- гæныл дæр Гæгæрцы къухæй фыст уыдис мæрдты нæмттæ æмæ кæд ацух сты, уыцы бонтæ. Æвзалыйы къæртт систа æмæ чысыл цыртыл фæзынд: «Ист нæма у ацы мæрдтæн сæ туг»,— стæй араст ис хъæуырдæм. Цалдæр боны удæгас адæймаг кæй нал федта, 175
уымæй æнкъард уыдис Лади æмæ тырныдта хъæумæ. Фæлæ-иу йæ зæрдыл куы æрбалæууыдис, йæ райгуы- рæн хъæуы тугдзых фашисттæ кæй ис, цы царды æгъдæуттыл сахуыр, уыдон дзы кæйнæуал сты, уы- дæттæ, уæд-иу йæ дæндæгты къæс-къæс ссыд æмæ йæ цыд фæтагъддæр кодта. Къахыры фæндагæй Дзалайы уыгæрдæнмæ куы ра- хызт, уæд изæрдалынгты дардмæ ауыдта цавæрдæр зæронд лæджы лæгуæрдонæй суг ласгæ. Чысыл хæрды куы фæуæле ис, уæд æрлæууыд, йæ цæрмын худæй йæ ныхы хид асæрфта, фæйнæрдæм ахъахъхъæдта, æрбадтис уæрдоны рæтæнагъдыл, æмæ йæ сæр йæ дыууæ армытъæпæныл æруагъта. Лади йæм куы бахæстæг ис, уæддæр æй нæма базыдта. — Байриай! — сдзырдта Лади. Скастис æм зæронд лæг. Уый разындис Гæгæрц. Иæ цæссыгтæ калдысты æмæ йæ уадултыл æрттыв- той уымæл фæдтæ. Фестадис Гæгæрц, Ладийы куы ауыдта, уæд. Иæ цæссыгтæ амбæхсынмæ хъавыдис, фæлæ арæхдæрæй æрызгъæлдысты æкчъылдтæ фæлурс рустыл. Цыдæр зæгъынмæ хъавыдис, фæлæ кæуындзæг акъуыбар йæ хурхыуадындзты æмæ мæ дзурын нал суагъта. — Тæрсгæ ма кæн. Дæ цæссыджы аргъ не ’сты æппæт фашисттæ дæр. Сбад. — Лæджы хуызæн лæг нæм нал ис æмæ нæ хын- джылæг кæнынц. Цæй цард у лæгæн, йæ разы йын сылгоймагæн куы тых чындæуа æмæ тыхгæнæгмæ сдзурын куы нæ уæнда, уæд уый? Лади хъуыста Гæгæрцы ныхæстæм. Дарддæр куыд базыдта, афтæмæй йын немыц тугæрхæмттæ над фæ- кодтой йæ мад Гуассæйæн, Лади йæхи гитлеронтæм кæй нæ радта æмæ хъæды кæй æмбæхст, уый тыххæй. Фæхудинаг кодтой æртæ чызджы, фæлæ чи уыдысты, уый нæ загъта. Уымæй дарддæр радзырдта, хъæды кæмдæр партизантæ кæй ис, ууыл немыц дызæрдыг кæй кæнынц, æмæ сæм цалдæр хатты пъæлицæ ма- шинæтыл пулеметтæ æмæ минометтимæ кæй абыр- сынц, фæлæ сæ къухы ницы бафты æмæ та раздæ- хынц. 176
— Æз дæр хъæдмæ цæуыны æфсон цалдæр хатты уый тыххæй рацыдтæн,—загъта Гæгæрц æмæ лæг- уæрдоны бынæй кæцæйдæр автомат раласта.— Фæлæ никуы хæст кæнын партизантыл æмæ иунæгæй рай- дайын бахъæудзæн. Зæрдæйæн æхсызгон чи уыдаид, ахæм ныхæстæ зæгъынмæ хъавыд Лади, фæлæ уыцы сахат хъæдмæ фæндагыл фæцыдис машинæты хъæр. Байхъуыстой. — Уыдон та сты. Партизанты агурæг та цæуынц,— загъта Гæгæрц. Ницы сдзырдта, афтæмæй йæхи иуварс айста Лади æмæ къардиуы æрхуыссыд. йæ хъуыды йын бам- бæрста Гæгæрц æмæ фæндагыл цæхгæрмæ сарæзта йæ уæрдон æмæ æрхуыссыдис Ладимæ дæрддзæфго- мау. — Нæ хотыхтæ куы баивиккам. Æз уырыссаг топпæй хуыздæр арæхсыи, тынгдæр ыл ахуыр дæн,— саст хъæлæсæй сдзырдта Гæгæрц. Аивтой сæ æмæ æн- хъæлмæ кастысты... Сæ хæст фашисттимæ уыйбæрц бирæ нæ ахаста. Уайтагъд банцад. Фæлæ гæрæхтæм хъæуæй пъæлицæ фæфæдис сты. Æхсæвы тары схæциæ сты Дзалайы уыгæрдæнмæ, лæгуæрдон фæндагыл æнæхицауæй кæм лæууыдис, уырдæм. Фанарты рухсмæ ссардтой æртæ пъæлицæйа- джы æмæ æхсæз немыцаг салдаты марды. Æпнын- æрæджиау ссардтой Гæгæрц æмæ Ладийы мæрдтæ дæр. Йæ мидæггаг хæдоны пырхытæ Гæгæрцы сæры цæфыл дыууæ тыхты æрбакодта Лади, фæлæ йæ ба- бæттын нал басЬæрæзта... * Æхсæны фæзы фæрсæй-фæрстæм лæууыдысты Гæгæрц æмæ Ладийы мæрдтæ. Сæ алыварс сæрыс- тырхуызæй, цыма сæ къухы уæлахиздзинад бафтыдис, уыйау рацу-бацу кодтой дыууæ немыцаг салдаты æд автоматтæ. Аходæнмæ æввахс хъæуы адæм æрæмбырд сты. Немыцæгтæ сæ нæ тардтой. Уыдон мæрдты уым ба- рæй æрæвæрдтой, цæмæй адæм сæхи цæстæй феной, 12 Максыраты Дæбе 177
фашисттæ партизантæн куыд нæ хатыр кæнынц æмæ сæ куыд цæгъдынц, уый. Фари лæууыдис мæрдтæм хæстæг, æдзынæг кастис Ладийы фæлурс, хъуынджын цæсгоммæ æмæ йæ уа- дултыл згъордтой цæссыджы фæрдгуытæ. Уалынмæ фæзындис комендант. Сласта йæ дамба- ца æмæ йæ цалдæр цæфы ныккодта Ладийы цæсго- мыл. Стæй æрæджиаугомау сдзырдта: «Партизан!» Фæлæ æртхъирæнтæ Ладимæ нал хъардтой æмæ цыма немыцаг афицерæн афтæ зæгъынмæ хъавыд: «Æз бакодтон, цы мын æмбæлд, уый. Мæ цард рад- тон адæмы сæраппонд, фæлæ уæм мæ мастисджытæ зындзысты». 1943
ДЫУУÆ ФЕМБÆЛДЫ (Зæронд кусæдош радзырд) Фæлмæн вагоны æмбис фæндагыл сбадтæн. Купе- йы баййæфтон ныллæджытæ, хæрзхуыз зæронд лæджы, йæ уæлæ хуымæтæджы пижамæ. йæ чысыл æнцъылд- гомау цæстытæ мæм Ленины цæстыты хуызæн фæкас- тысты, кодтой чысыл хин, хæларзæрдæ каст. Зæронд лæджы фарсмæ бадтис йæхи карæн стæвд- тæарæзт тымбылдзæсгом сылгоймаг. йæ уæлæ уыди бæласдидинæгджын штапелæй халат æмæ хæдзары- даргæ нымæтын дзабыртæ. Зæронд лæг æмæ усы бакомкоммæ бадтис æрыгон майор, æвæццæгæн ма Фыдыбæстæйы хæстæн йæ кæ- рон æрæййæфта æмæ йæ риу тынг хъæздыг фæлыст нæ уыдис хæрзиуджытæй, уæвгæ та уыцы сæрыстырæй касти. Купейы дуар куыддæр байгом кодтон, афтæ мæм сдзырдтой: — Мидæмæ, мидæмæ, æмбал! — рæвдз фестад майор. Иæ бынаты базмæлыдис зæронд лæг дæр. Майор мын мæ чумæданмæ февнæлдта, зæронд ус, цыма змзелгæ дæр нæ фæкодта, афтæ мæм фæкаст, фæлæ уымæн дæр мæ бацыд хъыг нæ уыди. Æхсызгон мидбылхудтæй мын салам радта. Майор мын мæ чумæдан æрдæлгом кодта хуыссæ- ныл æмæ сдзырдта: — Марадз сис, цы дæ хъæуы, уыдон. Æз систон сапон, хисæрфæн, хæдзары дарæн дза- быртæ, сæхгæдтон æй æмæ йæ мæхæдæг бафснайын- мае хъавыдтæн, фæлæ мæ майор нæ бауагъта. 179
Куы æрбадтыстæм, уæд мæм зæронд лæг йæ цæс- тæй ацамыдта, хъус ды дæр, зæгъгæ, æмæ дарддæр кодта, ме ’рбацыдмæ кæй райдыдта, уыцы ныхас. — Уæдæ! Цалдæр хатты сæмбæлдтæн Ильичыл,— дзырдта зæронд лæг. Майор æм зæрдиагæй хъуыста, цыма йæхæдæг сæмбæлдис Лениныл, ахæм æхсызгон- дзинад зындис йæ цæсгомыл. Æз бирæ хæттыты хъуыстон зæрæдтæм, Ленинимæ куыд сæмбæлдысты, уый тыххæй стыр разæнгардæй фæдзурынц. Уæвгæ та мысæггаг хабæрттæ кæй фæкæ- нынц, уый æдзухдæр бамбарын. Æмæ ныр дæр мæ хъус ницабæрæг æрдардтон ны- хасмæ. Майор æм афтæ æнувыдæй кæй хъуыста, уый тыххæй ма йæ æнæфенд саби дæр рахуыдтон; зæгъын, куыд æууæнды цавæрдæр зæронды мæнг ныхæс- тыл. — Ильич зиуы рæстæг йæхæдæг дæр кæй куыста, уьшы хабар ды дæр зондзынæ. Уый тыххæй фыст бирæ ис, нывты йæ арæх æвдисынц... «Кæсут-ма, кæддæра уыцы зиуы Ленинимæ нæ фембæлид»,— ахъуыды кодтон æз. — Гъе, æмæ уыцы ран ахæм хуызы фембæлдтæн Ильичимæ. «Гъы, гъы, фембæлдис ыл!» — загътон та мæхи- нымæр. — Хабар рагацау айхъуыстис кусджытыл, зæгъ- гæ, дам, Владимир Ильич дæр æрбацæудзæн æмæ уый дæр иннæты æмхуызон кусдзæн. Иæ фенын мæ куыд не ’рфæндыдаид, фæлæ йæ утæппæт дзыллæты æхсæн фендзынæн, уый мæ нæ уырныдта. Ме ’мбали- мæ иу уæззау хъæд фæцæйхастам фæйнæджыты æмæ алыхуызон рæдзæгъдты астæуты. Хъуыды кæнын: «Тагъд-тагъд акусдзыстæм æмæ Ильичы бацагурдзыс- тæм. Иемæ куынæ базонгæ уæм, уæддæр æй дардæй феидзыстæм. Æмæ уæд мæхицæй æппæлын мæ бон уыдчæн, Ильичимæ фембæлдтæн, зæгъгæ. Уæд ма лæппу уыдтæн. Адæмы æхсæнты нæ- хииæн фæндаггæнгæ размæ цæуæм. Адæм та дзы уыйбæрц уыд æмæ сæ азмæлæн ничердæм уыдис. Чи цы куыста, чи цы. Иурæстæджы мæ размæ фæци ныллæджытæарæзт 180
лæг, йæ къепкæйы бырынкъ фæстæрдæм, йæ уæлæ фæсмын костюм. Лæг иу дæргъæй-дæргъмæ хуылыда фæйнæгимæ архайдта, сисынмæ йæ хъавыдис, фæлæ йын-иу куы разырдыгæй фæбындæр, куы фæстæрды- гæй. Иæ фæндаг нын æрæхгæдта æмæ æрлæууыдыс- тæм. Мах æм чъылдымырдыгæй бацыдыстæм æмæ нæ нæ уыдта, афтæмæй йæ куыст кодта. Иуахæмы йæ фæйнæджы кæрон уæлæмæ куы си- ста, уæд мæ дзы æнæнхъæлæджы фæцагайдта. Барæй нæ уыдис, фæлæ фæллад кусæг лæджы цастæ хъуыдис æрбамæсты уæвынмæ æмæ мæхи нал баурæдтон. — Дæхимæ кæс, кæннод адæмы æнæсæртæ фæ- кæндзынæ! Лæг нæм раздæхтис æмæ загъта: — Бахатыр кæнут, нæ уæ федтон. Бæстыл адæм йедтæмæ ницуал ис æмæ дзы æнæискæйы бакъуыргæ дæр цы хос ис! — Адæм дзы бирæ ис æмæ дæ алыварсмæ хуыздæр кæсын хъæуы. Цалдæр минуты фæстæ мæм кусджытæй иу æрба- уад æмæ æлхынцъæрфыгæй сдзырдта: — Хъус-ма, кæуыл хъæртæ кодтай, уый зоныс? — Нæ зонын. Куыд æмбæлы, афтæ кусæд, æндæр мæ йæ зонын цæмæн хъæуы! — Уый Владимир Ильич уыдис æмæ йæ хæрз- дзæгъæлы бафхæрдтай. — Чи? Ленин? — Ленин, хуыцауыстæн, Ленин. Фæлтау мыггагмæ гобийæ куы цардаин! Уыцы ми- нут цы акодтаин, уый нал зыдтон. Æниу æй нывты куыд æвдыстой, уый хуызæи къаннæг, цыргъбоцъо лæг куы уыдис, уæд æй мæхæдæг та куыд нæ базыд- тон? Телыхъæды кæрон зæхмæ æруагътон æмæ батагъд кæнинаг уыдтæн, кæй бафхæрдтон, уымæй хатыр ра- курынмæ, акастæн, кусджыты æхсæн аратæх-батæх кодтон, фæлæ Ильичы хуыцау йæхимæ фæхаста. Цы зæрдæйы уагимæ æрыздæхтæн нæхимæ, уый уын æн- цон бамбарæи уыдзæн. — Цалынмæ йыл дыккаг хатт сæмбæлдис, уæдмæ йæхицæн бынат нал ардта,— бустæхуызæй загъта ус. 181
— Ахæм адæймаджы бынтои рæстæй бафхæр! Куыд ныббарстаин уый мæхицæн, куыд нæ ракуырд- таин хатыр Ленинæй? Иу хатт ма йыл исты амалæй куы фембæлдаин, ууыл архайдтон, фæлæ ницы. Фæс- куыст-иу ацыдтæн æмæ-иу Кремлы дуæрттæм рацу- бацу кодтон. Никуы фæзынд Ленин. Æвæццæгæн æй йæ сæр схъил кæныны бон дæр нæ уыди. Мидæмæ Кремлы кæртмæ бацæуыны фæнд дæр бæргæ скодтон, дуаргæсæн загътон, зæгъын, æрмæст ын иунæг ныхас зæгъдзынæн æмæ уайтагъд фæзилдзынæн. — Иунæг ныхасмæ дæр æй, зæгъы, нæ равдæл- дзæн æмæ дæ нæ бауадздзыстæм. Стæй дзы де ’фхæрд афонмæ ферох æмæ ма йын æй йæ зæрдыл цæмæн лæууын кæныс? Рацыди цасдæр рæстæг. Иухатт мæм нæ фæнда- джы хицау фæдзырдта: — Афтæ æмæ, зæгъы, афтæ мæнæй уый, Ленин йæхимæ хоны æфсæнвæндаджы хуыздæр кусджыты æмæ махæй чи цæуы, ды дæр уыдонимæ хъуа- мæуай. Æхсызгон мын куыд нæ уыдаид, фæлæ мæ цин уайтагъд цыдæр æрбаци. Хатыр куынæ ракуырдтон Ленинæй, уæд ма йæм цы цæсгом равдыстаин? — Нæ, мæнæн уыцы æмбырдмæ цæуæн ницы хуы- зы ис,— загътон æз æмæ фæндаджы хицауæн лæмбы- нæг радзырдтон, цæуæн мын цæуылнæ ис, уый. Хицау зæрдиагæй фæхудтис хабарыл. — Æцæг раст нæ бакодтай, Ильичмæ ахæм æвза- гæй кæй сдзырдтай, уымæй. Хъуамæ дзы хатыр раку- рай. Æмæ йыл ацы æмбырды куынæ сæмбæлай, уæд дын уыцы фадат иал фæуыдзæн. Мæлæты хорз мæм фæкаст уыцы хъуыды... — Нæ хæдзармæ, сывæллонау, кафгæ æрбацыд,— загъта ус. — Уайтагъд мæ фæрæвдз кодта мæнæ нæ зæ- ронд... — Уæд зæронд ницыма уыдтæн,— бахудти йæ би- нойнаг. — Арæвдз мæ кодта æмæ Мæскуымæ ныффардæг дæн. Æмбырд Колоннæджын залы уыдис. Æмбырды размæ-иу Ленин куы иу ран, куы иннæ ран фæзыидис. 182
Фæлæ мын йемæ ныхасмæ фембæлынæн фадат нæ фæцис. Уалынмæ Ленин президиумы стъолы раз фæзыи- дис. Адæм залмæ ныххæррæтт ластой, уайтагъд сæ бынæттæ бацахстой. — Цæй, уæдæ æмбæлттæ нæ куыст райдайæм,— йæ бынатæй сыстад Ленин. Чи уыди, уый бæлвырд нал хъуыды кæнын, фæлæ кæмæндæр бар радта æм- бырды президиумы тыххæй фæндон бахæссынæм. Хъусын æмæ дзы мæ ном дæр ранымадтой. Бацыд- тæн æз дæр президиуммæ. Æнæуи бæллаг нæ дæн ахæм рæттæм, фæлæ ацы хатт иннæтæй чысыл раздæр цыд фæдæн. Ильич мын мæ цонгыл фæхæцыд. Цы гæнæн ма уыд, йæ хæдфарсмæ сбадтæн. Дарддæр æмбырд йæ куыст кодта, уæдæ цы уы- даид! Æз та сагъæсты хай фæдæн, зæгъын, Ильичæй хатыр куыд ракурон? Уæд мæм йæхæдæг мидбылты бахудт æмæ загъта: — Мæсты ма мæм кæныс, æви дæ маст ссыдис? — Цæмæн? — бафарстон æй æз. — Иухатт дæ зиуы фæйнæджы кæронæй кæй ас- хуыстон, уый тыххæй. Барæй нæ уыдтæн. — Владимир Ильич, æз дæ уæдæй нырмæ агурын, хатыр, зæгъын, ракурон. — Хатыр та мæ цæмæн хъуамæ курай, аххосджын æз куы дæн? — Мæ дзыхæй цыдæр æнæууылд ныхæстæ схауд. Владимир Ильич зæрдиагæй ныххудтис: — Æнаххосæй æфхæрын никæй хъæуы. Фæлæ дæ- хи цæмæй æфхæрай, ахæмæй дæр ницы æрцыд... 1944
ЗÆРОНД БАДЗИ Сандыримæ дзæвгар фæбадтыстæм. Лæмбынæг мын фæдзырдта, йæ колхозы хорздзинадæй æмæсахъа- тæй цы ис, уыдон. Мæнмæ диссаг фæкастис, се ’ппæт зоны, канд уый нæ, фæлæ сæ йæ зæрдыл куыд дары æмæ æнæискæйы афæрсгæйæ, кæнæ фæллойы ном- хыгъдмæ æнæркæсгæйæ дзуапп кæй дæтты, уый. Бахъуыдыгæнæн ис, колхозы мæнæу, нартхор, клевер, соя æмæ æндæртæ цас тыд ис æмæ кæмыты тыд сты, уыдæттæ. Æнцон бахъуыды кæнæн сты йе ’стыр дыргъдæттæ, дургæнæн æмæ чъырсудзæн завод- тæ, долапи куырæйттæ, хырхæй фадæн, тагъд арæзт чи фæуыдзæн, уыцы электростанцæ. Фæлæ Сандыр йæ зæрдыл дары, суанг фермæйы хъуццытæй чи цас кæ- ны æхсыр, хуытæй чи цас ласы... Æмæ цæйбæрц ис колхозмæ хъомтæ, хуытæ, галтæ, бæхтæ, маргъы мыг- гаг!.. Æмæ сæ Сандыр уарзы, зоны сæ. Се ’ппæтæй хуыздæр та зоны колхозы адæмы. Чи цæуыл кусы, чи цы хуызы адæймаг у, чи цæмæй хъуаг у, уыдæттæ дæр дын радзурдзæн. йе ’стъолыл ын бафиппайдтон чысыл гæххæтт, уы- дис дзы цалдæр лæджы нæмттæ фыст. — Цы дын у уый, Сандыр? — бафарстон æй æз. — Фыдуаг лæппутæ сты. Хъомыл кæнын сæ хъæ- уы. Уæлдайдæр мæнæ уый,— ацамыдта йæ къухæй, уымæй размæ цъæх кърандасæй кæй бахахх кодта, уыцы ном,— куыстмæ кæй нæ цæуы, уымæй уæлдай ма дымы тамако, нуазы арахъхъ æмæ ма иннæ лæп- путы дæр халы... Фæлæ дзы лæг рауайын кæнлзыс- тæм... Кæд сабыр, æмбарæн ныхасæй нæ хъуса, уæд та йын æндæр мадзæлттæ ссардзыстæм. 184
Мах бафæндыдис колхозы хъæздыгдзинæдтæ æмæ сæ чи сарæзта, уыдонæн сæ хуыздæрты фенын. — Æмæ уал уæд Бадзийы бабæрæг кæнæм... Дис- саджы лæг у уый. Нæ шофыр Батырбег ын иухатт аф- тæ зæгъы: «Зæронд кузовыл ног матор куы сæвæрай, уымæй уæлдай нæ дæ, Бадзи». Бирæ фæхудтис уыцы ныхасыл йæхæдæг дæр, стæй дын афтæ: «Æххæст ма мын мæ кузов дæр куы аивиккат ногæй, кæннод ма- тор хорз кусдзæнис, кузов та дзыгъал-мыгъул кæн- дзæн». Цом... Уымæй райдайæм... Дард у, фæлæ ницы кæны. Ацыдыстæм колхозы машинæйы. Тахтыстæм кæр- динаг мæнæуты æмæ дзыкъуыла калæг нартхæртты æхсæнты. Хуымты астæумæ нæм-иу стыр донырдыгæй фæзындысты даргъ хæдзæрттæ. Мах бафарстам Сан- дыры, уыдон цавæр бæстыхæйттæ сты, зæгъгæ, æмæ нын дзуапп радта: — Уый нæ дургæнæн завод у... Фашисттæ йæ нып- пырх кодтой, фæлæ йæ фæстæмæ сарæзтам. Нырма афæдз йедтæмæ иæма кусы. Бадзмйæ куы раздæхæм, уæд ыл нæ фæндаг ракæндзыстæм...—Афтæ нын дзырд- та хырхæйфадæнæй дæр, куыройæ дæр, фермæтæй дæр.— Хæлд уыдысты æмæ сæ æрæджы сарæзтой фæстæмæ. Суанг ма дыргъдæтты бæлæсты фылдæр хай дæр æрæджыйы сагъд у. Раздæр дзы чи уыд, уы- цы дыргъ бæлæстæ кемыцаг фыдгæиджытæ фæцагъ- той хидтæн æмæ ауазæнтæн... Машинæ стыр хъæдрæбын, фæндаг тыиг кæм фæ- хæрд кодта, уым æрлæууыдис. — Дарддæр нал ацæудзæн. Ныр хæстæг у бындз- дарæн, фистæгæй дæр нæ бафæллайдзыстæм,— загъ- та Сандыр. Мах рахызтыстæм машинæйæ æмæ араст стæм фистæгæй. Уæлдæф уыдис диссаджы сатæг. Цæст не ’фсæстис æрдзы хъæздыг нывтæм кæсынæй æмæ фæн- даг куыд цыбырдæр кодта, уый нæ фиппайдтам. Уыпы хæрды фембæлдыстæм дыууæ ацæргæ лæ- гыл. Салам радтам кæрæдзийæн, стæй сæ Сандыр афарста, кæм уыдысты, уымæй. Уыдон ын дзуапп рад- той, Бадзимæ, зæгъгæ, фæлæ цæмæн, уый кой не ’скодтой. 189
Бирæ цæуын нæ нал бахъуыд. Уайтагъд нæ размæ айтыгъдис стыр æрдуз. Уый уыдис арф кæрдæг æмæ алыхуызон дидинджытæй æхгæд. йæ фаллаг кæронæй нæм, æнæхъæн горæты хуызæн, фæзындысгы мыды- бындзыты асыччытæ. Цас æмæ цас уыдысты! Мах араст стæм, фæндагмæ чи æрбакъул æмæ цæ- уынмæ чи хъыгдардта, уыцы кæрдæджытæ фæйнæр- дæм кæнгæйæ. Бахæццæ стæм бынатмæ. Стыр кæрзы бын, аууоиы, бæласæй чи акъæдз æмæ бандонау чи уыдис, уыцы уидагыл æз бафиппайдтон зæронд лæг бадгæ. Уый кастис зæхмæ æнкъардæй æмæ цыма йæхинымæры исты дзуры, афтæ змæлыдысты йæ урс-урсид бæзджын рихитæ. Мах нæ федта. — Байрай, Бадзи! — сдзырдта йæм Сандыр. Уый афтæ рог фестадис, æмæ мын мæ зæрдыл æр- балæууын кодта «ног мотор» æмæ «зæронд кузовы» хабар. Вæййы ахæм зæронд лæджы цæсгом, æмæ йыл айдæнау фæзыны арф зонд, хæларзæрдæ, адæмы уар- зондзинад. Æмæ уыцы адæймаджы уайтагъд нæ зæр- дæмæ хæстæг æрбайсæм. Ахæм уыдис Бадзи дæр. Фæлæ æз бафиппайдтон, цæуылдæр тынг мæсты кæй уыд, уый, кæд æй фыццаг хатт федтон, уæддæр. Салам нын радта Бадзи æмæ нæ аууоны сбадын кодта йæхи конд бандæттыл, йæхæдæг та æрбадтис бæласы уидагыл, æвæццæгæн, уый йæ уарзондæр бы- нат уыдис. Нæ ныхас дзæвгар рæстæг кæрæдзиуыл нæ бадт. Мах фæндыдис, Бадзи нын йæ цард æмæ йæ куыстæй исты бæлвырд хабар куы рад~ырдтаид, уый. Фæлæ нын нæ фæрстытæн лæвæрдта хæрз- цыбыр дзуаппытæ. Бæрæг уыдис, стыр маст кæнæ йын цавæрдæр стыр сагъæстæ йæ хъуыдытæ сæхир- дæм кæй здахынц. Бындзыты дыв-дыв дæр æм нæ хъуыст... — Бадзи, цы кæныс? Ацы бон æппындæр дæ чемы нæ дæ? — загъта Сандыр. Уыцы фарст æй цыма къæртт фæкодта, афтæ фемæхст Бадзи: 186
— Мæсты нæ, фæлæ сæм хæрæг дæр йæхи нæ бау- ромдзæн... Нæхи Угъалитæ мæм ам æрбалæууыдысты... Уыцы сафинаг фыдуаджы тыххæй... — Цавæр фыдуаджы кой кæныс, Бадзи? — фæрсы йæ Сандыр, цæмæй зæронд тагъддæр æрсабыр уа, уый тыххæй. — Уæлæ нæхи Деппайы къулбадæг лæппу. Иæ бæллæхтæ цас сты, уыйбæрц цæргæ нæма ракодта... Æниу Деппа йæхæдæг дæр дунейы фыдбылыз уыдис æмæ дзы Ссветон хицауад адæмы кæй фервæзын код- та, уый тыххæй бузныг. — Æмæ та æвзæрæй исты сарæзта? — Æмæ æвзæрдзинæдтæ кæнын йедтæмæ цы зо- ны? Дысон кæсын, æмæ уæртæ уыцы хъæдрæбын, чыргъæдтæм хæстæг, кæрдæг змæлы. Кæд сæм исты сырд хъавы, зæгъгæ, бахъуызыдтæн, æмæ дын дзы Деппайы лæппу. Куы мæ ауыдта, уæд лидзынмæ фæ- цис. Æз дæр ма йæ иу тæрсæн гæрах фæкодтон æмæ афардæг. Ардыгæй куы ацыд, уæд та, зæгъынц, Базы- раты Мухтары чызгæн батых кодта. Æмæ мæм ам æрбалæууыдысты: дзырддзæугæ лæг, зæгъы, дæ, Ба- тырбег (ахæм сахаты мæ мæ бæрæгбоны номæй фæхо- нынц) æмæ цалынмæ слестгæнæджы къухмæ нæ ба- хаудта хъуыддаг, уæдмæ сæ ирон фидыдыл сразы кæн. Æмæ, зæгъын, ирон фидыдыл цы нымайут? Мæнæ, дам-иу фыццаг куыд кодтой, афтæ. Æр- хæсдзыстæм уал чызджы, стæй уый фæстæ кæд хицæн кæной, уæддæр сæ худинаг нæ баззайдзæн... Афтæ æрбамæсты дæн, æмæ ма мæхи тыххæй баурæдтон. Чыргъæдтæм кæй бахъуызыд, уый тыххæй йыл æз мæхæдæг хъаст балæвæрдтон, куыд æй бафхæрой, афтæ. Адон та мæ йæ сæрыл дзурын кæнынц. Угъал, зæгъын, бирæ азтæ дыл цæуы, фæлæ бирæ зонды хицау нæ дæ. Кæй тыххæй ныууагътат дыууæ лæгæй колхозы куыст æнæхъæн бон æмæ мæм ацы дардмæ фистæгæй кæй тыххæй фæцыдыстут? Деппайы фырты тыххæй, дам. Цæмæн? — зæгъын. Фæрæдыдис æмæ дам æй фервæзын кæнын хъæуы. 187
Кæмæй йæ, зæгъын, ирвæзын кæнут? Советон хи- цауадæй? Æмæ йыл æз уырдæм мæхæдæг хъаст куы балæвæрдтон. Гъемæ, дам, уæд мыггагæй дæхи ахицæн кодтай, адæмы æхсæн та æгад суыдзынæ. — Чи зоны, æцæг аив нæу,— Бадзийы хъæлæсы уа- джы фæзынд дызæрдыгдзинад,— чи зоны, исчи мыл фæхуда, фæлæ раст бакодтон æмæ фæсмойнаг нæу. — Фæсмойнагæй дзы ницы ис. Фæлæ Депнайы лæппуйы тыххæй дæумæ цæмæн дзурынц? — Нæ мыггагæй, дам, у, æмæ мыггаг сæхæдæг кæрæдзиуыл куы нæ хæцой, уæд ма дам ныл чи фæ- хæцдзæн! Цы сын чындæуа? Уыйбæрц фæцардысты, æмæ мыггаг куыд хъахъхъæнгæ у, уый дæр нæма зо- иынц. Дæ мыггаджы куы уарзай, уæд дзы алкæмæн дæр амон, куыстмæ куыд арæхса, æгъдауджын куыд уа, æндæр... Фæлæ ма Угъалы хуызæтты афтæ фæн- ды, æвæццæгæн, ног рæстæджы зæронд æгъдæут- тæй куы цæриккам. Мæи уæртæ нæ шофыр афтæ ра- хуыдта, зæгъгæ, дам, зæронд гуыффæйыл ног мотор куы сæвæрай, уый хуызæи дæ. Фæлæ ацы Угъалиты та афтæ фæнды, æмæ ног гуыффæйыл дæр зæронд згæ мотор куы сæвæриккой. Æмæ дзы уый нæй. Уый ма- хæн нæ бæззы. Дзæвгар рæстæг ныхъхъус Бадзи. Тамакойы чъыс- сæ сласта йæ дзыппæй. Æнæдзургæйæ стыхта хисагъд тамакойы бапироз, уыцы æнæдзургæйæ чъыссæ балæ- вæрдта Сандырмæ æмæ та загъта: — Мæхимæ дæр фæзындис иухатт уыцы зæронд зонд. Мæнæ Гптлеры æлгъыстæгтæ ам куы уыдысты, уæд мыл æрцыдис хабар. Æнæнхъæлæджы нæм æр- бахæццæ сты уыцы сырдтæ. Нæ фос æмæ нæ мулк искуыдæм хæхтæм аппарын дæр æххæстæй нæ фадат нал фæцис. Цы мын æй зоиыи хъуыдис, мæнмæ мы- дычыргъæдтæ искуыдæм аласынæн уæрдæттæ кæй нал æрхаудтаид, уый, зынаргъдæр ласинæгтæ иæм уыдис. Фыдгулæн пыууадзон бындзытæ, уый та мæ фæндгæ нæ кодта. Колхозы сæрдар уæд Гаврил уыдис æмæ йæ мæ фыркатайæ бафарстон, цы сын бакæнон, зæгъгæ. 188
Дæхæдæг, дам, нæ уыныс, уыдоныл кæй не ’стæм, уый? Кæд сын дæ къухы исты мадзал ис фервæзын кæнынæн, уæд гъæй зæгъ. Æмæ мæхæдæг хъуыды кæнын байдыдтон. Фæлæ цы мæ бон уыдис дæс’æмæ авдыссæдз чыргъæдæн? Мæ зæронды бон мын гæды дзурын худинаг у: ныхъхъуытты сæ уадзон, зæгъгæ, дæр рахъавыдтæн, фæлæ мæм мæ зæрдæ нæ байхъуы- ста. Ау, алкæйдæр дзы сывæллонау куы уарзтон, нæ колхозонтæ зымæджы мыд куы хордтой, уæд мæ цæ- рæн бонмæ куы куывтой, уæд сæ куыд ныууадзон знагæн? Æмæ сæ æхсæвыгæтты мæхи уæхсчытыл хъæд- мæ хæссын райдыдтон, кæддæр нæ хъæддзаутæ цы хъарм пъадвалы цардысты, уырдæм; боны мæ, зæгъын, æнæуарзон лæг куы фена æмæ мын уый фæстæ ме ’вæрæн фыдгулæн куы схъæр кæна. Æрмæст дзы авд æмæ ссæдз чыргъæды ахæссын бафтыди мæ къухы. Уалынмæ æрбахæццæ сты фыдгултæ æмæ фыццаг боп сæхи мыдычыргъæдтыл ныццавтой. Фæхъус та Бадзи. йæ тамакойыл цы æртхутæг сæмбырд, уый афу кодта. — Æз-иу суадтæн, хъæды мын чи уыдис, уыцы бындзытæм. Цы дæ йæ сусæг кæнон, мæ дзыппы æм бæхстæй маузер дæр хастон, революцийы рæстæджы йæ бирæ фæдардтон æмæ йæм арæхсын. Иу бон та хъæдмæ цæуыны æфсон ацыдтæн мæ бындзытæм. Цалынмæ сæ бæрджытæ кодтон, уæдмæ пъадвалы æрбамидæг сты дыууæ немыцаджы æмæ уын кæй кой кæнын, уыцы Деппайы фырт, уый сæ рахуыдта мæ фæдыл... Гъæтт, зæгъын, мæхæдæг, чыргъæдты ма цы мыд баззад, уый немыцаг куитæ хæсдзысты. Мæ бын- дзыты мыггаг быныскъуыд кæкы, фæлæ рæвдз фæлæуу æмæ сæ сæфын ма бауадз! Ныр гитлеронтæ худынц, цыдæртæ дзурынц æмæ чыргъæдтæм амонынц. Бамбæрстои, гом мын сæ кæй кæнын кæнынц, уый. Цыма сæ гом кæнынмæ цæуын, афтæ чыргъæдты аууон æрпыгъуылдтæн æмæ мæ дзыппæй маузер сластон... Немыцæгтæ фæмард сты. Деппайы фыртæн та загътон, исты схъæр кодтай гаууыртæн, уæд мын æгасæй нæ баззайдзынæ, зæгъгæ. Гъемæ ницы схъæр кодта. Фæлæ йын æз дæр йæ фыд- раконд не ’схъæр кодтон, нæхионтæ куы æрыздæхтысты, 189
уæд, зæгъын, йæ мыггагæй адæймагыл комдзог чи цæуы! Æдылы ма уыдтæн æз дæр. Цы чыргъæдтæ ма аирвæзт, уыдон фæстæмæ æр- хастон æмæ ацы бындзытæ сæ цот сты,— йæ ныхас фæци Бадзи, стæй та йæ сæйраг хъуыдымæ рахызт: — Æмæ, зæгъы, ныр уыцы лæппуйы хъуыддаджы бацу, дзуапджын, зæгъы, дæ æмæ йæ æфхæрын ма бауадз. Фыццаджыдæр, зæгъын, дзуапджын уымæн дæн, æмæ мæнгарды хъуыддаджы никуы бацыдтæн, дыккаджы та уый, æмæ Деппайы лæппу фыдуаг у, иумæйаг къæбицæй давы, æмæ йыл уый тыххæй хъаст балæвæрдтон. Колхозæн æмæ адæмæн знаг чи уа, уый мæнæн дæр ме ’знаг у, уымæн æмæ æз колхозæй дæн. Мыггаг! Цы у мыггаг? Фыдуæгты хизæн мадзал? Нæ, Бадзи ахæм хъуыддæгты нæ цæуы. Чызджы тых- хæй дæр æмæ йын мæ хъасты тыххæй дæр куынæ стæрхон кæной, уæд фендзысты, Бадзи кæй хъахъхъæ- ны æмæ кæй сæрыл хæцы, уый. Уыцы сахат æхсыргурты уасын фехъуыст. Арв сæ батар, афтæ бирæйæ æрбатахтысты. Иæ ныхас фæ- уагъта Бадзи. Фестад. Хатыр ракуырдта æмæ азгъорд- та. Цъусдуджы фæстæ гæрæхтæ цæуын райдыдтой. Цалдæр дзы æрхаудис зæхмæ, иннæтæ стахтысты. — Æз сæ фыдгулæн хæрын куы нæ бауагътон, уæд сæ сымахæн уадзын! — хæстæгæй нæм æрбайхъуыст Бадзийы ныхас, стæй къалиуты æхсæнæй æрбазынди йæ фæлмæн, фæлæ мæстыхуыз цæсгом. 1950
ХЪРИХЪУПП БИПП-БИПП Таурæгъ сывæллæттæн I Ралæууыд фæззæг. Быдыртæ фæбур сты. Хъæды алыхуызон бæлæсты сыфтæртæ алыхуызонæй сæрт- тывтой. Арв ма, сæрдыгон арвау, уыдис сыгъдæг, фæлæ ныр фæфæлурсдæр. Хур ма касти дардæй, фæлæ куыд фæтавы, афтæ нал тавта. Ахæм рæстæджы уæлдай æнæнцой вæййынц, Хус- сармæ чи фæтæхы, уыцы мæргътæ. Уыдонæн даргъ æмæ зын у сæ балц. Цы рæдыдтытæ, цы бæллæхтæ сыл нæ сæмбæлы фæндагыл! Æмæ бынатæй чи атæ- хы, уыдон се ’ппæт нæ фæхæццæ вæййынц хъарм бæ- стæм: бирæ дзы фесæфы. Хъуырруйы хърихъуппытæ, къорды хистæртæ, æм- бæрстой фæндаджы зындзинæдтæ æмæ уыцы сагъæс- хуыз уыдысты, тæхыныл хъуыды кæнын куы байдыд- той, уæдæй фæстæмæ. Хистæрты хистæр Хъуырруй йæхæдæг уыдис. Уый цыппар хатты атахтис Хуссармæ æмæ дзы цыппар хатты раздæхтис фæстæмæ. Æмæ уымæй дæр æрмæст иунæг хатт тахтис раз- тæхæджы фæстæ. Иннæ æртæ хатты йæхæдæг разтæ- хæг уыд. Ацы аз дæр та уый уыдзæн разтæхæг, уымæн æмæ дзы фæндæгтæм уымæй дæсныдæр ничи у. Разтæхæджы та уæлдай фылдæр мæт вæййы. Уый æппæт балцы тыххæй дæр дзуапп дæтты, стæй йын балæй алчидæр хицæнæй хъахъхъæнинаг у. Уæлдай хъахъхъæнинаг та сты æрыгæттæ, фыццаг хатт чи тæ- хы, уыдон. 191
Æрыгæттæ се ’ппæт æмхуызон æмбаргæтæ не ’сты, Ис дзы рæузонддæртæ, фыдуагдæртæ. Уыцы фыд- уæгтæ та фæндаджы зындзинæдтæ нæ зонынц. Æр- мæст сæм тæхын хорз кæсы æмæ тагъддæр куы атæ- хиккой, æндæр сæ ницы хъæуы. Хъуырруй та зоны, æрыгон рæузондтæм сæрма- гонд цæст куы нæ дара разтæхæг, уæд фæндагыл иуварсмæ атæхтытæ кæнынц, фæстейы баззайынц, кæ- нæ та размæ батæхынц. Æмæ уыцы уæлдай митæй хъыгдарынц къорды, стæй сæхицæн дæр тас у фесæ- фынæй. II Æмæ балы се ’ппæтæй мæстыхуыздæр уыдис атæ- хыны размæ сæ хистæр Хъуырруй. Уый-иу йæ иу къах хæрдмæ скъæдз кодта, лæууыдис иунæг къахыл, йæ сæр-иу йæ базыры бын атъыста, цыма фынæй уыдис, афтæ. Фæлæ Хъуырруйы хуыссæг нæ ахста. Уый æдзух- дæр хъуыды кодта сæ фæндагыл. Мысыдис, кæуылты тахти, цавæр хъæуты, горæтты, æфсæнвæндæгты, элек- тростанцæты, заводты, хъæдты æмæ æндæрты сæрты тахтис, уый, цæмæй йæ фæндаг йæ цæстытыл бæл- вырддæр ауайа. йæ алыварс-иу æрбамбырд сты, балы ма цы æртæ хистæры уыдис, уыдон. Хъуырруйæн зыдтой йæ тых æмæ фæлтæрддзинад. Æмæ-иу æм цыдысты бауынаф- фæ кæныны тыххæй. — Цæй, куыд зæгъыс Хъуырруй, тæхæм, æви чæ- ма? Тæхын райдыдтой дзывылдартæ, зæрватыччытæ, уæрццытæ... Уæдæ нæ цæгатаг хърихъуппытæй дæр цалдæр балы атахтис,— дзырдтой Хъуырруйæн хис- тæр хърихъуппытæ. Дзуапп раттыны размæ-иу бирæ фæхъуыды кодта Хъуырруй. Йæхæдæг дæр кастис æмæ уыдта, йæ алы- варс мæргътæ цытæ кæнынц, уый. Æвиппайды бæстæ «брриу-брриу» свæййы уæрц- цыты базырты хъæрæй. Здыхуыз мигъау, уæлдæф сæхгæнынц æмæ тæхынц доны гæрты йе ’ниæ фарсмæ. Раст зæГъын хъæуы, зын тæхæн у уæрццытæн дæр. Фæззæгмæ тынг снард вæййынц, фыдæй сæхгæиынц. 192
Уымæ гæсгæ спæррæст кæнынц, иучысыл атæхынц æмæ та фæстæмæ æрбадынц. Сæ фæллад суадзынц, стæй фистæгæй дзæвгар фæцæуынц æмæ та спæррæст ласынц. Æнцон тæхæн у дзывылдартæ æмæ зтрватыччы- тæн. Уыдон рог цъиутæ сты, афтæмæй сын тыхджын базыртæ ис. Дзывылдартæ, нæмыгау, уæлдæфы цъыввытт-цъыввытт, зæгъгæ, атæхынц æмæ сæ цæст уынгæ дæр иал акæны. Зæрватыччытæ та стыр бал- тæй уæлдæфы зилдух байдайынц сæ зæрдæйы дзæбæ- хæн, афтæмæй тæхынц хъарм бæстæтæм. Фæлæ хъазтæ, хърихъуппытæ æмæ æндæр мæргъ- тæ дæр уæззау кæнынц, сæ базыртæ æмхуызон уæззау тилынц æмæ æппынæдзухæй кæрæдзимæ фæхъæр кæ- нынц сæхи æвзагыл, кæрæдзийæ куыд нæ фæиртæсой æмæ куыд нæ ныддзæгъæлтæ уой, афтæ. Хъуырруй зоны, фæндагмæ цас фылдæр æмæ хуыз- дæр фæхизой, цас фылдæр тых сæмбырд кæной, уый бæрц сæ балц хуыздæр кæй уыдзæн. Æмæ-иу æй иннæ хърихъуппытæ куы фарстой, цæй- ма мах та кæд атæхдзыстæм, зæгъгæ, уæд сын сабыр ныхасы уагæй дзырдта: — Багъæцут ма чысыл. Кæстæртæ ма дзæбæх ахызтытæ кæной. Фæфидардæр уой. Раздæр чи атæ- хы, уыдон раздæр нæ бахæццæ вæййынц хъарм бæс- тæм, фæлæ йæхи фылдæр чи фæцæттæ кæны, уый бахæццæ вæййы раздæр. Æмæ-иу уæд уыдон кæстæртырдæм сæхи байстой. Сæхæдæг дæр хызтысты кæстæрты фарсмæ æмæ сын дзырдтой: — Ахизут, ахизут, нæ хуртæ. Тагъд тæхгæ кæн- дзыстæм æмæ ныртæккæ хорз чи нæ фæхиза, хъару кæмæ нæ уа, уымæн зын уыдзæнис. III Кæстæр хърихъуппытæ не ’мбæрстой, сæ хистæртæ афтæ æнкъард æмæ сагъæсхуыз цæмæн сты, уый. Уы- дон ацы уалдзæджы райгуырдысты. Ахстæттæй куы рахызтысты, уæд сæ алфамбылæйтты тахтысты æмæ уым сæхицæн хæринаджы амал кодтой. Дард никуы- ма атахтысты æмæ нæ зыдтой, фæллад циу, уый. Нæ 13 Мамсыраты Дæбе 193
зыдтой уыдон, сæхи цы фæндагмæ цæттæ кодтой, уый цас зын у, уыцы хабар дæр. Дзæбæх сæм кастис тæхын æмæ нал хъæцы- дысты, Хъуырруй сæ разæи кæд сысгдзæнис æмæ иæ фæдыл кæд атæхдзысты, уæдмæ. Кæстæр хърихъуппыты æхсæн уæлдай хъæлдзæг- дæр уыдис цырд Ьипп-бипп. Балы кæстæртæн уыи сæ тæккæ кæстæр уыдис, се ’ппæтæи фæстæдæр рахызтис йæ аичы хъузгæй. Гуыргæ дæр ракодга, куыд цæрдæг у, афтæ тагъд. Иннæ лæппынтæ куыд æнцадгай къæртт кодтой сæ айчы хъузджытæ, афтæ æнцадгай йæ нæ х>ынкъ кодта Бипп-бипп. Уый иæ урс цыргъ бырын- къæй уайтагъд фегом кодта айчы хъузг æмæ дзы фед- де ис. Мад йæ бынмæ куы æркасти æмæ дзы Бипп-биппы æнæайчы хъузгæй уымæлæй куы ауыдта, уæд фырди- сæи йæ лыстæг даргъ кьæхтыл фестадис æмæ ноджы лыстæгдæр ныккаст ног лæппынмæ. Уæд ма лæмæгъ уыдис Бипп-бипп. Слæууын нæма фæрæзта, йæ сæр ма уæззау дзой-дзой кодта. Фæлæ тагъд слæууыд йæ къæхтыл æмæ мады фæ- дыл зилын байдыдта хæринаг агурæг. Цырд æмæ сæрæн цъиу рахаста Бипп-бипп. Уый тыххæй йæ мад йæ иинæ цъиутæй фылдæр уарзта. Бирæ йæ уарзта балы хистæр Хъуырруй дæр æмæ йын хатыр коата йæ фыдуаг митæ. Æмæ йæм фыдуаг митæй та цы уыдис? Хизгæ-хизын-иу балæй ацыдис. Æгæр адард, уый- иу куы базыдта, уæд æм-иу фæзынди балы фæтæрсын кæныпы хъуыды. Æмæ-иу æй цыма рувас кæнæ æндæр исты сырд æрцахста, афтæ йæ лыстæг хъæлæсы дзаг хъæр кæнын байдыдта: — Бп-пп-ипп! Би-и-ипп! Удаист хърихъуппыты бал-иу азгъордтой, хъæр кæцæй цыд, уырдæм, Бипп-биппæн баххуыс кæнынмæ. Æппæты фыццаг-иу бахæццæ Хъуырруй, уый хæдфæс- тæ та — Бипп-биппы мад. Уæд-иу Бипп-бипп, худæгау, сабыр æмæ фæлмæн уасын райдыдта: — Бипп, бипп, бипп! Бипп, бипп, бипп! 194
Хъуырруйæн дæр-иу йæ тарст ссыдис æмæ сабыр- гай бауасыд: — Хъуырруй! Хъуырруй! — цыма цин кодта, æга- сæй ма кæй баззад Бипп-бипп, афтæ. Уыцы фæдисты тыххæи иыл Аъуырруй сæвæрдта «Бипп-бипп». Æмæ кæд ныр сдынджыр, бипп-бипп иал кæны, фæлæ ставд хъæлæсæй «хъуырриу», «хъуыр- риу» байдайы, уæддæр йæ ном йæ уæлæ баззад. Ныр дæр тæхыны размæ иннæ æрыгæттæй уæлдай цæрдæгдæр ссис Бипп-бнпп. Хæрыи æм нал цыдис, зылдис йе ’мбæлттыл æмæ сæ йæ даргъ бырыикъæй къуырццытæ кодта. Бæлццон хърихъуппыты бал-иу сæ сæрты куы æрбацæйтахт, уæд-иу Бипп-бипп дæр стахт. — Сымах никуы атæхдзыстут. Æз уыдонимæ тæ- хын, зæгъгæ-иу атахтæмæ хистæрты мæстæй марынæн сырдта бæлццон балы. Бахæстæг-иу сæм, стæй-иу раздæхт æмæ та-иу йæхи балы раз æрбадтис. IV Æппынфæстаг æрхæццæ ис сæ тæхыны бон. Иу- уылдæр сæ хизын ныууагътой æмæ æнцад лæууыдыс- ты. Ныр Хъуырруй æнкъард æмæ сагъæсхуыз иал уыд. Йе ’нгасы зындис тыхджын æмæ фæлтæрд хъри- хъуппы ныфс. Хъæлдзæг уыдис æмæ уымæй хъæлдзæг ксдта æппæт балы дæр. — Хъуырриу! Цæй-ма, тæхæм æви нæма?—фарстой йæ кæстæртæ. — Хъуырруй! Ныртæккæ, ныртæккæ, мæ хуртæ. Чысыл ма багъæцут,—дзуапп лæвæрдта уый. Хур чысыл йæ был сдардта, афтæ сæм дардæй æр- байхъуыстис тæхæг хърихъуппыты уасын. Хъуырруй йæ сæр иуварс азылдта æмæ каст тæ- хæг балмæ. — Сæ разтæхæг фæлтæрд у, бæрæг у йæ уасынæй,— загъта Хъуырруй. Сæ сæрты æрбатахтысты дыууæ даргъ халæй бæлц- цон хърихъуппытæ æмæ адард сты. Уалыимæ бынтон- дæр фæаууон сты арвы цъæхы. Æрмæст ма дардæй хъуысти сæ уасын. Хъуырруй та йæ сæр иниæрдæм азылдта. Хур зæх- хæй фæхицæи æмæ чысыл ссыдис арвыл. 195
Фæстаг хатт ма афæлгæсыдис Хъуырруй йæ къор- дыл. Стæй йæ гуыр размæ ауагъта, фæхæлиу кодта йæ базыртæ æмæ сæ уæззау æрриуыгъта. Фæхицæн зæххæй. Бипп-бипп нырмæ дæр тыххæй лæууыдис. Æмæ уайтагъд æппæты разæй стахтис Хъуырруйы фæдыл. Уый фæдыл стахтысты иннæтæ дæр радгай. Æппын- фæстаг стахтысты хистæр хърихъуппытæ æмæ цы дыууæ рæихъыл адаргъ сты, къуымау, Хъуырруйы фæдыл, уым кæрæттæ æрцахстой. Цы не ’рцæуы æвæлтæрд, æрыгон хърихъуппытыл æмæ сæм уæд цæст фæдарын хъæуы! Тынг бæрзонд стахтысты. Афтæ бæрзонд никуыма стахтис Бипп-бипп æмæ йæхицæй ныббуц. йæ зæрдæ уыд хъæлдзæг. Нал æй фæндыдис рæнхъы тæхын. йæ- хи куы фæиуварс кæнид, фыдуаг митæ куы акæнид æмæ гыццылæй куыд тæрсын кодта хистæрты, афтæ та сæ куы фæтæрсын кæнид, уый йæ æрфæндыд. Фæлæ хистæртæй æфсæрмы кодта æмæ уал йæхи урæдта. — Хъуырруй! — райхъуыст разæй Хъуырруйы тых- джын хъæр. — Хъуырриу! — дзуапп ын радтой хистæр хъри- хъуппытæ. Уымæй дарддæр тахтысты афтæ. Хъуырруй разæй хъæр кодта «хъуырруй» æмæ йын фæстæгтæ дзуапп лæвæрдтой «хъуырриу». Фыццаг уый Бипп-бипмæ худæг кастис. Стæй йæ- хæдæг дæр «хъуырриу», зæгъгæ, хъæр кæнын байдыд- та æмæ кæд йæ хъæлæс лыстæгдæр уыдис, уæддæр йæ уаст Хъуырруйы зæрдæмæ цыд. Тахтысты хъæдты, хуымты, хъæуты, горæтты, ма- шинæйы фæндæгты, заводты, электростанцæты сæрты. Сæрды дард никæдæм атахт Бипп-бипп, нæ федта æппæт уыцы диссæгтæ æмæ сæм ныр каст цымыдисæй. Хаттæй-хатт-иу æй «хъуырриу» фæхъæр кæнын дæр айрох. Цы уыдта Бипп-бипп, уыдонæй чи цы у, уый зонын æй фæндыдис. Фарста алцæмæй дæр Хъуырруйы. Бипп-бипмæ афтæ кастис, цыма Хъуырруй цы нæ зо- ны, ахæм ницы ис дунейыл. Фæлæ йын Хъуырруй йæ иу фæрстытæн дзуапп дæтты рæвдз, иннæ фæрстытæи 196
дзуапп дæтты æвæндонæй, аннæ фæрстытæ та барæй йæ «хъуырруйы» бын фæкæны, дзуапп дæттын æй куыд нæ хъæуа, афтæ. Æмæ куыд дæтта дзуапп зæронд Хъуырруй Бипп- биппы æппæт фæрстытæн, бирæты дзы йæхæдæг дæр куы нæ зоны, уæд? Дæлæ горæттæ, заводтæ, хъæутæ æмæ æндæртæ цы сты, уыдоны хорз зоны Хъуырруй æмæ сæ амоны Бипп-биппæн. Фæлæ сæ фæндагыл зæххы цъар ивгæ кæны азæй-азмæ æмæ дзы цы сæвзæры ногæй, уый йæхæдæг дæр нæма зоны. Зæгъæм, Бипп-бипп бафарста Хъуырруйы: — Дæлæ уыцы хъæд та афтæ цыппæрдигъæттæ сагъд цæмæн у? Æмæ уыцы фарстæн хъуамæ цы дзуапп радта, цæ- мæн афтæ у, уый йæхæдæг дæр куы нæ зоны, уæд? Фыццаг хатт куы рацыдис разтæхæг, уæд уым уыдис æнæкæрон тыгъд быдыртæ. Бæласы мыггаг дзы фыны дæр нæ фендæуыдаид. Дыккаг аз куы тахтис, уæд æп- пæт тыгъд быдыртыл дæр фæзындис цавæрдæр цъæх тæлмытæ. Æмæ ныр уыдон систы бæзджын бæрзонд хъæд. Цæмæй зоны Хъуырруй, уыцы афтид тыгъд быдыр- ты бæлæстæ куыд фæзындысты æмæ афтæ тæлмытæй цæмæн зайынц, уый? Æмæ-иу ын д1^апп куынæуал лæвæрдта кæнæ йын æвæндонæй куы лæвæрдта, уæд-иу æй иуцасдæр нал бафарста. Кастис Бипп-бипп бæрзондæй зæхмæ æмæ Хъуыр- руйы уастæн иннæтимæ «хъуырриу» дзуапп лæвæрдта. Кастис Бипп-бипп зæхмæ æмæ дзы бирæ диссæгтæ уыдта. Стыр фурдтæ калдысты æнцад, сæ уæлцъар хурмæ æрттывта æмæ сыл ленк кодтой наутæ. Сæ был- тæ та ахст уыдысты диссаджы хъæдтæй æмæ атагъа- тæй, хъамылæй æхгæд цъымаратæй. Уыцы стыр фурд- тæн сæ хидтæ дæр даргъ æмæ стыр сты. Уыдоиыл цæ- уынц поездтæ, машинæтæ, уæрдæттæ. Дæлæ доны уæлцъарыл фæхъеллау-фæхъеллау кæиыиц кæсагахсджыты лодкæтæ дæр. Бæргæ ахæрид ныртæккæ Бипп-бипп иу-цалдæр лыстæг кæсаджы, фæлæ зæхмæ йæхи нæ уадзы Хъуырруй. 197
Дæлæ хæхтæй чи цæуы, уыцы къаддæр дæттæ та, лыстæг тыбар-тыбургæнгæ, тагъд-тагъд фынккалгæ уайынц. Сæ хидтæ дæр цыбырдæр сты. Уыцы гыццыл дæттæн сæ былтыл дæр гыццыл атагъатæ ис, хъамыл- джынæн та дзы фенæн дæр нæй. Зынынц Бипп-бипмæ хæхтæ. Кæрæй-кæронмæ æмæхгæд сты хъæдæй. Ныр фæззæг у æмæ хъæд хъу- лæттæ дары, йæ алыхуызон бæлæсты мыггæгты сыф- тæртæ алыхуызы сбур сты. Хъæдæй уæлдæр, хохы лæгъз рæгътыл — рæсугъд цъæх кæрдæг æмæ дзы ра- иæй-рæттæй фæзынынц фæззыгон дидинджытæ дæр. Уыцы кæрдæгджын тъæпæн хæхты сæрмæ райда- йынц дызгъуынтæ, къуыбыртæ бæгънæг сау хæхтæ. Æмæ сæ бæрзонддæрты цъуппытыл урс-урсидæй æрт- тивынц æнусон цъититæ. Хæхтæм куы фæхæстæг вæййынц, уæд Хъуырруй йæ базыртæ уæззау атил-атил фæкæны æмæ йæхи уæ- лæмæ исын байдайы чысылгай. Уасы уæд хъæрдæрæй, цыма æмбæлттæн фæдзæхсгæ кæны, йæ фæдыл куыд тæхой æмæ куыд нæ фæдзæгъæл уой, афтæ. Хæхты сæрты куы фæтæхынц хърихъуппытæ, уæд Бипп-бипп бынмæ фæкæсы. Зынынц æм алы рæтты электростанцæты урс-урсид агъуыстытæ, æрзæткъа- хæнтæ, бирæ фосы дзугтæ, фæлæ нырма Бипп-бипп æрыгон у æмæ цытæ сты, уый нæ зоны. Быдырты сæр- мæ тæхгæйæ йын Хъуырруй фæамо!ы горæттæ, завод- тæ, æфсæнвæндæгтæ æмæ цы бирæ диссæгтæ фæуы- нынц, уыдон. Фæлæ хæхты сæрты тæхгæйæ Хъуырруй «хъуырруй», зæгъгæ, фæхъæр кæны æмæ йын уæд ницыуал фæдзуры. V Куы ратахтысты, уый хæдразмæ Хъуырруй дзырд- та æрыгон хърихъуппытæн: — Уæхи фидæрттæ кæнут, мæ хуртæ, куыд схъару- джын уат. Не ’рбадæн бынæттæ кæрæдзимæ дард сты æмæ тæхынæй фæлтæрд хърихъуппытæ дæр бафæл- мæцынц. Фæлæ уый, æвæццæгæн, тæрсын кæнынæн дзырд- та. Уæдæ кæдæй нырмæ тæхынц æмæ Бипп-бипмæ фæлладæн йæ кой дæр нæма ис. Æмæ йæ бафæндыд 198
фыдуаг митæ акæнын, хибарæй атæхын, дардæй йæ уасын кæмæн хъуысы, уыцы балмæ йæхи байсын æмæ йæ фенын. — йæхи фæиуварс кодта æмæ кæдæмдæр тæхын райдыдта. — Хъуырруй! Кæдæм? — мæсты хъæр æм фæкодта Хъуырруй. — Хъуырриу! Ма мын тæрс, ныртæккæ æрбаздæх- дзыиæн. Хъуырруйæн балы ныууадзæн æмæ Бипп-биппы фæдыл атæхæн нæ уыдис, æмæ мæт кодта. Æвæлтæрд у, куы фæдзæгъæл уа! Хъуырруй куы адзæгъæл уа, уымæй дæр тæрсы, уымæн æмæ цы бæрæггæнæнтæм гæсгæ тæхы, уыдоны адæм бонæй-бонмæ æмæ азæй- азмæ ивыпц. Бипп-бипп кæны дардæй-дарддæр. Иæ зæрдæ у хъæлдзæг. Йæ базыртæ дæр уæлдай тылд кæны. Тæ- хы, сыхаг балы уасын чысылтæ кæцæй хъуысы, уыр- дæм. йæхи уасын дардæй-дарддæр цæуы Хъуырруй- мæ. Бипп-бипмæ дæр ма чысылтæ хъуысы сæ балы уынæр. Хаты, Хъуырруй йæм куыд сиды лæгъстæгæ- нæджы хъæлæсæй. Æхсызгон у Бипп-биппæн, тæрсгæ йын кæй кæ- нынц, уый. Иæхинымæры худы æмæ тæхы дардæй- дарддæр. Хæрзхæстæгæй йæм хъуысын байдыдта сы- хаг балы уасын. Фæлæ уыдоны уасынæй уæлдай Ъа йæ хъус ахсы цавæрдæр æнлæр цъиуы уаст. Бынаты ма цалынмæ уыдысты, уæдмæ сæ сæрты цавæр мæргъты мыггаг нæ ратахт, ахæм нæ уыдис. Фехъуыста, алчидæр дзы куыд уасы, уый. Фæлæ ныр цы уасын ахсы йæ хъус, уый уыдонæй иуы хуызæн дæр нæ уыднс. Уый уыдис уæз- зау, уæлдæф ризынгæнæг гуыр-гуыр. Уыцы гуыр-гуыр Бипп-бнпмæ кодта хæстæгæй- хæстæгдæп æмæ тæрсын байдыдта. Дарлдæр ма тæха, æви йе ’мбæлттæм раздæха, уый сагъæс æй бацыд. Уæззау атил-атил кодта йæ базыртæ, афтæмæй ма тахт. Уалынмæ йæм æддозæй арвы иъæхы æрбазындис, гуыр-гуыр чи кодта, уьшы цъиу. Уый тахтис комком- мæ Бипп-бипмæ. Ныронг кæй федта, уыдоны хуызæн 199
нæ уыдис, фæлæ уыдис стыр, æвæццæгæн, хърихъуп- пыты се ’ппæты баиу кæн, уæддæр уыйас нæ уыдаик- кой. Тынг фæтарсти Бипп-бипп. Фæзылдис æмæ фæс- тæмæ йæхи балырдæм тæхын райдыдта. Фæлæ йæм æвирхъау цъиу хæстæгæй-хæстæгдæр кодта. Тырны ма размæ бæргæ. Иæ бон куыд у, афтæ тагъд æмæ тыхджын тилы йæ базыртæ. Фæллайын райдыдта. Улæфын нал фæразы. Уæддæр æй æрбай- йафы. — Хъуыр-р-риу! Хъуыр-р-риу! — фæдисы хъæртæ ныккодта Бипп-бипп йе ’мбæлттæм, фæлæ йæ хъæр хæрзлæмæгъ уыдис. Фæкаст фæстæмæ æмæ йæм бынтон æрбахæстæг æнахуыр цъиу: ныр æм ноджы стырдæр фæкаст, арвы æрдæг бацахста. — Хъуырруй! Хъуырруй! Ма тæрс, фæтæхæм дæм,— æрбайхъуыстис Хъуырруйы хъæр. Фæлæ уыдон дæр ницыуал бакæндзысты. Дард ма сты, стæй сындæгдæр тæхынц, чи йæ æрбасуры, уыцы цъиуæй. йæ уд йæ хъуыры нарæгмæ схæццæ. Фæлидзæн ын нал ис. Æвиппайды йæ хæдфæстæ цыдæр ныггуыр-гуыр код- та. Бипп-биппы хъустæ фæкъуырма сты. Ахæм тых- джын дымгæ йæ ныццавта æмæ уæлдæфы асæрбихъуы- рæйттæ кодта. Цыма йæ аныхъуырдта, цыдæр ахæм банкъардта, стæй йæ цæстытæ атартæ сты æмæ ницы- уал бамбæрста... VI Стыр хæдтæхæг сæ иувæрсты батахт Хъуырруйы балæн. Кæстæртæ фæтарстысты æнахуыр дынджыр мар- гъæй. Хъуырруй дзы куы нæ фæтарст, уæд æрсабыр сты, фæлæ удаист каст кодтой, чи адард, уыцы стыр цънуы фæдыл. Атахт хæдтæхæг, фæлæ уæлдæфы нал райхъуыст Бипп-биппы уасын. Тас бацыдис зæроид Хъуырруйы зæрдæйы. Кæд æй хæдтæхæг ныццафта æвæлтæрд Бипп-биппы? Кæд дзы тæрсгæ фæкодта Бипп-бипп æмæ æндæрырдæм атахт, уæд фæдзæгъæл уыдзæиис. 200
Знлы Хъуырруй йæ балимæ уæлдæфы. Уасы æмæ сиды Бипп-бипмæ. Фæлæ уый дзуапп нал дæтты. Фæстиат кæнæн нæй. Иуы агургæйæ æгæр куы бафæстиат уой, быдырты бæрæг рæтты бæрæг афон куы нæ атæхой, уæд фæдзæгъæл уыдзысты æмæ иуиæг Бипп-биппы тыххæй æнæхъæн бал дæр ныппырх уы- дзæн. Дарддæр атæхын фæнд дæр-иу скодта, кæд фесæф- тис Бипп-бипп, уæд ма йын цы гæнæн исэ зæгъгæ. Ар- хайын хъæуы, иннæтæ бынатмæ æнæхъæнæй, удæга- сæй куыд баирвæзой, ууыл. Фæлæ йæ уæддæр йæ зæрдæ нæ хаста уырдыгæй. Кæд ма искуыцæй æрбайхъуысид Бипп-биппы уасын. Æмæ зилдух кодта арвыл. Уæд æм, æцæг, бынæй чы- сылтæ сыхъуыст Бипп-биппы хæрзлæмæгъ уасын: — Хъуырр-риу! Бацин кодта Хъуырруй. Уæдæ æгас у Бипп-бипп. Мацы дзы асæттæд, æндæр æй бынатмæ хæццæ кæн- д^ыстæм. Уæлдæфы Хъуырруй йæхи зилгæ æруагъта, Бипп- биппы уасын æм кæцæй фехъуыст, уыцырдæм. Иннæ- тæ дæр сæ рæнхъ нæ хæлдтой, афтæмæй тахтысты йæ фæстæ. Бипп-бипп лæууыдис ног цагъд хъæмпы раз æмæ рызтис. Уый хæдтæхæджы дымгæ æмæ хъæрæй куы фæсур, уæд æрхаудта зæхмæ, йæ амондæн ацы фæлмæнмæ. Хърихъуппытæ афтæ хæстæг куы æртахтысты, уæд хъæуы адæм базмæлыдысты. Бæстæ хъæр æмæ ахст ссис: — Хърихъуппытæ! Тагъд — топпытæ! — Къухæй сæ ахсгæ-ут! — Æвæццæгæн, сæ раздзог фæмард æмæ æрхау- дысты. — Нал фæтæхдзысты дарддæр. — Хъуырруй! Æгайтма, æгас дæ! Стæх тагъддæр,— æруасыд Хъуырруй Бипп-бипмæ. Фæлæ Бипп-бипп йæ сæр иуварс сзылдта æмæ сæм каст. Нæма æмбæрста, цы йыл æрцыд, уый. Нле зыд- та, уыцы стыр цъиуæй æгасæй куыд аирвæзт, уый дæр. Уæдмæ хъæуы уынгты æд дыгайæхстæттæ уадысты 201
цуанæттæ, згъордтой сывæллæттæ. Тæссаг уыд уавæр. Катай кодта Хъуырруй, зылдис Бипп-биппы сæрмæ æмæ йæм сидтис. Иухатт та йæ сæрмæ куы æрбазылдысты, уæд Бипп-бипп йæ базыртæ айтыгъта, тилын сæ райдыдта æмæ стахтис. Галиуырдыгæй рæнхъы æрцахста йæ бынат æмæ сæ фæндаг дардтой. Бынæй ма хъуыстис топпыты гæрæхтæ, адæм тынг уынæр кодтой, фæлæ ныр тæссаг нал уыдысты Хъуыр- руйы балæн. Уыдон тахтысты сæ фæндагыл. Хъуырруй тахтис сæ разæй æмæ дзырдта Бипп-биппæн: — Дæхи дар, куыд æмбæлы, афтæ, мæ хур. Фы- дуаг митæ куы кæнай, уæд дæхи дæр фесафдзынæ æмæ де ’мбæлтты дæр бабын кæидзынæ. Ницы дзырдта Бипп-бипп. Уый йæхæдæг æмбæрс- та йæ азым. Æрмæст-иу разтæхæджы «хъуырруй»-æн дзуапп радта йæ лыстæг «хъуырриу»-æй. Хъуырруй та йын дзырдта дарддæр: — Кæсыс, куыд фæцæйсæфтæ дæ хивæндæй. Мах дæр бирæ ныкъкъуылымпы кодтай æмæ дарддæр нæ фæндаг æвзæрдæр куы рауайа, уымæй тас у. VII Хъуырруй йæ базыртæ уæззау аппар-аппар кæн- гæйæ, тырныдта размæ. Уый архайдта, цы рæстæг фæ- хъуаг кодтой, уый баххæст кæныныл. Бæрæг афонты куы нæ атæха бæрæг рæтты сæрты, уæд фæдзæгъæл уыдзæн. Фæлæ Бипп-биппы тыххæй бирæ бафæстиат сты æмæ рæстæг сæххæст кæнын тынг зын уыдис. Æмæ цыма дзæгъæл кæны, афтæ йæм кæсын рай- дыдта. Иæ уасыны фæзындис дызæрдыгдзинад. / Мæнæ иу ранмæ бахæццæ æмæ уым йæ тахт фæса- бырдæр. Иæ сæр ратас-батас кæны æмæ кæсы дæлæ- мæ, зæхмæ. Иæ бон ницы бамбарын уыдис. Иннæ бæрæггæнæн- тæм гæсгæ цыма сæ фæндагыл раст тæхынц, афтæ йæм зыны. Фæлæ иннæ хæттыты никуы федта, далæ быдыр- ты æмæ хъæды астæуты чи кæлы, уыцы æнцад стыр доны. Афтæмæй йыл цæуынц сау фæздæг уадзæг стыр 202
наутæ, йæ былтыл ранæй-рæтты дзыгуыртæй лæууынц чысыл лодкæтæ. Уæдæ никуы федта Хъуырруй, доны фæрсты цы æнæкæрон цадтæ ис, уыдоны дæр. Бынтон сдызæрдыг йæ фæидагыл. Тарст уаст кæ- нын байдыдта. — Хъуырруй, цы хабар у? — хъæр æм кодтой фæс- тейы хистæр хърихъуппытæ. — Æихъæлдæн, фæдзæгъæл стæм нæ фæндагæй! Бипп-бипп фыццаг хатт фехъуыста Хъуырруйы хъæлæсы уаджы тас æмæ дызæрдыгдзинад. Бипп-бипп æнхъæл уыдис: Хъуырруй ахæм хъæбатыр у, æмæ ни- кæмæй фæтæрсдзæни. Хъуырруй та афтæ сфæнд кодта, æмæ рæдыд фæн- дагыл дарддæр тæхыны бæсты раздæхын хъæуы, бæ- рæггæнæнтæ ногæй басгарын хъæуы. Æмæ фæстæмæ раздæхтис. Æппæт бæрæггæнæнтæ дæр куыд амыдтой, уымæ гæсгæ раст тахтысты стыр доны æмæ стыр цадты онг. Фæлæ уыдон сæ фæндагыл цæхгæр ныллæууыдысты æмæ сын хæлдтой сæ дарддæры нысантæ. Хъуырруй кастис лыстæг, фæлæ не ’мбæрста, уый дон кæй нæу, фæлæ адæм деиджызæй денджызмæ къа- нау кæй акъахтой сæрды дæргъы, дон дзы кæй ауагъ- той æмæ йыл наутæ кæй цæуынц. Къанауы фæйнæ фæрсты цы стыр цадтæ ис, уыдон та сты йæ доны æн- хъæвзæнтæ. Дзæвгар фæгуырысхотæ кодта Хъуырруй, иу ран бирæ фæзылдис. Стæй йæхи фæхъæбатыр кодта æмæ атахт дарддæр. Ссардта та фæндаджы бæрæггæнæн- тæ æмæ тахтис. Фæлæ тынг байрæджы кодтой. Афон- мæ се ’рбадæнмæ хъуамæ хæстæг уаиккой, фæлæ сæ нырма хъæуы тæхын æмæ тæхын. Фæллайыи байдыдтой хърихъуппытæ иууыттдæр. Тынгдæр фæлладысты кæстæртæ æмæ ма сæ базыртæ уæззау атил-атнл кодтой. Уæлдай тынгдæр бафæллад Бипп-бипп, цы тымыгъы бахаудта, уый фæстæ. йæ базыртæ атилын ма тыххæй фæрæзта. Иæ уасын дæр хъуыстис ныр хæрзмæллæг æмæ «хъуырриуы» хуызæн нал хъæр кодта, фæлæ йæ уасын цыдис «би-и-ипп»-ы хуызæп. 203
Зæххыл æрбадын тынг фæндыдис Бипп-биппы. Фæ- лæ нæ бадтис Хъуырруй. Уый тахтис æмæ тахтис. Иæхицæн та иунæгæй æрбадæн нæй, æмбæлттæй куы фæхицæн вæййынц, уæд сыл цытæ æрцæуы, уый ныр хорз зоны. Боны раивга изæр. Изæры аивта тар æхсæв. Уы- мæй дæр ахæм сау мигъы бацыдысты, æмæ дзы æп- пындæр ницы уынæн уыдис. Стæй бахызтысты уарын æмæ тымыгъмæ. Ныр æппындæр ницыуал уыдтой. Тæхын сын фæзын и. Уæддæр ма Хъуырруй разæй тæ- хы. Фæлæ иухатт йæхи уырдыгмæ уадзын байдыдта. Сæ ныфс фæфидар хърихъуппытæн, æвæццæгæн, ба- дынмæ хъавынц. Ноджы уырдыгмæ тæхын æнцон- дæр у. Æвиппайды æхсæвы тары фехъуыстис доны цъæпп æмæ Хъуырруйы хъæр: — Уæхи фæстæмæ сисут! Ам дон ис! Сæ фæллад базыртæй сæхи уæлæмæ истой хъри- хъуппытæ. Хуылыдзтæй стахтис Хъуырруй дæр. Иæ фæдыл та атъанг сты иннæ хърихъуппытæ дыууæ халæй. Зылдис Хъуырруй уæлдæфы æмæ кастис зæхмæ. Кæд æрра не ’сси, уæд ацы ран уыдис йе ’рбадæн, фæ- лæ дзы ныр æнхъæвзы æнæхъæн денджыз. Бынтондæр ивтытæ кæнынц Хъуырруйы фæнда- джы нысæнттæ. Уæддæр тæхы размæ, Хуссармæ, ды- зæрдыг кæнгæйæ. Фæлæ ныр, æнхъæлдæн, быитон фæдзæгъæл сты. Æрбадæн пал уыдис Хъуырруйæн йе ’мбæлттимæ. Дарддæр атæхæн дæр нæй, йæ къорд дæр æмæ йæхæ- дæг дæр нал бафæраздзысты. Ноджы уарын æмæ тымыгъ... Зылди уæлдæфы æмæ цы чындæуа, ууыл хъуыды кодта. Стæй йæхинымæр загъта: «Тæхын хъæуы дард- дæр, æндæр гæнæн нæй». Æмæ араст ис ныллæджыты. VIII Хърихъуппытæ тахтысты Хъуырруны фæдыл æнæ- уæлдай уынæрæй, æмæ йын йæ «хъуырруйæн» дзуапп лæвæрдтой «хъуырриуæй». 204
Бамæсты Хъуырруй Бипп-бипмæ. Бауайдзæф кæ- нинаг ын уыдис, зæгъгæ, ды фыдуаг фæзылдтытæ куы иæ кодтаис, уæд афоиыл æрбахæццæ уыдаиккам ба- дæнмæ æмæ ацы бæллæхты нæ бахаудаиккам. Фæлæ зæгъгæницы кодта. Бипп-бипп йæхæдæгдæр æфхæрд у æмæ ма йæ чи æфхæры! Уæдмæ та ног бæллæх сæмбæлдпс Хъуырруйыл: сæ бадæнæй чысыл æддæдæр сабыр колхозон хъæу уыдис. Æхсæвыгон йæ сæрты тæхгæйæ, уæд-иу хæдзæртты рудзгуытæй калдис лæмæгъ рухсытæ. Æмæ уыцы хъæу кæм уыдис, уым ныр бæстæ иу- уылдæр цæхæр фестад. Кæнæ æрра ссис Хъуырруй, кæнæ йæ сæр разылд æмæ фæндæгтæ бынтон схæццæ кодта. Уæдæ уыцы цæхæртæ кæцæй февзæрдысты? Цыфæнды уа, уæддæр размæ тæхын сфæнд кодта Хъуырруй. Ныллæджыты йæхи ауагъта. йæ фæдыл иннæ хърихъуппытæ. Хæдзæрттæ уыдысты, Хъуырруй алы хатт дæр кæй уыдта, уыцы хæдзæрттæ, хъæу уыдис, кæй зыдта, уы- цы хъæу. Фæлæ дзы уыйбæрц рухс кæцæй ис? Цæмæй зыдта Хъуырруй, колхоз йæхицæн электро- станцæ сарæзта æмæ æрæджы скуыста, уый? Æгæр ныллæджыты тахт фесты æмæ рухсæй тар- тæ кодтой Хъуырруйæн йæ цæстытæ, кæцырдæм тæ- хын хъуыдис, уый дæр дзæбæх нал уыдта. Иугæндзон уаст кæнынц, йæ фæстæ чи тæхы, уыдон дæр. Æмбары Хъуырруй уыцы уастæй, кæй фæхæццæ- тæ сты, уый. Тæрсы, куы фæдзæгъæл уой, уымæй. Но- джы мигъ, уарын, тымыгъ не ’нцайынц. Уасы хъæрдæ- рæй Хъуырруй, куыд æй хъусой æмæ йæ фæдыл куыд тæхой, афтæ. Фæлæ тынгдæр хæццæ кæнынц, уасынц дæлдæртæй æмæ уæлдæртæй. Стæй æвиппайды Хъуырруйы рæзты, дур хауæгау, зæхмæ атахтис йе ’мбæлттæй чидæр. Базыдта, уый Бипп-бипп кæй уыдис. Бипп-бипп афтæ бафæллад æмæ йæхи нал баурæдта. Иæхи бынмæ ауагъта Бипп-биппы фæдыл Хъуыр- руй. Уасыдис æм, дзырдта йæм, раздæх, кæннод фе- 205
сæфдзынæ, зæгъгæ, фæлæ Бипп-бипп дæлдæрæй-дæл- дæр хаудис. Хъуырруй ма ауыдта: Бипп-бипп уыцы тæхгæ-тæ- хын йæхи электроны телыл сцавта, йæ бумбулитæ урс- урсидæй фæйиæрдæм апырх сты, йæхæдæг та сæрби- хъуырæйттæгæнгæ зæхмæ æрхаудта. Дæлдæр йæхи ныйиста Хъуырруй. Фæлæ уæдмæ алырдыгæй æрбакалдысты хъæуы сывæллæттæ æмæ дзы иуы хъæбысы февзæрдис Бипп-бипп. — Хæцут ууыл дæр! Хæцут ыл! — хъæр кодтой æмæ Хъуырруйы фæдыл азгъордтой, фæлæ уый уæдмæ иæ- хи хæрдмæ систа. Алы рæттæй дзæгъæл уаст кодтой йе ’мбал хъри- хъуппытæ. «Бипп-бипп цы фæцис, уый фæцис, баххуыс кæиæн ын нал ис, фæлæ мын иннæтæ куыиæуал фесæфик- кой!» — сагъæсы бацыди Хъуырруй. Талынджы зилдух байдыдта Хъуырруй æмæ æм- бырд кодта йе ’мбæлтты. Æрæмбырд сæкодта æмæ дарддæр атахтысты æнæ Бипп-биппæй, мæрдджынау, æнкъардæй. IX Хъарм хæдзары æрчъицыдта Бипп-бипп. Иæ базыр зæхмæ æрзæбул æмæ тынг рысти. Йæ къах баст уы- дис урс хæцъилæй къæцæлтимæ. Хуыссыдис йæ фар- сыл. йæ разы та бадтысты, бæтгæ йæ чи бакодта, уыцы чызг Уарзет æмæ дыууæ лæппуйы. Фыццаг бонты ницы хордта Бипп-бипп. Цæфтæ æмæ рынчын кæй уыдис, æрмæст уый тыххæй нæ, фæ- лæ тæрсгæ дæр кодта. Хъуырруй-иу куыд дзырдта, афтæмæй адæймаг хърихъуппæн знаг у. Фæлæ Уарзетмæ цалдæр боны ацардис уыцы рын- чынæй Бипп-бипп æмæ йæ ницы хъыгдардта. Схуыс- сын æй кодта фæлмæн, хъарм кæрцы зæрондыл, лæ- вæрдта йын алыхуызон хорз хæринæгтæ æмæ йæ рæв- дыдта. Уæд æрæууæндыдис Бипп-бипп æмæ хæрын рай- дыдта. Уарзет-иу скъолайы куы уыдис, уæд-иу ие ’рцыдмæ æнкъард кодта. 206
Саби уыдта, Бипп-бипп æнкъард кæй кæны, уый. Дардæй ма-иу куы айхъуыста фæстаг тæхæг хърихъуп- пыты уасын, уæд-иу фæхъæлдзæгдæр, йæ сæр хæрдмæ систа, сæрттывтой-иу йæ цæстытæ. йæ дзæбæх базыр- иу базмæлыд. Тæригъæд ын кодта Уарзет. Йæ разы бадтис æмæ йын йæ буар рæвдаугæ сæрфта. Фæлæ-иу атахтысты хърихъуппытæ, сæ уасыи-иу кæмдæр дард ныхъхъус ис æмæ та-иу æрæнкъард Бипп-бипп. Ратахтысты хърихъуппыты фæстаг бал. Æддейы рæстæг уазалæй-уазалдæр кодта æмæ æруарыдис арф мит. Уæдмæ йæ къахы хъæдгом байгас Бипп-биппæн æмæ йыл цæуын райдыдта. Сдзæбæх базыр дæр æмæ фыццагау зæбул нал уыдис, фæлæ æфснайдæй бадтис йæ бынаты иннæ базыры хуызæн. Йæ даргъ къæхтæй рацу-бацу кодта хæдзары кæ- иæ та лæууыдис рудзынджы раз бандоныл æмæ æддæ- мæ каст. Рæсугъд уыдис мит æмæ йыл куы атезгъо кæнид, уый йæ æрфæндыд. Бипп-бипп кæртмæ нæ цыд æмæ афтæ æнхъæлдта, цыма уым дæр хæдзары хуы- зæн хъарм у. Æмæ-иу алкæйы фæстæ дæр рацæйцыд. Фæлæ йæ иухатт гом дуарæй ахæм уазал ныццавта, æмæ уай- тагъд хæдзары къуыммæ балыгъд. Уæдæй фæстæмæ æддæмæ никуыуал рацыд. Къуымы, йæ ахуыр быиаты йæ иу къахыл лæууыдис, йæ сæр йæ базыры бын тъыстæй æмæ æнкъард кодта, йе ’мбæлттæ цы фесты, ууыл. Цы фæцис цымæ Хъуырруй та? Афонмæ сæхи- цæн дзæбæх цæрынц хурджын бæстæйы. Хорз у йæ цард Бипп-биппæн дæр. Уарзет æй æфсады алыхуы- зон дзæбæх хæринагæй. Лæууы, уазал зæххыл нæ, фæ- лæ фæлмæн кæрцыл. Хæдзары — хъарм. Фæлæ >æд- дæр æмбæлттимæ хуыздæр уаид. Æмæ цæмæй бахъæлдзæг уа, уымæн ын хос ссард- той. Сыхæгты лæппу тынг дæсны уыдис хърихъуппы- ты фæзмынмæ. Æмæ иухатт сайæн уаст кæнын ран- дыдта, «хъуырриу», «хъуырриу», зæгъгæ. Иæ фынæйæ фехъал Бипп-бипп. йæ сæр хæрдмæ сдардта. йæ базыртæ бацагъта æмæ дуармæ разгъорд- 207
та. Уæдмæ уасын нал цыд. Фæлæ Бипп-биппæн йæ хъæлдзæгдзинад æнæхъæн бон дæр нал ссыд. Даргъ къахдзæфтæй рацу-бацу кодта хæдзары. йæ базыртæ- иу бацагъта, йæ сæр бæрзонд хаста æмæ æрттиваг цæстытæй кастис бинонтæм. Уæдæй фæстæмæ йæм арæх уасыдысты афтæ æмæ йæ хъæлдзæг кодтой. Ивгъуыдтой бонтæ. Уалынмæ ралæууыд уалдзæг. Бипп-биппы æддæмæ рауагътой æмæ кæрты даргъ къахдзæфтæй рацу-бацу кодта. Тахти хæдзары сæрмæ æмæ-иу фæстæмæ кæрты æрбадти. Ничи йæ хъыгдары æмæ атæхид йе ’мбæлттæм, фæлæ кæм сты, уый нæ зоны. Иу бон æм дардæй æрбайхъуысти хърихъуппыты уасын. Иæ зæрдæ фырцинæй скафыдис Бипп-биппæн. йæ бынаты спæррæстытæ кодта. Хърихъуппыты бал æрбатахтис йæ сæрты. Семæ атæхид, фæлæ дзы Хъуыр- руйы хъæлæс нæ хъуысыдис æмæ искæйы балимæ тæ- хын та хорз нæу. Дыккаг бон та райсомæй Бипп-бипп рацу-бацу кодта кæрты. йæ разы лæууыдысты, Уарзетæйæн æй чи радта, уыцы дыууæ лæппуйы æмæ чызг йæхæдæг. Дардæй æрбайхъуысти Бипп-бипмæ: — Хъуырруй!.. Хъуырруй! — Хъуырриу!.. Хъуырриу!..— дзуапп ын лæвæрд- той иннæ хърихъуппытæ. Уый Хъуырруйы уасын уыдис, бæлвырд æй базыд- та Бипп-бипп æмæ йæхнцæн быиат нал ардта фырии- нæй. Скастис лæппутæм æмæ чызгмæ. Уыдон дæр æм хъæлдзæг, рæвдауæг цæстытæй кастысты. Ноджы бал хъæумæ куыд хæстæгдæр кодта, афтæ йæхи ныллæ- гæй-ныллæгдæр уагъта. Хъуырруйы боны рухсмæ хæстæгæй фенын фæн- дыдис, Бипп-бипп кæм æмæ куыд фæмард, уый. Се ’ппæтæн дæр сæ зæрдæтæ суынгæг сты, Бипп-биппы сæрсæфæн бынатмæ хæстæг кæнгæйæ. Уæлдай æн- къарддæр уыдис Хъуырруй. Фæлæ æвиппайды хъæуы сæрмæ, уæлдæфы, ауыд- та Бипп-биппы зилдухгæнгæ, мæлæтæй йæ чи бахыз- та, уыдонæй бузныг уыди æмæ сын дзырдта «хæрзбон». Уыдон дæр æм фæндарасты тылд кодтой сæ къухтæ. 208
Стæй йæхи хæрдмæ исын байдыдта йе ’мбæлтты размæ. Хърихъуппытæ арвыл фæкъорд сты æмæ цинтæ кодтой Бипп-биппыл. Цинтæ сыл кодта йæхæдæг дæр. Стæй Хъуырруй загъта, цыма истæмæй аххосджын уыд, афтæ: — Адæм алы бон дæр ивгæ кæнынц фæндаджы бæрæггæнæнтæ æмæ тынг зын ссис разтæхæгæн. — Хъуырруй! — нытътъæлланг ласта хъæлдзæгæй Хъуырруй. — Хъуырриу! — дзуапп радтой иннæтæ дæр æмæ та дыууæ халæй атъанг сты Хъуырруйы фæдыл. Уыдон ныр хъæлдзæгæй тахтысты сæ сæрдыгон бынæттæм. 1950 14 .Мамсыраты Джбе
ДЫРГЪГÆС ВАНО Бæласæй фæткъуы æрхаудта æмæ зæххыл хæстæ- гæй йæтъæпп фæцыди. Вано йæ сæр оындæггай азылд- та уыцырдæм, фæлæ арф кæрдæджы ницы федта. «Цæй, иннæ хауæццæгтимæ йæ сисдзынæн... Иæ тъупмæ гæсгæ стыр фæткъуы уыдис»,— хъыгзæрдæйæ ахъуыды кодта зæронд лæг. Уый хуыссыди къабуз- джын бæласы бын. Уыдис сæрдыгон тæвд бон. Уддзæф никæцæй цыд. Сыфтæрты æхсæнты Ваномæ зындис, æврæгътæ, урс- урсид цагъд къуымбилы тъыфылтау сындæггай куыд ленк кæнынц, уый. Уыдоны æддейы цъæх-цъæхид арв сиу хæхты бæрзæндтимæ. Быдырæй та-иу æм ферттывта йæ чызг Сериффæйы митхуыз кофтæ. Уый дыууæ лæппуимæ цыд зæхх бар- гæ æмæ бæрджытæгæнгæ. Бæстыл сыбыртт дæр нæ хъуыст. Æрмæст бæлæс- ты бын, дидинджыты æхсæнæй, цыди мыдыбындзыты зонгæ дыв-дыв. Иннæ хæттыты доны хъæр фæхъуысы, фæлæ ныр уый дæр нал хæццæ кæны Ваномæ, æвæц- цæгæн, æрбалæгæрдын нæ фæразы ацы уæззау тæвд уæлдæфы. Дыргъдоны алыварс арæх фæзынынц хъæуы сы- вæллæттæ. Уыдон кæд хъазгæ фæкæнынц, уæддæр сæ хъус уырдæм фæдарынц. Сæ сусæг фæндон сын бам- бары Вано æмæ уæд бæлæсты бынты разилы, хуыз- дæр хауæццæгтæ рамбырд кæны æмæ сын сæ рахæссы. — Гъаут, мæ хуртæ, ахæрут æмæ уæ ныййарджы- ты фæндиаг байрæзут,— кауы сæрты сæм адæтты фæт- къуытæ. Сæ хæдзары дыргъбæлæстæ кæмæн ис, уыцы саби- 210
тæн къаддæр авæры Вано фæткъуытæ æмæ сын фæ* зæгъы: — Сымах мауæхимæдæрбахæрдзыстут,мæхурта. Кæмæ нæй, уыдонæн та афтæ фæдзуры: — Айс æмæ ахæр, фæлæ дæ бабайæи зæгъ æмæ уæ кæрты афæззæг дыргъбæлæстæ ныссадзут. Ахæм рæвдыды тыххæй сывæллæттæ бирæ уарзынц Ванойы æмæ сын куы зæгъид, уæхи доны бакалут, зæгъгæ, уæддæр сæхиуыл нæ бацауæрдиккой. «Фæлæ доны цæмæн?.. Хуыцау бахизæд... Уадз æмæ амондджынæй рæзой»,— ахъуыды кæны Вано. Æмæ сабитæ дæр ныр хæстæг никуы зынынц. Æвæццæгæн сæ боны тæвд донмæ атардта æмæ уым сæхи найынц. Ванойы цæстытыл ауадис, афонмæ уы- дон уыцы ран куыд сдзыгуыртæ сты, уый: иутæ уазал малы цъыллинджытæ кæиынц, иннæтæ тæвд змисыл хуыссынц æмæ сын се ’рхуыхуыз буæрттæ хур судзы. Куыддæр фæссихор сæхи над фæуой, афтæ та дыргъ- доны раз фæзындзысты. Ванойы хъуыдытæ рахызтысты бæлæстæм. йæ уар- зондæр фæткъуыйы бын хуыссы ныртæккæ. Цыма йын уый уæлдай хъахъхъæнинагдæр у, афтæ йæ аууоны сарæзта йæ тахта. Æмæ ацы рæнхъы æнæхъæнæй дæр иу фæткъуыйы мыггаг зайы — антоновкæ. Уæдæ дыргъдоны бирæ ис шафран, бере, ранет æмæ æндæр ахæмтæ дæр. Фæлæ йын ацы бæлас уæлдай уарзондæр у. Чи зоны, суанг йæ ныссадзынæй фæстæмæ æнæниз- дæрæй, тыхджындæрæй кæй рæзыдис æмæ алы аз дæр уæлдай заддæр кæй уыдис, кæд уый тыххæй. Цыма зæххы æппæт тых дæр йæ буары бацыд, ахæм хуыз æвдыста. Чи зоны, ацы бæлас æмæ ацы рæнхъ иууыл- дæр йæхæдæг кæй ныссагъта, йæ ивгъуыд царды бон- тæ йын кæй æрымысын кæнынц, уый тыххæй сæ фыл- дæр уарзы. Æмæ йын йæ ивгъуыд царды бонтæ кæй æрымысын кæиы рæнхъ, уый тыххæй йын хъуамæ æнæуынон уа, уæды зяманы уаг ын йæхæдæг куыд æнæуынон уыдис, афтæ. Цы æрымысы йæ зæронд ду- гæй ахæм сахæтты Вано? Ссæдзаздзыд лæппу куы уыди, уæд бирæ æмбæлт- тимæ мæгуырдзинадæй Амерыкмæ алыгъдис. Дисса- джы таурæгътæ кодтой, Амерычы адæймаг куыд 211
схъæздЫг вæййы, уый тыххæй. Æмæ цыма уым Ванб дæр амонд ссардзæн, афтæ йæм каст. Мад куыдта, цыма йæ иунæджы мæлæтмæ æрвыс- та, уыйау, фæлæ йæ уромгæ нæ кодта, æмбæрста, йæ фырт сæ фервæзыны фæстаг хос агурæг кæй цæ- уы, уый. Фæндаджы зындзинæдтæ, денджызы фыдæбæттæ ницæмæ æрдардта Вано. Уыдон сæрты уый кастис кæдæмдæр размæ, йæ фидæны амондмæ. Æмæ кæннод уый фæсгæ та... хъæды куыст... шахт- тæ... пъæлицæйаджы цæфтæ... Уæвгæ уыцы хъизæ- мæрттæ иууылдæр чи æрæмысдзæн? Дыргъдон колхозмæ куы радтой, уæд ын Ванойы скодтой хнцау. Фæлæ ныр бынтон æидæр уыд хъуыд- даг. Ныр дыргътæ стыр асыччыты кæдæмдæр, æбæрæг бæстæтæм нал цæуынц, нал цæуынц хъæздыг Миллер- ты фынгтæм. Уыдои мыр сты колхозонты. Ваномæ арæх бадзурынц хъæуы мидæг исты цин- мæ, уазджытимæ абадынмæ æмæ сын сæ разы уæз- дандæрæн æвзаргæ дыргътæ куы æрæвæрынц, уæд сын сисы стырдæры, фæракæс-бакæс æм кæны, цыма кæцы бæласыл æрзади, ууыл хъуыды байдайы, уыйау, стæй йæ фæстæмæ тæбæгъы иннæ дыргъты сæрыл хъавгæ æрæвæры æмæ йæ цæсгом фæрухсдæр вæййы. Уæд колхоз дыргътæй уæй кæй акæны, уыдон та? Алы аз дæр дзы исы сæдæ мин соммæ æввахс. Æмæ уый ныр. Фæлæ уæлæ Дурджынты æнæхъæн тъæпæн- тæ чи ахаста, уагæр ма уыцы бæлæстæ куы сыстыр уой. Вано сæ йæхæдæг ныссадзын кодта æмæ Мил- лерты дыргъдонæй цалдæр хатты егъаудæр у. Стæй дзы æрмæст фæткъуытæ æмæ кæрдотæ нæй, фæлæ чылауитæ, алтъамитæ, чъерамитæ æмæ сæрдыгон бал- тæ, хъæлæрдзытæ, мæнæргъытæ.,. йæ кæрæтты та æртæ рæнхъæй æнгуз бæлæстæ. «Æнгуз бæлас бæр- зонд зайы æмæ иннæ бæлæсты дымгæйæ хъахъхъæн- дзысты»,— хъуыды кодта Вано, куы сæ сагътой, уæд. Нырма æрыгон сты бæлæстæ. Ацы аз фыццаг хатт радтой фæйнæ цыппар-фондз дыргъы. Æмæ уыдоныл бафæлвардзæн Вано, Мичурины ахуырæй цыдæриддæр базыдта, уый. Æгас Цæдисы хъæууонхæдзарадон рав- дысты хъуамæ æгады бынат ма бацахсой йæ дыргътæ. 212
♦ * — Уф! Бæстæ судзы. — Дойныйæ мæ бон нал у. — Цом, бабамæ уыдзæн дом. Ахæм ныхас хæрзхæстæгæй йæ хъустыл ауад Ва- нойæн. Уыдоиæй иу уыдис йæ чызг Сериффæ, æрæджы хъæууонхæдзарадон инстнтуты мелиорацмйы хайад каст чи фæиис, уый. Р1æ бынаты рабадтис Вано æмæ кæсы, уынæр кæ- цæй цæуы, уыцырдæм. Фæлæ дзы ничи зыны, чысыл æддæдæр цы бæзджын сиренты къох адаргъ, уымæй. Уалынмæ Сериффæ фæзыидис, таджы иуран цы къа- хырау бацыд, уырдыгæй. Чызг уыд бæгъæмсар æмæ йæ бæзджын сау уылæнтæ къæбæлдзыг сæрыхил хуры тæвдæй схæмпус. Яе ’иæдыстæ урс дари кофтæ йыл диссаджы хорз фидыдта цъæх клеш ибкæимæ. Иæ къæхтыл уыди носкитæ æмæ басаножкæтæ. Сериффæ йæ хурсыгъд тыхджын цæнгтæй къалиу- тæ фæйнæрдæм акодта æмæ Ванойырдæм æрбахызт. Иæ фæдыл æрбацыд колхозы агроном Лади, йе уæхс- кыл цавæрдæр æртыкъахыг аппарат, афтæмæй. Мæлæты хъыг фæцис æвиппайды Ладийы фенд Ванойæн. Иу бон æм минæвæрттæ куы æрбарвыста Сериффæйы тыххæй, уæддæр бамбæрста фыд, Лади зæрдæвæрд куы нæ уыдаид чызгæй, уæд кæй нæ ба- уæндыдаид, уый. Æмæ зæгъгæ ницы кæны. Мæн аккаг сиахс нæу, зæгъгæ, ахæм фау хæссынмæ дæр нæ хъавы Ладимæ, стæй фыццаг минæвæрттæн кæд æвиппайды дзуапп нæ радта, уæддæр уый афтæ æгъдæуттæм гæсгæ рауадис. Уæдæ уайтагъд разыйы дзуапп чи фæдæтты? Фæлæ ныр иумæ цæмæн цæуынц? Сæ уарзондзи- нады хабар сын чи зоны, уыдон цы фенхъæл уыдзыс- ты?.. Ирон æгъдæуттæн æвиппайды аппарæн нæй. Уазал «æгасцуай» сын загъта Вано, стæй йе ’вæ- рæн дзыхъхъæй систа стыр дурыны дзаг ихы хуызæн уазал дон. Фæлæ сæ фæдыл сиренты фæстæйæ Дриаты стдæс- аздзыд лæппу куы æрбазынди æфсæйнаг къæбæлти- мæ, уæд фæфæлмæндæр Ванойы зæрдæ... Æртæ куы 213
уоЙ, уæд хъуамæ чи цы зæгъа? Уæдæ сын иумæ æнæ- кусгæ дæр кæм ис? Уыцы дон рауадзын хъæуы æмæ быдыртæ сулæфой. Вано цæхгæрмæ бакаст йæ чызгмæ. Уый ныджджих, дыргътæй æмæхгæд чи скодта, уыцы фæткъуыйы къа- лиумæ, йæ цæсгом уыд æнкъард. — Чызг, куыд цæуынц уæ куыстытæ? — Хорз цæуынц! — æмæ фæрсæджы каст бакодта фыдмæ. — Пълан барыны куыстытæ фестут? — Фестæм сæ. — Æмæ куыд сбæрæг кодтат? Каеуылты хъуамæ рацæуа къанау? Чызг та йæм бакаст, æмæ зын равзарæн уыдис йе ’нгасæй, уыцы фарстæй фæтарст æви йын йæхи фæр- синаг уыд, уый. — Нырма нын уый æххæстæй бæрæг нæма у, цал- дæр раны уал æй нысан кæнæм,— æфсонæн дзуапп радта, йæ фыдæй уал хабар бамбæхсыны тыххæй. ♦ Мад райста иту, Сериффæйы нæ бауагъта, фæллад дæ æмæ сыл мæхæдæг авæрдзынæн, зæгъгæ. Чызг ссыгъта стъолы цырагъ, афтæ йæм каст, цыма йын уый цъæхбынхуыз рухс йæ фæллад сырдта æмæ йæ цавæр- дæр хъуыдытыл æфтыдта. Иæхæдæг сбадтис рудзын- джы раз æмæ касти æддæмæ. Æнхъæлмæ каст, кул- дуар кæд байгом уыдзæн æмæ дзы Вано кæд фæ- зындзæн, уымæ. Фæлæ уый ацы изæр ныффæстиат кæмдæр. Чызджы зæрдæйы æвзæрдис тас æмæ дызæрдыг- дзинад. Фыд тагъддæр куы æрбацæуид, уый дæр æй фæн- дыдис, æмæ ма куы бафæстиат уаид, уый дæр. — Æфсæрмы йæм ма кæн, ма тæрс. Хъуыддаг куыд у, афтæмæй йын æй радзур. Бирæ дæ уарзы, дæ зон- дыл дын æууæнды æмæ дæм байхъусдзæн,— зæгъы мад, итуйыл бынмæ уæззау хæст кæнгæйæ. — Нæ зонын, нæ зонын. Искæмæ байхъуса баба ацы хъуыддаджы. Мæ гыцылæй фæстæмæ зонын, бæ- *>14
лæсты куыд уарзы, уый æмæ ницы хуызы сразы уы* дзæнис,— загъта Сериффæ. — Сразы уыдзæн, сразы, дæ нывонд фæуон. Хуыз- дæр цы у æмæ æнæкæнгæ кæмæн нæй, уый бамбарын- мæ дæ фыд арæхстджын у. Уыцы рæстæг байгом кулдуар æмæ дзы æрбахызти Вано йæ урс нымæтхуды, урс кæттаг хæдоны æмæ ку- сæн цырыхъхъыты. Сериффæ цæмæндæр йæ бынатæй сыстад æмæ ми- дæггаг уатмæ ацыд. — Цы фестут, не ’фсин? — байхъуыст Сериффæмæ фыды ныхас, æмæ йæ базыдта, хъæлдзæг зæрдæйы уаг ын кæй ис, уый. Ныхас кæнæн уыдзæн йемæ. — Мæнæ стæм, мæнæ, кæдæм нын фæлидзын æн- хъæл дæ? — дзуапп ын радта мад. — Æмæ чызг кæм ис? Нæма æрцыд? — Ам ис уый дæр. Фæлæ цæуылдæр хъæлдзæг дæ. — Уæдæ æнкъард дæр цæуыл уон? Хъæвдын мæ сæхимæ бахуыдта æмæ дзы дзæбæх фæминас кодтам. Æрмæст нозт æгæр карз уыдис, уый æрæджиау бам- бæрстон... — Ницы уыйбæрц дыл зыны. — Цæй, куы мыл зына, уæддæр ма йын цы гæнæн ис? Нæ фыддæр низ-иу ахæм фæуæд. Сериффæ уатæй куы рацыд, уæд Вано бадтис фæл- мæн диваны кæрон, йæ уарзон бынаты, базыл йæхи фæллад уагъд акæнгæйæ. Иæ чызджы ауынгæйæ, ра- бадæгау кодта æмæ сдзырдта: — Æйтт, мæ чызг, мæ разы ма чысыл абад æмæ мын истытæ радзур. Дуг нæ афтæ æрæййæфта æмæ сымах фылдæр зонут,— æмæ йæ армытъæпæнæй фæл- мæн æрæлхъывта диваны бадæн йæ фарсмæ. Сериффæ йæ цуры куы æрбадтис, уæд ын йе уæх- скыл йæ къух æрбавæрдта æмæ йыл рог йæхимæ æр- бахæцыд. — Ехх, не ’фсин, нæ чызгæй мæ зæрдæ тынг рухс у... Зондæй дæр, хъаруйæ дæр хуыздæр фæсивæды æм- рæнхъ ис... Афтæмæй æз куыд мæсты кодтон, лæппу- йы бæсты нын ацы дзыкъына куы райгуырд, уæд. — Дæ къах дæ æнæхъæн æртæ мæйы хæдзармæ нал хаста. 215
— Æдылытæ уыдыстæм, æдылытæ! — æмæ хъæбу- лы йæхимæ тынгдæр æрбалхъывта. — Баба, иу ныхас мæ зæгъын хъæуы дæуæн æмæ мæм æгæр ма смæсты у, афтæмæй мæ бамбарыныл бацархай. — Дзур, мæ чызг, дзур! Æз дæумæ цæуыл смæсты уон, ахæм хъуыддаг бæстыл ма ’рцæуæд,— загъта хъæлдзæгæй Вано. Стæй æвиппайды йæхи фæурæдта, йæ цæсгом фæ- тархуыз. — Цымæ мын цы зæгъынмæ хъавыс? — бафарста сабыргай, йæхæдæг ахъуыды кодта: «Кæд мын Лади- йы тыххæй исты дзуринаг у æргомæй. Кæд мын мæ карз «нæй» дзуапп кæронмæ дзуаппыл банымадтой æмæ сæ сæрыл рахæцынмæ хъавы. Ау, æмæ уый та куыд? Иæ фыдмæ комкоммæ куыд бауæнддзæн ахæм ныхас? Æгъдау æппындæр нал ис, æви? Кæд гæнæн нал ис, уæд радзурæд хабар мадæн æмæ йæ уый мæн- мæ бахæццæ кæндзæн, æгъдауджын бинонтæ куыд фæ- кæнынц, афтæ. — Баба, дæ дыргъдон бирæ кæй уарзыс, алы бæ- лас дæр дын дзы удæгас адæймагау кæй у, уый зонын... «Иæ ныхас бæлæстæй цæмæн райдыдта цымæ? — ахъуыды та кодта Вано.— Æвæццæгæн, афтæ зæгъын- мæ хъавы, ома дын æз дæр уыдоны хуызæн дæн... Дзур-ма, дзур дарддæр, кæддæра цытæ радзу- рис». — Уæлдай тынгдæр та лæнчы бæлæстæ уарзтай. Иуæй хорз сты, иннæмæй сæ дæхæдæг ныссагътай æмæ дын уымæн адджындæр сты... Фæлæ дын, баба, цы- фæнды зын куы уа, уæддæр... лæнчы бæлæстæ акалыи бахъæудзæн. Вано æркъæпп кодта кънопкæ æмæ хæдзары цары астæу ссыгъд стыр цырагъ. Дисгæнгæйæ ныккаст чыз- джы цæсгоммæ, æрра фæцис æви ахæм ныхæстæ йæ дзыхæй куыд схаудысты, зæгъгæ. — Цы загътай, цы, мæ чызг? Цæмæн бахъæудзæн бæлæстæ калын? — хæрзныллæг хъæлæсы уагæй ба- фарста Вано. — Байхъус æм дзæбæх, байхъус, уæртæ лæг. Дæ 216
фæрстытæ уал ныууадз,— йæ ныхас баппæрста мад дæр, йæ иту æвæрын нæ уадзгæйæ. — Æнæ акалгæ сын нæй. Къанау уыцы лæнкыл хъуамæ æрцæуа. — Цæмæн хъуамæ æрцæуа æнæмæнг уыцы лæн- кыл? — Уый цæттæ къахт лæнк у. Æндæр рæтты цæмæн къахæм дурджын тæлмыл, алы белгом сæппарыныл дæр дзы хъазуат кæнын куы хъæуы, уæд? — Хъазуат тох кæнат, цы кæнат, уый мæ хъуыддаг нæу. Æз мæ бæлæстæй иу сыфтæр æртонын дæр никæ- мæн бауадздзынæн... Æниу ма ахæм хабар нæ сæрда- рæн ской кæн, кæддæра цы æвзагæй сдзурид демæ. — Æз йемæ ныхас кодтон, æмæ уый дæр фыццаг дæуау амæсты, стæй хъуыддаджы пайда куы бамбæр- ста, уæд ма йæм тынг хорз дæр фæкаст. — Кæмæ куыд фæкаст, уый мæ хъуыддаг нæу. Æз мæ хъаст кæдæмдæриддæр фæхæсдзынæн, уæддæр мæ бæлæстæ калын нæ бауадздзынæн. — Бæлæстæ ницы сты, мах цы стыр хъуыддаг ара- зæм, уый раз, уæлдайдæр æдæппæт æхсæрдæс бæла- сы... Уыйбæрц дон дыргъдонæн йæхицæн пайда ратт- дзæн. — Æхсæрдæс бæласы! Гъы, цы æнцон сты зæгъын- мæ æхсæрдæс бæласы! Æмæ уымæй дæр æнæхъæн дыргъдоны фидауц! — дзырдта бустæ кæнгæйæ Вано, стæй йæм баздæхт: — Зæгъгæ-ма мын кæн, мæ зонд- джын чызг, уымæн дæ фæхастон, æмæ фæахуыр код- тон, горæтмæ дын хæринаджы хорз уымæн фæластон, дарæсы дзæбæх дын уымæн фелхæдтон æмæ цы базыд- тай, уый мæ ныхмæ саразай? — Æмæ дæ ныхмæ куы ницæмæй дзурын,— загъта фæлмæн æвзагæй, лæгъстæ кæнæгау, Сериффæ. — Уæдæ ма мын цы ис дæ зæрды! Уал æмæ уал азы сывæллæттау кæй фæхастон, сывæллæттау кæй фæ- уарзтон, уыцы бæлæстæ, дам, акалæм! — Мæсты куы нæ кæнис æмæ мæм бæлвырддæр куы байхъусис, уæд дæхæдæг дæр сразы уаис сæ ака- лыныл. — Гъа, уæдæ, цæй, хъусын дæм,— æмæ йæхи фæ- стæрдæм диваныл ауагъта. 217
— Дон кæуылты уадзæм, уым цæхгæрмæ ис дæр- гъæй-дæргъмæ цæттæ тæлм. Уым сагъд сты дæ бæлæ- стæ дæр. Æмæ æндæр рæтты къахын куы райдайæм, уæд нæ схардз кæнын бахъæудзæн уæлдай къаддæр- къаддæр цыппарыссæдз мин фæллойбоны. Уыдонæн фидын хъæудзæн, гъемæ сæ цæмæй бафиддзыстæм? Къанауæн йæхи мидæг ницы зайы. Фиддзыстæм сæ дæ дыргътæй, фермæты мæргътæй, урсагæй, къуымбилæй, дзидзайæ, халсарæй, мæнæуæй, нартхорæй, æхцайæ... Иудзырдæй, бынтон дзæгъæлы бафиддзыстæм уыцы мулк. Уый та «фæмæллæгдæр» кæндзæн дæ фæллойбон- тæ, мæн фæллойбонтæ, колхозонты фæллойбонтæ. Иу- ныхаеæй, махмæ нæ фæллойбонтæм цы мулк цæуа, уы- мæй хъæудзæн дзæгъæл куыстæн бафидын. — Цæй, цæй, бæстон нымæдтытæ ма кæн,— бустæ- хуызæй загъта Вано, фæлæ йæ ныхасыл фæбæрæг, йæ чызг раст у, уый æмбарын кæй райдыдта. — Æмæ фæллойбонтæ кæй «фæмæллæгдæр» уыдзы- сты, уый дæр ма гъа, фæлæ уыцы куыстмæ адæмы куы акæнæм, уæд иннæ куыстытæн æнæфæкъуылымпы уæ- вæн нæй æмæ уый цас зиан æрхæсдзæн! — Цыфæнды зиантæ куы кæна дæ къанау, уæддæр æй æз мæ бæлæстыл нæ уадзын. — Омæ нæм зæхх гыццыл ис, ног бæлæстæ та ныс- садздзыстæм. — Иу дæу хуызæн къулбадæг чызг та сæ цæмæй искуы акалын кæна, уый тыххæй?—Вано сыстад.— Нæ фæлæ афтæ бакæн, æмæ ма дæ мæ чызг цæмæй хо- нон, цæмæй дæ уарзон æмæ дæ сæрыстыр уон, уый дæ фæнды, уæд уыцы æдылы хъуыды ныууадз... Гъе ууыл фестæм нæ ныхас,— æмæ ацыд йæ уатмæ. Ссыгъта цы- рагъ. Ног æхсад, ног итуæвæрд уыдысты йæ хуыс- сæнтæ. Ахæм сыгъдæг, ногæфснайд хуыссæн уарзта Вано, фæлæ йæ цыма ныр хъуыды дæр не ’ркодта, афтæ ра- ласта йæ дарæс æмæ йæхи æруагъта. Сериффæ йæ фæдыл æнкъардæй кæсгæйæ баззаа. Стæй йæ ныййарæгмæ баздæхт. Мад йæ сæр фæтылдта Ванойы уатырдæм, йæ цæст æрныкъуылдта æмæ сусæгæй загъта: — Сразы ис демæ. 21«
— Кæцæй сразы? Цæхгæр ныхас куы загъта æмæ мæстыйæ куы ацыд. — Уый куы сразы вæййы, уæд афтæ айсы йæхи йæ хуыссæнмæ. Уыцы сахат Вано та уæлгоммæ хуыссыдис æмæ хъуыды кодта: «Ничи кæсы уыцы къулбадæджы сæныкмæ! Кæуыл- ты æмæ кæуылты бахыгъта хъуыддаджы пайдадзинад. Сылгоймаг уæвгæйæ йæм ахæм зонд æрцæуæд!» * * Мах сæрды бæрæг астæу уыдыстæм Ванойы дыргъ- доны. Йемæ чи кусы, ахæм æрыгондæр дыууæ лæджы æмæ зæронд мыдгæс бадтысты иумæ стыр антоновкæ- йы бын æмæ сихор хордтой. Сæ цурты та лыстæг фæй- лауæнтæ хæсгæ уадис къанауы арф дон æмæ дзы фæй- нæрдæм пырх кодта буарæн æхсызгон сатæг. Сæхирдæм цæугæ нæ куы федтой, уæд сыстадысты. Вано нæ размæ рауад, нарæг ног конд хидыл æрба- хызт æмæ нын нæ къухтæ райста, стæй нын «еблагъуæ» загъта: — Нозтæй рæвдз не ’стæм, фæлæ ницы кæны, лæп- путы ныртæккæ хъæумæ арвитдзыстæм. Мах ын раарфæ кодтам æмæ дзы ракуырдтам, си- хор хæрд куы фæуа, уæд цы бæлæстæ аивта, уыдон нын куыд равдиса. — Уый та куыд? Сихор хæрд нал фæуыдзыстæм? Цомут-ма æмæ фенут,— загъта Вано æмæ нæ разæй ахызт хидыл. Цы бæласы бын бадтысты, уымæ бацы- дыстæм. Салам радтам Ванойы æмбæлттимæ кæрæ- дзийæн. — Мæнæ уый дæр ивд у,— нæ сæрмæ фæйнæрдæм йæ къабузтæ кæмæн фæцыдысты, уыцы бæласмæ аца- монгæйæ дзырдта Вано.— Ам фыццаг иувæрсон чысыл бæлас уыдис æмæ йæ уый бынатмæ æрбаивтам. Тынг ын тарстыстæм, фæлæ хорз ныххæцыд. Иннæтæ дæр хорз ныххæцыдысты, цомут-ма, фенæм сæ! — æмæ араст. Антоновкæ бæлæсты рæнхъ ныр раст нал лæууыд, 219
фæлæ уыдысты дыргъдоны иннæ бæлæсты æхсæнмæ- ’хсæнты. Къанау ууылгы уадзыны хъуыддаг куы алыг, уæд Вано сагъæс байдыдта, йæ бæлæстæ куыд фервæзын кæна, ууыл. Æмæ æрхъуыды кодта, дыргъдоны цы цауд, æрдæг æмбыд бæлæстæ ис, уыдоны бынæттæм сæ баивын. — Бæлас дæр адæймаджы хуызæн у, йе ’сыстыр уæвынмæ йын бирæ æнхъæлмæ кæсын хъæуы æмæ, зæгъын, цæмæн хъуамæ фесæфой æвæджиау бæлæстæ. Мæскуымæ бæлæстæ куыд ласынц, уый мын радзыр- дæуыди, æмæ мах дæр бафæлвæрдтам... Гъемæ хорз рауади хъуыддаг. Ноджы сæ рæзты къанау кæй цæуы, уый сын бирæ баххуыс кодта... Доны уымæл цард дæт- ты, зæххыл цыдæриддæр зайы, уыдонæн,— загъта ма Вано æмæ гуылфæнтæм ныккаст. 1951
ГОДАХЫ МÆЛÆТ «Мæ зæронд стджытæ мын мæ райгуырæн зæххыл æруадзын афон у. Ныр дыууадæс æмæ æхсæзыссæдз азы цæрын ацы дунейыл æмæ дзы æвзæрæй цы бавза- рæн уыдис фыццаг заманы, уыдон бавзæрстон, хорзæй дæр лæгæн цы бавзарæн ис, уыдон иууылдæр бавзæр- стон, зæгъгæ, мæ бон у зæгъын. Ныр та мын афон у мæ мæрдты фæндагыл ацæуынæн». Афтæ-иу дзырдта Годах, йæ карыл-иу ныхас куы рауади, уæд. Æмæ цыма уыцы сахат дæр мæрдты фæн- дагыл æнæфæдызæрдыгæй фæраст уæвынмæ цæттæ у, уый хуызæн-иу æм касти. Фæлæ мæнæ ныр хуыссы æрттиваг сынтæджы, ми- тау урс хуыссæндарæсы, йæ къабæзтæй æнæхъæн кæрт чи бацахста, уыцы стыр æнгуз бæласы бын, уæззау рынчынæй. Улæфын ын зын у. Фæлæ ма цы гыццыл су- лæфы, уымæй дæр æмбары æнгузы адджын тæф. Бæлас стыр æмæ къабузджын у, фæлæ сыфтæрты æхсæнтæй Годахмæ фæзынынц сыгъдæг арвы цъæх- цъæхид гæбæзтæ. Рафæлгæсы чысылгай йæ алывæрстæм. Кæд йæ цæ- стытыл тæнæг хæрв æрбадт, уæддæр йæ уæлхъус чи лæууы, уыдон дзæбæх æвзары. Цæмæн æрæмбырд сты йæ цот æмæ йæ цоты цот æнæ иу хъуагæй ацы хатт йæ цурмæ? Æви йын æцæг мæлынæй тас у? Сæхгæндзæн йæ цæстытæ æмæ абон уыдзæнис дыууадæс æмæ æхсæзыссæдз азы бонтæн сæ фæстаг? Æмæ уый дæр цы диссаг у?.. Уыцы кары лæг- мæ цардæй цы хауы, уый уæлдайджынтæй куы райса, уæд мæлæтæй тæрсын худинаг дæр у. Мæнæ йæ нывæрзæнмæ хæстæг бады йæ хистæр 221
фырт Дзико йæ урс куырæты, йæ астæуыл баст, фыр- зæрондæй йæ нывтæ æмæ йæ фыстытæ дæр кæмæн ссыдысты, ахæм æвзист хъама. Годах ын æй йæхæдæг балæвар кодта. Дзико ма лæппу куы уыдис, ууыл ныр фондз æмæ æртиссæдз азæй фылдæр цæуы. йæ фæлмæн урс нымæтхуд, дари куырæт æмæ æв- зист хъама стыр бонты дардта Дзико. Æмæ, æвæц- цæгæн, абон дæр стыр бон у: ныртæккæ амæлдзæн йæ фыд Годах. Уæртæ асинтыл æнкъардæй бады йæ астæуыккаг фырт Данел, йæ даргъ роцъо кæрдо къæдзлæдзæгыл æруагъта, афтæмæй. йæхæдæг дæр фыдхуыз у. Иннæ æфсымæртау уый дæр æнæниз хаста бæргæ. Фæлæ ре- волюцийы рæстæджы хохæй быдырмæ рафтыдис уыцы хуыцауы æлгъыст урсытимæ хæцынмæ. Хæцгæ, мæ- гуыр, хорз фæкодта, фæлæ дзы уазал бацыд æмæ уæ- дæй фæстæмæ иннæ æфсымæртæй фæлæмæгъдæр. Æмæ уый ницы кæны, хуыцауæн табу, хорз ахуыргонд цот ын ис, ницы хъуаг æй уадзынц, стæй йæхæдæг дæр нырма дыууæ æрыгон лæджы бæрц бакусдзæн. Æр- мæст йæ хистæр æфсымæр Дзикойæ фæзæронддæр- хуыз... Фæлæ кæм ис Годахы кæстæр фырт Мысост та, адæмы æхсæн куы никуы зыны, уæд? Кæй зæгъын æй хъæуы, ам хæстæг искуы уыдзæн кæрты æмæ истытæ архайдзæн. Ома хæдзарæн пайда куыст исты бакæна, уый тыххæй нæ, фæлæ æнцад бадын нæ зоны. Уæлдай- дæр йæ зæрдæ истæмæй тыхсы, зæгъгæ, уæд ноджы æнувыддæрæй смыхуыр вæййы. Ныр та, æвæццæгæн, йæ зæрдæ тынг тыхсы йæ фы- ды рынчыныл. Чи зоны, йæ размæ æрбацæуын дæр нæ уæнды: мæлгæ йæ куы фена æмæ ма удæгас уыдзæн Годах, афтæмæй йæ кæуын куынæуал баурома. «Фæ- лæ мын цæмæй тæрсы? Цардхъуаг ма йын дæн ис- ты?» — хъуыды кæны Годах. Мысост йæ цоты кæстæр уыдис, æмæ йе ’ннæ фырт- ты дæр куыд нæ уарзтаид Годах, фæлæ уымæ цыма æндæр зæрдæ дардта, афтæ йæм каст. Иуæй кæстæр уыдис, æмæ ныййарджытæ та кæстæры фылдæр фæ- уарзынц. Иннæмæй та Мысостмæ уыд уæлдай фæл- мæндæр ныхас зæгъыны миниуæг, фæдзæхст тагъддæр 222
сæххæст кæныны хъару æмæ бирæ æндæр хорздзинæд- тæ. Уæвгæ иннæтæм дæр ничи ницы фау æрхастаид. Хохæй быдырмæ лидзгæйæ уарыныл куы ныллæуы- дысты, уæд Годах æмæ йæ дыккаг ус Гарисон сæхи ра- хицæн кодтой Мысостимæ. Уаргæ дæр, ома кæй нæ фидыдтой, уый тыххæй нæ бакодтой, кæд мæгуыр цардысты, уæддæр. Фæлæ ре- волюцийы фæстæ быдырмæ куы ралыгъдысты, уæд алы хæдзарæн дæр хицæнæй стыр кæрты хæйттæ лæ- вæрдтой, уыйбæрцæй та ма быдыры къуындæджытыл цæмæн цæрой, зæгъгæ, хохы айнæджы рындзыл, зæр- ватыччытау, ахстæтты фæцардысты, æмæ сын уыи æгъ- гъæд нæу? Æмæ уæд Годах йæхæдæг æфсымæртæн бауынаф- фæ кодта байуарын: уадз æмæ дзы алчидæр бæстыха- йæн, раджы рæстæмбисцæрæг хохаг лæгмæ æдæппæ- тæй зæхх цас нæ уыд, уыййас æрцахса. Уадз æмæ йæ цот рæзой уæрæх, райдзаст кæртыты. Иæ фырттæ кæд карджын уыдысты, уæддæр хуыз- дæр адæмимæ иумæ фæхæцыдысты уыцы зæххытæ хъæздгуытæй байсыныл. Кæстæр лæппу Мысост та æдзухдæр амидингæнджыты æмæ раздзæуджытимæ уыдис... Мæнæ Годахы хуыссæны дæлфæдтæм лæууы бæр- зонд, уæнгджынтæ, хæрзконд лæг, йæ къæмисæнтыл халас фæзынд, йæ уæлæ дохтыры урс халат. Уый Дзикойы хистæр фырт Асæхмæт у. Хохæй куы лыгъдысты, уæд йæ тæккæ лæппуйæ уыдис. Асæхмæт, цæугæйæ, йæ зондджын цæстытæй æдзух касти размæ. Цæмæй зыдта, уыцы амондджын фæндаг æй æрмæст быдираг хъæумæ кæй нæ кæны, фæлæ уырдыгæй стыр ахуырмæ балцы кæй ацæудзæн? Ныр йæхицæн дæр хъомыл цот ис... Ам кæрты куы хъазыдысты, уæд цы фесты? Æвæццæгæн, сæхи найынмæ азгъордтой, бон тæвд у æмæ. Асæхмæт раджы фæци каст дохтырты скъола... Профессор дæр ма ссис... Уæд ныр йемæ æндæр дох- тырты цæмæн æркодта Годахмæ? Æвæццæгæн æм иу- нæгæй йæ ныфс нæ хæссы... Æмæ уый та куыд? Ахуыр- гондыл æй куы нымайынц. Фæлæ иуы зондæй цалдæры зонд тыхджындæр у... Кæд уыдонмæ ис йæ хос, миййаг. 223
Йæ цард ма иукъорд азы цæмæй ахæсса, уымæн ын куы фæахъаз уаиккой. Ау, дæсны дохтыртæ куы сты... Æмæ йын хостæ дæр кæнынц, æндæр ын раджы æр- хæцыдаиккой йæ цæстытыл. Асæхмæт ын сæкæры къæрттыл фондз æртахы кæмæй æртадзы, уыцы хос ыи йæ улæфæнтæ уайтагъд суæгъд кæны. йæ цонджы йын цы хос бауадзынц, уымæй æнæфæрисгæйæ йæ зæрдæ хуыздæр кусын райдайы. Тых ахуыры мидæг ис æмæ сæ къухы бафтыди ацы амондджын рæстæджы... Уыцы фадæттæ нæ уыдис Годахæн йæ лæппуйы бонты мæ- гуыр хæххон адæмы цотæн. Бирæ зонынц дохтыртæ, æмæ ма Годахæн исты æх- хуые куы фæуаиккой. Цардхъуаг нал у, фæлæ ма йæ цæрын кæй фæнды, уый æргомæй куы зæгъид, уæд ыл, чи зоны, фæху- диккой. Йæ хистæр фырт Дзико ныр æнцад бады, фæ- лæ йæ, æвæццæгæн æмæ бафæрсид: — Нæ фыд, дæу амæлын мах дæр нæма фæнды. Фæлæ ма царды цы хуыздæр фенынмæ æнхъæлмæ кæсыс? Дæ хохы цъасс лæгъз быдырæй раивтай. Сæг- дзыд лæгæты бæсты дын мæнæ де ’ртæ фырты галуан- тæ. Дæ цоты цот горæты хуыздæр хæдзæртты кæй цæ- рынц, ууыл нал дзурын... Дæ нæзы цырагъ дын Ильи- чы цырагъ раивта. Хъæдын дзывыры бæсты нын тракторæй хуым кæнынц, æхсырфы бæсты нын нæ мæ- нæутæ кæрды хæдцæугæ, хæднайгæнгæ комбайн... Нæ хохаг хæрджыты нын уартæ уыдон баивтой,— æмæ йын ацамонид йæ цоты цоты æрттиваг рог машинæтæм. Дæлæ кæрты фæрсæй-фæрстæм лæууынц дыууæ «По- бедæйы». Иу дзы йæ дохтыр профессор фырты фыр- ты у, иннæ та Мысосты булкъон фырт Алиханы. Уар- тæ йæхæдæг дæр бæласы ставд зæнгыл банцой кодта æмæ дæм уырдыгæй æнкъардæй кæсы, зын ын у дæ рынчын. Уæдæ зæнæг хъуагæй дæр нæ баззадтæ. Ацы æнгуз йæ уидæгтæ алырдæм куыд ауагъта, афтæ ды дæр. Дæ къабæзтæ иууылдæр ам не ’сты, фæлæ дзы ам чи ис, уыдон кæрты дзаг сты. Ис дзы ахуыргæнджытæ, фыссæг, колхозы сæрдар... Дæхи та дын фæдардтой, авджын къусы мыд куыд дарай, афтæ. Уыцы сагъæсимæ Годах кæртыл афæлгæсыд. Уый- бæрц сты йæ байзæддæгтæ, ууыл никуы ахъуыды код- 224
та... Æмæ æниу цы хуызæттæ сты? Мæнæ йæ уæлхъус лæууы сæ колхозы сæрдар, Мысосты æртыккаг фырт Атто. йæ риуыл æрттивы фæллойы сгуыхт лæджы ны- сан — Сызгъæрин Стъалы æмæ дыууæ Ленины орде- ны. Ныллæджытæ æмæ къæсхуыртæ арæзт, фæлæ уæнгтæ æмæ зондæй тыхджын рахаста. Уæртæ иннæ сылгоймæгтимæ лæууы Дзикойы чызг, ахуыргæнæг. Сæрджын адæймаг у. Уымæ дæр ис хæрзиуджытæ. йæ цæст хæссы иннæ байзæддæгтыл дæр Годах, стæй йæм сæ фæдыл рынчынфæрсæг чи æрбацыд, уы- донмæ æмæ йæ зæрдæйы тынгæй-тынгдæр судзы цард- бæллиццы цæхæр. Тæхуды, йæ фыды сæм куы ра- кæсын кæнид! Нæ йæ бауырнид, уыдон иууылдæр йæхи байзæддæгтæ сты, уый. Уæд та раздæр куы æрцыдаид ацы дуне... Бафæрæзта Годах. Уыцы ном ыл йæ мад сæвæрдта, тулдз къодахау, фидар кæй уыд, уый тых- хæй. Æндæр уый хуызæн йæ бон кæмæн бауыдаид хæххон царды искæмæ æххуырсты кусын? Æмæ йæ бон дæр никæмæн баци... Йе ’мгæрттæ раджы нал сты. Фæ- лæ ма цæры Годах æмæ æрмæст нырма ныр мæлы йе ’стыр бинонты æхсæн кадджынæй, радджынæй. «Кадджынæй, радджынæй...» Кæддæр лæгыл ны- мад дæр чи нæ уыд, хъæздгуытæ сæ сæрмæ дзурын дæр кæмæ нæ хастой, уыцы мæгуыртæ ныр куы фениккой, Годах цы уавæрты мæлы, уый, уæд æй æлдар, йе пад- дзах фæхониккой. Фæлæ уыдон нал сты, Годах хорз цæрын куы райдыдта, уæдæй фæстæмæ. Æмæ йын уы- цы кад, уыцы царды уавæртæ революцийы фæстæ æр- цыдысты. Уыйедтæмæ Годах дæр, йæ фыдау, хæрæ- джы куыст фæкодтаид æмæ, хæрæгау, æгадæй фесæф- таид... Æмæ йæ цæстытыл ауади, йæ фыд куыд мардис, уый (рухсаг уæд, мæгуыр). Хосласынæй æрцыд зымæгон. Йæ дарæс — иууыл- дæр хуылыдз. Куыд радзырдта, афтæмæй йæ мæкъуыл хуссар фæндагæй фæбырыд æмæ донмæ ахаудта. йæхи йæм баппæрста æмæ йæ хъæбысы дзагæй хæссын рай- дыдта былмæ... Уыцы хос дæр ма дон куы аластаид, уæд сыдæй амардаиккой сæ иунæг хъуг æмæ дыууæаз- дзыд дыгæрдыг... Ныссалди, фæстæмæ мæкъуыл мæхъитыл самадта 15 Мамсыраты Дæбе 225
æмæ йæ тыххæй-фыдæй æрхæццæ кодта. Фæлæ йæ- хæдæг фесæфт. Æхсæвæр дæр нал бахордта æмæ батылдис йæ хуыссæны, стæй йыл тæфсын райдыдта. Годахиты мад ыл æмбæрзта, хæдзары цыдæриддæр ардта, уыдон: нымæты хæррæгътæ, кæрцы къæрид, хъæццулы быз- гъуыртæ, фæлæ уый уæддæр хæрдмæ хаудта йæ лыстæ- ны æмæ, ризгæйæ, дзырдта: «Мæ мæлæты мæт мæ нæй. Фæлæ цы уыдзынæ ды дæ фондз сывæллонимæ? Цæмæй сæ дардзынæ? Хæх- хон цард уæ йæ быны ныцъист кæндзæн».— Æмæ уы- цы ныхæстимæ амард. Фæйнæджы гæбæзтæй йын бацъаппытæ кодтой чы- рын æмæ йæ йе ’мпъызтытæ морæ цухъхъайы баныгæд- той, бинонтæ йедтæмæ йыл зæрдиагæй иу цæссыг æрæп- парæг дæр нæ уыдис. Хистæн ын аргæвстой дыгæрдыг. Адæм сæхи хорз федтой æмæ афардæг сты сæ хæдзæрт- тæм. Цæмæй зыдта фыд, йæ фырты мæлæт мæнæ афтæ æрцæудзæн, уый? Æмæ Годахы мæлæт æниу мæлæт у? Райгуырæн бонау рæсугъд куы у. Мæлæт уыдис йæ фыды мæлæт хохы цъассы, сæгдзыд скъæты мæ- гуыр æмæ æгадæй... Сæфинаг цотмæ фæстæмæ фæкæс- фæкæс кæнгæйæ... Уый йæ зæрдыл куы æрбалæууыд, уæд йæ даргъ урс рихи фестъæлфыд æмæ чысыл фæзылын. Æр- цъынд. Хæххон суадонау æруадысты цæстысыгтæ йе ’нцъылд уадултыл къæдзтæ-мæдзтæй æмæ зачъеты аныгъуылдысты. — Цы кæныс, баба? Мæлæтæй фæтарстæ, кæугæ куы кæныс?— йæ хъустыл ауад Дзикойы ныхас. Кæй- дæр фæлмæн къух ын йæ цонг рог æрбалхъывта. — Иæ фæстаг бонты онг йæ зонд дæр сыгъдæгæй баззад, хъусгæ дæр æмæ уынгæ дæр хорз кодта, — фе- хъуыста Асæхмæты ныхас. Æвæццæгæн, йемæ кæй æр- хуыдта, уыцы дохтыримæ дзырдта. Æмæ ма йын профессоры ном цæмæн радтой, кæд йæ фыды фæстаг бон иу фондз азы дарддæр аргъæвын йæ бон нæу, уæд? Фæлæ сын зæгъын хъæуы... Каеннод ыл худдзысты, цыма цардхъуаг уыди, афтæ мæлæтæй тарсти, зæгъгæ. 226
Зæгъын сын хъæуы, æрмæст ма йæ иу фондз азы ацæрын кæй фæнды, коммунизм кæй хонынц, уый фе- ныны тыххæй. Цымæ ма уым та цы ног диссæгтæ уы- дзæн? Годах ракасти йæ цæстæй, фæлæ уынгæ ницы код- та. Æрмæст зынтæй æвзæрста, йæ сæрмæ цыдæр урс кæй ратас-батас кæны, доны фæйлауæнтау, æмæ ба- зыдта йæ профессор фырты. Чысылгай та хуыздæр уынын райдыдта. Афæлгæ- сыд йæ алыварсмæ... Йæ зæнæг æмæ йæм йæ рынчын- фæрсджытæ хæстæгдæр æрбалæууыдысты. Æрбацыд Мысост дæр. Уæртæ йæм адæмы æхсæнæй фæзындис Аттойы дыууадæсаздзыд чызг Буцинæ, Годах йæхи хъæбысы кæй схаста æмæ «Зæрватыкк» кæй хуыдта йæ рæууонг æмæ ныхасгæнаджы тыххæй, уый. Цалынмæ чысыл уыдис, уæдмæ йын-иу Годах алыхуызон дисса- джы аргъæуттæ кодта. Фæлæ саби скъоламæ куы ба- цыд, уæд та уый райдыдта диссаджы чингуытæ кæсын Годахæн. Æдзынæг æм кæсы хистæрты æхсæнты сывæллон, йæ уадултыл ферттивынц цæстысыгтæ... Уый дæр ын мæлынæй тæрсы... æмæ йын, чи зоны, уымæй тынгдæр ничн тæригъæд кæны, бирæ йæ уарзта. Буцинæйы фарсмæ лæууы Асæхмæты æртæаздзыд Юрик, йæ тæнæг урс дари хæдоны æмæ цыбыр хъæда- бæ хæлафы. Годахы хуызæн фидæрттæ у уый дæр... Дзæбидыры лæппынау лæууы æмæ рынчыны алыварс чи æрæмбырд, куы уыдонмæ скæсы, куы та Годахмæ бакæсы. Фæлæ стыр диссаг! Годахы нал хъыгдары йæ зæр- дæ, дзæккорæй хойæгау нал кæны. Уæдæ йæ йæ улæ- фæнтæ дæр афтæ тынг нал хъыгдарынц. Æппындæр ни- цыуал риссы буарæйдæр.Чи зоны, уымæнæм афтæкæ- сы, æмæ рынчыныл ахуыр нæу, низы номыл айразмæ йæхи хуыссæнмæ никуы æруагъта. Рабадынмæ хъавы Годах. Уымæй базониккой, йæ алыварс чи лæууы, уыдон, мæлæтæй кæй нæ тæрсы, уый. Стæй йын бадгæйæ æнцондæр рахабар кæнæн уаид, иу фондз азы ма йæ ацæрын кæй фæнды, æрмæст цы ног диссаджы фидæн уыдзæн, уый феныны тыххæй. Фæлæ уæнгтæ йæ коммæ нал кæсынц. Къухтыл 227
Схæцыд æмæ змæлгæ дæр нæ фæкодтой. Нæ фезмæлы- дысты къæхтæ дæр, рабадынмæ куы хъавыд, уæд. Цы хабар у? йæ сæры магъз ма хъуыды кæнын куы фæразы, уæд буар цы кодта? Скаст уæлæмæ Асæхмæтмæ, уæддæр та дохтыр тагъддæр базондзæн... Фæлæ йæм кæд фыртыфырты цæсгом хæстæг уы- дис, уæддæр æй бæлвырд нал уыны — цæстытыл урс хæрв æрбадтис æмæ сæхæдæг сындæггай сæхи æрæх- гæдтой. Фæлæ ма æмбары Годах... фехъуысти адæмы кæуын. Иæ тæккæ раз Буцинæйы цъæхахст ссыд. Фехъуыст Юричы бæзджын хъæлæс дæр чысыл æддæдæрæй. Уыдоны рад ралæууыд ныр та цæрынæн... Цæрæнт. Уыдон сæ сывæллоны бонтæ, Годах сæ куыд арвыста, афтæ не ’рвитынц, цæргæ дæр уымæй фылдæр фæкæн- дзысты æмæ цæрæнт. Фæлæ Годахыл цæмæн кæуынц? Уый мæлгæ нæ кæны, йæ фæстæ ахæм цард æмæ байзæдтæгтæ чи уадзы... Бæргæ Годах дæр ма иу-фондз азы уæддæр куы... фæлæ... 1952
КАФТЫ АРГЪ — Ныр та шахтæты хихъæппæрисады къорды хуьп- дæр кафæг Хъæрджынты Хъайсын æмæ Реуазты Ра- зиат акафдзысты уæздан ирон зилгæ кафт, — фехъу- сын кодта, æркасты конферансье, йæхæдæг сырх æмбæрзæны аууон фæцис. Сценæйы райхъуыст ирон «зилгæ» цагъд æмæ æм- дзæгъд. Стæй фенкъуыст стыр хъæдабæ æмбæрзæн æмæ фæйнæрдæм ацыд. Фæзындис хæрзконд, рæсугъд чызг разгæмтты мидæг. Иæ хæдфæстæ рахызт морæ цухъхъайы, фæлмæн сæрак дзабырты æмæ бур уæл- дзармхуды бæзæрхыг зæронд лæг. Иæ даргъ бæзджын рихитæ, ногуард митау, урс-урсид куынæ æрттывтаик- кой, уæд æм чи каст, уыдон æй лæппу фæхуыдтаиккой. Уый уыдис Хъайсын йæхæдæг. Чызг иу чмгыл куы рауад, уæд йæ къухтæ хæрдмæ систа, æмæ денджызы хъаз куыд фæленк кæны, афтæ лыстæг сиргæ ацыдис. Хъайсын йæхи чысыл фæстæдæр фæурæдта, стæй чызджы сирд ацахста æмæ йæ къахы- фындзтыл сиргæ ацыдис, цыма цъенга ихыл бырыдис, афтæ. Кафыдысты æрмæст къæхтæ, гуыр та æппындæр змæлгæ нæ кодта, æрмæст-иу йæ къæхтæ сæ арæзт фæивтой кафты фæзилæнты. Ацы ран æвæццæгæн, дзурын нæ хъæуы, Хъай- сын, хæххон фæлтæрд цæргæсау, ныфсджын каст куыд кодта, ууыл. Нæ хъæуы дзурын, залы дзаг адæм æнæ- сыбырттæй кафджыты алы фæзылдмæ куыд æдзынæг кастысты, ууыл дæр. Уæдæ чиныгкæсæгæн йæхи цæстытыл ауайдзæнис, чызг æмæ Хъайсын, кафгæ, æмбæрзæны фæстæмæ куы бацыдысты, уæд къухæмдзæгъд куыд ныннæрыдис æмæ 229
дзæвгар рæстæгмæ куыд нæ банцад, уый дæр. Æнцон бамбарæн у, æмæ йæ кафæг æмбал чызджы фæстæмæ кæй ракодтой æмæ сæ дыккаг хатт кæй скафын код- той, уый дæр. Фæлæ диссаг уыдис зæронд Хъайсыны цæсгоммæ кæсын, уый уыд хъæлдзæг æмæ, хурау æрттывта. Цы- ма йæ даргъ урс-урсид бæзджын рихитæ дæр худгæ кæнынц, афтæ зындис. Хъайсын бузныг уыд залы уæвджытæй, йæ «ницæй- йаг» кафтæн ын ахæм стыр аргъ кæй скодтой, уый тых- хæй. Иæ бур худ йæ сæрмæ бæрзонд систа æмæ арфæ кодта адæмæн, фæлæ йæ ныхас тыхджын къухæм- дзæгъды бын фæци æмæ йæхимæ дæр нæ хъуысти. Изæры æз фембæлдтæн Хъайсыныл уазæгуаты. Уый бадтис тыргъы ныллæг, фæлмæн диваныл, йæ сæр йæ къухыл æруагъта æмæ цæуылдæр хъуыды кодта. Цыма æнкъард уыдис, афтæ зынди йæ цæсгомыл. Æз ын салам радтон, стæй йын йæ къух райстон: — Бузныг, Хъайсын, дæ абоны кафтæй. Дæу кары зæронд лæгтæй афтæ дæсны кафгæ æз стæмты федтон. Иæ цæсгом æфсæрмы сырх фæцис Хъайсынæн æмæ мын загъта: — Цæй хорз кафæн ма ис мæ кары! Мæ азтæ фæ- хæццæ кæнынц дæс æмæ æртиссæдзмæ. Уæддæр адæй- маг кæсы, цард куыд дзæбæх кæнгæ цæуы, уымæ, æмæ та уæд батæлфы йæ лæппуйы зæрдæ. — Мæ цæстытыл уайы, ды æрыгонæй куыд кафы- даис, уый. —- Мæхицæй дын куы нæ раппæлон, уæд æнарæхст нæ уыдтæн кафынмæ. Æвæццæгæн, æрдзæй мæ уды- хъæдимæ баиу æмæ йæ бирæ бауарзтон. Уый тыххæй мыл мæстытæ æмæ æфхæрдтытæ дæр дзæвгар ауадис... Фæлæ мын цыма абон æгæр стыр аргъ скодтой мæ кафтæн адæм. — Уæдæ мæнмæ та афтæ кæсы, æмæ йын раст аргъ скодтой, фæлæ дæм мæстытæ æмæ æфхæрдтытæ кафты тыххæй куыд хаудаиккой? — Тынг мæм хаудтой, тынг... Æз де ’рбацыдмæуы- цы рæстæгыл хъуыды кодтон. — Æмæ уæддæр цы хуызы? — «Цы хуызы куы зæгъай», уæд бирæ хуызты... Лæг 230
йæ æгаддзинад æмбæрста æмæ уый дæр æгъгъæд маст у. Ирон хъазтмæ бацæугæйæ дзы адæймаг фылдæр хатт маст йедтæмæ ницы уыдта... Иу тентек хъæзды- джы ракафын кодтаиккой æмæ-иу сыртт-сыртт кæны- нæй уæлдай ницы æмбæрста, афтæмæй йын-иу иууыл- дæр сыстадысты, æмдзæгъд ын кодтой тыхджындæр. Мæгуыр лæгæн та-иу йæ дæсны кафт дæр хъуыды дæр ничи æркодта... Иудзырдæй, мæгуыр лæгæн йæ хорз куыст дæр, йæ хорз кафт дæр, йæ алы хъуыддаг дæр æгад уыдысты, йæхæдæг куыд æгад уыдис, афтæ. Хъайсын йæ сау хъамайы кæрддзæмыл йæ къух æр- сæрфта æмæ арф улæфт ныккодта... — Фæлæ мыл дзы иухатт цы æфхæрд æмæ маст ауадис, уый мын се ’ппæтæй зындæр уыд æмæ мæ ни- куы рох кæны. Цины сахат лæг йæ ивгъуыд мæстытæ куы æрымы- сы, уæд сæ искæмæн дзураг у. Ахæм уавæры уыдис Хъайсын дæр æмæ йæ фæрсын нæ хъуыд. — Цæвиттон, хъуыддаг афтæ рауадис. Иубон шах- тæйæ фæлладæй схызтæн, мæхи куы цæхсадтон, уæд мæм фæзындис Гаппоты Инал (ахæм лæг нæм куыста шахты, хицауадæн козбаугæнаг уыдис æмæ йæ уый тыххæй нæ уарзтон æз). Фæзындис мæм уыцы Инал æмæ мын афтæ зæгъы: — Нæ хицауадмæ Бельгийæ йæ хорз хæлæрттæ æр- бацыдысты. Цæл кæнынц æмæ сæ ирон кафт фенын фæнды. Дæуæй хуыздæр кафæг та нæм уæвгæ нæй. Раст куы зæгъон, уæд фæллад дæр тынг уыдтæн, стæй мæ нæ фæндыдис шахты хицау Артуры хуындмæ цæуын. Нæ уарзта ирон адæмы, æргомæй сæ сырдтæ хуыдта. Фæлæ лæджы хъуыддагмæ куы бацагуырдæ- уа, уæд ма ацу, уый худинаг у. Мæ цухъхъа акодтон æмæ рараст дæн, уæдæ цы гæнæн уыд? Мæ бацыдмæ æрбамбырд кодтой иуцал- дæр лæппу æмæ чызджы. Ныхас дардыл цæуы, фæлæ мæм Мæрзойты Сæлин- мæ кафты рад æрхаудта. Сæли тынг кафаг чызг уыд. Куыд бацауæрстаиккам нæ дæсныдзинæдтыл ахæм уазджыты раз, уæлдайдæр Сæли, дæ фарн бирæ уæц, фæлæ мæ уарзон уыдис! Кафæм, куыд арæхсæм, афтæ, Йæ бандоны æнцой- 231
гæнæныл йæ сæр аппæрста Артур æмæ нæм кæсы ра- сыгæй йæ бæзджын кæсæнцæстыты æхсæнты. Цыма йæ зæрдæ схæццæ, афтæ æнæрвæссон счъилтæ кодта йæ былтæ æмæ-иу хатгай æнæразийæ стылдта йæ къухтæ. Кафт нæма фестæм, афтæ нын Артур нæ къæхты бынмæ гæххæттын сом баппæрста. Æз, цы хабар у, уый фыццаг нæ бамбæрстон. Бакастæн Артурмæ. Уый сæ- хирдыгонау хъæр кодта, ома аддеут, зæгъгæ. Мæ алыварсыл мæ цæст ахастон, фæлæ дзы ничиуал уыд. Æз ма æррайау иунæгæй лæууыдтæн уаты астæу. Ирон хъазты цы рæсугъд æгъдæуттæ ис, уыдон се ’ппæт дæр куы кодтам уагыл, уæд нæ куитау цæмæн тæры, уый базонын мæ фæндыдис. — Инал, ды се ’взагæй зоныс æмæ ма нæ хицауы бафæрс, цæмæн нæ æфхæры афтæ, йæ уазджытæн ын кад кæнынмæ куы æрбацыдыстæм, уæд? Инал æй бафарста æмæ йын дзуапп раттыны бæс- ты, зæххы цы æхца уыд, уымæ ацамыдта æмæ та сæ- хирдыгонау фæхъæр ласта: — Сис дæ сом æмæ айс дæхи! Тынг смæсты дæн, уый куы бамбæрста Инал, уæд мæ сабыр кæнын райдыдта, уымæн æмæ мын мæ ахаст хорз зыдта. Систа зæххæй æхца æмæ мæм дзуры: — Басабыр у, мæнæ дын сом æмæ цом æддæмæ. — Цавæр сом? — Дæ кафты аргъ... Цæмæй дын æвзæр у? Лæг бон-изæрмæ шахты æртæ абазийыл куы кусы. — Ахæм аргъ мын скодта, йæ уазджытæн ын æгъ- дау кæй лæвæрдтон, уый тыххæй нæ хицау? — Æмæ цы кæны, гыццыл у? Æз ахæм цæстæнгасæй бакастæн Иналмæ, æмæ уый йæ бынаты базыр-зыр кодта. Сом ын йæ къухæй раскъæфтон, лыстæг пырхытæ йæ акодтон, æмæ йæ фехстон. Стæй мæ роны мæ къух атъыстон æмæ мæ би- нонтæн цы туман бакуыстон, уый раластон, атыхтон æй æмæ йæ Артуры цæстытыл ныццавтон: — Æз ме ’гъдау æмæ мæ кафт æхцайыл никуы уæй кодтон. Дæу ма кæд æхца хъæуы, уæд ма дын мæнæ ноджыдæр! Артурæн йæ кæсæнцæстытæ зæхмæ атахтысты æмæ сæ цъындцæстæй агурыныл фæцис. Иннæтæн сæ цæс- 232
тытæ сасиры чъилты йæстæ аисты, афтæмæй мæм фæ- джих сты, фыддæр истытæ ма куы бакæнон, уымæй тæрсгæйæ. Фæлæ æз цæхгæр фæзылдтæн æмæ даргъ къахдзæфтæй æддæмæ рацыдтæн. Ныхас даргъ цæуы, фæлæ мæ уыцы изæр æрцахс- той æмæ мын афæдз ахæстоны фæбадыны тæрхон скод- той. Фесæфтис мæ туман дæр. Фæлæ цæмæн? Фæлладæй, рыстæй кæй нæ фæзивæг кодтон æмæ йын йæ уазджытæн хорз æгъдау кæй рад- тон, уый тыххæй? Уæд афтæ аргъ кодтой кафтæн... Абон та, кæсыс, бынтон æндæр аргъ ын кæнынц адæм. Хъайсын мæм фæрсмæ æрбакаст, йæ цæсгомыл зын- дис, абон ыл сценæйы чи зынд, уыцы хъæлдзæгдзинад. 1952
СÆЛАВЫР I Колхозы мæргъты фермæйы хицау Гæвди кæрты къодахыл бады æмæ цæуылдæр арф хъуыды кæны. Тамако зæрдиагæй сцъиры, стæй йын йæ фæздæг сын- дæггай йæ дзыхæй рауадзы. йæ халас рихитæ астæ- уæй чысыл фæбурбын сты. Фæлæ рихитæ куыд халас сты, афтæ зæронд нæма у. Уымæн æвдисæн — йæ сырх уадултæ, æрыгон цæхæр ма кæм судзы, æмæ æдзух хæ- лар каст чи кæны, уыцы цæстытæ. Фæлæ бынтон æры- гон дæр нал у: æхсæрдæс æмæ йыл дыууиссæдз азы рацыд. Фæлмæнзæрдæ æмæ кусаг рахаста суанг чысылæй фæстæмæ Гæвди. Фæлæ хатыргæнаг нæ уыдис, баха- тыр кæнын кæм нæ хъуыдис, уым. Æмæ ахæм хъаугъа- тæм уый тыххæй фæцис райæххæсткомы зæххыты ха- йады хицау Барисимæ дæр. «Бæргæ, уымæ куы нæ æрцыдаид хъуыддаг,— хъуыды кæны Гæвди — Фæлæ йын æндæр ма- дзал нæ уыд... Лæг йæхицæн дæр æмæ адæмæн дæр зиан куы уа, уæд æй æфхæрын хъæуы». Хъæлдзæг адæймаг у Барис. Кæм фæзыны, уыр- дæм йемæ бахæссы худæг ныхæстæ, цавæрдæр хъарм- дзинад. Арæхдæр та фæзыны мыддæтты, дыргъдæтты æмæ æндæр рæтты. Иемæ цы уазджытæ вæййы, уыдон ма йыл дис дæр фæкæнынц, адæмимæ куыд хæлар æмæ æнгомæй цæры, зæгъгæ. Фæлæ-иу йе ’стырдæр хъæлдзæгдзинад æмæ худæг- дæр ныхæстæ кæрчыты фермæмæ бахаста. — Цæй, куыдтæ цæрыс, зæронд? Куыдтæ цæрынц 234
дæ дзибатæ? — райдайы Барис бидаркæйæ, кæнæ ма- шинæйæ хизгæйæ, «æгасцуай» дæр нæма фæзæгъы, уазджытимæ дæр нæма базонгæ кæны Гæвдийы, аф- тæмæй. — Цæрæм, куыд нæ ныууагътай, афтæмæй,— хъæл- дзæгхуызæй дзуапп ратты Гæвди. Уæдæ йæм искæйы раз тарæрфыгæй куыд кæса? — Куыдæй уæ ныууагътон, афтæ цæрут, уый мæ- хæдæг дæр уынын, фæлæ нын Социалистон Фæллойы Герой нæма дæ, æмæ мын уый зын у. Мæ къухтæ дæм нæма бахæццæ сты, æндæр мын уыцы стыр хæрзиуæ- гæй нæ аирвæздзынæ.— Стæй уæд баздæхы уазджы- тæм.— Республикæйы нæ, фæлæ ма æндæр рæтты дæр ссарут ахæм фермæ! Нæ йæ ссардзыстут.Æмæфермæ ахæм кæй у, уый иууылдæр мæнæ Гæвдийы хорз куыс- ты тыххæй у. Акæсут ма уæртæ уыцы урс-урсид бы- дыртæм. Уыдон бæмбæджы хуымтæ сты? Не ’сты. Уый Гæвдийы фермæйы кæрчытæ ныххæлиу сты быдыртыл. Далæ ма уыцы стыр дæттæм акæсут. Уыдон цæмтæ сты? Не ’сты. Уыдон Гæвдийы фермæйы хъазтæ æмæ бабызтæ ленк кæнынц... Бафæрсут-ма ахуыргæндты, цæуылнæ цагъды кæнынц Гæвдийы цъиутæ гыццылæй, цæуылнæ сыл хæцынц низтæ стырæй, цæмæн афтæ би- рæ æфтауынц æйчытæ? Нæ уын ратдзысты дзуапп. Уый æрмæст Гæвди йæхæдæг зоны. Æмæ йе ’ппæлдæн тагъд кæрон нæ уыдзæн, уый куы бамбары Гæвди, уæд уазал мидбылты худт ба- кæны æмæ йын фæзæгъы: — Цæй, æгæр мæ ма стау, кæннод мæ æцæг исты хорз лæг фæхондзысты уазджытæ. — Куыд дæ раппæлын хъæуы, уый дæр æнæзонгæ бæргæ не ’стæм, фæлæ нæхæдæг кæй нæ арæхсæм, уы- мæн нын гфтæмæй зайыс. Стæй уазджыты базонгæ кæны Гæвдиимæ æмæ йын сæ йемæ ныууадзы, йæхæдæг, ныхæстæ кæнгæйæ, ази- лы фермæйы иннæ кусджытыл дæр. Уырдыгæй куы æрбаздæхы, уæд Гæвдийы хъусы бадзуры: — Уазджытæ цавæр сты, уый дæхæдæг уыныс, дæ- уæн нæ, фæлæ æппæт районæн дæр уазджытæ сты... Зæгъ дæ адæмæн æмæ сæм фæкæсой, хъаст куыд нæ ахæссой, афтæ.,. 235
Уый та æмбарын хъуыд: уазджытæстыр уазджытæ сты æмæ сæ хорз фен... Зæгъ дæ фермæйы кусджы- тæн æмæ кæрчытæ æрбаргæвдой, хъайла акæной... Хъайла та цы хуызæн уарзы Барис, уый фермæйы кус- джытæ зонынц. «Барисы хъайлайы хуызæн»,—афтæ фæзæгъынц, искæйы хъайлайæ раппæлынмæ куы фæ- хъавынц, уæд. Хъайла хъуамæ уа, тебæйы бынæй йæ былтæм цас ис, уый бæзджынæн, уымæй дæр æйчытæ хъуамæ уой хорз цагъд, æмæ куы фыца, уæд йæ царв йæ сæрты куыд хъаза. Хъæдындзтæ æмæ йыл алыхуьг зон хæрзадгæнаг кæрдæджытæ лыстæг карстæй ай- зæрд, уæд æвзæр нæу. Уæдæ кæрчытæн дæр сæ нард- дæртæ æвæрын хъæуы уазджыты раз. Каеннод сæ иуæй худинаг у, иннæмæй ныхас ахæссын дæр зонынц, æм- бырдæй, газетæй Гæвдийæ кæм не ’ппæлынц, ахæм ран нæй, афтæмæй йæ кæрчытæ та афтид стджытæ сты, зæгъгæ. II Фыццаг хатт Барис фермæмæ цавæрдæр лæгимæ куы фæзынд æмæ цинты, хъæлдзæг ныхæсты фæстæ Гæвдийы хъусы, уазæг зынаргъ уазæг у æмæ йæм дзæ- бæх фæкæсын хъæуы, хъаст куыд нæ ахæсса, зæгъгæ, афтæ куы бадзырдта, уæд æй зæронд нæ бамбæрста... — Ома куыд фæкæсын хъæуы уазæгмæ, ам, быды- ры, колхозы мæргъты фермæйы? — Иу-дыууæ карчы æрбаргæвдын кæн, хъайла... Дæ сæр куы сурс и, уæд уазæгмæ куыд фæкæсын хъæуы, уый нæма зоныс? — Куыннæ йæ зонын! Уазæг æцæг барæвдауинаг у æмæ дæ уазæгимæ нæхимæ — еблуагъæ. Уазæг сбуц кæнынмæ алцæмæй дæр цæттæ стæм. — Уыцы фадат нын нæй, Гæвди. Хъæу дард у... Уазæг та фæстæмæ тагъд кæны, дæ номдзыд фермæ фенын æй бафæндыд æмæ ауылты уымæн фæзылд. — Уæдæ адон адæмы мæргътæ, адæмы мулк... Æв- налæн сæм нæй... Нæхимæ абадгæйæ бирæ аивдæр уыдаид... — Цæй, дæ мæргътæ быдырты æмæ дæтты дæр куы нал цæуынц, уæд сыл кæцырдыгæй фæзындзысты дыу- уæ цъиуы кæнæ дæс айчы... 236
Гæвди фæсырх. Чысылæй фæстæмæ дæр æфсæрмЫ- гæнаг рахаста æмæ æфсæрмæй бакæны, цы нæ йæ фæ- хъæуы, ахæм хъуыддаг дæр. Афтæ уыд уæд дæр. Аргæвста фермæйы кæрчытæй дыууæ, схардз кодта æйчытæ дæр, йæ бар сыл нæ цыд, афтæмæй. Фæрæдыд æфсæрмæй. Уыцы рæдыд не ’руадзгæйæ, Барисмæ хъæддыхдæр фæлæугæйæ, уæд сын сæ фермæйыл, сæлавырау, нæ сахуыр уыдаидуый фæстæ. Ноджыма сын арахъхъ дæр æрæвæрдта. Гæвдийы ус Дзусон йæ мойæн чысыл дурыны фермæмæ нозт сдаваг у,— уæдæ, зæгъы, зæронд лæг быдыры астæу йæхи цæмæй аирхæфса! Уыцы дурынмæ æвналгæ дæр нæма бакодта Гæвди, афтæмæй йæ æрæййæфтой Барис æмæ йæ уазæг æмæ ныр сæ разы февзæрд... Уазджытæ куы ацыдысты, æрмæстдæр уæд бам- бæрста йæ рæдыд Гæвди. Æхсæвы хъæумæ сæхимææр- баздæхт, æмæ æххормагæй сынтæджы йæхи æруагъта, фæлæ йæм хуыссæг æввахс нæ цыд. Дзусон æмбæрста, йæ мой цæмæйдæр тынг кæй тыхсы, уый æмæ йæ мæтгæнгæйæ бафарста: — Кæд нæфæразгæ дæ, уæд дын дохтырмæ фæдзу- рон, уæртæ лæг? — Æнæуи мын ницы у, Дзусон, фæлæ мæ цæмæн- дæр хуыссæг нæ ахсы...— Æмæ та ныхъхъус сты... Гæз- ди йæхи фынæй æфсон скодта, фæлæ сæры зылдысты алыхуызон хъуыдытæ. Гыццылæй фæстæмæ дæр æй ацы æфсарм сафы... Уый йæ бавналын кодта фермæйы кæрчытæм. Цæвит- тон, Гæвди адавта алы колхозоны фæллойбонæй дæр капекк. Æмæ цыфæнды мæгуыр æмæ тыхст рæстæг сыгъдæгæй цы ном фæдардта, уый ныр счъизи кодта Барисы тыххæй. Уыцы сагъæсæй йæ мидбынаты хæрдмæ фæхаудта. Стæй та фæхъус, Дзусоны куыд нæ райхъал кæна, аф- тæ. Фæлæ йæм æвиппайды фæзынди диссаджы хорз хъуыды æмæ йе ’ргом йе ’фсинырдæм азылдта, кæд æй талынджы уынгæ нæ кодта, уæддæр. — Дзусон, бафынæй дæ? — сабыр сдзырдта Гæвди. — Нæ, афтæ чысыл æррæдзæ-мæдзæ кодтон. Ис- тæмæй дæм фæкæсын хъæуы? 237
— Кæсын мæм ницæмæй хъæуы, фæлæ ма... Дæ урс кæрчытæн сæ нарддæртæй дыууæ æрцахс æмæ сæ фер- мæмæ схæсс. — Цæмæн? Кæрчытæ æмбырд кæнынц колхо- зонтæй? — Колхозонтæй не ’мбырд кæнынц, фæлæ æз фер- мæйæ дыууæ карчы фæхæсджын дæн. — Цы хуызы дзы фæхæсджын дæ? Мæлгæ дын акодтой? — Мæлгæ нæ акодтой, фæлæ сæ уазджытæн ар- гæвстон. — Æмæ дæм кæд уазджытæ уыдис, уæд сæ нæ хæ- дзармæ цæуылнæ æрхуыдтай? — Æнæвдæлон уыдысты... æнæуи та сын æххорма- гæй ауадзæн нæ уыд... Схæсс-иу фермæмæ райсом дыу- уæ нард карчы. — Кæрчытæ схæсдзынæн, уæдæ хуыздæр гæнæн цы ис! Уæдæй фæстæмæиу арæх бадзырдта Гæвди йе ’фсинмæ: — Дзусон, райсом та дыууæ карчы куы схæссис фермæмæ. — Цы хабар у? Барис та дæ абæрæг кодта? — Уастæн, йæ хæдзар фехæлæд! Фæлæ куыдфæстæмæ мæсты кæнын байдыдта Гæв- ди. Цыма йæхи хæрзæдылыйы бынаты сæвæрдта, уый- ау кæсын æм райдыдта. Ноджы Барис æмæ йæ уаз- джытæ дæр афтæ æнхъæл сты, цыма сын Гæвди фер- мæйы кæрчытæ аргæвды æмæ дзы бузныг дæр нæ фæвæййынц. Иннæмæй йæхи хæдзары мæргътæ сихсы- дысты. Иурæстæджы рахъавыд, уыцы хабары тыххæй кæ- нæ колхозы сæрдаримæ, кæнæ та районы разамынди- мæ баныхас кæнын. Фæлæ йæм иуæй худинаг каст уаз- джытыл хъаст бахæссын, иннæмæй цы загътаид, фер- мæмæ куы не ’вналы, йæхи мæргътæ куы хардз кæны, уæд? Аннæмæй та йæ нæ фæндыдис Барисы зæрдæ- худты цæуын. Æмæ йын уæд йæхиимæ баныхас кæнон, зæгъгæ, загъта. Иухатт та йæм Барис фæзынди иу æрыгон уа- зæгимæ. 238
— Цæй, куыдтæ мын дæ, зæронд? Куыд цæрынц Д& дзибатæ? йæ хъæлдзæгдзинады тымыгъ та йæ ахаста фермæ- йы иннæ кусджытæм. Фæстæмæ куы раздæхт, уæд та уазæгæн Гæвдийæ æппæлын райдыдта. Сызгъæрин Стъалы йæм Барисæн йæхи аххосæй кæй нæма ис, уый зæгъын дæр дзы нæ ферох. Стæй та Гæвдийы хъусы бадзырдта: — Газетæй æрвыст у нæ уазæг. Дзæбæх æм фæкæ- сын хъæуы, æвзæр дыл куыд нæ ныффысса, афтæ. — Йарæбын, Барис, ацы кæрчытæй æгæр хардз- гонд цæуы æмæ сæ уæз искуы ме ’уæхсчытыл куы æрæнцайа, уымæй тæрсын,— загъта Гæвди æмæ æр- гæвст кæрчыты бæсты сæхи кæрчытæ кæй схæссы, уый дзы басусæг кодта. — Цæй, уыцы иу, кæнæ дыууæ каркæй нал фæ- мæгуырдæр уыдзæнис дæ фермæ, æвзæр дыл куы ныф- фысса газетмæ, уæд та нæ æнæхъæн районæй дæр фæ- худинаг кæндзæн, адонæн сæ бон бирæ у. Сæ уæз де ’уæхсчытыл цæмæй ма æрæнцайа, уый тыххæй та сыл- иу акт ацараз, ома, фæхъихъхъ сты, зæгъгæ,—æмæ хин ныкъуылд фæкодта йæ иу цæст. Мæстæй йæ цæсгом асырх и Гæвдийæн. Давæг скæ- нынмæ дзы кæй хъавыдис Барис, уый æгъгъæд нæу, фæлæ ма дзы сайæг дæр скæнынмæ хъавы. Хъуамæ йын стыр уайдзæфы ныхæстæ загътаид, фæлæ йæхи баурæдта. Æрмæст ма сдзырдта: — Гæвди мæиг акттæ никуы кодта æмæ сæ ныр дæр йæ сæрмæ не ’рхæсдзæн,— йæхæдæг ацыд кæр- чытæ аргæвдыны тыххæй дзырд раттынмæ. — Уыцы дурыны æртах дæр нал и æви?— бафарста Барис Гæвдийы, æдзухдæр-иу æй куыд фарста, афтæ фынджы уæлхъус куы æрбадтысты æмæ йæ дыстæ куы фистæг кодта хæрынмæ бавналынмæ, уæд. Стæй йæ уа- зæгмæ бадзырдта: — Карчы фыд къухæй хæргæ кæй у, уымæй, æвæдза, раст сты ирон адæм. — Нозт дзы ис, чи йæ нуазы? Рох мæ фæцис, æн- дæр,— загъта Гæвди æмæ скъаппæй, Барис рагæй кæй зоны, уыцы рæсугъд, нывæфтыд дурын райста. Хæрд фæуынмæ куыд хавыдысты, афтæ сыл æрбаф- тыд бындздæтты хицау Мæхæмæт. Тынг хъарм «æгас- 239
Цуай» йын нæ загъта Барис. Фæлæ йæм уæддæр æм- бæлæггаг авæрдта æмæ йæ семæ сбадын кодта. — Гæвдимæ хæрд æмæ нозты тыххæй нæ цæуы лæг. Фæлæ йемæ куы абадай, зæрдиаг ныхæстæ куы акæнай, уæд цыма адæймагæн фенцондæр вæййы, аф- тæ йæм фæкæсы,— загъта Барис, бидаркæмæ хизгæйæ, æмæ Мæхæмæтмæ бакаст, уый дæу хуызæн чъынды нæу, зæгъгæ. «Мæнæн дæ уынд куыд æхсызгон у, уымæй æхсыз- гондæр цард ма фæкæн»,—йæхинымæры сдзырдта Гæвди, æмæ Барисы афарста: — Æмæ нын дæ уазæг нæ фермæ нæ уыны? — Цы йæ дзы уынын хъуыди, уыдон федта. Ацы уацхæсджытæ афтæ сты. Сæ цæст иу хаст цæуыл акæ- ной, уый сын газеты фарсы фаг у. — «Дардæй кæсгæйæ быдырæн мах бæмбæджы хуымтæ æнхъæл уыдыстæм. Фæлæ куы бахæстæг стæм, уæд урс чи дардта æмæ бæстæ чи бацахста, уыдон ра- зындысты Гæвдийы фермæйы кæрчытæ. Мах дис код- там, доны былы мингай дуртæ тæлфгæ цæмæн кæнынц, зæгъгæ. Фæлæ сæм куы бахæстæг стæм, уæд уыдон ра- зындысты Гæвдийы фермæйы хъазтæ æмæ бабыз- тæ»...— Ахæм æвзагæй фыссынц ацы газеты кусджы- тæ. Цæй, хорз уал байрайут, зæгъгæ, бозитæ райста æмæ бæхы æрцавта. Гæвди æмæ Мæхæмæт æнæдзургæйæ кастысты би- даркæйы фæдыл, стæй æрæджиаугомау Гæвди сабы- рæй загъта, цыма йæ хъуыдытæ йæхинымæры дзырдта, афтæ: — Иарæбын, ацы лæгæй ма куыд фервæзон, уымæн куы ницы хос арын, уæд цы бачындæуа? — Æз дæр ууыл хъуыды кæнын ныртæккæ. Куыд уæндыс æвналын фермæйы кæрчытæм, уый мæм дис- саг кæсы... Суды дын дæс азы бæрц куы авæрой, уæд дын Барисы хуызæттæ ницы баххуыс кæндзысты. Уый дыл сæлавырау сагъуыд æмæ дæ æвзæр рæттæм атæр- дзæн. Рагæй дæр дын æй зæгъынмæ хъавын. — Судæй бæргæ нæ тæрсын. — Ау, куыд нæ дзы тæрсыс? Кæрчытæ уазджытæн не ’ргæвдыс? 240
— Кæй аргæвдын, уыдон бæсты нæхицæй схæссын æмæ уымæй бæргæ нæ тæрсын. Фæлæ ма дзы куыд фервæзон, уымæн ницы зонын. — Ирвæзгæ? Хæрзæнцонæй. Зæгъ райкомы секре- тарь Мурадийæн, кæнæ райæххæсткомы хицау Махар- бегæн æмæ уыдон баныхас кæндзысты йемæ. — Хъаст кæнын æмæ ардауын хорз бæргæ нæу, фæ- лæ, æвæццæгæн, æндæр мадзал нæй. — Рагæй дæр æфсæрмыгæнаг дæ æмæ дын уы- цы лæмæгъдзинадыл фæхæст... — Уый мæхæдæг дæр бæргæ æмбарын. — Мæныл дæр иуцалдæр хатты йæхи æрбауагъта йæ мæлгъæвзагимæ, йæ хъæлдзæг ныхæстимæ. Фæлæ мæ мыдтæй йæ къухы куы ницы æфтыдис, уæд мæ иу- ран ныууагъта. Баныхас кæн районы хицауадимæ, кæннод дæ быны бабырдзæн. —Йæ уазджытæй иу газеты кусæг вæййы, иннæ æн- дæр исты стыр хицау. — Газеты кусæг та йын дзы чи у? Уæд нын нæ куы- стытыл цæуылнæ фыссы? — Мæнæ ныртæккæ йемæ чи уыдис, уый. — Ныртæккæ йемæ чи уыдис, уьк? — йæ дзыхы- дзаг ныххудтис Мæхæмæт.— Цæй газеты кусæг у уый, йæ къух æрæвæрын дæр тыххæй куы зоны, уæд? — Уæдæ йын чи у? — Иæ каис, налцыккаг, базары æхца æмбырдгæ- нæгæй кусы. — Уый та куыд? Зоныс æй? — Тынг хорз. Мæхæмæт куы ацыдис, уæд Гæвди къодахыл æр- бадтис, мæнæ ныр куыд б?ды, афтæ æмæ хъуыдыты аныгъуылд. «Чи зоны, æмæ Барисæн йе ’ннæ уазджытæ дæр ахæмтæ уыдысты æмæ кæм цы дзæгъæлдзу ис, уы- донæн фæхæрын кодта йæ хæдзар. Раст у Мæхæмæт, хабар радзурын хъæуы хицауадæн, кæннод æй æнцой нал ныууадздзæн... Иу бон сæм фæцæуын хъæуы рай- онмæ». Уыцы сагъæстæ куыд кодта, афтæ йæм дардæй æр- байхъуыст машинæйы уасын. Цъæх, æрттиваг «Побе- дæ» цыдис комкоммæ фермæмæ. Уайтагъд æрбахæццæ æмæ дуармæ æрлæууыд. Машинæйæ рахызтысты рай- 16 Мамсыраты Дæбе 241
комы фыццаг секретарь Муради æмæ райæххæсткомы сæрдар Махарбег. Кæрæдзийæн салам раттыны фæстæ къодахыл æр- бадтысты. — Фæндаггон адæм стут, æххормаг уыдзыстут æмæ уал нæхимæ саккаг кæнут... Кæнæ та уын иу карк ам æрбаргæвдæм, стæй йын йæ бæсты нæхицæй схæсдзы- нæн,— загъта Гæвди. — Мах ницы хъæуы, ма тыхс. Афтæ дæ фенæм, зæгъгæ, нæ фæндаг ауылты ракодтам. Фæлтау нын. дæ куысты хабæрттæ куыд сты, уый радзур. Дæ бирæ мæргътæй иуы амæлыны кой куы нæ хъуысы, уæд дын афтæ æнæзианæй ирвæзынц? — бафарста йæ Му- ради. — Хорз каст сæм куы уа, хъахъхъæд куы цæуой, уæд хъуамæ куыд мæлой? — Иудзæвгар рæстæг æнæ- дзургæйæ абадт Гæвди, стæй ма сабыр ныхасæй загъ- та: — Фæлæ мæ иу хъыгдарæг ис æмæ йын цы кæнон, нæ зонын. — Чи у уыцы хъыгдарæг æмæ дæ цæмæй хъыг- дары? — Иу сæлавыр мыл сагъуыдис æмæ йæ ныронг фермæйæн базиан кæнын нæ бауагътон, фæлæ ма дард- дæр афтæ куы уа, уæд дзы тас у. — Æмæ номдзыд цуанон куы дæ, цъиуы цæст куы нæ ивгъуыйыс,— ныххудти Муради,— уæд дæ сæлавыр куыд ирвæзы? — Æмæ уый маргæ сæлавыртæй нæу. — Сæлавыртæй марæн кæмæн нæй, ахæм дзы нæй. — Мæ ныхас уын бæлвырд нæ загътон æмæ мæ раст нæ бамбæрстат... Æз районы зæххыты хайады хи- цау Барисы кой кæнын,— æмæ сын радзырдта хабæрт- тæ иууылдæр. — Хорз. Уыимæ мах баныхас кæндзыстæм æмæ дæ нал хъыгдардзæн. Ныр та уал хæрзбон,— загъта Ма- харбег æмæ ацыдысты Мурадиимæ. Æртыккаг бон фермæмæ фæзындысты дыууæ лæ- джы æмæ иу сылгоймаг. — Ревизи кæнынмæ æрвыст стæм,— загъта ацæр- гæдæр лæг. — Табуафси. Сревизи кæнут. Барис уæ æрæр- 242
выста, æвæццæгæн,— загъта Гæвди æмæ йæ мидбылты бахудти. <— О, Барис нæ рарвыста. — Уый æвзæр нæу. Уæ куыстæн уæ цыдæриддæр хъæуы, уый агурут æмæ уын сæ дæтдзыстæм. Ревизийы цыппæрæм бон фермæмæ фæзынд Барис йæхæдæг дæр, æрмæст æнæ хъæлдзæгдзинады ты- мыгъæй æмæ худæн ныхæстæй. Иæ цæсгом уыдис тар, æнкъардхуыз. Гæвди кæм бадтис, уыцы уаты фарсмæ иннæ уаты Барис дзырдта ревизион къамисы сæрдари- мæ æмæ сæ ныхас хъуысыди зæрондмæ дæр. — Цæй, куыд цæуы ревизийы хъуыддаг? — фарста Барис. — Тынг хорз. Иу маргъ хъуыд дæр нæй фермæйы. — Уый та куыд? — Нæ къухы цы æрмæг ис, уымæ гæсгæ. — Ау, куыд нæ дзы ис хъуыд? Иу æмæ ссæдз карчы хъуаг кæй у фермæ, уый æз мæ фондз æнгуылдзы хуы- зæн куы зонын? Куыд кæсын, афтæмæй уæлæнгай ре- визи кæнут, фæлæ арфдæр æвналут! Иæ мидбылты бахудтис Гæвди æмæ йæ сæр бан- къуыста. Сыстад æмæ кæм бадтысты, уыцы уаты дуа- рæй бакаст. — Барис, æз дын дæ уазджытæн кæй фергæвстон, ды уыцы кæрчыты зоныс æмæ уыдон агурын кæныс. Фæлæ сæ бæсты æз мæхи хæдзарæй фæхастон кæрчы- тæ. Гæвди давæг никуы уыдис æмæ никуы уыдзæни. Барис æм дисгæнгæйæ бакаст, фæлæ цы загътаид, ахæм ныхас нал бадти йæ дзыхы. Ревизион къамис йæ куыст фæци æмæ ацыдис. Уы- мæй бирæ рæстæг нæ раивгъуыдта, афтæ Гæвдийы ха- бар районыл сæмбæлд. Барис ма йæ сæлавыры митæ фермæйæ уæлдай бирæ рæтты кæй кодта, уый сбæрæг. Æмæ йæ уый тыххæй йæ куыстæй систой, партийæ йæ аппæрстой, стæй йын йæ хъуыддаг судмæ радтой. Гæвди уый куы фехъуыста, уæд ныр мæнæ къода- хыл æрбадтис æмæ, тамако дымгæйæ, хъуыдыты аны- гъуылд: «Бæргæ, уымæ куы не ’рцыдаид хъуыддаг, фæ- лæ йæхи аххос уыди. Сæлавыртæй марæн кæмæн нæй, ахæм дзы нæма уыд, зæгъгæ, загъта Махарбег». 1952
АЛХÆСТЫ УСКУЫРД Сабыр æмæ æнæхудаг лæппу у Алхæст. Уый тых- хæй фыццаг фенæгмæ саузæрдæ адæймаджы хуызæн дæр фæкæсдзæн. Фæлæ йæм æмбæлтты æхсæн бай- хъус, уæд сæ гуыбынхæлдтæ фæкæны. Иæхæдæг сæм æнцад фæкæсы, цыма афтæ зæгъынмæ фæхъавы, мæ ныхасы худæгæй куы ницы ис, уæд цæуыл худут, зæгъ- гæ, æмæдарддæрфæкæкы адæмæн, тынг кæмæй ба- хъæлдзæг вæййынц, ахæм хабæргтæ. Куысты мидæг бæлвырд æмæ æфснайд у. Иæ уæз- ласæн кæд хъæууон цауд фæндæгтыл 220 мин кило- метры ацыдис, уæддæр ма сыфцæй ласгæйæ бирæ шо- фырты машинæтæ сæмбæлын кодта сæ бынæттыл. Тынг æнæзивæг у Алхæст. Æхсæв æм бадзурой, æви бон, миты, æви уаргæйæ, ахæм æмæ дæ ахæм ранмæ цæуын хъæуы дæ машинæйæ, зæгъгæ, уæд «нæ» иицæй тыххæй зæгъдзæн, йæ цæсгомыл ын æвæндондзинад ни- куы ничи бафиппайдта. «Цом, кæд дæ цæуын хъæуы, уæд»,— дзуапп дæтты кæддæриддæр. Искуы бады, йе йæ машинæ æхсы, уæд адæм, сæ- хæдæг дæр æй нæ бамбарынц, цæмæн æм цæуынц, уый, афтæмæй йæ алыварс æрбамбырд вæййынц æмæ уай- тагъд сæ кæл-кæл райхъуысы. Фæлæ афæстаг рæстæг йæ разы фылдæр адæм æм- бырд кæны, стæй сæ худын дæр хъæрдæрæй цæуы. Машинæйы цур та йæ глыварс куы æрбатыгуыр ис адæмы къорд æмæ дзы пуæй-иуты худын куы рай- хъуыст, уæд сæм æз дæр бацыдтæн. Алхæст йæ ныхас нæма райдыдта, лæгъстæ ма йын кодтой... Чи худти, уыдон та уымæн худтысты æмæ хъуыддаг раздæр зыд- той. — Алхæст, дæ хорзæхæй, радзур ма нын, ус куыд аскъæфтай, уый,— куырдтой дзы бирæтæ. 244
Алхæст лæууыдис йæ машинæйы раз, йæ къухы — сæрдæнæй дзаг хæцъил. Иæ машинæ ныссыгъдæг код- та æмæ ныр ногау æрттивы. Иæ къухы уæлфадæй йæ къепкæ фæстæрдæм фæ- бырын кодта æмæ буферыл фæлладæй йæхи æруагъта. Иæ сатæг-сау цæстытæ кастысты бæзджын аив æрф- гуыты бынæй. Сабыр æмæ хæлархуыз уыдис йæ хур- сыгъд, рæсугъд цæсгом, йæ былтыл гæзæмæ зындис мидбылты худт. Кæй æрбадт, уымæй бæрæг уыд, йæ хабар ракæ- нынмæ кæй хъавыд, уый, уæддæр та мæ нал ныууадз- дзысты, зæгъгæ. — Цы диссаг дзы ис, уымæн ницы зонын. Алкæмæн дæр, бахатыр кæнут, фæлæ бинонтæ ссарын куыд æм- бæлы, æз дæр сæ афтæ ссардтон. Кæд скъæфт рауад, уæддæр мæн аххос нæ уыдис, искæйы нæ асхуыстон, искæйы дуæрттæ нæ басастон,— æмæ цыма йæ ныхас ууыл фæцис, ахæм хуыз равдыста. — Алхæст, адæмы хатырæй, де ’мгæртты, дæ ног бинойнаджы хатырæй, радзур нын, куыд уыдис, уый, нæ дæ ныууадздзыстæм,— хатыдысты йæм тынгæй- тынгдæр, хабар чи нæма фехъуыста, уыдон. — Уæдæ мæ кæд нал ныууадздзыстут, уæд афтæ рауадис мæ хабар. Бадын иу изæр нæ хæдзары, æмæ нæм дуар чидæр æрбахоста. Нана фæцырддæр æмæ уазæгмæ ракаст. Чысыл рæстæджы фæстæ æрбаздæхт æмæ мæм дзуры: — Лæппу, дæлæ дæ æдде цавæрдæр уазæг агуры æмæ йæм акæс. — Нæхи хъæуккаг, зæгъын, у æви æндæр хъæук- каг? — Нæхи хъæуккаг нæу, фæлæ йæ, цыма, фендтытæ кодтон, афтæ мæм кæсы,—загъта мын мæ мад. — Æмæ йæ уæд мидæмæ цæуылнæ рахуыдтай? — Хуыдтон æй æмæ мын нæ бакуымдта. Рацыдтæн уазæгмæ, уæдæ цы уыдаид! Мæй тынг рухс кодта æмæ нæ кауы рæбын уынджы лæугæ ауыд- тон цавæрдæр нæлгоймаджы, йæ сæрыл бæрзонд бу- хайраг худ, нарæг æлвæст астæу ын. Бацыдтæн æм хæстæг æмæ мæ уазæг разынди Рæ- быны хъæуккаг Ногъаты Хъуыдайнат, зонут æй, иу 245
хъазт æмæ иу куывд дæр нæ уадзы нæ хъæуы æнæра- сыгæй æмæ æнæхъаугъайæ. Фондз километры йæм фистæгæй мах хъæумæ æруайын нымад дæр нæу. Æвæццæгæн, йæ сæр къæхтæн уыйбæрц нæ уæз кæны, уæдæ йæ гуыбын дæр уæззаудæр куы уаид, уæд æй махмæ дзаг кæнынмæ нæ хæссид. Лæууы Хъуыдайнат кауы рæбын. Кæсын, æмæ йæ цырыхъхъыты æмпъузæнты зиллактæ мæйы рухсмæ тæмæнтæ калынц, фæлæ зæронд сæрачы буар, æвæц- цæгæн, аскъуыдтæ æмæ йын уыйас тынг сæрттивын нал бакуымдтой. Раст уын куы зæгъон, уæд рагæй нæ уарзын æз уы- цы Хъуыдайнаты — йе колхозы нæ кусы, йе исты хъуыддагыл хæст нæу, афтæмæй уынгты зилы. Арахъ- хъы тæф æм кæцæй ракæла, фæндыры цагъд æм кæ- цæй райхъуыса, уыцы хæдзармæ дуæрттæ æмæ каутæ дæр йæ сæрыл бахæсдзæн. Фæлæ йын уæддæр уазæджы «æгасцуай» зæгъын хъуыдис, æндæр куыд, уæдæ? — Мидæмæ нæм, зæгъын, рацу, Хъуыдайнат, дуар- мæ цæмæн лæууыс? Колхозоны хæдзары цы вæййы, уымæй дæ сбуц кæндзыстæм, зæрдæйæ та дыл ноджы тынгдæр бацин кæндзыстæм,— бахатыдтæн æм æз. — Мидæмæ мæ, зæгъы, не ’вдæлы, фæлæ дæм иу ахсджиаг хъуыддаджы тыххæй æрбауадтæн æмæ кæд лæгæн искуы стыр æххуыс бакæнинаг дæ, уæд мæ уы- цы æххуыс бахъуыд дæуæй. — Табуафси, Хъуыдайнат, адæймаджы мæ сæр хорз хъуыддаджы кæм бахъæуа, уырдыгæй мæхи иу- варс нæ аласдзынæн. Уæд мæм Хъуыдайнат йæхи æрбаивæзта æмæ цыма йæ ныхасæн искæмæй фехъусынæй тарст, афтæ мын сусæгæй дзуры: — Алхæст, зæгъы, даргъ ныхæстæ дын куы нæ фæ- кæнон, уæд мæ ды æд машинæ тæккæ райсом чызг скъæфынмæ хъæуыс. — Уый та цавæр чызг скъæфт у? Ферох дæ сты ног æгъдæуттæ, советон закъонтæ? Хъуыдайнат йæ дзыхыдзаг ныххудтис æмæ мын дарддæр мæ хъусы дзуры, кæд нæм æмгæрон ничи уы- дис, уæддæр: 246
— Скъæфгæ нæ кæнын, скъæфгæ, фæлæ афтæ... скъæфты хуызы. Чызджы йæ ныййарджытæ нæ дæг- тынц, йæхæдæг ралидзын та йæ сæрмæ нæ хæссы æмæ йæ скъæфæгау куыд акæнон, афтæ мын зæгъы. — Чызг дын йæхæдæг зæгъы? Афтæ бирæ дæ уарзы? — Уæдæ дын цытæ дзурын? Хетæджыстæн, уадзгæ дæр æй ныккæнин, уарзондзинад йедтæмæ ма исты у? Фæлæ чызг батад æмæ баруад, æхсæв ыл хуыссæг нал хæцы, йæхи йæ цæстысыгæй æхсы. Куы йæ ныууадзон, уæд йæхицæн исты фыдбылыз куы бакæна, уымæй дæр тас у. Афтæ мыл æнæбанцайгæйæ йæ ныхæстæ нызгъæлд- та Хъуыдайнат. Æз æм хъусын æмæ худæнбылæй хъуыды кæнын: «Цы мæгуыр у, дæу афтæ чи бауарзта, уыцы чызг... Фæлæ зондæй, æвæццæгæн, уый дæр дæ- уæй дарддæр нæ ацыдис, стæй та иннæрдæм ахъуыды кодтон: «Ацы лодырæн бинойнаг куы фæ- уаид, уæд, чи зоны, йæ лекка ныууадзид». Æмæ йæм æцæгхуызæй дзурын: — Иæхи амарын ын ма бауадз. — Уый дæуæй кæнгæ у. Кæд мын рацæуай, уæд фервæздзæн, кæннод ын йæхи æнæ амаргæ нæй. — Æмæ йæ, зæгъын, скъæфгæ дардмæ кæнут? — Цæй дардмæ, цæ? Дæлæ Хъæдгæронмæ ныууай- дзыстæм, уым хъæусоветы йæ къух авæрдзæнис, йæ ныййарджытæй куыд ничиуал ницы дзура, афтæ, æмæ хъуыддаг фæцис. — Уæд æй хæсгæ та кæцæй кæнут? — Горæтмæ цæуыны æфсон райсом фæндаджы былмæ рацæудзæнис æмæ нæм уым æнхъæлмæ кæс- дзæн. «Кæд чызг йæхæдæг фæндаджы былмæ рацæулзæн, уæд хъуыддаг æцæг конд у»,— баууæндыдтæн Хъуы- дайнатыл æмæ йæм дзурын: — Кæд афтæ у, уæд-иу райсом раджы бухгалтер- мæ машинæ тæрæггаг бафид. — Бухгалтермæ загъыс?! — фæтарст Хъуыдай- нат.— Æмæ мын чызг скъæфынæн машинæ дæттынц? — Чызг хæссынмæ мæ хъæуы, зæгъгæ сын-иу зæгъ! Куыд дзурыс, афтæмæй дæ хъуыддаг чындзхастæй 2*7
уæлдай нæу. Хъæдгæронмæ уæ ныддавдзынæн, чызг йæ къух авæрдзæнис, æмæ хъуыддаг ахицæн. — Уый афтæ у, бæргæ... Фæлæ мын æхца дæхæдæг куы айсис... Цы ’мбæлы, уымæй дын фылдæр дæр рат- дзынæн. — Уый бакæнын мæ бон нæу... Бухгалтермæ ба- фид. Кæд дын æхца нæ фаг кæна, уæд дæм мæхæдæг фæкæсдзынæн. Мидæмæ ма йæ хуыдтон, фæлæ нæ бакуымдта. Цæ- уылдæр арф ныхъхъуыды кодта. Стæй мын «хæрзæх- сæв» загъта æмæ ацыдис. Æз мæ бынаты лæугæйæ баззадтæч æмæ сггъæс кæнын: «Æвæццæгæн æй æцæг исчи бауарзта. Конд æмæ йын уындæй ницы у... Æмæ йын æй уæд æрхæс- сын хъæуы. Кæд фæсабырдæр уаид агмæ дзы исты ра- уаид. Тых кæнынмæ куы хъавой чызгæн, уæддæр мæхи къухы уыдзысты, мæ къабæзтæ мæ уæлæ не ’сты?» Дыккаг бон сæумæцъæхæй Хъуыдгйнат ам æрба- лæууыд. Чындзхасты æфсон машинæйы тыххæй æхца бафыста. Абадтыстæм æмæ уайтагъд Рæбыны хъæуы балæууыдыстæм. Уым нæм æх~æз лæппуйы æнхъæлмæ кæсынц. Фæдызæрдыг дæн æмæ фæрсын Хъуыдай- наты: — Кæд йæхи (^æнды, уæд дæ уыГбæрц чызгскъæф- гжытæ цæмæн хъæуы? — Уыгон, зæгъы, чызгскъæфджь тæ не ’сты, чындз- хæсджытæ сты, чындзхæсд^ытæ та хъу?мæ бирæ уой Баууæндыдтæн та йын кæ уыцы ныхасыл дæр. Фæ- лæ Хъуыдайнат кæдæмдæр куы ауад, уæд лæппуты фæрсын: — Кæд, зæгъын, хъуыддаг исты ныхасаг у, уæд æз дæр уемæ дæн, дзуапп иумæ дæтдзыстæм æмæ ма мын бамбарын кæнут: хъуыддаг тыххæй кæнгæ у, æви чыз- джы фæндонæй афтæ конд цæуы? Мах дæр, дам, ын дæуæй уæлдай ницы згнæм. Йæ- хæдæг абаддзæн чызг машинæйы, зæгъгæ, зæгъы, æмæ кæд æцæг йæхæдæг схиза, уæд хорз, кæннод æм махæй йæ къух дæр ничи бакæндзæн. — Уый та цæуылнæ? — дзурын сæм хъазгæйæ.— Машинæмæ куы хиза, уæд ын феххуыс кæнын хъæу- дзæн, афтæ амоны æгъдау. 248
Уалынмæ Хъуыдайнат кæцæйдæр лæф-лæфгæнгæ æрбагæццæ æмæ нæм фæхъæр кодта: — Тагъд машинæйы бадгæут æмæ цом! «Чындзхæсджытæ» гуыффæмæ сгæппытæ ластой. «Æвæццæгæн, зæгъын, æгъдауджын адæм сты æмæ ка- бинæйы мæ фарсмæ бынат сæ чындзæн ныууагътой». Газ радтон мотормæ æмæ, æцæг чындзхæсджытау, тæ- хæм. Иуцгсдæр куы рауадыстæм, уæд дын кæсын, æмæ нæ разæй иуцавæрдæр уæнгджынтæ сылгойм°г (Ьгрт’æ- уы, йæ уæлæ дæргъытæ дари къаба, хъулон зæлдаг сæрбæттæн ыл, йæ къæхтыл фæлмæн сырх дзабыртæ, йæ рахиз къухы чысыл чумæдан. Чидæриддæр, зæгъын, у, уæддæр æй мæ кабинæйы бæргæ авæрин, цæмæн цæуа фистæгæй, машинæны аф- тид бынат куы ис, уæд? Фæлæ ныртæккæ уыйгæчæн нæй, ахсджиаг хъуыд- даджы фæдыл цæуæм, æмæ... Цалынмæ афтæ хъуыды кодтон, уæдмæ сылгойма- джы баййæфтам. Цыма мыл арв æркалдис, афтæ йæ гыбар-гыбур ссыд мæ кабинæйы сæрæн. Æз дзыхъурæд фæкодтон. Чызг нæм фæкаст, æмæ уæ бауырнæд, фæуадзыгмæ мæ бирæ нал бахъуыдис Бахатыр мын кæнут, фæлæ дын Тамарæ разындис. Мæн бирæ æхсæвты фынæй кæнын кæй сурæт нæ уагъ- та, цард мæм уæлдай рæсугъддæр кæй уарзондзи- надæй касти, уый. Мæнæй уæ бирæхистæр ничи у æмæ уæ нииы б^сусæг кæндзынæн... Тамарæйы æз æртæ азы размæ федтон сæхи хъæуы æмæ дзы мæ уд баззад. Æмæ тынгæй-тынгдæр ны- гъуылдтæн мæ у?р?ондзинады. Фæядджын мын ?тс кячд йæхи уынд нæ, фæлæ суанг сæ хъæуккæгты фенд дæр. Цæй, æниу уын цы дзурон, лæппу куы бауарзы, уæд цы уавæры вæййы, уый уæхæдæг нæ зонут? Цæвиттон, Хъуыдайнатау мæн дæр Рæбыны хъæу- мæ мæ къæхтæ рог скъæфын райдыдтой, кæд мæ-иу не ’вдæлдис, уæддæр. Куыдфæстæмæ бамбæрстон, мæ уарзонрзинадæн Тамарæмæ дæр дзуапп кæй уыдис, уый. Æмæ кæд мæ хъуыддаг нæ кодтон, уæддæр æр- мæст уыма>н, æмæ иу-æм куы нæ бауæндылтæн, куы та мын-иу ныхасæн фадат нæ фæцис. Къæдзлæдзæгджын 249
минæвæрттæ æрвитын та цыма царды нал фидауы, театры йедтæмæ, афтæ мæм каст. Мæ ускуырды хъуыддаг кæронмæ фæуон, зæгъгæ, куыддæр загътон, афтæ мæхæдæг йæ чызгæскъæфгы фæдæн. Кæсын Тамарæмæ æмæ дисæй мæлын: ахæм хæд- зонд, æд уынд, æд хъару чызг Хъуыдайнаты хуызæны куыд бауарзта? Æви æрра сси?.. Кæд зæгъын мæхæ- дæг федылы дæн, æмæ Тамарæ чи у, уый дзæбæх нæ базыдтон, рæдыдæй йæ нæ бауарзтон афтæ тынг? Хъуыдайнаты бауарзта, ууыл та уымæн баууæн- дыдтæн, æмæ нæ фæтарст, машинæ йын йæ разы куы фæурæдтам, уæд. Иуран лæууыдис æмæ йе ’стыр, æмбаргæ, сыгъдæг цъæх цæстытæй дисгæнгæйæ касти, гуыффæйы чи бадти, уыдонмæ (мæн кабинæмæ нæ уыдта). — Схиз машинæмæ, Тамарæ,— дзуры йæм уæлейæ Хъуыдайнат. — Уæ фæндаг дарут! Мæнæн фистæгæй дæр ницы у,—дзуапп ын радта Тамарæ. — Æнæ дæуæй нын дарддæр фæцæугæ нал у, Та- марæ. Фæлтау схиз. — Цæут, цæут, æз сымахимæ æмбæлццон нæ дæн. «Ныхасæппарæн ма кæнынц кæрæдзимæ æфсонæн, æндæр разы у»,— мæхинымæр зæгъын æз, Тамарæйы æнцад æнгасмæ кæсгæйæ. Уалынмæ Хъуыдайнат æр- гæпп ласта, даргъ къахдзæфтæй бацыд чызгмæ æмæ йын къухæй ацамыдта: — Тагъд схиз машинæмæ! — фæстийæттæм нæ не ’вдæлы. — Нæ фæлæ дæхæдæг æнæмастæй куы схизис, хомбыл! — фæхъæр ыл кодта Тамарæ.—Æз дæ хуы- зæттимæ иу машинæйы цæуын мæ сæрмæ нæ хæссын. «Æвæццæгæн мæ асайдтой, Тамарæ разы нæу, ты- хы фæдыл æм рацыдысты... Мæхи мæ цæттæ дарын хъæуы. Авдимæ иунæгæй зын хæцæн уыдзæн, фæлæ са- рæхсдзынæн... Кæд мæм Тамарæ йæхæдæг дæр фæкæ- сид, уæддæр та хал халæн æххуыс у»,— хъуыды кæ- нын æмæ дарддæр цы уыдзæнис, уымæ æнхъæлмæ кæсын. Уалынмæ Хъуыдайнат Тамарæйы цонгмæ фæлæ- 250
бурдта. Тыхыл кæй уыд хъуыддаг, уый дызæрдыггаг нал уыдис. Кабинæйæ рагæпп ласон, зæгъгæ, фæлæ мæ дуары æхгæнæн цыдæр кодта æмæ ууыл архайыныл фæдæн. Фæкастæн та Тамарæмæ æмæ уымæн ницы у, фæлæ Хъуыдайнатæн йæ фындзы туг кæлы, сахуырс- тис дзы йæ цæсгом, фесæфта йын, мæгуыр, йæ иунæг урс хæдон æмæ чызгæй йæхи атоныныл архайы. Тама- рæ та йæ машинæйырдæм ласы. — Сбад дын зæгъын, хомбыл, дæ машинæйы æмæ æнæмастæй дæ хæдзармæ цæугæ! Хъуыдайнаты æмбæлттæ сын сæ хъуырдухæнмæ æнцад кæсынц. Кæсын сæм æз дæр, уæдæ цы! Кæд æм- бæлттæ не ’вналой, уæд дзы Тамарæйæн йæхи фаг куыст дæр нæй æмæ ма дзы мæн æххуыс та кæцырды- гæй хъæуы? Иæ алыварс адæм куыд худынц, уый, цыма, ницæ- мæ дары, афтæ æнцад ныхас кæны Алхæст. Æрмæст сыл уыцы æцæгхуызæй ахæссы йæ цæст хаттæй-хатт... Кæсæм сæм, киномæ кæсæгау, æхца фидын дзы, миййаг, куы нæ хъуыдис. Тамарæ Хъуыдайнатæн, ма- шинæмæ йæ ивазгæйæ, йæ иунæг урс хæдон рафарин- тæ кодта. — Ныууадз æй, цæй, Хъуыдайнат! Тыхы дзырдæй куы нæ рацыдыстæм,— хаты йæм гуыффæйы бадджы- тæй иу. Цæмæй зоны, Тамарæ йæ йæхæдæг нал уадзы æнæ машинæмæ схизгæиæ, уый. Иухатт йæхи атыдта. йæ хæдоны æрдæг æд дыс Тамарæйы къухы аззад æмæ йæ иу фарс ныггом, кæд йе ’ннæ бирæ æмбæрзтдæр нал уыдис, уæддæр. Иæ дзыппæй чъизи къухмæрзæн систа (ард йæ хæ- дзары бацæуа, чызг скъæфынмæ рацу, афтæмæй ахæм къухмæрзæн рахæсс!) æмæ дзы йæ фындзыхуынчъы- тыл ныххæцыд. Исты ма йæм куы бавнала Тамарæ, уымæй тæрсгæ- йæ, кабинæйæ рахызтæн. Чызг мæн куы ауыдта, уæд сагъдауæй баззад æмæ мæм исдуг фæджих. Ба- кæсы Хъуыдайнатмæ дæр (æвæццæгæн, хъуыды кодта, кæд мæгуыр лæппуйы дзæгъæлы бафхæрдтон, зæгъгæ), скæсы гуыффæйы бадджытæм дæр. Стæй йæ- хи æрбамæстыхуыз кодта æмæ фæрсы: — Зæгъ-ма, Алхæст, цавæр хъуыддæгтæ сты адон? 251
— Кæнгæ сæ, зæгъын, ды куы бакодтай, уæд дзы фæрсгæ та мæн кæныс? — Æмæ дæм куыд кæсынц? Хорз хъуыддæгтæ сты? — Хорз, зæгъын, бæргæ не ’сты, фæлæ, æвæццæгæн, хуыздæр нæ сарæхсыдтæ... Фæлтау сбад уæртæ каби- нæйы æмæ нæ фæндаг иу кæдæмыты уа, уырдæм дæ бахæцсæ кæндзыстæм... Марадз, схиз æмæ сбад дьц дæр, Хъуыдайнат. — Уæ фæндаг дарут... мæн...— йæ ныхас кæронмæ нал ауæипæ кодта Тамарæ... — Уанцон нæу, Тамарæ, нæ фæндаг —иу, кабинæ- йы — бынат, афтæмæй дæ, зæгъын, фистæгæй цæуын уадзæм! — Цæуын, фæлæ дарддæр та цы бакæнат, уый фен- дзыстæм,— загъта ма Тамарæ, йæ гыццыл чумæдаи фелпæста æмæ кабииæйы фæмидæг. Уæд Хъуыдайнат, йæ фынлзыл хæцгæйæ, мæ иувæр- сты йæхи æрбаскъæрдта æмæ мын мæ хъусы дзуры: — Хъæдгæронмæ фæзилæн фæндагмæ куы ныххæц- цæ уай, уæд-иу уыцырдæм цæв, дæ цыд ма фæсабыр кæн, афтæмæй,— йæхæдæг гуыффæмæ сбырыдис. Æз дæр кабинæйы бабадтæн, педалтæ фллхъывтон, мотормæ газ дзæбæх радтон æмæ тæхæм. Размæ кæ- сын, фæлæ мæ цæсты тигъæй дзæбæх уынын Тамарæ- йы. Уый мын мæхицæн дзурын райдайын æнхъæл уылис. Куы нæ йæм кастæн æмæ куы ницы дзырдтон, уæд раст сбадтис, æмæ йæхи тæргайхуыз скодта. Цы уыдзæн дарддæр, зæгъгæ, сагъæс байдыдтон æмæ цыма мæ развæндаг йедтæмæ ницы уынын, афтæ мæхи дарын. Иухатт мæм Тамарæ куыд æрбакаст, уый ауыдтон, æмæ уæ йæ ны ’мбæхсон, мæ къухы руль куыд фе- стъæлфыдис, уый мæхæдæг дæр нæ бамбæрстон. Фæлæ уайтагъд йæ сæр азылдта æмæ та размæ кæсы. Ныр машинæ афтæ тæхы, æмæ мæ кабинæйы сæр куыд нæ срæмудзы, уый диссаг кæсы мæхимæ дæр. Уынын, кæй та мæм æрбакаст, уый. Ацы хатт мæм дзæвгар фæкаст, æвæицæгæн, йæ хъуыдыйы дæр нæ уыд, æз æй мæ цæстытигъæй уынын, уый. Мæнæй йæ 252
сæр куы азылдта, уæд кабинæйы фæстаг рудзынгæй гуыффæмæ акаст. «Цæмæ ма йæм кæсыс, æгасæй ма дæ дзы цы аир- вæзтис, уый бæрæг кæныс?»,— ахъуыды кодтон мæхи- нымæр. Иуцасдæр афтæ фæцыдыстæм. Стæй мæм дзу- ры, йæ сæр мæнырдæм дæр нæ разылдта, афтæмæй: — Æз дын куыд хорз лæппу æнхъæл уыдтæн, ахæм лæппуйæн ацы митæ худинаг сты. — Цы бакодтон уагæр, уыйбæрц мæ цæмæй æф- хæрай? Рæдыд алкæуыл дæр æрцæуы... Гъемæ мæныл дæр æрцыдис... — Æмæ ды цы фæнды фæу... Æз мæхи дзæгъæлы æфхæрын никæмæн бауадздзынæн... Фæлæ кæйдæр лæппумæ бавнæлдтытæ кодтон æмæ уый аипп у... — «Бавнæлдтытæ»-иу æй, суды дæ куы фæрсой, уæд рахон, мæ разы та «ранадтон æй», зæгъгæ, дзур. — Дæ худæн ныхæстæ ныууадз, дæ хорзæхæй... Æз мæстæй тонгæ кæнын... Цавæр фурдтæ ма мын алас- дзысты мæ худинаг?.. Ды та кабинæйы бамбæхстæ.. Цæуылнæ равдыстай дæхи раздæр? — Æмæ, зæгъын, æдылы дæн, мæхиуыл Хъуыдай- наты бон кæнын кодтон? — Дæ хъуыддаг æгъдауæй куы кодтаис, уæд дын ницы загътаин... Чи зоны... Фæлæ тыхы фæдыл кæм ацыдтæ, уым ныр дæ хъару æмæ дæхæдæг. Уыцы ныхасмæ та руль мæ къухы фестъæлфыдис, машинæ иуварсырдæм фæзылд, фæлæ йæ уайгагъд фæндагыл раст фæцарæзтон... Нырма ныр бамбæрстон, Тамарæ скъæфæг мæн æн- хъæл кæй у, уый. Ноджы йын афтæ хъуыды кæнынæн æфсæнттæ дæр уыдис: нæ рагон уарзондзинад, каби- нæйæ æрæгмæ кæй рахызтæн, уый... Хабар куы бам- бæрстон, уæд кæл-кæлæй худын байдыдтон. Тамарæ та мæсты кодта. — Дæ хъуыддаг дæхæдæг фехæлдтай æмæ ныр æр- райы худт кæн... Æмæ æз дæр æдылы уыдтæн, ны дæ, уымæй дын хуыздæр æнхъæл чи уыдис,— ныхас кæны Тамарæ, æмæ мæсты у, уарзоны æфхæрд мæ кæны, æви лæгъстæ: хатыр дын фæуæд, фæлæ хъуыддаг ма фехал, зæгъгæ, уый марадз æмæхæйрæг бамбарæд. 253
Æз Тамарæйæн радзырдтон, куыд мæ расайдтой æмæ куыд рауадис, уый. Кæсын æмæ, дын мæ Тамарæ æрæнкъард, ныхас нал хауы йæ дзыхæй. Бамбæрстон, хъыг ын кæй уыдис, скъæфæг æз кæй нæ разындтæн, уый. Уæдмæ Хъæдгæронмæ фæзилæн фæндагмæ дæр фæцæйхæццæ кодтам æмæ та мæ кабинæйы цары гы- бар-гыбур ссыди. Хъуыдайнат рудзынгмæ йæ сæр æри- вæзта æмæ мæм сусæгæй дзуры: — Хъæдгæронмæ цæв. Хъæдгæронмæ цæв... Æз газ тынгдæр нылхъывтон æмæ æмраст Салы- гæрдæнмæ скъæрын. Уалынмæ бахæццæ стæм æмæ мæ машинæ тæккæ милицæйы раз баурæдтон. Тамарæ кабинæйæ рахызт. Рахызтæн æз дæр. Æргæпп кодта гуыффæйæ Хъуыдай- нат дæр. Тамарæйæ йæхи дард ласы æмæ мæнмæ дзуры, мæстæй сыф-сыф кæнгæйæ: — Зæгъ-ма мын, Алхæет, цьиæ сты адон? Æз дын, Хъæдгæронмæ цæв, зæгъгæ, нæ загътон? — Омæ уæ, зæгъын, Хъæдгæроны хуыздæр срегист- раци кæндзысты районы загсæй? Ам хæстæг хъуамæ уа загс. Ныртæккæ... Уæвгæ дæ дарæс усгуры дарæсы хуызæн нал у, фæлæ уый ницы кæны, загсы дзаумамæ нæ кæсынц, фæлæ зæрдæйы уарзондзинадмæ. Цон, загс кæм ис, уымæй искæй афæрсон,— мæхæдæг мили- цæйы смидæг дæн. — Ахæм æмæ уæм ахæмы æрбахæццæ кодтон æмæ йæ айсут. Рацыдысты йæм милицæйæ. — Саккаг, нæм, зæгъы, кæн, хорз лæппу, мидæмæ, дæ бынат цæттæ у. Бамбæрста Хъуыдайнат, цы йыл æрцыд, уый, аир- вæзæн ын кæй нал ис. Йæхи ма йе ’мбæлттæм мæсты дзагъул фæкодта æмæ сæм æфхæрæн ныхас баппæрста: — Сымах дæр дзы æмгæрттæ стут! Карчы цъиуæн уæ бон мацы бауæд! (Дзæбæх карчы цъиуы фæстæ, зæгъын, нæ рацыдыстут). Стæй мæнмæ дзуры: — Дæуæн та, Алхæст, цалынмæ мæ уд мæ мидæг уа, уæдмæ ацы хъуыддаг нæ ферох кæндзынæн... Уæ бухгалтерæн дæр зæгъ, машинæйæн цы æхца бафыс- 254
тон, уыдонæй иу капекк дæр куыд нæ фесæфа, афтæ. — Лæг дзæбæхдзинад куы рох кæна, уæд, зæгъын, уый хорз нæу æмæ мын мæ хъуыддаг дæ зæрдыл куы бадарай, уæд дын пайда цы фæуа, æндæр дын зиан не ’рхæсдзæн. Де ’хцайы тыххæй та дын дæ ныхас нæ бух- галтерыл сæмбæлын кæндзынæн. Фæлæ, цыма, дæ къу- хы нал бафтдзысты, афтæ мæм кæсы. Хъуыдайнаты мидæмæ акодтой, уæдæ цы уыдаид! Æз Тамарæмæ дзурын: — Æнæбары дæ зæрдæйы уаг раргом кодтай, Тама- рæ, æмæ йæ кæм раргом кодтай, уым загсмæ куы ба- кæсиккам, уæд хорз уаид. — Уый та дын цы ныхас у? — Нæ къухтæ дзы, зæгъын, æрæвæриккам. Уæлдай хатт ма йæм цæмæн цæуæм? Скъæфджытæ дæр хъуыддаг бамбæрстой æмæ йæм ныллæууыдысты: — Мах де уазæг, Тамарæ, нæ фыдæбон æмæ нын нæ цыд ма фæдзæгъæл кæн. Бирæ рæстæг нæ разы кодта Тамарæ, стæй фæстаг- мæ загъта: — Æмæ нæ хæдзар ахæм хъуыддагмæ рæвдз куы нæ у, уæд уый та куыд? — Загс уал, зæгъын, скæнæм, уæлдай хатт нæ цæ- уын куыд нæ хъæуа, афтæ, стæй чындзæхсæв кæд кæ- нæм, уый нæхи бар уыдзæнис. Скодтам загс, уæдæ цы уыдаид! Амондджынæй ра- цыдыстæм уыцы амондджын уатæй. Машинæ куы сивтыгътон, уæд ма иу каст фæкод- тон милицæйы рудзгуытæм. Иуæй мæм дзы фæзынд Хъуыдайнат. Кæсы мæм æмæ йæ къух æртхъирæны тылд кæны. Æз газ радтон æмæ фæцагайдтам. Салыгæрдæнæй рауадыстæм. Тæхы машинæ. Скъæфджытæ та уæлейы чындзхасты зарæг кæнынц. Афтæ рауадис ме ’нæбары чызгскъæфт. Æмæ дзы диссагæй дæр уыйбæрц бæргæ ницы ис, фæлæ адæммæ диссаг цæмæн фæкаст, нæ зонын. Иæ сатæг-сау, хæлар, чысыл æфсæрмхуыз цæстытæй ма Алхæст йæ алыварс лæуджытыл афæлгæсыд, æмæ йæхи цæсгомыл дæр фæзындис хъарм мидбылты худт. 1953.
ГУГУЛА I Бафæлладис Гугула. Тынг сæвзæр ис йæ зæрдæ. Уыциу тъæпп нылласы, стæй зыр-зыр кæнын райдайы æмæ Гугуламæ афтæ фæкæсы, цыма йæ царды фæстаг сахат ралæууыд. Æмæ зæрдæ дæр куыд нæ фехæла, Гугула йыл цы уæргътæ сæвæрдта, уыдоны уæзæй! «Хуыцауыстæн, ба- зонæн нæй, Гугулайæн йæ дæргъæй йæ уæрхæй кæцы стырдæр у, уый». «Ард уын хæрын, Гугулайы фæдыл фæкæсын æмæ цæугæ кæны æви тулгæ кæны, уый ни- куыма равзæрстон»,— ахæм алы хуызы ныхæстæ-иу бирæ рауад колхозонтæм. Иæ ас 158 сантиметры йедтæмæ нæу, афтæмæй йæ уæз та у 96 килограммы. Цæвиттон, зæрдæйыл æнæ- хъæугæ уаргъ æвæрд ис 38 килограммы æмæ сæ алы бон дæр зыбыты дзæгъæлы хæссын хъæуы. Фæлæ йæ ууыл дæр нæ уадзы Гугула. Арахъхъæй седзаг дыууæ канистры цæппары дыууæ голладжы. Сæ кæмттæ сын кæрæдзимæ фидар абæтты. Бæттыныл та сыл афтæ сахуыр, æмæ сæ хæйрæг дæр райхалын нæ базондзæн. Ие ’ккойы сæ скæны æмæ сæударæй стыр фæндагмæ фæраст вæййы. Хъæуæй ав- тобус цæуы, фæлæ Гугулайы уым бадын нæ фæнды, стæй йæ, æвæццæгæн, арахъхъы канистртимæ уадзгæ дæр нæ бакæндзысты. Æмæ хъæуæй чи иæуы, уыдоны гæсты йæхи гæмæн æфтауа, стыр фæндагмæ цыппар кнлометры йедтæмæ куы нæ ис, уæд йæ къæхтæ йæ уæ- лæ нал сты, æви?.. Уыцы афон хъæуы цæрджытæй исчи куы сыстид, уæд фенид ахæм ныв: дæлæ уынгты фæцæуы, кæнæ фæ- 256
тулы дынджыр тымбыл цыдæр. Дыууæ къухæй дæр ар- хайы фæлмæн дзулы фарк æмæ сойджын цыхты къæрттытæ йæ дзыхмæ æвгæныныл. Адæм дис кæиынц, Гугула ахæм уæргътæ хæссын куыд фæразы дард фæндæгтыл, зæгъгæ. Днс ыл кæны йæхæдæг дæр, фæлæ афтæ æмбары, æмæ бирæ хæрын кæй фæразы, бирæ хъару дæр æм уымæн ис. Нæдæр хæдзары, нæдæр фæндагыл, нæдæр уазæгуаты йæхи хойраг хъуаг никуы ныууадздзæнис. Æнгуылдзтыл сой, кæнæ цыхты къæрттытæ куы аззайы, уæд сæ куыд адджынæн астæры, уый фенын йæхæдæг дæр æмби- сонА у. Фæлæ стыр фæндагмæ тулгæ-уайгæ куыд фæцæй- цæуы I угула, уый ныхас кодтам. Кæд ма дзы исчи æнхъæлмæ фæкæсы машинæмæ, уæд уыдон дис фæкæнынц Гугулайыл. Машинæ Нал- цыкмæ цæуа, æвн Дзæуджыхъæумæ, уæддæр та Гугу- ла йæ къух сдары æмæ йæ бауромыныл фæцархайы. Фæлæ дыууæ горæты бынтон алырдыгæйты куы сты, уæд æй дыууæйы дæр уыциу рæстæг иухуызон хъуыд- даг уыдзæн? Æви йæ балцы кæрон бæрæг нæу æмæ аф- тæмæй рацыд? Гугулайæн та æцæг нæу уæлдай Налцыккæй, Дзæу- джыхъæуæй. Налцыкмæ куы бахæццæ уа, уæд йæ ка- нистртæ æрæвæрдзæн Хангуассæйы хæдзары. Уый йын сыгъдæгæй йæ къухты анымайдзæн алы литрæн дæр фынддæс сомы. Йæхæдæг та сæ дыгай тумантыл уæй кæны... Афтæ йæ «стигъы» Дзæуджыхъæуы йæ хæстæг Фырдæхъыз дæр... Фæлæ цы гæнæн ис! Уадз æмæ уы- дон дæр истытæ кусой... йæ рæтты-иу æрæвæрдта Гугула æхца дæсгай, фæндзгай тумантæй æмæ йын цыма йæ зæрдæ суанг ми- дæмæ та^той, афтæ йæм кастис кæддæриддæр, йæ бал- цæй-иу сæхимæ куы раздæхтис, уæд. Хъæлдзæг-иу уы- дис, йæ бирæ минтæм дзæвгар кæй бафтыдта, уый тыххæй. Фæлæ ма цалынмæ арахъхъ канистры вæййы, уæдмæ цал æмæ цал тарсты фæкæны зæрдæ, цал хаг- ты сгуыпп-гуыпп ласы алы милиционеры æмæ алы гуырысхойаг адæймаджы фендæй! Æмæ йын афтæмæй дæр банкъуысынæн цы хъæуы! 17 Мамсыраты Дæбе 257
Банкъуысыдис зæрдæ тæккæ ахсджиаг сахат. Ма- газины арахъхъытæ æмæ сæнтæ фæзынаргъдæр сты. Ирон арахъхъ æлхæнджытæ фæфылдæр уыдзысты æмæ йын йæ аргъæн дæр æнæ уæлæмæ схизгæ цы ис! Дзæвгар æхца радуцид Гугула Хангуассæйæ, фæлæ йын дохтыр загъта: — Тынг æвзæр у дæ зæрдæ æмæ йæ дзæбæх кæнын хъæуы... Кисловодскмæ куы ацæуис, уæд хорз уаид. Афтæ йын кæй бамбарын кодта, уый йæ амондæн уыдис, æви йе ’намондæн,— хъæуы дохтыр Дзуццаты Тамарæйæн путевкæ æрæрвыстой. Уайтагъд æм йæ фа- теры балæууыд Гугула. — Дæ фæхъхъау фæуон, Тамарæ, Кисловодскмæ дæм путевкæ ис, зæгъгæ, куы зæгъынц, уæд уый раст у æви нæ? — Раст у. Ис мæм путевкæ. — Æмæ йæ мæнæн ницы хуызы рауæлдай кæнис? Ды нырма чызг дææмæ дæ зæрдæ кæцырдыгæй ис, уый зонгæ дæр нæма кæныс, фæлæ мæ зæрдæ цы уавæры ис, уый дæхæдæг хуыздæр куы зоныс. — О, дæ зæрдæ дæ æнæмæнг дзæбæх кæнын хъæуы Кисловодскы! — Гъемæ мын дæ путевкæ ратт. йæ аргъытыххæй бафидаудзыстæм. — Дæ хорзæхæй, Гугула. Æз уалдзæджырдæм куы ацæуон, уæддæр мын ницы у, фæлæ дæу дæхи дзæбæх кæнын хъæуы. — Мæ сæр дæ нывонд фæуæд. Фæлæ дын уæд йæ аргъ та цы уыдзæн? — йæ аргъ йæ уæлæ фыст у. Мин æмæ ссæдз туманы. — Уый та дын цы ныхас у? — Афтæ у путевкæйæн йæ рагъ. — «Йæ аргъ»,— сфæзмыдта Гугула.— Æнæхъæн хъæу дæр æй куы зонынц, зыбыты лæвар дын æй кæй æрæрвыстой, уый, уæд ын цæй аргъ ис? — Мæнæн æй премийæн радтой, фæлæ уый тыххæй йæ аргъ къаддæр нæ кæны. — Дæ фæхъхъау фæуон, айс мæнæ дæ фынддæс туманы... Æвæлмонæй дæм уыйас æхца куы æрхауа, уæд уый дæр цæмæй æвзæр у? 258
— Гугула, æз дæуæн мæ путевкæ куы радтон, уæд ын йæ аргъ хъуамæ æнæвнæлдæй ныууадзон æмæ дзы уалдзæджы хъуамæ ног балхæнон. Министр æмæ проф- цæдис афæдзмæ иу лæгæн дыууæ путевкæйы нæ дæт- тынц. — Цæй, уæддæр мæ дзæбæхгæнæг дохтыр дæхæдæг дæ æмæ дын дыууæ хатты фылдæр ратдзынæн. Айс дæ дæс æмæ ссæдз туманы æмæ мæ Кисловодскмæ фæ- раст кæн. — Æхсызгон дæ хъæуы, стæй мын мæхи дæр цы- дæр хъуыддæгтæ къуылымпы кæнынц æмæ дын уый тыххæй сразы дæн. Иæ аргъæй йын капекк дæр аппа- рæн нæй. — Нæй... Ницы... Нæу мæ бон дæс æмæ ссæдз тума- нæй фылдæр бафидын, лæвар кæй райстай, уыцы гæх- хæтты гæбазæн... Фæлтау мæ зæрдæ рисгæ нæ, фæлæ фæйнæрдæм фæркгай дæр фæхауæд... Цæй, уæдæ уал дæ нывонд фæуон! — æмæ араст Гугула. Цыдис сын- дæггай, дызæрдыг кæнгæйæ, фæлæууыд-иу æмæ-иу уæд Тамарæмæ йæ ныхас æрбайхъуыст: — Нæу, цыфæнды уа, уæддæр дæс æмæ ссæдз туманæй фылдæр бафидын мæ бон нæу... Дыууæ боны фæстæ та фæзындис Гугула Тама- рæмæ. — Дæумæ дæр, мæгуырæг, цас æфтиæгтæ цæуы дæ мыздæй уæлдай, æмæ ма дын иу ссæдз туманы бафтау- дзынæн. Айс дæ дæс æмæ дыууиссæдз туманы æмæ мын мæ фæндаг фæрæвдз кæн. — Куы дын загътон, Гугула, путевкæйы аргъæй дæуæн цы аппарон, уыдон ыл уый фæстæ мæхицæй æф- таугæ уыдзысты æмæ дын æй куыд раттон йæхи ар- гъæй асламдæрыл? — Уауу, æна, Тамарæ, цæсгом дæр дзы нал хъæуы, æви лæвар кæй райстай, уыцы гæххæтты гæбазæн дæм дæс æмæ дыууиссæдз туманы æгъгъæд куыд нæ кæсы? Зыбыты лæвар... — Лæвар не ’сты, Гугула, дæумæ куыд кæсы, афтæ. — Мæ бон нæу... Нæу мæ бон дæс æмæ дыууи- ссæдз туманæй фылдæр раттын, мæ бынаты дзыхъмард куы кæнон, уæддæр,— æмæ та мæстыйæ ацыд. Сæппæрста пъолы фæйнæджы фарс æмæ 127 мин 259
сомыл бафтыдта, путевкæ æлхæнынæн цы дæс æмæ дыууиссæдз туманы ахаста, уыдоны дæр æмæ ууыл цыма хъуыддаг фæцис, афтæ йæм кастис. Фæлæ зæрдæ кæнæ æцæг æвзæрдæр фæцис, кæнæ та Гугула фæтарстис æмæ йын йæ куыстмæ арæхдæр хъус дарын байдыдта, фæлæ йæ риуы тыхджындæр, арæхдæр цæлхъ-цæлхъ кæнын æмæ ризын райдыдта. Цыппарыссæдз туманы раттын бахъæудзæн путевкæ- йæн. йæ бон ныккала, æнæ дæхид рауадзгæ уыйбæрц ралух! йе ’хцайы тыхтон та йæ роны атъыста Гугула æмæ араст Тамарæмæ. Хъуамæ йæ путевкæ радта дæс æмæ цыппарыссæдз туманыл. Уæддæр йæхицæн ацæуæн нæй, скъолайы директор Къобосты Дзæрæхмæтимæ чындзæхсæвмæ цæттæ кæнынц сæхи æмæ цавæр æрра чызг ныууадздзæнис ахæм хъуыддаг æмæ афардæг уы- дзæн санаторимæ? Уæддæр баззайдзæн йæ путевкæ æмæ дзæгъæл сæф- ты бæсты... Нæ фæлæ та ныхас дæс æмæ дыууиссæдч туманæй райдайын хъæуы æмæ кæд не ’сразы уа, уæд сæ схæццæ кæндзæн цыппарыссæдзмæ... Цыдæр гæх- хæтты гæбазыл уыйбæрц æхца акал, уæд бæллæх нæу... Æнæбайрайгæ фæуа зæрдæ дæр, кæцæй сæн- къуыстис! Уымæй æргътæ куы фæфылдæр сты, уæд... Нæ, адзæбæх кæнын хъæуы тагъддæр зæрдæ æмæ та канистртæ ногæй скусой... Тамарæимæ баййæфта скъолайы математикæйы ахуыргæнæг Сауийы. Лæппу дæсгай тумантæ нымадта æмæ сæ Тамарæмæ лæвæрдта. Чызджы дзыппæй га зынди путевкæйы кæрон. йæ зæрдæ фæкъæпп кодта Гугулайæн æмæ саламты фæстæ афарста: — Цавæр æхца нымайут уый, Тамарæ? — Мæнæ Сауи уыцы путевкæ айста æмæ... — Ницы йæ айста, ницы, мæ бон, уый мæнæн ра- гæй æлхæд куы у,— æмæ уыциу ныхылдæй Тамарæйы дзыппæй фæцъипп ласта путевкæ æмæ йæ йæ роны атъыста. — Ды йын йæ аргъ нæ лæвæрдтай æмæ... — Фæлтæрæнтæ кодтон, кæд мын æй асламдæр раттис, зæгъгæ, æндæр мын æлхæд кæй у, уый нæ дыу- уæйæн дæр бæрæг уыд. 260
— Гугула, æз æй æлхæнгæ бакодтон, йе ’хца йын банымадтон... — Æлхæнгæ йæ, мæ бон, æз дæуæй раздæр бакод- тон, йе ’хца дæр мын дæууонтæй бирæ раздæр нымад уыдысты... Мæнæн мæ зæрдæ тынг хæлд у æмæ мæ дæ- уæй æхсызгондæр хъæуы... Гъа, Тамарæ, мæнæ уал дын цыппарыссæдз туманы, иннæтæ та дын ныртæккæ хæц- цæ кæндзынæн. «Гугулайы къухтæ бирæгъы æфсæртæй уæлдай не ’сты — цæуыл фæхæст уой, уый сæ нал скъахдзынæ»,— ахæм ныхас уыдис адæмы æхсæн. Уый зыдта Сауи дæр æмæ ницыуал загъта; райста йе ’хцатæ Тамарæйæ, ны- вæрдта сæ йæ дзыппы æмæ ацыд. «Дæ зæрдæ фæрчытæ фæхауа, кæд мæ размæ кæ- цæй фæдæ! — æлгъыста Гугула Сауийы.— Ссæдз ту- маны йын дзы уæддæр аппарын кодтаин». Уайтагъд сыхæгтæ æмæ зонгæтæн адзырдта йæ пу- тевкæйы хабар, æгæр зынаргъæй йæ кæй балхæдта, уый тыххæй йын тæригъæд кæндзысты, æви йыл худгæ, уый йæхæдæг дæр нæма зыдта, афтæмæй. Кæд æй йæ- хицæн дæр æхцайыл чъынды хонынц, уæд уадз æмæ зо- ной, куыд æй нымайынц, афтæ мæрддзæст кæй нæу, мин æмæ ссæдзгай тумантæй кæй æлхæны путев- кæтæ. Ноджы сын фенын кæндзæн санаторимæ ацæуыны размæ, йæ сывæллæттæн дæр æм æвгъау кæй ницы у — кæд бæгънæг æмæ мæллæг сты, уæддæр сæм куысты- тæй йæ къух кæй,нæ хæццæ кæны, æрмæстдæр уый тых- хæй кæй сты, ахæм хуызы. Хистæр Зинæйæн къаба балхæндзæн йæ кæттаг туфлитæ дæр бырæгътæ сты, стæй фæззыгон ахæм къа- хыдарæс ничи фæдары, фæлæ ма бафæраздзæн, Гугула санаторийæ куы сыздæха, уæдмæ... Æвиппайды уый- бæрц æхца акалæн куыд ис? Кæстæр чызг Лидæйæн туфлитæ æнæбалхæнгæ нал ис, уымæн æмæ ма дзы кæд уæлейы дзабырты уæлфæдты бызгъуыртæ зыны, уæддæр йæ къæхты бынтæй зæххыл цæуы. Лæппуйæн æлхæнын бахъæудзæн батинкæтæ дæр æмæ костюм дæр... Нæлгоймæгтæ тæлфаг сты æмæ сын ницы лæу- уы. Худæн уал фæлæудзæн, кæд йæ къепкæ ныддæрæч, йæ бырынкъæй йæ бур гæххæтты фæскъæуттæ рабыры- 261
дысты, уæддæо... Иунæг лæппу V æмæ йæ бынтон бæгъ- нæгæй дæо куыд ныууагъдæул! Путевкæ æлхæнын æй куы нæ бахъуыдаид æмæ утæппæт æхцайæ йæ сабитæн дарæстæ куы балхæд- таид, уæд сæ горæтаг сывæллæттау сфæлыстаид. Фæ- лæ уыйбæрц æхца акалæн куыд ис уыцы иу рæстæг? Æфснайд æм бæргæ ис авд æмæ æхсæзыссæдз мин со- мы, фæлæ уыдоныл куы нæ æфтауай, сæхи сын куы хардз кæнай, уæд — дон хиды бынты... Путевкæ йæ роны, афтæмæй схæццæ сæхимæ Гугу- ла. Иæ зæрдæ хъæлдзæг дæр уыдис, рисгæ дæр кодта, цы æхца бафыста, уыдоныл. Фæлæ куы æркаст йæ бæгънæг сывæллæттæм, сæ мæллæг уыдырны чъизи- тæй æхгæд цæсгæмттæм, уæд йæ цин атад æмæ ма зæр- дæйы аззад æрмæст маст. — Цы удхæссæг та уын фæхаста уæ фыды? — ба- фарста Гугула. — Бæхдонмæ йæ куыстмæ ацыд... — Л...дон у, л...дон! Уырдыгæй йæ тæргæ дæр ничи- уал ракæндзæн. Фæллойбонтæ мын дзы кусы! Хæдзар та æз дарын,— йæ зæрдæ æрбауынгæг Гугулайæн æмæ йын стыр мастæй дæр æнкъуысын чи нæ куымдта, уы- цы цæссыгтæй цæстытæ айдзаг сты. «Æниу мæхи цæмæн амардтон? Кæмæн æмбырдтæ кæнын мулк? Нæ фæлæ сæ мæ сывæллæттæн ауадзон, дарæсæй дæр æмæ хойрагæй дæр хъуаг куыд ницæмæй уой. Иу дæс æмæ сын дыууиссæдз минæй балхæнон, ныййарджытæ сын кæй уыдис, уый искуы сæ зæрдыл куыд дарой, афтæ»,— ахъуыды кодта Гугула. Фæлæ фæйнæджы фарчы бын агуыридуртæй къусчы куынæ- уал разыной æхцайы барджитæ, уæд цы уыдзæн, уый йæ цæстытыл куы ауадис, уæд йæ зæрдæ ныссæххæтт ласта, барызтис, цыма йæ туг кæдæмдæр анхъæвзта æмæ афтидæй аззад, афтæ йæм фæкаст, йæ гых асаст æмæ йæхи бандоныл æруагъта. Æмæ æниу афтæ зынтæй йæ къухы чи бафтыди, уы- цы æхцатæ куы акъуыввитт ласа, уæд дзы кæмæн фы- дæнæн кæны? Иæ лæг, колхозы бæхгæсты хистæр Хату йæ нæ уадзы ахæм æфтиæгтæ хæссын, хæдзарыл сæ куы ахæрдзтæ кæнид, уый йæ фæнды. Иæ путевкæ- йæ дæр ын афтæ зæгъы: — Омæ йæм цы кæсыс? Цæй 262
аргъ у, уыцы аргъæй йæ балхæн æмæ дæхи сдзæ- бæх кæн. Ныр путевкæ йæхи аргъæй куы балхæдта, уæд мæ- стыйæ сыздæхт, хъуамæ йæ Хатуйы размæ стъолыл нытътъæпп ласид æмæ загътаид: — Гъа, уый дын мин æмæ ссæдз туманы аргъ æмæ цин кæн! Фæлæ йæ нæ сæййæфта сæхимæ æмæ кæимæ фæхыл уыдаид, уый йын куы нæ уыд, уæд йæ маст фæ- тыхджындæр. II Гугулайæн йæ зæрдæмæ фæцыд санаторийы цард. Хæринаг дын — цæттæ, хуыссæнтæ — сыгъдæг æмæ хæрзæфснайд. Фæлæ ваннæ... ваннæ!.. Уымæн æмбал дзы нæй! Мингай æмæмилуангай цæппузыртæ буарыл куы сгуппар вæййынц, уæд ма уымæй хуыздæр цы ис! Нымайы Гугула, алы цæппузырыл дæр дзы капеч- чытæ хардзгонд кæй цæуы, уый! Иæ зæрдæ сыл барис- сы. Фæлæ цы гæнæн ис! Æнæхайыры зæрдæ куынæ фехæлдаид, уæд æй ахæм хæрдзтæ кæнын дæр бæргæ нæ бахъуыдаид. Цæй, цыфæнды уæд. Куы фæдзæбæх уа, уæд та цал- дæр канистры аппардзæнис æмæ йæ хæрдзтæ бампъуз- дзæн, Æхца дæр адæймаджы тыххæй сты... Уæвгæ сæ хиуыл дæр дзæгъæлы хардз кæнын нæ хъæуы... Фæлæ адæм санаторийы æхца кæфойæ калæгау ка- лынц дыргътыл, къафеттыл, алыхуызон адджинæгтыл æмæ уыдоны æхсæн хи мæгуырæй æвдисын нæ хъæуы... Алы капекк дæр зæрдæйæ иу тугæртах атæдзын кæны, фæлæ цы мадзал ис?.. Ноджыма йе ’мбал фæцис иу цавæрдæр зæронд хеб- ре æмæ йæм иунæг ныхас йедтæмæ ницы ис: «Цы ба- хæрæм, уый нæхи у, цы бафæстауæрц кæнæм — уый хæйрæджыты». Гугула æнхъæлы, мæскуыйаг кæм у, уым хъуамæ зондджын уа, алцыдæр æмбара... Фæлæ йын уыцы пæлæхсар худджын Еленæ Барисовнæ иу изæр æвиппайды ныггæрах кодта: — Дуня (йæхи афтæ рахуыдта Гугула санатори- йы),— æмæ, зæгъы, Дуня æхцайыл ауæрдгæ нал у. Фыццæгæм январы сæ ивгæ кæндзысты, æмæ ноджы дæс туманæн иу сом йедтæмæ нал дæтдзысты, 263
Гугулайы зæрдæ афтæ ныццавта, æмæ цыма нал фервæздзæн, уыйау æм фæкаст. Фæлæ та йæ ирон зонд фæуæлахиз, йæхи фæсабыр кодта æмæ загъта: — Нæ, Еленæ, чидæр дæ сайгæ акодта, æндæр хъуамæ цæмæн ивой ныртæккæ æхцатæ? — Ивынц, ивынц, Дуня, уый æз дæуæй хуыздæр зонын æмæ сыл ауæрдын нæ хъæуы, цалынмæ нæма фесæфтысты, уæдмæ. — Æмæ æз цæуыл ауæрдон, уый дæр мæм нæй. Мæнæ путевкæйы аргъ тыххæйты æрæмбырд код- тон,— загъта Гугула, йæхи ныммæгуырхуыз кæн- гæйæ. Дзæгъæл дзæнгæда цæгъдаг рауадис йе ’мбал æмæ ма ууыл йæ зæрдæ дардта Гугула, зæгъгæ, цы цымы- дис ныхас акодтаид, уый йын нæ уыдис, æвæццæгæн, æмæ æрымысыд æхцатæ ивыны хабар. Фæлæ æхсæвы йæ цæстытæ хуыссæджы хъæстæ нал фесты. Кæд æцæг у, миййаг? Уæд доныкъусы сæфт фæкæндзысты, йæ арахъхъы цъырттытæй кæй фæиста, уыцы дыууадæс æмæ æхсæзыссæдз мин сомы. — Нæ, мæнг зæгъа, нæ зæгъа мæскуыйаг, уæддæр мын цæугæйæ у, фос æмæ дзауматæ æлхæнын хъæуы æхцатæй, æхца куы фесæфой, уæддæр уыдонæн сæфæн нæй. Стæй ног æхца куы фæзыной, уæд та сын фæстæ- мæ æрбауæйтæ кæнæн дæр ис. Катайы бахауд Гугула сау æхсæв бонмæ. Писмо ар- витид йæ моймæ, фæлæ уый йæ бæхтæм зилын йед- тæмæ ницæмæ арæхсы. Аходæн хæргæйæ йе ’мстъолыл бадæг устытæ дæр ракодтой æхца ивыны хабар, канд Гугулайæн æй нæ радзырдта мæскуыйаг, æмæ уæд фæтыхджындæр йæ зæрдæйы тас. — Уæдæ уый æцæг хабар у? — афарста йæ Гугула æмæ йæ хъæлæс ризгæ кæй кæны, уый йæхæдæг дæр бамбæрста. — Æцæг хабар у, уæдæ цы? Фæлæ, зæгъынц, дæс туманы гæххæттæн иу сом йедтæмæ нал дæтдзысты. — Спекулянттæн афтæ хъæуы. Бирæ æхца уыдон æмæ давджытæм йедтæмæ кæмæ ис? — загъта дыккаг ус æмæ йæм Гугула знаджы цæстæй бакаст. Хæрæндонæй уыциу цыдæй директормæ ацыд Гугу- 264
ла,— йæ путевкæйæ цы нæма схардз кодта, кæд ын уый аргъ раттид. — Цæмæн цæуыс? Дæхи дзæбæх кæнын дæ куы хъæуы æмæ дыл дæ дохтыр цинæй куы мæлы, тынг, дам, дын ахъаз кæнынц ваннæтæ,— загъта директор. — Ахъаз мын тынг кæй кæнынц, уый мæхæдæг дæр æмбарын, бæргæ. Фæлæ дын мæнмæ ахæм амонд кæ- цæй æрхауа? Цы бон рацыдтæн, уыцы изæр, зæгъынц, нæ хистæр цыдæр карз низæй æрхаудта æмæ ма йæ сЗеййафдзынæн æгасæй ууыл дæр зæрдæ дарæн нал ис,— æфсон кодта Гугула æмæ йæ былтæ кæуыны счъил фесты, йæ хус цæстытæ кæлмæрзæнæй асæрфта. Путевкæйы аргъæй йæ къухы ницыуал бафтыд. Фæ- лæ уыйбæрц æхца сæфыны бæсты цыфæндыдæр уæд!.. Æмæ Кисловодскæй рараст ис Гугула. Иæ фæндаг Дзæуджыхъæуыл ракодта. Уыциу мидæгæй смидæг, вагзалмæ хæстæгдæр цы магазин уыдис, уым. Иæ зæр- дæ бауазал, адæмы рады лæугæ куы ауыдта, уæд. «Æцæг у хабар, сæ быныхъæр рацæуа!» — афтæ дзургæ Гугула тулгæ-згъоргæ цыдис иннæ мргазинмæ, фæлæ кæй быныхъæр цæуын кодта, уымæн йæхæдæг дæр ницы зыдта. Горæт Октябры бæрæгбонмæ йæхи цæттæ кодта æмæ адæм уæлдай фылдæр æлхæдтой хæринаг дæр æмæ дарæс дæр, уæдæ цы уыдаид! Фæлæ магазинты дæр, базары дæр цы рад уыдта, уымæй фылдæрæй- фылдæр тасдзинад гуырыди Гугулайы зæрдæйы. «Ивгæ кæнынц... ивгæ кæнынц æхца, сæ быныхъæр рацæуа æмæ кæмæ цы ис, уый базармæ магазинтæм æппары»,— дзуры йæхицæн. Цæсты къух фæтъысгæйæ нæ зыны, ахæм талын- джы араст Гугула стыр фæндагæй. Бæргæ загъта шо- фырæн, иу-дыууæ сомы ма дын авæрдзынæн æмæ мæ сæппар нæ хъæумæ, зæгъгæ, фæлæ не ’сразы. Цæуы мæйдары. Æмæ кæд ацы рæттыл ахуыр у, уæддæр куы йæ къах дзыхъхъы ныххауы, куы йæ ду- рыл скъуыры æмæ ахауы, атулы, фесты та æмæ та дарддæр йæ цыды куыст кæны. Фæлæ иуран æваст фæлæууыд æмæ йæ ныцъцъæ- хахст кæнынмæ бйрæ нал бахъуыдис: йæ тæккæ размæ сыгъдысты урс-урсид дыууæ зынджы къæртты,— цæ- 265
виттон, йæхæдæг комкоммæ бацыдис бирæгъы хъæ- лæсмæ. Нал дзы ис фервæзæн. Уæлдайдæр кæд æххор- маг æмæ сыл бирæгъ у, уæд. Кæсыс, куыд æнцад лæу- уы, змæлгæ дæр нæ кæны. Куыддæр ма Гугула йæ бы- натæй фенкъуыса, афтæ йыл сырд йæхи ныппохци кæн- дзæн æмæ хурхыуадындзтæ æддæг-мидæг ауайдзысты. Змæлгæйæ бирæгъæй тас кæй у, ууыл дæр нал ахъуыды кодта Гугула æмæ йæ къухæй йæ хъуыр ас- гæрста. Æнæхъæн у нырма. Фæлæ кæмæн баззайдзы- сты уыйбæрц æхца йæ фæстæ? Уайтагъд сæ акъаппа- къуппа кæндзысты бинонтæ. Бирæгъ æй куыд нæ бафиппайа, афтæ хъавгæ æр- бадт æмæ йæ къухтæ йæ алы фæрстæм зæххыл арахаф- бахаф кодта. Ссардта иу егъаугомау дур. Уымæй дæр фæрæты хуызæн цыргъ разынд. Иæхи йыл куы ныц- цæва, уæд ма йæ дур истæмæн бахъæудзæн, æви нал, уый йæхæдæг дæр нæ зыдта. Фæлæ та уæддæр цæвæн- гарзимæ адæймаг ныфсджындæр у. «Куыд цъаммар у тугдзых! Куыд æнцад лæууы!» Фæлæ Гугулайы амонд дæр, æвæццæгæн, хæйрæ- джытæ нæ бахордтой. Стыр фæндагæй сæ хъæуырдæм фæзылдис цавæрдæр машинæ æмæ йæ цырæгъты рухс æхсæвы тар æрбафазта Гугулайы сæрмæ. Фæныфс- джындæр ус. Ныр æм куы фæлæбура бирæгъ, уæддæр йæхи æвиппайды хæрын нæ бауадздзæн, фæрæты хуы- зæн дур йæ къухты æмæ уæдмæ кæд машинæ æрба- хæццæ уаид. Стæй дзы сырд йæхæдæг дæр кæд фæтæр- сид æмæ алидзид. Æрбахæстæг кæны машинæ. Иухатт йæ рухс зæх- хы цъарыл дæр æрбасæрфта æмæ та йæ арвмæ сы- скъæфта. Уæддæр зынгтæ судзынц уьшиу бынаты. Уа- лынмæ машинæ æрхауæй сгæпп ласта æмæ йæ рухс зæххыл айтыдта. — Ту, менæуынон фæу! — бахъуыр-хъуыр кодта Гугула æмæ йæ дур йæ къухæй куыд æрхаудта, уый дæр нал базыдта. Иæ размæ лæууыдис, раджы чи акалд, ахæм зæронд æхсынцъыйы бындзæвхады бутъ- ро. Цыма йын æй базонын хъуыдис, рухс уый кæй кодта! Нырма ныр бамбæрста, йæ дзауматæ хидæй донла- сты хуызæн кæй сты, уый. Цæуын æй фæнды, фæлæ йæ 266
къах айсын йæ бон нæу, буар иууылдæр гæртт-гæртт кæны æмæ-иу йæ быны фæдыдагъ сты ставд уæр- джытæ. Уалынмæ йæ æрбаййæфта машинæ. Шофыр æр- урæдта æмæ йæ сæр рудзынгæй æддæмæ радардта. — Де ’хсæв хорз, Гугула? Цы ми кæныс ацы æна- фоны ам? Нæ дын фæуæй сты æмæ дæ мæстæй, æви дын хорз кæй фæуæй сты, уый цинæй æхсæвдзу ра- кодтай? — Хъазыны æмæ дыл худыны бонтæ фылдæр цæ- уæд, мæ бон, фæлæ ацы æнафоны æз ме ’намондæй ра- балц кодтон. — Æнамонддзинадæй дæ хуыцау бахизæд, фæлæ кæцырдыгæй уыдтæ? Кæд та дæ уыцы канистртæ искæ- дæм ахастой? — Канистртæ дæр мæ тыхстæй хастон. Фæлæ ныр- тæккæ Кисловодскæй здæхын. — О, о, хæдæгай!.. Цыдæр ахæм хабар æцæг мæ хъустыл æрцыд. — Нæ дохтыр мæ иуырдæм дæр æмæ иннæрдæм дæр нал уагъта, дæ зæрдæ, зæгъы, тынг фехæлдис æмæ тагъд Кисловодскы ваннæтыл куы нæ сæмбæлай, уæд, зæгъы, ацы зымæджы æмбисмæ дæр нал ахæсдзынæ. Иæ путевкæ мын туджы аргъæй мæ къухты фæсагъта æмæ мæ федде кодта,— дзырдта Гугула, пулеметæй æхсæгау. — Æмæ дын кæд исты æххуыс фæци, уæд дæ путев- кæйы аргъыл ма фæсмон кæн. Уый хъуамæ де ’хцатыл тынг нæ фæзындаид. — Адæммæ цæмæндæр афтæ кæсы, цыма мæм дæс- гай минтæ ис... Æмæ путевкæйы аргъыл дæр сыгъд ссæуæд! Фæлæ дыккаг ваннæйæ куы сыстадтæн, уæд мæм уымы дохтыр байхъуыста æмæ мын загъта: — Дуня, зæгъы (афтæ мæ рахуыдтой уым), цы дыууæ ваннæйы фæхуыссыдтæ, уыдон дæр дын дæ зæрдæйæн цы зиан фесты, уымæн нырма зын саргъ кæнæн у, фæ- лæ ма, зæгъы, æртыккаг хатт куы æрхуыссай ваннæйы, уæд дæ дзы мардæй фелвасдзыстæм æмæ дæ уый цæ- мæн хъæуы? — Уанцон «фелвасдзыстæм» нæу! Уæз дæр дæ нал ис æви йæ куыд рогæй загъта? — талынджы йæ мид- 267
былты бахудтис шофыр.—Кæд дзы данььраттæ ис, æндæр къухæй æ^налгæйæ дæу хуызæн адæймагæн куыд фелвасæн ис? Исгæ куы загътаид, уæд ма гъа... — Стæй дын, зæгъы, Дуня, æрмæст ваннæтæ æв- зæр не ’сты, фæлæ дын нæ уæлдæф дæр хъылма у,— дарддæр йæ мысгæ ныхæстæ кодта Гугула.— Ахсæв ма дзы, зæгъы, куыд аирвæздзынæ, уый нæ зонын, фæлæ райсом дæ фæрныг хæдзармæ куы нæ афардæг уай, уæд дæ иннæбон сæумæцъæхæй дæ палатæйæ мардæй радавдзыстæм. — «Радавдзыстæм», зæгъгæ та загъта? Ард йæ хæ- дзары бацыд, Кисловодск дын æвзæрыл банымайæд, фæлæ тихалæг дæ?.. — Æмæ рацыдтæн, уæдæ цы кодтаин! Æвзæр кæд дæн, уæддæр мæлын кæй фæнды? — Цæй, æрбабад уæдæ кабинæйы æмæ дæ æз Ха- тумæ схæццæ кæнон, кæд дæ мæ машинæ сфæра- за, уæд. йæ уæрджыты гæртт-гæртт нæма банцад, сæ хъару сæхимæ нæма æрцыд, фæлæ Гугула уæззау цудгæ къахдзæфтæ акодта. — Æцæг цыдæр лæмæгъ куы дæ,— шофыр рагæлп ласта кабинæйæ, фæхæцыд Гугулайы дæлæрмттыл æмæ йын феххуыс кодта машинæмæ схизынæн. — Зæрдæ, мæ бон, зæрдæ! Адæймаджы зæрдæ куы- нæуал уа, уæд ма йæ размæ цы хъуамæ тæра? — Æмæ уæд канистртæ та? Сæ цард фесты уыдон дæр? Стыр фæндагмæ дын сæ-иу арæх цæппæрстон æмæ куыд у ныр сæ хъуыддаг? — Менæуынон фæуæнт. Кæд мæ уыдон амардтой, уæддæр æй чи зоны. — Гъемæ, Гугула, дæ зæрдæ — де ’вдисæн. Æхца дæ никуы райстон, арахъхъ дæ нйкуы банозтон, афтæ- мæй дын ластон дæ канистртæ. Фæлæ дын цал хатты дзырдтон: аппар сæ æмæ фæстæмæ аздæх колхозмæ. Хуыздæр цæмæ арæхсыс, ахæм куысты ныллæуу æмæ цæр адæмы æхсæн кадимæ æмæ радимæ. — Гъæх, ныууадз мæ уымæй дæр ныр! Æз, æвæц- цæгæн, кусæг нал дæн. — Уæдæ Хату кадджын лæг у адæмы æхсæн. Изе куыст ын нымайынц, йæ ныхасмæ йын хъусынц. Ды та? 268
— Гъæх,— хъæрзæгау та скодта Гугула æмæ йæ сæр кабинæйы къулмæ банцой кодта, ууыл нæ ныхæ- стæ фестæм, зæгъгæ. Бинонты ма бадгæ баййæфтой. йæ сабитæ сæуроч- чытæ цæттæ кодтой. Хату та цавæрдæр сывæллæтты чииыг кастис, кæд бирæ ахуыр йæ къухы нæ бафтыдис, уæддæр чиигуытæ бирæ уарзта. Тымыгъау фæмидæг Гугула хæдзары, фæлæ шофы- ры раз ннцы суæндыд. Лæугæ-лæууыны йын иу арахъ- хъы кружкæ ануазын кодта, цыдæр ын ахуийæнæн авæрдта æмæ уый куыддæр ацыд, афтæ йæхи буфетыл ныццавта. — Ацы банкæ царвæй йедзагæй куы ныууагътон, уæд цы фæцис?! — мæсты хъæр фæкодта Гугула. йæ- хæдæг йæ амонæн æнгуылдз æрбасæрфта банкæйы къултыл æмæ йæ йе взагыл æрхаста. — Бинонтæ стæм æмæ йæ бахордтам, уæдæ йæм кувгæ кæнæм? — Бинонтæ стут, биноитæ! — хъуыр-хъуыргæнгæ- йæ дарддæр буфеты йæхицæн хæринаг агуырдта Гугу- ла.— Æмæ уæм дзул та цæуылнæ ис? * — Л^хеæвæрæн нæ нал хъуыдис æмæ чызджыты нал ауагътон. Зæгъын, райсом раджы хъарм къæбæр куы бахæрæм, уæд хуыздæр уыдзæн. — Æмæ уæм æхсæвыгон сыдæймæлæг лæг куы æр- бафта, уæд та йæ цæмæй фервæзын кæниккат? — афтæ дзургæйæ Гугула.фондз айчы хъаймагътæ ауагъта къу- сы,йæхæдæгта фæхъæр ласта:—Згъоргæ, чызг, æмæ Уынатæйæ дзул æрбадав, уазджытæ нæм, зæгъ, ис.— Стæй та бахъуыр-хъуыр кодта:— Бинонтæ сты адон æнæ мæнæй, бинонтæ! Сыдæймæлæг лæг сæм кæрдзын- гур куы æрбацæуа, уæд сæ къæсæрыл йæ уд сисдзæн. — Цæй, нæ зыдтам ацы афон сыздæхдзынæ, уый, æндæр дын кусарт дæр акодтаиккам. Дæ загъд дæ ра- зæй куы æрбахæццæ. Дæ мæй куы нæма фæцис, уæд цæмæн сыздæхтæ? — Уый дæр дын зæгъдзынæн, кæд дæхæдæг ницы дæ æмæ дунейыл цы хабæрттæ цæуы, уыдонæй никæй фæрсыс æмæ сæ нæ зоныс, уæд. — Дунейыл хæсты хабар куы уаид, уæд æй мах дæр хъусиккам. 269
— Тæхуды, хæсты дæ сæр куы фесæфид, кæд уы- мæй тæссагдæр æмæ стырдæр хъуыддаг ницы зо- ныс, уæд. Æмæ ма уымæй тæссагдæр цы ис? — Уый фендзынæ, а дыууæ боны та дын ацы власт де ’хцайы капеччытæ куы ныкъкъуыввитт кæна, уæд. — Цæмæн сæ хъуамæ ныкъкъуыввитт кæна? — Уый дæр нæ зоныс æмæ мæгуыр дæр уымæн дæ. Æхцатæ та ивгæ кæнынц, уыцы хабар фехъуыстай, æви нæ? — Æмæ сæ кæд ивгæ кæнынц, уæд ма дæу æхцаты тыххæй хицæн закъон кæцæй рауадздзысты? — загъта сабырæй Хату. — Дæс туманæн иу сом йедтæмæ нæ дæтдзысты, уый бамбар, дæ быныхъæр рацыд æмæ йæ базон, сæф- гæ кæй кæнæм, уый! — Сæфгæ æхцатæ кæнынц. Мах та цæмæн сæ- фæм? — мæстæймарæгау загъта Хату. — Кæд нæ къæхтыл мах дæр искуы слæууиккам, зæгъгæ, капекк капеккыл æфтаугæ æмæ дзы нæ саби- тæй дæр ма хуызæнæн дарæс никæуыл скодтам,— кæ- уын хъæлæсæй загъта Гугула æмæ сывæллæттыл йæ цæст ахаста. Æхсæвы алы минæн дæр хицæн чъыссæ арæхсадта цыдæр хæррæгътæй, æмæ сæхъатарайауХатуйы роныл рарæнхъ кодта. Райсомы йæ йæ къабайы бын æрбаба- ста æмæ йæ сау палто ссæрфта. Бирæ феставддæр ис. Æхцаты чъыссатæ йæ цæуынмæ хъыгдардтой. Фæлæ йын рæсугъддзинæдтыл æмæ æнцойдзинæдтыл хъуыды кæныны рæстæг нал уыд. Дысоны курæггаг къæбæримæ айста иу цыхты æр- дæг æмæ цæугæ-тулгæйæ сæумæцъæхæй рараст ис го- рæтмæ. III Хуыссы йæ уаты Гугула. Иæ зæрдæйы цæфæй сын- тæг зыр-зыр кæны. Дохтыр ын сæкæры къæрттыл ца- вæрдæр хос æртахта, æмæ йæ цъиры, фæлæ йæм уæд- дæр улæфт нæ фаг кæны. Æвæццæгæн, йæ мæлæт у. Сындæггай афæлгæсыд хæдзары къуымты. Стъо- лыл лæууынц дыууæ микроскопы. Сæ цæстытæ ныб- 270
бæгъитт кодтой Гугуламæ, цыма йæ мæстæй марынц, афтæ. Цы дзаума сты, уый базыдта, æрмæст сæ сæхи- мæ куы æрхаста, уæд. Цавæрдæр, хуымæтæджы цæ- стæй уынæн кæмæн нæй, ахæм «фосмæ» кæсынæн, дам, сты. Æмæ йæм уæд цы ныккастысты, уыцы лыстæг цæ- рæгойты хуызæн куы нæ у, уæд? Зонгæ сæ нæ кодта, фæлæ сæ сæ аргъмæ гæсгæ балхæдта. Афтæ зынаргъ дзаума кæд сты, уæд сæ фермæйы фæстæдæр хъуамæ фылдæрæй æлхæнæг фæуа... — Колхозоны хуызæн куы зыныс, уæд дæ дзы дыу- уæ цæмæн хъæуы? — бафарста йæ, уæй йын сæ чи ра- кодта, уый. — Колхозон дæн, колхозон æмæ мæ дзы дыууæ дæр уымæн хъæуы. Мах ныр жажитычнæй стæм æмæ иу- гæйттæ нал æлхæнæм,— дзуапп раттынмæ фæцырд Гу- гула. — Раст у, хъæздыгæй хъæздыг цæрынц колхозон- тæ, фæлæ дзы фондзыссæдзы цы хъуамæ кусой, уый дзы кусдзæн сæ иу дæр,— загъта та уæйгæнæг. — Уый æз хъазгæ кæнын, дыууæ дæр мæхи нæ хъæуынц. Ахæм дзаума æлхæнынмæ цæуын, уый куы базыдта мæ сыхаг Ксеня (ахæм сыхаг ын нæ уыдис, нæдæр чызгæй, нæдæр усæй), уæд мын ныллæгъстæ кодта, мæнæн дæр дзы иу демæ райс, мæхи мын мауал фæцæуын кæн, зæгъгæ. Ахæм чысылтæ уæвгæйæ цы уæззау сты! — йæ гуы- быныл æнцойæ сæ хаста æмæ йæ фиутæ цъæх дзы- гъуыртæй-баззадысты... Фæлæ кæд сæхи аргъ райсик- кой реформæйы фæстæ. Иæ цæстæнгас дарддæр ахаста æмæ йæ æрурæдта фынджы бынаты ауыгъд æртæ дзыхъхъынног хамутыл. Уыдон ын чи уæй кодта, уымæ дæр диссаг фæкаст, сыл- гоймаджы хамуттæ цæмæн хъæуынц, зæгъгæ, фæлæ та Гугулайы цыргъзонд дзуапмæ фæцарæхст: — Колхозы машинæтæй йедтæмæ кусын ницæуыл- уал уадзынц, бæхтæ та адæмыл уардзысты æмæ... Цъиры зыдæй волидол Гугула æмæ дарддæр кæсы. Æмæ дзы цы дзаума нæй: хъуымæцты рæдзæгъдтæй суанг хуымæтæджы цыргъгæнæн дурты онг. Калдта, мæгуыр, Гугула æхца, товар ссарæн кæм уыдис, уым алы ран дæр æмæ сæ хæдзармæ æфтауц кодта. 271
Фæстагмæ Гугулайы цæстытыл ауад зæд. Иæ сын- тæджы раз къæхтырдыгæй лæууы æмæ йæм æнкъар- дæй кæсы. Цæмæн æм фæзынд? Ау, мæлгæ кæны Гугула? Æмæ кæд мæлы... кæд мæлы, уæддæр зæдимæ, уый йын йæ )Д суанг дзæнæтмæ бахæццæ кæндзæн. Дзæнæты та, зæгъынц, ацы мæнг дунейæ бирæ хуыздæр у цард. • йæ иæстытæ га байгом кодта æмæ ауыдта йæ зæ- ды. Ацы хатт æм йæхи чызг Зинæйы хуызæн фæкаст... Уый тымбыл, ирдцъар цæсгом... Афтæ рæсугъд никуы уыд. Фæлæ дари къаба та?.. А-а-а! йæхæдæг æй куы балхæдта Гугула. Æмæ йæ уæд Зинæ цæмæн скодта. Реформæйы фæстæ уæнмæ хæссинаг куы у. — Зинæ, уый ды дæ — бафарста хъæрзгæ хъæ- лæсæй. — Æз дæн, нана,— æмæ чызг йæ разы зонгуытыл абадтис. — Ралас уыцы къаба, мæ бон, куы бампылдтæ æмæ дæрдджынхуыз уа, уæд йæхи аргъ нал райс- дзæн,— йæ хъæбулыл схъæртæ кæнынмæ хъавыдис, фæлæ йæ бон кæй нал у, уый куы бамбæрста йæ чызг, уæд ын сабырæй загъта: — Хорз, нана, ныртæккæ. Цыма йæ зæрдыл нырма ныр æрбалæууыдис, афтæ йæ алывæрстæм акаст Гугула. Æнкъардæй бадтис йæ цуры Хату. — Цæй, куыд у? Æнхъæлмæ кæсыс, нæ? Дæ ног дын æвзæрст у, æви нæма? Мæнæй бирæ кæстæр у, æви моймæ цыд дæр нæма уыдис?.. Нæ, хъуамæ ма мæ амæлæтмæ банхъæлмæ кæсай. Æз та, цалынмæ дын уыцы кукла базæронд уа, уæдмæ нæ амæлдзы- иæн. — Гугула, цæмæн дæхи хъизæмарæй амардтай, дæ бинонтæ дæр рухс нæ федтой, афтæмæй? — загъта фæлмæн æвзагæй Хату.— Цæмæн нæ хъæуынц мæнæ уыцы хæррæгътæ, микроскоптæ? Фæлтау-иу колхозы куы куыстаиккам, нæхи фæллойæ цы къæбæр ссард- там, уый куы хордтаиккам, уæд нын адджындæр нæ уыдаид? Бирæ зæрдæ сабыргæнæн ныхæстæ ма йын зæгъын- 272
мæ хъавыдис Хату, фæлæ уыцы сахат дуарæй æрба- хызтТамарæ. — Цæй, куыд у? — бафарста Хатуйы. — Цыма уыциухуызон у. Тамарæ тугдадзины цæф нымайын байдыдта æмæ загъта: — Нæ, чысыл хуыздæр у. Ныртæккæ медицинон хо æрбацæудзæн æмæ йын укол куы скæна, уæд фæсæ- рæндæр уыдзæн. Гугула йæ цæстытæ байгом кодта æмæ сабырæй сдзырдта: — Зинæ, мæ бон, уыцы. къаба ралас, зæгъгæ дын куы загътон, кæннод йæхи аргъ нал райсдзæни, куы бампылдтæ æмæ фæдæрдджын уа, уæд. — Хорз, нана,— йæ хъустыл ма ауадис йæ чыз- джы ныхас, стæй йæ цæстытæ æрæхгæдта æмæ ца- вæрдæр талынг денджызы аленк кодта... 1953 18 Мамсыраты Дæбе *
МÆЛÆТ I Иу райсом раджы та фæцæйцыдтæн базарырдæм, дзидза, зæгъын, алхæнон. Мæ рагон лымæн Гидо фыдуæйгæнæг у, куыстмæ кæй фæтагъд кæнын, уый зоны æмæ мæ рады лæууын никуы уадзы. Куыддæр мæ ауыны, афтæ цыма мæнмæ дæр нæ дзуры, уыйау: — Цас? Æндæрырдæм здæхтæй фæзæгъын æз дæр: — Иу кило æмæ дзы æрдæг куы уаид... Хуыздæр æм цы хай вæййы, уымæй абары, цас дзы фæкурын, уыйбæрц. Чи зоны, иуцалдæр граммы йæ фæкъаддæр кæны, æмæ йын хæлар фæуæнт: æдзухæй æмпъызтытæ хæлафы цæуы æмæ йæм цы бахауы, уы- мæй кæд йæ уæлæ исты скæнид. Æз та кусæг лæг дæн, æмæ мæ базары радзур-бадзургæнаг сылгоймæгты фæстæ лæууын уæддæр нæ бахъæуы. Гъемæ та иу райсом раджы рараст дæн. Мæ цыд комкоммæ Гидомæ уыдис. Куыддæр мæ, зæгъын, ауы- на, афтæ та иуфарсмæ адзурдзæн:—«Цас? — «Иу ки- ло дзы куы уаид»,— æмæ та мын, зæгъын, рады лæу- джыты сæрты радæтдзæн, хуыздæр æм цы фыдызгъæл уа, уымæй. Иæ аргъ ын куы афидон, уæд фæстæмæ згъордзынæн, мæ куыстмæ куыннæ байрæджы кæнон, афтæ. Цæуын æмæ уадидæгæн бынатмæ бахæстæг дæн. Кæсын æмæ Гидойы ауыдтон. Кæдæмдæр тагъд кодта. 274
Йæ къухты урс къухмæрзæн дары æмæ та Дзы йæ цае- стытæ асæрфы. Æнæрадæй мын дзидза ратдзæн, уый мæ хъуыды- йы дæр нал уыд, фæлæ куыддæр фæдæн. Цыма мын базонын хъуыд, ахсджиаг чидæр дзы кæй фæзиан, уый. Фæлæ Гидойы хуызæн æнцой лæг афтæ кæуыл батых- са, ахæм дзы хъуамæ чи амæла? Бинойнаг ын куы нæ ис, цот иннæ ахæм. Æз æй рагæй зонын, æмæ уæдæй нырмæ иунæгæй куы цæры. Ие ’фсымæр Къост куы ацух уыдаид, уæд мæнæй æртæ хæдзары уæлдæр цæры, æмæ йæ æз нæ фехъуыстаин? Стæй тынг хъармуд дæр нæ уыдысты Гидоимæ æмæ йыл афтæ фæрисдзæн, уый мæ кæцæй бауырныдтаид? Цалынмæ, цы уыдзæн, куыд уыдзæн, ууыл рахъуы- ды-бахъуыды кодтон, уæдмæ мæм йæхæдæг æрба- хæццæ. — Цæй тыхст дæ, зæгъын, Гидо, дæ цæссыг бауро- мын куынæуал фæразыс? Хуыцау бахизæд, фæлæ кæд дæ къабæзтæй исчи фæзиан? — Фæци йæ цард нæхи Алхæст,— дзуапп мын радта. — Рухсаг уæд! Æмæ йыл цы æрбамбæлд! Тæккæ знон дæр ма цардбарæг куы уыд. — Дæлæмæ ныххауæд. Дысон, зæгъы, дзæбæхæй бахуыссыд æмæ нал райхъал. Кæд æй исчи ныххурх кодта, уæддæр æй чи зоны? — Рухсаг уæд! Аздæхин демæ зианæн æгъдау рат- тынмæ, фæлæ сывæллæттæн иучысыл исты куы нæ æр- баппарон, уæд æнæхъæн бон æххормагæй куыд уыдзы- сты? Кæд æй абон æвæрдзысты, уæд æз дæр æгъдаумæ фæзындзынæн, куыддæр мæ куыстæй феуæгъд уон, афтæ. Гидо йæ къух мæсты риуыгъд акодта æмæ дарддæр тындзгæ ацыд. Иучысыл ма йæ фæдыл джихæй кæсгæ аззадтæи æмæ мæхинымæры дис кодтон. Иæхи хуызæн мæм нал фæкаст ацы райсом Гидо. Цæуыл тыхсы? Алхæстыл? Нæ, ууыл афтæ тынг фæрисса Гидо, уый зын бауырнæн у. Стæй куыннæ: иуæй йыл тыхсы, иннæмæй та йæ, «дæлæмæ ныххауæд», зæгъгæ, æлгъитгæ кæны... Чи зо- 275
ны, йæ тыхстæй дæр дзуры. Гидо йæ бирæ уар« зта... Мæнæн дардыл хъуыдытæ кæнынæн рæстæг нæ уыд, тагъд кодтон базармæ, уырдыгæй хъæмæ, нæхи- цæй та мæ куыстмæ æмæ азгъордтон мæ фæндагыл. Боны æмбисмæ фæдæн мæ куысты, æмæ уырдыгæй уыциу цыд акодтон зианмæ. Кæрты, дуары тæккæ ба- хизæны сæргуыбырæй, æнкъардæй лæууынц адæмы æхсæн Алхæсты дыууæ æфсымæры æмæ æрмæст ба- хъынцъым кæнынц, зианмæ кæугæ исчи куы бацæ- уы, уæд. Фæлæ уромджытæ уромын нæ фæразынц Гидойы йе ’рдиагæй, цыма дунейыл цы иунæг адæймагыл баст уыд йе ’ппæт уарзондзинад, уыцы адæймаг ын фæ- хъуыд, уыйау. Тыххæй-амæлттæй йæ æрсабыр кæнынц йæ маройæ дзыллæ, æрыздæхынц æм Алхæсты æфсы- мæртæ сæхæдæг дæр. Æмæ ныхъхъус вæййы бæргæ, фæлæ хæрзчысыл рæстæг йедтæмæ нæ рауайы, афтæ йæ зæрдыл цыдæр æрбалæууы æмæ йæ фуртт-фуртт ссæуы, йæ къухтæ та æд фындзыкæлмæрзæн цæстытыл аныхæсынц. II Бавæрдтой мæгуыр Алхæсты мард, уæдæ цы! Цыфæнды хорзы, цыфæнды хæстæджы зиан дæр ферох кæнын кæны рæстæг. Зиан кæуыл æрцæуы, уы- мæн та йæ зæрдæйы хъæдгæмттæ байгас вæййынц. Уæлдайдæр Алхæстыл иууылдæр райдианы тынг фæрыстысты. Фæлæ дзы уыцы æфснайæн чиныджы ха- бар куы райхъуыстис, уæд æм адæмы зæрдæ куыддæр фæуазал. Куыд рабæрæг, афтæмæй Алхæстæн йæ амарды фæс- тæ баззадис æфснайæн кассæйы чиныг. Уымæй йæхи йедтæмæ æхца райсæн никæмæн уыдис. Кассæйы та йын æвæрд уыди къаддæр-уæддæр дæс æмæ авдыссæдз мин сомы. «О, дæ ингæны дæлæмæ ныххауай. Уыйбæрц дын кæд мулк æвæрд уыди кассæйы, уæд иунæгæй аф- тæ мæгуырæй цæмæн арвыстай дæ цард цавæрдæр къуындæг, æрдæг талынг къуымы»,—мæрдтæм ын уай- дзæфтæ æрвыстой бирæтæ. Гъемæ ма дзы адæмы зæр- 276
дыл лæууыди æрмæстдæр «Алхæсты æфснайæн чиныг». Хъазгæйæ-иу исчи искæмæн куы фидис кодта, уæд-иу ын дзырдта: — Ард дæ хæдзары бацыди, дæ бирæ æхцатæ «Ал- хæсты æфснайæн чиныгмæ» цы калыс, фæлтау дæ разы дæ уæлæ исты дзæбæх дарæс скæн æмæ йæ куы «æх- сай», уæд дзы махмæ дæр кæд фæйнæ æртахы æрхауид. — Фæлæ цы фæуыдзысты, цы, Алхæстæн æфсна- йæн кассæйы чи баззад, уыцы дунейы мулк? — фар- стой адæм кæрæдзи, цалынмæ æхца цы бауинаг уыды- сты, уый баисты, уæдмæ. Æмæ æниу цы бауинаг уыдысты? Алхæстæн йæ фæ- стæ баззадысты Бати æмæ Хъуыдæберд, йæхæдæг æф- сымæртæ кæй хуыдта, иннæтæ дæр афтæ кæй хуыдтой, уыдон. Сæ хæлæрттæ сын дзырдтой: — Цырд фæлæуут, уæ хорзæхæй, æмæ уе ’фсымæ- ры бирæ бынтæ дзæгъæлы сæфын ма бауадзут, райсут сæ кассæйæ, кæнæ сæ уæхи номыл ныффыссут. Бæргæ балæвæрдтой тæрхондонмæ. Фæлæ уым куы равзæрстой хъуыддаг, уæд рабæрæг, Бати æмæ Хъуы- дæберд Алхæстæн йæ мадæй райгуыргæ кæй не ’сты, фæлæ йæ фыды хистæр æфсымæр Къæдзы фырттæ кæй сты. Уый та хæдзарæй байуæрста, цот дæр ын нæма уыд, афтæ, хохы ма куы цардысты, уæд. Ныртæккæ фырттæ сты цæрæг хæдзæрттæ, сæхицæн цот ис æмæ, Алхæстæй цы бынтæ баззад, уыдонмæ æддæрæгонæй уæлдай бардарæг не ’сты. Бирæ фæцархайдта мæгуыр Гидо дæр, æхца йæ къухы куы бафтиккой, ууыл. Йæ фадæттæ æмæ амæлт- тæ цас уыдысты, уыйбæрц фембырд кодта алыхуызон гæххæттытæ, æфсымæртау кæй уыдысты Алхæстимæ, «кæрдзыны къæбæр дæр сын уæрст кæй никуы уыдис», уый тыххæй бирæ æвдисæнтæ ссардта. Фæлæ Ал- хæстæн йæхи фыды хæрзæфсымæры фырттæн кæм ни- цы рауад сæ хъуыддагæй, уым йæ дард æрвад Гидо цы рамбылдтаид? Æмæ уый дыккаг марды хуызæн нæ, фæлæ ноджы бирæ зындæр бакодта Гидойæн. Ныронджы хъæлдзæг, йæхицæй разыхуыз цæсгомыл æрбадтис уазал сау- мигъ æмæ-иу æхсæвыгæтты, цыма уыцы мигъæй уары- ны æртæхтæ тагъдысты, афтæ йæ цæссыгтæ арæх хауд- 277
той базмæ. Адæм фиппайдтой, фæлурсæй-фæлурсдæр кæй кæны, йæ цæсгомы æнцъылдтæ фылдæрæй-фыл- дæр кæнын кæй байдыдтой, уый æмæ дзырдтой: — Алхæст ма йæхæдæг гъа, фæлæ йæ фæстæ йæ мæлæтæй амардта æвæджиау фыдуæйгæнæг Гидойы дæр. Уагæр ын цы бавæййы? Æгас ма куы уыдис, мæ- гуыр, Алхæст, уæд куы никуы зынд сæ хæстæгдзинад? Иæ куыстмæ та цыди Гидо. Иæ тæккæ фæнда- гыл — æфснайæн кассæйы агъуыст. Æмæ адæмæй би- рæтæ куыд фиппайдтой, афтæмæй-иу йæ размæ куы бахæццæ ис, уæд-иу уыциу каст фæкодта мæстыхуы- зæй æмæ-иу загъта: — Дæлдæр ныххау, кæм дæ, уым.—Иæхæдæг-иу ли- дзæгау тагъд къахдзæфтæй базарырдæм аивгъуыдта йæ фыдуæйгæнæн бынатмæ. — Иарæбын, ацы Алхæсты мард Гидойыл куыд тынг фæзынд, ахæм диссаг æрцæугæ никуы уыдис. Бынтондæр йæ хуыз аивта æмæ куыд зыны, афтæмæй йæ зонд дæр цæуын байдыдта,— дзырдтой адæм.— Уыйбæрц сдзæгъæл æмæ барæнтыл гир æрæвæры, фæлæ иннæрдыгæй дзидза не ’рывæры, æмæ æлхæнæ- гæн фæзæгъы, айс, зæгъгæ. Æндæр уавæрты адæм Гидойы рахониккой давæг. Фæлæ чи нæ зоны, цы уавæры ис, уый! Алхæсты бынтæм бардарæг хæстæг кæй нæ баззад, уый тыххæй сæ афыстой æфснайæн кассæйæ æмæ сæ банкмæ бахастой, «паддзахады æнæнхъæлæджы æф- тиагмæ», зæгъгæ. Уыцы хабар куы фехъуыста Гидо, уæд æртæ боны йæ куыстмæ дæр нал фæзынд. Иæ рæстæджы ма бæргæ фæкуырдта æфснайæн кассæйы хицауæй, иучысыл ма мын дзы раттут, кусæг лæг уыд Алхæст, йæ фæллойы капеччытæ фембырд кодта æмæ ма йæ ном куыд баззайа, афтæ йын цырт уæддæр сæвæрон, зæгъгæ, фæлæ закъонтæй иу дæр йæ фарс нæ рахæцыд æмæ йæ бирæ архайдæй ницы рауад. III Иу райсом та мæхи рарæвдз кодтон базарæй сы- вæллæттæн исты хæринæгтæ æрбадавынмæ. Куыддæр хызын мæ къухмæ райстон æмæ цæуынмæ хъавыдтæн, афтæ нын нæ дуар æрбахостæуыд. Æз æм ракастæн. 278
Æддейы лæууыдис иу æрыгон лæппу, уынгæ йæ арæх фæкæнын, фæлæ чи у æмæ йæ ном цы хуины, уый нæ зонын. Фæдис кодтон, уыцы афон æй цæмæн ба- хъуыдаиккам, зæгъгæ. — Бахатыр кæнут, афтæ раджы уæ кæй хъыгда- рын, уый тыххæй,—дзуры мæм уыцы æфсæрмхуызæй. — Дæ хорзæхæй, зæгъын, лæппу, нæ сæр дæ цæ- мæн бахъуыд, уымæн дын нывонд фæуæд. Ацы раджы нæм æнæхъуыддагæй нæ фæзындаис? Дысон Гидо фæзиан æмæ дын уый фехъусын кæ- нон, зæгъгæ, мæ рарвыстой дæумæ. — Гидо? Куыд фæзиан? Ау æмæ ма дзы тæккæ знон дæр дзидза куы балхæдтон!.. Æнкъард хаста фæ- стаг рæстæджы, фæлæ æнæуи цардбарæг куы уыд. — Уый афтæ у,— зæгъы лæппу,— фæлæ куыд амард, уый бæрæг у. Дысон, дам, дзæбæхæй ных- хуыссыд, фæлæ йæ райсомæй сыхæгтæ ссардтой мар- дæй... Цыма, дам, йæхæдæг йæхи... — Астафыр-æллæх! Æмæ йæхæдæг йæхи куыд амардтаид? Уæд ын йæ хæцæнгарз уæддæр ссардтаик- кой йæ разы? Уæдæ йæ исчи дæр цæмæн амардтаид?.. Ахæм рæстæг куыд æмбæлы, афтæ арфæтæ ракод- тон лæппуйæн æмæ уый ацыд. Фæлæ мæхæдæг сагъда- уæй лæугæ аззадтæн æмæ ахъуыды кодтон, цы чындæ- уа дарддæр, ууыл. Мæ куыетмæ дæр мын байрæджы кæнæн нæй, ахæм зианыл дæр афоныл æнæсæмбæлгæ хорз нæу. Ие ’фсымæр мæ тæккæ сыхаг у, æмæ кæрæ- дзи кæд тынг-тынг нæ уарзтой, уæддæр æфсымæр æф- сымæр у æмæ йæ зианы сахат йæ разы куы нæ балæу- уон, уæд куыд уыдзæн? Худинаг у. — Æфсин, дæ хорзæхæй, дæхæдæг сфыдæбон кæн ацы райсом базармæ, уæлæ Гидо амард æмæ уырдæм ауайон. Зианджын хæдзары адæм уыйбæрц бирæ нæма уы- дис. Æз ратæфæрфæс кодтон æфсымæртæн, стæй ба- цыдтæн Гидойы марды уæлхъусмæ. Марды хуызæн дæр нæ уыд, цыма фынæй баци, афтæ æнцад хуыссыд йæхицæн æмæ йæ ницыуал хъуыд, дунейыл цы хъæз- дыгдзинæдтæ æмæ рæсугъддзинæдтæ ис, уыдонæй. Цæ- мæн æй хъуыд, æз йæ цуры кæй лæууыдтæн, уый дæр, куынæуал мæ фендзæн, уæд? Иæхæдæг Алхæстæн цырт 279
ныссадзыныл фæархайдта æмæ йын уымæй дæр ницы рауад. Фæлæ йын ныр йæхицæн цыфæнды цырт ныс- садз, уæддæр æй цæмæн хъæуы? Чи зоны, йæ ном ма йын мысын кæндзæн, фæлæ йæ цæргæйæ хорзæй цы ба- кодта адæмæн, уый куы нæ уа, уæд æй цæмæн дардзы- сты сæ зæрдыл, арвмæ чи хæццæ кæна, ахæм цыртмæ куы кæсой, уæддæр? Уыцы æнамонд хъуыдытæ мæ аластой сæ фæдыл æмæ куыстмæ куы ферæджы кæнон, уымæй дæр тæс- саг уыдис. Уæдмæ æрбайхъуыст крахмалгæнæн заво- ды гудок. Кæртмæ рахызтæн. Мæрддзыгой нæма фæзынд, æр- мæст Гидойы æфсымæр Къосты фарсмæ лæууыдис Агыдæ. Бацыдтæн сæ размæ, цы чысыл рæстæг ма мын аззад куыстмæ цæуынмæ, уым сæ цуры алæууон, зæгъгæ. Уæддæр нæхимæ нал аздæхтаин. Агыдæ æнæуи хуыцауы æлгъыст у, йе ’взаг цыфæн- ды сæрдасæнæй цыргъдæр у, цы судзаггаг марды уæл- хъус не ’схудын кæндзæн адæмы, ахæм ын нæй. Фæлæ уый дæр ныр зианджыны кæрты йæхи дардта æгъ- дауыл. — Бахатыр кæн, дæ зæрдæ рыст у, фæлæ уæддæр цæй тыххæй йæхимæ систаид Гидо йæ къух? — бафар- стон æфсымæры.— Махæн дæр дард нæ уыдис æмæ дæм уый тыххæй бауæндыдтæн. Уæлдайдæр нæ разы ничима ис мæнæ Агыдæ йедтæмæ æмæ уыимæ дæр æф- сымæрæй хæстæгдæр цæрыс. Цæмæн амардтаид йæхи? — Уый абон нæ, фæлæ раджы амардта йæхи, йæ алыварс адæмы уарзондзинад æмбырд кæныны бæсты уыцы æнамонд капеччытæ æмбырд кæныныл куы фæ- цис, уæд...— дзуапп радта æнкъардæй æфсымæр. — Уыдон та цавæр капеччытæ сты? Къост дард ныхæстыл нæ ахæцыд, фæлæ комком- мæ загъта: — Иу изæр мæм æрцыд Гидо нæхимæ. Куыд нæ йыл бацин кодтаин, уæдæ ма æфсымæрæй тынгдæр кæуыл бацин кæна адæймаг? Фæлæ цавæрдæр сагъæсхуыз уы- дис. Махмæ арæх нæ цыдис æмæ мæм исты хъуыдда- джы тыххæй кæй фæзынд, уый мын цы æмбарын хъуыд? Æниу царды ныхæстыл фестæм, фæлæ 280
мæм цæмæ æрцыд, уый кой нæ кæны. Æппын æрæ- джиау æрбаздæхт æмæ мæм дзуры: — Йарæби, зæгъы, Къост, мæ мадæй райгуыргæ æфсымæр дæ æмæ мæ кæдæй-уæдæй дæ сæр бахъуыд. — Мæ сæр дæ, зæгъын, кæд нывондæн хъæуы, уæд- дæр дын цæмæн бæззы, уымæн табуафси... — Иучысыл мæм, зæгъы, æхца бамбырд, мах куыст афтæ у æмæ дзы адæймагмæ æнæ иу капекк пайда æр- хаугæ нæй дзидзайы хицауæй дæр æмæ дзидза æлхæ- нæгæй дæр... — Мæ мæрдтыстæн,— мæхи нал баурæдтон æз,— лæг йæхæдæг куы нæ архайа пайдайы капеччытæ æр- бассивыныл, уæд капеччытæ дæр уæлдæфы дзæгъæл тахт нæ кæнынц. — Уымæй раст зæгъыс... Фæлæ мæм, зæгъы, цыдæр капеччытæ æрæмбырд æмæ... адæм æвзæр сты, исчи сæ куы фæхъуыды дара, уæд куыд вæййы, цы вæййы. Æф- снайæн кассæмæ лæвæрд куы æрцæуиккой, уæд æдас- дæр уаид. — Æмæ сæ, зæгъын, ратт, æндæр дыл цы цæуы? — Æз дæр ууыл хъуыды кæнын, зæгъы, фæлæ сын мæхи номыл раттæн нæй. Адæм æвзæр сты æмæ дзы чи цы фенхъæл уыдзæн, хуыцау æй зоны. Исчи фехъусын кæндзæн, уыдон æлхæнджыты хардзæй æрбассывта, æндæр æм уыйбæрц æхца кæцæй æрцыд, зæгъгæ. — Æмæ, зæгъын, афтæ бирæ сты, æфснайынмæ ба- хæссынмæ кæй хъавыс, уыдон?.. — Цанæбæрæг бирæ сты, исты дын къупецаг куы- нæ дæн. Фæлæ уал дзы æфснайд куы æрцæуид æртын- дæс æмæ æхсæзыссæдз мины æмæ æрдæг, уæд адæйма- гæн йæ зæрдæйы катай фæсабырдæр уаид. — Æртындæс æмæ æхсæзыссæдз мины! Уыдон чы- сыл æхца не ’сты. — Уыйбæрц чысыл æхца дæр не ’сты, дыууæ-æртæ суарийы куы уаиккой, уæд сæ мæхи номыл дæр цæвæ- рин... Фæлæ ды сабыр, æууæнкджын, кусæг лæг дæ æмæ дæу номыл æвæрд куы æрцæуиккой, уæд мæ фер- вæзын кæнис. — Нæ, зæгъын, ме ’фсымæр дæ æмæ мыи бахатыр кæн, фæлæ дын уыцы хъуыддаджы нæ бацæудзынæн. Дæхи загъдау, æууæнк уал мыл ис нырма, фæлæ здыйæ 281
æвзист кæм хицæн кæнынц, уыцы ран кусын æмæ æвиппайды кассæмæ æртындæс æмæ æхсæзыссæдз ми- ны куы бахæссон, уæд ме ’ууæнк цы бынаты абаддзæн, уый æмбарыс дæхæдæг? — Гъе, бæллæх знагыл æрцæуа, йе йын ус куы нæ уыд, йе сывæллон, йе æндæр даринаг, уæд кæмæн æм- бырд кодта уыйбæрц æхца? — дисы бацыд Агыдæ. — Кæй туг æм фæхæццæ, нæ зонын, мах — иннæ мадызæнæгæй ахæм ничи уыд, фæлæ чысылæй фæстæ- мæ дæр афтæ рахаста. Æз ын не ’сразы дæн æмæ мæм зæрдæйæ фæхæрам, æцæг зæгъгæ ницы кодта. Мæ фæ- стæ баздæхт Алхæстмæ æмæ йын уый сразы. Кусæг лæ- джы номыл адæмы цæсты къæм ныууагъта æмæ ма уый та куыд ссыгъдæг кæнон, нæ зонын,— загъта са- гъæсхуызæй Къост. Мах ын раарфæ кодтам ноджыдæр ма иу хатт, нæ куыстмæ нын æнæ тагъдгæнгæ кæй нæй, уый тыххæй дзы хатыр ракуырдтам æмæ Къост йæхæдæг иунæгæй лæугæйæ баззад мæрдджыны дуармæ. — Уæ хорзæхæй, нæхи æхсæн цы дзырдтам, уый адæмыл ма ахæлиу кæнут, ныгæнынмæ йæм, уæддæр куыд æрцæуой, афтæ,— фехъуыстам ма Къосты ныхас. 1954
ФÆСМОН Районы партион конференцийы фæстоз бады райкомы кусæг Хæмæтхъан, бæрзæндтæгомау, бæзæр- хыг, уæйгуытæ арæзт лæг. Бады æмæ кæсы президиу- мы раз трибунæмæ. Бадынц презндиумы уæнгтæ дæр сæ бынæтты. Стъолæн йæ иу кæрон бады райкомы сек- ретарь Алимырза, йæ армытъæпæнтæ йæ уадултæм саразгæйæ ныггуыбыр кодта æмæ хъусы дзурджытæм. Дзурджытæ кæрæдзийы ивынц трибунæйы. Æнæха- тыр, карз критикæйы ныхæстæ их уарæгау згъалынц Алимырзайыл. Бады Хæмæтхъан. Хъусы дзурджытæм æмæ дис кæны: афтæ æргом æмæ комкоммæ ныхас куыд уæн- дынц районы разамонæгмæ? Раст зæгъынц, фæлæ хи- цау... Уымæ афтæ бауæнд! Æмæ ма иу æмæ дыууæ дæр куы уаиккой — æмхуызонæй дæрæн кæнынц. Нымайы Хæмæтхъан, чи нæма радзырдта, уыдоны. Баззади ма дзы фондз... Тас бацыд Хæмæты: «Æнхъæлдæн, æмæ мæн дæр дзурын бахъæудзæн. Иууылдæр куы радзурой, æз куы нæ радзурон, уæд мæ «пассивист» рахондзысты... Куы радзурон, уæд та... Дæ фыдгул Алимырзайы зæрдæ- худты бацæуæд... Дыууæ боны дæр лæджы нæ куысты нал ныууад’здзæн. Уый ахæм адæймаг у, йæ ныхмæ ма дзур, хорз æй хон, æндæр дæ ницæуыл бадомдзæн». Ныхасы бар ма дыууæ лæгæн... Куыддæр фæстаг дзурæг фæцис, афтæ дыууæйæ дæр сæ къухтæ сдард- той, æмæ Хæмæтхъан бамбæрста, иу дæр дзы æнæ ра- дзургæ кæйнæуал баззайдзæн. Къух сдаргæйæ дзыр- ды бар ракурын æфсæрмы кодта Алимырзайæ. Тагъд- 283
тагъд афыста гæххæтт, дызæрдыггæнгæ йæ алæвæрд- та, йæ разæй чи бадт, уымæ. Касти йæ фæдыл æмæ раззаг рæнхъмæ куы ахæццæ, уæд ма йæ бауромын- мæ хъавыдис, фæлæ уæдмæ президиумы балæууыд. — Фæстаг дзырды бар Хæмæтхъанæн,— фехъу- сын кодта æмбырды сæрдар. Хæмæтхъан йæ мидбынаты фестъæлфыд: — Æз ардыгæй зæгъдзынæн. — Мæнæ размæ рацу. — Æмæ æз зæгъынмæ дæр уыйбæрц ницы хъа- вын... Цæй, уæд та йæ уадзæм. — Рацу, рацу! Ма нæ фæстиат кæн,— фехъуыст сæрдары ныхас. Хæмæтхъан сыстад. Тарст къахдзæфтæй раиыд размæ. Æрлæууыд трибумæйы цур. Бакаст Алимырза- мæ, йæ цæст ахаста президиумыл, стæй адæмыл афæл- гæсыд, цыма сæ фæрсгæ кодта, ардæм та мæ цæмæн раластат, зæгъгæ, ахæм æнгас^й. Иæ тымбыл къух йæ былтыл авæрдта, схуыфыд æмæ райдыдта: — Æз дыууæ ныхасы зæгъынмæ хъавын нæ куыс- ты тыххæй. Мæ размæ чи дзырдта, уыдон раст дзырд- той. Æцæг алы ныхасы дæр куыд вæййы, афтæ уыдо- ны ныхæсты дæр уыдис хицæн рæдыдтæ, хицæи хъуаг- дзинæдтæ. — Цавæр рæдыдтæ уыдысты? — æрбазгъæлдтой йыл алырдыгæй. — Уыдоны, æмбæлттæ, сæрмагондæй нæ фæдзур- дзыстæм. Фæлæ æз, æмбæлттæ, дыууæ ныхасы зæ- гъынмæ хъавын нæ куысты тыххæй. Алы куысты дæр куыд вæййы, афтæ мах куысты дæр ис хъуагдзинæд- тæ дæр, сгуыхтдзинæдтæ дæр. Нæ куыстмæ лыстæг куы æркæсæм, уæд дзы уыдоны дыууæйы дæр фен- дзыстæм. Фæлæ мах, большевиктæ, нæ рæдыдтытыл ахуыр кæнæм, раст сæ кæнæм. Уыцы рæдыдтыты, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ райкомы секретарь Алимырза дæр æиæ аххос нæу («нæ райкомы секретарь Алимыр- за» зæгъгæйæ, Хæмæт фестъæлфыд, йæ къухтæ срыз- тысты, йæ цæсгом афæлурс æмæ Алимырзамæ тарст- хуызæй бакасти), фæлæ иудадзыг уый зылын кæн, уый дæр раст нæу. — Бæлвырддæр дзур хъуагдзинæдтыл, 284
— Æмтгæй ныхæстæ нæ ницæмæн хъæуы! — фе- хъуысти хъæртæ. — Æз, æнхъæлдæн, бæлвырд дзурын. Æз партион куысты тыххæй æмтгæй нæ дзурын, фæлæ комкоммæ нæхи райкомы тыххæй дзурын. Æз афтæ зæгъын, æмæ нæ райкомы куысты, алы куысты дæр куыд вæййы, афтæ хъуагдзинæдтæ дæр ис, стæй сгуыхтдзинæдтæ дæр... Хъусджытæм хорз нæ кæсы æмтгæй ныхас. Уынæр кæнынц алырдыгæй. Æмбырды сæрдар цæгъды дзæн- гæрæг, сабыр сæ кæны. Уыцы рæстæг Хæмæтхъаны цæстытæ ратæх-батæх байдыдтой алырдæм. Акæсы адæммæ, æмæ дис кæны, йæ ныхасæй сæ зæрдæмæ цы нæ фæцыд, ууыл. Фæнды йæ Алимырзайы цæсгом фе- нын æмæ базонын, йæ критикæйы тыххæй йæм смæс- ты, æви нæ, уый. Фæлæ уыны æрмæст дыууæ къухы æхсæн тъыст сæр, бæзджын, сойхуыз сау хилтæ æмæ бæзæрхыг фæсонтæ. Басабыр сты адæм. Райдыдта дарддæр йæ ныхас Хæмæтхъан: — Æмбæлттæ, æз хъуагдзинæдты тыххæй загътон. — Ницы загътай! — Цавæр хъуагдзинæдтæ сты, уый комкоммæзæгъ! — Карздæр хъæуы хикритикæ! Æмбары, æнæбæлвырд факттæ зæгъгæ йæ кæй нæ ныууадздзысты. Ахъуыды кодта, цы хъуагдзннæд- тæ загъта, ууыл. Æгæр бирæ йын баисты: политикон хъомыладон куыст фæлæмæгъдæр, хъæутæн нæ уыд разамынд лæвæрд, уымæ гæсгæ хæрзæрæджыйы онг æргомгонд не ’рцыдысты знаггадгæнджытæ, бирæ колхозты сигиалтæм хъусдард нæ цыд æмæ район баззад æппæты фæстæ... Æгæр куы баисты хъæнтæ, уæд та фæтарст, иу- уылдæр æнæбафæрсгæйæ йæ хъæлæсæй куы схауой, Алимырзайыл ихау куы æркæлой, стæй йын уый фæс- тæ йæ дарддæры куысты фыдæнæн цæлхдуртæ куы æвæра, ууыл. — Ахæм хъуагдзинæдтæ нæм ис, æмбæлттæ, æмæ сæ фесафыны тыххæй мах тынг рапарахат хъæуы æнæхатыр, большевикон хикритикæ. Уый нæм тых- джындæр куы нæ уа, уæд нæ бон нæ бауыдзæн йæ 285
хъæнтæ рабæрæг кæнын дæр æмæ сæ фесафын даер. Сæ фесафыныл мах хъуамæ кусæм иууылдæр иумæ æмæ не ’ппæты разæй та нæ разамонæг æмбал Али- мырза. Æмбал Алимырза (фæхъæддыхдæр кодта йæ ныхас хицаумæ дзургæйæ, бынтон лæмæгъ ын æй куыд нæ фæхоной, афтæ), ныронг куыд разамынд лæвæрд- там, афтæ кæнæн нал ис. Нæ куысты цы къуылымпы- тæ ис, уыдоны тыххæй дзуапп дæттæг фыццаджыдæр ды дæ, стæй та мах... Уыцы фæстаг ныхас æм æгæр карз фæкаст. Цыма йæ дзыхæй бомбæ схауд, ныртæккæ фехæлдзæн йæ ра- зы, афтæ дзы фæтарст. Цыдæр ма зæгъынмæ хъавыд, фæлæ хъуыдытæ фæпырх сты алырдæм, ницыуал дзы æрцахста. Сдзурын æввонг хæлиуæй аззад йæ дзых, фæлæ дзы ныхас нал схауд, афтæмæй тарст фæлгæст акодта æмбырды бадджытыл, цыма сын дзурынмæ хъавыд: «Уый мæ домдтат æмæ йæ загътон, ныр мæ тæригъæд фæхæссут». Тагъд-тагъд ацыд йæ бадæнмæ Хæмæтхъан. Дзæв- гар рæстæг не ’нцайы йæ буары рызт, афтæмæй са- гъæс кæны, Алимырзайы зæрдæ ма цæмæй балхæн- дзæн? Басæттын хъæуы, æгæр карз кæй загъта, ууыл, æндæр хос нæй. Куыддæр æмбырд фæуа, афтæ хъуа- мæ Алимырзайы сæ хæдзары онг ныххæццæ кæна, æмæ йын иумæ цæугæйæ зæгъа: — Чысыл дын дæ хъуын ацагътам, Алимырза... Æмæ æнæуымæй дæр гæнæн нæй. Уый тыххæй мæс- ты кæныи нæ хъæуы. Чи зоны, нæ ныхæсты æгæр карз бынæттæ дæр уыдис, алы ныхасы дæр куыд вæййы, афтæ... Уыцы рæстæг æм æддæмæ фæсидтæуыд. Уым æм æнхъæлмæ каст сæ сыхæгты лæппу. Фехъусын ын код- та, йæ чызг кæй басыгъд, уый. Хæмæтхъан уыцы-иу тахт раласта. Æвæстиатæй йæ ласын хъуыд дохтыр- тæм, фæлæ тарсти, Алимырзайы куынæуал сæййафа. Ссардта тачанкæ, абадтысты дзы æмæ сывæллоны ныххæццæ кодтой рынчындонмæ. йæ зæрдæ рыст Хæ- мæтхъанæн, нæ йæ фæндыд йæ разæй рацæуын, фæлæ цыма Алимырзайæн йæ ныхæстæ куы нæ фæкæна ах- сæв, уæд æм мыггагмæ фæхæрам уыдзæн, афтæ йæм каст. 286
•— Мыртæккæ уæм фæстæмæ фæзындзынæн. Рай- комы иу хъуыддаг æвзарынц, тынг ахсджиаг хъуыд- даг у æмæ йын æнæ мæн равзарæн нæй,— бамбарын кодта йæ усæн æмæ рацыд. Цæсты къух фæтъыссæн нæ уыд. Згъоры талынг уынгты, кæлгæ, схъиудтытæгæнгæ Хæмæтхъан. Иу ран малы дæр смидæг, фæлæ дзы алæгæрста, фæстæмæ аздæхын хъæуы, ууыл дæр нал ахъуыды кодта йæ фыртагъдæй, афтæмæй. Райкомы дуæрттæ разындысты æхгæд. Змæлæг дзы нал уыд. Иæ хид асæрфта Хæмæтхъан. Алимырзайы кæй нал сæййæфта, уый йын уыдис тынг хъыг. Алимырза йæм цы зæрдæ дары, уый базонын æй фæндыд. Æх- сæв-бонмæ дæр æй æнцой нæ ныууагъта уыцы хъуыды. Райсомæй раджы ацыд йæ куыстмæ мæтгæигæ. Алимырзайæ хатыр ракурынмæ цæттæ уыд. Райкомы сæййæфта агитпропы хайады хицау Михелы. — Æгæр абырыдыстæм дысон Алнмырзайыл. Уæл- дайдæр æй æз фæкарз кодтон,— уыдис йæ фыццаг ны- хас Хæмæтхъанæн. — Афтæ йын хъуыд. Нæ куыста. Æмæ райкоммæ дæр нал бахаудта. Уыцы ныхасмæ Хæмæтхъанæн йæ цæстытæ фæ- хъоппæг сты æмæ дисгæнæджы каст бакодта Ми- хелмæ. — Цы?! Нал æй равзæрстой? — Нал,—дзуапп радта Михел. — Æмæ йæ равзарын дæр нал хъуыд. Уый райко- мы секретарь куы ссис, уæдæй фæстæмæ æрхаудта нæ куыст дæлæмæ. Нæ нæм уыд критикæ, уый хыгъд стыхджын козбаудзинад, политикон куыст бынтон ба- хуыссыд. Хæдзарадон хъуыддæгтæ дæр хорз нал цы- дысты,— загъта Хæмæтхъан æмæ йе ’цæг хъуыдытæ æргом кæй скалдта, уый йын йæ зæрдæйæн фæци стыр æхсызгон. Фæлæ йын хъыг уыдис æмæ фæсмон код- та, дысон се ’мбырды цы нæ загъта, уыдоныл. 1954
МИНÆВÆРТТÆ I Клубы фæстæ ис стыр дыргъдон. Кæд ма бæлæстæ æрыгон сты, уæддæр сæ къабæзтæ фæйнæрдæм хорз ауагътой æмæ аууон дарынц. Бæлæсты æхсæнты—фæн- дæгтæ тезгъо кæнынæн. Сæ фæйнæфæрсты та даргъ бандæттæ æвæрд фæллад уадзынæн. Иуæй-иутæ дзы фæдæрдджын сты, сæ рекæтæ æрсастысты æмæ сæ аивын хъæуы, фæлæ куы иу куыст, куы иннæ, æмæ та сæм нал равдæлы... Æмæ сын базæронд уæвын дæр диссаг нæу, кæдæй цæрынц, кæдæй! Уæддæр дзы, фашисттæ хъæуы куы уыдысты, уæд цас басыгътой! Уыцы бæлæстæ ныссагътой, Беслæиы колхозы сæр- дарæй куы равзæрстой, уæд. Садзын дæр сæ йæхæдæг ныккæнын кодта. Æмæ уымæй дæр куыд? Бæрæг цыдæр хъуыддаджы фæдыл уыцы аз горæт- мæ ацыдис. Уымæй размæ дæр дзы иу æмæ дыууæ хатты нæ уыдис. Фæлæ уæд сæрдарæй нæма куыста æмæ йæ хъæуы æмбисы царды уагыл хъуыды кæнын уыйбæрц нæма хъуыд. Уыдис сæрдыгон мæйтæй иу, мæлæты тæвд бон скодта! Адæм къордтæ-къордтæй цыдысты паркмæ. Билетмæ рады фæлæууыдис Беслæн дæр. Диссаджы æхсызгон уыдис йæ буарæн, сатæг стыр фантанты раз бæзджын сыфтæрджын бæлæсты бын куы æрбадтис, уæд. Уыцы ран æм фæзындис йæ кол- хозæн парк саразыны фæнд дæр. Ахæм æхсызгондзи- над æмæ æнцон бынат цæуылнæ хъуамæ уа фæллад кусæгæн! Цæуылнæ йын рæвдауой йæ цæстытæ алы- 288
хуызои дндипджытæ? Цæуылнæ хъуамæ смуда уы- дон адджып тæфмæ? Уæлдайдæр хъæд сæ тæккæ раз æмæ дзы тæгæрæй, тулдзæй, кæрзæй, бæрзæй цы хъæ- ды мыггаг нæй, ахæм куы нæ ис. Цæвпттоп, ацы радзырд уыцы колхозон паркыл иæ фыссæм æмæ йыл, бирæ ныхас нæ кæнгæйæ, уæд дзы зæгъæн ис, горæты паркæй æвзæрдæр кæй ницæмæй у. Фæлæ парк дæр дзæгъæлы пе ’рымысыдыстæм. Æрымысыдыстæм æй уымæн, æмæ йæ хуссарырдыгæй бацæуæны цы дуар пс, ууыл ныртæккæ мндæмæ ба- хызтпс колхозы сæрдар Беслæп. Клубы æвднсдзысты кипопыв «Хъубайнаг хъазахъхъæгтæ», æмæ уый фе- ныимæ цæуы. Фæлæ ма раджы у æмæ тагъд пæ кæны. Цæуы та- лыпгдæр фæндæгтыл æмæ уым цыма сатæгдæр у, йæ дидинджытæ кæд тары нæ зынынц, уæддæр цыма тых- джындæр тæф кæнынц, афтæ йæм кæсы. Хаттæй-хатт æм ферттнвы, клубы бацæуæпы раз цы стыр электрон цырагъ судзы, уый рухс, фæлæ уый фæстæ æхсæв тардæр фæзыны æмæ æхсызгои у Бес- лæиæн: хатгай лæджы аулæфыи фæфæиды нуиæгæй. Афтæ уыдис Беслæны зæрдæйы уаг дæр уыцы сахат. Цæуы бæлæсты æхсæпты зулаив фæндагыл. Мысы, ацы парк æмæ клуб аразып куыд райдыдтой, уый. Са- гъæс кæны, хъæуы дарддæр куыд сфидауцджындæр чындæуа, ууыл. Æмæ йын йæ хъуыдытæ фескъуыдта кæидæр су- сæг иыхас. Æрлæууыд, байхъуыста. — Мæн зæрдæдарæн ныхас йедтæмæ иицы хъæ- уы,— дзырдта лæппу. — Ныртæккæ дын ницы зæгъын у мæ бон. Фен- дзыстæм. — Азæ!.. — Цæй, цом! Байрæджы нын уыдзæн клубмæ. — Омæ, Азæ, мæн дзуапп хъæуы. — йæ рæстæг куы уа, уæд дыл æмбæлдзæн уыцы дзуапп дæр. Уыдон уыдысты, Беслæн сæрдарæй кæм кусы, уы- цы колхоз «Уæлахизы» агроном Азæ æмæ сыхаг кол- хоз «Коммунисты» сæйраг бухгалтер, парторганиза- цийы секретарь Дауыт. 19 Мамсыраты Дæбе 298
Беслæп искæйы иыхæстæм хъусыи иикуы уарзта. Æмæ иыртæккæ фæстæмæ раздæхынмæ хъавыд, иннæ фæпдагыл куыд ацæуа, афтæ. Фæлæ уæдмæ Азæ æмæ Дауыт баивгъуыдтой клу- бырдæм. Чысыл ма алæууыдпс Беслæн. Чи зоыы, цæуыл хъуыды кодта? Фæлæ æндæр колхозы лæппу Азæйы фæдыл кæй зилы, уый йын тыиг хъыг уыдис. Цæмæп, уый йæхæдæг дæр нæ зыдта. йæ къух мæсты тылд акодта æмæ сыидæггай араст нс æрыгæтты фæдыл. II Уыцы æхсæв уыйбæрц лæмбынæг не ’рдардта йæ хъус Беслæн Азæ æмæ Дауыты иыхасмæ. Чысыл фæ- уарзынц æрыгæттæ сæ кæрæдзийы? Фæлæ хабар уый фæстæ бирæ мæт æмæ сагъæс бауагъта Беслæпы зæрдæйы. Æмæ дзы уыдоны уарзондзинад дæр нæ бауагъта мæт æмæ сагъæс, фæлæ — «Коммуннсты» колхозы сæрдар Малсæджы ныхас, стæй, ма йын тынг хъыг дæр уыдис. Малсæгмæ ахæм мæстæймарæн митæ бирæ вæййы. — Малсæг, дæ колхозæн клуб цæуылнæ ара- зыс? — фæрсыс æй ды. — Æмæ нæ клуб цæмæн хъæуы? «Уæлахизы» клуб æнæхъæн районы фаг куы у,— дзуапп ын дæтты уый. Иу изæр та «Уæлахизы» парчы Беслæннмæ тезгъо кодта. Уæд дыи æм йæ колхозонтæй иу æрбацыд æмæ йын афтæ зæгъы: — Æвæдза, Малсæг, мах дæр ахæм парк куы са- разиккам, уæд æвзæр нæ уаид. — Æмæ нæ цæмæн хъæуы? «Уæлахизы» парк æнæ- хъæн районы фаг куы у. Ноджы хъæуæн йæ тæккæ бæрæг астæу ис æмæ дыууæ колхозмæ дæр хæстæг,— йæхæдæг ныххудтис. Фæхъыг ис уыцы ныхас Беслæнæн. Йæ колхозæн исты куы фæаразы, уæд иунæг вæййы, пайда та дзы «Коммунистимæ» иумæ кæнынц. Фæлæ уайтагъд йæ маст ссыдис. Дыууæ колхозы дæр йæ парчы кæй улæ- фымц, уый йæ цы хъыгдары? Уыдоны фаг нæ, фæлæ, 290
Малсæджы загъдау, æнæхъæн районы фаг дæр куы у. Æрмæст Малсæг алы хатт дæр ахæм æлхыскъ ны- хасгæнаг у æмæ йын уымæн фæхъыг ис. Стæй ма уы- мæн, æмæ Малсæг йæхæдæг феххуыс кæнынмæ сæрæн нæу. Фарои фæззæджы сæ семычкæйы хуымтæ фæр- сæй-фæрстæм уыдысты. «Коммунпстæп» дзы уыднс æрмæст аст æмæ ссæдз гектары «Уæлахизæн» та иып- пар æмæ авдыссæдз гектары. Ноджы «Коммуписты» семычкæтæ хуыздæр æрзадысты. — Малсæг, не ’хсынæнтæ комбайнæй иумæ куы бафснаиккам,— бакой йын кодта Беслæн. — Нæ, уæхæдæг архайут комбайнæй, æз сæ къу- хæй дæр бафсиайдзыиæн. Иу æмæ дыууæ хатты йæхи нæ атигъ кодта æхсæ- ны хъуыддагæй Малсæг. Æмæ уый дæр ма гъа, фæ- лæ ацы мæстæймарæн ныхас... Уымæй хъыгдæр ницы вæййы Беслæнæн. Æмæ ма пппæ мæстæймарæи пы- хæстæ цыфæнды уæнт. Зæгъæм: «Уæлахизы» клубмæ цæудзыстæм, «Уæлахизы» парчы тезгъо кæндзыстæм». Уый ницы кæны, не ’ппæты фаг дæр сты. Раст зæгъын хъæуы, уыдон дæр парк куы саразиккой, уæд хъæу фæрæсугъддæр æмæ фæхъæздыгдæр уапд, фæлæ кæд нæ аразынц, уæддæр ницы кæны... Фæлæ фæстаг хатт цы мæстæймарæп ныхас загъ- та Малсæг, уый æрмæст хъыг нæ фæцис Беслæнæн,— йæ зæрдæйы йын катай æмæ сагъæс бауагъта. — Хорз агроном нæ бацагурын хъæуы,—дзуры йып йæ колхозонтæй чпдæр, Беслæн дæр уым уыдис, афтæмæй,— кæннод нæ хъуыддаг дарддæр хорз нал ацæудзæн. «Уæлахиз» пæ разæй уымæн цæуыи рай- дыдта, æмæ Азæ уым кусы. Гъемæ мах дæр иу ахæм агроном бацагурыи хъæуы. — Мах нæ, фæлæ «Уæлахпз» бацагурæд йæхицæи агроном. — Уый та цæмæн? Нæ агропом нæхимæ куы нс? — бафарста Беслæн. — Нырма уæхимæ пс, фæлæ нал уыдзæн. Тагъд æй Дауытæн æрбакурдзыстæм, æрхæсдзыстæм æй æмæ уæд мах нæ уыдзæн? — Уый ннкæд уыдзæн! — маастыйæ загъта Беслæн, фæлæ цæуылнæ, уый йæхæдæг дæр нæ зыдта. Дауыт 291
зондджын, æмбаргæ æмæ хъаруджын у. Конд æмæ уындæн дæр бирæ лæппутæ нæ балæудзысты йæ цуры. Цæуылнæ йын хъуамæ бакома Азæ? Æмæ Беслæн катайы бахаудта, «Коммунистмæ» ку- сыимæ куы ацæуа Азæ, уæд ахæм агроном уырзæй агургæйæ дæр нал ссардзæии. «Коммунист» фæра- зæй уыдзæн. Мæт æмæ сагъæс кæнын байдыдта Беслæи. Уæд та йæ сæхионтæй искæмæн куы ракурыи чындæуид. Æмæ ахъуыды кодта колхозы хуыздæр лæппутыл. Уы- донæй Азæйы аккаг бирæтæ сты... Фæлæ ма дзы уар- зоидзниад дæр ис, æмæ уый хъазыны хъуыддаг нæу. Кæд Дауыты бауарзта Азæ, уæд ын ннцыуал гæ- иæн ис. Стыхсти Беслæн. Æрымысыдис, Азæ сæм кусынмæ куы æрцыд, уæд æм цы цæстæй ракаст, уый фæстæ дæр ын иуцасдæр рæстæг куыд ницы аргъ кодта, уы- дæттæ. Фыццаг хатт Азæимæ куы базонгæ, уæд Бес- лæн бадтис йæ кабнпеты æмæ цыдæртæ архайдта. Уалыпмæ йæм чидæр дуар æрбахоста. — Мидæмæ! — дзуапп ын радта æмæ дарддæр йæ куыст кодта. — Колхозы сæрдар ды хъуамæ уай? — йæ хъус- тыл ауад сылгоймаджы фæлмæн хъæлæс. Йæ уæлхъус лæууыдис бæрзондгомау, тымбыл- дзæсгом рæсугъд чызг. — 0, æз дæи нырма колхозы сæрдар. — Æз уæм дæи агроиомæй æрвыст,— загъта уый æмæ йæм гæххæттытæ балæвæрдта. Беслæн æм лæмбыиæг скаст. Чызг уыднс иырма хæрзæрыгон. йæ уæллаг былы сæрмæ гæзæмæ тар чи дардта, уыцы сатæг-сау тæнæг хилтæ йыи йæ цæсгом æвдыстой рæсугъддæрæй. Хъыг уыдпс Беслæнæн, ахæм «сывæллопы» сæм агрономæй кæй æрæрвыстой, уый. Сæрдар рагæй фæ- цархайдта ацæргæ, фæлтæрдджын кусæг ссарыныл. Ныр уый бæсты йæ уæлхъус лæууыдис цавæрдæр саби. — Табуафси. Уæртæ «хæдзары хицауæн» зæгъ æмæ дын фатеры кой бакæна. Куысты тыххæй уый фæстæ бæрæг уыдзæн,—загъта уазал ныхасы уагæй сæрдар. 292
III Беслæнæн æрыгон агроном йæ хъуыдыйы дæр нæ уыди. Фæлæ йын уый йæхи рох кæиын нæ уагъта, цы- дис æм куы иу, куы иннæ хъуыддаджы фæдыл. Æмæ уымæй дæр хуымæтæджы хъуыддæгтыл нæ ныхас кодта, фæлæ колхозы ахсджиагдæр хъуыддæгтыл. Ноджы фæзынд æмæ загъта, уый æмæ уый бакæ- нæм, зæгъгæ, уæд йæ ныхмæ дзурæн нæй, уымæн ра- гацау алцыдæр хъуыдыгонд вæййы. Фыццаг дзы фæтарст сæрдар, йæ зоиды æмæ мæ йæ куыстмæ арæхсты бын куы ныккæна, зæгъгæ. Бе- слæн дыууæ æмæ дыууиссæдз азы цы зæххыл цæры, уыцы рæстæг цы нæ бафипнайдта æмæ цæмæй не ’спайда кодта, уыдон фиппайы Азæ æмæ сæ пайдагонд куыд цæуа, афтæ æвæры хъуыддаг. Беслæн æмбарын байдыдта, куысты мидæг Азæйæ лæмæгъдæр кæй у, уый. Æмæ куыдфæстæмæ бахæлар сты. Азæйы æры- гон азтæ дæр дзы ферох сты æмæ йæ иу хъуыдда- гæй дæр æнæфæрсгæ нал уыдис, Гъемæ колхозы астæуыккаг цæджындз куы ссис Азæ, уæд æй бауарзта «Коммунисты» сæйраг бухгал- тер, парторг Дауыт. Æмæ дзы мачи уа, фау æрхæссæи дæр æм нæй! Цæмæндæр хъуыддæгтæ афтæ цæуынц, æмæ «Уæ- лахиз» цы саразы, уый «Коммунистæн» дæр фæпайда вæййы. Фæлæ æнæуи цæмæйдæриддæр пайда кæнæнт, уæддæр ын Азæ куыд фæпайда уа, афтæ кæнын нæ бауадздзæн Беслæн. Уый колхозæн тынг стыр знан уыдзæн. IV Чысыл хæдзарадтæ иу кæныны тыххæй Беслæи га- зеты куы кастис, уæд йæхи зæрды дæр уыдис сæ кол- хоз «Коммунистимæ» баиу кæныны хъуыды. Уыцы фæнд æм раздæр дæр фæзынд, кæд æй никуы ской кодта, уæддæр. Ныр æй ской хъæуы, уымæн æмæ дыу- уæ колхозы куы сиу уой, уæд сын æргом пайда у: сæ фадæттæ æмæ сæ мадзæлттæ фæуæрæхдæр уыдзысты. Малсæгмæ бацæуынмæ æмæ ацы хъуыддаджы фæ- 293
дыл йемæ баныхас кæнынмæ дæр хъавыдис. Фæлæ йæхи баурæдта. Афтæ куы фенхъæл уа, цæмæй йæ иу- гонд колхозы сæрдарæй равзарой, ууыл архайы, зæгъгæ. Æмæ куы ахъуыды кодта, иугонд хæдзарадæн сæр- дарæй кæй равзариккой, зæгъгæ, уæд йæхæдæг йæхи- цæн басаст, ахæм стыр колхозæн кæй нал сбæздзæн, ууыл. Уæдæ Малсæг дæр уымæй тыхджындæр нæу. Фæлæ уал иу бауæнт, æндæр ын хицау ссардæуыдзæ- нис. Уалынмæ йæм райкомы фыццаг секретарь йæхи- мæ фæсидти. «Колхозтæ баиу кæныны тыххæй мæм дзуры, æвæццæгæн»,—загъта Беслæн йæхинымæр. Уы- цы хъуыды раст кæй у, ууыл уæлдай тынгдæр бау- уæндыдис, Малсæджы дæр райкомы куы баййæфта, уæд. Бирæ уынаффæтæ æмæ ныхæсты фæстæ æрцыды- сты иу фæндмæ: колхозтæ баиу кæнын у комкоммæ пайда. Стæй бавнæлдтой, дыууæ колхозы сæрдары дæр кæуыл тыхстысты, уыцы хъуыддагмæ. — Кæрæдзийæн гæды ныхæстæ нæ фæкæндзы- стæм,— загъта райкомы секретарь æргом.— Сымах уæ дыууæ дæр хорз кусджытæ уыдыстут зæронд уа- вæрты. Фæлæ уын, мæнмæ гæсгæ, иугонд колхозæн разамынд дæттын зын уыдзæн. Афтæ нæу? — Раст у,— цæуылдæр сагъæстæ кæнгæйæ, дзуапп радта Беслæн.— Иугонд колхозæн ныр ахуыргонд сæрдар равзарын хъæуы. Афтæ домынц уавæртæ. — Раст у, раст,— загъта Малсæг дæр æмæ бакаст Беслæнмæ. — Æмæ уæм куыд кæсы, кæй снысан чындæуа сæрдарæй? Беслæн цæуылдæр ныхъхъуыды кодта. йæхинымæр æвзæрста аккаг сæрдар. Фæлæ уалынмæ Малсæг сдзырдта: — Азæйы! Азæйæ хуыздæр не ’ссардзыстæм. Хъоппæг цæстытæй бакастис Беслæн Малсæгмæ, стæй та секретармæ æмæ загъта: — О, раст у уый, тынг раст, Азæйæ хуыздæр уы- цы куыстмæ æиæхъæн Ирыстоны дæр не ’ссардзыстут. 294
Кæд æрыгон у, уæддæр — зондджын у, арæхСт* джын. — Уæдæ ахæм хъуыды ис райкоммæ дæр,— йæ ныхас фæци секретарь. V Уыдис уалдзыгон изæр. Уæлдæф — сыгъдæг, арвыл стъалытæ тыбар-тыбур байдыдтой. Хъæу æнæнцой змæлд. кодта. Иуырдыгæй дзы хъуысыдис фæсивæды зарын, иннæрдыгæй —фæндыры цагъд, аннæрдыгæй — сывæллæтты хъæр. «Цæмæн ма зарынц æмæ цæгъдынц уым, æмбырд- мæ цæуылнæ рацæуынц?» — йæхинымæр хъуыр-хъуыр кæны Беслæн, клубы фæсте, бæлæсты бын мæйдары цæугæйæ. Иунæгæй талынджы азилаг у парчы. Уын дæр æмæ клуб дæр йæхæдæг саразын кодта... Æндæр исчи уæвгæйæ, уæд ын, чи зоны, хъыг уыдаид, колхозы сæрдар æй кæйнæуал равзæрстой, уый. Фæлæ Бе- слæн ныр ницы зæгъы. Æмбары, колхозæи ахуыргонд хицау кæй хъæуы, уый. Куы ма куыста, уæддæр æмбæрста йæ лæмæгъ* дзинад. Æмæ йæхинымæр афтæ хатын байдыдта, цы- ма колхозы æцæг сæрдар Азæ ссис, уый та ма бынат фæтчыхъæдæн ахсы. Æмбæрста ноджы, кæд æрыгон чызг у, уæддæр хъуыддæгтæм уæрæхдæр кæй æвналы, абон дæр æмæ фидæны дæр цы хуыздæр уыдзæн, уый ацахсыимæ тынгдæр кæй арæхсы. «Чиныг, чиныг, йæ мард фесæфа, дунейы тых- джындæр зонд æмæ хъару уый мидæг ис», — ахъуы- ды кодта Беслæн. Уыцы сахат кæйдæр сабыр ныхас ссыд. Байхъуыста. Парчы бацæуæны фанары рухсмæ йæм фæзындысты Азæ æмæ Дауыт, стæй фæаууон сты. Уыдон тагъд кодтой клубмæ. Уым иугонд колхозæн уыдис дыккаг æмбырд. Фыццаг æмбырд уыд колхоз- тæ баиу кæныны тыххæй. Дыккаг æмбырд та — Фыц- цæгæм Майы бæрæгбоны фæдыл. Æмæ уымæн цыды- сты колхозонтæ «Уæлахизы» клубмæ. (Бафиппайын хъæуы, «Уæлахиз» тыхджындæр куыд уыди, уымæ 295
гæсгæ иугонд колхозыл баззадис йæ ном æмæ уымæй тынг сæрыстыр уыд Беслæн йæхицæй). — Уæдæ райсом дæ бинонтæм минæвæрттæ арви- тон, нæ? — æрбайхъуыст Беслæнмæ Дауыты ныхас. — Арвит,— цыбыр дзуапп радта Азæ. — Ехх, Азæ, цымæ ма мæнæй амондджындæр адæймаг ис ахсæв? — Ис Дауыт дæуæй амондджындæр. — Чи у, цымæ, уый ма мын зæгъ! — Чи зоны, æмæ æз мæхæдæг... — Азæ! — фæхъæр кодта Дауыт æмæ талынджы куыд азгъордтой, уый Беслæн базыдта сæ къæхты хъæрмæ гæсгæ. «Ай-гъай дæ амондджын, куыдзы хъæвдын, ахæм чызг разыйы дзуапп кæмæн радта!» — йæхинымæр загъта Беслæн æмæ клубмæ араст. Куыддæр æмбырд фæцис, афтæ Беслæн рацыд сæ- химæ. Майы бæрæгбонты уæддæр баулæфа йæ зæрдæ- йы фаг. Хъуамæ райсом афтæ фæхуысса, æмæ йæ фæл- лад куыд ссæуа. Фæлæ йын уый фадат нæ фæцис. Хур скасты размæ сæм Дауыт бахоста дуар. Беслæн æм рауад. — Бахатыр кæн,— загъта Дауыт,— æгæр раджы дæм кæй фæзындтæн, уый тыххæй, стæй дæм ахæм æргом ныхас кæй уæндын, кæстæр уæвгæйæ, уыЯ дæр. Фæлæ мæ номæй Азæйы фыдмæ куы бахатиккат, уæд уын уæ хорздзинад никуы ферох кæнин. Йæ зæронд тарст хъуыдытæй ма цыдæртæ баззад Беслæнмæ æмæ фестъæлфæгау кодта, сæ агрономы «æндæр» колхозмæ... Фæлæ уайтагъд йæ зæрдыл æр- балæууыд, Азæ агроном нæ, фæлæ сæрдар дæр йæхæ- дæг кæй у. — Рæстмæ фæуæд хъуыддаг, рæстмæ... Фæлæ чызг йæхæдæг цы зæгъы? Æнæ уый дзуаппæй хæдзармæ зын бацæуæн у,— къахæджы фарст бакодта Беслæн. — йæхæдæг разы у... Уыйæрдыгæй дзы ницы къуылымпы уыдзæнис,— батагъд кодта дзуаппыл Да- уыт, æрыгон амондджын адæм ахæм сахат куыд фæ- кæнынц, афтæ. — Æмæ минæвар æрвитын дæ зæрды ис? 296
— Ды æмæ Малсæг бафыдæбон кæнут. Малсæг дæр? — бафарста Беслæн æмæ йæ мид- былты бахудт. Иæ зæрдыл æрбалæууыд, Малсæг æй куыд мæстæй мардта, уый: «Агроном цæмæн агурон? Мæнæ тагъд Азæйы Дауытæн æрхæсдзыстæм æмæ мах нæ уы- дзæн?». Тынг æрбамæсты уæд Беслæн. Æдылы уыды- сты, æвæдза. Хъуыды дæр нæ акодтой, Азæ дыууæ колхозы фаг кусæг кæй у, ууыл. — Хорз, бафыдæбон кæндзыстæм,— загъта, мид- былты худгæйæ, Беслæн.— Уæллæй, чызг равзарын- мæ дæсны разындтæ... Фæлæ зæгъ Малсæгæн æмæ уый дæр цæттæ уæд. Ард дын хæрын, мах цы дуармæ æрхизæм, уырдыгæй æнæ чызгæй нал раздæхдзы- стæм,— æмæ та бахудт. Аходæнты дыууæ минæвары, Беслæн æмæ Малсæг, ног «Москвичы» тахтысты, Азæйы ныййарджытæ кæм цардысты, уыцы хъæумæ. Дзургæ ницы кодтой, фæлæ сæ хъуыдытæ уыдысты иу. 1955
УАЗДЖЫТÆ Тасо кисты кæрон нывыл, хъавгæ, æрхаста, цалдæр къахдзæфы фæстæмæ ацыди, æмæ æрдæг конд нывыл цы ног ахорæны стъæлфæн æрæвæрдта, уымæ кæсы- ныл куыд фæци, афтæ чидæр дуар æрбахоста. Иæ мид- бынат фестъæлфыд Тасо. Чидæриддæр уыди, уæддæр дуар æгæр æдзæлгъæд хост æрбакодта, хъæуы ма æна- фоны кулдуар фæхойынц афтæ тынг. Тасо палитрæ стъолыл æрæвæрдта æмæ къæлидор- мæ ракаст. Дуары раз лæууыдис урс хæмпус зачъе- джын æмæ цыргъ рихиджын, сырхцъар зæронд лæг, йæ иу къухы, йæ фыррагонæй чи слæгъз, ахæм къобола лæдзæг, иннæйы — дзæкъул. Иæ уæлæ уыди фæнык- хуыз дæрдджын цухъхъа, йе ’гънæджытæ— уæгъд, цухъхъайы мидæг—цъæх сатин куырæт, цъæх сгæл- лад хæлаф, къæхтыл — ног цырыхъхъытæ. — Бахатыр кæн, мæн Тохты Тасо хъæуы,— загъта æрбацæуæг, лæмбынæг бакаст фысымы цæсгоммæ æмæ цины хъæр фæкодта: — Уый, æнхъæлдæн, дæхæ- дæг куы дæ æмæ дæ куы нал базыдтон!.. Æ-æ-æ, куы- дзы хъæвдын, æгæр хорз дæр ма дæ базыдтон! Цал æмæ дæ цал азы нал федтон! Уыцы ныхæстæ згъалгæйæ, уазæг йæ лæдзæг æмæ йæ дзæкъул асинтыл æрæвæрдта æмæ Тасойы йæ хъæбысы ныттыгъта. Æрбацæуæг куы фембæрста, Тасо йæ кæй нæ хъуыды кæны, уый, уæд йæхи бацамыдта: — Нал мæ зоныс? Æмæ ма мæ цæмæй базонай? Уал азы!.. Æз Дæлуаты Пупуш дæн... Кæрæдзийæн 298
хæстæг æййафæм. Мæ фыдыфыд Боца, рухсаг уæд, æмæ уæ фыдымад Госка, уый дæр рухсаг уæд, æм- хæрæфыртты цот уыдысты. Нæ фыдæлтæ иу хæдзары хуызæн цардысты... Пупуш æнæсулæфгæйæ дзырдта. Тасо æрымысы- дис Пупушы. Гæдывад, хъал æмæ чъынды кæй уыд, уый хъуыста йæ мадæй дæр, зыдта йæ йæхæдæг дæр, фæлæ кæрæдзийæн исты бавæййынц, уый фыццаг хатт фехъуыста. Тасо æмбæрста, ирон æгъдаумæ гæсгæ Пупушы мидæмæ хонын кæй хъæуы, уый æмæ йын загъта: — Мидæмæ уал рахиз. — Уæллæй, фæстæмæ мæ куы тæрай, уæддæр мын æнæ бацæугæ нал ис,— загъта Пупуш, систа йæ лæ- дзæг, йæ уæззау дзæкъул æмæ асинтыл уæлæмæ фæ- раст.— Æнæуи дæр хуыздæр фысым нæ бацагуырд- таин. Мæхион дæ, мæхион, номдзыд лæг нын сдæ! Гауызæй æмбæрзт къæлидорыл цæуы Тасойы ра- зæй Пупуш, кæсы алырдæм. Дисæй мæлы. Ахæм зы- иаргъ дзауматæ алы хæдзары нæ фендзынæ: стыр айдæн, хъæдабæ дуарæмбæрзæнтæ, фæлмæн гауыз... — Дæхи фатертæ сты, мæ хур Тасо, адон? — Мæхи. — Дæ цæрæнбон бирæ! Дæ хъæмпынсæр хæдзар аргъауы галуанæй аивтай... Дзæгъæлы дæ не ’пп*^- лынц адæм дæр æмæ газеттæ дæр... Маладец, хуы- цауыстæн, маладец. Тасо уазæгæн йæ лæдзæг æмæ дзæкъул айста æмæ сæбафснайдта. Иæхи йын сбадын кодта йæ кусæн уаты стъолы раз, æрæвæрдта йын нозт æмæ хæринаг, ома хæр, нуаз, æз дæр иучысыл акусон. йæ сыхаг Салам, æм куы ’рбацæуы, уæд уымæн дæр афтæ фæ- кæны. Иæ куыст кæны Тасо. Æнпад нæ бады Пупуш дæр, ануазы, ахæры æмæ та Тасойырдæм азилы. — Ахæм лæг дæ кæй рауайдзæн. уый æз зыдтон, гыццыл ма куы уыдтæ, уæддæр. Дæ чингуытæ дæ дæларм, афтæмæй-иу бæгъæввадæй скъоламæ куы фæиæйуадтæ. уæд-иу æз адæмæн дзырдтон, зæгъын, йæ бæгънæгмæ йын ма кæсут, йæ кармæ куы ацæуа, уæд æнæхъæн хъæуæн дæр ном скæндзæн. 299
Нозт йæ сæры куыд цæуы, афтæ Пупушæн йæ ныхас парахатæй-парахатдæр кæны. Нæ, тынг хъыг- дары Тасойы, маст æвзæры йæ зæрдæйы, фæлæ куыд зæгъа уазæгæн, ма мæ хъыгдар, зæгъгæ! — Æмæ-иу Ленинградæй куы сыздæхтæ, уæд та? Цæттæ лæг уыдтæ æмæ цæттæ лæг... Уæддæр-иу уыцы ахорæнтимæ архайдтай... Дæ сидзæргæс мады бон дын ницы баххуыс кæнын уыдис æмæ хъуæгтæ æййæфтай. Хъуамæ дæм мах, хæстæджытæ, нæ цæст фæдардтаиккам. Фæлæ махæй дæр уыйбæрц æрхъуы- дыдзинад никæмæ разынд, иу суари дын дæ дзыппы никуы ничи атъыста. Уæвгæ та тыхст ницæмæй уы- дыстæм. Адæймаг хъуамæ йе ’взæрдзинадыл сæтта. Пупуш арахъхъ ануазы, ныккæрзы æмæ та дзу- рынмæ фæвæййы. Тасо йæм цыма бæстон хъусы, уы- йау куы йæ сæр батилы, куы исты сдзуры. Тыхсы, фæ- лæуазæгæн «ма мæ хъыгдар», зæгъгæ, зæгъын нæ фæразы. Пупуш дæр дарддæр дзуры: — Уæдæ ма фыццагау нывтæ дæр акæныс? — Уый мæ куыст у. — Маладец, хуыцауыстæн, маладец. Æнцад ба- дыны бæсты уый дæр æвзæрнæу. Мах кæстæр лæппу дæр нывтæ кæнынмæ рæвдз у. Раст зæгъын хъæуы, ахæм стыр нывтæ йæм нæ вæййы, фæлæ йын дæууон- тæйæвзæрдæр нæ рауайынц, афтæмæй йыл дыууадæс азы йедтæмæ нæма цæуы... Фæлæ уымæй дæ хуызæн стыр лæг кæцæй рауайдзæн!.. Уыцы сахат Тасо рудзынгæй ауыдта йæ сыхаг зæ- ронд лæг Саламы. Иннæ хæттытæй хъауджыдæр ын ацы хатт йе ’рбацыд уæлдай æхсызгондæр уыди. Пу- пушимæ йæ сбадын кæндзæн æмæ йæ кæд нал хъыг- дариккой. Рауад Саламы размæ æмæ йæ мидæмæ бахуыдта. Сбадын сæ кодта, йæхæдæг та авджы дзаг арахъхъ æрбахаста. Бадынц зæронд лæгтæ æмæ ныхас кæнынц. Райста та йæ палитрæ Тасо, фæлæ зæрæдты ныхас уæддæр йæ хъустыл уайы æмæ йæ хъыгдары. Тыхсы Тасо. Йæ ус Надиккайы тæккæ æндæрæбон арвыста курортмæ, кæд ацы нывыл дзæбæхдæр аку- гО)
сид, зæгъгæ. Ныв хуины «Уазджытæ». Горæтæй хъæу- мæ, раззагдæр колхозонмæ, æрцыдысты уазджытæ «Победæйы». Хъазт, цин, бæхтыл дугъ... Лæмбынæг бакусын хъæуы адæмы стыр цин равдисыныл... Йæ цæрæнбоны тыххæй йын куы анызтой, уæд су- сæг ныхасæй бафарста Пупуш Саламы: — Æмæ уæд Тасо кусгæ та кæм кæны; кусгæ? — Мæнæ ам, йæ хæдзары. — Æмæ уæд йæ куыст та циу? — Нæ йæ уыныс, уæлæ уыцы нывтæ аразы. — Æрмæст уыцы куысты тыххæй айхъуысти йæ ном афтæ дардыл? — Æмæ цæмæй æвзæр куыст у? Кад дæр дзы ис, пайда дæр. — Пайда та дзы хъуамæ цы уа? — Уæртæ ныртæккæ кæй кæны, уымæн ын фондз мины бафиддзысты. — Цы? — фæхъæр ласта Пупуш.— Кæмæ ис ахæм уæлдай æхцатæ? — Уæлдай æхцатæ не ’сты, фæлæ уыцы ныв афтæ зынаргъ у. — Нывтæн ахæм æхцатæ куы фидиккой, уæд сæ нæ кæстæр лæппу æвзæрдæр нæ кæны æмæ мах хæдзар дæр æхцайæ куы байдзаг уаид. Тасо кисточкæ дард фæхаста, нывыл æй ныццæви- наг уыдис, фæлæ йæхи баурæдта. Палитрæ бандоныл æрæвæрдта, йæ къухтæ ныссæрфта æмæ зæрæдты æмрæнхъ æрбадт. Салам куы ацыдис, уæд Пупуш баздæхтис Тасомæ. — Ныхæстыл фестæм, Тасо, æмæ мæ цыды сæр цæй фæдыл у, уый дæр дын нæма радзырдтон... Мæ хъалæй дæм нæ фæцыдтæн, мæ тыхстдзинад мæ ра- тардта дæумæ... Тыхсты сахат та лæг йæ хæстæгæи хуыздæр кæмæ бадзура?.. — Кæд мæ бон исты уа, уæд... — Уæдæ ма кæй бон у баххуыс кæнын? Дæ ном дардыл—хъуыстгонд, хицауад иууылдæр—дæзонгæтæ. Цæвиттон, нæ хистæр лæппу нæхимæ хъæуы дукани- йы куыста æмæ, дам, 3 мины фæхæсджын, зæгъгæ, йæ æрцахстой... — Кæд æцæг уыйбæрц фæхæсджын?.. 301
— Хахуыртæ сты уыдон, хахуыртæ, мæ хæдзар Тасо, йæ бынатмæ йын чи тырныдта, уыдоны хахуыр- тæ. Æндæр уый 3 мины куы фæиуварс кодтаид, уæд æй æз куыд нæ базыдтаин? Æнæ мæн капекк никуы бахардз кодта. Уæдæ афтæ нуазаг дæр нæу, уый тыххæй кæй фæнды дæр бафæрс. — Æмæ дын уыцы хъуыддаджы мæ бон цы бах- хуыс кæнын у? — Зонынц дæ хицауад, суды хицæуттæ дæр. Бацу сæм æмæ сын комкоммæ зæгъ: афтæ æмæ, зæгъ, афтæ, замманай суинаг лæппуйыл хахуыр кæнынц æмæ йæ са- фын ма бауадзæм... — Хицæутты бон бирæ у... Дæлæ дзæкъулы стад салæтæ ис æмæ уыдон цалынмæ базары уæй кæнон, уæдмæ сыл азил, суинаг лæппуйы сафын ма бауадз. Хæстæг дæр ахæм сахат хъæуы, уæдæ ма сæрнизы хос у? — Нæ зонын, нæ зонын... — Мах лæппу дæр ныр йедтæмæ ахст никуы уы- дис... Мацыуал мын зæгъ. Азил сыл, цалынмæ база- рæй здæхон, уæдмæ... Дыккаг бон Тасо ацыдис Сæйраг суды сæрдар Сабанмæ,— йæ зонгæ у æмæ кæд йемæ баныхас кæ- нид. Сабан йæ бынаты нæ разындис. Иæ бон дзæгъæ- лы кæй сæфы, уый бæргæ æмбæрста, фæлæ цы чын- дæуа? Базармæ ауади. Иунæг куы вæййы, уæд хус хойраджы æвджид дæр баззайы. Фæлæ уазæг... Цыппар боны фæуæй кодта Пупуш йæ салæтæ. Цыппар боны фæзылд Тасо зонгæтыл, уый фæстæта- иу базары балæууыд. Цыппæрæм бон ахæм дзуапп æрхаста Тасо Пупушæн: цалынмæ слест фæуа æмæ районы суд йæ тæрхон рахæсса, уæдмæ ницы гæ- нæн ис. Тынг нынкъард ис Пупуш. Зæхмæ бирæ фæкаст, стæй загъта: — Уæд та мæм иу дæс æмæ ссæдз туманæй фæ- кæс... Дæхæдæг зоныс, кæм гæртам, кæм æндæр хæрдзтæ æнæ акæнгæ нæй. Кæцæй цæуы æхца ирон хæдзармæ? Дæуæн, хъазæгау кæй акæныс, уыцы ныв- тæн дæр фæндзгай минтæ фидынц, фæлæ махмæ ахæм æхцатæ кæцæй æрцæуа! Фæкæс мæм. Фылдæр 302
мын куы авæрис, уæддæр бæргæ ницы кæны, уæдæ ма хæстæг цæмæн у?.. — Мæ мард фен, кæд ацы сахат мæ хæдзары ссæдз туманæй фылдæр ис... Бинонтæ курортмæ цыдысты æмæ сæ уыдоныл схæрдзтæ кодтон. — Лæвар мæ нæ хъæуынц... Лæппу тынг амал- джын у æмæ куыддæр рацæуа, афтæ дыл æмбæл- дзысты... — Куы мæм уаид, уæд бæргæ, фæлæ мæм авд æмæ ссæдз сомы йедтæмæ нæй. Пупуш бирæ фæкаст зæхмæ, стæй загъта: — Уæд та дæм цы æрæййæфтон, уыдонæй мæм фæкæс. Капекк капеккæн æххуыс у... Бирæ хæрдзтæ мæ хъæуы... Хицауадырдыгæй мын куы феххуыс код- таис, уæд хорз уыдаид бæргæ, фæлæ... Тасо стъолы лагъзæй фелвæста дæс туманы æмæ сæ радта Пупушмæ. Пупуш æхца йæ чыссæйы цæвæрдта. Анозта ма иу арахъхъ, ахуийæн ахордта, йæ урс рихитæ адауд- та æмæ йæ бынатæй сыстад, йæ чъизи дзæкъул йæ дæлармы бакодта, йæ къобола лæдзæг айста æмæ дуарырдæм рараст. Уынгмæ куы рацыдысты, уæд Тасо ауыдта: ца- вæрдæр дыууæ усы æмæ иу лæг ссæуынц. Хæдзæртты номыртæм æдзынæг кæсынц. Сæ бакомкоммæ куы ’рхæццæ сты, уæд лæг загъта: — Уæртæ уый 17 номыр у. Хъуамæ уым цæра Тасо,— æмæ уынджы комкоммæ æрбахызтысты. Æрбацæуджыты иронау дзургæ куы фехъуыста Пупуш, уæд ацамыдта: — Мæнæ уын Тасо. — Мæ хæдзар куыд бахорз! Куыд нал æй базыд- тон,— ус йæхи баппæрста Тасомæ æмæ йе ’фцæджы ацауындзæг. — Фæлæуу-ма, фæлæуу! Æнхъæлдæн. Саринкъа куы дæ æмæ дæ куынæуал базыдтон æз дæр,— йæ хъæбысы æрбакодта усы Тасо. — Гъыхъым-гъыхъым,— схуыфыди Пупуш. Уыцы рæстæг лæг Пупушæн йæ хъæстытæ кодта. — Бæллæх сты ацы æрыгæттæ. Рацæуынц хъæ- уæй, сахуыр кæнынц æмæ фæстæмæ хъæумæ нал фæ- 303
зынынц. Æмæ нæм уыдон куы нæ цæуой, уыдоны ны- хас куы нæ хъусой нæ сывæллæттæ, уæд кæуыл ахуыр кæндзысты? — Газетты-йедты куыд дзурынц, ахæм стыр лæг дæр нæу Тасо. Ахæм нывтæ дæлæ мах лæппу дæр акæ- ны. Гъе, æрмæст æй депутат цæмæн сæвзæрстой, уый нæ зонын. — Æз æмæ йæ ды нæ зонæм, фæлæ йæ депутат чи сæвзæрста, уыдон ын махæй хуыздæр зонынц йæ хорз- дзинæдтæ. — Кæд æм исты æххуысмæ ссыдыстут, уæд бын- тон дзæгъæлы. — Цæмæн нæ хъæуы йе ’ххуыс? Мах æм лæбургæ скодтам, нæхимæ йæ хонæм. Ацæрæд нæм къуыри, дыууæ къуырийы, мæй. Сывæллоны бонтæ кæм æр- выста, уым цæуылнæ хъуамæ ацæра, æмæ уæд тыхст уыдыстæм, фæлæ йæ ныр цæмæй суазæг кæнæм, уый нæм ис... — Цы зонын, Саринкъа йæ алы кæрдзыны къæ- бæр дæр уый роны тъыста,— бустæгæнæгау загъта Пупуш. — Уыдон кæрдзыны къæбæртæ уыдысты, фæлæ нын ныр хъуамæ нæ уæлибæхтæй æмæ нæ физонджы- тæй фæхъæстæ уа. — Цомут, цомут, мидæмæ,— цингæнгæйæ дзырд- та Тасо.— Ды бахатыр кæн, Пупуш, фæндараст фæу. — Хорз байрайут, хорз,— уайдзæфгæнæгау загъ- та Пупуш æмæ йе ’фсæйнаг кæронджын лæдзæгæй асфальт къупп-къупгæнгæ араст. — Ту, мæ фыдфынтæ уæ хай!.. Мæнæн ахæм «æгасцуай», уыдонæн та ахæм. Æниу гæбæр бæх гæ- бæр бæхы ныхы, зæгъгæ, мæнгæй акæнынц? — Иттæг хорз, иттæг хорз,— цингæнгæйæ дзырдта Тасо, йæ уазджытæ йын сæ хабæрттæ куы ракодтой, уæд.— Ныртæккæ иу ныв кæнын æмæ мын хъæумæ æнæ цæугæ нæй. Æрмæст кæцы хъæумæ ацæуон, уый нæ зыдтон. — Æмæ нæхи хъæуæй рæсугъддæр æмæ хъæздыг- дæр кæм ссардзынæ? — афарста Саринкъа.— Рацу нæхимæ. Æгæр фыдхуыз дæ, мæ фæрстæ дын фехæ- лой. 304
— Ницы мын у, мæ конд афтæ у, фæлæ уын уе ’рхъуыдыдзинады тыххæй куыд раарфæ кæнон, уый нæ зонын. Цыппар боны фæстæ Тасо сæ хъæуы уынгты фæ- цæйцыдис. Дардмæ ауыдта Пупушы. Уый сæ уын- джы бæласы бын бандоныл бадтис. Тасойы ауын- гæйæ, аивæй сыстад, йæ куырæты фæдджитæ фæстæр- дыгæй æрсæрфтытæ кодта æмæ мидæмæ бацыд. Тасо йæ мидбылты бахудтис. 1955 20 Мамсыраты Дæбе
ХЪЫЛМА Хæдзæртты рудзгуытыл хъызт алы нывтæ куы скæны, æддейы здыйы хуызæн цъæх мигъ куы ныбба- ды æмæ сыгъдæг уæлдæфмæ ракæсæн куынæуал вæй- йы, уæд та, рынчындоны хуысгæйæ, чи нæ сфæлмæцы! Ноджыма дæ палатæйы хъæрзæг рынчын куы фæуа, уаед дæ раны дæ! Уæвгæ цы гæнæн ис! Рынчындонмæ йæ хъалæй чи бацæудзæн! Мах палатæйы дæр фæцис ахæм хъæрзаг æмæ кæ- уаг (уымæй дæр дыууæ кæуаг сывæллоны) рынчынтæ. Æмæ сын быхстам, уæдæ цы! Нæ ныууагътам нæ хъа- зæн ныхæстæ, кæрæдзийæн алы таурæгътæ кодтам æмæ ныл рæстæг тагъд уади. Фæлæ, дын, иу бон куы афснаиккой, къуымы цы уæгъд сынтæг уыдис, уый. Цымæ нæм кæй æрбахон- дзысты, зæгъгæ, фæхъус стæм. Бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ нæ бахъуыдис. Медици- нон хо палатæйы дуар æрбайгом кодта æмæ йæ разæй æрбауагъта, дæс æмæ дыууиссæдз азы кæуыл цыдаид, ахæм нæлгоймаджы — уыди бæрзонд, мæллæг, фæлæ нуарджын. Зæронд бæласы уидæгтæ зæххæй куыд сзы- нынц, афтæ ныттынг сты ставд тугдадзинтæ нæ ног зон- гæйы цæнгтыл. Цыбыр ныхыл уыйбæрц æнцъылдтæ сæмбырд æмæ сын банымайæн дæр нæ уыд. Бур хъис æрфгуыты бынæй кæсынц дыууæ уазал цъæх цæсты. Иæ фындз тæнæг æмæ пака. — О-о-охх! — схъæрзыдта, куыддæр дуарæй æрба- зынд, афтæ. Ног рынчын никæмæ касти, ницы сдзырдта. Калм 306
Хæфсы гипноз куы кæна, афтæ йæ сынтæгмæ, йе’рф- гуыты бынæй комкоммæ кæсгæйæ, бацыд. Раласта йе ’ддаг дарæс, бæстон сæ батыхта æмæ сæ рудзынджы тæрхæгыл сæвæрдта. Стæй йæхи, хъавгæ, æруагъта, цыма дзы, исты куы асæтта, уымæй тарсти, афтæ къу- лырдæм аздæхта йе ’ргом æмæ та йæ хъæрзын рай- хъуыстис. Мах кæрæдзимæ бакастыстæм. Æвæдза, цы дзæбæх æрвыстам нæ рæстæг! Фæлæ нæм уыцы рынчын куы æрбацыд, уæд цыма йемæ хъылма æрбахаста, афгæ фестæм. Æмæ йæ чидæр «Хъылма» куы рахуыдта, уæд ыл уыцы ном аныхæстис, рынчын буарыл цъулбер куыд аныхæсы, афтæ. Ног рынчыны нæм æрбахуыдтой сихорафон. Иучы- сыл ахуыссыдаид, афтæ хæринаг хæссын байдыдтой. йе ’ргом махырдæм разылдта Хъылма дæр æмæ йæ хъæццулы бынæй каст, рынчынтæ куыд хæрынц, уымæ. Дыккаг хæринаг куы æрбалæвæрдтой, уæд Хъылма йæ нуарджын къух раласта æмæ дзæнгæрæджы кънопкæ нылхъывта, стæй та йæхи хъæццулы атыхта. Уайтагъд æм фæзындис медицинон хо. — Фæдзур ма мын, хæринаг чи хаста, уымæ,— загъта Хъылма сабыр, хатыркурæг хъæлæсы уагæй. — Цæмæн дæ хъæуы? — бафарста медицинон хо.— Тынг æнæвдæлон у. Цы дæ хъæуы, уый мæнæн зæгъ. — Дæуæн зæгъгæ куы уаид мæ ныхас, уæд дæ уы- нын. Фæлæ дын куы загътон, чи мæ хъæуы, уый. Фæ- дзур мын æм, кæд дын зын нæу, уæд,— йæ алы ныхас дæр кæд сабыр у, уæддæр хауы йæ дзыхæй ихы къæрт- тау. Фæзындис æм хæларзæрдæ, иууылдæр мадау кæй уарзынц, уыцы æфсин-медицинон хо æмæ куыд сабыр фæрсаг у, афтæ йæ бафарста: — Цæмæй тыхсыс, рынчын? — Иу хъуыддаг не ’мбарын. Æз рынчын нæ дæн, æви советон фæллойгæнæг нæ дæн, мæ разы хæринаг цæуылнæ ис? — Ды нырма ныр æрхуыссыдтæ. Нæма дæ зыдтой æмæ дын афоныл хæлц нæ рафыстой... Сымахмæ рынчын куыддæр æрхуыссы, афтæ йын хъуамæ йе ’гъдæуттæ кæнат. Нæ уарзон паддзахад 307
æмæ хицауад фæллойгæнджыты æнæниздзинад хъа- хъæнынæн цы фадæттæ сарæзтой,-уыдон æз тынг хорз зонын. Уæдæ уыл цы æмбæлы, уый æнæкъуылымпыйæ кæнут. — О, фæлæ хæринаг адæмæн нымадæй сфыхтой. Искæйы æххормагæй куыд ныууадзæм? — Æз уын уæ митæн ницы æмбарын, æз уæ агурын, цы мын æмбæлы, уый æмæ йæ афойнадыл рахæссут. — Бамбар... — Ды уал мæн бамбар æмæ дæ цы курын, уый ба- кæн, стæй дæумæ дæр байхъусдзыстæм. Рынчын та къулырдæм азДæхт, ома мæ ныхас фæцис. Æфсин-медицинон хо цавддурау лæугæйæ баззад, стæй йе уæхсчытыл уæлæмæ схæцыд æмæ ацыдис. Уайтагъд рахастойХъылмайæн борс, катлеттæ æмæ кампот. Хъылма раздæхти хæринаджырдæм. Рабадти йæ хуыссæны. Уидыгæй бирæ фезмæста борс, стæй уидыг баппæрста æмæ та кънопкæ нылхъывта. Уайтагъд та йæ уæлхъус алæууыдысты. — Бахатыр кæн. Кæд дын зын нæу, уæд ма мын хæринаггæнæгмæ фæдзур. Уайтагъд йæ уæлхъус æрбалæууыд сырхцъар лæг, йæ уæлæ — урс халат. — Хæринаггæнæг ды дæ? — Æз! — Æмæ ма æркæс, дæ хорзæхæй, цымæ мæнæ уый цы уа? — сызмæста борсы тæбæгъ. — Борс у, махмæ гæсгæ. — Гъе, раст загътай — сымахмæ гæсгæ. Махмæ гæсгæ та æхсæнтæ дон у. — Цæмæн афтæ зæгъыс, хорз лæг? Фыд дзы куы сфыхтис, кæнæ йæ сой йæ сæрыл куы хъазы, къабуска, картоф, уырыдзы æмæ борсæн цы æмбæлы, уыдон ыл æппæтæй дæр куы сты. Фæлæ уымæ нæ хъусы Хъылма. Уый йæхи ныхас кæны: — Нæ уарзон хицауад, йæ фæллойгæнджытæй чи фæрынчын, уыдоныл ауды, цæмæй тагъддæр сдзæбæх уой, уый тыххæй сын дзидза, царв, сой, халсартæ æмæ 308
æндæртæ уадзы, сымах та рынчынтæн æхсæнтæ дон дæттут. Уый тыххæй уæ не ’рбахуыдтой ацы кадджын куыстмæ. — Хорз лæг, дæ уайдзæфтæ демæ æрбахастай, æн- хъæлдæн. — Мæ уайдзæфтæ мемæ не ’рбахастон, фæлæ уын уæ сахъæтты тыххæй æргом кæй дзурын, уый уын уæ тъæнгтæ цæгъды. — Цыбыр дзырдæй, махмæ æндæр хуыздæр ницы ис. Кæд хæринаг дæ зæрдæмæ цæуы, уæд бахæр, кæн- иод дын хъæстыты чиныг дæр рахæсдзыстæм, сæйраг дохтырмæ дæр дын фæдзурдзыстæм,— загъта хæрн- наггæнæг æмæ ацыд. Хъылма ма цыдæртæ фæхъуыр-хъуыр кодта, стæй та рабадти æмæ йæ къубал тæбæгъмæ афтæ тынгбаи- вæзта, æмæ йæ бæрзæйы ставд норттæ куы аскъуыной, уымæй тас уыди. Райста уидыг æмæ цымын байдыдта. Афтæ хъæрæй сыллыпп кодта, æмæ йæм кæсгæйæ баз- задысты. Æдзухдæр-иу адджынæй хордтам нæ хæринаг. Ныр ыл цыма исчн хъылма ныккодта, афтæ нын ницуал ад скодта. Фæссихор палатæйæ нал райхъуысыдысты худæн ныхæстæ. Фæлæ ууыл нæ банцад Хъылма. Хæрд куы фæцис, уæд дæлгоммæ æрхуыссыд æмæ йæ цъæх цæстытæй сынтæджыты бынты кæдæмдæр фæкасти. Стæй нæ къух анвæзта æмæ кънопкæ нылхъывта. Иæ уæлхъус та æрбалæууыдис медицинон хо. — О-о-ортæ цымæ уый цы уа?— ацамыдта йæ цæс- тытæи сынтæджытæй иуы бынмæ. — Кæцыйæ зæгъыс? — æргуыбыр кодта медици- нои хо. — О-ортæ урс чн дары, уымæй! — Уый бæмбæджы фæскъау у. — Æмæ цымæ йæ бынат уым ис? — Æвæццæгæн, медицннон хотæй искæмæй æр- хаудта. Ныртæккæ йæ фелвасдзынæн. — Æмæ йæ раздæр цæуылнæ фелвæстай? Нæ уарз- зон паддзахад дын æхца уымæн фиды æмæ уæнгмар- дæй кусай. Дæ хуыздæр куыст цы у? Здыуадзæн пецы раз, мнййаг, нæ лæууыс, кæнæ сусæны мæй æхсырфæй 309
мæнæу нæ кæрдыс.— Ахæм хъæлæсы уагæй дзырдта, цыма йæхæдæг кæнæ здыуадзæг у, кæнæ та сусæны мæй мæнæу чысыл нæ фæкарста. Чызг æнæхайыры бæмбæджы къуыбаримæ куы ацыдис, уæд нæ палатæ ныхъхъус, цыма йыл стыр фыд æрцыдис, афтæ. Ивгъуыйынц уæззау минуттæ. Уалынмæ та Хъылма сындæггай кънопкæ бал- хъывта. «Цы та федта? Каемæн та уайдзæфтæ кæндзæн?» Медицинон хо та йæ разы алæууыдис. — Цу-ма, мæ хур, æмæ мын дохтыртæй искæмæба- дзур. Дохтыр æрæгмæ зынди. Уæд та дыккаг хатт мæсты æлхъывд ныккодта кънопкæ. — Уæдмæ рацыд дохтыр æмæ йæ бафарста: — Цæмæй тыхсыс, рынчын? — Уæ куыстæй тыхсын, уæ куыстæй. Хицауад уæ дæсгай азтæ уымæн фæцахуыр кодта æмæ афтæ кусат? — Дæ зæрдæмæ цы нæ цæуы? — Фæллойгæнæг адæймаджы ницæмæ дарут. Ныр кæдæй нырмæ хуыссын æмæ мæ иу дохтыр дæр нæма федта. — Рынчындонмæ дæ чи иста, уыцы дохтыр дæ фед- та, дæ низ бæрæг у — цæлмартæн. Бацæттæ дæ кæн- дзыстæм æмæ дын операци скæндзыстæм... — Æмæ ма мæ иу хатт куы фенат, рынчынæн зæр- дæтæ куы авæрат, уæд уæ цы фесæфдзæи? Рынчынæн та уый æхсызгон у, йæ низ ын суры. Дохтыр æнæбары аиуварс кодта рынчыны хъæц- цул, суагъта йын йæ хæлафы цæппæртæ æмæ йæ уынын райдыдта. Тылдысты ныл дарддæр здыйы хуызæн уæззау ми- нуттæ. Хатгай нæм-иу афтæ дæр фæкастис, зæгъгæ, мах, цы ’мбæлы, уый нæ домæм æмæ, нæ лæмæгъдзинадæй пайда кæнгæйæ, кусджытæ хынджылæг скъæрынц. Афтæмæй ныл æрæхсæв æмæ бафынæй стæм. Райсомæй Хъылма куыддæр райхъал, æмæ пала- тæйыл йæ цъæх цæстытæ ахаста, афтæ кънопкæ ныл- 310
хъывта æмæ та уайтагъд йæ уæлхъус æрбалæууы- дысты. — Кæд дын зын нæу, уæд ма хистæр медицинон хомæ фæдзур. Уайтагъд фæзындмс хистæр медицинон хо. — Зæгъ-ма мын, дæ хорзæхæй, цымæ уæлæ уæл- дæфы цы ленк кæны? Æрбацæуæг уайтагъд ауыдта тамакойы фæздæджы рог къуымбил: — Уый тамакойы фæздæг у. — Æмæ цымæ ай театры тамакодымæн уат у, æви фæллойгæнджыты рынчындон? — Рынчынтæй иуæн йæ бон стын нæу. — Æмæ кæд стын йæ бон нæу, уæддæр хъуамæ æм- бара, ам палатæйы тамако дымæн кæй нæй, уый, æмæ йæхи урома. — Ахæм сахат рынчынтæ сæхæдæг баныхас кæ- нынц. — Æмæ рынчынтæ кæрæдзимæ дзурой, уый дæ цæмæн фæнды? Рынчындонæн ис йæхи æгъдæуттæ æвæрд æмæ уыдон хъуамæ иууылдæр æххæстгонд цæ- уой, ды сæм дæ хъус дарай. Нæхи уарзон паддзахад дын уымæн фиды æхца. Куыд дарддæр тынгдæр фæлмæцын райдыдтам Хъылмайæ. Дзургæ йæм ничи ницы кодта — никæйы фæндыдис йæ къахын. Æрмæст дохтырæн лæгъстæ кодтам, операци йын рæвдздæр куыд скæной æмæ тагъддæр рынчындонæй куыд федде уа. Скодтой йын операци. Систой йын йæ хуыдтытæ. Цæуын райдыдта. Æмæ йын дохтыр загъта: — Абон дæ рафысдзыстæм. Рынчындоны сæр дæ ницæмæнуал хъæуы. Уæхимæ сдзæбæх уыдзынæ. — Ницы мæ афысдзынæ, мæ хур, ницы. Æз нырма дзæбæх нæма дæн æмæ уæ бон нæу тыххæй мæн æрви- тын. Ахæм æгъдау никуы ис. Нæ паддзахад нын рухс рынчындæттæ уымæн аразы æмæ дзы нæхи кæронмæ дзæбæх кæнæм,— æмæ та къулырдæм аздæхт. Мах дохтырмæ нæ цæстæй амонæм, арвит æй, зæгъ- гæ. Дохтыр дæр йæ мидбылты бахудтис æмæ ацыдис. Уый фæстæ райсом ын аходæн нал рахастой æмæ та кънопкæ нылхъывта. 311
— Зæгъ-ма, дæ хорзæхæй, рох уæ фæци, æви мын аходæн цæуылнæ рахастат? — Дæ дохтыр дæ знон рафыста æмæ дын нал æмбæлы... — Æмæ цымæ фæллойгæнджытæй æдзухдæр аф- тæ фæхынджылæг кæнут, æви æрмæст мæн равзæрстат «нывондæн»? — Уæлдай хъулон митæ никæмæн кæиæм. Уалынмæ æрбацыдис хистæр медицинон хо æмæ Хъылмайæн загъта: — Дæ бынатмæ ног рынчын æнхъæлмæ кæсы æмæ йæ суæгъд кæн. Бамбæрста Хъылма, æнæ ацæугæ йыи кæй нал ис. Сыстад. — Хорз, мæ хуртæ, хорз. Æз фехъусын кæндзынæн нæ уарзон хицауадæн, фæллойгæнæг адæмыл куыд аудут, уый тыххæй. Фæцæуы Хъылма, дуармæ комкоммæ кæсгæйæ. Иæ размæ фæцис ног рынчын — бæзæрхыгтæ арæзт лæппулæг. — А-а-а, Хъылма! Ды та ам цы агурыс? — хъаз- гæйæ бафарста лæппулæг. Цы дзуапп радта Хъылма, уый нал фехъуыстам — феддæдуар. Ног рыичын æрбацыд æмæ хъæлдзæгæй салам радта, стæй бафарста: — Цæй, куыд цардыстут Хъылмаимæ? — Дæ хорзæхæй, чи у æмæ йыл цы ном сæвæрдтам, уый цæмæй базыдтай? — Цы ном ыл сæвæрдтат? — Хъылма. Ног рынчын зæрдиагæй ныххудтис. 1956
НАЛХЪУЫТÆ Институт каст фæцис Налхъуытæ. Паддзахадон экзаменты ахæм дзæбæх дзуаппытæ лæвæрдта, æмæ йæм профессортæ хъусгæйæ баззадысты. Райсом райс- дзæн, æхсæз азы кæуыл фæкуыста, уыцы диплом... Æмæ дарддæр та? Искæдæм æй арвитдзысты, кус- дзæнис зæрдиагæй, фæлæ уый æххæст амонд нæу... Кæимæдæр ма дзуры чызджы зæрдæ... Хорз иæу, ахæм сахат дæхммæ хъус. Иæхæдæг дæр æй æмбары, фæлæ ницы у йæ бон. Цыма йын уыйбæрц йæ зæрдæ чн сæнкъуысын код- та? Уый Долæт у, скъолайы ну къласы кæимæ бадтн, уыцы Долæт. Æртæ боны цæуы, афтæ та йæм лæппу хъæуæй фæ- зындис, йæуæлæ уыдийæцъæх бостон костюм, къæх- тыл—æрттиваг туфлитæ, сæрыл—«цыбырдымæг» кеп- кæ. Иннæ хæттытæй хъауджыдæр уыцы бон бабаста галстук. Æвæццæгæн æм аив нал фæкастис, уæлдæр скъола каст чи фæцис, уыцы Налхъуытæйы раз- мæ æнæ галстукæй бацæуын. Раст зæгъын хъæуы, галстук æдзухдæр иуварсырдæм бырыдис æмæ йыл нæ фидыдта, фæлæ уый йæхæдæг нæ уыдта Долæт. Налхъуытæмæ-иу æввахс куы балæууы- дис, уæд-иу чызгæи йæ фындзыхуынчъытыл сæмбæл- ди арахъхъ æмæ духийы тæф. Спектаклты куыд вæй- йы, афтæ лæппу йæ къухтæ йæ рпуыл дзуарæвæрд скодта æмæ дзырдта: — Мæ зынаргъ Налхъуытæ, институт каст кæй фæдæ, уый æрмæст дæу амонд нæу. Уый мæн амонд дæр у... 313
— Ды та дзы кæцырдыгæй самондджын дæ? — фыццаг хатт æй бафарста Налхъуытæ дæрзæг хъæ- лæсæй. — Уарзгæ дæ кæй кæнын, уьш рагæй куы ’мбарыс. — Уыцы уарзт дæу дæр нииæмæн хъæуы æмæ мæн дæр. Хъæуæй-иу æм арæх суаднс Долæт. Уарзон ны- хæстæ йын-ну кодта, фæлæ сыл Налхъуытæ ннкуы смæсты, тызмæгдзурын æмникуы сфæрæзта, æрмæст ыл йæхинымæр худти. Ныр ын йе ’рбацыд мæлæты хъыг у. Фæнды йæ, дзæбæх истытæ йын куы зæгъид, уый дæр. Долæт йæ мад æмæ йæ фыдæн иунæг лæппу уыди. Ныййарджытæ куыстой колхозы, хъуаг иицæмæй æййæфтой. Фыд — хъуыстгонд звеновод. Мæскуыйы хъæууопхæдзарадон равдыстмæ дæр æй арвыстой. Ни- цы хъуаг уагътой сæ фырты, хъуазы æхсыр æй куы бахъуыдаид, уæд ын уый дæр ссардтапккой. Ноджы Долæт нымад уыд хъæуы, лæппуты хæрзконддæрыл. Уый йæхæдæг дæр æмбæрста æмæ хуымæтæджы сæ- рыстыр уыди йæхицæй! Цыма, кæмæ бадзура, уыцы чызджытæй йæхи амондджыныл чи нæ банымайдзæн, ахæм нæй, афтæ йæм касти. Налхъуытæ йын дзуапп кæй нæ лæвæрдта, уый дæр афтæ нымадта, зæгъгæ, уыдои чызджы ратас-батастæ сты, уадз æмæ сæ кæна, фæлæ йæ фæстагмæ уæддæр йæхи къухтæм хъæуы. Налхъуытæ та у цыппар хойы æмæ æртæ æфсымæ- ры кæстæр. йæ хистæрты къабатæ бакъаддæр кæны- нæй уæлдай йæм йæхп номыл къаба никуыма æрхау- дис, цалынмæ пнститутмæ бацыдис, уæдмæ. Уæдæ рæсугъдты рæсугъддæр нæу, уæддæр ыл тынг æнувыд у Долæт. Æвæццæгæн ма рæсугъддзинадæй уæлдай сылгоймагмæ цыдæр миниуæг ис, лæппутæн йæхи цæ- мæй уарзын кæны, ахæм... Иæ удыбыцъынæг скъуыны Долæт фæстаг рæстæг Налхъуытæйы йæхимæ раздахыныл. Налхъуытæ йæм карз ныхас кæнын кæй райдыдта, уый хорз æмбары. Цымæ, цæмæн? Кæмæ æнхъæлмæ кæсы? Томамæ? Æмæ цымæ Томамæ ацæуид? йæ параличæй цæф мадмæ кæсын йæ бон бауыдзæн? 314
Долæтæн æргом куы загъта, маиæмæ æнхъæлмæ кæс, зæгъгæ, уæд йæ хуыссæны иыддæлгом Налхъуы- тæ æмæ хъуыдыты ацыдис, йæ ивгъуыд царды нывтæ йæ цæстытыл радгай уадысты. Налхъуытæйæн æппæты фыццаг цæмæндæр йæ цæстытыл ауадис Томайы сурæт. Ехх, Тома, Тома! Æстæймаг къласæй фæстæмæ дæ бирæ куы уарзы Налхъуытæ, уæд ын дæхæдæг ны- ронг исты цæуылнæ бамбарын кодтай? Æви Налхъуы- тæйæ рæсугъддæр чи у, уымæй дæ фылдæр чи бауарздзæн, ахæм ссарынмæ хъавыс? Налхъуытæйæ рæсугъддæртæ бирæ дæр ссардзынæ, фæлæ дæ Нал- хъуытæйæ фылдæр чи бауарздзæн, ахæм чызг дуне- йыл нæй æмæ иæ разыидзæн. Фæлтау æй хъизæмарæй мауал мар, æргом ныхас ын зæгъ. Мæнæ та йæ цæстыты разæй нал æмæ нал хицæн кæиы Тома,— саухил, сауцæст лæппу. Æхсæзæм къласы дыккаг аз куы баззадис Долæт æмæ Томаиты къласмæ куы бахаудта, уæдæй фæстæ- мæ дыууæ лæппуйы бахæлар сты. Налхъуытæ не ’мбæрста, се ’хсæн иумæйагæй цы ис, уый. Тома кæд- дæриддæр сабыр æмæ æмбаргæ уыдис, Долæт та тæл- тæг арæзт. Тома уыцы мадзурайæ лæууыд. Долæтæн та йæ чыр-чыр æмæ кæл-кæлæй ныхас никуы æнца- дис. Ахуырмæ дæр Тома йе ’мбалæй бирæ рæвдздæр уыди. Уæдæ æхсæнадои куыст дæр кодта Тома, æнæ- хъæн скъолайы фæскомцæдисон организацийæн ма йæ секретарæй дæр равзæрстой. Долæт та-иу суанг фæскомцæдисы æмбырдтæм дæр цыдис, куы йæ бафæндыдаид, æрмæст уæд. Алыхуызæттæ уыдысты æмæ сын Налхъуытæ дæр уымæн дис кодта сæ хæлардзинадыл. Фарæстæм къласмæ куы цыдысты, уæд Налхъуы- тæ бынтондæр бауарзта Томайы. Уыцы рæстæг æй куыд тынг фæндыд, Тома йæм цы зæрдæ дары, уый базонын! Фæидыдис æй, Долæтау æргомдзырд куы уыдаид, уый. Тома æмæ Долæты хæлардзинады къæм бахаудта, фарæстæмты куы ахуыр кодтой, уæд. Уый рауадис Налхъуытæйы тыххæй. Цæвиттон, иу бон Долæт скъоламæ æрцыдис расыгæй, чызджытæм дзæгъæл- 315
дзырд кодта, куы сæ-иу кæмæ февнæлдта, куы кæмæ. Тома йæ цуры лæуд фæци, нал æм фæлæууыд, иуварс ыл ахæцыд, фæлæ уый йæхи атыдта æмæ та чызджы- ты цурмæ бацыд. — Фæсивæды раздзог дæ æмæ сыл аудыс, нæ? Ба- хатыр кæн дæ «бæрзонддзинад», фæлæ нырма мæ хъæлæсы бартæ ист нæма сты. Кæд исты сæрмагонд указ фæзына, уæд йæ дзыхыл æппæты фыццагдæр цъутта чи сæвæрдзæн, уый у мæнæ дæ иузæрдион «ца- гъар» Долæт. Чыздж>1тæ Долæты сæхимæ æмгæрон нæ уагътой, фæпырх-иу сты, фæлæ иуахæмы лæппу Налхъуытæйы даргъ дзыккугæ ацахста æмæ сæ ратъæпп ласта. Аф- тæ фæрыстис чызджы сæры цъар, æмæ йæ кæуын нал баурæдта, йæ цæссыгтæ уадултыл æруадысты. Тома хуымæтæджы не ’рбамæсты. Ацахста Долæ- ты къубал, бахаста йæ къулмæ, афтæ йæ нылхъывта æмæ Долæты цæстытæ рацæйхаудысты. Фæлæ уай- тагъд бамбæрста, фæскомцæдисонæн, уæлдайдæр та, æнæхъæн организацийы секретарæн æппындæр чи не ’мбæлы, ахæм хъуыддаг кæй бакодта, æмæ Долæты суагъта. — Хорз, хорз! — загъта Долæт.— Секретарæн йæ фæскомцæдисоиты марыьы бар чи радта, ууыл та не ’мбырды адзурдзыстæм. Тома йæ рæдыдыл састи, сæрмагондæй йыл æм- бырды æрдзырдтаиккой, фæлæ йæ Долæт йæхæлæг нæ бауагъта: æмгæртты æхсæн ахæм февнæлдтытæ иу хатт æмæ дыууæ хатты рауайы! Тома йæ сæрыл кæй сдзырдта, уый Налхъуытæйæн æхсызгон уыди, иуæй афтæ бамбæрста, зæгъгæ, уарзы йæ æмæ йæ хъахъхъæны, уæдæ иннæ чызджытæм куы ныхылдта, уæд афтæ цæуыннæ æрбамæсты? Ин- нæмæй та уæд Долæты уæлдай митæй æмæ ныхæстæй фервæзид, зæгъгæ, ууыл йæ зæрдæ дардта. Уый фæстæ-иу Тома Налхъуытæмæ афтæ бакаст æмæ-иу чызг «фæцæйтадис».Æмæ-иу уæд баууæндыд, Тома йгем цыдæр дзæбæх зæрдæ кæй дары, >уыл. Æмæ ма йæм-иу уыцы рæстæг исты куы сдзырдтаид,— уæд та иу фæсномыг ныхас,— уæд чызджы зæрдæ æр- сабыр уыдаид. 316
Афтæ цыдысты бонтæ. Ног къæм та бахаудта То- ма æмæ Долæты хæлардзинады. Зымæджы каникултæ куы фесты, уæд ма Долæт скъоламæ фæцыдис иу-дыууæ къуырийы, стæй нал фæзындис. Кæд рынчын фæцис, зæгъгæ йæм сæ хæ- дзармæ бауади Тома. Долæты баййæфта расыгæй. Уый æд дзаумæттæ диваныл уæлгоммæ хуыссыдис, цыдæртæ дзырдта йæ мадæн, кæл-кæлæй худтис. Мад бадтис йæ разы, ныл- лæг æртыкъахыг бандоныл, цыдæртæ æмпъызта. Уый дæр худтис йæ мидбылты. Мад æхсызгон «æгасцуай» загъта Томайæн. Фæлæ Долæт йæ бынатæй нæ фезмæлыд, афтæмæй салам радта æрбацæуæгæн. Фæстæмæ аздæхинаг уыдис Тома, Долæт ын йæ ныхасмæ куынæ байхъуса, уымæй тарсти, фæлæ цæ- мæндæр лæугæйæ баззад. — Скъоламæ нал зыныс æмæ дæм фæрсынмæ æр- бацыдтæн. Кæд, зæгъын, рынчын фæдæ. — Ома фæскомцæдисы организацийы кад ба- хъахъхъæнын хъæуы, нæ? Ха-ха-ха! Ох-ха-ха-ха! Уæуу, дæ гуыбыныцъар худæгæй аскъуына, Тома... — Фæскомцæдисы организацимæ ис йæ кад ба- хъахъхъæныны хъару, фæлæ скъоламæ цы æфсонæй нал цæуыс, уый хъуамæ зона дæ хæлар. — Дæ фæхъхъау фæуон, Тома, йæ дарддæры ахуырмæ йæ ныфс нал хæссы æмæ йæм мах дæр нæ зæ- рондимæ ницуал дзурæм,— загъта мад. — Афæдз æмæ æрдæг йедтæмæ йæ куынæуал хъæ- уы, уæд йæ ахуыр уадзы? — дисгæнгæйæ бакаст То- ма фыццаг Долæтмæ, стæй мадмæ. — Аттестат райсынмæ дæ къахдзæф æмæ æрдæг йедтæмæ куынæуал хъæуы, уæд ныллæууынмæ хъа- выс? — Æмæ цы у аттестат? Мæ зондыл мын бафтау- дзæн уыцы хъулон гæххæтты гæбаз, æви мæ хъару- йыл? Зонын æй, аттестат куы райсон, уæддæр æрмæст «æртыгæйттимæ» æмæ ахæм гæххæтты гæбазимæ ин- ститут нæ, фæлæ техникуммæ дæр иал хауынц. Ехх, Тома, Тома! Мæнæй ницы рауадис,—йæ кæуын йæ 317
хъуыры абадтис Долæтæн. «Уый дæ раздæр зоиын хъуыдис»,— зæгъынмæ йын хъавыд, фæлæ уыцы ны- хасæй æфхæрынæй дарддæр кæй иицы пайда ис, уый дæр бамбæрста. — Бынтон дзæгъæлы сæттыс дæ ныфс дæхæдæг. Фидардæр фæлæуу, мах дæм не ’ппæт дæр фæкæс- дзыстæм, кæронмæ ахæццæ кæн дæ ахуыр,— загъта сабырæй Тома. — Ууыл мауал дзурæм, Тома... Нæй, ницы мæ ра- уадис! — Ныууадз æй, дæ фæхъхъау фæуон, йæ фыд æмæ йæ фыды фыдæлтæ дæр ахуыргонд нæ уыдысты æмæ уæддæр æвзæрдæр никæмæй цардысты.— загъта мад. — Цæй-ма, нана, ды та æмбаргæ ницы фæкæныс, афтæмæй фæдзурыс. Уый бæсты ма нын мæнæ Тома- имæ фæйнæ арахъхъы авæр. — Нозтмæ æмхиц кæй нæ дæн, уый хорз куы зо- ныс. — Æмæ ды ма нуаз. Æз дæ цæрæнбоны тыххæй бакувдзынæн. Мад куы ацыд, уæд та Тома баздæхт Долæтмæ. — Æмæ уæдæ куыд аразынмæ хъавыс дарддæр дæ цард? — Сæрмæ ницы цæуы хорзæй. — Исты куысты дæ ныллæууын хъæуы. — Цавæр куысты? — Колхозы бирæ алыхуызои куыстытæ ис... — Сæрдар мæ не ’скæндзысты, афтæ завхоз кæ- нæ бухгалтер дæр, клубы кæнæ кæсæндоны хицауы куыст мæнмæ не ’рхаудзæн. Сау куыстмæ мæ æр- витыс? — Уынгты дзæгъæл леккайы бæсты сау куыст дæр хорз у. — Нæ! Уымæн дзы бынат нæй. Цæй, ныууадзæм уыцы ныхас. Мад рацыдис æд графин, æд тæбæгътæ æмæ йæ ныхас баппæрста: — Мах кусæм колхозы, æмæ уый æгъгъæд нæу? Лæппуйы уым ницы хъуыддаг ис. Цалынмæ æгас стæм, уæдмæ йæ æххопмаг нæ ныууадздзыстæм. 318
— Æмæ сымах куынæуал уат, уæд та? —. афарста Тома. — Уæддæр йæ амонд конд у. Сыдæй ничима амард. Æнкъардæй рацыдис Тома, йæхи æдых æмæ æнæ- хъару схуыдта. Тома архайдта йе ’мбалы фервæзын кæныныл. Фæ- дзырдта йæм фæскомцæдисон бюромæ, фæлæ уымæй ницы рауад. Загъта парторганизацийы секретарæн. Ныхас бæргæ радта Долæт йæ нозт ныууадзыны тых- хæй, фæлæ та дыккаг бои фыдрасыг ссис æмæ кæйдæр фæнадта. Æппынфæстаг Долæты фæскомцæдисæй æппарын бахъуыдис. Томамæ афтæ кастис, цыма йе ’сраст кæнынæн цавæрдæр мадзал баззад, фæлæ йæ зæрдыл куы ницы æрлæууыд, уæд рахаста хъуыддаг иумæйаг æмбырдмæ... Уыцы хабæрттæ хорз зыдта Налхъуытæ. Æмæ мæ- нæ Долæт йæ разы куы æрбалæууыд, уæд сæ æрбай-, мысыди. Æвæдза, Тома йын бирæ хорздзинад фæци, фыд- зæрдæ йæм никуы бадардта. Чи зоны, Томайы афтæ бирæ дæр уый тыххæй бауарзта Налхъуытæ. Цымæ цытæ бафтид Томайы къухы, Долæты хуы- зæн фадæттæ йын куы уыдаид, уæд? Хæсты райдиан фæмард йæ фыд, йæ мад сидзæргæсæй баззад. Фæстаг комыкомдзæгтæй фæхаста йæ фырты. Фæлæ мадæн йæ фыдæбæттæ аслам нæ рауадыс- ты, æмæ йæ паралич ныццавта. Уый уыди, Тома дæ- сæм кълас каст фæуынмæ куы хъавыд, уыцы рæстæг. Тома йæ ахуыр ныууадзинаг уыдис, фæлæ йæ мад ской дæр нæ бауагъта. Фæзындæр ис лæппуйæн. Алы переменæйы дæр-иу сæхимæ згъордта. Уæддæр та æнæ адæмы æххуысæй ницы саразæн ис. Сыхæгты устытæ рынчынмæ радгай сæ цæст дарын райдыдтой. Æмбæрста Налхъуытæ, йæ мадыл афтæ æнувыд чи у, уый йæ фидæны къайæн дæр цардæй исты кæй фенын кæнизæн. Ехх, цæй амондджын уыдзæн, Тома кæй ракура, уый! Налхъуытæйæн йæхиуыл не ’сдзурдзæн, уый йæ 319
нæ уырныдта. Фæлæ кæйфæнды куы ракура, уæддæр æй Налхъуытæ уарздзæн. Уалынмæ каст фесты скъола Налхъуытæ æмæ Тома. Лæппу институтмæ ацæудзæн æви нæ? Горæты арæхдæр æмбæлдзысты æмæ йын йæ фæнд зæгъид, кæд æм исты зæгъинаг ис, уæд. Æргом ныхасмæ йæм æнхъæлмæ каст Налхъуытæ, скъола каст фæуыны тыххæй æнæхъæн къласæй куывд куы сарæзтой, уæд дæр. Цæмæй зыдта Налхъуытæ, Томайæн йæхи тынг- дæр кæй фæнды, ахæм ныхас зæгъын... Иуахæмы хибарæй аззадысты Налхъуытæ æмæ То- ма. Гъе, гъе, ныр бамбарын кæндзæн йæ хъуыды, зæгъгæ, æнхъæлмæ кастис чызг, фæлæ се ’хсæны ра- уадис мæнæ ахæм цыбыр ныхас: — Налхъуытæ, æвæццæгæн, дæ гæххæттытæ ис- кæдæм бадæтдзынæ. — О. — Дæуæн æнцон у. Дæ майдан дæ къухы! Алкæ- дæм дæр дын — фæндаг. — Уыцы фæндаг дæуæн дæр ис... Стæй ды æнæ майданæй дæр кæмæйдæрты дарддæр ацæудзынæ... — Нæ, Налхъуытæ, мæнæн институтыл хъуыды кæнæн нал ис, мæ мады нæ ныууадздзынæн... Фæлæ, Налхъуытæ... Уыцы сахат фæсивæд хъæргæнгæ фæмидæг сты уа- ты æмæ йæ къухы ницуал бафтыд зæгъын... Чи зоны, æмæ уыцы ныхас уыди... Уый уыдаид, тынг фæлмæн æмæ æфсæрмхуызæй загъта фæстаг дыууæ дзырды. Фæззæджы Налхъуытæ институтмæ бахаудис. Сæр- ды-иу хъæумæ æруад, фæлæ арæх нал уыдта Томайы. Уый фермæйы куыста. Фермæ та хъæумæ дæрддзæф уыдис. Æнкъард кодта Налхъуытæ хъæуы, æнæ Тома. Никуы йæм ссыди горæтмæ дæр. Долæт та йæм арæх суай-суай кодта. Иу хъуыды ныффидар Долæты сæры. Налхъуы- тæ тагъд ахуыргонд фæуыдзæн æмæ йæ хъуамæ раку- ра. Цæрдзысты иумæ. Налхъуытæ кусдзæн... Цæуыл- нæ йын хъуамæ бакома? Бæсты рæсугъд куы нæ у. 320
Томайæ нæ тарстис. Налхъуытæ уыйбæрц æдылы нæу, æмæ Томайы рынчын мады цурмæ æрцæуа. Ууыл йæ зæрдæ даргæйæ, арæхæй-арæхдæр суа- йы горæтмæ Долæт. — Куыдтæ у, цытæ кусы дæ хæлар Тома та? — барæй афæрсы Налхъуытæ Долæты, ома йæ кæй уар- зы, уый бамбара Долæт æмæ йæм мауал цæуа. — Æ-æ-æ! Дæ фыдгул дæр Томайы уавæрты ба- хауæд... Бон-изæрмæ куысты вæййы, æхсæв-бонмæ та йæ рынчын мадимæ хъизæмар кæны... Омæ йæ дыууæ ныхасы афыссынмæ дæр никуы ра- дæлы? Уыцы ныхас куы рауадис Налхъуытæ æмæ Долæ- ты æхсæн, уæдæй фæстæмæ чызг æмбары, Томайæн цас зын у, уый. Мæсты йæм нал кæны. Уæд Налхъуытæ бавдæлди, æмæ йæм арвыста пис- мо. Иунæг æргом ныхас дæр дзы нæ ныффыста. Налхъуытæ дзуапп райста. Тома фыста хъæуы ха- бæрттæ, йæ ахуыры тыххæй та фехъусын кодта, зæгъ- гæ, фæззæджы бацыди Налцыччы институтмæ, фæсау- уонмæ ахуыр кæндзæн. Иæ хъуыддæгтæ æвзæр не ’сты. Цæмæн Налцыччы институтмæ? Сæ хъæумæ хæ- стæгдæр кæй у, æвæццæгæн, уый тыххæй? Уыйадыл та ныхъхъус сты. Цыдысты бонтæ. Тома цыппæрæм курсмæ бахызт. Налхъуытæ та институт каст фæцис æмæ йæ диплом райсынмæ æнхъæлмæ кæсы. Фæлæ цымæ уый æх- хæст амонд у? Мæстæй фыцы Томамæ. Æфсæрмыгæ- наг лæппу уыдис æмæ кæд чызгмæ æргом ныхас нæ уæнды?.. Нал та баурæдта йæхи Налхъуытæ, райста та йæ ручкæ... Цал æмæ цал гæххæтты аскъуыдта æмæ æппынфæстаг ныффыста: «Зынаргъ Тома! Ныххатыр мын кæн, чи не ’мбæ- лы, ахæм ныхæстæ фыссын. Æз дæ уарзтон бирæ аз- ты дæргъы æмæ йæ мæ бон басусæг кæнын нæу. Фæлæ ды æгæр хъæбæрзæрдæ разындтæ: мидбылты бахуд- тæй та куыд нæ балхæдтай, бирæ дæ чи уарзы, уыцы| адæймаджы зæрдæ? Цæй, ницы кæны. Уарзондзинад уыдис æмæ атадис. 21 Мамсыраты Дæбе 321
Фысгæ дæр ма дæм æй цæмæн кæнын, уымæн ни- цы æмбарын. Хæрзбон уал. Налхъуытæ». Уыцы писмо бирæ фæрахæсс-бахæсс кодта, иу ран æй посты асыччы хуынчъы ризгæ къухæй атъыста. Фестъæлфыд йæ быиаты, йæ цæсгом йæ къухтæй ам- бæрзта æмæ ралыгъд. Цы уыдзæн дарддæр? Æмæ писмо искæмæ куы рав- диса, уæд та? Дзурдзысты: «Налхъуытæ мойæгтæ дæр йæхæдæг агуры, мииæвар дæр йæхæдæг у». Чи зоны, æмæ йæм æппынфæстаг фæзына Тома. Фæлæ нæ... Уый бæсты йæм фæзынд Долæт. Мидæмæ йæ нæ бахуыдта Налхъуытæ. — Цæй-ма, ницы ма хуыздæр æрхъуыды кодтай, Налхъуытæ? Куы мын басыгътай мæ зæрдæ. — Мæ ныхас дын раджы загътои... — Уый дзуапп нæу. — Уæдæ мæм æндæр ницуал зæгъинаг ис— Нал- хъуытæйы ацы сахат фæндыд Долæты дзæбæх ал- хыскъ кæныи, фæлæ йæхи урæдта. Уыди тæвд бон. Хъæуы цы анозта, ууыл ма горæты дæр афтыдта æмæ йæ сырх-сырхид цæсгомыл хид лæ- сæнтæ кодта. Æмæ ма йын ацы ныхас куы загъта Налхъуытæ, уæд ноджы тынгдæр фæсырх. — Уыцы иыхæстæ ныууадзæм, фæлæ ма зæгъ, дæ хæлар Тома та куыд цæры?— бафарста Налхъуытæ, зоны, Томайы кой Долæтæн маст кæй у, кæй фæкъуых- цы уыдзæн. Нæ, ацы хатт иæ фæкъуыхцы, æнæрвæссон худт бакодта æмæ загъта: — Уымæн дæр ницы у. Стæй йæм цы писмо ныф- фыстай, уый дæр зонын. — Кæцæй йæ зоныс? — Хъæууынгты зилы æмæ йæ адæмæн кæсы. Налхъуытæ фестъæлфыд, йæ цæсгом афæлурс. Фæ- лæ йæхи фæурæдта æмæ сабырæй загъта: — Цы кæны, уый йæхи бар у. Фæлæ ды цу уæхъ мæ æмæ-иу ардæм макуыуал ссу, æз ам нал уыдзы- нæн. Фæндараст у,— æмæ бараст мидæмæ. — Кæдæмдæриддæр цæуай, уырдæм дæ фæдыл 322
фæцæудзынæн,— айхъуыста ма чызг, фæлæ йын дзуапп нал радта. Налхъуытæ куыддæр йæ сынтæгмæ бахæццæ, аф- тæ йыл йæхи дæлгоммæ баппæрста æмæ хъæрæй нык- куыдта. Дзæвгар рæстæджы фæстæ айхъуыста сыл- гоймаджы мыхас. Базыдта йæ,— уый уыдис йæ ас- тæуыккаг хо Гагула. Иухатт дзы сæ мад раст загъта: «Кæмæй фæцис, уымæн ницы зонын. Насау нын- иæрсти æмæ цæугæ кæны, тулгæ, уый бæрæг ын иæй, афтæмæй кæм нæ балæудзæн!» Суаиг Бакуйы онг ахæццæ вæййы æд арахъхъы ка- нистрæ. Æмæ æниу кæм нæ балæууы товартæ ласып- мæ? Хъазгæйæ ма хъæуы дыууæ дуканийы дæр «Га- гулайы филиалтæ» хоныиц. — Ды ам фæлæуу, куы хъæуай, уæд дæм фæдзур- дзыстæм,— загъта кæмæндæр барджын иыхасæй æмæ йæхæдæг Налхъуытæйы уаты фæмидæг, йæ тъæпæн фындзы фæрстæ ныттынг æмæ иыффæлурс сты, аф- тæмæй. Нæ, Гагулайæн Налхъуытæимæ зындæр дзурæн у, уый йæм инпæ биноитау нæ хъусы. йæ хойы æлхынцъæрфыгæй куы федта Налхъуы- тæ, уæд бамбæрста, йæ писмойы хабар сæм кæй бай- хъуыст æмæ йæм кæй слæбурдта. — Зæгъ ма мын, ме ’стыр ахуыргонд æмæ зонд- джыи хо Налхъуытæ, Чъеппы-фырт (ахæм нæмттæ авæраг уыдис Гагула) Томайы минæвæрттæ нæ дуæрттæ куы фæсастой, уæд сын цы дзуапп рат- тæм? — Минæвæрттæн-иу цы дзуапп раттынц, ахæм. — Æмæ дын дæ хъуыды куы нæма æмбарæм,— æлхыскъ ныхасæй загъта Гагула. — Уыцы хъуыддæгтыл разы чи у, уыдонимæ ба- нымайут мæн дæр,— Налхъуытæ архайдта сабыр дзу- рыныл. Минæвæртты коймæ йæ зæрдæ йе ’муд нал цыди. — Уæдæ Чъунайы-фырт (ныр та æндæр номæй ра- хуыдта Томайы фыды) раст у, дæхæдæг разы дæ, зæгъгæ, ныи куы зæгъы, уæд? — Кæд афтæ дзуры, уæд, æвæццæгæн, раст у. — Æмæ дын цавæрдæр Доихъуыры фырт (ног ном 323
та аймысыд) дæ хабæрттæ хуыздæр куы зоны махæй, уæд ма дзы мах та чи стæм? — Сымах дæр сæ афойнадыл базондзыстут. — Уæдæ комыс Чъунайы-фыртæн, нæ? — Кæд мыл æрвæсса, уæд. — Æмæ йæм уæд цæугæ та цæмæн кæныс? — фыр- мæстæй сыф-сыф кæнын райдыдта Гагула.— Иæ мæ- гуыры смагмæ смудынмæ, æви йæ цæнкуылтæ мадмæ зилынмæ? — Уарзон цæмæн фæраза, уымæн æнцон фæра- зæн у. — Æмæ уæд Долæтæн та цы дзуапп раттæм, уый дæр нæм куы æрвиты, уæд? — Мæнæй йæм цы дзуапп ис, уый йын раттут. — Æмæ дæ хъуыддæгтæ дæхæдæг куы саразай, уæд ма дзы мах сæр цæмæн хъæуы? Ахуыр фæкодтай, фæлæ дæ зонд кæмдæр кълæсты æмæ чингуыты баз- задис. Æндæр ма искуы мыдыкъусджы хуызæн хæ- дзар æмæ арвуациллайы хуызæн лæппу Долæты ца- вæрдæр Хъуырдыны-фыртæй баив. — Æмæ йæ ивгæ куы нæ кæнын. — Цæй, дæуимæ дзурын мæ бон нæу. Фæлæ дын» бинонты номæй зæгъын, мах дæ Томайы хæдзармæ чындзы нæ арвитдзыстæм. Дæхæдæг архай, куыд арæхсыс, афтæ. — Уый та куыд? Цæуылнæ хъуамæ ацæуон мæ фыд æмæ мæ мады хæдзарæй? — Уымæн æмæ йæ фæхудинаг кодтай, дæ мад æмæ дæ фыды сæрты ахызтæ, дæхæдæг цуан кæныс. Æвиппайды дуар фегом, æмæ æрбауади Тома. Нал- хъуытæ джихæй баззад. Стæй йæ цæстытæ ссыгъды- сты. — Налхъуытæ, ницæмæн нæ хъæуы адоны æххуыс. Нæхæдæг искуыдтæй сракугъд кæндзыстæм нæ амонд. — Æ-æ-æ, дæ-дæй дыл фæкæной, мæ ахуыргонд хо, кæд дын чингуытæ æндæр ницы радтой, уæд! — йæ армытъæпæнæй йæ ных бахоста Гагула æмæ дуары æдде фæцис. Дыууæ уарзоны сæ сæртæ æруагътой æмæ æнцад лæууыдысты. — Налхъуытæ, дæхæдæг ныффыстай уыцы писмо? 324
— Мæхæдæг... Фæлæ йæ æнæхъæн хъæуæн кæсын цæмæн хъуыд? — Æмæ йæ чи бакаст? Мæн æмæ йæ Долæт йед- тæмæ куы ничи зоны. Налхъуытæйæн йæ зæрдæ йе ’муд æрцыд. Скаст Томамæ. — Æмæ йæ Долæтæн дæр цæмæн бакастæ? Нæ йын зоныс йе ’взаг? — Иæхæдæг æй райста постхæссæгæй, мæ хæлары писмо у æмæ йæм æй бахæццæ кæндзынæн, зæгъгæ, æмæ йæ бакаст. — Уæдæ уый ныххæлиу кодта хабар æнæхъæн хъæуыл? — Нæ. Æз ын фидарæй загътон, нæ бауæндыдаид. Налхъуытæ касти комкоммæ Томайы цæстытæм, стæй йæ сæр æруагъта æмæ хæрзцыбырæй бафарста: — Цæуылнæ мын искуы исты загътай дæхæдæг? — Нæ уæндыдтæн, Налхъуытæ... Мæ уавæртæ мын уыныс... Куыд дæм фæдзырдтаин, рæстæгмæ цы зын- дзинады бахаудтон мæхæдæг, уырдæм хъизæмар кæ- нынмæ. — Æмæ ды цæмæй нæ тæрсыс, уыцы зындзинæд- тæй мæнæн тæрсын æнхъæл дæ? Налхъуытæ æмæ Тома кæрæдзимæ бакастысты. 1956
ПРИНЦИПИАЛОН ХЪУЫДДАГ Уæддæр куыд хивæнд у лæппуйы зæрдæ! Тузар нæ уыди, уый йæ не ’сразы кодта, зæгъгæ, уæд ахæм хъуыдымæ никуы æрцыдаид... Уæвгæ, Лубæ æмбæрс- та, уыцы фæнд йæхи зæрдæмæ дæр кæй цæуы. Фæлæ дзы цы рауайдзæн? Миййаг дзы куы ницы рауайа, уæд йæ адджын сæнттæ æрбайсæфдзысты Лубæйæн. Уыцы хъуыдытæ Лубæйы сагъæстыл бафтауыпц, цыма йæм æвирхъау цыдæр æнхъæлмæ кæсы, уыйау фæтæрсы. Хатгай та афтæ фенхъæлы, цыма йын йæ фидæн стыр амонд æрхæсдзæн. Æмæ уæд йæ зæрдæ цинæй айдзаг вæййы. Иудзырдæй, сæуарзондзинадафтæ райдыдта: Лубæ ма æстæм къласмæ куы цыди, Тузар дæсæмтæм, уæд сæ равзæрстой скъолайы иумæйаг къулы газеты ред- коллегимæ, Тузары йын скодтой редактор. Ахуыры хайады хицау уæйгуытæ арæзт, сырхцъар Амырхан кæддæриддæр цæхгæр иыхасгæнаг уыдис, йæ зæрдæ- мæ-иу исты куы нæ фæцыд, уæд-иу, йæ къухтæ тилгæ- йæ, дзырдта: — Æз принципиалон æгъдауæй уыцы хъуыддаджы ныхмæ дæн. Уый тыххæй йæ рахуыдтой скъоладзаутæ «Прин- ципиалон». Тузары къулы газетæн редакторæй куы æвзæрстой, уæд дæр Амырхан смæсты æмæ хъæрæй дзырдта: — Æз принципиалон æгъдауæй лæууын уæ фæн- доны ныхмæ. Тузар фæстаг аз ахуыр кæиы æмæ газе- тыл куы фæуа, уæд дзы цы рауайдзæн? Амæй размæ иттæг хорз ахуыр кодта æмæ ныр «3»-гæйттæ исын 326
куы байдайа, уæд?.. Нæй, нæй, нæй... Æз принципиа- лон æгъдауæй лæууын уый ныхмæ. Дпректор Лæксам фæхъуыста Амырханмæ æмæ æдзух куыд фæдзуры, ахæм хъæлæсæй загъта: — Тузар ахуыры раззæгтимæ уыди æмæ уыдзæн. Рæстæгæй пайда кæнын чи зона, уыцы ахуыргæнина- джы æхсæнадон куыст никуы бахъыгдардзæи. Тузар ахæм кæй у, уый та хорз зонæм. Амырхан ма принципиалон æгъдауæй бæргæ дзырдта, фæлæ йæм ацы хатт нал байхъуыстой. Лубæ йæхæдæг фæстоз бадтис, газеты редколлеги- мæ йæ кæй æвзарынц, уый йын æхсызгон уыдис. Ба- кусдзæни цыфæндыйæ дæр, сарæхсдзæни. Чызджытæ та цы æмбарынц, зæгъгæ, чи фæдзуры, уыцы лæппуты фыдæнæн бакусдзæни. Тузары тыххæй ныхас куы цы- ди, уæд æм йæ хъус ницабæрæг æрдардта. Лæппутæй кæй фæнды дæр равзарæнт, уымæн та цы уæлдай уыди! Цыдысты бонтæ æмæ фæхæстæг сты кæрæ- дзимæ, се ’хсæн æргом ныхас нæма рауади, фæлæ дыу- уæйæ дæр фембæрстой, æхсызгон сын кæй у фæрсæй- фæрстæм бадын... Иæ фæсонæрхæджы дæр никуы уыди Лубæйæн, искуы куы фæхицæн уой, уæд цытæ кæндзæн, уый. Афтæмæй сæм уыцы бон бынтон æнæнхъæлæджы æрбахъуызыд: каст фæцис Тузар астæуыккаг скъола, аттестат райста «5»-гæйттимæ. Тынг ыл бацин кодта Лубæ. Сæрды газет нал уагътой æмæ сым кæрæдзиуыл æмбæлынæн æфсон нал уыдис. Фæлæ бузныг Тузарæй, уый куыддæр изæры быдырæй æрыздæхы, афтæ ис- тæй æфсон Лубæтырдæм йæхи байсы. Иу бон куыстмæ нал ацыдис Тузар. Фембæлыиы фадат та ссардта æмæ загъта Лубæйæн: — Дыккаг автобусы цæуын горæтмæ. Мæ гæххæт- тытæ дæттын институтмæ. Каед бахауин. Тынг бацин кодта Лубæ йæ ныхæстыл æмæ загъта: — Ды та цæмæй тæрсыс? — Цы зонын? Цынæ ’рцæуы! — æмæ Лубæ куы фенкъард, уæд ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — Тæрсгæ 327
дæр мын мацæмæй кæн. Иу лæджы фырт кæм радта экзаментæ, уым æз дæр исты амæлттæ кæндзынæн. — Уымæй дын нæ тæрсын. — Уæдæ? — Уæдæмæ ды горæтмæ ацæудзынæ, æз та... — Цалынмæ ды скъолайы кæсай, уæдмæ дзæбæх базондзынæн, институтмæ цы хуызы бахауæн ис, уый, мæ бон цы уа, уымæй дæм кæсдзынæн. Æмæ та иумæ уыдзыстæм. — Уый дæр та дыууæ азы раздæр каст фæуыдзы- нæ,— цæмæндæр æфхæрыны бустæ бакодта Лубæ. Дарддæр куыд ацыдысты хъуыддæгтæ? Фæсивæ- дæй хорз чи фæцахуыр кæны, уыдоны хабæрттæ куыд ацæуынц, афтæ фæцæйцыдысты Тузары хабæрттæ дæр: институтмæ экзаментæ радта æмæ ахуыр кæнын райдыдта. Фæлæ йын иу стыр бæллæх йæ размæ æрæ- вæрдта цæлхдуртæ. Цæвиттон, йæ фыд Гæдойæн рагæй дæр рызтысты йæ уæрджытæ. Азтæ куыд цыдысты, афтæ зæнгтæ фæй- нæрдæм зылын кодтой. Мæргътæн ма-иу нæмыг акалдта, æндæр ницуал куыстæн бæззыд. Мад дæр йæ зæрдæйæ хъастгæнаг уыд. Ноябры фæстаг бонтæй иуы Тузармæ сдзырдтой, дæ зынаргъ мад фæзиан, зæгъгæ. Цæвиттон, æхсæвы ба- фынæй æмæ нал райхъал... Кадимæ барвыстой мæрд- тæ& мады. Æртыккаг изæр куы æрбамбырд сты хæ- дзары нæлгоймæгтæ æмæ бандæттыл сæхи куы æр- уагътой, уæд йæ дарддæры цардыл ныхъхъуыды код- та Тузар. Фыд — рынчын, æфсымæртæ иууылдæр — æнахъомтæ, цыдысты скъоламæ, сæ ахуыр куыд хъуа- мæ ныууадзой? Уæдæ цы чындæуа? Иæ фыдмæ æн- хъæлмæ кæсы исты уынаффæмæ. Фæлæ уый дæр хуыздæр уавæры нæ уыд. Æрхæн- дæгæй бадт. Сагъæсты хай баци. Зын у, тынг зын. Сы- вæллонæн йæ дзидзи йæ хъуырæй куыд байсай, уыйау у, Тузарæн институты йæ ахуыр ныууадзын кæнын... Фæлæ йæ кæстæртæ... Уæззау ныуулæфыд фыд æмæ загъта: 328
— Лæппу, дæ мады фæстæ нæ хæдзар цы уавæры ис, уый дæхæдæг зоныс, цы бауынаффæ кæнæм дард- дæр? Тузар сыстад, фыды размæ æрлæууыд æмæ загъта: — Хæдзармæ фæкæсын хъæуы æмæ мын мæ ахуыр æнæ ныууадзгæ нæй. — Уый та куыд? Æцæгæлæттæ дæр ма куы цин кодтой дæ хорз ахуырыл, уæд æй куыд хъуамæ ныу- уадзай? Мæн хуызæн талынгæй баззайай? — Нæ, баба, æнахуыргондæй нæ баззайдзыиæн. Фæсаууомæ каст фæуыдзынæн институт. — Гъе, ды мын куы гуырдтæ, уæд уый мæ хæдза- ры амонды бон уыдис! — фыд ахæм ныллæг хъæлæ- сæй загъта æмæ йæ Тузар нæ фехъуыста. Ацы хабарыл Лубæ зæрдиагæй бацин кодта. Фæ- лæ йæм йæ хъуыды исдугмæ раст нæ фæкаст, ома йæ исчи афтæ куы бамбара, æрбайрох дзы ис мады зиан, æмæ Тузар йæхæдæг хъæуы кæй баззайдзæн, ууыл райы. Фæлæ нæ, йæ зæрдæйы ахæм фæндæй ницы ссард- та. Æхсызгон ын уыд æрмæст Тузармæ тыхст рæстæг ахæм ныфс кæй разынд, йæ кæстæрты æмæ йæ рын- чын фыды æвæгæсæгæй кæй нæ ныууагъта, уый. Цыдысты бонтæ æмæ фыд дзурын райдыдта Ту- зарæн: — Лæппу, æркæс дæхимæ. Хæдзар æнæ сылгойма- гæй бынтон раууатмæ æрцæудзæн. Иу нæхи хуызæн бонзонгæ адæймаг ссар, кæд нын нæ хæдзармæ ног амонд æрбахæссид. Хъуыддаг уый онг кæм æрцыд, уым лæппуйы ны- хас Лубæимæ кæй уыдзæн, исты сусæг ныхæстæ се ’хсæн кæй рауадаид, уый чиныгкæсджытæ æмбардзы- сты æмæ сыл нал дзурдзыстæм. Чииыгкæсджытæ æм- бардзысты, Лубæ Тузары ныхасыл дыууæ кæй нал зæгъдзæн, сæ цæстытыл ауайдзæн ирон бæркадджын чындзæхсæв... Фæлæ дзы ахæмæй ницы уыди... Ау, уый та куыд? Кæй бон бацис уыцы сыгъдæг уарзондзинад фехалын? Ахæм фæрсджытæ фæуыдзæн. Цæвиттон, Лубæйы фыд Адзе тынг фидар хæцыд фыдæлтыккон æгъдæуттыл. Тузары номæй йæм минæ- 329
вæрттæ куы бацыд (семæ уыд «Припципиалон» дæр), уæд сын стыр маст скодта. — Куыд,— зæгъы,— æрбахызтыстут мæ къæсæрыл уыцы æнæуынон мыггаджы тыххæй? Æз семæ куы нæ дзурын. Нæ туджджыи сты, уый зыдтат, æви нæ? — Йарæбым, йæ рæстæджы уæ бафидауын кодтой уæды ирон æгъдæуттæм гæсгæ. Фидыды ды дæр æнæ уæвгæ нæ фæуыдаис. — Фидыды! — фæтъæллаиг ласта Адзе.— Фидау- гæ бакæнæнт, фæлæ мыи мæнæ уыцы тавро дæр сис- той? — йæ къух асæрфта йæ уадулы носыл Адзе. — йарæби, Адзе, уыдон рагои хъуыддæгтæ сты. Æрыгæттæ сæ нал æрæййæфтой, нæ сæ зонынц, æмæ сын сæ сæ зæрдыл куынæуал лæууын кæниккам, уæд хуыздæр у. — Нæ зонынц,— афæзмыдта фысым æмæ та йæ нос бахоста.— Цæрæнбонтæм Адзейы уадулыл цы нос баззад, уый дæр нæ уынынц? — Адзе, ды принципиалон æгъдауæй раст нæ дæ,— загъта ахуыргæнæг.— Ды кæй кой кæныс, уыдон ра- гон æгъдæуттæ сты, мах та æрыгæтты тыххæй æрба- цыдыстæм... — Сымах æгъдæутты æрыгæттыл æмæ рагæттыл нымайут, фæлæ мæнмæ æмхуызон сты. — Фæлæуу, фæлæуу, ам ныхас æрмæст дæ чызгыл нæ цæуы, фæлæ принципиалон ныхас у... Дæ нос дæр нæ рох нæу... Адæм хорз зонынц, ды лæгмæ топпæй фæхъавыдта\ афтæмæй дæ æрцавта сæ мыггагæй иу лæппу. Уый нæ уæвгæйæ, уæд сын ды сæ лæджы амардтаис... — Цы уыдаид, æмæ куыд уыдаид, уыдон абои сы- мах нал сбæрæг кæндзыстут. Фæлæ уæ кæд мемæ хæ- ларæй цæрын фæнды, уæд уыцы хъуыддаджы фæдыл мауал дзурæм. Мæнæ фæйнæ сыкъайы бануазæм æмæ хæлæрттæй ахицæн уæм. Уый фæстæ дæр ма бирæ минæвæрттæ фæцыдис Адземæ, фæлæ къæрттæй цъула нæ ахаудта. Лубæ æмæ Тузар хорзау нал уыдысты. Ныронг сæм цард рæсугъддæр каст... — Бацу дæ фыдмæ æмæ йын дæ сыгъдæг хъуыды- тæ комкоммæ зæгъ,— дзырдта Тузар. 330
— Нæй, уый бакæнын мæ бон нæу, Тузар. Æнæуи къæйных дæн, фæлæ мæ фыдмæ комкоммæ нæ ба- цæудзынæн. — Уæд та ЗАГС-мæ цом. — Цы диссаг дæ, Тузар, æз мæхи цардцæрæпбон- ты худинагæй куы фæхъахъхъæдтон, уæд мын ахæм хъуыддаг куыд кæнын кæныс? Уыцы иыхæстæм хъусгæйæ, чи зоны, Тузар æрба- мæсты уыдаид, фæлæ йæм Лубæйы цæстытæ афтæ кастысты, æмæ æмбæрста, йæхи лæмæгъдзинадыл уый йæхæдæг дæр кæй сæтты æмæ хатыр кæй агуры. — Уæд та... ныртæккæ иуæй-иутæ сæ фырхъалæй скъæфыи дæр куы райдыдтой... — Нæ, нæ, нæ, Тузар! Дæуыл мæн тыххæй фыдгæ- нæджы ном сбада, уый та мæ æппындæр нæ фæнды. — Уæд та дæ цы фæнды, уый зæгъ. Кæд хицæн кæнæм, уæд хицæн,— сдзурынмæ хъавыд Тузар йæ фырмæстæй, фæлæ йæхи баурæдта. — Æндæр нсты... — Æ-æ-æ! Уæддæр сылгоймаг сылгоймаг у. Æп- пынæдзухæй хъæр кæн: «Æз сæрибар дæн, æз хъæба- тыр дæн!» — афтæмæй цавæрдæр бутъыро æхсæвы рухс кæны æмæ уый сæрты ахизын ма фæраз. Дыууæ æрыгоныл-иу ахуыргæнæг Лмырхан куы амбæлд, уæд сын дзырдта: — Уый хуымæтæджы хъуыддаг нæу, фæлæ прин- ципиалон хъуыддаг у æмæ йæ афтæ ма ныууадзут. Лидзгæ дæр нæ, скъæфгæ дæр пæ, фæлæ ног зæххы- тæм тынг бирæ адæм цæуы æмæ сымах дæр уырдæм уæхи куы айсиккат. Прпнциппалон æгъдауæй. Дыууæ уарзоны уыцы хъуыдытыл кæй сразы сты æмæ та се ’хсæн цы ныхæстæ рауад, ууыл нæ дзур- дзыстæм. Фæлæ ахæм уынаффæ бакодтой: раздæр ацæудзæн Тузар æмæ кæд цæрынæн бæзза, уæд æм Лубæ дæр фæзындзæн. Стæй уым куы бафидауой æмæ Адземæ сæ хабар куы фехъуыса, уæд ма уымæн дæр æнæсра- зы цы хос уыдзæн!.. Дзæвгар рæстæг нæ уыдис писмо Тузарæй. Лубæ ма тæрсын дæр райдыдта,— бирæ йæ фæмæстæй мард- та æмæ кæд... 331
Постхæссæджы размæ барæй дæр рауайы, кæд æм фæдзурид, мæнæ дæм ног зæххытæй писмо, зæгъ- гæ. Фæлæ нæй æмæ нæй. Ныр Адзе йæхицæй ныббузиыг, сæ пог æгъдæуттæ сын дзæбæх куы анвын кодтон, зæгъгæ. Уый дын прин- ципиалон æмæ æнæприципиалон. Ахуыргæнæг Амыр- хан та йын афтæ: — Гъе-и, Адзе! Дæ уæнгтæ «Ту-104»-ау размæ коммунизммæ тæхынц, дæ уд та йæм хæрæгуæрдоныл æнцадгай цæуы æмæ ма уымæ æркæс. — Гъе ’мæ афтæ дæр фæуæд. Фæлæ бузныг мæ чызгæй, æгайтма мæ сæрты нæ ахызтис, мæнæ ныры фæсивæдæй иуæй-иутау. Фæлæ, мæгуыр, йæ цин бирæ нæ ахаста. Иуахæмы дын хъæуы постхæссæг уынджы пыхъхъæр кодта: — Лубæ-æ! Кафгæ мæм рацу, мæиæ дæм писмо! — Кæцæй у? — йæхи иал баурæдта Лубæ. — Фæстæмæ адрис ыл нæй, æвæццæгæн ын æй фæстæмæ куы аздахай, уымæй тарст... Уырдыгæй уыд! Уырдыгæй уыд! Уайтагъд фегом кодта Лубæ писмо æмæ йæ куыд дарддæр каст, афтæ цæсгомыл цыдæр тасы æнгас æрбадтн, хуры бын мигътæ куыд æрбадынц, уыйау. Тузар фыста: «Раст дзырдтой чидæртæ, зæгъгæ, дзы Сыбырæн йæхи бирæгътæ дæр цæрын нæ фæразынц. Мах хус- сайраг адæмæн та æнæ хурæй бынтон зын у ацы уа- залты. Æз лзы рыичыи дæр ма фæдæи!..» «Рынчын дæр ма фæдæн» барæй фыссы. Æвæц- цæгæн ма ныр дæр рынчын у... Мæхæдæг æй фесæф- тон, мæхæдæг. Фæлæ цы чындæуа ныр? Цæуын æм хъæуы. Чн зоны, бынтон æвæгæсæг у. Фæлæ цы ’фсо- нæй? Æниу фæндаггаг та?» Афтæ æнкъардæй дон хæссынмæ куы фæцæйцыдис, уæд ыл Амырхан фембæлди. Цасдæр аныхæсты фæ- стæ ахуыргæнæг загъта: — Уæддæр Тузар, куыд æнхъæл уыдтæн, афтæ принципиалон нæ разындис. Иæ царды фæндагыл ра- зæй бутъро куы ауыдта, уæд къудзиты фæмидæг, чыз- джы та фæндагыл фæуагъта. Нæ, уый у принципиалон. хъуыддаг... Цæмæй уайдзæфтæ мауал æппара Амырхан, уый Ш
тыххæй йын сусæг ныхас схъæр кæнынмæ хъавыдис Лубæ, фæлæ йæхиуыл фæхæцыд. — Æмæ дæм писмо дæр нал фыссы уыцы тæппуд? — Цæуылнæ! Тынг рынчын дæн æмæ мæм тагъд рахæццæ у, зæгъгæ, фыссы. — Уанцон нæу? — Цы ’фсонæй йæм ацæуон, уый дæр мын нæй. Нæй мæм æхца дæр. — Кæд дæм афтæ фыссы, уæд уый хъуыддаг у æмæ йæм æнæ цæугæ нæй. Мæ фыды æфсымæрмæ, зæгъ, Ростовмæ ныууайон. Дарддæр ахуыр кæнын дæ хъæуы æмæ дæм фæкæса. Кавказы фæндæгты управ- ленийы хицау куы у, уæд дын куыд нæ баххуыс кæн- дзæн? Æхца та?.. Дои куы схæссай, уæд ма-иу махмæ фæзын. Дыккаг бон Лубæ Ростовмæ ныххæццæ, йæ фыды æфсымæрыл цыма сæмбæлдзæн, уыйау вагонæй дæр нæ рахызт. Бинонтæ йын цы ногахст гуымбылтæ рар- выстой (уæлибæхтæ уарзта йæ фыды æфсымæр), уы- дон дæр йемæ аласта. Дыууæ боны ма æмæ «ТУ-104» Лубæйы балæууын кодта, совхоз «Цæгат стъалыйы» цур цы аэродром уыдис, уым. Лубæ тыхстис: цыхуызæнæй баййафдзæн Тузары? Æмæ йыл кæд исты æрцыди, уæд та? Хæдтæхæджы асинтыл куы æрцæйхызт, уæд ын йæ уадултæ асыгъта сыбираг уазал дымгæ æмæ ис- дуг улæфын дæр нал сфæрæзта. Аэродромы бирæ адæм уыдис. Се ’хсæнæй чидæр ныхъхъæр кодта: Лу-б-æ-æ! Уый уыди Тузар. Æнæдзургæйæ дзæвгар фæцинтæ кодтой кæрæдзиуыл, стæй Тузар бафарста: — Ма рацу, зæгъгæ, дæм куы фыстон, уæд цæмæн рацыдтæ? — Уæдæ мæм ахæм тæрсынгæнæн писмо цæмæн ныффыстай! — Цæмæй ма рацæуай, уый тыххæй,—йæхæдæг Лубæйы хæссинæгтæ айста æмæ араст сты совхозмæ. ЗАГС-ы сæхи ныффыссын кодтой, æрхуыдта Ту- зар йæ ног хæлæртты æмæ сарæзтой хорз чындзæхсæв. 333
Уый фæстæ бон Тузар писмо ныффыста Адземæ, стыр хатыртæ дзы ракуырдта. — Æ, уый цы бон ныййардта йæ мад!.. Уый бæсты мын иу куыдзы къæбыла куы ныййардтаид, уæд нын нæ кæрт уæддæр хъахъхъæдтаид. Æмæ йын æхца та кæм уыдис? Нæхи капеччытæ æнæвнæлд куы сты. Цæуын æм хъæуы, цæуын. Куыдзы къæбыла куы нæ у, миййаг, афтæ йæ куыд ныууагъдæуа? — мæстæй цæхæртæ калдта Адзе, Амырханæн Тузары писмо куы бакæсын кодта, уæд. — Мæсты ма кæн, Адылджери (йæ бæрæгбоны номæй йæм сдзырдта Амырхан),— уарзондзннад принципиалон æгъдауæй йæхиуæттæ кæны, хæхтæ æмæ къæдзæхтæ дæр æй нæ уромынц, ды та, йын йаь размæ цыдæр бутъро æрæвæрдтай. 1957
ЗÆРÆДТЫ РЫНЧЫНДОН Уæддæр ирон ныхас ирон ныхас у. Изæрыгæтты уырдæм æнæ æрбамбырд уæвгæ нæй сыхы нæлгоймæг- тæн. Ног хабæрттæ кæрæдзийæн радзурынмæ, хъæл- дзæг ныхæстæй кæрæдзи ирхæфсынмæ, уæлдайдæр уæлæ Цыхтаты Дзулайы хуызæн хуыцауы æлгъыст се ’хсæн куы фæвæййы, уæд сын фырхудæгæй сæ тæнтæ ныррæсийын кæны. Æмæ йæ ныр адæм куыд хонынц хъазгæйæ, раст- дæр зæгъгæйæ та, йæхæдæг йæхи куыд рахуыдта, уы- цы ном дæр ыл, ибылис кæй у, уый тыххæй баззадис. Хъуыддаг афтæ рауадис æмæ раджы кæддæр, рево- люцийы размæ Дзула æлдæртты хъæдæй тулдзытæ радавта йæхицæн сарайы цæджындзтæн. Комыдымæг- мæ куы рахæццæ æмæ хъæдæй куы рахызт, уæд йæ размæ фесты æлдары æххуырст хъæдгæстæ æмæ йæ баурæдтой, байстой йын йæ фæрæт, иннæ ивар та дзы æлдар йæхæдæг хъуамæ байса; афтæ амыдта, зæгъгæ, цы хъæдтæ аластой, уыдон мæхæдæг куы фенон, уæд сын аргъ скæндзынæн æмæ уыйбæрц байсдзынæн да- вæгæй. — Дæ мыггаг кæмæй у? — фæрсы йæ хъæдгæс мæстыйæ. — Цыхтатæй,— æфсæрмыхуызæй дзуапп радта Дзула. «Цыхтаев»,— æрфыста йæхимæ хистæр хъæд- гæс. — Дæ ном та? — Мæ ном уæ кæд истæмæн хъæуы, уæд Дзула. — Дæ фыды ном? — Бахордта. 335
— «Цыхтаев Дзула Бахордтаевич». Раст дын ныф- фыстон дæ ном? Афтæ у дæ ном? — Æвæццæгæн мын хуыздæр ном не ’ссардтой мæ ном æвæрджытæ, фысгæ та йæ ныккодтай, раст куыд- дæриддæр у, афтæ. Æрмæст «Цыхтаевы» бæсты «Цых- тов» куы ныффыссис. Сраст æй кодта. «Скъæргæ ныр уæ хæдзармæ». Зыдта Дзула, æлдары хъæуæй сæ хъæуы æхсæн æх- сæз версты йедтæмæ кæй нæй, тагъд æм кæй зындзæн æлдар æмæ йæ цæджындзæгтæ бамбæхста, хæйрæг дæр сæ кæм нал ссардтаид, ахæм ран, йæхæдæг ныхъ- хъус. Уайтагъд фæзынд æлдар фараст гæрзифтонг ча- паримæ æмæ агурынтæ райдыдтой «Цыхтов Дзула Бахордтаевичы». Фæлæ дунейыл хъæуæй уыцы ном хъусгæ дæр ничи никуы фæкодта.— «Ис уæм, ис ахæм, фæлæ йæ хъæр нæ кæнут»,— мæстыйæ æлдар йæ къæхтæ цагъта хъæуыхицауыл. Фæлæ уыцы нæмттæ цы сты, уый йын уырыссаг æвзагмæ куы раивтой, уæд бамбæрста, чидæр дзы кæй фæхъазыд æмæ ницыуал загъта, стæй сæхимæ адымдта... Гъо, æмæ ныхасы кой кодтам, Дзулайы кой нæм, ныхасы хъæлдзæгдзинадæн йæ уд цыма у, афтæ кæй зыны, уый тыххæй рауад. Æмæ изæрыгæтты уыцы ны- хасмæ æнæ æрбамбырд уæвгæ нæй сыхæн. Фæлæ бо- ны иннæ афонты дæр иудадзыг афтид нæ вæййы адæ- мæй. Мæнæ Хæнæзаты Хохдзу, Цыхтаты Дзула, уæр- тæ Тонаты Саукуыдз æмæ йæ уыдоны хуызæн зæрæд- тæ арæх цух нæ уадзынц, уæлдайдæр дзæбæх рæстæг куы вæййы, уæд æмæ дзы сæ хабæрттæ фæкæнынц. Се ’ппæтæй ацæргæ дæр у Хохдзу. Дзулайыл æвддæс æмæ æртиссæдз азы цæуы. Уый куы райгуырдис, уæд Хохдзу йæ тæккæ карджын хъазты лæппутæй уыдис. Дзулайы мадырвадæлтæм хæрзæггурæггаг дæр йæхæ- дæг фæци... Æмæ уыцы азты дæргъы йæ цардæй хъастгæнæг никуы уыдис. Фæлæ сывæллонмæ зонд нæма вæййы, зæрондæн йæ зонд фæцæуы æмæ дыууæйæ дæр — æм- хуызон. Афтæ Хохдзу дæр, æвæццæгæн, йæ зондæй фæ- цух æмæ фæстаг рæстæджы мæлæты кой кæнын арæх райдыдта. 336
— Уæ, мæ хуыцауы хай цы уыд, уымæй хуыздæр мауал суа, кæд ма мæ цардæй цы кæны, уæд! Фондз- ыссæдз азы мын мæ рæсугъддзинадмæ кæсынæй нæма бафсæсти? Æви ма мæ хъизæмæрттæ фылдæр куы кæниккой, уый йæ фæнды? — Басæтт ыл, Хохдзу, дæ цардæн йæ дыккаг æм- бисы ницыуал тухи бавзæрстай,— загъта йын Дзула. — Гъо, афтæ у. Стæй ма мын кæд дарддæр тухитæ æвзарын кæнынмæ хъавы, уæд уый бынтон дзæгъæлы у. Мæн хуызæттæ сæ сæ цæ^ты кæронæй дæр нæ фен- дзысты, царды змæлдтытæ куыд сты, афтæмæй. — Æмæ ма цæмæй хъаст кæныс хуыцауæй, нæ фыдæлтау дæ хъизæмарæй куы нæ равзæрын кодта, хъизæмарæй дæ куы нæ фæцæрын кодта æмæ дæ мæрд- тæм хъизæмаргæнгæ куы нæ æрвиты,— барæй тыхны- хасыл сбæндæн, зæронды ноджы тынгдæр ракъахыны тыххæй (Хохдзуйы раз йæхи саби хуыдта). — Гъо. Æмæ йæм мæсты дæр уымæн кæнын. Куы мæ хъуыдысты, уæд мын цæуыннæ лæвæрдта уыцы æдыхст, кады бонтæ? Цæмæн ма мæ хъæуынц ацы къо- зойæ? Уый бæсты мын мæлæт цæуыннæ дæтты хуы- цау? Мæрдты фæндагыл мын фæкæлынæй тæрсы? Нæ, ууыл æнусты бирæ адæм фæцыдысты æмæ над фæн- даг у, лæгъз фæндаг. — Бахатыр мын кæн, дæ кæстæр дæн æмæ даем афтæ кæй дзурын, уый, фæлæ, мæ хуыцауыстæн дæр, æмæ, дæ хуыцауыстæн дæр, ам иу бон цы фæцæрай, цыфæнды тыхстæй дæр, уый хуыздæр у, мæрдты мин азы цы фæуай, уымæй. Гъо, зæгъгæ, ма бæргæ бакодта Хохдзу, фæлæ йæ- хи кæмæй нæ фегад кæна дарддæр, ахæм ныхасæй ни- цыуал ссардта, фæхъус иудзæвгар рæстæг æмæ сæ ныхас афтæ куыд нæ фæлыг уа æмбисыл, уымæн загъта: — Уый дæр раст у, æвæдза. — Гъе æмæ мæм диссаг кæсы, цардмæ бæллыс, куы ма дыл фæдаргъдæр уаид, уый дæ фæнды, афтæ- мæй зæрæдты рынчындонмæ куыд нæ цæуыс? йæ мидбылты худт тыххæй æмбæхсы Дзула йæ урс- урсид рихиты быи. — Уый та ма дзы кæцы зæрæдты рынчындон у? 22 Мамсураты Джбе 337
— Уæдæ æз кæм уыдтæн æнæхъæн къуыри (бы- дырмæ йын чи алыгъд, уыцы фырты лæппу цыдæр кæ- ны, зæгъгæ, æмæ уымæ уыди)? — Хорз дыл æрцæуæд. Æз ма дæ мæхæдæг афæр- сынмæ хъавыдтæн: æнæхъæн къуыри куы никуы зынд- тæ, уæд кæм уыдтæ? Уæдæ дæ рынчыны хабар дæр куы нæ райхъуыст. Сæ фарсмæ чи бадт, уыцы зæронд лæгтæ уыдтой Дзулайы рихиты бын, рагæй ахуыр кæуыл уыдысты, уыцы мидбылты худт, афтæмæй æнхъæлмæ кастысты, Дзула та цы «стыр бæллæх» æрхъуыды кодта, уый фехъусынмæ æмæ цæттæ уыдысты фаг фæхудынмæ. — «Кæм уыдтæ» куы зæгъай, уæд æз дæр уыцы рынчындонмæ фæцыдтæн. Ахæм рынчындон байгом горæты зæрæдтæн, æмæ дзы фæстæмæ слæппутæ вæй- йынц. — Уæуу, мæнæ диссаг! Уый та куыд? — «Куыд» куы зæгъай, уæд раст мæнæ бухгалтер- тæ сæ къæбæлтæ куыд араппар-баппар кæнынц, аф- тæ адæймагæн йæ азтæ аппарынц, фондзыссæдзаз- дзыд зæронд лæджы мæймæ фондз æмæ ссæдзаздзыд фесты’н кæнынц: лæппуйау зар, каф, бæхыл бад. — Гъы, дæ хорзæхæй. Æмæ сæ афарстай, искæ- мæн феххуыс сты, зæгъынц? — Æмæ дзы кæй фæрсон? Нæхи Чъебойы ма хъуы- ды кæныс, иу дыууиссæдз азмæ æввахс раздæр æй йæ цоты цотимæ быдырбæстæм куы аластой... — Чъебойы та куыд нæ хъуыды кæнын? Æз ма сывæллон куы уыдтæн, уæд уый йæ лæджы быиаты уыдис. Дæ хорзæхæй, æмæ ма Чъебо æгас у? — Уæдæ дын кæй диссæгтæ радзурынмæ хъавын? Æгас у Чъебо, ныр ыл иу дæс æмæ авдыссæдз азмæ æввахс цæуы. Æмæ зæрæдты рынчындон куы байгом ис, уæд æй уырдæм сластой йæ цоты цот æмæ йæ дзæ- бæх кæнын райдыдтой. — Гъы, дæ хуыцауы хатырæй? Æмæ йын исты æх- хуыс кæны? — Ног хъуыддаг у æмæ йæм, æвæццæгæн, дохтыр- тæ дæр уыйбæрц хорз нæма арæхсынц. Æндæр сæм ныр æртæ мæйы хуыссы æмæ йын йæ азтæй дыууис- сæдз йедтæмæ нæма апиæрстой. Æмæ æртæ мæй- 338
мæ дыууиссæдз азы йедтæмæ ма ферыгондæр кæн лæджы! — Æмæ йын уæддæр уыйбæрц фæкъаддæр код- той йæ азтæ? Уыйбæрц ферыгондæр? — Мæ мæрдтыстæн, мæнæ бухгалтер куыд кала фæстæмæ йæ къæбæлтæ, афтæ сæ схойынц фæстæмæ. Фæлæ зын æппарæн сты, ууыл дохтыртæ сæхæдæг дæр сæттынц. — Æххуыс исты куы фæуиккой, æндæр зынтæ ни- цы сты! — Уæдæ æххуыс кæй фæуыдзысты, уый тыххæй сæ сæр лыгмæ дæттынц. Нæхи Чъебойæ зæгъынц, цал- дæр мæймæ фондз æмæ ссæдзадзыд лæппуйæ æрцæу- дзæн, зæгъгæ. Сæ алыварс чи бады, уыдонæн сæ худын сæ рихи- ты бын æмбæхсын нал комы æмæ сын хъæрæй худтмæ куы рахиза, уымæй тас у. — Фондз æмæ ссæдзаздзыдæй рацæудзæн дæс æмæ авдыссæдзаздзыд Чъебо? Цы не ’рымысдзысты ныры адæм!.. Фондз æмæ ссæдзаздзыдæй!!! — Уæдæ! Æмæ йæ цоты цоты дæр мæты бафтыд- та. Цæттæ йын кæнынц дугъон саргъы бæх, сисы сæр- ты дæр уарийау чи тæха, хæдзармæ чи цæуа, ахæм бæх, æвзист саргъ æмæ идон, хорз кафынæн бæзгæ сæрак дзабыртæ, бухайраг худ, бæрцытæ, хъама... Иу- дзырдæй, фондз æмæ ссæдзаздзыд усгур лæппуйæн цыдæриддæр æмбæлди, уыдон... — Гъе, ме ’скæнæг хуыцау!.. Æрмæст ын цухъхъа нæхи хохаг уæфт фæсмынæй бахуийой, æви æлхæнгæйæ, ууыл тыхсынц, кæцы дзы тынгдæр йæ зæрдæмæ фæцæудзæн, уый чи зоны æмæ йын уæд дыууæхуызы цухъхъатæ дæр бахуийын ба- уынаффæ кодтой. — Æй, дунейы диссæгтæ, гъе! — Æмæ ды уыцы зæрæдты дохтыртæм цæуыннæ цæуыс, ам дæ даргъ цардæй хъæстытæ кæныны бæсты. Иæ урс æрфгуыты бынты хин каст бакодта Дзу- ламæ, кæд та хъазгæйæ исты æрымысыд, зæгъгæ. Нæ зоны, Дзула зæрондæй дæр ма ахынджылæг кæ- нынмæ куыд у, уый? — Гъо, æмæ уыцы рынчындонмæ фæцыдтæ, куы 839
зæгъыс, уæд дзы цæуылнæ бакуыстай дæхиуыл, дæхи цæуыннæ алæппу кодтай? — бафарста йæ цæхгæр.—■ Кæд ме ’мгар нæ дæ, уæддæр уыйас æрыгон дæр куы- нæуал дæ. — Цы зонын? Фæлæгъстæ сын кодтон. Уæлæ нæхи Ахтемыр дохтыр у, кæд уыцы рынчындоны нæ кусы, уæддæр, æмæ ма сыл уый дæр сардыдтон, фæлæ мæ нæ айстой,—дзуапп дæтты Дзула.—Мах, зæгъы, дзæ- бæх кæнынмæ исæм цыппарыссæдз азæй фылдæр кæ- уыл цæуы, æрмæст ахæмты. Дæу та ма, зæгъынц, цып- парыссæдз азмæ æртæ азы хъæуы. Æмæ мыл цыппар- ыссæдз азы куыддæр сæххæст уа, афтæ мын дыккаг бон æнæ цæугæ нæй уырдæм мæхи дзæбæх кæнынмæ. — «Дзæбæх, дзæбæх» кæныс, фæлæ уыцы рыичын- доны цавæр низтæй дзæбæх кæнынц, уый ныи иæма загътай. — Зæрондæй, зæрондæй, мæ хистæр Хох. Зæрон- дæй уæззаудæр æмæ зын дзæбæхгæнæндæр низ нæй... Уæвгæ, æвæццæгæн, ацы рынчындæттæ куы фæяын- дысты, уæд уыйбæрц зын дзæбæхгæнæн низ нал у зæронд... — Гъо,— фæкодта Хох æмæ зæхмæ йæ цæстытæ æдзынæг ныццаразгæйæ цæуылдæр арф хъуыдыты аныгъуылд. — Мæнæн мæ азтæ нæ амонынц æмæ мæ нæ исынц, фæлæ æз дæу кары куы уаин, уæд иунæг бон дæр ницæмæуал фенхъæлмæ кæсин. Ацæуин уыцы рынчындонмæ æмæдыууæ мæймæмæхи саргъыбæхыл бадæг лæппу фестын кæнин. Æнæ худгæйæ худæгæй амардысты, зæгъгæ, афтæ фесты, сæ алыварс чи бадт, уыцы зæронд лæгтæ. — Уæуу, ард дæ хæдзары макуы бацæуа, Дзула, кæд ды дæ гыццылæй фæстæмæ дæр сайынмæ хæйрæг рахастай! — йæ хъустыл ма уад Дзулайæн, адæм ны- хасæй сæ хæдзæрттæм сæхи куы айстой, уæд, уынгты дæлæмæ чи араст, уыдонæй кæйдæр дзурын. Дзула йæхæдæг дæр хуыздæр бынаты нæ уыдис, æргом ху- дын не ’суæндыдис, фæлæ цыма худæгæй йæ тæнтæ ныррæсыдысты, афтæ æмбæрста йæхи. Хатыдта, хи- нымæр, зæронд Хохы зæрдæйы цавæр сагъæстæ ба- уагъта, цы царды мæнг стыр ныфсытæ йын сæвæрдта, 340
уый. Æмæ кæд худти, уæддæр ын тæригъæд кодта æмæ йæхи ныхæстæй йæхæдæг дæр бамбæрста, зæ- ронд уæддæр зæронд кæй у, уый. Хохдзу æхсæвæр бахордта. Бинонтæм куыд фæкас- ти, афтæмæй ныртæккæ уæлдай хъæлдзæгдæр уы- дис. — Куыд у лæппу? — бафарста Таймуразы. Хохдзуйæн иууылдæр «лæппутæ» уыдысты: йæ фырттæ дæр, уыдоны цот дæр, уыцы цоты цот дæр æмæ мæнæ Таймуразæн йæхи лæппу дæр, стæй Тай- муразы хистæр хойы лæппутæ дæр, горæты цæры, инженер уæмæ искуы-иухатт куы æр^айы, уæд ын йæ цоты дæр «лæппутæ» хоны æмæ йæ хæйрæг дæр нæ базондзæн, йæ фæдыл цы æфсад рацыд, уыдонæй кæй кой кæны, уый. Фæлæ ацы хатт цавæр лæппуйæ зæгъы, уый æн- цон бамбарæн у. Иæ фырты фырты фырт Таймуразы фыд æндæрæбон нæфæразгæйæ æрцыд, æмæ йæ уы- мæй фæрсы. — Абон дзæбæхдæр у. Йæ куыстмæ цæуынмæ сы- стынмæ хъавыдис, фæлæ йæ мæхæдæг нæ бауагътон. — Æмæ хорз бакодтай. Низæй хи хъахъхъæнын хъæуы, мæхæдæг никуы фæрынчын дæи, фæлæ рын- чынтæ бирæ федтон æмæ зонын, куыд зын у, уый. Хуы- цауæй разы, уæддæр æгайтмæ фæдзæбæх,— стæй йæ лæдзæгыл æрæнцой кодта, сыстад сындæггай æмæ ацыд йæ хуыссæнмæ. Чындз æм фæкастис йæ дзауматæ ласынмæ æмæ зæронд лæг сынтæгыл йæхи æруагъта. «Лæппутæ» йын цал ис, чындзытæ дæр ын уал ис æмæ... фæлæ чи- ныгкæсæг йæхæдæг бамбæрста, ныхас Хъуыдайнаты бинойнагыл кæй цæуы, уый. Астæуыккаг скъолайы ахуыргæнæг у, бон-изæрмæ пыффæллайы. Фæлæ йæм уæддæр тых æмæ рæстæг разыны, Хохдзуйы цы хъæ- уы, уымæй йын аххуыс кæнынмæ... Хохдзуйæн йæ хуыссæг фæлыгъд. йæ цæстытыл уайынц ивгъуыд талынг царды нывтæ æмæ рæсугъд фидæн. 341
Мæнæ мæнæуы хуымы астæу лæппу рæвдз æвна- лы цыргъ æхсырфæй. Уый у Хохлзу йæхæдæг. йæ дæллаг фарс кæрды йæ кæстæр хо Зæрæда, рухсаг уæд, мæгуыр, цыппарыссæдз азы дæр æххæст нæ ацар- ди, афтæмæй амард. Цыппарыссæдзмæ æххæстæй ахæццæ уæвгæйæ æмæ йæ ацы «зæрæдты рынчындæт- тæ» æрæййафгæйæ, уæд ма, чи зоны, абон дæр чыз- джы хуызæн уаид. Рæвдз архайы йæ хо дæр, фæлæ ахæм уæззау куысты уый куыд æййафа йе ’фсымæры, уæлдайдæр Хохдзуйы хуызæн къабазджын лæппуйы? Хохдзуйы дæллаг фарс сабырдæр, фæлæ арæхстджын æвнæлд кæны йæ фыд. Æрыгон ма куы уыди, йæ хъа- ру ма йæ къабæзты хæххои донау куы фыхти, уæд уый дæр, æвæццæгæн, Хохдзуйæ æвзæрдæр нæ арæх- стаид. Фæлæ азтæ куыд ивгъуыйынц, афтæмæй уæхс- чытыл æнцайынц здыйы путтау. Æмæ ма уæд рог змæлдтытæгæнæн кæм ис? Мæнæ йæ йæхиуыл нæ уы- ны Хохдзу? Фондзыссæдз путæй йыл фылдæр куы æр- уæз кодтой, уæд ма, фондз æмæ ссæдзаздзыдæй куыд уыди, афтæ у? Уæддæр хуыцауæн табу, хорз рæстæг æй æрбаййæфта, кæд уыцы «зæрæдты рынчындон» æцæг кусын райдыдта, уæд, иу афæдзы æрдæгмæ йын уæддæр нæ азгъалдзæн йæ азтæ æмæ дзы фондз æмæ ссæдзаздзыд лæппу не ’скæндзæн? Гъо, æмæ æхсæз мæймæ уый сæ къухы нæ бафтдзæи, фæлæ дзы афæдз- мæ дæр ницы рауайдзæн? Ау, æмæ ма уæд афтæ би- рæ рæстæг ахуыр та цæмæн фæкодтой уыцы ахсджиаг хъуыддагыл? ...Мæнæу кæрдын ныууагътой, хур куы аныгуылд æмæ талынг кæнын куы байдь1дта, уæд. Мæнæу кæрд- гæйæ та уæды рæстæджы ахæм æгъдау уыдис, æмæ-иу йæ хуымæй чи куыд цыд, афтæ-иу къордтæ кодтой: лæппутæ лæппутимæ, чызджытæ чызджытимæ æмæ хицæнтæй цыдысты донмæ хи найынмæ, зæрæдтæ та — хъæмæ, сæ фæллад уадзынмæ. Чысыл хохаг хъæуы-иу иуцалдæр ранæй рай- хъуыст фæндыры цагъд æмæ æмдзæгъд. Æмæ-иу аф- тæ уыдис алы сæрдыгон мæйрухс æхсæв дæр. Зылды- сты лæппутæ хъазтæй хъазтмæ, хуыздæр лæгдзина- дыл нымадтой æмгарæн æгъдау раттын, куыд гæиæн ис, афтæ йын йæ зæрдæ балхæнын, Æмæ уыцы хъуыд* 342
дагмæ тынгдæр чи арæхстис, уый сахъдæр лæппуйыл нымад уыдис. Мæгуыр уыдысты, фæлæ куыд акæ- нынц, афтæ æгъдауыл мардысты. Уæд кафын æмæ зарын та? Ехх, цæй лæппутæ уыдис! Æнæхъæн хæхтæ, дæттæ æмæ уæлдæф дæр-иу кæмæ ныхъхъуыстой, ахæм зараг лæппутæ! Кафты, бæхыл хъазты æмæ хъабахъ æхсыиы хъуыддаджы та Хохдзу йæхæдæг фыццæгтыл нымад уыдис. Мæгуыр, хæрзмæгуыр уыдис уæды фæсивæд; уыцы чысыл хъæлдзæгдзинæдтæ йедтæмæ сæм ннцы хауд се ’уæнгтæ аивазынæн. Ныр куыд у, афтæ стыр лæгдзииад равдисынæн нæ уыд стыр фæндæгтæ. Ны- ронг цы бакодтой адæм сæ цардæн, уый дæр диссаг куыд нæ у, фæлæ цымæ уагæр цы хуызæн диссæгтæ сараздзысты сæ фидæны! Æмæ мæнæ ацы «зæрæдты рынчындонмæ» куы бахауид, уæд ма кæд йæхæдæг дæр фенид амонд. Ахæм алыхуызои сагъæсты ацыди, йæ хуыссæны рафт-бафт кæнгæйæ. Уалынмæ йæ дуар байгом æмæ, дзыппы фанар йæ къухы даргæйæ, мидæмæ æрбахыз- тис йæ фырты фырты фырт Таймураз. -*- Дада, цæмæн афтæ хъизæмар кæныс æнæхъæн æхсæв? Хъусын дæм æмæ хуыссæг дæхимæ нæ уадзыс. Нæфæразгæ исты дæ? Æндæр исчи йæ фæрсгæйæ, уæд не эсхъæр код- таид, цы стыр мæт æй тухийæ мары, уый. Фæлæ Тайму- раз... Йæ байзæддæгтæ сæдæмæ æввахс сты, æмæ йæм дзы цыма уымæй хæстæгдæр ничи у, афтæ кæсы Хох- дзумæ. Æнæхин, фæлмæнзæрдæ зæрæдтыл сагъæс- гæнаг. Æмæ йын æнæ ракъуыр-бакъуырæй, æнæ дæл- гоммæ ныхасæй загъта: — Таму, мæ уд дæ фæхъхъау æрбауа, уыцы «зæ- рæдты рынчындонмæ» мæ куы фæхæццæ кæниккат, уæд ма кæд иучысыл ацæрин æмæ уæд хорздзинæд- тæм кæсыиæй бафсæдин. Тарстхуызæй йæ разы æрбадт Таймураз. Æмæ дæ цы риссы? — Рисгæ мæ баергæ ницы кæны, фæлæ зæронд дæр низ у, уæдæ цы у? Уымæй дæр — фервæзæн кæ- мæй никæмæн уыдис, ахæм низ. Æмæ йын ныр хос ссардтой, уымæй мæ куы фервæзын кæниккой, уæд уын 343
мæ бирæ фæллæйттæ ныххæлар кæнин ацы мæнг ду- нейыл дæр æмæ æцæг дунейыл дæр. Кæд зæрондæй йæ зонд исты хуызæн фæцис, зæгъ- гæ, йæм лæмбынæгдæр бакаст Таймураз, фæлæ йын йæ цæсгомыл, йæ цэчггытыл ницы ивддзинад федта. — Нæ дæ æмбарын, дада: цавæр рынчындоны кой кæныс? — Æвæццæгæн ыв ды йæ хабар нæма фехъуыс- тай, фæлæ, зæгъын, нæ горæты байгом кодтой, зæрæд- тæн сæ азтæ чи æппары æмæ сæ ног чи кæны, ахæм рынчыидон. «Чидæр æй фæсайдта. Цæрын ма йæ кæй фæнды, ууыл куыд басæтта.' Æмæ тл уый Дзула йедтæмæ ни- чи уыдзæни»,— хъуыды кодта Таймураз. Æмæ йын цыма йæ хъуыдытæ бамбæрста, афтæ йæ ныхас дарддæр кодта Хохдзу: — Мах æй хъусгæ дæр нæма фæкодтам, афтæмæй Дзула йæхи æрыгон кæнынмæ уыд. — Æмæ?.. — Фæлæгъстæ сын кодта, фæлæ йæ нæ айстой. — Цæуыннæ уæддæр? — Уымæн йæ азтæ нæма æййафынц. Уырдæм, зæ- гъынц, цыппарыссæдзаздзыдæй æрыгондæр нæ исынц, ууыл та нырма дæс æмæ æртиссæдзæй фылдæр нæма цæуы. Иæ мидбылты бахудт Таймураз: «Уыцы хуыцауы æлгъыст зæронд ын афтæ сфæйлыдта йæ зæрдæ»." — Æмæ дæ сног уæвын фæнды, дада? — Хуыцаумæ мын хъыг ма фæкæсæд, æнæуи дæр мын царды бонтæ æгæрдæр ма радта æмæ ма мæ кары ноджыдæр агур, уæд — уый худинаг у. Фæлæ мæ рад афтæ рауадис, æмæ ма æрыгонæй иучысыл куы ацæрин, уый мæ фæнды. Мæ хъару мæхимæ куы уыд, уæд мын размæ авналынмæ мадзал нæ фæци. Фадæттæ мын куы фæзынд, уæд та мæм хъару нал ис æмæ сæ куы баиу кæнин, уæд сæ цы рауаид, уый базоныммæ бæллын. Ныхъхъус Хохдзу æмæ иудзæвгар æнæдзургæйæ, цæуылдæр хъуыды кæнгæйæ, хуыссыдис. Бадтис æн- цад Таймураз дæр. Дзула кæй сæнкъуысын’ кодта Хох- дзуйы зæрдæ, уый йын гуырысхойаг нал уыдис. Фæлæ .344
Хохдзу горæтмæ цæуыныл кæй силлæг, уый ма йын æхсызгоидæр уыд. Кандидаты диссертаци раджы рад- та Таймураз, йæ кæддæры профессортæ йæ цæмæй бакæсой æмæ йып аргъ скæной, уый тыххæй. Æмæ йæ абæрæг хъæуы, фæлæ куы иу æфсонæй, куы иннæ æф- соиæй баззайы. Ныр хъуамæ фæрæвдз уа. Хохдзу- йæн йæхицæн дæр хорз у, фендзæн хъæутæ, быдыртæ, стæй йæ цæстытæй арæх хъаст кæныи райдыдта æмæ йын уыдон дæр дохтыртæн фенын кæндзæн. — Хъару ннцы у, йæ равдисыиæи ын фадат куы нæ уа, уæд. Æмæ дзы аразгæ дæр ницы скабндзынæ. Дæлæ бæтæхъопыхъæуккаг Плиты Иссæйы уыныс, цы лæгдзинад равдыста, цалгай горæттæ æмæ хъæутæ суæгъд кодта Гитлерæй? Кæнæ ма дæлæ хуымæллæг- гаг хуымæтæджы колхозон Æлбегаты Харитъонмæ кæс. Дуиейыл айхъуысын кодта йæ кады ном, æмæ йын сызгъæрин майдан радтой. Æмæ мын сæ газеты уæхæдæг куыд фæнымайут, афтæ нæм ахæм адæмтæ цас ис Уæрæсейы алы къуымты! Кæддæр-иу фыдæлтæ куывтой: «Хуыцау, лæгагур нæ макæдæм ауадз». Ныр та æппæт стыр Уæрæсейы ирæтты хæрзтæ хуыздæрты æмрæнхъ кæм нæ лæууынц, ахæм дзы нæй. Æмæ ууыл цæмæн дзурын? Мæнæ мæхи хæдзарæй чи рацыд, уы- донмæ ма акæс, кæддæра сæ цытæ рауад! Иу-^-стыр заводы директор, иннæ — инæлар, дыууæ булкъоны, фараст дохтыры, æхсæз ахуыргæнæджы... — Æвæдза, дада, тыхджын фæд дын рацыди. — Нæ адæм иууылдæр сты домбай. Сæ тых та уый мидæг ис, æмæ ахæм фадæттæ саразын бафæрæз- той сæ рæзтæн. Уæдæ кæмæй рацыдысты, кæй туг æмæ фарн рахастой, уыдонмæ дæр куыд нæ уыдис хъарутæ, фæлæ сын сæ равдисынæн фадат нæ фæцис æмæ сæ мæрдтæм семæ ахастой! Æмæ уымæй иу æмæ дыууæ уыдысты! Гъо, æмæ мæи дæр уымæн фæиды, куы ма мæ ферыгондæр кæниккой, цы хъарутæ мæм уыдис, уыдон ма мæ куы бауадзиккой, уæд сæ ацы фадæтты равдисыныл бацархаин. — Дада, тæрсгæ мацæмæй кæн, æз дæ тæккæ рай- сом горæтмæ схæццæ кæндзынæн,—загъта Тайму- раз.— Æрмæст ныртæккæ дæ хуыссæг дæхимæ æр- бауадз. 34Г,
Таймураз йæ сынтæджы йæхи куы æруагъта, уæд æм иу сыбыртт дæр нал æрбайхъуыст Хохдзуйы уа- тæй, уайтагъд афынæй. Хæххон хъæуы уæлкъуыбыры уыдис Хохдзуйы хæдзар. Кæрты бынмæ дардтой, уæлæмæ цы нæ хæц- цæ кодта, ласæн цæмæн нæ уыд, уыдон. Уым скодтой гараж сæ машинæйæи дæр æмæ сæ уырдæм фистæгæй æрцæуын хъуыд. Таймураз Хохдзуйæн фех- хуыс кæнынмæ хъавыд уырдыджы хцзгæйæ, фæлæ уый ахæмтæ нæ уарзта æмæ, йæ лæдзæгыл æнцойгæн- гæ, уырдыгмæ рараст. Уынджы, цыма сæм æихъæлмæ каст, афтæ сæ раз- мæ фæцис Дзула. Уый дæр, йæ лæдзæгыл æнцой кæн- гæйæ, ныхасмæ рараст. Кæрæдзийæн салам куы радтой, уæд Дзула афарста: — Бæлццонарæзт куы дæ Хохдзу, кæдæм цæуын- мæ хъавыс? — Мæнæ афтæ... быдырмæ ауайæм, уæдæ æппынæ- дзух хохы цъассы бадыи чи фæразы? — æмæ дарддæр йæ фæндаг дардта. Дыууæ сахаты фæстæ Хохдзу бадтис профессоры размæ. — Йæ кары низ у цæстытæн æмæ сын хъуамæ цы хос уа? — Цæй, цы зæгъы, бынат мын скæндзысты? — Уыцы рынчындонмæдæ айсыныл нæ разы кæны. — Цæуылнæ уæд? — цыма йын йе ’рыгондзинад тыххæй йæ къухтæй исынц, афтæ тарст фарст акодта Хохдзу. — Дæ азтæ, зæгъы, нæ фаг кæнынц,— йæ худæг тыххæй уромы Таймураз. — Куыд нæ фаг кæнынц, ныр мыл æхсæзыссæдз азы иу аз хъуаг куы цæуы? — Нымæцæй фаг кæнынц, фæлæ афтæ зæгъы, адæм, дам, æмхуызон нæ зæронд кæнынц. Иу дæс æмæ дыууиссæдз азмæ ныззæронд вæййы æмæ дзæ- бæх кæнынмæ райсынмæ дæр бæззы, ис ын æххуыс кæнæн. Иннæ та дæс æмæ авдыссæдз азмæ дæр нæма базæронд вæййы æмæ йын дзæбæх кæнынæй ницы пайда вæййы. Фенкъард Хохдзу, йæ ныфс кæдæмдæр атахт. 346
— Цал азмæ базæронд уыдзынæн, уымæй дæр ма йæ бафæрс æххæст. Таймураз дохтыры уырыссагау бафарста, кæсæн- цæстытæ йын куыд уаиккой, уымæй. Хохдзуйæн та загъта иронау: — Дыууæ азмæ, зæгъы. Уый фæстæ, сыфтæртæ куыд фезгъæлынц, афтæ де ’рагъæй азгъæлдзысты дæ азтæ. ^уÆхсызгон уыд уыцы дзуапп Хохдзуйæн. Куы ра- цвдысты дохтырæй, уæд ма Таймуразы кæм цы хъуыддаг уыдис, уыдон дæр акодта æмæ хъæумæ ра- здæхтысты. Уайы лæгъз быдырыл машинæ. Йæ фæстаг бадæ- ныл бады Хохдзу æмæ хъуыды кæны: «Иарæбын, кæд фæуыдзысты уыцы дыууæ азы, дзæбæхæй ма мæ куы æрæййафид рынчындонмæ цæ- уæн бон. Сыфтæртау, зæгъы, азгъæлдзысты дæ азтæ< Дзæбæхæй ма мæ куы æрæййафид уыцы бон». 1961
ЧИНЫДЖЫ ИС: Залдуз 6 Фыццаг къахдзæф 27 Цыт 46 Тилифон 76 Райгуырæн бæстæ 81 Аууон 98 Ирвæзынгæнæг 103 Амерыкдзау 111 Пакет 124 Йæ ролы 132 Хъæндил 136 Уари 146 Цырагъ 158 Мастисджытæ 161 Дыууæ фембæлды • . 179 Зæронд Бадзи 184 Хърихъупп Бипп-бипп (Таурæгъ сывæллæттæн) .... 191 Дыргъгæс Вано • 210 Годахы мæлæт 221 Кафты аргъ 229 Сæлавыр 234 Алхæсты ускуырд , 244 Гугула 256 Мæлæт 274 Фæсмон .... 283 Минæвæрттæ • 288 Уазджытæ «... 298 Хъылма 306 Налхъуытæ 313 Принципиалон хъуыддаг 326 Зæрæдты рынчындон 335 Дабе Хабиевич Мамсуров Произведения в III томах Том 1 Рассказы Редактор Б. А. М у р т а э о в. Художник У. К. К а н у к о в. Худ. редактор X. Т. С а б а н о в. Техн. редактор А. А. Д а г о е в. Корректоры М. Б. Савкуева, В. Т. Дэодэикова. Сдано в набор 30-ХЫ964 г. Подписано к печати 6-V111-196? г. Формат бумаги 84x1081/^. Печат. лист. 19,035. Учетно-иэд. лист. 15.9. Заказ >в 1367. Изд. N 126. Тираж 3000. ЕИ 01046. Цена фк. Северо-Осетинское книжное издательство. г. Орджоникидэе. ул. Днмитрова, 2. Республиканская книжная типография, г. Орджоникидэе. ул. Тсльмана, 16.