Хъæбатыр Гобæ
Тыхгæнæджы мæлæт
Фаззæттæ
Мæ хъаймæты хæлар
Музыкæуарзаг зæрватыччытæ
Фыды хæлар — фыды хæзна
Уырс æмæ уасæг
Хъандзæргæс
Æрыгон цуанон
Мыстулæджы хъыг æмæ цин
Æнусон маст
Балц хæхтæм
Мæ ирвæзынгæнджытæ
Расыг уасæг
Нывонд бæлас
Уæллагкоймаг дидинджытæ
Гакк
Цуанæттæ
Дзæгъæл гæрахæй
Рихиджын лæг — авдæны
Хъæздыг лæг æмæ мæгуыр лæппу
Текст
                    Бекмæрзты А%
Б-83 Мæ ирвæзынгæнджытæ: Хистæр æмæ астæуккаг кары
скъоладзаутæн.— Орджоникидзе: Ир, 1988.-71 ф.
ныв.
Бекмурзов А. Г.
Мои спасители.
В сборник вошли произведения, написанные автором в
разные годы. Яркими художественными образами писатель
воспитывает у детей и юношества доброту, честность, любовь к
природе.
4803010000—53
Б 42—88 840сет
М131(03)-88 в*исет
15В^ 5-7534-0038-8
© Издательство «Ир», 1988


ХЪÆБЛТЫР ГОБÆ Хъуыды ма кæндзыстут, хæсты заман колхозты кусæгкъух нæ фаг кодта.Ас лæгтæ æмæ фæсивæд аивылдысты хæсты быдырмæ. Хохы нæм сæ бæсты хос дæр карстой сылгоймæгтæ, æрыгон чызджытæ æмæ лæппутæ. Мæкъуылтæ дæр æфтауцтæм ласт нæ цыдысты, баззадысты-иу уыгæрдæнты сæ мидбынат. Колхозы хъомтæ, фысты дзугтæ уырдæм тардтой хос хæрынмæ. Мæкъуылтæй ма-иу цы бынтæ-фæлхæрттæ баззад, уыдонмæ та мах, æрыгон лæппутæ, скъæрдтам нæхи фос, æмæ ирвæзтысты. Иу æндарæн бон та нæхи Алыбегимæ не стуртæ ауагътам рагацау. Нæ фæдыл рацыд нæ зыгьар нæл сæгь Гобæ дæр. Алы дыууæ стурмæ дæр æрхауд иу мæкъуылы бынтæ. Гобæйы бамкъай кодтам не стыр бур хъугимæ. Хъуг дын бырæттыл йæхæдæг куы ’рфæз уаид æмæ Гобæйы ’ввахс нæ уадзы, ныффуттытæ ласы, асуры йæ. Æххормаг Гобæ куы иуырдыгæй балæбуры, куы иннæрдыгæй, фæлæ йæ армы ницы ’фтыд. Иу ахæмы йæ, мæгуыр, хъуг йæ сыкъатыл фелвæста æмæ йæ фехста. Сæгъ митыл фæуæлгоммæ. Æрæджиау фестад, иу дзæвгар йæ бафхæрæгмæ зулцæстæй фæкаст, гъе стæй фæстæмæ-фæстæмæ дзæвгар фæцыд. Уыцы дæрддзæфæй йæхи рауагьта, йæ фæстæгтыл алæууыд, æмæ хъуджы ныхæн — хафт! Хъуг дын расыг лæгау ныззылы-уылы кодта æмæ йæ фарсыл æрфæлдæхт. Иу-дæс минуты фæстæ тыххæйты йæ къæхтыл слæууыд æмæ цудтытæгæнгæ ацыд кæронмæ. Гобæйы ма хуыздæр цы хъуыд,— æдасæй минас кæнын райдыдта. Хъуг мæстæй мард, фæлæ цы йæ бон уыд, тых паддзахыл дæр цæуы. Нæл сæгъ æфсæстæй иуварс ахызт. Кæд та мæнмæ цæуы, зæгъгæ, хъуг лидзæг фæци. Гобæ сæрбæрзондæй дуры сæрмæ схызт æмæ сынæр цæгъдгæ, кæмттæм фæлгæсыд. Уæдæй фæстæмæ-иу хъуг Гобæйы куы ауыдта, уæд авдагарццы лыгьди. Фæстæдæр ма иу хылычъи уæныг Гобæйы суыдтылытæ кодта, фæлæ та уый дæр бур хъуджы хал ахордта. Афтæ, нæ зыгьар Гобæ фосæн æлдариуæг кæнын байдыдта. Хъæубæстыл айхъуыст йæ хъæбатыры кой. Афтæ гье, ныфс хъаруйыл уæлахизгæнаг у. з
ТЫХГÆНÆДЖЫ МÆЛÆТ Донысæры уæрæх ком. Куысрæбын дурцæндты астæуæй гуылфгæнгæ абузы цъитидон. Къуырфæй абухгæ ссæуы æмæ сырдау йæхи аппары уырдыгмæ. Донфыцæны хæд сæрмæ бæрзонд фæцыд цъæх айнæг къæдзæх. Дардæй кæсгæйæ зыны фыдæлтыккон мæсыджы хуызæн. Ацы айнæджы сынæгыл хъуына, фæсал æмæ дзæбидыры тинтычъийæ иу налат цъиусур йæхицæн сарæзта ахстон. Уырдыгæй-иу сæумæцъæхæй афардæг хæтæнтæ-тæхæнтæм. Изæрмилты-иу стыр куывдæй цæуæгау æфсæстæй тилгæ-узгæ ныллæджыты йæхи æрбауагъта йæ фæлмæн ахстонмæ. Гъе, афтæ уыцы иугæндзонæй цыдысты афонтæ-рæстæджытæ. Фæстагмæ йыл азтæ уæз кæнын райдыдтой. Ферох æй сты дард тæхæнтæ, на-л æфтыд хæхты бæрзæндтæм, цъуппытæм. Хæлæгæй мард сатæг æврæгътæм. Цуан кæнын райдыдта йæ бадæны алыварс, хæстæджыты. Бонивайæнты-иу судзинагурæгау йæ цæхæр цæстытæ сарæзта цæфуæттæ, байбынтæ, лæзгъæртæм. Куыддæр-иу йæ амæттаджы ауыдта, афтæ-иу ыл сусæгæй йæхи ныццавта. Уайтагъд-иу ын йæ цыргъ ныхтæ йæ фæрсты арф ауагъта æмæ хæрд, минас цæттæ. Иæ ахстоны фарсмæ тæрхæгау та уыди йæ цæлгæнæн. Арæхдæр-иу йæ амæттаг баисты уæрццытæ, дыгоппонтæ, сауцъиутæ, дзылытæ, булæмæргътæ... Цъиусур ацы къаннæг мæргъты бумбули æмæ стæгдартæй йæ алыварс самадта рæгътæ. Фæстагмæ Донысæры цъиуызмæлæг нал баззад. Налат хамасхор бæстыл былар æфтыдта... Мæнæ та цъиусур сæударты райхъал. Кæсы, фæлгæсы алырдæмыты. Нæй, ацы райсом йæ хъæдурдыппыр цæстытæ ницæуыл хæцынц. Æппынæрæджиау донгуырæнмæ хæстæг дойнагдуры сиукъыл ауыдта цыбырдым донхуыз аццы. Исдуг æм фæкасти цымыдисæй, стæй йыл уыцы æнæ тыф, æнæ стыфæй йæхи ауагъта. Цæмæй зыдта æнæмаст чысыл ацц, цы фыдбылыз æм кæсы? Æнæмæтæй йæ базыртæ схъаудта хуры тынтæм. Гъа, ныр æй цъиусур ацахса, загъгæ, афтæ йæхи фæсайдта æмæ ныппæррæст ласта æххæлты сæрты. Цъиусур йæ фæстæ ныййарц. Фæсуры йæ иуырдæм, иннæрдæм. Кæм æй фæцæйахсы, кæм фæсте аззæйы. Иу ахæмы йыл андзæвыд: уæлдæфы ныззылдис цалдæр бумбулийы... Мæнæ йæ æрбасуры доны сæрты. Бецау, йæ уд йæ хъуырмæ схæццæ... Æндæр амал нал уыд, æмæ ацц йæхи уылæнты нысхуыста. Малы йын ацахсынæнхъæлæй цъиусур донфыцæны смидæг. Цъæх арвмæ кæсгæйæ ма йæ мыдхуыз базыртæ бæргæ сцагъта, фæлæ ницыуал. Раздæрау æгæрон тыгъдады хъазгæ-зилгæ сæрыстырæй бынмæ нал ныккаст. Уайтагъд уылæнты барцытыл фынчытимæ цъилау ныззылди. Скасти ма хæхтæм, йæ фидар бадæнмæ: ауыдта бумбулийы рæгътæ, стæгдартæй цæндтæ — йæ фæлхортæ. Ныууынæргъыдта. — Æтт, исчи, сæфын æгадæй! — систа фæдисхъæр. Нæй зынæг. «Ау, мæ фæстаг бон æрхæццæ?»— фæрсы кæуæгау йæхи. Йæ цæсты-
тыл ауадысты раздæры замантæ: цы бонтæ йыл ныгуылы, цы буц цард ныккалдзæн! Ехх, æвæдза, куыд æнцон у уолийæ цæрын — хъазгæ, худгæйæ дæхи ирхæфс æдыхдæртæй: иуы ахæр, иннæмæй фæхъаз, аннæйы дæ зæрдæйы дзæбæхæн фæрасур-басур кæн. О, фæлæ уыцы рæстæг аивгъуыдта, фæци. Ныр ацы тугдзых йæ фыдмитыл фæсмон, мыййаг, нæ кæны. Суанг ма сæ йæхицæн кад, лæгдзинад, уæлахизыл дæр нымайы. Хъæлæкк, фæнды йæ рагзамантæй иу уысм раздахын, иу нард уæрццæй аходæн скæнын, зараг булæмæргъы тугæй йæ дойны басæттын... Нæ-æ-æ, уыцы æхсызгон хъуыдытæ ныр сæнттæ сты. Æрцыди дзуапдæттæн сахат, хъаймæты бон. Фервæзыны охыл ницæйаг мæтыхы бын дæр бæргæ атулид... Гъе, æрмæст уымæн амал нал ис... Ацц малы бынæй цъиусурмæ æдзынæг каст. Гъа, ныр тыхгæнæг уæззау уавæры бахауд æмæ дзы тас нал у, уый куы бамбæрста, уæд æм æввахс баленк кодта: — Дæхи найыс, бырынкъ? — дзуры йæм. — Мæхи зæгъыс? Нæ, нæ, мæ уарзон ацц... Фервæзын мæ кæн ардыгæй, алас мæ былгæронмæ, хæлæрттæ уыдзыстæм, дæ цæрайæ цæрдзынæн,— лæгъстæ кæны мæнгард маргъ. — ,Раст зæгъыс, цъиусур, расур-басур дæр мæ хæлардзинады фæдыл куы кодтай,— дзуапп радта ацц. —, Афтæ уыди, афтæ, мæ зынаргъ, лымæндзинады охыл... — Уæдæ дæ ахстоны цур стæгдары цæндтæ æмæ бумбулийы рæгътæ дæр хæлардзинады бæрæггæнæнтæ сты? — афарста ацц. Цъиусур æм марæджы цæстæй акаст. Иæ даргъ бырынкъ ма йæм тыхивæзт бæргæ бакодта, фæлæ йæ уалынмæ иу знæт уылæн зилгæ малæй аппæрста. Хæххон æрра дон æй йæ уæлныхты айста дойнагдуртыл хойгæ æмæ йæ далæ Даргъоны дæлвæзы пырхытæ-сæстытæй раппæрста донбылмæ. Уым баци стонг рувасы амæттаг. ФАЗЗÆТТÆ Æхсæзаздзыдæй мын мæ фыд мæ къухы басагъта уæлыгæсы лæдзæг, сæвæрдта мæ нæ сæргъæвæрд хæссæн Мæджидыл æмæ рæгътыл адардтам Хъивоны ’рдæм. Суарæфцæгæй аздæхтыстæм рахизмæ. Нарæг галвæндаг нæ бахаста иу къуырфау сæрвæтмæ. — Ай та дын Кæфтæрæстон, далæ дымджыты хизынц нæ фысты дзуг,— загъта мæ фыд, йæхæдæг хордзентæ систа хæрæджы уæлсæргъæй æмæ бараст бæрз уистæй быд кæронгæсмæ. Æз дæр мæ «саулохæй» æргæпп ластон æмæ кæсынтыл фæдæн æнахуыр хæхтæ æмæ къуь*лдымтæм. Лыстæг цъиуты иугæндзон цъыбар-цъыбур, цъырцъырæгты цъипп-цъипп, бындзыты гуыв-гуыв зæрдыл æфтыдтой хæлд фæндыры æнахъинон зæлтæ... 5
Фыййау уыди мæ фыды кæстæр æфсымæр Басил. Куы нæ суыдта, уæд мæнмæ йæ къух фæтылдта, ардæм рацу, зæгъгæ. Æз уыцы тъæбæрттæй йæ цуры балæууыдтæн. Йæ хъæбысы мæ ныттыхта, афарста мæ цæмæйдæрты, гъе стæй мын фахсæй æрбахаста мæртатыччытæ æмæ сæнчытæ. Ноджы мын хæрисы лæгъз къалиуæй сарæзта уасæн æмæ, цъиуты фæзмгæйæ, цъипп кæнынмæ февнæлдтон. Сабыргай дарæнмæ ныццыдыстæм. Æфсымæртæм цæуылдæр ныхас бацайдагъ, æз та мæхи ирхæфстон цъысцъысæгтæ æмæ нæ фыййауы куыдз Германимæ. — Фосы бын цъыф у, лолтæ ивинаг сты,— дзуры Басил. — Гъемæ сæ раивæм,— æриста мæ фыд бæхъы сыгæй дзæккор æмæ бараст лолтæм. — Лæппуимæ мах ам баззайдзыстæм, ды та хъæуы хæдзары куыстытæ акæн. — Лæппуйы та цæмæн уадзыс? Нырма æнахъом у æмæ æрхуым кæндзæн, иу-дыууæ азы ма йыл уæддæр рацæуа... — Нæ, нæ, мадæл фос баиртасын хъæуы сæ цотæй, кæд иу-дыууæ къуыримæ бахуыскъ уаиккой,— йæ рихи аздыхта Гæба.— Ницы йын уыдзæн, мæ хъус æм дардзынæн. — Бар дæхи, фæлæ сывæллоны æнахъомæй æфхæрын раст нæу, мастæн æй хæсдзæн,— бахъынцъым кодта Басил. — Цæй, ууыл та цы дзурæм,— æрбакаст Гæба мæнмæ,— сывæллон куыстыл куыд тагъддæр фæцалх уа, афтæ йæхицæн хуыздæр у. Басил ма йæ сæр банкъуыста æмæ ныхъхъус. Лолтæ ивд фесты. Фосæн цæхх бадардтой, банымадтой сæ. Изæрырдæм Басил хæрæгыл цилты уаргъ сæвæрдта æмæ ацыд хъæумæ. Сæумæйæ равзæрстам цот. Фосы уасын бæстæ арыдта. Уыцы бонæй фæстæмæ сдæн уæлыгæс. Иу къуыри ахаста хур рæстæг. Мæхи ирхæфстон сæныччытимæ, фæзмыдтон цъиуты мæ уасæнæй, æртыдтон-иу хæрздæф дидинджытæ. Гъе, фæлæ фæстагмæ æрхуым кæнын байдыдтон: мысыдтæн мæ мады, бинонты, ме ’мхъазин æмгæртты. Райдыдтон мæхимæ хъусын, кæуын... Мæ фыд стырзæрдæ лæг уыд: фос-иу фæсрæгътæм ауагъта, æз та бон-изæрмæ калдтон цæссыг. Фыр’куыдæй-иу мæ цæстытæ ныссырх сты, дæлдзæстытæ барæсыдысты. Мæ фыд, æвæццæгæн, ницы фиппайдта, мæхæдæг та йын зæгъын нæ уæндыдтæн. Рацыд дыууæ къуырийы. Цардыстæм хъæбæрхоры кæрдзын æмæ сæгъы æхсырæй. Иу райсом мæ фосимæ ныфтыдтæн донгоммæ. Фæссихор фæзынд дондыппыр хæрæмигъ, æмæ бон нытталынг, фосы нал уыдтон, хъуысыд ма мæм æрмæст се стыф. Нал зарыдысты мæргътæ дæр: мæ зæрдæ суынгæг, цыдæр тас мæ бацыд. Мæ фыдмæ цалдæр хатты ныхъхъæр кодтон. Дзуапп куы нæ уыди, уæд аххæй ныккуыдтон. Цас ма рацыдаид, афтæ мæм хæрз хæстæгæй æрбайхъуыст кæйдæр фæлмæн ныхас: — Лæппу, мæ хур, кæугæ ма кæн, фæцæуын дæм. Æваст фæхъус дæн. Уый хыгъд мыл хæкъуырццæг бахæцыд, ныффæсус дæн. Зæрдæлхæнæн дзыбандытæгæнгæ мæ уæлхъус æрлæууыд æнæзонгæ зæронд лæг. — Уый хæрз къаннæг лæппу куы дæ,— æруагъта мæ русыл йæ дæрзæг арм,— уæ, тæригъæдджын фæуай, Гæба, кæд æнахъом сабийы куыд æфхæрыс. Фæлæуу, мæ бар æй бауадз, æз ын алывыдтæ куы нæ акалон. Айразмæ мын дзырдта дæу тыххæй. — Æмæ ды чи дæ? — афарстон æй уынгæг хъæлæсæй. — Æз Аслæнбег дæн^уæ хæстæг, далæ Зджыды цæрын. Ам та фыййау вæййын, мæнæ Дуцæны бадын... Мæ фосы къорд кæйдæр бар фæуагътон, зæгъын, уыцы лæппумæ бауайон. Аслæнбег, мæ къухыл хæцгæ, уæрыквос сыскъæрдта нæ бынатмæ. Гæбайы æрбацыдмæ мын хаста æмбисæндтæ, кодта худæн ныхæстæ. Æз ба6
хъæлдзæг дæн. Уалынмæ фæзынд мæ фыд дæр. Аслæнбег ын мæн тыххæй «йæ хъуын» ацагьта: — Уыцы кары сывæллон зæрдылдараг у,— бауырдыг æм и,— рагбонты йæ куы фæриссын кæнай, йæ зæрдæ йын куы скъахай, уæд дæм хæрам ахæсдзæн, дæ цæстмæ дын æй дардзæн, фæстагмæ та дæ коммæ нал кæсдзæн. — Гъемæ хорз, тæккæ райсом æй искæимæ хъæумæ арвитдзынæн, баст куы нæ у^мыййаг,— йæхи раст кодта мæ фыд. — Уадз, иу къорд азы ма рæза уæзæгыл, хъаза йе ’мгæрттимæ,— дзырдта йын Аслæнбег... Фæстагмæ дыууæ лæджы бавнæлдтой сæхи царды хабæрттæм. Мæ фыд дзырдта, революцийы размæ Америкмæ цардагур куыд ацыд, авд азы дзы куыд фæрахау-бахау кодта, уыдæтты тыххæй. Аслæнбег дæр цы даргъ æмæ гуыргъахъхъ фæндæгтыл ауад, уыдонæй æрхаста цалдæр цæвиттоны. Иу хабар дзы абоны онг мæ зæрдыл бадардтон æмæ йæ фыссын. — 1905 азы Садоны кусджытæ растадысты се ’фхæрджыты ныхмæ,— дзырдта Аслæнбег. — Уыдон та уыдысты францаг æмæ бельгийаг концессионертæ. Æз дæр уым куыстон æмæ кæйдæртимæ нымад æрцыдтæн æвзæргæнæгыл. Цалдæрæй нæ аластой Дзæуджыхъæуы ахæстонмæ. Немæ уыдис алы адæмыхæттытæ: уырыссæгтæ, кæсгæттæ, цæцæйнæгтæ, гуырдзиæгтæ... Мах иу камерæйы бадтыстæм дæсæй. Мæ зæрдæмæ дзы фæцыд æрыгон цæЦæйнаг лæппу — Вахæ. Цæвиттон, сæ хъæуккаг чызг Сæлизæтимæ уарзтой кæрæдзийы. Хъуамæ йæ æрхастаид. Уæд иу фæрсагхъæуккаг къуыдипп йæхицæй хъæбатыр ацарæзта æмæ цалдæр æмбалимæ аскъæфта чызджы. Фæсте сæ асырдтой. Фæдисæтты разæй йæ саулохыл уади Вахæ. Скъæфджыты баййæфта иу хъæды къохы æмæ сæм дзуры: — Кæд Сæлизæты раскъæфæг йæхи лæг хоны, уæд рацæуæд лæгæйлæгмæ. Чи фæуæлахиз уа, чызг уый фæуæд! — Мæнæ æз, цæмæй хæцыс?! — размæ ралæууыд скъæфæг. — Цæмæй дæ фæнды, уымæй! — Уæдæ кæрдтæй! Лæппуты къухты ферттывтой сау фистонджын хъаматæ. Райхъуыст сæ цъыкк-цъыкк. Цæхæр калдтой æндонком цыргъæгтæ. Уайтагъд Вахæ æрсæрфта скъæфæджы уæхск. Галиу цонг зæбулæй аззад — туг фемæхст. Уый ауынгæйæ, скъæфджытæй иу топпæй æрбахста Вахæйы, фæлæ фæивгъуыдта. Уалынмæ иннæ фæдисæттæ дæр фæзындысты æмæ чызджы байстой. Скъæфæджы цонг бахуыскъ, æмæ йын æй алыг кодтой. Вахæйы æрцахстой. Кæд аххосджын нæ уыд, уæддæр ын рахастой карз тæрхон — цыппар азы ахæстоны фæбадын... Фæлæ Вахæйæн уыди йæхи халдих фаззон æфсымæр — Вахид. Кæрæдзийæ сæ ничи æвзæрста: хатт сыл сæ мад дæр рæдыд. Бадтыстæм, уæдæ цы уыдаид. Аз нын дыууæ хатты уыдис хиуæттимæ фембæлыны бар. Иу ахæмы та Вахæмæ асидтысты, уæхицæй дæм æрбацыдысты, зæгъгæ. Фæстæмæ æрбаздæхт дуне алыхуызон хæринæгтимæ. Не ’ппæты дæр хорз федта æмæ æхсæвы æфсæстæй не ’фсæйнаг сынтæджытыл нæхи æруагътам. Вахæимæ хуыссыдыстæм фæрсæй-фæрстæм. Æз уайтагъд афынæй дæн, фæлæ лæппуйы змæлынмæ цалдæр хатты райхъал дæн. — Вахæ, рынчын исты дæ, цæуылнæ фынæй кæныс? — дзурын æм. — Рынчын бæргæ нæ дæн, фæлæ ацы хъæбæрыл мæ фæрстæ риссынц. Стæй камерæ цыдæр хъылмæ тæф кæны, мæ зæрдæ змæнты... — Уый та куыд, æви дын фыццаг хатт у? — фæрсын æй. Лæппу иу цасдæр ницы дзырдта. Æрæджиау йæ былтæ мæ хъусыл авæрдта: — Бахатыр кæн, Аслæнбег, мах ам демæ аз æмæ æрдæг стæм, кæрæдзи7
йы хорз бамбæрстам. Ды æууæнкджын лæг дæ, дæуыл исты басусæг кæнын уаид тæригъæддзинад... Стыр хатыр дæ курын, иу хъуыддаг дæ кæй æмбæхстон, уымæй. — Уагæр цы у, Ваха? — Æз Вахæ дæн, уый зоныс, фæлæ абон ардыгæй чи ацыд, уый уыд мæ фаззон æфсымæр Вахид... Кæрæдзийы ивæм æхсæз мæйæ æхсæз мæймæ. Вйхид дæр мын фæдзæхста, Аслæнбег æууæнкджын адæймаг у, æмæ йын ацы хатт нæ сусæгдзинад схъæр кæн, зæгъгæ... Æддейы хабæрттæ, дам, ын радзурдзынæ, æхсызгон ын уыдзæн. Цасдæр дзырдхъом не сдæн. Вахæйы ныхæстæ мыл гуырысхо бафтыдтой. «Ау, ахæм хуырым дæн, фарстон мæхи, кæннод сæ иннæтæй куыд ничи бафиппайдта, æви адæм иууылдæр гамхудтæ хæссынц?» — Мæ ныхæстыл дызæрдыг кæныс, Аслæнбег? — фæрсы мæ. — Уæллæгъи, нæ зонын... Кæнын æмæ нæ кæнын. Уæдæ баууæнд. Мах нæ ныййарæг мадæн дæр фæивддзаг вæййæм. Нæ хйцæндзинад — нæ уæлæдарæс. Æз абон ссыдтæн цухъхъаты, уыдис мыл кæнгæ рихитæ. Мæ уæлæдарæс æмæ рихитимæ Вахид ацыд нæхимæ, æз та нæ «райдзаст уатмæ» æрбацыдтæн ахæсты бызгъуырты. Базонæн нын ис иу нысанæй,— бахудт Вахæ. — Вахиды сæры ис æртæ зиллаччы, мæн сæры та — иу. Уый нæ бинонты йеддæмæ ничи зоны. Ам та нæ сæртæ æлвыд æмæ дзы цæй зиллакк бæрæг и... — Диссаг.... Хъахъхъæнджытæ та уæ куыд никуы бафиппайдтой? — Уыцы хамасхор маймулиты дæр адæмыл нымайыс? — Цыдæр хæрзад хæринæгтæ æмæ сын нозт авæрæм... Гуыбындзæлтæ сæхи айсынц, мах та хибарæй баззайæм æмæ нæ фæндон нæ бар, минутмæ иу иннæйы цармы абыры. Лæппу ма мын ноджы æхсæнады цаутæ, сæ бинонты царды хабæрттæ куы ракодта, уæд мæ йæ ныхæстæ бауырныдтой. — Сæлизæт та дын цы фæци? — басхуыстон æй мæ рæмбыныкъæдзæй. — Дæ фарн бирæ уæд, Аслæнбег, хистæр дæ...— фæтыхст Вахæ. — Цæй, цæй, ацы зындоны æмгæрттæ стæм, чи нæ фæрсы хистæрæй, кæстæрæй,— фæлмæн æруагътон йæ русыл мæ къух,— дæ хорз хабæрттæм мæ зæрдæ барухс, Вахæ, мæ фæндиагæй адæмы сæр уаис... — Бузныг, Аслæнбег... Чызг æнхъæлмæ кæсдзæн мæ ацыдмæ. Æрхæссиккам æй, фæлæ хицауады хъустыл исты куы æрцæуа... Иæ бинонтæ æндæр минæвæртты хæстæг нæ уадзынц, чызг лæвæрд у, зæгъгат. — Гъемæ тагьд дæ хæдзарыл дзæбæхæй сæмбæл æмæ Сæлизæтимæ æмзай-æмзæронд баут,— арфæ йын ракодтон. — Чындзæхсæв æнæ дæу не скæндзыстæм, Аслæнбег, нæ фыд дæр афта зæгъы... Мах ын дæу тыххæй дзырдтам, фæнды йæ дæ фенын. Куы суæгъд уай, уæд нæм-иу фæзын, кæннод дæр мæхæдæг Зджыдмæ бауайдзынæн. — Уыцы бонтæ ныл сæрæгасæй æрцæуæнт, мæ хæлар, стæй фендзыстæм, исты авд хохы фæстæ куы нæ цæрæм, мыййаг,— балхæдтон ын йæ зæрдæ. — Бузныг, Аслæнбег, æз дыл æууæндын, — бахъæлдзæг Вахæ. Сæрдыгон цыбыр æхсæв уайтагъд афардæг. Рабадтыстæм не ’ндон сынтæджытыл. Уынгæджы бонтæ та ныл, зымæгон æхсæвтау, адаргъ сты... Цалдæр мæйы фæстæ æз ссæрибар дæн. Вахæ æмæ Вахид ма фæбадтысты дыууæ азы, гье стæй дзæбæхæй сæ фæрныг хæдзары æрæнцадысты... Царды ивылд уылæнтæ та нæ айстой сæ уæлныхты. ...Иу бон кæсын, æмæ нæ кулдуармæ æрфистæг æнахуыр уазæг. Хæстæг æм бацыдтæн: базыдтон мæ хъаймæты хæлары, фæлæ джихæй лæууын. — Дæ бонтæ хорз, Аслæнбег,— худы мæм,— æз Вахид дæн, ма та нæ фæхæццæ кæн. 8
Куыннæ йыл бацин кодтаин. Кæрæдзийы фæфарстам хабæрттæй, базонгæ мæ бинонтимæ. — Аслæнбег, мæ фыд мæ дæумæ рарвыста, æрцу, кæрæдзийы, дам, базонæм. — Уæд Вахæйы хъуыддаг цы баци? — афарстон æй. — А дыууæ боны нæм чындзæхсæв уыдзæн. Æхсæвы æрымысыдыстæм ахæстоны цаутæ. Сæумæрайсом нæ хайуантыл сæргътæ бавæрдтам æмæ адардтам Уæлладжыры кæмтты. Чындзæн, бинонтæн мемæ айстон цыдæр лæвæрттæ. Бæхтæн тæригъæд кæнгæйæ, Дзæуджыхъæуы бахсæвиуат кодтам. Дыккаг бон рагацау ныххæццæ стæм Вахиды хъæу Гихимæ. Лæппуйы фыд Ислам æмæ мыл йæ бинойнаг Зæйнап зæрдиаг тавицтæ фæкодтой. Изæрæй фæсидтысты хиуæттæм, сыхæгтæм, æмæ ма ды дæр уым куы уыдаис... Æртыккаг бон уыдис Вахæйы чындзæхсæв. Кæд æгъдæуттæ цыдысты пысылмон дины уагыл, уæддæр мæ чызг æмæ лæппуйæн равзæрстой кадджын фыдæй. Сæлизæты ныхæстæ ма дарын мæ зæрдыл: «Кæд дæ никуы федтон, уæддæр дæ зонын... Дзырдтой мын Вахæ æмæ Вахид. Цалдæр азы размæ мæ фыд ахицæн ацы дунейæ, фæлæ мын дæу хуызы фæстæмæ раздæхт». Чызджы цæстытæ доны зылдысты... Сæ дыууæйы дæр хуыцау æмæ пехуымпарыл бафæдзæхстон. ’— Нæ уарзон фыд Аслæнбег, барвæсс нæ лæварыл,— загьта Вахæ æмæ стъолыл æрæвæрдта къахæй-къухмæ мæ фæлыст. Сæ сæрыл — бухар худ æмæ ливор. Уæлæдарæс уыди Сæлизæтæн йæхи къухты фæллой. Æрхæццæ мæ цæуыны бон. Зæрдиаг фæндараст мын загътой Исламы бинонтæ, йæ хæстæджытæ, йæ сыхбæстæ... Гъе, афтæ мæ сбуц кодтой Гихийы хъæуы мæ цæцæйнаг хæлæрттæ. Вахид æмæ Вахæ мемæ æрцыдысты суанг Салыгæрдæнмæ... Ислам йæ уæлæон хæс бафыста, рухсаг уæд, фæлæ йæ фырттимæ ныртæккæ дæр цæрæм хæларæй. Мæнæ ма ацы куырæт дæр Сæлизæты лæвæрттæй у,— æрдаудта йын йæ тæрттæ къухæй,— кæддæр мыл, гъе, ахæм цау дæр æрцыд,— фæци йæ ныхас 70-аздзыд Аслæнбег æмæ кæронгæсы къулæй æрбайста йæ фыййауы лæдзæг. — Хуыцауæн табу, лæг куы цæра, уæд цы нæ æвзары,— загъта мæ фыд. — Ацы сабийы арвит хъæмæ, мауал æй удхарæй мар,— фæдзæхста ма цæугæ-цæуын Аслæнбег Гæбайæн. Изæрдалынгты æрхуымæй бафынæй дæн кæронгæсы. Цалдæр хатты мæ цæстытыл ахъазыдысты Аслæнбег æмæ уыцы фаззæттæ, талынг ахæстон... Сæумæйæ уæрыччыты бауагътам зæддæгтæм. — Ныр сæ дæйæнт, сæ мадæлтæ бахуыскъ сты,— загъта Гæба. — Мæхæдæг сæ хиздзынæн... Æрмæст фæндаг бахъуыды кæн æмæ-иу мын æртæ бонæй æртæ бонмæ хæрæгыл хæринаг сдав. Мæ фыд мæ фæссихор, Садонæй Уæллагкомы ’рдæм чи цыд, иу ахæм бæлццæттимæ арвыста нæхимæ.
МÆ ХЪЛИМÆТЫ ХÆЛЛР Мæ рагбонты Хъивоны æфцæгыл сæрды мæйты цалдæр азы фæдæн уæлыгæс. Цас уæндон, ныфсхаст вæййы 6—10-аздзыд саби æгомыг æрдзы хъæбысы, æмæ-иу райдзаст бонты айнæджы йе дуры сæрæй хъуысыд мæ зарæг: къæвдатæ, мигъы та — мæ кæуын хъæлæс. Цыма-иу æндарæн бонты мæ уæрыччытæ дæр æнкъард уыдысты, афтæ мæм каст: сынæр цæгъдгæ-иу бадзыгуыр сты айнæгрæбын йе цæфуаты, æмæ мæм тæригъæдгæнджытау кастысты се ’гъуыз цæстытæй. Ахæм ран кæуын тæппуддзинады бæрæггæнæн кæй у, уый хъæлæкк æмбæрстон, фæлæ æрдзы гуымиры тыхты ныхмæ цы хъуамæ æрæвæрдтаин ме ’нкъарæнтæ æмæ цæссыгты йеддæмæ? Хур бонты уарзтон Суарæфцæджы губакхуыз къуыбырæй фæлгæсын. Уырдыгæй зындысты Уæлладжыргом æмæ Дыгургом, хæхты æфсæн цæгтæ. Мæ уæле æндонкъул Цæргæсты хох арвыл бæрзонд схæцыд, мæ фале — Зджыд æмæ Ходы уыгæрдæнтæ, фосдарæнтæ сæхи уæрæх айтыгътой къуыппытыл. Иу ахæмы кæсын æмæ иу мæхи цахъхъæн лæппу йæ уæрыччытæ суагъта Суарыкомы сæрмæ, хуырбынæй мæм хъæр кæны: — Иа лæппу, рацу уал ардæм æмæ, цалынмæ нæ фос ривæд кæнынц, уæдмæ хъулæй йе гудайæ ахъазæм! Æз фæгуырысхо дæн: «Кæд мæ нæмынмæ хъавы... Ау, æмæ мæнæй стырдæр куы нæ у, уæд дзы цæмæй тæрсын?» — Хорз, хорз, ныртæккæ цæуын! — адзырдтон æм, мæхæдæг мæ рифтаг мæ уæхскыл æрæфтыдтон æмæ гуцъуладжын арф кæрдæджы алæгæрстон. Баиу стæм иу мусы йас фæзы. — Æгас цу,— загъта уæлладжырон. — Хорз цæр, лæппу,— арфæ ракодтон, æмæ нæ къухтæ кæрæдзимæ радтам. — Æз Дзæрæхаты Лади дæн,— бацамыдта йæхи. — Æз та Бегаты Абег,— бахудтæн æм мидбылты. — Гъемæ зонгæ уыдзыстæм,— æдзынæг мæм æрбакаст Лади.— Ныр та уал гудайæ ахъазæм. — Мæнмæ гуда нæй, мæ хъултæ та дарæны сты,— батыхстæн. — Ницы кæны, мæнмæ дæр хъултæ нæй, фæлæ гуда ис æмæ уал абон уымæй фæхъаздзыстæм, иннæ хатт та пурти æмæ хъулæй,— зæрдæтæ мын авæрдта Лади. — Хъæуы мæм ис æмæ сæ схæсдзынæн. Иу тъæпæн дуры сæр гудайæ дзæвгар фæхъазыдыстæм, гъе стæй рахызтыстæм гæппытæ, æмбæхсынтæм... Уалынмæ хур фæкъул. Хæхты цъуппытыл гæны фæскъæуттау февзæрд мигъы къæмтæ. Рог уахъæз цъититæй сæрвæттæ, кæмттæм зæрватыккау йæхи рауагъта æмæ хизæнтæ, байбынты æмбæхст... Иу афон Лади йæ къурткæйыл хæрдмæ схæцыд æмæ йæ ахсæн бахоста: — Сæххормаг дæн, цом исты ахæрæм. 10
Нæ рифтæгтимæ схызтыстæм хъуынасæр дурмæ. Æз систон нартхоры кæрдзын, цыхты муртæ æмæ дзидзайы кæрстытæ. Ладимæ разынд печенитæ, сæкæры къæрттытæ æмæ пумпуси урс дзул. Сæ уындмæ мæ комдæттæ фемæхстысты. Мæхи хæринæгтæм мæм кæсын дæр нæ цыд: кæй хъуыд æрвылбоны зæрдæцъæхгæнæн фæрзиу? — Садонæй мын сæ мæ фыд схаста, райс^ма ’фсæрмы кæн,—æрбакаст мæм Лади,— æз та мæнæ цыхт æмæ дзидза ахæрдзынæн. «Ехх, ныр иунæгæй... дзулæй, сæкæрæй сæ цæстыфæныкъуылдмæ фæдæле кæнин»,— ахъуыды кодтон. Фæлæ мæ фыды ныхæстæ мæ зæрдыл æрбалæууыдысты: «Гуыбын скъæт у, йæ фæдыл куы цæуай^уæд дæ фæхудинаг кæндзæн»... Æмæ сындæггай, цыдæр къæмдзæстыгхуызæй, æвнæлдтон. Лади мæ бамбæрста æмæ-иу мæм æрхатыд: — Ахæр, Абег, æфсæрмы ма кæн, мæнмæ ма дарæны ис. Фыдгуыбын мæ ма фæхона, зæгъгæ, уæддæр мæхиуыл хæцыдтæн. Ахицæн нæ сихор. Кæрæдзийæн хæрзбон загътам æмæ нæ алчи йæ фосмæ аздæхт. Ладиимæ кæрæдзиуыл сахуыр стæм, æмæ-иу райдзаст бонты нæ фос ауагътам Цæргæсты хохы бынмæ. Афтæмæй ныл аивгъуыдта дыууæ сæрды. Æртыккаджы мах аивтам Хъæудуры бадæнмæ, Ладитæ та — Бæхдарæнтæм æмæ нал æмбæлдыстæм. Рацыд ма цалдæр азы æмæ алчи йæ фос балæвæрдта æмбаладмæ. Мах дæр ныппæрстам нæ нымæттæ, нæ фыййауы лæдзджытæ æмæ райдыдтам ахуыр кæнын. ... Мæ фыд мæ иу ахæмы хæрæгыл арвыста Садонмæ къахæнтæ, белтæ, сагæйттæ æмæ æндæр хæдзары дзаумæттæ æлхæнынмæ. Хъивоны æфцæгыл цæугæйæ мæ зæрдыл æрлæууыд Лади, йæ хæрзад хæринæгтæ æмæ нæ хъазæн бынæттæ. Æмбисбон ныххæццæ дæн Садонмæ. Дуканимæ бахизæны хæрхæмбæлд фестæм иу лæппуимæ. Кæсæм нæ кæрæдзимæ. — Абег! — йæхи мыл æрбаппæрста уый. — Лади! — базыдтон мæ уæлыгæс хæлары,— дæ нымæт костюмæй аивтай æмæ зын базонæн дæ. — Уæдæ скъоламæ нымæты чи цæуы,— йæ бецыкк хæрдмæ сфаста Лади. — Ды дæр, æвæццæгæн, костюм æлхæныс? — Нæ, мæ фыд мæ æндæр цæмæдæрты рарвыста. — Æмæ кæцы къласмæ цæуыс? — Фæндзæмтæ фæдæн. Ды та? — Æз та — цыппæрæмтæ,— загъта сæрбæрзондæй Лади æмæ амоны мæ цикъæ хæдон æмæ хæлафмæ,— скъоламæ дæр адоны мидæг фæцæуыс? — 0,— бафсæрмы дæн ме ’дзæллаг фадыварцæй. Уалынмæ Лади йæ риуы дзыппæй систа тамакоты къопп, бапъироз йæ дзыхы фæцавта æмæ йыл спичкæ сдардта. — Тамако дымыс? — бадис кодтон. — Уæдæ, ме ’мкъласонтыл сахуыр дæн, тамако, дам, чи нæ дымы, уый цæй лæг у... Гъа-ма, фен æй. — Æз нæ, мæ фыд дæр нæ дымы, куы мæ базона, уæд мæ фæнæмдзæн. — Æмæ дæм æфцæджы сæрты арвайдæнæй кæсы? Мæнæ мæн хуызæн сусæгæй дым. — Мæ фыд тамакодымæджы фарсмæ бадгæ дæр нæ кæны, йæ дзыхæй, дам, марг кæлы. Мæн дæр тæфæй бамбардзæн æмæ... — Цæмæйты тæрсыс, мæ хæлар... Уæвгæ мæн фыд йæхæдæг дæр дымы æмæ мыл тæфæй нæ фæгуырысхо уыдзæн. — Лади, ацы дуканийы къахæнтæ, белтæ, цæфхæдтæ нæ уæй кæнынц? — Уыдон дæллаг дуканийы сты, цом уырдæм. Балхæдтам хъæугæ мигæнæнтæ, сæвæрдтам сæ хæрæгыл, нæхæдæг 11
хæрæндоны сихор скодтам. Уынгмæ куы рахызтыстæм, уæд та Лади тамако сдымдта æмæ мæ афарста: — Æхца ма дæм баззад? — Баззад. — Цом-ма уæдæ мемæ. Лади разæй, æз йæ фæдыл, афтæмæй бацыдыстæм уæллаг дуканимæ. — Уæртæ замманай костюм æмæ йæ балхæн, кæннод æхсæзæм къласмæ ацы бызгъуырты куыд цæудзынæ? Авзар-ма йæ. Костюм разынд мæ аккаг. — Кæс-ма, куыд хорз дыл фидауы,— мæ алывæрсты æрзылд Лади.— Мауал æй ралас... Дæлæмæ дæр, уæлæмæ дæр дыууае туманы. — Æмæ нæхимæ... Стæй мæм æхца дæр фаг нæй. — Ау, авд-аст азы дæргъы хæхсæртты фосы фæдыл æртæхдзæгъдæн куы фæкодтай, уæд дæм дзы костюм нæ хауы? Кæннод дыл уæхимæ слест кæндзысты? — нымдзаст мæм Лади. Иæ цæстæнгасы банкъардтон уайдзæф: «Цæй чъынды, цæй тæппуд дæ, йæ фæллойæ йе рагъ бамбæрзын йæ цæст кæмæн нæ уарзы». Ладийы æргом-сусæг уайдзæфтæ мæ карды цæфау фæцагайдтой, хардзау мæм æркаст. Ме ’хцадон фелвæстон, фæлæ дзы 15 сомы йеддæмæ нæ разынд æмæ аджих дæн. Æрæджиау сæ Лади мæ къухæй айста, бафтыдта сæм 5 сомы æмæ сæ уæйгæнæгмæ балæвæрдта. Костюм мæн баци. — Фæззæгмæ йæ бавæр, стæй йæ скъоламæ скæндзынæ,— фæдзæхста мын Лади. Костюм гæххæтты тыхтæй бакодтон мæ дæларм. — Цом, æз дæ Галонмæ схæццæ кæнон,— загъта Лади, йæхæдæг донбылæй хæрæг æрбаласта. Фæндагыл та тамако сдымдта. Æз йæ фæздæгмæ хуыфын байдыдтон æмæ мæхи фæсвæндагмæ байстон. — Цæмæй дзы тæрсыс, дымын райдай, стæй йæ дæ зæрдæ æрцагурдзæн æмæ нал хуыфдзынæ. — Нæ нæ, Лади, махмæ иу лæппу дæр нæ дымы... Нæ ахуыргæнæг дæр дзырдта, тамакойæ, дам, рæуджытæ æмбийгæ кæнынц, зонд дзы талынг кæны, дзыпп та — афтид. Хæйрæджы хойраг, дам, у. — Мæн ницы хъыгдары, стæй нæ ахуыргæнæг дæр дымы,— загъта Лади. — Мæнæ уæм махау æрзæткъахæнтæ, дуканитæ, клубтæ æмæ кинотæ куы фæзына, уæд ма-иу кæс, цымæ уæм бирæтæ дымын æмæ нуазын дæр нæ райдаиккой. — Æмæ нуазгæ дæр кæныс? — фæзылдтæн æм. — Искуы-иу хатт... кувæггаг,— фефсæрмы Лади йæ дзуаппæй. Афтæ, ныхасгæнгæ схæццæ стæм Галонмæ. — Стыр бузныг, Лади, де ’хца дæр дыл æмбæлдзысты,— арфæ ракодтон мæ хæрзгæнæгæн æмæ фæхицæн стæм. Хурудæй ныххæццæ дæн нæхимæ. Цыдысты бонтæ, мæйтæ ... Ладиимæ та дыууæ азы фæстæ сæмбæлдыстæм Алагиры æфсæнвæндаджы станцæйы. Æз авд къласы фæстæ мæ ахуыр кæронмæ ахæццæ кæныны охыл цыдтæн горæтмæ. Лади дæр фæци æхсæзæм кълас. Мæныл цыд æхсæрдæс азы, Ладийыл — фынддæс. Кæрæдзиуыл æфсымæртау баузæлыдыстæм... Фæлæ та ацы гæныстоны тамако. Ныр æй, æнхъæлдæн, дымдта æргомæй. — Хорз хæлар мын дæ, Лади... æрмæст нын ацы хъылма нæ мыды къæм ма баппара? — бакастæн æм лæкъуымдзæстæй. — Æцæг дæр хæйрæджы хойраг у, фæлæ йыл сахуыр дæн æмæ йæ мæ бон ныууадзын нал у. 12
— Цас ныууадзинаг у, мауал æй æлхæн, мауал æй хæсс дæ дзыхмæ, æмæ фæци. — Ды нæ дымыс æмæ дын æнцон дзурæн у. Куы йыл сахуыр уаис, стæй ма дæм де ’мбæлттæ куы ’рхатиккой, уæд дæ фенин, куыд æй ныууадзис, уый. Цы ма йын загътаин. Мæ зæрдыл æрлæууыд нæ фембæлд Садоны, нæ ныхæстæ. Уæд Ладийæ баззадтæн фондз сомы хæсджынæй. Систон туман. Хатыр дзы ракуырдтон, ныронг кæй баззадысты, уæй тыххæй. — Цы ма ’рхъуыды кодтай, мæ лымæн,— фæсырх и Лади. — Цы сты мах астæу сомтæ, тумантæ? Дæхæдæг ахуырмæ куы цæуыс. — Цæй^хорз, зонгæйæ фæуæд,— йæ уæхскыл ын авæрдтон мæ къух. Лади йæ мидбылты фæлмæн бахудт. Цас ма рацыд, афтæ поезд ныхситт кодта. Нæ кæрæдзийæн зæрдиаг хæрзбон-фæндараст загътам. Цалдæр азы фæстæ ма сæмбæлдыстæм Дзæуджыхъæуы, Къостайы номыл парчы, гье стæй райдыдта тугуарæн хæст. ... Хæсты сыгъд æмæ уырыд азтæ, низтæ, фæндаджы фыдбылызтæ... Чи ма уыд сæмбæлын æнхъæл... Фæлæ 1950 азы хæрхæмбæлд фестæм Алагиры автотранспортон хæдзарады. Лади дзы куыста инженерæй. Кæрæдзиуыл куыннæ ныттавицтæ уыдаиккам: «Æгайтма дæ æгасæй уынын». — «Дæу дæр, дæу, мæ зынаргъ æфсымæр»,— дзырдтам кæрæдзийæн æмæ нæ цины цæссыгтæ сæрфтам... Фæстагмæ æрымысыдыстæм нæ рагбонтæ Хъивоны æфцæгыл, нæ фембæлд Садоны. Ныр та? Ныр систæм хæдзардартæ: нæ 30- гай азтæ фæсте аззадысты. Сихорыл ацыдыстæм Зилахары дæлвæзтæм æмæ суанг изæрдалынгтæм кæрæдзийæн нæ хабæрттæ фæкодтам. Лади та бапъироз бапъирозы фæдыл дымта, æмæ дзы тыхстæн. «Фынддæс-ссæдз азы размæ бон иу къопп дымдтон, ныр мын дыууæ-æртæ фаг нал кæнынц,— банкъуыста йæ сæр.— Уыимæ ацы нозт»... Лади та мæ бирæ уайдзæфтæм фæразонæй фæхъуыста, стæй мын афтæ: — Зонын æй, Абег, сæ дыууæ дæр хæйрæджы хойраг сты, фæлæ афæздæггæнагыл æрыгонæй бафтыдтæн, мæ мады æхсырæй мын адджындæр фæци, æмæ йын мæ бон аппарын нал у, ацы «хъыцъыдон»-æй та бæрц зонын, никуыма дзы «фæразуæз» дæн. — Уый чи нуазы, уыдонæй ахæм нæма райгуырд, йе дзы «разуæз», йе та «фæстауæз» чи нæ фæци,— бафиппайдтон æз,— ацы тамако та æхсæвæйбонæй сæры магьзыл хæрæмигъау тыхсы, лæджы сабыргай мары... Цæуылнæ йæ ныхъхъуытты уадзыс? Ау, айдæнмæ никуы бакæсыс, дæ цæсгом дзы фæныкхуыз куы райста, дæ дæлдзæстытæ цæгатаг калмы рагьау сауид куы дарынц... Ноджы, дам, ацы гæныстоны рак æфтауы. — Лæгæн йæ хъысмæт цы стæрхон кæна, уый уыдзæн, афонæй раздæр ничима амард,—загъта Лади æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта,— уырыссаг куырыхон фыссæг Толстой дæр дымдта... — Æрмæстдæр 5—6 азы, стæй тынг æрфæсмон кодта. Уый тыххæй йæ хæлар поэт Фетмæ дæр фыста, бакæс-ма йæ. — Цыфæнды ма бакæсон, мæ бон йæ аппарын нæу æмæ йæ ныддымæрдыг уадзæм,— тарæрфыгæй мæм æрбакаст Лади. — Мæн фæнды æрмæстдæр дæ хорздзинад... Цас бирæ цæрæнбонтæ ис адæймагæн, æмæ дæ цард дæхæдæг цæмæн цыбыр кæныс? Цы дæм кæсынц 50, 100, кæннод 1000 азы æрдз æмæ рæстæгимæ абаргæйæ? Уысм дæр не сты. Æнæуи дæр нын иу æмæ дыууæ знаджы куы нæ и, мыййаг: низтæ зæгъай, æнамонд цаутæ, мæнгард, фыдзæрдæ адæймæгты азар... — Гъемæ хорз, дæ ныхæстыл ахъуыды кæндзынæн. 13
— Ахъуыды кæн, мæ лымæн, цæмæй нæ æндæр хатт ацы хъуыддагыл дзурын мауал бахъæуа, науæд... — Науæд, мæнæй дæуæн хæлар нал ис, зæгъыс? — Афтæ нæ зæгъын, фæлæ... Ау, ацал-ауал азы дын хæсты цæхæры æнцондæр уыд? Цал хатты ныххурх кодтай саутæ хæссæг мæлæты? Цал зæххон зындзинадыл фæуæлахиз дæ? Уæдæ ацы дæлимонты хойрагыл дæ къух цæуылнæ сисыс? Хъуамæ адæймаг йæ монцтыл уæлахиз кæна. Лади йæ къух мæ уæхскыл авæрдта æмæ мæм аххосджынау бахудт. Изæрдалынгты кæрæдзийæн зæрдиаг хæрзбон загътам. ... Азтæ та рæстæджы базыртыл хърихъуппытау нæ сæрты тахтысты. Хистæртæ кæрæдзи фæдыл цардæй ивгъуыдысты. Кæстæртæ рæзыдысты æмæ иугай-дыгай хистæрты бынат ахстой. ... Мæ хæларимæ та сæмбæлдыстæм Садонгомы. Ацы хатт ссæдз азы фæстæ. Фæхæстæг стæм хистæры кармæ: æнусы æмбис фæсте фæуагътам. Мæ рагон лымæны уындмæ мæ зæрдæ бамæгуыр: тамако æмæ арахъхъ сæ куыст кодтой— сфыхтой лæджы. Лади зындис йæ карæй бирæ хистæрхуыз: цæсгом, хъуыртæ — æнцъылдтæ, арфдзæуаг дзывыры ауæдзтау бæрæг дардтой. Уæхсчытæ фæгуыбыр сты, раздæрау йæ къахайст фидар нал уыд, йæ хъæлæс ныффæсус тамако æмæ арахъхъы маргджын буаргъæдтæй. Иæ цæстытыл æрбадт згæхуыз хæрв... Мæ мидбынат лæугæ баззадтæн, мæ дзыхы дзырд нал бадт. — Нал мæ зоныс, æви? — схæцыд йæ цæнгтыл Лади. — Зонгæ бæргæ, фæлæ цы хуызы бынæй кæсыс... Рынчын ма уай? — Цæй рынчын дæн, мæ хæлæр, фæлæ азтæ, азтæ... — Уыдонæн галтæ, бæхтау бауромæн нæй... Æрмæст дæм маргхъæстæ бæлæгъы дон æмæ хъылма фæздæгыл дæ къух сисыны хъару нæ разынд. — Бæргæ, куы разындаид, мæхицæй æхсызгондæр никæмæн уаид... Æз Толстой нæ дæн,— тыххудт бакодта йæ мидбылты. — Толстой æмæ нын бирæ æндæр куырыхон адæймæгтæ цы зонд æмæ бынтæ ныууагътой, уыдонæй пайда кæнын хъæуы. Дæу та зонын, ис дæм ныфс, хъару, æхсар: равдыстай сæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азты. Цæуылнæ сæм æрсидыс æххуысмæ? Цæмæн дæ бахъуыд адзал афонæй раздæр? Ахъуыды кæн, цалынмæ бынтон нæма барæгмæ... Кæннод стыр фæсмон фæкæндзынæ. — Фæсмон? Ома куыд фæсмон? — Афтæ, æрæджиауы фæсмон. — Уæддæр? — Уæддæр, уæддæр!.. Мæнæ Уæрхæджы кæстæр фырт Æхсæртæг гуырысхойы охыл йæ хистæр Æхсары куыд амардта, стæй, йе ’фсымæры рæстдзинад базонгæйæ, куыд æрфæсмон кодта, гъе афтæ... Йæхи дæр куы амардта. — Гъемæ мæ кæд арахъхъ æмæ тамако амардзысты, уæд ма рагацау та мæ къух мæхимæ цæмæн исон,— здæхта хъазынырдæм ныхас. — Бар дæхи, фæлæ...— банкъуыстон мæ сæр æмæ та мæ зæрдыл æрбалæууыдысты Толстойы карз ныхæстæ: «Кæд дæм зианхæссæг æвзæр мийыл дæ къух сисыны хъару нæй, уæд дæхи нæ хоныс адæймаг, æмæ суанг фос дæр, фæлæ хуымæтæджы уæвæгой — дзаума». — Цæй, цы бирæ йыл дзурæм, хуыцауы тæрхонæн аивæн нæй, алкæмæн йæ хъысмæт йæ ныхыл фыст у... Адзалæй раздæр нæ амæлдзынæн, ма мын тæрс,— райста мын Лади мæ къух.— Ныр та уал фæндараст кæн. Алчи нæ йæ фæндагмæ ахызт. Бонтæ, азтæ та пæр-пæрæй тахтысты æнусон рæстæджы базыртыл. Мæ царды уавæртæм гæсгæ мæн бахъуыд мæ цæрæн бынат аивын. Фæлæ рай14
гуырæн уæзæг искуы-иу куыдацæуа адæймагæй фæстæмæ никæмæй рох кæны. Нæ ферох мæнæй дæр æмæ къорд азты фæстæ раздæхтæн мæ хъæубæстæм. Рацыдаид мæй, фылдæр^ афтæ мæм иу райсом постхæссæг æрбалæвæрдта фыстæг. Къонвертмæ æркастæн: Ладийæ. Тагьд-тагъд æй айхæлдтон æмæ каэсын: «Мæ зынаргь Абег, нæ фæстаг фембæлдæй нырмæ рацыд дæс азæй фылдæр... Нал дæ хабар хъусын, нал æмбæлгæ кæнæм... Чи зоны мыл ацы гæныстон тамако æмæ нозтæй дæ зæрдæ фæхудт? Кæд афтæ у, уæддæр дæ аххосджын нæ каэнын, раст дæ дæхицæн мæ ницы агуырдтай, фæнды дæ мæ хорздзинад. Æз дæм нæ байхъуыстон æмæ абон, дæхи загьдау, фæсмон каэнын, æрæджиауы фæсмон... Ныр дæм фыссын республикон рынчындонæй. Дохтыртæ ма мын зæрдæтæ бæргæ æвæрынц, тагьд дæ низæй фервæздзынæ æмæ дæ дзæбæхæй рафысдзыстæм, зæгьгæ... Уыдон зæрдæвæрæнтæ сты, æмбарын æй. Ныр уалдзæг у: æрдз, цæрæгойтæ æмæ зайæгойтæ цин кæнынц, æз та... Афæстаг рæстæджы дæ арæх æрымысынц. Кæд дæ равдæла, уæд мын дæ фенд ма бахæлæг кæн. Лади». Мæ хъуыдытæ мæ ахастой ивгьуыд азтæм. Фыдфынтау мæ цæстыты раз слæууыдысты мæ царды гуыргъахъхъ æмæ гакъон-макъон къахвæндæгтаэ, мæ зонгæтæ, мæ цалдæр хæлары... Уыдонимæ дыууæ-æртæ гамхудхæссæг гадзрахатæй цæуæджы. Мæ лымæнты хуыздæртæй иу уыд Лади. Ныр, уалдзæджы къаэсæрыл, бахауд зын уаваэры. Адæмы зæрдæты хур æмæ зæхх уадзынц цин, ныфс, хъару, Лади та тыхсы рынчындоны... Уайтагьд атындзыдтон мæ хаэлармæ. Раздæр бацыдтæн хистæр дохтырмæ. Уый мын радзырдта: — Цы дын зæгъон, нæ зонын... Уыдис нæм консилиум дæр, æмæ æрцыдыстæм иу хатдзæгмæ: йæ игæры ис ивддзинæдтæ, йæ ныхъуырæны та фæзынд рак. Уыдон сты нозт æмæ тамакойы фæстиуджытæ. Игæрæн ма исты амал уыдзаэн, фæлæ ацы бæллæхы низ... Чысыл раздæр куы сæмбæлдаид, уæд ма — гьа. Ноджы йæ тамако абон дæр нæ уадзы. — Гъемæ дарддæр куыд кæнæм? — фæрсын æй. — Чи зоны, операци ма исты радта, æрмаэст ахæм вазыгджын операци скæнын нæ уавæртæ нæ амонынц. Бафæлварут Мæскуымæ. Уым — нырыккон медицинон аппаратурæ, фæлтæрдджын специалисттæ, академиктæ... — Гъемæ хорз, стыр бузныг,— арфæ йын ракодтон æмæ Ладийы палатæмæ бараст дæн. Дыккаг уæладзыджы тыргъты лаэууыд цалдæр рынчыны, уыдонимæ Лади дæр: йæ къухы та — сигарет. Куыддæр мæ ауыдта, афтæ йæ бырондонмæ ныппæрста. Мæ разы лæууыд мæлæг, низæфхæрд гуыбыр зæронд лæг. Кæрæдзиуыл та раздæрау бацин кодтам. Æрмæст мæ зæрдæйы рис мæ цæсгомыл фæбæрæг. Лади мæ фæхатыдта. — Рынчын исты дæ æви хæдзары?..— афарста. — <Ра~а"а' ахæмæй ницы... Кæддæр мын ам операци скодтой, æмæ мæ палатæйы цы дыууæ аэрыгон лæппуйы амард, уыдон мæ зæрдыл æрлæууыдысты,— здахын ныхас æндæрырдæм. — 0, ахæм фыдбылызтæ ныр дæр ваэййы,— загьта Лади æнкъард хъæлæсы уагæй. — Хатт сæхи аххос дæр у: чи йæ фыр хъалæй сыкъайæ богьы фаэзмы, æмæ йын æй асæттынц, чи Чермены цæссыгыл æрхъæцмæ нæ лæууы æмæ фыдбылызы бахауы, чи тамакойæ йæ хуылфыдзаумæттæ басудзы... Цыма мæ ныхæстæ Ладимæ ницы бар дардтой, уыйау æдзæмæй лæууыд æмæ гом рудзынгæй æддæмæ каст. — Цаэй, куыдтæ дæ, дæхи куыд æнкъарыс?..— фаэрсын æй. — Нæ зоныН) уæллæгьи: хостæ, судзинтæ, цырæгьтæ... схъыг сæ дæн. — Кæдмæ ам хуысдзынæ, Лади? Фæлтау Мæскуымæ ацу. Уым дын 15
дæ низы хатт хуыздæр равзардзысты æмæ дæ къæхтыл тагъддæр слæудзынæ. — Мæхи зæрды дæр ис, тæккæ абон дохтыртæн зæгьдзынæн, кæд мæ арвитиккой. — Æрмæст уал ацы нозт æмæ тамако фæуадз, куы фæдзæбæх уай, уæд дын кæдæм ирвæзынц. — Гъемæ хорз, бафæлвардзынæн,— банкъуыста йæ сæр. — Цæй, æнæнизтæ уал кæн, абæрæг та дæ кæндзынæн, йæ къух ын райстон æмæ рацыдтæн зæрдæрыст, сæргуыбырæй. Дæс боны фæстæ Ладийы арвыстой Мæскуыйы Герцены номыл наукониртасæн онкологон институтмæ. Уайтагьд ын операци скодтой. Дыууæ мæйы фæстæ йæ рафыстой æмæ йын фидарæй бафæдзæхстой: «Амондджын разындтæ, операци фæрæстмæ, дæ игæр дæр йæ гаччы сбадт æмæ раздæрау °кусы... Æрмæст дæ низты аххоссæгтæ — тамако æмæ нозтыл хъоды бакæн. Дæхи сæ нæ бахызтай, зæгъгæ, уæд та дæм цæрын нæ цæуы æмæ ма махмæ дæр цæмæн цыдтæ»... Лади Мæскуыйæ Ирыстонмæ цæугæйæ цалдæр боны йæхиуыл хæцыд, стæй та фыццагау дымын байдыдта. Нозтыл дæр йæ къух бынтон нæ систа... Цас ын дзырдтой хиуæттæ, хæстæджытæ, уæлдай тынгдæр та йæ хæлæрттæ — къæрттæй цъула нæ аппæрста. «Цыфæнды фæдзурут, нæу ын мæ бон ныууадзын»,— уыдис йæ дзуапп. Цалдæр мæйы фæстæ уыцы хъылма тамако сæфт низы фæстæмæ раздæхта. Адæмы цыфыддæр знаг, гæныстоны рак хурхы уадындзты йæ маргджын уидæгтæ арф ауагьта æмæ бонæй-бонмæ, къуьфийæ-къуыримæ йæ амæттаджы хуыдуг кæнын байдыдта. Лæг æруæззау. Иу ахæмы та мæ Лади бацагуырдта. — Кæй нæ дæм байхъуыстон, уый тыххæй дæ стыр хатыр курын, Абег,— дзьфдта æрхæцгæ, тыхулæфттæнгæ. — Цы бакодтон, уый мæхæдæг мæхицæн... Адæймаг амæлы, ахæссынц æй йе ’нусон бынатмæ... Æз та йæм цæуын хи къахæй... Ие ’ппæрццæг монцтæ, йе ’взæр ахуыр аппарыны хъару кæмæ нæй, уый цæрыны аккаг нæу. Цæй цыбыр у нæ цард, нæхæдæг та йæ ноджы цыбьфдæр кæнæм... Цы сты нозт, тамако? Адæймаджы цыфыддæр знæгтæ. Науæд хахуыртæ, хæлæг, нымудзын, æдзæстуарзон митæ... Кæд фервæздзыстæм уыцы дæлимонты кæлæнтæй? Кæд бахæсдзыстæм арф нæ зæрдæтæм арв æмæ зæххы диссаджы рæсугьддзинад? Кæд ратдзысты дунейы дзыллæтæ æфсымæртау кæрæдзимæ сæ къухтæ... —Уыцы ныхæстимæ рынчын амонæн æнгуылдз йæ дæллагхъуырмæ схаста, ома дзурын мын зын у, ды та уал уæхимæ ацу, зæгъгæ. Дæ балгьитæг йæ хæлары цурæй ацæуæд мæнау æрхуымæй: мæ хъуыдытæ хуымæллæджы мæцкъортау кæрæдзиуыл тыхстысты, мæ зæнгтæ-иу фæтасыдысты... Æртыккаг бон мæм телефонæй æрбадзырдтой: «Рухсаг уæд дæ хæлар Лади, ардыгæй фæстæмæ цины хабæрттæ хъус». Мæ хæлары хъысмаэтьш хъуыды кæнгæйæ мæ æнæбары схаудтой æфхæрæн ныхæстæ: «Цымæ уыцы рын æмæ емынæйы (нозт æмæ тамако) уацайрæгтæ цæрыны аккаг сты?»
МУЗЫКÆУАРЗАГ ЗÆРВАТЫЧЧЫТÆ Иу ахæмы та хосгæрдæнты ацыдтæн Уæллагкоммæ. Æрфысым кодтон7 абоны онг Къæмынтыл йæ зæрдæ чи нæ ивы, Калинины номыл колхозы йæ удуæлдай фæллойы фæрцы стыр кад æмæ намыс кæмæн ис, уыцы хæдæфсарм лæппулæг Хьараты Валодямæ. Мæ райгуырæн уæзæгæй кæмттæ, хæхтæ, иъититыл мæ цæст куы ахæс сын, уæд мын, цыма, йæ алы айнæг æмæ тала, йæ алы суадон æмæ дидинæг дæр афтæ фæдзуры: «Цæй-ма, бирæ нæ куы уарзыс, мах-иу дæ сабибонты нæхи хъæбулау куы рæвдыдтам, уæд ныл иу-дыууæ хъарм ныхасы цæуылнæ ныффыссыс?» Мæн дæр ахæм сахат уæлтæмæнад йæ рæубазыртыл бæрзонд сисы, афтæмæй æрцагурын гæххæтт æмæ кърандас. Ацът хатт канд уыдон нæ, фæлæ ма транзистор дæр айстон æмæ бараст дæн скъоламæ. Мæ кæддæры партæ разынд стьолы фарсмæ. Цыдæртæ фыссын ыл райдыдтон... Аулæфон, зæгьгæ, фæссихор транзистор баифтыгътон. Ныййазæлыдысты симфонийы зæрдæсгарæг зæлтæ. Иу рудзынджы фæрссæгтæ байтыгътон, æмæ музыкæ йæхи айста къласæй: стæлфыд хурдзыд уæлдæфы, дидинджыты къусчыты. Уыцы райдзаст бон скъолайы алыварс сæ зæрдæйы дзæбæхæн цъыбарцъыбургæнгæ ратæх-батæх кодтой лыстæг мæргътæ: бæлæттæ, зæрватыччытæ, хæрдмæдзог иъиутæ... Уалынмæ иу зæрватыкк гом рудзынгыл къласы фæмидæг, фыссæн фæйнæджы сæр абадт æмæ æхсызгон цъипп-цъипп кæны. Æз æм февзыстон. Дзиба пæрпæргæнгæ къласы æрзылд æмæ та фæстæмæ фæйнæгыл абадт. Уыцы уысм транзисторæй райхъуыст ныхæстæ æмæ йæ баурæдтон. Зæрватыкк дæр ма чысыл афæстиат, стæй атахт. Дыккаг бон мæ куыстмæ бавнæлдтон аходæны фæстæ. Иу афон та баифтыгътон транзистор. Хьусын Гæбæраты Ильяйы зарæг «Ирыстоны хъæбул»-ы аив музыкæмæ. Кæсын, æмæ та иу зæрватыкк февзæрд къласы: абадт чингуыты скъаппыл. Дæс минуты бæрц байхъуыста, гъе стæй атахт, фæлæ уайтагъд фæзьшдысты дыууæйæ. Иу хуызы музыкæ ивта иннæйы. Уалынмæ мæм хъæуæй чидæртæ фæзынд æмæ транзистор баурæдтон. Зæрватыччыты атахт нал бафиппайдтон. Мæ уазджытæ куы ацыдысты, уæд хъуыдьпы аныгъуылдтæн: цымæ абон дæр зноны зæрватыкк æрбатахт æви æндæр? Дыккаг та ма кæцы уыд? Уæвгæ зæрватыччытæ иухуызон сты, ацу æмæ иуы иннæмæй равзар. Æртыккаг бон та музыкæйы зæлтæм фæзындысты дыууæйæ. Ацы хатт тымбылкафтгæнджытау æрзылдысты къласы къуымты æмæ та абадтысты фыссæн фæйнæджы тигъыл... Транзистор-иу куы бахъус, уæд-иу федде сты, фæлæ та-иу фæндыры цагъдмæ, музыкæйы зæлтæм дыууæ сырхдæллагхъуыр, сырхбыл базырджыны цингæнгæ ам февзæрдысты... Афтæмæй ныл рацыд цалдæр боны. Иу райсом хур йæ тынтæ цъититæ, хæхсæрттыл куыд зæрста, афтæ та '> \Ь> ппнæзышæпджитл’ \1
райхъуыст Листы музыкæ. Ацы хатт мæ базырджын уазджытæ баисты цьшпар æмæ чирчиргæнгæ зылдысты къласы. Хатт-иу фæйнæгыл йе скъаппы сæр рæнхъæй рабадтысты. Афтæ иу бон, дыккаг, æртыккаг... «Адон иутæ сты æви æндæр æмæ æндæртæ?»— фарстон мæхи. Гъе уый базоныны охыл иу ахæмы рудзгуытæ ахгæдтон æмæ зæрватыччыты тыхамæлттæй æрцахстон. Алкæй къахыл дæр дзы бабастон урс æндах,афтæмæй сæ ауагътон. Дыккаг бон та рудзгуытæ байтыгьтон, транзисторы къæбæл æрзылдтон æмæ айзæлыд фæндыры хъæлæс. Цыппар маргьы та фæзындысты хъæлдзæгæй. Æчиттытæгæнгæ зилынц къласы. Æрæджиау та рæнхъæй рабадтысты скъаппы сæр æмæ, аргьæутты æмбаргæ мæргьтау, хъуыстой цагьдмæ. Æндæхты кæрæттæ дæр сæ кьæхтæй дзедзырой кодтой. «Нæхиуæттæ сты,— бахудтæн мидбылты,— ноджы уарзæттæ». Уæдæй фæстæмæ цыппар зæрватыччы систы мæ иузæрдион хæлæрттæ. Транзистор-иу куы скуыста, уæд-иу чик-чикгæнгæ фæзындысты. Чи сæ-иу стъолыл абадт, чи партæйыл: домдтой зарæг, музыкæ, фæндырдзагьд. Сæ «курдиат» сын куыд нæ æмбæрстон, æмæ-иу сын сæ зæрдæ балхæдтон. Уыдон дæр-иу, бузныг дæ стæм, зæгьгæ, базыртæй кафгæ, мæ фæйнæфæрсты зылдысты. Афтæ мæймæ ’ввахс фæдæн скъолайы æмæ цыппар зæрдæхæлар маргьы æрвылбон дæр уыдысты мæ «кадджын уазджытæ». Кæд хохаг рæубазыр зæрватыкк йæхæдæг зараг у, уæддæр бахауд музыкæйы зæлты уацары. Кæддæр, дам, нарты Ацæмæзы диссаджы цагьдмæ канд мæргьтæ æмæ сьфдтæ нæ, фæлæ хæхтæ, бæлæстæ, æхсæрдзæнтæ дæр кафыдысты. Æвæццæгæн, зарæг, музыкæ æмæ ирон фæндыры зæлтæ цавддурмæ дæр хъарынц... ФЫДЫ ХÆЛАР — ФЫДЫ ХÆЗНА Иу тарæрфыг фæззыгон изæр нын нæ кулдуар æрбахостæуыд. — Гъей, хæдзаронтæ, кæм стут? — æрбайхъуыст зонгæ хъæлæс. — Уый Мамас куы у,— дзуры мæ мад Ауархан.— Ауай, лæппу, мидæмæ йын зæгь. Чи нæ зыдта нæ хъæуккаг номдзыд цуанон Мамасы. Мæ фыд Исламимæ та хæлæрттæ уыдысты, ноджы æмцуанонтæ. Ислам хæстмæ куы нæма ацыд, уæд нæм цæуаг уыд. Ныр дæр ныл йæ хæст нæ уадзы, уый фæрцы суг йе къæбæрхъуаг никуы вæййæм. Иæ цуанон лæдзæг йæ къухы, афтæмæй лæууыд кæрты дуармæ: мидбылты мæм бахудт. — Цæй, куыдтæ мын цæрут, мæ лымæн лæггаг? — афарста мæ. — Дзаэбæх стæм, мидæмæ нæм рацу. — Мидæмæ кæй æвдæлы, Хетæг, фæлæ дæм хъуыддаджы фæдыл æрба18
уадтæн,— мæ уæхскыл авæрдта йæ дæрзæг къух. — Цæвиттон, мæнæ иу сьфд амарынæн цуанæтты цæдисæй бар райстон æмæ сау хъæдмæ суайæм, кæд нын сохъхъьф Æфсати исты балæвар кæнид. Райсом хуыцаубон у, æмæ скъолайæ дæр уæгъд куы дæ?.. Цуаны коймæ мæ зæрдæ цинæй айдзаг, сырдтæ, мæргьтæ æмæ сау хъæд мæ цæстытыл ауадысты. — Æмæ Гыццийæн ницы зæгьын хъæуы? — афарстон ма Мамасы. Уый мæ фембæрста. — Цæуылнæ йын зæгъæм, сусæггагæй дзы куы ницы ис... Дæ фьтды хъримагмæ базил æмæ рагацау бахуысс, хъуамæ фыццаг кæркуасæнты азмæлæм,— фæдзæхста мын Мамас, «хæрзæхсæв» загъта æмæ сæхимæ фæраст. Гыцци мæ айразмæ цалдæр хатты Мамасимæ цуаны ауагьта æмæ мын ньф дæр «нæгь» кæй нæ зæгьдзæн, уый мæ уырныдта. Хабар ын цингæнгæ радзырдтон. — Мамас ныл дæ фыдмæ гæсгæ йæ арм дары. Сæрды нын дыууæ галуæрдоны суг æмæ æртæ голладжы ссад куы ’рбаласта, нал æй зоныс? Ныр дæр йæ къухы исты куы бафта, уæд нын цæй æфсон бахай кæна, ууыл у йæ мæт, æндæр дæуæй цæй цуанон и... Æрмæст дæ уроктæм æркæс, кæннод цафон æрцæудзыстут, хуыцау зоны,— сразы Гыцци. Мады цæстмæ гæсгæ ма мæ уроктæм афсоны каст æркодтон, хъримагмæ базылдтæн æмæ уайтагъд бахуыссыдтæн. Зæрдæ цæмæ дзура, цæстытыл, дам^ уый ахъазы: æхсæв-бонмæ фыны архайдтон, канд мæхи цæстæй кæй федтон, уыцы сырдтæ нæ, фæлæ ма аргьæуттæ, чингуытæй кæй зыдтон, уыдонимæ дæр... Мæ тæккæ фынтæ уынгæйæ мæ Гыцци бауыгьта: — Фест, Мамас æрбацыд, уынджы дæм æнхъæлмæ кæсы.—Æз хуыссæгхъæлдзæгæй мæ хъарм хуыссæнæй фæгæпп ластон, мæ пысултæ тагьд акодтон, мæ хæлцон æмæ хъримаг бæгуылæгау мæ уæхсчытыл æрцауыгьтон, мæ лæдзæг райстон æмæ мæ цæстытæ æууæрдгæ рахызтæн кæртмæ: нæ гогыр уасæджы бæзджын хъæлæс мæ хъустыл ауад. «Фыццаг кæркуасæнтæ»,— ахъуыды кодтон. Мæ къаххъæр айхъусгæйæ, Мамас дзуры: «Уый дын лæг, цæстыфæныкъуылдмæ фæрæвдз».. Уыцы уысм æз Мамасæн фæтæригьæд кодтон: мæгуыр, цот ын нæ рацыд æмæ хистæр уа, кæстæр — йæхæдæг у. Кулдуар нал бакодтон, фæлæ кауы сæрты уынгмæ ныггæпп ластон. — Уæдæ цæуæм, и? — мæ уæхск мын æрхоста Мамас. — Ацы хатт мæ цуанæтты нæ ракодтон, бавзарæм æнæ уыдон. Гæр, Æфсати мæ лымæн æмæ дæ фыды æрдхорд куы у, уæд нын иу хуыйы хъыбыл нæ ратдзæн,— архайдта мæ хуыссæг асурыныл Мамас. Адардтам нæ фæндаг: ауайын нæ хъуыд 10 километры бæрц. Цæуæм æлвæсæй. Быдыртæ, арыхъхъытæ фæсте аззадысты, фæлæ хъæдмæ хæстæг æрхытæ, мæсчъытæ сарæх сты. Ноджы ма уазал хæрæмигь, фæззыгон сыфтæртау, зæххыл нынныхæст æмæ нын цæуын фæзындæр. Фæндагыл мын Мамас лæмбынæг фæдзырдта йæхи æмæ мæ фыды царды хабæрттæ... Хъæды куыд арфдæр цыдыстæм, афтæ мигь бæзджындæргæнгæ цыд. Хатт-иу уахъæз йæ хъисын æруагьта бæгьнæг бæлæсты хихтыл. Хаста гæбынахалас. — Æнхъæлдæн, нæ хъуыддаг цъар кæндзæн, лæппу,— батыхст Мамас. — Ахæм рæстæджы сырдыл зын сæмбæлæн у. Кæд нæ амонд уа, уæд уадымс банцайдзæн, æмæ мит рауардзæн. Æз нæ бамбæрстон, рог дымгæйы банцайын æмæ нын мит цы баххуыс уыдаиккой, уый, фæлæ ныхæстæ ма зæрдыл бадардтон. Бон дзир-дзур кодта, афтæ бахæццæ стæм иу уæрæх æрдузмæ. Зæронд 19
лæгау нæ разы гуыбырæй лæууыд фыдæлтыккон тулдз. Бецау, ныббутъро, йæ мæра дардыл ныззылд. — Мах ам дæ фыдимæ бирæ уæззау бонтæ арвыстам. Ацы тулдз дзурын куы зонид, уæд фехъусис царциаты диссæгтæ. Мидхæсты æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азты цал æмæ цал партизаны бахызта фыдбылызæй... Кæсма, ныббутъро и, зокъотæ йыл зайын байдыдта, уæддæр лæууы æмæ цæры,— загъта Мамас æмæ æнусæмбай тулдзыл йæ къух рæвдаугæ æруагьта. Уалынмæ бон æрбарухс. Зымæгон мæргътæ дæр базмæлыдысты. Нæ рифтæгтæ топпытимæ мæрайы къуымы æрæвæрдтам, нæхæдæг æрбадтыстæм бандонæн æвæрд къуыдырыл. Аходæнтæм хæстæг хæрæмигь йæ дондыппыр цъæх базыртыл гæзæмæ схæцыд, æмæ сæлæф мит уарын байдыдта. — Гъе-гьей, лæппу, бынтон æнамонд не стæм,— фæхъæлдзæгдæр Мамас. — Ногуард миты нæ сырды хайыл нæхæдæг куы нæ рамбæлæм, уæддæр нæ йæхæдæг ардзæн. Нæ алфамблай тæрс бæлас — хæрх, тæрсмæ та хуытæ мондаг сты æмæ сын ардæм æнæ цæугæ нæй... Абадын нæ бахъæудзæн, æрмæст ма нын мит дæр уахъæзау афойнадыл куы бандаид, уæд истытæ кæниккам. Æз ныр бамбæрстон Мамасы хъуыды уахъæз æмæ миты тыххæй: дымгæмæ сырд цуаноны бамбары тæфæй æмæ æввахс нæ цæуы, митыл та фæд уадзы. Цуанон лæгмæ æнæ афæрсгæ чи лæууы. Æз дæр Мамасæй хатыр ракуырдтон æмæ йæ фæрсын: — Дæ цуаны хабæрттæй-ма мын исты радзур. — Цуаноны дзуринæгтæ кæуылты сты,— бахудт лæг æмæ йæ къуыбыр рихитæ адаудта. — Радзурдзынæн дын, дæ карæнæй мæхиуыл цы цау æрцыд, мæ зæрдыл арæх чи æрлæууы, ахæмы тыххæй. Цæвиттон, 1919 аз уыд фæуынтыл. Мидхæсты гæрæхтæ ма хъуысыдысты алы ком, алы рагьæй, афтæ нæ хъæуккаг цуанон Быдзоимæ хуыдзуаны рацыдыстæм мæнæ ардæм. Уыдис нæм фæйнæ хæргæфсы æмæ цалдæр цуанон куыдзы. Уæд дæр нæ фысым ацы бæлас уыд. Мæрайы къулмæ бауагьтам æрæфтæ, æмæ нæ халагьуд фæцæттæ. Хайуантæм дæр ацарæзтам хасбахъ. Быдзо-иу куыйтимæ афардæг цуаны, æз та — бынатгæс: хæринаг кæнын, хайцантæм зилын уыд мæн хæс. Рацыд дыууæ къурийы, фæлæ Быдзо цъиу дæр никуы амардта. Иу бон та фæссихор гуыбæрттæ куыд кодтон, афтæ мæ хъустыл æрцыд цыдæр уынæр. Кæсын хъæдбынмæ, дæлæ диссаг: дыууæ егары æрбасурынц дыгæрдыджы йас джиры. Уый дын фыр адæргæй нæ хасбахъы куы смидæг уаид. Мæн дæр ма хуыздæр цы хъуыд, уырдыгмæ йыл топп ныххуырстон. Хасбахъæй ма бæргæ рагæпп ласта, фæлæ сугсæттæны æрфæлдæхт. Кæйдæр егæрттæ дæр сæ амæттагæй æнæ хай фесты — топпы хъæрмæ алыгьдысты. Джиры йæ тæппæзтæ цæгьдгæ æрбаргæвстон. Иæ царм ын тыххæйты бастыгьтон, йæ хуылфы дзаумæттæм ын базылдтæн. Изæрдалынгты та Быдзо дæр афтидкъухæй фæзынд. Джиры сæр ауынгæйæ къухтæ фæйнæрдæм фæхаста, афтæмæй мæм джихæй кæсы. Æз ын хабар куы радзырдтон, уæд мæ фыр цинæй куыд нæ ахордта. — Табу не сфæлдисæгæн, Æфсати куы фæдæтты, уæд æй хæдзармæ дæр баскъæры... Фæлæ ды дæр хорз сарæхстæ, лæг дæ æмæ дæхæдæг,— раппæлыд мæ. Уыцы æхсæв ма кæдæм ацыдаиккам, фæлæ сæумæрайсом джиры мард хайуантыл бавæрдтам æмæ хъæмæ: фæссихор Уæллагкомы уыдыстæм. Уый та дын æцæг хабар, мæ лымæн,— фæцис йæ ныхас Мамас. Уалынмæ уарын дæр банцад, хæрæмигъ йæхи айста. Æрмæст сау хъæды ныууагьта тæнæг урс хъæццул. Цас ма абадтаиккам, афтæ мæм Мамас дзуры: — Кæс-ма уæртæ хъамылмæ, ницы дзы змæлы? Æз къудзитæ, хъамылмæ нымдзаст дæн. Пыхсбынæй рабырыд иу гæ20
рæм дзæргъ æд хъыбылтæ. Æрлæууыд æрдузгæрон. Цыма уæлдæфы хæрзхъæддзинад бæрæг кодта, уыйау йæ сæрыл схæцыд, алырдæмыты асмыста, стæй хъоххъохгæнгæ æрхуыссыд иу хъуынаджын кæлдымрæбын. Иæ хъулон-мулон хъыбылтæ йыл амбырд сты. Æз æнæнхъæлæджы топмæ февнæлдтон. Мамас мын мæ цонг ацахста. — Фæлæуу, фæлæуу, тæвд ма кæн, уыдонæн æхсæн нæй. Мадæл хуыйы куы амарæм, уæд хъыбылтæ ныдздзæгъæлтæ уыдзысты æмæ тугдзых сырдты амæттаг бауыдзысты. Уадз, сæ мадимæ байрæзой... Æз дын цы джиры кой ракодтон, уыйæстæ куы суой, уæд лæг дæ æмæ дæхæдæг. Мамасы ныхæстæм æрсабыр дæн. Уалынмæ, зæххы бынæй схауæгау, дзæргъы уæлхъус февзæрдысты дыууæ гал-джиры. Сæ иу, футтытæгæнгæ, йæ цыргь бырынкъæй хъыбылты сцæлхъытæ ласта æмæ дуне хъыллист сси. — Гъе-гье, мæ лымæн, уыцы хылычъи мах у,— мæ хъусы мын æрбадзырдта Мамас æмæ джирмæ фондзæхстонæй ныхъхъавыд. Топпы хъæр араугæ ацыд хъæдбынты, рæгъты сæрты. Хуыты æрдонг фæпырх и. — Згъоргæ сæ фæдыл,— æрбасхуыста мæ Мамас. Æз мæ бынатæй пуртийау фесхъиудтон æмæ лæдзæгимæ сæ фæдыл ныййарц дæн. Ауыдтон тугвæд. Бахаста мæ цъаламæ. Мæнæ фыдуаг джир йæ фарсыл хуыссы. Мæн ауынгæйæ ма йæхиуыл бæргæ схæцыд, фæлæ ницыуал. «Мæнæ и!»— фæдзырдтон Мамасмæ. Лæг уайтагьд æрхæццæ. — Уыныс, Æфсати куы дæтта, уæд æй аджы дæр цæппары,— йæхи мыл ныттыхта мæ фыды хæлар. — Ныр цыппæрвадæй згьоргæ сæрвæтмæ æмæ хæрæг ракæ. Æз де ссыдмæ джиры бастигьдзынæн... Хъæдæй ахызтæн сæрвæтмæ. Нæ хæрæг Мæджиды ныййæфтон быдыры стантæм хæстæг, сындзы къутæрыл. Абадтæн ыл æмæ — хъæумæ. Уым ыл саргь авæрдтон æмæ фæстæмæ сау хъæды балæууыдтæн. — Уый дын лæг, хорз тагьд фездæхтæ,— раппæлыд та мæ Мамас. Кæсын æмæ сырд уæнгтæгондæй йæ цармыл цырхт, Мамас та зæронд тулдзрæбын цæхæр артмæ дары уæхстыл физонджытæ. Сæ хæрздæфмæ комы дæттæ уадысты... Нæхи хорз федтам, гъе стæй джиры мард хæрæгыл бавæрдтам æмæ къахвæдмæ рахызтыстæм. Мамас ма мын фæндагыл ракодта цалдæр аргьауы: абон дæр лæууынц мæ зæрдыл. Хъæумæ ныххæццæ стæм æхсæвæрафонтыл. Мамас уынгты атындзыдта разæй æмæ бараст махмæ. Хайуаны уæргьтæ æриста нæ кæрты, йæхæдæг бахызт нæ тæвдгæнæнмæ. — Мæнæ Æфсатийы лæварæй сывæллæттæм фæкæс,— дзуры нæ мадмæ. — Уæдмæ ацы гæныстоны хæст дæр фæуыдзæн æмæ Исламы ардæм хъæуы. Нæ цард та йæ гаччы сбаддзæн. Ныр та уал йæ хуыздæр хос — фидар лæууын, быхсын... Мамас фæлладæй къуымæл анызта æмæ нæ бинонтæн «хæрзæхсæв» загьта. Сырды мардæй ахаста æрмæстдæр сæр. Суанг ма йын йæ царм дæр дзабыры уæфстæн махæн ныууагьта. — Уынут, уæ фыды хæлар уæм цы зæрдæ дары, уый,— йæ цæст ныл ахаста нæ мад. — Уымæн-иу акодтой нæ фыдæлтæ, фыды хæлар — фыды хæзна, зæгьгæ. Рох уæ ма уæд ацы хорздзинад... Уалынмæ хæст фæци. Ислам дæр сæрæгасæй сыздæхт. Цард та раздæрау йæ бартæ йæхимæ райста. «Хорздзинад рохгæнгæ нæу»,— хъуыстам нæ куырыхон хистæртæй. Хъыгагæн, Мамасæн кæстæр нæ уыд... Мах та, Ауархан æмæ Исламы цот, нæ зæрдыл дардтам Мамасы рæвдыд, йæ уæздандзинад æмæ йæм йæ зæронды бонты кастыстæм, æххуысхъуаг æй нæ уагьтам, нымадтам æй нæ хæрзгæнæг, нæ дыккаг фыдыл... Адæм фыдæй-фыртмæ дæр цардысты æмæ цæрынц кæрæдзийы æххуысæй, кæрæдзийы цæрайæ. 21
УЫРС ÆМÆ УАСÆГ Арæх сæмбæлын нæ куырыхон хистæртимæ. Иу ахæмы та ныхас кæнын мæ рагон зонгæ Габолаимæ. — Цавæр цау бадардтай дæ цард-цæрæнбонты диссагдæрæн дæ зæрдыл? — фæрсын æй. — Мæ зæрдыл бирæ цыдæртæ дарын, фæлæ радзурдзынæн, мæхæдæг æвдисæн кæмæн дæн, ахæм цауы тыххæй,— загьта Габола. 1936 азы нæ колхоз «Сырх Дыгур»-ы бæхрæгъау фæззæгæй уалдзæгмæ уыдысты Хъабагъуаты дарæны. Бæхтæм зылдыстæм цыппарæй: Сæрæби, Алихан, Дзабо æмæ æз. Колхозы дыууæ уырсы дæр æрæгвæззæг æрбакодтой мах дарæнмæ. Хицæнæй сæм зылд мæ сыхаг Беслæн. Уырсытæй иу хуынд Гранит. Сæ дыууæ дæр фыдуаг, æнæрцæф, Беслæны саутухийæ мардтой... Махæй иу километр дæлдæр, Даргъ æрдузы уæтæры, йæ кæрчытæ дардта нæ хъæуккаг Гæматы Делекъо. Иæ базырджын рæгъауæн æлдариуæг кодта иу сырх уасæг, йæ ном — Быдзех. Иу бон Беслæн Гранитыл саргъ сæвæрдта æмæ цыдæр хъуыддаджы фæдыл ацыд хъæумæ. Фæстæмæ фæндагыл фездæхт уæтæрмæ. Идон бæхбæттæныл афтыдта, йæхæдæг мусонгмæ бахызт æмæ Делекъоимæ ныхæстыл фесты. Цас сыл рацыдаид, афтæ сæм æрбайхъуыст уырсы мыр-мыр, уасæджы фæдисхъæр. Цы хабар у, зæгъгæ, рагæппытæ ластой. Диссагдæр ма лæг цы федтаид: Делекъойы уасæг æмæ уырс кæрæдзийы хъуын-хъис калынц. Гранит йæ идон ратыдта, йæ саргъ пырхытæ, афтæмæй лæбуры дæндагæй, цæвы армаццагæй. Быдзех дæр йæ алывæрсты зилы, йæ рагьыл ын абады æмæ йæ ныхтæ, йæ бырынкъæй архайы... Дыууæ лæджы сæм циркмæ кæсæгау дзæвгар фæкастысты, стæй, адон кæдмæ хæцдзысты, зæгъгæ, Делекъо æрцахста йæ уасæджы, Беслæн — йæ уырсы. — Уром æй, Беслæн, кæннод уæртæ уыдоны хал ахæрдзæн,— бахудтис Делекъо æмæ хъæрццыгъаты быдыргътæм ацамыдта. — Уыдон та цы сты? — ныддис кодта Беслæн. — Уыдон та, мæ хæдзар, карчы дзидза бирæ чи уарзта, ахæм къæрныхтæ,— бахудт Делекъо.— Кæрчытыл-иу сæхи куы ныццавтой, уæд-иу сæ Быдзех ацахста æмæ-иу сæ мæ бар бакодта. Æз дæр сæ быдыргътæ арæзтон. — Æнхъæлдæн, дæ уасæг дæхицæй хъæбатырдæр у, Делекъо,— хин худт бакодта Беслæн. — Дæу уырс дæр цыма сæ тæппудтæй нæу, афтæ мæм кæсы: йæ саргъ ныппырх кодта, æмæ ныр йæ хицау фистæгæй дзопп-дзопп кæндзæн,— йæ рихи адаудта Делекъо. ^ Беслæн цыма хъæхъхъаг цывзы аныхъуырдта, уыйау схуыфыди, йæ хаиуаны хъуырыл идоны скъуыддзаг афтыдта æмæ дарæнмæ фæраст. 22
Изæрæй Беслæн махæн радзырдта уырс æмæ уасæджы хылы хабар, фæлæ йыл нæ баууæндыдыстæм. — Гъемæ уæ тыххæй ничи ’ууæндын кæны,— ауыгьта йæ къух. Рацыд ма цалдæр боны, æмæ Беслæн ацыд хос ласынмæ. Ие ’рцыдмæ Граниты сарайы нал æрæййæфта. Цы фæцадаид, зæгъгæ, батыхст. Уалынмæ кæсы, æмæ дæлæ Делекъо уырсы скæны. Цыма бирæгъы дзыхæй раирвæзт: йæ фæрстæ тындтытæ, йæ рагъ дзывырæй хуымгондау — тугæрхæмттæ, йæ хид лæдæрсы. — Мæнæ дæ хылычъи уырс, æнæрай дзы скæн, тыххæй ма сæ баиргъæвтон,— дзуры Делекъо. Беслæн уырсмæ куы ’ркаст, уæд бамæсты. — Багъæц, æз уыцы сырх къоппайы топпæй куы нæ агæрах кæнон7— ныддодой ласта Беслæн. — Æмæ уæд дæу уырс марын нæ комы? Цæмæн лæбуры мæ уæтæрмæ? Искуы дæм мæ уасæг ныббырста? Ныууадз де ’ртхъирæнтæ,— йæ къух ауыгьта Делекъо. Уырсы рагъ фехæлд. Беслæн ын æй сæрста хуыйы сойæ. Нал æй уагът^ æддæмæ. Иу райсом нæм фæзындысты колхозы сæрдар Дзабола æмæ хæдзарадь’ хицау Тъох. Æркастысты нæ уавæртæм, бæхрæгъаумæ, скъæттæм. — Уый Граниты рагь цæмæй фехæлд?— фæрсынц Беслæны.~Æви æндæр цæуыл бадай, уый дын нæй? — Дæлæ йæ Делекъойы уасæг ныттыдта,— дзуапп радта Беслæн. — Мах хъазгæ нæ кæнæм, цы кодта уырсы рагь? — Иарæби, нæ уæ сайын, мæнæ бафæрсут... — Раст дзуры Беслæн, уырс йæ бæттæнтæ арæдывта æмæ уæтæры балæууыд,— загьтам сын мах. —Уым уасæг хæддзу уазæгмæ лыстæг æркаст... Дыууæ разамонæджы сæхи астæу цыдæртæ адзырдтой. — Уæдæ мах цæуæм уæтæрмæ, уырсы-иу рауадзут... Цом, Габола, немæ,— фæдзырдтой мæнмæ дæр,— æвдисæн уыдзынæ Беслæны гæды ныхæстæн. Ныххæццæ стæм уæтæрмæ. Нæ фæдыл тъыбар-тъыбурæй æрбалæууыд Гранит дæр. Быдзех дын уый ауыдта, цы! Иæхи йыл андзæрста. Гранит архайдта йæ раззæгтæй, цавта армаццагæй, лæбурдта дæндагæй. Быдзехы хотыхтæ та уыдысты йæ тыхджын базыртæ, йæ цыргь бырынкъ æмæ йæ даргъ ныхтæ... Куы-иу фæныхæй-ныхмæ сты, уæд-иу уасæг уырсы сæрты йæхи фехста. Гранит дæндагæй хъавыд Быдзехы къубалмæ. Быдзех та — уырсы фæлмæнтæм. Сæ фæзылд, сæ фезмæлдыл цæст нæ хæцыд. Куыдфæстæмæ знæтæй-знæтдæр кодтой. Уырс-иу уасæджы куы нырриуыгьта, уæд-иу кæнæ йæ бумбули акалд, кæннод та-иу фондз-дæс метры асхъиудта. Фæлæ йæ ныфс нæ саст, йæхи-иу ноджы тынгдæр ныццавта йе знагыл. Иу ахæмы уасæг хасбахъы сæрты пуртийау атахт. Æнхъæлдтам, фæмарди. Уалынмæ дын фæстæты гæппытæгæнгæ æрбазгьордта æмæ уырсы рагъмæ йæхи фехста. Иæ рæсыд фæсонтæ йын ныххоста. Гранит фæдисхъæр ныккодта æмæ йæхи уæлгоммæ аппæрста. Уасæг та фæцарæхст, гуыбыны фæлмæнтыл йæ ныхтæ æрдардта. Гранит хъыллист, зæвæтдзæгьдæн систа, фæлæ та йæ къæхтыл алæууыд æмæ æррайау лæбуры йæ фыдгулмæ. Уасæджы дæлбазырæй стыдта армыдзаг бумбули. Уый дæр ныхъхъахъа кодта æмæ та уырсы синтыл абадт. Йæ ныхтæй, зæхх къахæгау, бæхы рагь сфæлдæхта, къæбутæй рæдувы цармы гæбæзтæ. Уырс ныууынæргъыдта, йæ фарсыл афæлдæхт, стæй тугкалгæ фæгæпп ласта æмæ лидзæг фæци. Базырджын хъæбатыр ма йæ дзæвгар фæсырдта... Уалынмæ хъохъотæгæнгæ фæстæмæ раздæхт, кæрчыты астæу смидæг æмæ сæрбæрзондæй ныууасыд. 23
ХЪАНДЗÆРГÆС Хъандзæргæс стыр доны былыл рауагъта æртæ лæппыны. Иу ахæмы дон раивылд, йæ былтæй акалд, æмæ лæппынты ахæссын бахъуыд æдас ранмæ. Сæ иуы аккой кодта æмæ йæ, доны сæрты хæсгæйæ, фæрсы: — Гъы, мæ хъæбул, æз куы базæронд уон, уæд мын ды та куыд кæндз’ынæ? — Æз дæр дæ раст афтæ ме ’ккой хæсдзынæн,— дзуапп радта лæппын. Хъандзæргæс фæмæсты, лæппыны доны цæппæрста, йæхæдæг фæстæмæ аздæхт. Фæхæссы дыккаджы. — Гъы, мæ дзиба, мæ зæронды бонты мæ ды дæр хæсдзынæ? — хаты йæм. — Канд хæсгæ нæ, æрвылбон дæ рæвдаудзынæн, мæ фæлмæн ныййарæг,— загьта лæппын. Уый дæр та мад абухгæ доны нысхуыста æмæ аздæхт æртыккагмæ. Фæхæссы йæ. — Цæй, ды та мæ куыд хæсдзынæ зæрондæй?— фæрсы уый дæр. — Ды дæ лæппыны куыд хæссыс, æз дæр мæ лæппыны гъе афтæ хæсдзынæн. Ацы лæппыны дзуапп фæцыд мады зæрдæмæ, ахаста йæ æдас ранмæ æмæ йæ схъомыл кодта. ÆРЫГОН ЦУАНОН Цардис лæг æмæ ус. Райгуырд сын дыууæ лæппуйы æмæ чызг. Сæ хæдзар уыдис хъæугæрон, хъæдмæ ’ввахс. Лæг йæ бинонты дардта сырды фыд æмæ хъæды бæркадæй. Рæстæг цыд æмæ иу афонты цуанон æрзæронд. Уæдмæ цот рахъомыл сты. Иæ цуанон фыды раивта хистæр лæппу Зорда. Уый рацыд ахæм цуанон, æмæ йæ кард дур карста, йæ берданкæ цъиуы цæстыл нæ ивгъуыдта... Хаста сагтæ æмæ сæгуыттæ, дзæбидыртæ æмæ æрсытæ. Лыстæг сырдтæ, мæргътыл та æрвæсгæ дæр нæ кодта... 24
Иу ахæмы та амардта саг æмæ хъуаз. Суадоны былыл сæ бастыгъта. Хус бæласы къалиутæ рацагъта æмæ физонджытæ кæны. Уалынмæ хъæдбынæй разынд хан æд фæсдзæуинтæ. Уый дæр уыдис цуаны, фæлæ йæ къухы тæрхъус дæр нæ бафтыд æмæ уæнтæхъил, сæргуыбырæй бадт йæ аласайыл. Сырды мæрдтæ куы ауыдта, уæд ын цыма йæ цæсгомыл цæхæры кæфой бакалдæуыд, афтæ асырх. Кæйдæр лæгдзинад, зыд æмæ йын хæлæг йæ дурзæрдæ æрбалвæстой. Ноджы ма æрыгон лæппуйы куы æрысдæфта, уæд йæ зыдыка цæстытæ туджы зылдысты. Фæзынд æм æбуалгь хъуыды: «Цæй, лæппуйы амарон æмæ сырды мæрдтæ мæн бауыдзысты....» Уæдмæ лæппу йæ размæ рацыд. — Æгас нæм цу, нæ цытджын хан, рафистæг у, дæ хорзæхæй, сихор скæн... Сырдтæ дæр нын хуыцау иумæ радта. Ханы зæрдæ лæппуйы уæздан ныхæстæм фæфæлмæн, йæ рихитæ адаудта, æрфистæг æмæ кæлдымыл æрбадт. Лæппу ахсæмбæлттæ басагъта саджы къабузджын сыкъатыл æмæ уыцы хуызæнæй сæр æрæвæрдта ханы раз. Ноджы цылыхъы æрхæй суадон сдавта. Хан дисы бацыд: «Æз бирæ федтон, мулк æмæ мын уæздандзинад та хуыцау радта, фæлæ цымæ ацы нæртон сæрæнгуырд лæппу чи уа?» Лæг физонджытæй йе стонг уагъта. Уæдмæ та лæппу ног цалдæр уæхстыл физонджытæ ацæттæ кодта æмæ сæ ханы фæсдзæуинты раз авæрдта. Уыдон дæр сæхи хорз федтой. — Дæ минас бирæ, лæппу, Æфсати дын ноджы фылдæр раттæд,— арфæтыл схæцыд хан, йæхæдæг хъуыды кæны: «Диссаджы хæрзуд, цæстуарзон æмæ хæдæфсарм гуырд... ме ’ртæ чызгæй йын иуы куы раттин, уæд цыма нæ фæрæдиин... нæхиуыл æй акæндзынæн»... — Мæнæ сæрджын саг дæу хай у, нæ кадджын хан, куывдæн дæ бахъæуæд,— загъта лæппу æмæ сæр æрæвæрдта саджы мардыл. — Бузныг, лæппу, фæлæ махыл куы раздæхис... Фен мæ хæдзар дæр,— æрхатыд æм хан. — Кæд нæ цытджын ханы афтæ фæнды, уæд цæуын,— сразы лæппу. Фæсдзæуинтæ сырды мæрдтæ бæхтыл авæрдтой, лæппуйæн дæр саргъы бæх радтой æмæ фæцæуынц. — Цæй, ныр мын зæгъ, лæппу, чи дæ, кæцон? — фæрсы хан. — Æз дæн Зораты Зорыхъойы фырт Зорда, цæрын Уызыхъæуы,— дзуапп радта лæппу. Бахæццæ сты ханы хъæумæ. Фæсдзæуинтæ байтыгътой галуантæ* æмæ гæнæхты æргъæу кулдуæрттæ. Зорда дидинæгбыл цады астæу ленкгæнæг бæлæгъмæ бауыдта ханы æртæ чызджы. Уыдон афтæ рæсугъд уыдысты, æмæ йæ цæстытæ атартæ сты, цæхæр акалдтой. Ие ’муд куы ’рцыд, уæд кæстæр чызгимæ фемдзаст. Уый йæм мидбылты бахудт. Лæппуйы зæрдæ уарзондзинадæй айдзаг, атыппыр, йæ сæр разылд... — Ай дын мæ фадæттæ, адон та мæ бындартæ,— амоны хан йæ галуантæ. йæ чызджытæм. — Равзар дæхицæн сæ иуы æмæ кæд разы уа, уæд хъуыддаг хайыр уæд æмæ амондджынæй цæрут. — Дæ фарн мæ тъæппытæ ахауын кæнæд, нæ цытджын хан, фæлæ мæ дæ кæстæр чызг куы уаид... Чызг разыйы дзуапп радта, æмæ хан нывзылдта, иу абонæй иннæ абонмæ чи ахаста, ахæм æрдхæрæны чындзæхсæв. Къуырийы фæстæ хан йæ чызг Борæтæйы Зордаимæ рарвыста стыр лæвæрттимæ Уызыхъæумæ. Фæндагыл ма Зорда амардта сагтæ æмæ сæгуытты къорд, афтæмæй ныццыдысты сæ хъæумæ. Ам дæр та сарæзтойнамысы чындзæхсæв. Бинонтæн цæрынтæ бацайдагъ... Иу ахæмы та Зорда цуаны ацыд сау хъæдмæ. Цас фæзылд хъæдбынты, 25
арф кæмтты, фæлæ сырды номæн тæрхъусыл дæр нæ амбæлд. «Ау, сырдтæ дæлзæхмæ ныххаудысты, æви сыл рын сыстад?»— дзырдта хинымæр æмæ схызт иу къала бæласы цонгмæ. Фæлгæсы алырдæмыты. Уалынмæ йæ цæст ацахста,уæрæх æрдузы бирæгъ иу гомгæрцц лæджы куыд фæцæйсырдта, уый. Алы гæппæн дæр æм æввахсæй-æввахсдæр кæны. Гъа, ныр æй ацахса, зæгъгæ, афтæ Зорда фехста, æмæ бирæгъ фæтымбыл. Лæг фервæзт мæлæ— тæй. «Чи у мæ хæрзгæнæг, чи мæ фервæзын кодта?!» —дзуры хъæрæй. Уайтагьд æм хъæдбынæй рацыд æрыгон цуанон. — 0 мæ ирвæзынгæнæг! — ныттыхст лæппуйыл,— афонмæ ацы тугдзыхы амæттаг бауыдаин...Ды мæн амондæн райгуырдтæ... —Бирæ арфæты фæстæ йын загъта: — Дæ фæрцы фервæзтæн мæлæтæй, байстай мæ бирæгъы дзыхæй, гъемæ дын хъуамæ дæ хорзмæ хорз ракæнон. Абон сабат, иннæ сабаты фæзын апы æрдузмæ, царды дæм зæрдæйæ, тугæй хæстæгдæр чи у, ахæм адæймагимæ, цæмæй уын ракæнон зынаргъ лæвæрттæ... Уæ тых æмæ уæ хъару. Кæд мæ ам нæ сæййафат, уæд та мæм банхъæлмæ кæсдзыстут. Ныр дæ хæдзарыл дзæбæхæй сæмбæл, мæ ирвæзынгæнæг. Афтæ кæрæдзийæ фæхицæн сты. Лæппу фæлладæй сæхимæ ныххæццæ фæсахсæвæрты. Æхсæвæр дæр нал скодта, афтæмæй йæ сынтæджы батылд. Дыккаг бон, мемæ кæй акæндзынæн, зæгъгæ, хъуыдыты ацыд: «Мæ мад æви мæ фыды? Мæ хо æви ме ’фсымæры?... Уæд та...» —-æмæ Борæтæ йæ цæстытыл ауайы. Бæрæг фæндыл куы не ’рлæууыд, уæд иу изæр хабар сæрæй-бынмæ бинонтæн радзырдта. Уыдон цасдæр фæлварæгау кæрæдзимæ кастысты. Фæстагдоæ фыд загъта: — Цы йыл бирæ дзурæм, лæппу? Адæм дæ зонынц Зорыхъойы фыртæй, йæ хорз бындар, йæ мардæвæрæгæй... Чи дæм у мæнæй хæстæгдæг? Мемæ дын цæугæ у... Уыцы ныхæстæм хъусгæйæ мад Рухси афтæ: — Цæмæн, цæ, нæ лæг, цотмæ та мадæй хæстæгдæр чи у? Æви йæ фараст мæйы мæ гуыбыны нæ фæхастон, йе йын дзидзи нæ бадардтон? Уæдæ авдæнæй дæр мæхи хъæбысмæ рахызт... Хъуамæ æз ацæуон. — Æмæ йæм æз дарддæр дæн? — дзуры Зордайы æфсымæр Аби. — Иæ рахиз цонг, йæ сæрхъуызой, йæ тугисæг... — Афтæ у, гье,— бакаст Зордамæ йæ хо Айсæ.— Хойы зæрдæ — æфсымæрмæ, æфсымæры зæрдæ — хъæдмæ. Цуанæй йе балцæй æрæгмæ куы фæцæуыс, уæд мæ зæрдæ фæтоны, мæ хъарм цæссыгæй мæхи фехсын... Æппæт уыцы ныхæстæм хъуыста Зордайы рæсугъд ус Борæтæ æмæ-иу аивæй мидбылты бахудт, ома, чи йæм хæстæгдæр у, лæвæрттæ исынмæ кæй акæндзæн, уый фæстæдæр рабæрæг уыдзæн, зæгьгæ. — Хорз, уæ ныхæстыл ахъуыды кæндзьшæн,— араст Зорда йæ уатмæ. Йæ фæдыл иннæтæ дæр сæ хуыссæн уæттæ бацагуырдтой. Цалдæр æхсæвы Борæтæ йæ лæгæн кодта уарзон ныхæстæ, буарæн адджын митæ, стæй йыл фæстаг æхсæв калмау ныттыхст æмæ ныдæмæй дзуры: — Ныййарджытæ зынаргь куьпшæ сты... Дунейы рухсмæ цот уыдон рауадзынц... Хайджын сæ рисæй, сæ цинæй. Амондджын дæр, æнамонд дæр сæ цотæй сты, фæлæ хатт байуарьпщ... Æфсымæртæ та знæгтæ дæр свæййынц. Хо дæр чындзы ацæуы æмæ йæ уарзондзинад мæнæ мæнау йæ лæгæн ратты, ферох кæны йæ бинонтьц йæ мыггаджы... Æз та а дунейыл цæрын дæу номыл, нæй нын фæхицæн амæлæты бонмæ. Балцы куы вæййыс, уæд дæ мæтæй батайын, сусæгæй мæ цæссыг ныхъуырын. Мæ ныфс, мæ цин ды дæ... Кæннод мæ фыды райдзаст галуантæ кæй сæраппонд ныууагьтон? Уыцы «адджын» ныхæстæм Зорда бæрз уисау æртасыд, æндахау ныс26
суйтæ. Æрбайрох кодта йае ныййарджыты, йæ хо, йе ’фсымæры. Ныттыхст йæ рæсугьд усыл. Æмæ куыннæ, нывæрзæн здахаг у. Бонвæрнон ма арвгæрон дзир-дзур кодта, афтæ бинонты сусæгæй Зорда æмæ Борæтæ рахызтысты хæдзарæй æмæ сæ ных сарæзтой амынд æрдузмæ. Æмбæлдысты дидинæгджын сæрвæттæ, æхсæрдзæнтæ, зараг мæргътыл. Хурыскасты бахæццæ сты уæрæх æрдузмæ. Æгæр раджы ссыдыстæм, банхъæлмæ йæм кæсæм,— загьта Зорда, æмæ цъæх нæууыл сæхи æруагьтой. Лæппу йæ сæр æрæвæрдта Борæтæйы уæрджытыл. — Æз уал афынæй кæнон... Куыддæр исчи фæзына, афтæ мæ фехъал кæндзынæ,— фæдзæхста йын. — Хорз,— загьта бинойнаг æмæ йæ мойы ных фæлмæн æрсæрфта. Уайтагьд лæппуйы хуыр-хуыр ссыд. Борæтæ бахауд йæ адджын сæнтты уацары. «Цавæр хæзнатæ райсдзынæн? Налхъуыт-налмастæ æви даритæ? Риуыгьнæджытæ, камаритæ, хъуссæджытæ?.. Чи зоны, хæдисгæ фынг, йе хæдтæхгæ гауыз?..» Цас ма рацыд, хуыцау зоны, афтæ кæсы æмæ æрдузгæрон фæзынд иу барæг. Диссаджы хъоппæгдзаст, къæлæтбæрзæй сираг бæх йæ сæрæй хъазгæ æрбацæуы. Иæ зæлдаг барц, йе ’взистхуыз къæдзил хуры тынтæм зынгау æрттъштой. Йæ уæлæ чынтаг саргь. Барæг дæр — болатриу, сыгьзæринхил рæууæнг лæппу, йæ харæ цæстъггæ иъæх пиллон уагьтой, йæ мидбылхудт — арвьфттывд, йæ къухы — сæгуыты къахæй конд ехс... Барæгмæ кæсгæйæ, чысыл ма бахъæуа, Борæтæйы зæрдæ ма бахъарм уа. Æрбайрох дзы йæ мойы фæдзæхст дæр. «Ехх^тæхуды, ацы лæппу мæ лæг куы уаид,— ныууьшæргьыдта къæхтыбынæй.— Цæй " амондджын уаин, куыд бирæ йæ уарзин, цы лæггад ын кæнин. Бæргæ, йæ фæсарц мæ куы авæрид, куы мæ аскъæфид...» Уалынмæ барæг йæ уæлхъус алæууыд æмæ йæм мидбылхудгæ дзуры: — Арвæй зæххы бынмæ—мæ хæтæнтæ, мæ цæуæнтæ... Куыннæ федтон сылгоймæгтæ дæр, фæлæ дзы дæуæй хæрзконддæр, уьшдджьшдæрыл нæма сæмбæлдтæн. Куы мын бакомис, уæд мæхи æппæтæй амондджындæр хонин... Дæ хорзæхæй, бæсты рæсугьд, кæд разы дæ, уæд мæм дæ сыгъзæрин къух авæр æмæ дæ хæссон. — Мæн дæуæй тынгдæр фæнды,— загьта Борæтæ,—фæлæ ацы гуымыдза куы райхъал уа, уæд нæ бахъыгдардзæн. — Ууыл та цы тыхсыс,— хæстæгдæр æм балæууыд барæг. — Гъа, мæнæ йын ацы кард йæ хурхыл сдар æмæ дзы фервæзæм. Сылгоймаг кард райста æмæ йæ Зордайы хурхыл куыд авæрдта, афтæ барæг уыцы иу-тьæлланг фæласта: — Фæлæуу, ма бакæн! Хьæрмæ Зорда фехъал. Кард ауыдта йæ хурхыл æвæрдæй. Æруыдта барæджы дæр. — Иæ, мæ хæлар, къуырийы размæ ды мæн байстай бирæгьы дзыхæй, ныр та дæ æз раластон залиаг калмы хъуырæй... Уыныс кард дæ хурхыл æвæрдæй? Гъемæ кæрæдзийæ ницыуал дарæм: дæ хорзмæ дын — хорз... Зорда иу каст йæ усмæ бакæны, иннæ — барæгмæ. Бамбæрста ^цы ’рцыди, уый. — Иæ мæ ирвæзынгæнæг, царды дæм хæстæгдæр чи лæууы, уый дæ раздæр зонын хъуыд. Ныййарæг, æфсымæр, хойыл цы дзурæм, фæлæ дæ цуаноны куы ракодтаис, уæддæр дыл ахæм рæдыд не ’рцыдаид: мæн ауынгæйæ куыдз срæйдтаид^æмæ райхъал уыдаис... Ныр ус куыд кæны, уый федтай? — Цы зæд, цы дуаг дæ, мæн мæлæтæй чи бахызта, зондыл мæ чи баф27
тыдта,— дзуры барæгмæ Зорда. — Кæй цæра кæндзынæн, кæмæ кувдзынæн, чи дæ? — Æз дæн дæлимонты паддзах Джендыр... Ды та дæ фæд-фæд фæстæмæ адар, усы къахæй над цуанон,— загьта барæг æмæ цæстыфæныкъуылдмæ дымд фæци. Зорда сæргуыбьф, уæнтæхъилæй араст сæхимæ. Борæтæ дæр йæ фæдыл хылд, йæ цæстытыл та уад æнæзонгæ барæг. МЫСТУЛÆДЖЫ ХЪЫГ ÆМÆ ЦИН Сæрды хæд фæстæ хъæубаэсты къæсæрыл æрбахызт бæркадджын фæззæг. Адæм æфснайдтой сæ хостæ, сæ хор. Кусæгкъухджын хæдзæрттæ бавнæлдтой най кæнынмæ дæр. Сæ наййæгтæ уыдысты галтæ, бæхтæ, хъуццытæ. Сæумæрайсом Гегеты Бола æмæ йе ’фсин Нынна дæр сæ кæстæртимæ архайдтой сæ мусы. Хурыскастмæ æрнай кодтой сысчыйы дыууæ бæкъуæлы. Бола йæхæдæг цырхта хъæмп, иннаэтæй чи кæри æппæрста, чи та гуырамæ зыгуым хаста. Æвиппайды гуырайæ райхъуыст Ныннайы цины хъæр: — Мæнæ-ма кæсут„ мыстулæджы лæппынтæ, раст удыгагатæ!.. Кæстæртæ йыл амбырд сты æмæ цымьщисæй кастысты хъулон-мулон лæппынтæм. — Ма сæм æвналут, кæннод уын сæ мад исты бæллæх сараздзæн, — дзуры сæм Бола. — Цы нын хъуамæ кæна,— бахудт Нынна,— тæрхъусæй тæппуддæр куы у. — Уый зæрдæ уæ ма фæсайæд,— загъта Бола,— мыстулæг зондджын у, уæдæ маст исын дæр зоны. — Цавæр маст, æз ын ныртæккæ йæ лæппынтæ бамбæхсдзынæн— æмæ мæ йæ фыдæх уæд. — Гъемæ бамбæхс,— ауыгьта Бола йæ къух,— фæлæ-иу сæ мадмæ дæ цæст фæдар. Нынна мыстулæджы лæппынты ахаста мусы чъылдыммæ. Бамбæрзта сæ йæ куатæйæ. Уалынмæ фæзынд сæ мад. Иæ лæппынты куы нал райардта, уæд зыгуымдоны къуымты æрзылд, йæхи фехста ныллæг сисы сæрты æмæ Болаты хæдзары ’рдæм ныййарц. — Ньф æм казсут, уæгъд æй ма суадзут,— æрдзырдта цъынайы сæрæй Бола. — Кæсæм, кæсæм, нæ лæг, уæртæ чызг йæ фæдыл фæцæуы... Фынддæсаздзыд Хани бæгъæввадæй згьордта мыстулæджы фæд-фæд. Мыстулæг æмбæхсгаэ-згьоргæ уайтагьд бахæццæ Болаты уæзæгмæ, фæмидæг скъаэты, æрзылд тыргьты. Фæстагмæ ауыдта цæджындзыя ауыгьд æх28
сыры къæрта. Уыцы иу гæпп æм сласта, йæ былыл алæууыд æмæ дзы маргхъæстæ ныууомдта, йæхæдæг та ныббындз мусмæ. Уæдмæ Нынна лæппынты авæрдта сæ бынаты. Мад сæ куы ауыдта, уæд сæм басмыста, йæхи сыл адаудта, фыр цинæй гуырайы къуымты ныккафыд, гъе стæй фæстæмæ фæзылд. Уайтагьд та балæууыд Гегеты кæрты. Цæджындзыл тæхгæ суади къæртамæ, йæ пыхц хæцæн ын цыргъ дæндæгтæй ахсыдта æмæ къæртайы тьупп фæцыд сæнæртты рæбын: æхсыр зæххы бар баци. Мыстулæг æмбонды ныхæй агæпп ласта æмæ та йæ лæппынтæм ныххæццæ... Уæдмæ Хани дæр фæзынд. Цы федта, уый радзырдта. — Цæй, куыд, усай,— фæрсы ныр Бола,— мыстулæгмæ зонд ис æви нæ? Маст исын дæр цыма зоны... Дæ бинонтæй ма цал баззадаид æгас, уыцы маргджын æхсырæй нæм куы фæкастаис, уæд? Уынут, фыдбылызмæ нын арæзта фыдбылыз, хорзмæ та — хорз. — Кæс-ма, кæс, æз та мыстулæгæн хуымæтæджы мыст æнхъæл уыдтæн,— дисы бацыд Ньпша. — Мыст нæ7 фæлæ бындзмæ дæр цыдæр æмбарындзинад æмæ хъару ис,— бафиппайдта Бола.— Æнаххосæй кæй бафхæрай, уый дæ иу фæзилæны æрæййафдзæн, æмæ уæд — додой дæ къона... Афтæ хъæубæстыл апырх Гегеты мыстулæджы æмбисонд æмæ суанг мах онг æрхæццæ. ÆНУСОН МАСТ Уæд ма мæхæдæг ахуыр кодтон Къæмынты райдайæн скъолайы. Иу ахæмы нæ ахуыргæнджытæ — Дзодзыкъо æмæ Саухал фæдзырдтой хъæубæсты хистæртæй цалдæрмæ, сывæллæттæн исты рагон хабæрттæ радзурут, зæгьгæ. Лæгтæн ныхас бацайдагь. Мах сæм цымыдисæй хъуыстам. Фæстагмæ Дымтыхъæуккаг Агкаты Басыл чызджытæм нымдзаст, йæ цæссыгтæ ихдонау сабызтой æмæ ныууьшæргьыдта: хъусæгæй, дзурæгæй йæм æгуыппæгæй кæсæм. Æрæджиау хатыр ракуырдта æмæ, йæ хæрвæвæрд цæстытæ дысалгьæй сæрфгæ, загьта: — Ацы фæсивæд амондджын дуджы райгуырдысты, нæ дарæс хъуаг æййафынц, нæ гуыбыны дзагыл æххуырсты цæуынц... Чызг нæм æвæндонæй моймæ нал цæуы, ноджы ахуыр кæнынц, уыимæ лæвар. Ацы чызджытæм гæсгæ мæ зæрдыл æрлæууыд ме ’дзард хойы сæфт. — Æмæ йыл цы фыдбылыз сæмбæлд? — афарстой чидæртæ. — Зьш у йе ской дæр,— йæ сæр банкъуыста Басыл,— фæлæ уын æй цыбырæй радзурдзынæн. Цæвиттон, мах уыдыстæм дыууæ æфсымæры æмæ æртæ хойы. Нæ фыд Бибо бирæ азты фæци паддзахы службæйы. Сыздæхт вахмистры цинимæ. Хьæубæсты — кадджын, нымад лæг. Уьгоыссагау дзу29
рын, фыссын дæр зыдта. Уыцы заман алкæмæн йæхи хуым, йæхи уыгæрдæнтæ уыд. Мах уыгæрдæнтæ уыдысты Дæллаг Гарнисчы: уым нæ фосæн сарæзтам зымæгон уæтæртæ. Фæззæг-иу нæ мæкъуылтæ дарæны фарсмæ æрæфтауц кодтам æмæ-иу æндарæн бонты фосæн фæрсылæй хос равæрдтам. Иу аз Бибо иунæгæй хос карста Алардьпы къуыппыл. Нæ мад Насыпхан ын гыццыл чыргьæды хæринаг арвыста нæ кæстæр хо Масинкъайæн (цыдаид ыл 12—14 азы). Хъæуæй араст сыхаг чызджытимæ. Ие ’мбæлттæй чи баззад Гомбалдурты, чи Дзагъæлыйы, чи та баздæхт Хæфалыгмæ. Масинкъа иунæгæй азза’д æмæ Æхсиаджы лæгъзыты сырхмæтæгтæ, бур динджытæ тонгæ йæ фæндаг дардта. Уынгæгрæбынмæ куы бахæццæ, уæд æй нæ фыд æруыдта. Чызджы ссыдмæ ма иу къорд уисы æрцæуон, зæгьгæ, лæг кæрды, хенц кæны, фæлæ Масинкъа нæ зыны. Кæд Харбиаты доны йæхи найы, зæгьгæ, фестырзæрдæ æмæ бахаста æнæхъæн фæлтæр. Чызг куы нæ зынд, уæд йæ цæвæг феппæрста æмæ йæ раздæр кæдæм ныууыдта, уьфдæм атындзыдта. Кæсы, æмæ хæринæгтаэ-пырхытæ, чыргьæд — дæлгоммæ, дидинджыты баст — кæндысты рæбын. Змæст кæрдæгыл доны ’рдæм ауыдта лæсæнвæд. «Цыдæр фыдбылыз ныл æрцыд!» —ныккæрзыдта лæг æмæ фæдыл ныххызт хъуырхъуындæгмæ: йæ размæ фæци сæры къуыдыр, дарддæр — æрдæгæууылд сины стджытæ, уæлæдарæсы пырхытæ. «Æллæх, бабын дæн!»—ныдздзынæзта Бибо æмæ уадзыгæй ахаудта. Куы ’рчъицыдта, уæд цæссыгтæй йæ тыппыртæ суагьта. Æппынæрæджиау тугдзых бирæгъы холытæ дуррæбын æрæвæрдта, кæрдæгæй сæ бамбæрзта, йæхæдæг йæ тæрттæ байтыгьта æмæ ныссомы кодта: — Æз дæу куы не ссарон æмæ дæ æбуалгь мард куы нæ акæнон, уæд мæ хуыцау мæрдтæм куыдзы цармы тыгьдæй бацæуын кæнæд. Аздæхт уыгæрдæнмæ, райста кард æмæ дамбаца. Æфсæст бирæгь искуы хъоргьы йе фидары хуысдзæн, зæгьгæ, йæ агурын байдыдта Хъæудуры бурайнæг къæдзæхты. Дыккаг бон æй ссардта Лæхурæджы хохы хуссарварс иу фидары. Æфсæст бирæгь лæгæтауы парахатæй хуыссыд йæ фарсыл. «Кардæй æви дамбацайæ? — фæрсы Бибо йæхи. — Н-а-а-а, цъаммар удхор, дамбацайæ дын æгæр аслам ацæудзæн»... Кард фелвæста æмæ йæ бирæгьы хурхы ныссагъта. Уайтагьд сæр гуырæй фæхицæн. Тугдзыхы æвадат æххæлтыл нылласта Хъæудуры дарæнмæ. Уым æй айгæрста æмæ чызджы гæбæзтæ систа йæ байсафæджы æнæбын ахсæнæй. Иæхи йын фыдджынау лыстæг скарста æмæ йæ мыстытæ, сынтытæн дурцæндыл байзæрста. Иæ сæр, йæ зæрдæ та йын басыгьта Æхсиаджы хъæды. Мæгуыр Масинкъайы æууылд уæнгтæ иннæ холытимæ тæсчъы сæвæрдта æмæ саумаройгæнгæ рараст хъæумæ. Æрхуымæй, кæуынвæлладæй æхсæвæртыл рахæццæ нæхимæ. Цоты хистæр мæхæдæг уыдтæн (цыдаид мыл 20 азы), æмæ мæм Бибо кæртмæ фæсидт. Хабар мын сæрæй-бынмæ радзырдта. Æз, мæ цæссыг калгæ, азылдтæн æрвадæлтæ, сыхбаэстыл. Нæ мад та, мæгуыр, æз æй арвыстон, мæн аххосæй бацарафтыд сывæллон, зæгьгæ, йæхи мардта. Нæ хотæ — Майрæмхъыз æмæ Нæгьуыда сæ рустæ ныстыгьтой, сæ дзыкку бындзыггай тыдтой. Æнамонд чызджы сæфтыл хъæубæстæ тынг фæрыстысты. Не ’ппæтæн дæр мыггагмæ низ, æнусон маст... Ахæм фыдбылыз зæххыл мауал æрцæуæд, мæ хуртæ, Масинкъа та сымах æмгар уыд æмæ уый æрцыдмæ дзæбæхæй цæрут... Уæ ныййарджытæ, уæ зондамонджыты фæндиаг сахуыргонд ут,— арфæ нын ракодта Басыл! Мах нæ хæдзæрттæм æнкъардæй араст стæм.
БАЛЦ, ХÆХТÆМ Адæймаг кæцыфæнды куыстæй дæр фæлмæцы. Гъемæ, æз дæр куы бафæллайын, уæд аулæфыны охыл мæхи айсын Терчы былмæ (ацы номдзыд донмæ хæстæг кæй цæрын, уымæй мæхи амондджын хонын). Цасдæр фæтезгьо кæнын æмæ та уæнгрог, зæрдæхъæлдзæг æмæ куыстмондагæй фæстæмæ раздæхын. Терчы уæлвæз, æнгуз талайы бын, чидæр фæйнæджы гæбæзтæй сарæзта къаннæг стьол æмæ бандон. Ам цалдæр хатты мæ цæст æрхæцыд мæ сыхаг авдаздзыд чызг Майæйыл (æз æй мæхицæн схуыдтон Ами, ома — ам та и). Уый гæххæтты гæбæзтыл цыдæр хæххытæ фæкæны. Ацы бон æм хъуызæгау фæстаэты бацыдтæн: дæлæ Терчы ныв, йæ фæйнæфæрстæм — дидинджытæ, бæлæстæ æмæ сывæллæттæ, сæ сæрмæ та — цъиутæ, мæргъты нывтæ. Æрæджиау ын мæ арм йæ цæстытыл авæрдтон: «Базон-ма, чи дæн?» Чызг мын мæ къухмæ сæвнæлдта, цасдæр ницы сдзырдта, стæй бахудт: «Нæ сыхæгты дада... Баги». «Базыдтай, Ами»,— зæгъгæ йын йæ зæлдаг дзыккуйыл мæ къух фæлмæн æруагьтон. — Æз Ами нæ дæн. — Майæ иронау Ами у,— уыцы æцæгхуызæй йын дзуапп радтон. — Ами? Ами, Ами...— дзырдта ныдæмæй, цыма йæ ног номæн ферох кæнынæй тарст æмæ йæ тымбыл цæсгомыл ахъазыд мидбылхудт — разыйы нысан. — Ам цы ми фæкæныс, Ами? — Нывтæ аразын,— сæвдыста мæм хъулæттæ гæххæтт. — Уынын, уынын, Ами. Мæнæ Терк, бæлæстæ, цæхæркалгæ дидинджытæ, сывæллæттæ... — Адон та — зæрватыччытæ, бæлæттæ, цæргæстæ,— ацамыдта базырджынты нывтæм. — Æрмæст дæлæ донбылты цы хъуццытæ хизы, уыдон ферох кодтай. — Æмæ уыдон ньф ссыдысты^— йæ цæст сыл ахаста æмæ кърандас æрбайста.— Ныртæккæ сæ акæндзынæн. Кæсын Терчы хуырджын былтæм: хуры тынтыл ауыгьд фæлмы фæдджитæ доны уылæнтыл сæхи æруагьтой æмæ сæ цъирæгау кæнынц. Нæ сæ хъыгдары рог уадымс дæр. Æрмæст Терчы сæрты бæлæттæ æмæ быдырон къуьфма зæрватыччытæ алырдæмыты сенчытæ кæнынц. Мыдыбындзытæ дæр хуындзау зилынц дидинджытæ, къудзитыл. Хатт фæлмы бынæй райхъуысы Терчы сусæг зарæг. Рæсугьд у цъититæ, нарджыты райгуырæг фæдисон — Терк... — Гъа, Баги, æркæс, акодтон сæ,— фæскъуыдта мын мæ мидхъуыдыты цæг чызг. Æркастæн гæххæтмæ. Саби стурты фæлгонцтæ йæхирдыгонау ацарæзта. Æз ын сæ раппæлыдтæн. 31
— Нæхимæ дæр мæм бирæ нывтæ и, равдисдзынæн дæм сæ,— загъта сæрыстырæй Ами. — Хорз, мæ чысыл хæлар, уыдонмæ дæр æркæсдзыстæм. — Баги, фæлæуу мæм, ныртæккæ сæ æрдавдзынæн,— фæгæпп ласта чызг æмæ тъæбæрттæй азгъордта. Иу-дæс минутмæ фездæхт дæлармыдзаг гæххæттытимæ. Æркалдта сæ стъолыл æмæ мæм сæ радыгай дæтты. Сахаты бæрц сæм фæкастыстæм. Иæ æрмдзæфы йын мæ кæцыдæр æнкъарæнæй раиртæстон «зынджы стъæлфæн», ньфма фæнычы арф норст чи у, фæлæ фæстæдæр чи ссудздзæн, ахæм цæхæр — фидæны курдиат. — Ами, дæ нывтæ мæ зæрдæмæ фæцыдысты,— загьтон козбаугæнæгау æмæ йын сæ газеты батыхтон. — Куы сыстыр уай, уæд ма аивæдты скъолайы сахуьф кæндзынæ æмæ дæ хорз нывгæнæг рауайдзæн. — Уæдмæ ма бирæ хъæуы? — æрбакаст мæм фæрсæгау. — Иу-дæс азы. — О-о-о, мæнæ уал,— сæвдыста йæ къухты æнгуылдзтæ æмæ, куыд бирæ ма хъæуы, зæгъгæ, йæ сæр батылдта. — Ие-е-е, Ами, ды ма> æз цы цъитиджын хæхты рæбын райгуырдтæн, уыдон куы фенис, æвæджиауы нывтæ уæд саразис,— аздæхтон сабийы хъуыдытæ æндæрьфдæм. — Æмæ ардæм дард сты? — хæхты ’рдæм йæхи азылдта. — Дард, уæртæ фæлмы бын гæзæмæ бæрæг дарынц. — Ацамыдтон къухæй,— хæдтулгæ сæм цалдæр сахаты цæуы. — Баги, ахон-ма мæ, фенон сæ,— бакъул мæм кодта саби. — Дæуæн зын уъщзæн, Ами, бафæллайдзынæ ахæм дард фæндагыл. — Исты фистæгæй цæудзыстæм, уæртæ ахæм хæдтулгæйыл та чи бафæллайдзæн,— ацамыдта, нæ фалеты цы «Жигули» æрцæйцыд, уымæ. — Стæй мыл авд азæй фылдæр цæудзæн æмæ хæхты фистæгæй дæр фæраздзынæн. — Æз — разы, фæлæ хъуыддаг дæ мадæй аразгæ уыдзæн (чызджы фыд амард цалдæр азы размæ). — Дæуимæ мæ ауадздзæн,— бахъæлдзæг чызг. —Хорз дæ фæхоны, цæстуарзон æмæ, дам, æууæнкджын лæг у. — Æгæр мæ, зæгъ; ма æппæл, науæд бынтон мæхиуыл фервæсдзынæн,— чызджы русыл мæ къух æруагътон. — Ныр та уал цом нæхимæ, æндæр хатт та фембæлдзыстæм. Рацыд цалдæр боны. Иу изæр Амийы мад Замирæтимæ хæрхæмбæлд фестæм. — Цæй бирæ зæрдæтæ бавæрдтай нæ «нывгæнæгæн»,— худы. — Иу ран мæ нал уадзы, сæрды, дам, мæ Багиимæ хохмæ ауадз. — Гъемæ йын цы дзуапп дæттыс? — ’Нæ зонын, цы зæгътон, дæхæдæг сахъат лæг æмæ дæ тухийæ амардзæн. -- Цымыдис æмæ зæрдæргъæвд саби у, хатт æм фæзыны ас адæймаджы хъуыдытæ дæр. Хьыгдаргæ та цы хоныс, æххуыс мын уыдзæн,— хуыздæр æмбал мæ нæ хъæуы... Стæй дзы цалдæр боны йеддæмæ нæ фæуыдзыстæм. — Гъемæ дæ куыд фæнды, афтæ,— сразы Замирæт. — Цæуынмæ та кæд хъавыс? — Æвæццæгæн, кæхцгæнæны мæйы кæрон: уæд хæххон æрдз чындздзоц чызгау фæлыст вæййы. Уыцы кары сывæллон та зæрдылдараг у, æмæ уадз, æрдзы аив нывтæ, булæмæргъы зарæгау, цæрæнбонтæм йæ зæрдæйы баззайой. Уыдон мысгæйæ сусæг-æргомæй йæ риуы гуырдзæн сыгъдæг монцтæ, æхсызгон бæллицтæ. 32
— Цæй, бузныг, Баги, нæ бонтæ ныл дзæбæхæй цæуæнт, ныр та уал хæрзизæртæ кæн. — Зæрдырай у, Замирæт, хорзæй ныл æрбон уæд,— арфæ йын ракодтон. Рæстæг цыд, бонтæ згъордтой. Ами мыл цал хатты æмбæлд, уал хатты мæ фарста: «Хохмæ кæд цæудзыстæм?» Уалынмæ æрхæццæ нæ цæуын афон. Райсомæй æхсæз сахатыл бахызтыстæм Уæллаг Зджыды автобусмæ. Уæлладжыры комы Ами цымыдисæй каст æндонриу хæхтæм æмæ кæлæддзаг къæмбыртæм, Æрыдоны дон æмæ фæзилæнтæм. Цæмæйдæрты-иу мæ афарста. Автобус æрлæууыд æрзæткъахджыты цæрæн хæдзæртты бæрæг астæу. — Ай та уъш Уæллаг Зджыд! — райхъуыст шофыры хъæлæс. Ахызтыстæм æмæ хæрæндоны аходæн скодтам. Цасдæр ма афæстиат стæм, гье стæй бабадтыстæм хæххон фæндæгтыл арæхсгæ рог хæдтулгæйы. Хъивоны æфцæгыл нæ аласта суанг Суарыкоммæ. Уырдыгæй фалæмæ фæн даг фæци лæсæнтæ, хуыры бын, æмæ нæ хæдтулгæ фæстæмæ аздæхт, нæхæдæг та Къæхæнтыл бахызтыстæм Суарæфцæджы лæгъзмæ. Нæ фæллад суадзæм, зæгъгæ, Бадæн дурты фарсмæ кæрдæгыл нæхи æруагътам. Ами цымыдисæй альфдæмыты касти. — Уæд ацы стыр дуртæ ардæм чи сласта? — фæрсы. — Ласгæ ничи, Ами. Уæлæ нæм цы урс хæхтæ зынынц, уыдон кæддæр ноджы бæрзонддæр уыдысты, æмæ дзы иу тыхджын зæххызмæлды заман рахауд бирæ стыр къæрттытæ. Адон дæр уыдонæй сты. Се стырдæртæ та ныллæууыдысты мæнæ фæсбыл, Аргæнæны лæгъзы. —Архайдтон хуымæтæг ныхæстæй мæ хъуыдытæ бамбарын кæныныл. — Уæд ацы дуры фарс та дзыхъхъ цæмæн у? — Уымæй тулгæ-тулын фæхаудта стыр къæртт æмæ къуырфæй баззад. Сæрды-иу фыййæуттæ сæ фыстæ ам дардтой, сæхæдæг та хуыссыдысты ацы къуьффауы, хуыйны лæгæт. — Ды дзы никуы хуыссыдтæ, Баги? — Куыннæ, раст дæ цахъхъæнæй ам арвыстон дыууæ сæрды. — Æмæ йын дуар куы нæ и, уазал дын нæ уыд? — Мæ быны-иу хос кæнæ фæсал уыд, мæ уæлæ та — нымæт. Сæрды ам дæр уазал нæ вæййы. — Йунæгæй-иу уыдтæ? — Фылдæр мæ фыд, кæннод нæ хъæуккаг лæгату Сандыримæ. Иунæгæй дæр-иу аззадтæн. — Иунæгæй? — бадис кодта саби,— æмæ куыд уæндыдтæ? — Немæ дыууæ дынджыр фыййау куыдзы уыди. Уыдон канд фысты дзуг нæ, фæлæ мæн дæр хъахъхъæдтой. Бирæгътæ дæр сæм нæ уæндыдысты. — Дæ фыд æмæ уыцы Сандыр та кæм цæрынц? — Уыдон æгас нал сты , Ами, рухсаг уæнт. Сандыр хæстæй нал раздæхт, мæ фыд та йæхи низæй амард,— загътон æмæ мæ худ систон. Уыцы ныхæстæм саби арф ныуулæфыд æмæ хъæрццыгъайæ тарст уæрццау бахъус и, æрæнкъард. Бахъæлдзæг æй конон, зæгъгæ, йын радзырдтон, кæддæр мæ нанайæ цы «Зæрватыччы аргъау» фехъуыстон, уый. Иæ рæсугъд цæсгомыл ахъазыд мидбылхудт. — Баги, иннæ дуртæ ардæм дард сты? — афарста хъæлдзæгæй. — На-а, уæлæ фæскъуылдым. — Цом-ма, фенæм сæ,— уырдыг алæууыд Ами. — Æз кæддæр сæ уындæй дæр схъыг дæн, фæлæ цом, фенæм та сæ,— ,5 Л\а' ппнæ шш æп 1/кы гл 33
фестадтæн æмæ кæрдæгджын лæнкауты ссыдыстæм мæкъуылхуыз къуыбьфмæ.— Уæртæ сæ уыныс. — Цас дынджьф дуртæ,— бадис кодта саби. — Лæгæттæ дæр дзы ис? — Ис, цалдæр. — Уым дæр хуыссыдтæ? — Куыннæ. Уæртæ стыр тъæпæн дур уыныс? Уымæн йæ быны лæгæт и, йæ сæр та — фондзсæдæ фысы кæм цæуы, ахæм егьау фæзгонд. Изæрæй дæ дзут уьфдæм баскъæр, дæхæдæг æнæмæтæй лæгæты схуысс. Фосæн дзы нæ бирæгъæй тас у, нæ давынæй. — Сæ уæле цы бæрзонд хох и,— амоны чызг йæ къухæй,— йæ фарсмæ та цъиутæ ратæх-батæх кæнынц. — Уый цæргæсты хох хуыйны, йæ бынмæ чи зилы, уыдон та цæргæстæ сты. Сæ ахстаэттæ дæр уым аразынц. Кæсыс, сæ уæзæгмæ хаэстæг зæрдæйы дзæбæхæн хъазынц арвы уæрæх тыгьдады. — Уæдæ уа-а-артæ уыцы урсытæ цы сты? — амоны Газийы къахыры бынмæ. — Уыдон та колхозы фысты дзуг, сæ фале бæхъилæг дуры сæр бадынц сæ дыууæ ф’ыййауы. — Æмæ æхсæв кæм вæййынц? — Мæнæ стьф тьæпæн дуры сæр. Ами дисгæнгæ каст хæхтæ, кæмттæ, сæрвæттæм. Фарста мæ сæ нæмттæй. — Баги, цæй æмæ иу лæгæты бахсæвиуат кæнæм, аргьæуттæ дæр мын ракæндзынæ,— загьта циндзастæй. — Махæн ам лæууæн нæй, Ами: нæ нæм нымæт и, нæ хъарм.дзаума æмæ суазал уыдзыстæм. Хъæутæ нæм — хаэстæг, нæ изæр уырдæм ныххæсдзыстæм. — Уæд та æндæр хатт нымæт рахæссæм æмæ дæлæ Бадæн дуры лæгæты иу æхсæв баззайæм,— куырдта чызг. — Гъемæ хорз, ныр та уал сабыргай нæ фæндаг дарæм. Суарæфцæджы цæгатвæрсты лæгьзæрыл фæуырдыг кодтам. Ами гæ-цæуын ахста цъысцъысæгтæ, гæлæбутæ, ратыдта-иу дидинджыты рæсугьддæртæ. Фарста мæ сæ нæмттæй... Хæфæлыгæй Харбиаты доны сæрты бахызтыстæм Æхсиаджы райдзаст фæзмæ. — Ацы дон хъæр цæмæн кæны? — фæрсы та чызг. — Иæ цæуæн къул æмæ дурджын кæй у, уымæн,— радтон цыбыр дзуапп. — Ардæм та кæцæй цæуы? — Уæлæ цъититæй æмбæрзт хæхты бынæй. Ихтæ, миттæ тайынц, æмæ дурцæндтæ, æххæлты сæ дон ахъары. Бынæй иу ран æрæмбырд вæййы æмæ йæ бынаты куы нал фæцæуы, уæд искæцæй стоны æмæ уырдыгмæ згьоры. Ацы дон дæр гье афтæ. — Ардыгæй та кæдæм уайы? — Ацæуы кæмтты. Фыццаг йæхиуыл бафты цалдæр суадоны, стæй та йæхæдæг сæмбæлы стырдæр донимæ æмæ ноджы тынгдæр хъæргæнгæ згьоры нарæг кæмттыл. Ныххæццæ стæм Æхсиаджы хæлд хæдзæрттæм. Кæддæры къаннæг хъæуæн ма æвдисæнтæн баззадысты æрдæгхæлд мæсыг æмæ чъырын. — Ам дæр исчи цардис? — амоны сæм. — 0, ам 200 азы размæ уыдис хъæу. Мæсыг æмæ чъырыны цардысты хъæздыг Абысалтæ. Сæ дæлбар зæхкусджытæ та фитæхсыдысты дæлæ къардиуы былыл, ныллæг зæхбын къæсты. Исты тыхгæнджытæ-иу сæм куы 34
ныббырстой, уæд-иу Абысалтæ сæ хæстæджытимæ сæхиуыл æфсæн дуæрттæ сæхгæдтой. Уæлæ мæсыджы топпуадзæн хуынчъытæй та се знæгты æхстой. — Дон æмæ сын кæрдзын та кæм уыди? — æрбакаст мæм чызг. — Мæсыг æмæ чъырыны бын уыдис егьау ныккæндтæ. Дзаг уыдысты нозт æмæ хæлцæй. Мæнæ сæ фæрстæм цы дыууæ доны цæуы, уыдонмæ та бынты сарæзтой сусæг цæуæнтæ. — Æмæ дзы талынг нæ уыд? — Уæды заманты электрон рухс нæма уыд, артдзæст æмæ цырагьæн та дардтой чъиуджын нæзы, стæй хусгонд бæрзы æхсныфтæ. — Æмæ дуарæхгæдæй бирæ цардысты? — Цалынмæ-иу знæгты нæ фæсырдтой, йе сæ амæттаг нæ баисты, уæдмæ. — Цы зын цæрæн сын уыд, Баги...— банкъуыста чызг йæ сæр. — Тынг зын, Ами, ноджы ма-иу сыл афонæй-афонмæ фæзынд уæззау хæцгæ низтæ: емынæ, халер, фадынæг, хъотыр... Бирæ хъæутæ, бирæ мыггæгтæ-иу сыскъуыдысты, сæ фос, сæ мулк та-иу бирæгьтæ, къæрныхты амæттаг баисты. — Уæд сæ дохтьфтæ кæм уыдысты? — Уыцы рæстæг дохтыртæ нæ уыд, Ами. — Цæуылнæ? — Ацы æвадат хæхты цæй скъолатæ æмæ цæй ахуыргæндтæ уыд. Ам нæ фыдæлтæ сæхи æмбæхстой тыхгæнджытæй. Чызг цасдæр сæццæ лæуд кодта, стæй хъæды ’рдæм йæхи азылдта. — Уый Æхсиаджы хъæд у, Ами. Зайы дзы лыстæг бæрз, хæрис æмæ ифстаг цъуйы талатæ. Кæддæр дзы сау хъæд уыд æмæ хохæгтæ стыр бæлæстæ суг æмæ хæдзæрттæ аразынæн фæкалдтой. Ныртæккæ ма хъæуты цы къордгай цæрджытæ баззад, уыдон дзы сæрды цæттæ кæнынц уæлтæуттæ, уæрдæхтæ æмæ мæхъитæ. Хъæды æрдузты, йæ рæбынты зайы бирæ халсартæ æмæ гагадыргьтæ: мæцкъуы, саунæмыг, æрыскъæф, сыхсы, скъамо, мæртатыкк, скъуда, сæнк... Ахызтыстæм та Харбиаты доны рахиз фарсмæ. Бæрæгхуымтæй Сауадагыл фæцæуæм Æндæргьæутæм. Иу саппы сæр Ами йе ’ргом аздæхта Донысæры хæхтæм. — Баги, кæс-ма, ахæм хур бон хæхты сæрыл та мит и. — Уый их у, Ами, сæрд дæр никуы тайы. — Уæдæ мит махмæ куы батад. — Махмæ ныллæджы хъарм у, фæлæ хæхсæртты æдзух зилынц уадтымыгьта æмæ æврæгьтæ. Куыдуæлæмæ арв уазалдæр у æмæ мит ныйих вæййы. Цъититæ та тайгæ кæнынц куы загьтам, æрмæст сыл уыйхыгьд мит æфты æмæ мингай азты дæргъы ихзæйтæн бадынц хæхты цъуппытыл. Нæхимæ нæм Сæнайы урс сæр куы фæзыны, нæ йæ феныс? — Уый фенын, фæлæ дзы цæргæ та чи кæны? — Цъитийы сæрыл цæрæн нæй, сæ дымджыты та бирæ дзугтæй хизынц дзæбидьфтæ, ис дзы зымтæ, хуыргæрчытæ, æмæ суанг тугдзых мысытæ дæр... Сæрды та дзы сæмбæлæн ис цæргæстæ, сынтытæ æмæ цъиусуртыл дæр. — Уæд хæргæ та цы фæкæнынц? — Дзæбидьфтæ, зымтæ, хуыргæрчытæ сæрд хизьпщ кæрдæгыл, зымæг та миты бынæй къахьпщ фæсал, хъуына, уидæгтæ. Тугдзых мысытæ та сæрдæй, зымæгæй уыдоныл цуан кæньпщ. Сæрддон мæргьтæ та иуæй лыстæг цъиутæ ахсынц, иннæмæй^зæйтæ цы сырдты ньпшыгæньпщ, уыдон холытыл зильпщ. Хатт дзæбидырты сæныччыты дæр ахæссынц... Афтæ,гье, Ами, чи зынтæ, тухитæй цæры, чи та йæ тых, йæ налатдзинады фæрцы. 35
Дзыбандыгæнгæ ахызтыстæм кæддæры ауджын хуымтыл сæрвæтмæ. Нæхи æруагьтам рагон хæлд ингæны рæдзæгьд дурты фарсмæ. — Адон ардæм чи æрбахаста? — амоны чызг фыдæлтыккон карст дуртæм. Ахæм фарстмæ не ’нхъæлмæ кастæн, фæлæ сывæллон цымыдис у, сайын та йæ нæ хъæуы. Уый зæрдылдаргæйæ, дзуагш раттъш хъуыд. — Ехх, Ами, ацы дурты тыххæй мын куыд зын радзурæн у, уый куы зонис,— арф ныуулæфыдтæн. — Уæд, цæмæн, Баги, алцыдæр мын æхсызгонæй куы фæдзурыс? Цы ма загьтаин. Дуртæй цалдæр астæумæ батылдтон, цасдæр сæ бабæстон кодтон, сæ иуыл æрбадтæн æмæ æрымысыдтæн, сæдæ фæндзай азы размæ цы фыдбылыз æрцыд, уый. — Цæвиттон, 200 азы размæ Уæлладжыргомы Æрхонæй мæ рагфыдæл Быре йæ дыууæ æрыгон хоимæ Хъивоны æфцæгыл æрхызт æмæ æрæнцад, æрдæбон цы мæсыг æмæ хæлд хæдзæрттæ федтам, уым. Иу-дыууæ азы фæстæ адæмыл сыстад æгъатыр хæцгæ низ—емынæ. Уыцы иу бон амардысты дыууæ хойы, æмæ сæ æфсымæр бавæрдта сæ бакомкоммæ Гомбалдуры дæлфæд иу ингæны. Бырейæн йæ хоты мæстæй Æхсиаджы йæ цард ад нал скодта æмæ цæрынмæ ацыд, мæнæ ныр цы хъæумæ бахæццæ уыдзыстæм, уырдæм. Хæдзар дзы сарæзта, ус ракуырдта æмæ цæрынтæ райдыдтой. Рацыд сын авд лæппуйы æмæ дыууæ чызджы. Азтæ згъордтой, æмæ цот æххуысхъом фесты. Сæ хуымтæй иу уыд уартæ стыр саппы бын. Хорз дзы задис хохаг хъæдур, хъуыдалы æмæ сысджы. Æрæгвæззæг дыууæ хойы æмæ дыууæ кæстæр æфсымæры æхсырфытæй карстой сæ хоры хуым. Фæссихор лæппутæ уыгæстæй бæкъуæлтæ самадтой... Уалынмæ арв сау мигътæй æрбахгæдта, арвы хъæртæ кæмтты анæрыдысты, æрттиваг цæстытæ къахта, æмæ уайтагьд сыгкъæвда ныккалдта. Лæппутæ хоты уыгæсты бын абадын кодтой, куыристæй сæ æрæмбæрзтой, сæхæдæг фæйнæ бæкъуæлы рæбын балæууыдысты. Кæстæр лæппу, æстдæсаздзыд Баби, цы бæкъуæлы фарсмæ лæууыд, уый арв æрцавта. Лæппу дзыхъмард фæци, бæкъуæл дæр басыгьд. Сыгьдæтты разынд рæхыс. Абон дæр сæфт нæу. Марды баныгæдтой мæнæ ам. Адон та йæ цырты дуртæ сты. — Æмæ йæ иунæгæй цæмæн бавæрдтой, уæлмæрд дзы нæй? — афарста чызг. — Зоныс, Ами, уæд адæм талынг уыдысты æмæ сæм бирæ мæнгуырнындзинæдтæ уыд. Арвы цæфæй-иу чи фæмард, уый уæлмæрды не ’вæрдтой, ома тæригьæдджын у, хуыцау æй йе стыр дурæй æргæрах ласта, æмæ йын рæстытимæ æвæрæн нæй, зæгьгæ... Æнахуыр уæнгуыты-иу уæрдоны, кæннод дзоныгъы баифтыгьтой, сæвæрдтой-иу дзы æрвдзæфы æмæ-иу сæ уæгьдибарæй ауагьтой. Кæм æрлæууыдаиккой, марды-иу уым баныгæдтой. Ам дæр гье афтæ рауад. Марды уæлхъусмæ хуыдтой æрыгон чызджытæ æмæ лæппуты. Зæронд лæг сæ разæй, афтæмæй-иу марды алывæрсты цалдæр хатты æрзылдысты «цоппай»-ы зарæг кæнгæ. Æрвдзæфыл кæугæ нæ кодтой, уæд,дам, судзгæ кæны. — Кæуыны бæсты заргæ? Æмæ куыд зарыдысты? — дисы бацыд Ами. — Афтæ, зарыдысты... Хъуыды ма дзы каэнын мæнæ ахæм ныхæстæ: «Цæй, цоппай-цоппай, æрвдзавды цоппай, Цоппай-цоппай, бæркады цоптгай, Цоппай-цоппай, нæ хуыцауы тпыххæй, Цоппай-цоппай, нæ дзуары тпыххæй, Цоппай-цоппай, алайы цоппай, Уæй, цоппай, æлдары цоптгай, Уæй, цотгтгай, бæстпы хорзы цоптгай»... 36
Гъе ахæм зарджытæ-иу кодтой алы æрвдзæфыл дæр. 0, ноджы сын амонæг хистæр дзурын кодта раздæры æрвдзæфты мыггæгтæ. Æрыгон чызджытæ æмæ лæппуты та уымæн кодтой æмæ, дам, уыдон сыгъдæг зæрдæ, сыгьдæг уды хицæуттæ сты, хуыцау, дам, уыдонмæ байхъусдзæн æмæ «тæригьæдджын» æрвдзæфæн ныххатыр кæндзæн, дзæнæтмæ йын фæндаг ратдзæн... Лæджы-иу арв кæм ныццавта, кæм-иу æй баныгæдтой, уымыты та æргæвстой урс уæрыччытæ кæнæ сæныччытæ. Сæ цæрмттæ та-иу сын даргь хъилтыл тыгьдæй арвы æрцæвæны, йе йæ цыртыл æрсагьтой. Æрвдзæфы ингæнмæ-иу мыггаджы сылгоймæгтæ æрвылаз уалдзæджы цыдысты æхсьф, дзыкка æмæ чъиритимæ... Уый та дын ацы æрвдзæфы хабар. — Аргьæутты хуызæн диссæгтæ,— ныдæмæй загьта чызг. Фæцæуæм дарддæр. Бахæццæ стæм Къæмынты Уациллайы бынмæ. — Ацы чысыл хæдзары та чи цæры? — амоны йæм. — Цæргæ ничи, уый Уациллайы кувæндон у. — Уацилла та чи у? — Нæ фыдæлтæ йæ арвы нæрд æмæ тыллæджы бардуаг хуыдтой. Иуæй арвы хъæр, арвы цæфæй тарстысты, иннæмæй тыллæгхъуаг æййæфтой æмæ йæм æххуысæнхъæл куывтой. — Æмæ сын æххуыс кодта? — Цæй æххуыс æмæ цæй æндæр, кæд æмæ Уацилла, ничи æмæ ницы у, уæд. Арв дæр сæ цавта, æххормаг дæр уыдысты... Бынтон та сæ хæцгæ низтæ цагьтой. — Уæдæ йæм цæмæн куывтой? — ныллæууыд мæм чызг. — Цæмæн куы зæгьай, уæд цыдæр фæлитой, «дæснытæ» æмæ дингæнджытæ сайдтой талынг адæмы, кувут, дам, уæ зæды хаймæ, йæ номыл ын кусæрттæ кæнут æмæ уын уæ фыдбылызтæ сафа.. Ахæм гæды ныхæстыл бирæтæ æууæндыдысты сæдæгай^ мингай азты дæргъы. Мах заманты та адæм ныллæууыдысты ахуыры фæндагыл, базыдтой æрдзы миниуджытæ, арв æмæ зæххы сусæгдзинæдтæ, суанг ма мæй æмæ иннæ дард планетæтæм дæр тæхьпщ. Ныр та арвы цæфы æууæлтæ, Уацилла, кувæндæттыл ничиуал æууæнды. Рох дæр ма фесты. Байгом кодтам Уациллайы кувæндоны дуар. — Цас ыстджытæ дзы ис,— бадис кодта ме ’мбæлццон. —Уыдон Уациллайы номыл цы кусæрттæ фæкодтой, уыдон сыкъатæ æмæ сæры стджытæ сты. Уьфдыгæй бацыдыстæм Хъæргæнæны тигьмæ. — Дæлæ цас дуртæ æмæ хæлд хæдзæрттæ, — амоны хъæумæ. — Уый Къæмынты хъæу у. Иу-60 азы размæ дзы цард 70 хæдзары бæрц, фæлæ иутай-дыгай фæлыгьдысты горæттæ, быдыры хъæутæм. Баззад ма дзы авд хæдзары — чысыл сых. — Баги, æмæ ацы хъæуы цардтæ? — О, æз ам райгуьфдтæн. Авд къласы дæр ам фæдæн. Кæд дзы мæ сабибонтæ гæвзыкк-уырыдæй арвыстон, уæддæр мын фыдыуæзæг адджын, зынаргь у, суанг ма фыны дæр ам вæййын... Баззад мын дзы хæстæджытæ, хæлæрттæ, уарзон æрдзы къуымтæ. Æрвылаз дæр сæ иу-дыууæ хатты бабæрæг кæнын. Нæхи сабыргай ныйистам хъæумæ. Чысыл хъæубæстæ ныл тынг бацин кодтой. Зæрдиаг еблагьуæ загьтой сæ цæхх, сæ кæрдзынмæ. Уалынмæ хур дæр фæсхохмæ ныххызт. Мæ фыдæлты уæзæгыл арвыстам нæ фыццаг адджын æхсæв. Сæумæйæ, цалынмæ ма ме ’взонг æмбæлццон фынтæ уыдта, уæдмæ азылдтæн хæстæг сæрвæттæ æмæ уыгæрдæнтыл. Æрбахастон цалдæр басты рæсугьд дидинджытæ. Уалынмæ Ами дæр фестад. Дидинджытыл мыдыбын37
дзау бацин кодта. Дыууæ басты дзы радта фысымты бархъомдæр чызджытæн, иу та ныууагьта йæхицæн. Æмбисонды райдзаст бон: никуы иу æврагь, иу мигьы къæм. Хур йæ сæвджын тынтæ нывæста хохæй-хохмæ, комæй-коммæ. Цъититы равзæрæг уахъæз адæймагыл мадау узæлыд, базырджын æй кодта. Нарæг кæмттæй раирвæзæг тæлтæг дæттæ-иу уахъæзæн цадæг бахъырныдтой. Уæзбазыр цæргæстæ, уадхаст æврæгьтау, ленк кодтой арвы æгæрон тыгьдады. Сырхбыл зæрватыччытæ сæ хæлар сауцъиутимæ бадтысты телыхъæдтæ æмæ зынгхуыст хæстонты номыл сагъд бæлæстыл æмæ нæ рæвдыдтой сæ цины зарджытæй. Кæрдæг æмæ дидинджыты хæрздæф ахъардта уæлдæфы æмæ улæфæнтæн лæвæрдта æнахуыр æхсызгондзинад. Уæнгтæ сæхимидæг хъазыдысты. Ахæм сахат адæймаг бабæллы цæргаэсы базыртæм, цæмæй æрзила хуры хæтæнты, мæйы цæуæнты, стъалыты тæхæнты, бафсæда æрдзы, дунейы уындæй. Чи нæ ракæндзæн ахæм сахат æрдзæн зæрдиаг арфæ... «Æрдз, цы рæсугъд дæ Хæхты райсомæй, Ды бæллиццагдæр Махæн уарзонæй»... Мæ чысыл хæлар бæсты рæсугъддзинадмæ кастис дзаг цæстæй, парахат зæрдæимæ. Иæ аив цæсгомыл хуры тынау хъазыд мидбылхудт. Хатт-иу дзы сирвæзт æхсызгон ныхæстæ: «Ам цы хорз у, Баги, ардæм-ма æрцæуæм цæрынмæ»... — Хорз, Ами^фендзыстæм, ныр та уал бауайæм скъоламæ дæр. Фен, ахуыр кæнын кæм райдыдтон, уыцы кълас. Хъæуы бын — дыууæуæладзыгон къаннæг агъуыст — скъола. Арæзт æрцыд 1900 азы. Ахуыр дзы кодтой цалдæр фæлтæры. Иæ ахуырдзаутæй бирæтæ систы зынгæ æхсæнадон кусджытæ, ахуыргæндтæ, намысы лæгтæ. Уыдонимæ — Арсæгты Горга, Дзылыхты Иван, Цопанты Осепп, Мамыкъаты Гришæ æмæ Хаджумар, Хъалаты Симон... Бахызтыстæм^иу-14-16 партæйы кæм цæуы, уыцы райдзаст къласмæ. Ами йæ цæст ахаста партæтыл, стæй фыссæн фæйнæгмæ бацыд, ссардта мелы къæртт æмæ хæххытæ кæныныл фæци. Æрæджиау мæ афарста: — Баги, махæн дæр ахæм партæтæ уыдзæн? — Адон рагон сты, сымах та баддзыстут джиппыуагьд урс-урсид партæтыл. — Æмæ дæ ахуыргæнæг та чи уыд? — Мæ фыццаг ахуыргæнæг нæхи хъæуккаг уыд, рухсаг уæд, æгас нал у. — Уарзтай йæ, Баги? — Куыннæ, йæ фыццаг зондамонæджы та чи нæ уарзы... Уый нæ сахуыр кæны кæсын, фыссын, хи дарын æмæ æгьдауыл... Гъе фæлæ йæ ахуырдзаутæ æмæ хъæубæсты фæсивæдæн сæ фылдæр баззадысты хæсты быдыры. Æдæппæт 85 æрыгон лæппуйы. Хъæубæстæ сын мæнæ скъолайы кæрты сæвæрдтой цыртдзæвæн. Ардæм куы зыны, цом хæстæгмæ йæ фенæм. Лæууæм хохаг карст дурæй астæрд тымбыл цыртдзæвæны раз. Иæ фарсыл зынгхуыстты номхыгъд. Йæ фæйнæфарс — нæзытæ, бæрзытæ, донхæристæ. Бæлæсты цъуппытыл цъыбар-цъыбур кæнынц сауцъиутæ, чъырттымтæ æмæ сырддонцъиутæ. — Гъе, мæ чысыл дзыгына, уый та дын хæсты фæстиуджытæ... — Кæд хæсты маргæ кæнынц, Баги, уæд цæмæн фæхæцынц? — Хæст адæмы бæргæ нæ хъæуы, фæлæ иуæй-иу æнæфсис стыр хицæуттæ ныббырсынц сæхицæй лæмæгъдæр бæстæтæм æмæ сын байсынц 38
сæ исбон, сæ зæххытæ, сæхæдæг та бацахсынц ноджы стырдæр бынæттæ — паддзахы къæлæтджынтæ. — Баги, æмæ уыцы налат хицæуттæ сæхæдæг дæр фæхæцынц? — Уыдон хатт хæсты быдыр уынгæ дæр нæ фæкæнынц, фæлæ сæ дæлбар адæмты кæрæдзиуыл сардауынц æмæ сæм дард кæцæйдæр «размæ, размæ!», стæй «маргæ, маргæ!» хъæр кæнынц. Афтæмæй æнаххос адæмтæ кæрæдзийы ныццæгъдынц, Цытмондаг лæгсырдтæй чи фæуæлахиз вæййы, уый та ног ныббырсы йæхицæй лæмæгъдæртæм. — Æмæ уыцы фыдгæнджытæн сæхи цæуылнæ марынц? — Маринаг куыннæ сты, фæлæ æппæт бартæй уæлдай марæн кард æмæ топп сæхи къухты сты æмæ сын кæй бон цы у. Чызг уыцы сагъæсхуызæй йæ цæст ахаста рæгътыл. Уырдыгæй ацыдыстæм хъæуы сæрмæ. Уым, фæзгонды сты хъæуы уæлмæрд æмæ цалдæр обауы дæр. Фыдæлты уæлмæрд фæци хæмпæлгæрдæджы бын, нæй йæм иу базилæг. Цыртдзæвæнтæ мын цыма уайдзæф кодтой, уыйау гуыбыртæ, зылынтæй лæууыдысты. Æз «рухсаг ут» загътон, хиуæттæ, хæстæджыты цыртыты къæйдуртыл мæ къух бавæрдтон, æмæ мæ ныййарджыты ингæнты раз лæугæ аззадтæн. Мæ цæссыгтæ мæ нал бафарстой, зæрдæ схъуырмæ... Ами мæм фæстæты æрбацыд. — Кæй цырты раз лæууыс, Баги? — афарста. Аивæй мæ цæссыгтæ дысалгъæй асæрфтон æмæ къæйдурыл фыстытæм кæсгæйæ загътон: — Адон мæ мад æмæ мæ фыды ингæнтæ сты, Ами, фæлæ уæддæр мад, мад. Уымæн æмбал дзы нæй... Мæн æмæ мæ цæрынхъуаг æфсымæрты мæстæй мæрдтæм ацыд афонæй раздæр. Бирæ тухитæ, бирæ зынбонтæ федта царды махæн та ныууагъта йæ зæрдæ, йæ къухты хъарм, йæ хорз миниуджытæ; сахуыр нæ кодта фæллой æмæ рæстдзинад уарзыныл. — Бирæ йæ уарзтай, Баги? — айвæзта чызг мæ къурткæйы фæдджи. — Тынг бирæ, мæ чысыл дзиба, йæ къам дæр мæхимæ вæййы, арæх æм æркæсын... Æмæ ды дæ мады нæ уарзыс? — Куыннæма, уымæй фылдæр никæй уарзын,— йæ цæсгомыл ахъазыд æнахуыр æхсызгондзинад. — Равдис-ма дæ мады къам. Систон къам. — Ай дын мæ мад 19-аздзыдæй, йæ фарсмæ — йæ фыды æфсымæры 15-аздзыд чызг, йæ разы нæууыл та — йæ фæндыр. Ацы хуызистыл цæуы 80 азы. — Æмæ дæ мад кæд амард? — Раджы, 40 азы размæ. — Цас рæстæг рацыд, уæддæр æй куыд бирæ уарзыс,— æдзынæг каст саби къаммæ. — Æмæ цæгъдын дæр зыдта? — Тынг хорз, Ами, хъæубæсты чындзæхсæвтæ æмæ циндзинæдтæ æнæ уый фæндырдзагъдæй нæ фидыдтой. Сыхаг хъæутæм дæр æй арæх агуырдтой ... Æз ыл иу чысыл æмдзæвгæ дæр ма æрхъуыды кодтон. — Æмæ кæм ис? — Мадау мæ зæрдæйы. — Радзур-ма йæ уæдæ. — Кæд дæ афтæ фæнды , уæд хъус: Мæ мад уыд хур, Йæ тынтæй мæ рæвдыдта. Мæ мад уыд мæй, Æхсæв мыл дзуар æфтыдта. 39
Мæ мад уыд зæд, Хызта-иу мæ рын-сонæй. Бæсты рæсугъд,— Мæ цин æхсæвæй-бонæй. Кæд нал ис ныр, Уæддæр мæнæн æгас у. Ныр дæр зæгъы Йæ хъæбулæн «æгас цу»... — Дæ зæрдыл æй куыд хорз дарыс, Баги? — Уæдæ, мадæн рохгæнæн нæй. Чызг фæкомкоммæ рагон обаумæ. — Ай хæдзар у æви мæсыг? — Уый обау у, Ами. — Обау та циу? — Циу куы зæгъай, уæд^бирæ мæрдтæ æвæрд кæм и, ахæм хæдзаргонд. — Мæрдты иумæ дæр февæрынц, Баги? — Ацы обæуттыл цæуы сæдæгай азтæ. Уæды заман-иу хæцгæ низтæй канд бинонтæ нæ, фæлæ æнæхъæн мыггæгтæ дæр цагъды фесты. Хатт-иу къорд сыхаг хъæуы дæр сыскъуыдысты. Уый зонгæйæ-иу мыггаг кæнæ хæстæджытæ рагагъоммæ æмдых-æмзондæй сарæзтой иу-дыууæ обауы. Бирæгæйттæй-иу куы æррынчын сты, уæд, ныгæнæг нæ куы нал фæуа, нæ мæрдтæ куыйтæ, сырдты амæттаг куы фæуой, зæгъгæ, цæрдудæй хызтысты обæуттæм. Цалынмæ-иу æгас уыдысты, уæдмæ сын^чи нæма фæрынчын, йе низæй чи фервæзт, уыдон хастой хæринаг. — Баги, уæдæ ацы обауы цал марды ис? — Ам уæладзгуытæ, тæрхæджытæ бирæ уыд æмæ дзы сæдæйы бæрц ис. Мæнæ стыр тъæпæнсæр ингæнты 10—20-гай мæрдтæй фылдæр нæй. Уыдон та зæппадзтæ хуинынц. — Цы тæригъæд уыдысты,— бахъынцъым кодта саби. — Ноджы — бæгънæг, æххормаг, чъизи цард — хæцгæ низты æмцæдисонтæ... Уартæ хуссары фондз сыхы хъæууæттæм нæ кæсыс, сæ бæрæг астæу та иу-æртиссæдз зæппадзæй фылдæр. Цалдæр раны та дзы — уæлмæрдтæ. — Уæдæ мæрдтæй, æгæстæй чи фылдæр у, Баги? — Æвæццæгæн, мæрдтæ. — Уыдон æгас куы фестиккой, Баги, уæд цас уаиккой,— йæ къухыл хæрдмæ схæцыд чызг. — Бæргæ, бæргæ, нæ ныййарджытæ, нæ рагфыдæлты фениккам... Уæвгæ утæппæт адæм кæм бацæуиккой. — Баги, æмæ обæуттæ, зæппæдзтæм чи бахызт, уыдонæй фæстæмæ ничиуал рацыд? — Уыдис^чи æрдзæбæх æмæ обауæй чи рахызт, ахæмтæ дæр, æрмæст искуы-иутæ. — Цы хорз уыди,— фæхъæлдзæгдæр Ами. — Æмæ мæлын зын у, Баги? — Ницы зын у. Мах æхсæвы бафынæй вæййæм, райсомæй та фестæм. Чи амæлы, уый та нал райхъал вæййы... Обæуттæ, зæппадзты дæр-иу рынчынтæ æхсæвы бахуыссыдысты, райсомæй нал райхъал сты. Саби йæ мидхъуыдыты аныгъуылд æмæ ныхъхъус и. Нæхи байстам рагъмæ: дæлæ рагон Гæлиаты хъæу. Æнусы размæ дзы цардис сæдæ хæдзарæй фылдæр. Баззад ма дзы фынддæсы бæрц. Цы авд мæсыджы дзы уыд, уыдонæй ма ис дыууæ, иннæтæ даргъ æнустæ æмæ фыдгæнæг адæймæгты аххосæй зæххæмвæз систы. Сæ рагон уæлмæрды алы40
варс та — цалдæр обауы æмæ бирæ зæппæдзтæ. Ам дæр сæм зилæг, кæсæг нал и æмæ азæй-азмæ хæлгæ цæуынц. Чи зоны, иу-50—100 азы фæстæ сæ кой дæр мауал уа... — Уыцы рæсугъд мæсгуытæ чи сарæзта, уыдон нæ зоныс, Баги? — фæрсы та саби. — Уыдон ничи зоны. Куы ма дын дзырдтон, рагзаманты нæ фыдæлтæ æнахуыргонд уыдысты, фæлæ сæм бирæ уыд зондджын лæгтæ, хæдахуыр æрмдæснытæ, кадæггæнджытæ... Нæ уæззау, не ’нкъард ныхас цасдæр фæзынд мæ чысыл æмбæлццоны ахаст, йе ’нкъарæнтыл æмæ йæхимæ ныхъхъуыста. Æз ын йе ’ргом, йæ хъуыдытæ аздæхтон æрдзы рæсугъддзинадмæ: цъититæм, дидинæгджын фæзтæм æмæ бæрзæндты зилæг цæргæстæм. Æрыздæхтыстæм нæ фысымтæм. ...Афтæ ма дыууæ боны азылдыстæм донбылты, сæрвæтты, къуылдымтыл. Федтам æхсæрдзæнтæ, цæстыгагуйау æрвхуыз, рæсуг суадæттæ, базырджын дидинджытæ... Изæрмилты та — цæхæрцæст стъалытæ. Æртыккаг бон бабадтыстæм рейсон автобусы æмæ нæ дугъон бæхау кæмтты скъæфта. — Мæнæ-ма, горæты хæдзæртты хуызæн,— амоны чызг Фæсналы зæронд дыууæуæладзыгон агъуыстытæм. — Ацы хæхты сæдæ азы размæ нæ фыдæлтæ згъæр къахтой, адон та сын цæрæн хæдзæрттæ уыдысты. Уæртæ стыр хæлд агъуысты та æрзæт ссадтой, фæлæ æрзæткъахæнтæ сæхгæдтой æстай азы размæ. Ныр хæдзæртты цæрынц бынæттон адæм. Ам æнæхъæн комбæстæн дæр уыд иумæйаг астæуккаг скъола. Æз дæр дзы æртæ азы фæцахуыр кодтон. — Ам дæр цардтæ, Баги? — На-а, уæлæ цы хъæуы уыдыстæм, уырдыгæй цыдтæн. — Машинæйы? — Фистæгæй, Ами, уæд ардæм машинæтæ нæ цыдысты. Бон — 14 километры. — Гъы, мæн скъола та нæ кæрты чъылдыммæ и, — æппæлæгау бакодта чызг. — О, ныртæккæ ма дардмæ чи цæуы, алы чысыл хъæуы дæр — скъола. Нарæг кæмтты цæугæйæ та Ами цымыдисæй каст айнæджытæ, къæмбыртæ, æхсæрдзæнтæм. Быдырмæ куы ахызтыстæм, уæд мæ фарсмæ бафынæй. Райхъал æй кодтон горæтгæрон. Рахызтыстæм автобусæй. — Гъы, Ами, нæ балц дæ зæрдæмæ фæцыд? — фæрсын æй. — Фæцыд,— æхсызгонæй загъта чызг. — Æмæ никуыуал ацæудзыстæм, Баги? — Мæн та цæуын хъæудзæн, Ами, æз дзы алы аз дæр вæййын. — Æмæ мæн нал ахондзынæ? — фæлмæн хъæлæсы уагæй мæм хаты чызг. — Акæнин та дæ, фæлæ ма дæ Замирæт рауадздзæн? — Цытæ федтон, уыдон ын куы радзурон, уæд та мæ ауадздзæн,— фидарæй загьта чызг. — Цæугæ дæр ма цæмæн кæныс, нæ зонын, хохы хæхты йеддæмæ цы ис, æмæ сæ федтай. — Гъо цы и,— æрбакаст мæм тарæрфыгæй,— уыцы æхсæрдзæнтæ æмæ цæргæстæ, уыцы дидинджытæ æмæ зараг цъиутæ... Кæннод стъалытæ цы хæстæгæй æркæсынц. — Гъемæ хорз, Ами, уæдмæ каст фæуыдзынæ фыццаг кълас, байрæздзынæ, æмæ хæхтæм дæр абалц кæндзыстæм. — Цы хорз уыдзæн,— йæ мидбылты бахудт чызг. — Сæрд тагъддæр куы ралæууид... 41
— Гъемæ баныхас кодтам, мæ чысыл дзиба,— зæрдæ йын бавæрдтон æмæ кæртмæ бахызтыстæм. МÆ ИРВÆЗЫНГÆНДЖЫТÆ Æстдæс азы мыл цыдаид, афтæ Урс хохы уыдтæн цуаны. Ханды фидары мæ иу нарæг дагъ бахаста акæсæн былмæ. Уырдыгæй бауыдтон мусыйас дидинæгджын фæз. Мæ зæрдæ йæм бахъазыд. Цæуон, загътон, æртонон уыцы рæсугъд дидинджытæй, гъе стæй мæ нымæтыл фæхуысдзынæн, кæд уырдыгæй сырдтыл дæр мæ цæст æрхæцид. Фæзмæ бахæстæг дæн, фæлæ йæм бахизæн никæуылты разынд. Æрбадтæн тигъыл. Кæсын цымыдисæй: хæххон уахъæзмæ, арф кæрдæджы æркув-æркув кæнынц уыцы рæсугъд динджытæ: сырхмæтæг, даричин, бурдидинæг... Ау, мæнæй уый уырдæм ма ныххиза, дзурын бæгуылæгау, æмæ алырдыгæй лыстæг æркастæн. Хъуамæ дзы бынмæ ныххизæн уа, зæгъгæ, фыццаг ныппæрстон мæ хæлцон, хъримаг æмæ нымæт, гъе стæй мæхæдæг агæпп ластон. Исдуг дидинджытæм фæкастæн, сæ рæсугъддæртæй сын ратыдтон æмæ былгæрæтты азылдтæн. «Æллæх, ардыгæй ахизæн куы нæ ис, фесæфтæн!» — айхъуыстон мæхи тарст хъæлæс æмæ фыр адæргæй мæ мидбынат æрхаудтæн... Мæхи куы æрæмбæрстон, уæд та ног ауадтæн былтыл. Сæрсæфæн хауæнтæм кæсгæйæ адæргæй мардтæн. Ацы фæзгонды сырды къах дæр кæй никуы ныллæууыд, уый йæ кæрдæгыл дæр зынди — æнæхæрд: нæ дзы ахизæн, нæ агæпгæнæн. Æрхуымæй ныддæлгом дæн. Мæ цæссыгæй кæрдæджы гуцъула схуылыдз. Фыццаг хатт уæд ахъуыды кодтон мæлæтыл. Æстдæс азы; æмæ — худинаджы сæфт. Мæ хъуыдытæ схæццæ сты, мæ зæрдæ æрбалвæста: ма сурхидæй мæ дарæс æрхуылыдз... Кæлмдзæфау та фесхъиудтон. Хъæр кæнын, сидын æххуысмæ, фæлæ æвицауæг хæхты бирæ дæр фæдис кæн! Топпæй дæр цалдæр æхсты фæкодтон — дзæгьæлы гæрæхтæ: дзуапп лæвæрдта зæрдæмарæн азæлд. Æркастæн мæ хæлцонмæ: бонваг хæринæгтæ. Къуыриваг сæ бæргæ скæндзынæн, фæлæ дон та? Фæстагмæ скарстон: мæлыны къахыл куы ныллæууон, уæд рындзæй мæхи аппардзынæн. Уæддæр ме стæгдар исчи ссардзæн æмæ сæфтыл нымад нæ уыдзынæн... Æрæджиау та рындзæй фæлгæсын сæрсæфæнтæм: «Гъе, ардыгæй, мæ уд исгæйæ, мæхи нывзилдзынæн», загътон химидæг æмæ бафидыдтон æбуалгъ мæлæтимæ. Мæ додойаг хъуыды та мын мæ цæссыгтæ куыд фæцагайдта, афтæ мæ хъустыл ауад цыдæр уынæр — мæ зæрдæ мæ сриуыгъта... Кæсын, æмæ уалæ цæргæс расуры зымы. Зым, мæгуыр, мæнырдæм ныййарц ис... Æнхъæлдтон, йæхи мæ уазæг кæнынмæ хъавы, фæлæ уалынмæ къулрæбын хъамылы айсæфт. Цæргæс дæр йæ сихорæй æнæхай фæци æмæ фæсбылмæ батахт. Зым цы фæцадаид, зæгъгæ, хъамылтæ æрысгæрстон. Зæхмæ хæстæг айнæджы къулы разынд цъас. Дард кæцæйдæр дзы рухс 42
калд. Мæхи фæфистæг кодтон æмæ цъасы фæмидæг дæн. Балæстæн иу-æртæ метры бæрц. Кæсын, барын, æвзарын. Хуынкъ разынд тынг нарæг, фæлæ мæм фæзынд цыдæр ныфс, мæ зæрдæ фæфидар. Фæстæмæ нæма рабырыдтæн, афтæ дыккаг бæллæх: мæнæй дыууæ метры мидæгдæр иу лыстæг калм йæ сæр ныхъхъил кодта. Цæстыныкъуылдмæ федде дæн, топп фелвæстон æмæ хуынкъмæ цалдæр гилдзы ныннымадтон, гъе стæй мæ дзаумæттæ — хæлцонæй, хъримагæй — фехстон, кæуылты рагæпп ластон, уыцы уæлтæрхæгмæ, мæхæдæг мидæггæгты фæбырын цъасы. Калм дæр мæ æрбайрох и. Æвæдза, топпы хъæртæ æмæ топпыхосы фæздæгæн нæ бабыхсыд æмæ йæхи айста. Хуынчъы дæргъ иу-ссæдз метры йеддæмæ бæргæ нæ уыд, фæлæ — нарæг, дуры цыргъ сиукътæ ныхæй-ныхмæ, разæй æрхæцæн ницæуыл. Хатт-иу мæ ныфс асаст, фæсур-иу дæн , уæддæр архайдтон, мæлын кæй фæнды. Фæтухитæ кодтон цыппар сахаты бæрц. Фыдбылызæй раирвæзтæн. Мæ буар, ехсæй нады хуызæн, тугæрхæмттæ сси. Уæддæр мæлæтæй фервæзтæн. Мæ дзаумæттæм фæлæбурдтон æмæ лидзгæ нæхимæ. Абоны онг дæр арфæ кæнын мæ ирвæзынгæнджытæн — зын æмæ йе знаг цæргæсæн. Уыдон нæ уыдысты, зæгъгæ, уæд аллайаджы мард акодтаин. * * * Иу хатт та цуаны ацыдтæн Донысæрмæ. Мемæ уыдис мæ къæбыла Зæликъо дæр. Цуанон, дам, цы ком нæ басгары, уый сырдджын æнхъæлы. Уыцы æмбисонд мæныл дæр æрцыд. Сырдтыл сæмбæлыны охыл Быпьуыджынæй ахызтæн Цъæйы ’рдæм. Æрбадтæн иу кæрдæгджын рагъыл æмæ мæ зæрдæйы дзæбæхæн фæлгæсын æнусон цъититæм. Бирæ рæстæг нæ рауади, афтæ къæбыла рæйын байдыдта. Ноджы-иу зæхмæ ныхъхъуыста. Дæ бындар фæуай, кæд сырдтæ дæу суринаг не сты, зæгъгæ, йыл схъæртæ кодтон, фæлæ, марадз-зæгъай, кæд æнцади. Куыдфæстæмæ байдыдта ниуын, хъис-хъис кæнын. Рæйгæ-рæйын-иу азгъордта фæсбылмæ, фездæхт-иу фæстæмæ... Зæххыл-иу авæрдта йæ фындз æмæ таиу адæймагау мæ цæстытæм нымдзаст. Цыдæр тас мæ бацыди. «Цæмæн æй ракодтон?» — хæцыдтæн мæхимæ. Кæсын æмæ ма ноджы мыстулæг дæр сæрра: иу хуынчъы фæмидæг вæййы, иннæйæ фæстæмæ фатау расхъиуы, йæхи хæрдмæ фехсы æмæ сцъыс-цъыс кæны. Сæ зонд фæцыд, зæгъгæ, аджих дæн... Уалынмæ мыл къæбыла йæхи ныццавта, йæ дзæмбы мын мæ русыл æруагъта, йæхæдæг фæсбылмæ ныййарц. Уырдыгæй, сырдмæ лæбурæгау, райхъуыст йæ рæйын. Мæ русы туг æркалд, хæдон ахъулон. Мæ маст рафыхт. Хъримаг аифтыгътон æмæ топпæргъæвдæй фæуайын къæбылайы фæдыл. Куыддæр мæ ауыдта, афтæ фæхъус, тилы йæ къæдзил. Ай мæ бынтондæр хынджылæг куы кæны, зæгъгæ, йæм фæхъавыдтæн. Уыцы уысм мæ хъустыл ауад цыдæр æнахуыр уынæр, хуырхъæр. Фæстæмæ фæзылдтæн æмæ мæ цæстытæ цæхæртæ акалдтой: цы рагъыл бадтæн, уый фескъуыд, ныххæррæтт ласта æмæ гуыргуыргæнгæ мыхцыл акалд. Мыстулæджы ма ауыдтон: йæхи хæрдмæ фехста, стæй хуынчъы фæмидæг. Бецау, æвæццæгæн ын уым лæппынтæ уыд æмæ уыдон сæраппонд йæ цард радта. Мæ рифтаг æд хæринæгтæ, пæлæз æмæ лæдзæг дурзæйы амæттаг баисты. Æрæджиау мæхи æрæмбæрстон: Зæликъо мæ мæлæтæй фервæзын кодта, æз та йæ марынмæ хъавыдтæн... 0 ме ’дылы къоппа! Мæ топп зæххыл ныццавтон æмæ Зæликъойы фелвæстон мæ хъæбысмæ. Уый мын, мæгуыр, хатыр курæгау, мæ русы цъæррæмыгьдтæ сдæрдта. Æвæдза, дзурын куы зонид, уæд мын загътаид: «Цуанон дæхи бæргæ хоныс, фæлæ цæй æнæмбаргæ дæ, цæй»... — Мæ ирвæзынгæнæг, — дзырдтон ын, ды мемæ куы нæ уыдаис, уæд 43
афонмæ далæ уыцы дурцæнды бын уæнгсæстытæй мæрдфынæй кæнин... Ничи мын ссардтаид мæ мард дæр... Дис кæнын абон дæр: цæмæй базыдтой мыстулæг æмæ къæбыла рагагъоммæ уыцы æрдзон фыдбылыз? РАСЫГ УАСÆГ Ахтол æмæ Ганисæ цæрынц Таджыхъæуы. Схъомыл кодтой дыууæ чызджы æмæ иу лæппу. Чызджытæ сæ амонд ссардтой æмæ систы хицæн бинонтæ. Лæппу Æга та каст фæци хæххон-металлургон институт, бинонтæ æрхаста æмæ ныр фондз азы дæргьы цæры горæты, иу заводы кусы хистæр инженерæй. Æга æмæ йæ бинойнаг Ризетæ сæ хистæрты нæ рох кæнынц, арæх ныууайынц хъæумæ. Семæ акæнынц сæ фондзаздзыд лæппу Ирызбеджы æмæ сæ дыууæаздзыд чызг Рафинæты дæр. «Уадз æмæ хъæууон цард зоной, сæхицæн хуыздæр у»,— фæзæгъы Æга. Бинонтæ-иу куы бамбырд сты, уæд-иу Ахтол æмæ Ганисæйы цинæн кæрон нал уыд. Æмæ куыннæ, сæ кæстæртæй-иу суанг æмбисæхсæвтæм сæ мондæгтæ уагътой. Фæстагмæ-иу Рафинæт бафынæй йæ нанайы хъæбысы, Ирызбег та йæ бабайы. Ирызбег Ахтолимæ афтæ бахæлар æмæ горæтмæ нал куымдта. Ноджы йын хъæуы фæзынд бирæ хæлæрттæ. Семæ-иу ацыд хъæугæрон сæрвæттæм, дидинæгджын уыгæрдæнтæм, донбылмæ. Æппæты фылдæр та уарзта дада æмæ нанамæ хъусын: сæ иу ын фæкæны хæсты хабæрттæ, иннæ — аргъæуттæ, таурæгътæ. Лæппуйыл дыууæ азы куы рацыд, уæдæй фæстæмæ рагуалдзæгæй æрæгвæззæгмæ вæййы хъæуы. Дадаимæ арæх ацæуы рады хъомгæс, фыййау. Нанайæн дæр йе ’ххуысы хай кæны: кæм рæуæдтæ сæрвæтæй æрыскъæры, кæм изæрæй фосмæ фæкæсы, кæм та кæрчытæн нæмыг ратты. Ныр дæр та горæтæй æрцыдысты апрелы райдианы. Сабат æмæ хуыцаубоны бинонтæ фесты иумæ, гъе стæй Æга æмæ Ризетæ сæ чызгимæ фæстæмæ ацыдысты, Ирызбег та баззад хъæуы. Фарон æмæ æндæраз йæ хъуыддæгтæ бæргæ хорз цыдысты, фæлæ ацы аз не сфидыдтой нанаиты гогыруасæг Сырхдымимæ. Уый ахæм ныфсджын æмæ æхсарджын у, æмæ сыхы уасджытæн æлдариуæг кæны. Суанг ма дзы Дадиты дынджыр Бурдым дæр тæрсы. Искуы сыхаг уасæг сæ кæртмæ йе уæзæгмæ æрбафтыд, зæгъгæ, уæд æй тугæрхæмттæй феддæсон кæны. Кæннод йæ сырхбын базыртæ цæгъдгæ быруйы сæрæй куы ныууасы! — йæ хъæр суанг сыхаг хъæутæм фæхъуысы. Æрæджы та иу налат хъæрццыгъа ныллæджыты йæхи рауагъта æмæ сыхæгты цъиуджын карчы ацахста. Иæ дзæрныхтæ дзы куыд фæсагъта, афтæ йæ Сырхдым ауыдта æмæ тæхгæ-згьоргæ бахæццæ хъæрццыгъамæ, йæ къæбут ын ацахста, йæ даргъ ныхтæ фæрсты фæсагъта æмæ йæ карчы рагьæй раппæрста. Карк, мæгуыр, фыр тæссæй йæ цъиуты дæр æрбайрох кодта æмæ цудтытæгæнгæ хæмпæлты фæмидæг. Хъæрццыгьа ма йæхи атоныныл бæр44
гæ архайдта, фæлæ йыл Сырхдым афтæ фидар хæцыд, æмæ базырджын къæрныхæн йæ ныфс, йæ хъару асаст, «йæ гæрзтæ æрæвæрдта». Уалынмæ кæцæйдæр фæзынд Ирызбеджы дада Ахтол æмæ хъæрццыгьайы Сырхдымы бынæй «скъахта». Уасæг, даргь къахдзæфтæгæнгæ, йæ базыртæ сцагъта æмæ, цыма, «кæсут-ма, мæнæй уый куыд кæны» зæгъынмæ хъавыд, уыйау сæрбæрзондæй ныууасыд. Дада дæр хамасхор хъæрццыгъамæ кардæй базылд æмæ йæ сæ цæхæрадоны хъилыл быдыргъæн æрсагъта. Фарон дæр ма Сырхдым Ирызбегимæ хæлар уыд, фæлæ йыл ацы аз йæ хуыцауы хай рахатт. Æвæццæгæн, йæ ныфс, йæ хъаруйыл йæ зæрдæ фæдардта, æмæ йæм Ирызбеджы хуызæттæ нымады нал уыдысты. Адæммæ дæр ахæм æгæнон разыны: иу-дыууæйы куы афхæры, уæд йæ ныфс алкæмæ дæр хæссын байдайы. Айрох дзы вæййы, тыхагур тых кæй ары, уый. Гъемæ фæрæдийы... Сырхдым-иу лæппуйы куы ауыдта, уæд — сургæ. Иу хатт ын йæ хъус æмæ йæ фындзы къоппайыл фæхæцыд, иннæ хатт та йæ базыртæй снадта. Ирызбег-иу хæдзары кæугæ смидæг. Иунæгæй рацæуын нал уæндыд: кæмиу нанаимæ рацыд, кæм — дадаимæ. Бирæ хæттыты дада рахъавыд Сырхдымы аргæвдынмæ, фæлæ-иу æй нана нæ бауагъта, иунæг уасæг йеддæмæ нæм нæй, æмæ нæ кæрчытæ хæлццон æйчытæ æфтаудзысты, зæгъгæ. ... Иу уаргæ бон та сыхæгты нозтуарзаг Бындзи кæмдæр ныххырхта æмæ Ахтолты раз цъыфы ныффæлдæхт. Ирызбег æй рудзынгæй ауыдта æмæ нанайы афарста: — Дæлæ уыцы лæг уынджы цæмæн хуыссы, хæдзар ын нæй? Нана акаст рудзынгæй æмæ базыдта æрвылбоны къупри Бындзийы. — Хæдзар ын бæргæ и, фæлæ та йæ мæрдты туг банызта. — Æмæ мæрдтæй æрцыд? — Мæрдтæй æрцæуæн нæй, бæппу, фæлæ та ныкъкъуфта æмæ мæрдтæм тагъд кæны. Кæсыс, хуыйау цъыфы æвдылы æмæ куы суазал уа, уæд та рынчындонмæ бахаудзæн. — Нана, æмæ арахъхъ чи баназы, уый цæугæ нал фæкæны? — Чи ма дзы фæхъан-фæхъилгæнгæ фæцæуы, чи дзы æрра кæны, чи та дзы Бындзийау хъуымы ныффæлдæхы... Арахъхъ, мæ къона, йæ кæнæгæн дæр нæ бары... Æрæджы, тъæнджы мæйы, Балода, зæгъгæ, иу лæг кæмдæр ныббиго æмæ сæхимæ цæугæйæ йæ хæдзарæй фæиппæрд, уынджы баззад. Райсомæй йæ æрдæгсалдæй ссардтой æмæ йæ рынчындонмæ аластой. Уым ын йæ къухты æнгуылдзтæ алыг кодтой, йæ къæхтыл дæр ма тыххæйты слæууыд. Ныр ын авдæны сывæллонау хæринаг дарынц. Уый та дын арахъхъы митæ, мæ чысыл уари... — Арахъхъ æвзæр у, нана,— йæ къух ауыгъта Ирызбег. — Æз никуы баназдзынæн. — Афтæ, афтæ, бæппу, дæ дада æмæ папæ дæр нæ нуазынц. — Уæдæ арахъхъæй хуы дæр расыг кæны? — афарста лæппу. — Хуы дæр æмæ хæрæг дæр. — Уасæг та? — Уасæг дæр. Ирызбег ныхъхъус. Иæ цæстытыл ауад Сырхдым æмæ мидбылты бахудт. «Багъæц, хъихъуыра, æз дын арахъхъ куы нæ бадарон... Куы афæлдæхай, уæд дæ мæхæдæг снæмдзынæн»,— ахъуыды кодта. Уымæн йæ дыккаг бон Ахтол æмæ Ганисæ сæумæйæ ацыдысты уæлæсыхмæ — æфсадæй чи сыздæхт, ахæм лæппуйæн «æгасцуай» зæгъынмæ. Ирызбеджы ныууагътой фынæйæ. Нана æмæ дада нæма æрцыдысты, афтæ лæппу райхъал. Ие зноны су45
сæг хъуыды йæ зæрдыл æрбалæууыд æмæ бавнæлдта йæ баххæст кæнынмæ. Цалдæр боны размæ Ахтолтæм уыд уазджытæ. Сæ фынгыл ма нозтимæ цы графин аззад, уый Ганисæ бавæрдта скъаппы. Федта йæ лæппу. Ныр дзы дзулы къæбæрыл æркодта æмæ йæ авæрдта Сырхдыммæ хæстæг къæйдурыл, йæхæдæг фæстæмæ уагмæ балыгъд æмæ рудзынгæй йæ цæст дары. Сырхдым æрæджиау ауыдта дзулы карст æмæ йæм хъуызæгау бацыд: йæхи куы афсæста, уæд иуварс ацыд. Дыууæ-æртæ минуты фæстæ расыг лæгау цудын байдыдта. Кæм-иу фæстæрдæм фæуæзыд, кæм — размæ. Уалынмæ арвæй æрхауæгау фæзынд сыхæгты Бурдым. Сырхдымæй тарст æмæ йæм дæрддзæфæй æдзынæг каст. Уæдмæ Сырхдым къулæй атылд. Цыма йæ чемы нæу, ууыл Бурдым гуырысхо фæци, уыйау ыл йæхи андзæрста. Кæм æй иуырдыгæй ныццæвы, кæм иннæрдыгæй. Сырхдым йæ фарсыл æрфæлдæхт. Мæгуыр, йæ бырынкъ ма-иу бæргæ сивæзта, фæлæ ницыуал. Бурдым ын йæ уырынгтæ къоппайы туг акалдта, йæ бумбули йын тыдта. Райхъуыстиу Ирызбеджы цины хъæр: — Афтæ дын хъæуы, ды мæн ныттыдтай, нæ? Бурдым дын дæхи дзæбæх куы ныххоста, расыггæнаг... Гъе фæлæ Бурдым æгæр-æгæр куы кодта, уæд лæппумæ хорзау нал фæкаст. Фæстагмæ Сырхдым каурæбынмæ ныттылд, йæ базыртæ ныппæлæхсартæ сты æмæ нал змæлыд. Бурдым дæр та йæм ныххæццæ æмæ йæ нæмы базыртæй, бырынкъæй... Лæппуйы зæрдæ фæтæнæг, рамæсты. Нæ уасæджы нын мары, зæгъгæ, дадайы лæдзæг раскъæфта æмæ Бурдымы асырдта, йæхæдæг Сырхдыммæ ныццыд. Кæсы, æмæ йæ дынджыр къоппа— цъæл, йæ туг къæдз бырынкъæй кæрдæгмæ лæдæрсы, цæстытæ — æхгæд, йæ бумбули — дызгъуынтæ, змæст. Фыццаг æй мард фенхъæлдта, фæлæ æрæджиау Сырхдым йæ къæхтæ батылдта, цалдæр хатты схæцыд йæ сæрыл. «Æгас у, æгас у!» — райхъуыст лæппуйы цины хъæр æмæ уайтагъд къанауæй къæртайы дон æрбаскъæфта. Æрæхсадта йын йæ цъæл къоппа, йæ тугамæст къæхтæ. Уасæг йæ цæстытæ байгом кодта. Ирызбег æм зилы, уый куы федта, уæд æм йæ зæрдæ цы сдзырдта, хуыцау зоны, æмæ йæ сæр лæппуйы уæрагыл æруагьта. Ирызбеджы зæрдæ ноджы фæфæлмæндæр æмæ уасæгыл зæрдиагæй узæлын байдыдта: даудта йæ армæй, цыдæртæ йын дзырдта... Фæстагмæ базгъордта хæдзармæ. Фæстæмæ фездæхт нæмыгæйдзаг тæбæгъимæ. Авæрдта йæ Сырхдымы раз, фæлæ йæм уый кæсгæ дæр не ’ркодта. Уæд ын лæппу арæхстгай йæ хъуыры нæмгуытæ уадзын байдыдта... Уæдмæ та уасæджы къоппайæ туг рахъарыд. Ногæй та йын æй æрæхсадта. Сырхдым бынтондæр фæзæрдæхæлд, æмæ-иу цыма бузныг зæгъынмæ хъавыд, уыйау йæ нуарджын базыртыл схæцыд, нымдзаст-иу йæ раздæры амæттагмæ. Рацыд иу сахаты бæрц. Нартхоры нæмгуытæ æмæ уазал дон уасæгæн фесты æвронджы хос, æмæ-иу йæ къæхтыл слæууынмæ дæр рахъавыд, фæлæ йæ нæма урæдтой... Уалынмæ фæзындысты нана æмæ дада дæр. Ирызбег æмæ Сырхдымы иумæ куы бауыдтой, уæд фыр дисæй сæ мидбынат лæугæ баззадысты. Æрæджиау Ахтол дзуры: —» Бæппу, цы ми кæныс уый, уасæг дæ ныттыдта? Ирызбег уырдыг алæууыд, ницы дзуры: — Кæд æй йæхæдæг дурæй йе лæдзæгæй ныццавта,— загьта Ганисæ. —Уасæг фæлдæхт, сæ разы тугтæ... — Уый та хуыздæр, афтæ йын хъуыд. Цалдæр хатты бæппуйæ туг рауагъта, стæй йæ ракаст нæ уадзы,— фелвæста Ахтол йæ фарсылдаргæ кард. — Ныртæккæ йæ аргæвддзыстæм æмæ нæ сихор, не ’хсæвæр цæттæ. Ирызбег старст, йæ сурхид акалд, æмæ йæ кæуындзæг хъуырмæ схæц46
цæ. Уыцы уысм базгъордта Ахтолмæ, атыхст йæ уæрагыл æмæ йæм хæрдмæ кæсы. — Дада, ма йæ аргæвд, æз дæр æй нæ ныццавтон, уый дæр мыл нæ фæхæцыд. — Уæдæ цы ’рцыд, дæлæ йæ уд исыныл куы у? — Уæртæ, уæртæ йæ сыхæгты Бурдым ныттыдта...— тыххæйты сфæрæзта Ирызбег. — Ау, нырмæ йыл Сырхдым уæлахиз уыд, абон та...— фæгуырысхо Ахтол лæппуйы ныхæстыл. — Фæхыл сты æмæ... Ахтол уасæгмæ хæстæг бацыд. — Кæс-ма, кæс, йæ къоппа — цъæл, йæхæдæг — æрдæгмард,— бамæсты лæг.— Гъемæ йыл кæд Бурдым фæуæлахиз, уæд нал бæззы æмæ йæ æргæвдгæ кæнын,— æрхæцыд уасæджы къубалыл. — Дада, дада, мæн аххос уыд, ма йæ аргæвд,— скуыдта Ирызбег. — Ды та дзы цы аххосджын дæ? — Æз... Æз ын арахъхъ бадардтон... Уайтагъд цудын байдыдта... Уалынмæ Бурдым æрбацыд æмæ йæ ныххоста. Куы нæ йæ асырдтаин, уæд Сырхдымы амардтаид... Уыцы ныхæстæ лæг æмæ усæн худæджы хос фесты æмæ иуцасдæр дзырдхъом нал систы, худынц æмæ худынц. Æрæджиау Ахтол кард йæ кæрддзæмы ныццавта æмæ лæппуйы хæрдмæ систа. — Уæ, арс амарай, бæппу, кæд цы бакуыстай!.. Иу загъдæй, Сырхдымæй дæ маст систай, и? Уæдæ йæ нал æргæвдæм, зонгæ низ у æмæ тагьд адзæбæх уыдзæн. Æрмæст ын йæ разы доны къус сæвæр. Куы дзы аназа, уæд йæ расыг тагъддæр ссæудзæн. Лæппу рахаста дон æмæ йæ уасæджы раз сæвæрдта. — Мæ хæдзар,— худы та Ганисæ.— Зæгъын мæ айразмæ цæмæн фарста, хуы æмæ, дам, уасæг дæр расыг кæнынц... Гъе, афтæ^бæппу, арахъхъ нæдæр уасæгæн хатыр кæны, нæдæр паддзахæн. — Дада, æмæ ды арахъхъ никуы банызтай? — афарста Ирызбег. — Æз дæр кæддæрты хуыпп кодтон, фæлæ дзы иу ахæмы мæнæ Сырхдымау фæразуæз дæн æмæ йæ ныхъхъуытты уагътон. — Уыцы бон сызгъæрин фестæд,— йæ къухтæ кувæгау хæрдмæ систа Ганисæ,— кæннод ма йæ абон дæр цъирис æмæ мæн дæр, дæхи дæр хурхæй марис. Уыцы ныхæстæм Ахтолы зæрдыл цы ’рлæууыд, хуыцау зоны, æмæ мидбылхудгæ йæ пыррыкк рихитæ адаудта, йæ нуарджын дæрзæг къух Ирызбеджы уæхскыл æрæвæрдта. — Уæдæ, зæгъыс, арахъхъ хъылма у, и? Æмæ ды нæ нуаздзынæ, бæппу? — Æз адджын дон æмæ сæлдæг уарзын... Арахъхъæй та цъыфы фæлдæхынц, омгæ дзы кæнынц æмæ никуы баназдзынæн... Кæннод мæн дæр расыгæй исчи фæнæмдзæн. — Гъемæ лæг дæ æмæ дæхæдæг, науæд федтай, Сырхдым дзы чысыл ацахуыста æмæ йæ ницæйаг Бурдым мардæмбис бакодта... Дæу фæрцы ма фервæзт. Уыцы ныхæстæм Ирызбег æмбонды ’рдæм фæкаст. — Дæлæ-ма!.. Сырхдым адзæбæх, нартхоры нæмгуытæ уидзы,— фыр цинæй йæ мидбынат ныззылд æмæ йæм нызгъордта. Уасæг лæппуйы сургæ нал, фæлæ хъохъотæгæнгæ йæ алывæрсты æрзылд, цин ыл кодта. — Уымæн фæзæгъынц, калм дæр ма йæ хæрзгæнæджы зоны, зæгъгæ^— йæ мидбылты бахудт Ахтол. 47
НЫВОНД БÆЛЛС Сæрды, дыргъафон, Тыппыронтæм хохæй фæзынд йе ’фсымæры лæппу Бибй. Хохаг та дыргъмондаг кæм нæ вæййы, æмæ цæхæрадонмæ фæраст. Иу бæрзонд къабузджын бæласыл ауыдта сæры йас сырхварс фæткъуытæ. Адонæй куы ахæрин, зæгъгæ, халамæрзæнæй къалиу куыд æривæзта, афтæ йæ Тыппырон ауыдта. — У-у-У» лæппу, цы ми кæныс, ма бавнал, уыцы бæлас лæгтыдзуары нывонд у, æмæ йæ дыргътæ куывд нæма сты... Куыддæр дзы фæхъæстæ уай, афтæ дыл фæндагыл исты бæллæх æрцæудзæн... хуыцау дæ уымæй бахизæд! Дæлæ бæлæсты бын рæгъæд хауæццаг фæткъуытæй дзаг куы у, ахæр дзы... Дæ дзыппыты дæр авæр, кæннод та сæ нæ гуыбындзæл хуытæ рауидздзысты. Биби кæлмхæрд, дыркъуымтæ фæткъуытæй иу-дыууæ ахсыдта, йæ дзыппы дæр ма цалдæр ныппæрста æмæ фæстæмæ фæзылд. — Афтæ^гъе, мæ хур, фæндагыл хæргæ цæудзынæ... Кæннод мæн чъынды чи хоны, уый мæ рынтæ ахæра! — адзырдта ма лæппуйы фæдыл, йæхæдæг «нывонд» бæласæй æртыдта дыууæ фæткъуыйы æмæ адджын комдзæгтæгæнгæ бараст хæдзармæ. УÆЛЛАГКОЙМАГ ДИДИНДЖЫТÆ Мæ царды ахæм бон нæ уыд, мæ цæстытыл кæд нæ ауадысты,Уæллагкомы сæрвæтты цы бирæ алыхуызон дидинджытæ зайы, уыдон. Уæлдайдæр та,Миуджыны хуссæртты æмвæтæнæй цы сырхмæтæг æрттивы, уый. Бакæс æм, уæд — сæуæхсиды уылæнтæй нывæст персайнаг сырх гауыз. Афтæ ма æмбисæхсæв арвæй ферттивынц æвзистбазыр стъалытæ... Миуджыны ракомкоммæ айнæджы фисыныл бандæгъд, мæ сабибонтæ цы дурын къæсы арвыстон, уый. Сæрддæргъы-иу мæ ныййарæгау рæвдыдтой ацы сырхбазыр дидинджытæ. Фæлæ-иу алы аз дæр сусæны мæйы кæрон сæ чындздзон фæлыст акалдтой æхсæвыгон. Сæ зæнгтæ-иу бæгънæгæй азза48
дысты. Уыцы фыдгæнæг æхсæв мын абоны онг дæр цæстысындз у, никуы йæ бауарздзынæн. Цы гæнæн уыд, æнхъæлмæ та-иу кастæн иннæ сæрдмæ. Сæ бæсты та мæ рæвдыдтой, суанг зымæгмæ чи нæ баруайы, ахæм дидинджытæ. Афтæ мæм каст, цыма кæрæдзийы хорз æмбарæм, иу æвзагыл дзурæм. Зымæджы дæр сæ уыдтон мæ фыны, уадысты мæ цæстытыл. Гъемæ абоны онг дæр мемæ цæргæйæ базчадысты, хинымæр семæ фæныхас кæнын. Рæстæг цыд, афонтæ ивтой. ...Мæ уæззау балц, даргь фыдвæндæгтæ мæ бирæ азты дæргъы баиртæстой мæ цæхæрцæст хæлæрттæй. Æрмæст сæ не скъахтой мæ рыст зæрдæйæ... Мæ фæндаг та адардтон кæ хохбæстæм. Мæнæ Уæллагком — уæлхох быдыр. Дидинджыты баййæфтон сæ дари къабаты — чындзвæлыстæй. Зæрдæ сæм рад, цин мыл æфтыдтой. Сырхмæтæг æмæ мын иннæ дидинджытæ уахъæзы æххуысæй кувынц сæ сæртæй, салам дæттынц. Æз дæр сын арфæ ракодтон. Искæуыл сæ куы ныллæууон, зæгъгæ, бахызтæн иу тъæпæн дуры сæрмæ. Мæ цæст сыл æрæвæрдтон, мидбылты сæм худын. Сæууон æртæхтæ-иу дидинты къусчытæй хуры тынтыл сæхи ауагътой цъæх нæумæ. Уыдон цины цæссыгтæ уыдысты. Æмæ куыннæ, дзæвгар азты цæстæй-цæстмæ кæрæдзийы нал федтам. Сæ «цæссыгтыл» бафтыдысты мæхиуæттæ дæр... — Уый куыд æрæнкъард дæ, нæ иузæрдион лымæн? — ауад мæ хъустыл. — Махæн мæлæт нæй, æрвылаз ногæй-ногдæр кæнæм æмæ мæлæтæн дæу дæр тагьд нæ ратдзыстæм, арв, зæххæй дын амонд курдзыстæм... — Амонд æмæ фыдбылыз, цин æмæ хъыг... Чи сæ дæтты, кæм æвзæрынц, кæцæй тæдзынц, нæ зонын,— дзуапп сын радтон. — Кæд адæймаджы æрдз æмæ дунейы æмбаргæдæр сфæлдисонд хонынц, уæддæр баззад далæ комы, æрдæг фæндагыл, йæ бон нæу хохы цъупмæ схизын, ноджы стыр хайджын у хихор кæсаджы миниуджытæй: тыхджын — лæмæгъы, уæллаг — дæлладжы, кард — фыды. Кæд æз истæмæй æнамонд дæн, уæддæр мæхи æнгæстæ дыкъахыджы аххосæй, йæ «æз дæн» æмæ тугмондаг ахасты азарæй. Сымах та цæрут æмæ рæзут кæрæдзийы цæрайæ: иу уæ цин, иу уæ рис, ног райгуырут азæй-азмæ. Чи уæм нæ бæхæлæг кæндзæн зайæгойæ, цæрæгойæ... — Афтæ у, не ’фсымæр, раст дæ, гъемæ нæ бафæзмут,— ауад мæ хъустыл мæ хæлæртты цæстуарзон ныхас. — Бæргæ, ахæм зонд, ахæм хъару æмæ зæрдæ нæм куы разынид, фæлæ цард фæндонæй нæу... Сымах та хурæфсæстæй æрттивут æнусты, рæвдаут арв æмæ зæххы, рæстзæрдæ адæймæгты. Уахъæзмæ та базмæлыдысты сæ уæздан гоппатæ, сæ æргъæу базыртæ. Иуты къусчытæй ма кæрдæгмæ згъæлдысты æвзистхуыз æртæхтæ, иннæтæн, æхсинты хъуссæджытау, æрттывтой сæ хъустæй. — Æз дæн чьшдздзон чызджы зæрдæ, — загъта иу дæргъæлвæс, гуырвидауц сырхмæтæг. — Æз та усгур лæппуйы бæллиц,— дзуапп ын радта иннæ. — Æз мæхæдæг сæгуыт æмæ зæрватыччы уарзондзинад куы дæн,— бахудт æртыккаг. Сырхмæтæгты зæрдæмихъæстæ ныхæстæм мæ мидбылхудт нал баурæдтон æмæ иннæ дидинджыты ’рдæм ме ’ргом аздæхтон. — Кæс-ма, кæс, ничи сæм хъусы,— райхъуыст мæ лæууæн дуры фæсдзæгатæй даричины фæпмæн хъæлæс. — Æз булæмæргъы зарæг кæй дæн, уый уæ рох фæци? — Уый цытæ уæндут мæ цуры? — схæцыд йæ мыдхуыз сæрыл джына. — Æз дзирдзургæнаг стъалы куы дæн... 4 \\æ прва’шнгæпджытл 49
— Æгæр ма кæнут,— бафиппайдта иу рæхснæг сырхдидинæг. — Æз поэты зынгзæрдæ куы дæн. — Гъе, мах та ма цы стæм,— сæхи сæм фæзылдтой цалдæр хъоппæджы,— дун-дуне сæ арф мапы кæмæн зыны, ахæм уарзæгой æрвхуыз цæстытæ... — Ау, мæн куыд ферох кодтат,— дзуры йæ къускæй скъамо.— Æз æхсины тыбартыбургæнæг хъуссæг куы дæн, ноджы чызджыты фидыц. — Хуыздæрæн уарзыны фæтк нæй,— сбустæ сыл кодта, уалдзæгæй фæззæгмæ урс къабатæ чи дары, адæм хосæн кæй агурынц, уыцы коцораджын урсдидинæг. — Æнхъæлдæн, ферох уæ дæн,— зулмæ сæм бакаст æрвдидинæг.— Æз арвырдын æмæ хуры фыццаг тын куы дæн, адæм, мæргътæн — сæ зарæджы сæр, уæд мæ разæй кæдæм бырсут? — Гъе, гауыртæ, мæ кой сæм куыннæ рауад! — фæхъæр ласта бурдидинæг,— æз дзæнæты маргъы базыртæ куы дæн, цæрæгойтæ, зайæгойтæн — цин,амондхæссæг... Уалынмæ хæхты дæлвæзтæй рахъазыд уахъæз^æмæ зырзыраг фестъæлфыд. Иæ рог базыртæй хъазгæ, сæрбæрзондæй дзуры: — Æз дæн хохаг рæсуг суадоны халдих. Адæм, сырдтæ, мæргътæ сæрдæй, зымæгæй мæнмæ фæбæллынц, сатæг, æхсызгондзинад сын куы хæссын, уæд мæ фæсдуар куыд авæрдтат? Уæхимæ зонгæтæ йе æцæгæлæтты цæстæй бакæсын цæуылнæ зонут? Цы ис рæсугъддæр хæдæфсарм æмæ уæздандзинадæй? Гъе, афтæ мын сæ хорз миниуджыты тыххæй хъазæгау фæдзырдтой бирæ æндæр дидинджытæ дæр. Ацы бон мæм афтæ каст, цыма мæ рагон уарзоны фæлмæн ныхæстæм хъуыстон. Адон мын сабибонтæй фæстæмæ систы царды æмбæлццæттæ, ме ’нусон уарзæттæ. Абон мæ уæхсчытæй ахауд азты уæз, риуы тæлфыд бæллицтæй дзаг æрыгон зæрдæ. Хъ^стыл уадысты зарæджы ныхæстæ: «Ницы ис рæсугъддæр дидинæгæй царды»... Басагътой мыл уæлтæмæнады базыртæ. Гъе, ахæм хорзы мын бацыдысты уæллагкоймаг дидинджытæ. Дидинджытæ! Æхсæв ыстъалытимæ хъазынц. Бон мæргътæ, уахъæзимæ кафынц... Лæвар сæ кæнæм уарзонæн, æрыгон мадæн, хæлар сылгоймагæн. Срæсугъд кæнынц нæ уæттæ, нæ бæрæгбоны фынгтæ. Аив кæнынц суанг адæймаджы фæстаг фæндаг, йæ ингæн. Мыййаг,уæларвон бæстæтæ йе дард планетæтæй кæд искæцыйы цард æхсиды, æмæ сæ удæгас уæвджытæ нæ зæхмæ цæуын сфæлварой, уæд сæ дардмæ кæсæнтæй раздæр фендзысты Уæллагкомы дидинджытæ, æмæ сæ космосон нау æрбадын кæндзысты Миуджыны лæгъзы. Фыццаг «æгасцуат» сын зæгъдзысты ацы дзæнæты дидинджытæ ... Мæ къах мæ сæ цурæй нал хаста, фæлæ рæстæг цыд... Изæрмилты сын арфæ ракодтон: — Цæрут, æрттивут æнус-æнусты æрвон стъалытау, хæссут нын амонд, цин æмæ фарн. — Рын, сонæй хызт у, нæ хæрзгæнæг, не ’нусон хæлар, æнхъæлмæ та дæм кæсдзыстæм,— хъуыстон мæ алывæрстæй сæ уæздан, зæрдæвæрæн ныхæстæ. Мæ сæрæй сын ныллæг акуывтон æмæ æнтъыснæг зæрдæимæ аздæхтæн фæстæмæ. «Цымæ ма сæмбæлдзыстæм? — фарстон хинымæр мæхи.— Чи зоны, æрдзы рæсугьддзинад царды хос у»... 50
глкк Мæ хистæр æфсымæр Созыримæ быдырæй хохмæ цыдыстæм уæллаг æфцæгыл. Долыгъы нарæг комыл схызтыстæм Арауæджы уæрæх фæтæнтæм. Уырдыгæй та не ’хсæв схастам Гуæздæллæгæтмæ. Æхсæвы хæххон сыгъдæг уæлдæфмæ хорз фæфынæй кодтам. Райсомæй хуры зæлдаг тынтæ урс хохы тенкайыл куы абадтысты, уæд дардыл фæлгæсыдыстæм уæллаг æфцæджы лæгъзауæй. Фæсаходæн хохрæбынты нæ ных сарæзтам Газийы къахыры ’рдæм. Æмбисбонмæ хæстæг бахæццæ стæм Барзы цъупмæ. Уырдыгæй нæ цæст æрæвæрдтам Уæллагкомы уæлвæзтыл. Созыр биноклæй æдзынæг касти кæмттæ, фæзтæ, цъититæм. Фæстагмæ Газийы къахырмæ амонгæйæ загьта: — Уæртæ Хæрæнты сычъиты къорд, семæ цалдæр сæныччы дæр. Гъама, бакæс сæм. Æз бинокль мæ цæстытыл авæрдтон: банымадтон авд сычъийы. Се ’хсæнты рауай-бауай кодта æртæ сæныччы. — Лæппу, цы уый зоныс? — дзуры мæм Созыр.— Баздæхæм æмæ сæныччытæй иу уæддæр æрцахсæм. — Сырды та къабазæй чи ахсы? — бахудтæн æз. — Лæджы цы фæнда æмæ цы нæ бæкæндзæн? — комкоммæ мæм æрбакаст ме ’фсымæр.— Ныр бахъуыди, зæгъгæ, уæд æртæ дзыкъыйы дæр не ’рцахсис? Бафæлвар-ма, æз дæм ардыгæй кæсдзынæн... — Æртæйæ дын зæрдæ не ’вæрын, фæлæ дзы иуы куы грцахсон, уæд мын цы ратдзынæ? — Цы дæ хъæуы? — Мæнæ ацы дардмæкæсæнтæ,— ацамыдтон бинокльмæ. — Гъемæ хорз, кæд сычъийы лæппын æрбахæссай, уæд дæу фæуæд,— сразы Созыр. Ме ’фсымæры рæстдзинад рагæй зыдтон, йæ ныхасæн кæддæриддæр хицау уыди — никуы фæсайдта. Мæн дæр нæ фæсайдзæн, зæгьгæ, мæхи уайтагьд фæфистæг кодтон. Лæдзæг мæ къухы, афтæмæй рæбынты фæцагайдтон. Сахаты фæстæ мæскъаутыл сычъитæм бахæстæг дæн. Хъуызынтæ сæм байдыдтон. Мæ амондæн, æфцæгæй хаста гæзæмæ уддзæф, уый руаджы хæрз хæстæг бабырыдтæн Æфсатийы фосы къордмæ. Цы рæсугьд, цы кондджын сты ацы æнæмаст цæрæгойтæ! Никæй хъыгдарынц а дунейыл. Цымæ сырдтæ адон сты æви сæм топпы кæсæнæй чи акæсы, уыдон? Ахæм адæймаг-иу кæмæ бахъавы, йæхи уый бынаты куы авæрид, уæд хъримаджы мæнгвæдæгыл никуы æрбахæцид. *Æмæ кæннод мæхæдæг цæмæй хуыздæр дæн ахæм æгьатыр цуанонæй,— ахъуыды кодтон мæхинымæр,— Фæлæ æз маргæ нæ кæнын, хæснаг та æххæстгæнинаг у, куыд фæзæгьынц, лæг йæ ныхасæй лæг у». Ахæм хъуыдытимæ къуырфауы мæ дзабыртæ феппæрстон, мæхæдæг сычъитыл мæхи баскъæрдтон. Удаистæй фæцагайдтой æфцæджы ’рдæм. Æнахъом сæныччыты цыма иртасгæ фæчындæуыд, уыйау 51
фæсте аззадысты. Сæ мадæлтæ ма сæм фæстæмæ бæргæ фæзылдысты, фæлæ сыл лæдзæг бахстон, æмæ та лидзынмæ фесты. Уæддæр сæныччытæй дыууæ сæ къорды баййæфтой, æртыккаг йæхи кæрдæджы гуцъуламæ фелхъывта. Хуыздæр ма мæ цы хъуыди,— ацахстон æй. Созыр мæ уыны æви нæ, зæгъгæ, фæкастæн уыйырдæм: нæ мæм зынди къуыбыры аууонæй. Исдуг сæныкмæ цымыдисæй фæкастæн, стæй йæ мæ дæларм акодтон, афтæмæй аууæттæ бахæццæ дæн Барзы бынмæ. Дураууонæй скастæн Созырмæ: цыдæр гæххæттимæ архайдта: Дзыгыйы къæхтæ къухмæрзæнæй абастон æмæ йæ лæсæны бын фæуагьтон, мæхæдæг иу мæкъуылæнгæс дуры сæрыл алæууыдтæн. Созыр мæ куы ауыдта, уæд йæ кæсын фæуагъта. — Байраджы фыдæбон, и? — айуан мыл кæны. — Бинокль фыны дæ цæстытыл уайдзæни, фæлæ-ма радзур, куыд дын алыгьдысты? Исты гæдыныхæстæ йын акæнон, зæгъгæ, йæм хæстæгдæр суадтæн. Созыр фæллад лæгау сабыргай сыстад, йæ хæлафы фадгуытæ æфсонæн æрцагъта, стæй мыл æнæнхъæлæджы йæхи ныццавта. Куыддæр амæлттæй йæ къухтæй феуæгъд дæн æмæ лæсæныл ныллыгъдтæн. Мæн сургæйæ Созыр ауыдта сычъийы лæппыны. Бауадис æм, фелвæста йæ арæхстгай, йæхæдæг мæ фæдыл дзуры: — А-а-а, мæнгард, йæ! Кæдæм ма лидзыс, рацу, мауал тæрс... Уайгæ, дæ бинокль райс. Ссыдыстæм нæ дзаумæтты цурмæ. — Æхсыр та йын кæм уыдзæн, хизгæ куы нæма кæны? — фæрсын Созыры. — Æнæмæнг, амæн сæгъы æхсыр хъæуы, махмæ та сæгътæ нал ис,— сагъæсы бацыд ме ’фсымæр. — Хъуджы ’хсырæй не схъомыл уыдзæн? — Нæ-æ, хъуг æмæ йын фысы ’хсыр нæ батайдзысты,— батыхст Созыр, йæхæдæг сæныччы былтæм хъæдурхос бахаста. Бецау, смудгæ дæр æм нæ бакодта. Аххосджынтау нæ кæрæдзимæ бакастыстæм. — Æнæ мадæй тæригъæд у, стæй нæ фæцæрдзæн,— загьтон æз. — Хъус-ма,— дзуры мæм Созыр,— бавдæлæм æмæ йыл гакк сæвæрæм, фæхæц-ма йын йæ сæрыл. — Гакк? Уый та куыд? — Уый та мæнæ афтæ,— дзуапп радта Созыр æмæ хæрынкъайæ сæныккæн йæ галиу хъусы кæрон æркъуырдта, стæй йын йæ тугтæ суадонæй æрæхсадта. — Ныр сæныкк мах у, Æфсати йæм ницыуал бар дары,— бахудтæн æз. — Уый йыл цъæх бирæгь йе иу зыдыка цуанон куы амбæла, уæд, æвæдза, Æфсатийы нал бафæрсдзæн,— зæгъгæ, мын Созыр сæныччы мæ хъæбысы авæрдта.— Амæ йæ мад æнхъæлмæ кæсы, ахæсс æмæ йæ фæскъахыр ауадз, мад йæ лæппыны уасынмæ зындзæн. Куыд мын загьта, афтæ бакодтон. Нæ чысыл уацайраджы ахастон фæскъахырмæ. Иемæ сбадтæн иу хъуынаджын бæхъилæг дуры фæсдзæгат. Æрæджиау дæлоз айнæгрæбынмæ ныууыдтон сычъиты къорд. Иу дзы кæрдæгмæ ие ’вналы, алырдæмты ракæс-бакæс кæны, бауасы. Уый мæнæ ацы сæныччы мад уыди. Аууæтты сæм хæстæгдæр ныццыдтæн. Дзыгыйæн ма фæстаг хатт йæ ныхæн аба кодтон æмæ йæ ауагьтон. Фæстæмæ рацыдтæн мæ фæд-фæд. Газийы къахырæй ма федтон, мад æмæ хъæбул кæрæдзиуыл куыд узæлыдысты, уый. у Æфцæгæй тæссарыл фæдæлæмæ дæн. Кæсын, æмæ далæ Созыр æд дзаумæттæ æрбахæццæ Хъæдгæронмæ. Æхсызгон мын куыннæ уыдаид æмæ уырдыгмæ йæ размæ ныццыдтæн. Дарддæр нæ фæндаг адардтам Аргæнæны дарæнмæ. р 52
ЦУЛНÆТТÆ Мæ фыд æгас комы дæр номдзыд цуанон уыдис. Кæд ыл азтæ рацыд, уæддæр ма лæппуйау цæрдæг, уæнгрог уыд. Иу изæр мæ арвыста йæ цуанон æмбал Мæрзаты Симонмæ, ардæм æм фæдзур, зæгъгæ. Симон уыд нæ хæстæг, мæ фыдæй иу-фондз азы кæстæр, цард Уæллагхъæуы, махмæ йæ Уæллагсых дæр хуыдтой. Симонимæ хæрхæмбæлд фестæм Гæлиатмæ фæзилæны. — Габран мæ дæумæ сæрвыста,— æфсæрмдзастæй æрлæууыдтæн фæндаггæрон. — Цы мæ кæны? — фæдис кодта Симон. — Нæ зонын. — Гъемæ хорз, цом, уæхимæ йæ базондзыстæм,— загъта Симон æмæ мемæ раздæхт. Дуарæй бахизгæйæ Симон бинонтæн салам радта, стæй ныллæггомау тъахтиныл æрбадт мæ фыды фарсмæ. Дыууæ лæджы кæрæдзийы цæмæйдæрты афарстой, мæ мадæн хъазгæмхасæн мæнг зæрдæлхæнæнтæ акодтой, сæхæдæг сæ цæстытæ кæрæдзимæ æрныкъуылдтой. Мæ мад, æмбарын уæ, зæгъгæ, дурынимæ къæбицмæ араст. — Цæй, Габран, лæппуйы мæм хуымæтæджы нæ фервыстаис? — Мæнæ, зæгъын, ныртæккæ куыстытæй азат стæм æмæ хæтæнмæ суаиккам,— фæхъæлдзæгдæр мæ фыд,— знон хæхты рауарыд фыццаг мит, сырдтæ дæлоз уыдзысты. Ноджы айхуызæн æрæгвæззæг дзæбидыртæ фиудзылыты хуызæн вæййынц. Хуыцауæй дын ард хæрын, фарон ацафон дзы иу цыппæрдзæстыг фондзкъахыгон æрæппæрстон æмæ дзы дыууæ фиуы стыхтам, сасиры йæстæ раст. Цастæ хъæуы, мах нæ бæхтыл бабаддзыстæм, мæнæ лæппуйы та хæрæгыл авæрдзыстæм,— не ’рыздæхтмæ хайуанты фæхъахъхъæндзæн. — Æмæ уæддæр дæ фæнд кæцырдæм у? — фæрсы йæ Симон. — Кæцырдæм куы зæгьай, уæд бæхтыл Донысæрмæ æнцондæр ссæуæн у. Суанг Дарæнмæ сфардæг уыдзыстæм. Нæ фæззыгон куыстытæ сæрæгасæй бакодтам, уæдæ, куыд фæзæгъынц, дзæгъæл бадтæй дзæгъæл куыст — хуыздæр. Ахсæв фыццаг кæркуасæнты азмæлдзыстæм. Хъуамæ рындзытæ сæударæй бацахсæм. — Ахæм æнафоны ацы сывæллон иунæгæй? — ацамыдта мæм Симон. — Уый лæппуйы куыд æфхæрыс? — цыбыргомау ставд æнгуылдзтæй йæ халас рихитæ адаудта мæ фыд. — Дæсаздзыд лæг æй нæ хоныс? Уыдонæй цыппар азы сæрдыгон дарæнты уæлыгæс æрхатти. Суанг-иу фосимæ къуыригæйттæ иунæгæй баззад, фæлæ тæрсгæтæ-йедтæ нæ кæны. Мæ фыды ныхæстæ мыл базыртæ басагътой. Æмбисæхсæв суанг Калакмæ’ацæуыныл дæр фæстиат нæ фæцадаин. 53
— Цæй, дæ фæнд фæуæд, Уастырджи — нæ фæдзæхсæг,— сразы Симон. Мæнæн куыддæр ме ’хсæвæр мæхи фæци, афтæ бахуыссыдтæн. Лæгтæ ма тæвдгæнæны кæрæдзимæ сыкъайæ æвзидгæ сæ ныхас дардыл хастой... * * * — Лæппу, кæнгæ дæ пысултæ,— айхъуыстон мидфынмæ мæ фыды хъæлæс, æмæ йæ уазал къух мæ уæхскыл бандзæвыд.— Фæтагъд кæн, дæ саулох дæм кæрты æнхъæлмæ кæсы. Хъарм сынтæг æнафоны ныууадзын кæй фæнды, фæлæ цы гæнæн уыд. Мæ гæрзтæ цырд акодтон. Гыцци ма мын цыдæр хæринæгтæ мæ дзыппы атъыста, афтæмæй разгъордтон кæртмæ. Симон мæ хæрæгыл авæрдта. Цуанæттæ, сæ хъримæгтæ сæ уæхсчытыл, афтæмæй сæ бæхтыл рæвдз абадтысты æмæ мæ сæ разæй айстой. Хæрæг бæхты къаххъæрмæ сцырын. Мæтæй мард: йæ уаргъ — рог, сиргæ уади. Уыцы иугæндзонæй ауадаиккам сахаты ’рдæг, афтæ баввахс стæм Æхсиаджы хæдзаруæттæм, — Кæд æй хистæртæй фехъуыстай, Симон,— райдыдта йæ ныхас мæ фыд. — Нæ фыды фыд Бре Уæлладжырæй куы ралыгъд, уæд фыццаг ам æрæнцад. Уыдис ма йын дыууæ хойы æмæ, мæгуырæг, чындздзон чызджытæй халерæй сæ зæххы хайыл иу бон сæмбæлдысты. Уæртæ сæ уыцы тъæпæн дуры дæлвад йæхи къухæй баныгæдта иу чырыны. Рухсаг ут,— йæ бур уæлдзарм худ систа Габран. — Цымæ ардæм куыд æрæфтыдысты? — афарста Симон. — Куыд куы зæгъай, уæд Æрхоны цардысты. Уым Бре кæйдæримæ фæбыцæу. Туг тугæй не ’хсадæуы; æхсæвыгæтты йæ сæр йæ сон ракодта. Æгъатыр уыдысты нæ гуымиры æгъдæуттæ. Ам гæнах æмæ мæсыг дæр уæды фæлтæртæй баззадысты. Бирæ мæгуырты, бирæ бæгъатырты бахъахъхъæдтой мæлæтæй, уастæн дзы куывдтæ фæчындæуа, Бре сымах чызджы ацы дæлвæзмæ æрхаста. Ардыгæй та Къæмынтæм аивта. Хорз адæм уыдысты... * * * Дурджын къахвæндагыл, Уынгæг рæбын кæй хонынц, уырдыгæй сыздæхтыстæм Гарнисчы фæхæрдгæнæнмæ. Мæ фыд Хъæудуры фæхстыл йæ цæст ахаста: — Симон, æгæр æнкъардæй цæуæм. Афтæмæй Æфсати цы уæздан зæгъдзæн, нæ зонын. Стæй-иу æдзух канд хистæр нæ фæдзуры. Цæй, дæумæ дæр байхъусæм. — Омæ, кæд раздæры цуаны хабæрттæ, æндæр цы радзурон?— бахудти Симон. — Æмæ дæ кæннод Америчы хабæрттæй исчи фæрсы, йе, Быдзыноны куыд æрхастай, уымæй? — Цыдаид мыл ссæдз азы,— райдыдта йæ ныхас Симон,— афтæ фосимæ зымæгон уыдыстæм Цъыфджыны уæтæры. Уарзтон хъæддаг ху’ытыл ацуан кæнын. Иу ахæмы мемæ акодтон нæ цуанон куыдз Баййафы. Стъалытæ цæхæрцæстæй арвыриуыл фæрухс-фæмынæг кодтой. Мæй-иу уысмæйуысммæ йæхи амбæхста фæззыгон фæлурс æврæгъты фæдджиты. Комы дымæгæй Дидинаты уæлвæзмæ ахызтæн Хæйрæджыты хидыл. Бонивайæнты Хæрæн хуссары иу кæлдымыл мæхи æруагътон æмæ кастæн Тæторсы кæрдæгджын фæтæн рæгътæм. Уалынмæ дзæбæх æрбарухс. Фестадтæн, хъримаджы гилдз авæрдтон, фæлæ куыдзыл мæ цæст нæ хæцы. Цы фæуа, зæгъгæ бæласмæ схызтæн. Алырдæмты фæлгæсын, никуы ’мæ ницы. Фæстæмæ æрхызтæн. «Ау, цы зæххы скъуыды ныххаудаид»,— ди? кæнын мæхи54
нымæр. Цас ма рацыдаид, нæ зонын, афтæ Баййаф мæ цуры февзæрд йæ комы фынк калгæ. Сæрзилæджджынау мæ алывæрсты цъилау æрзилы, йæ дзæмбытæй нæуу къахы. Мæ зæрдæ йæм фехсайдта æррайæ дæр. Дзæбæхдæр ахъахъхъæнон, зæгъгæ, кæрз бутъройы саггоммæ схызтæн. Фæлгæсын... Диссаг! Мæнæй чысыл дæлдæр кæрдойы саджилыл — арс, бынæй — дынджыр хъæддаг хуы. Баййаф сæм æввахс кæм уæндыд. Бæласæй æнæсымæй æрхызтæн... Атагъайыл сæм æхстбæрцмæ бахъуызыдтæн. Схызтæн та бæласмæ. Мæхицæй цы раппæлон — тарстæн. Æз арс никуы фехстон,— адæймаг æнгæс у. Нæ йæ уыд мæ зæрды бахъыгдарын. Хуымæ зæрдиагæй ныхъхъавыдтæн. Топпы хъæр ныццарыдта. Азæлд фæстæмæ суанг Таторсы хуссæрттæй æрыздæхти. Джир йæ мидбынаты цъилау тæгæнгæ джиры цурмæ йæхи ныппæрста. Цæф сырд сонтæй, фыр адæргæй арсы сриуыгъта йæ даргъ ссыртæй. Дæ балгъитæг афтæ — сфазта йæ. Арс ныдздзынæзта адæймагау. Ахæм тæригъæддаг ныв никуы федтон. Бæласæй кæдæй-кæдмæ не ’руæндыдтæн æрхизын... Фыццаг бацыдтæн хуымæ: йæ туг лæдæрсти, афтæмæй хъæзбыны йæ фарсыл хуыссыд. Арс ма тыхамæлттæй пыхсбынмæ бафтыд æмæ уым мæрдвынæй баци. Æз æй бæргæ нæ мардтон, фæлæ, æвæццæгæн, йæ хъысмæт ахæм уыд. Уæддæр мæнæйуый йæ зачъе цæуылнæ адаудтаид, стæй куыннæ: иу гæрахæй — дыууæ сырды... Æмбæлттимæ ныхасгонд уыдыстæм: Æфсати цал радта, уал гæрахы фæкæнын. Аходæнтыл фæд-фæдыл дыууæ хæтæлхъæры араугæ ацыдысты Дидинатæй Цъыфджынмæ. Уац фæхæццæ — дзуапп райстон иу топпæхстæй. Ме ’мбал — Бозырты Микъайы æрбацыдмæ сырдты бастыгътон, фæдæн сæ уæнгтæгонд. Хæргæфс æмæ сæ хæрæг æмдзæхгæр фæндæгтыл уæззауæн хастой, афтæмæй æмбойны Къæмынтæм бафардæг стæм. Æхсæв диссаджы мæйрухс уыди — абоны хуызæн мæ цæстытыл уайы. Уый уын ссæдз азы размæйы хабæрттæ. Уыцы аз Уæллагкомæй Америкмæ бирæтæ ацыд. Уæвгæ, мæгуырдзинад лæджы кæдæм нæ тæры? Гæныстоны бæстæ фæуа, бирæтæ дзы сæ мæлæт ссардтой... Мæн ма фæндыд Симонмæ байхъусын, фæлæ йæ ныхас фæци. — Цуаноныл цы нæ ’рцæуы,— загъта æрæджиау мæ фыд. — Дæ хабармæ гæсгæ мæ зæрдыл æрлæууыд рагон цуанон æмæ йæ егары таурæгъ. — 0, дард нал стæм, хъусын мах бар,— бафиппайдта Симон. — Цæвиттон, дæ хъуыддаг раст уа,— райдыдта мæ фыд йæ рихитæ здухгæ.— Рагон цуанон йæ егаримæ æртæ боны дæргъы цы ком, цы адаг нæ басгæрста, ахæм нал базззад, фæлæ цъиу дæр нæ федта. Уалынмæ фæлмæстæй бафтыд иу хуыскъ æрхмæ. Æмбисбон хур сæдæ цæстæй ныккаст. Кæрдæг йæ къусчы бампылд æмæ зæххыл ныффæлдæхт. Цъайтæ, къададæттæ байсыстысты, бæлæсты сыфтæр баруади. Цуанонæн йæ хид йæ ныхыл урс фæрдгуытæй лæдæрсти. Егар тæвды йе ’взаг раппæрста, афтæмæй йæ хицауы фарсмæ лæфлæфгæнгæ хылди. — Гъей^дуне, ныр иу доны хуыпп,— дзуры фæллад цуанон. Фæссихор бафтыд цавæрдæр нарæг коммæ. Амонд æви фыдбылызæн — сæ размæ фæци суадон. Егар æм басмыста — йæ хъист-хъист ссыди. Лæг фыр цинæй йæ зонгуытыл æрхауд, йæхиуыл дзуæрттæ бафтыдта: — Табу, не сфæлдисæг, фервæзтæн дæ фæрцы! Аназынæввонг дæлгоммæ куыд ахуыссыд, афтæ егар суадон азмæста. Лами чи нуазы, æмæ райхъуысти цуаноны мæсты хъæр: — Бирæгъы амæттаг фæу, кæд мæ дойныйæ марын дæумæ нæ кæсы! Цæуынтæ та байдыдта... Мæнæ хъарусастæй суадоныл ногæй фæдæлгом. Егар та басæррæтт ласта æмæ дон йæ дзæмбытæй азмæста. Цуанон фыр мæстæй рафыхти. Дæ бындар фæуай, цыфыддæр куыдзы хъæвдын, зæгъгæ, йыл лæдзæгæй ахъаззаг æрцыди. Йæ къух ауыгъта æмæ хъуырдухæнгæнгæ ацыд. 55
Тарст егар — разæй, йæ хицау — фæсте. Цас ма йæ ахастаиккой йæ донзоныг къæхтæ,— йæ ком бахус, дойныйæн нал быхсыд. «Ацы хатт æнæ баназгæ нæй»,— скарста йæхимидæг. Мæстæлгьæдæй суадоныл йæхи ныццавта. Егар та фæраздæр — сызмæста дон. Цуанон айтæ-уыйтæ нал фæкодта, афтæмæй егарыл хъримаг ныффæздæг ласта... «Цымæ мын ацы алæмæты рæсуг суадонæй нуазын цæуылнæ бауагъта? — февзæрдысты цуаноны зæрдæйы гуырысхо æмæ фæсмон.— Ам цыдæр сусæгдзинад ис. Цыфæнды уæд, ацы суадоны сæр мын æнæ ссаргæ нæй». Иæ хъæргæнаг хъамылмæ фехста, йæхæдæг йæ фæстаг хъарутæ æрæмбырд кодта æмæ араст,— маст фæлладыл фæтых. Донвæд æй схаста уæлхох тъæпæнмæ. Зæрдæмарæн æвирхъау ныв: залиаг калм мардæй зынг хуры тынтæм тади, æмæ йæ маргджын сой къада донау згъордта уынгæг коммæ. — Гъе ацы «суадонæй» мын нæ бауагъта нуазын мæ æмбаргæ егар,— ныккæрзыдта цуанон. Фæсмон сæрыхъуынæй фæуæлдæр, фæлæ топп феваст — ацу, нæмыг æрцахс... Нæй мардæн райгасгæнæн... Уæдæй фæстæмæ цуанон цард фæсмонгонд, мæстæлгъæдæй. — Афтæ у, лæг масты рохтыл фидар куы нæ хæца, дардыл куы нæ хъуыды кæна, уæд æруадзы додойаг, срастгæнæн кæмæн нал вæййы, ахæм рæдыд,— фæци рагон цуаноны таурæгъ мæ фыд. — Гъемæ дæ хъуыддаг раст, мах дæр ам стæм, ай дын Донысæры дарæн,— загъта хъæлдзæгæй Симон. Æрфистæг сты дарæны къуырфы. Лæгтæ сæргътæ фелвæстой æмæ бæхтыл сахсæнтæ авæрдтой, æз та хъусджыны ауагътон бархийæ. Цуанæттæ сæ кæрцытæ феппæрстой, фæсмын куырæтты æдде сæ астæутыл басылыхътæ атыхтой, хотыхтæ се ’фцджытыл æрцауыгътой æмæ райстой сæ бæрз лæдзджытæ. Фæткмæ гæсгæ сæхи Æфсатийыл бафæдзæхстой æмæ фæхстыл фæуæлæмæ сты. Мæнмæ ма цæугæ-цæуын мæ фыд фæдзырдта: — Кæрц де уæнтыл æркæн, ма бафынæй у, хъусыс? Уалынмæ арвгæрæттæ сæхи равдыстой. Æхсæв цадæггай байсысти лæнкауты, адгуыты, зæйуæтты. Зымтæ комы фæйнæфарсæй сæ кæрæдзимæ сидтысты. Æз цымыдисæй кастæн æрдзы нывтæм, цъититæ,айнæджытæ афтæ хæстæгмæ никуыма федтон. Уæлæ тъыфыл цæргæс стахт Скъуыдхохы уæхскæй... Чысыл фæстæдæр фæд-фæдыл райхъуыст дыууæ гæрахы. Азæлд Хицæны цъитийæ нæма æрыздæхт, афтæ мæ хъустыл ауад Симоны хъæлдзæг «уæрирæ». «Æфсати ма рамæла, гъей! Хорз арфæтæ нын ракæна, гъей! Йæ иунæг фырт Дзудзумар, гъей! Мæ кæнгæ ^фсымæр у, мæ кæнгæ, гъей! Уæ, дæ лæв&рæй бузныг, Æфсати, ой!..» Замманай уырынсыкъа галдзæбидыр æрфæлдæхт ногуард миты тулатыл. Рагъмæ суыдтон Симоны. Фæсалы гуцъулатыл хæцгæ, лæдзæджы æнцæйтты æрцæйцыд. Уæлбылæй мæм æрхъæр кодта: — Лæппу, дæ разы хæлцонæй къазм сис æмæ рацу дæлæ Æфсатийы лæвармæ. Уайтагъддæр дзæбидыры уæлхъус февзæрдтæн. Иæ дынджыр сыкъатæй иуы кæрон ныссагъд митхъæпæны. Симон йæ сау æрфгуытæ бæрзонд сисгæйæ бахудт: — Гъы, лæггаг, дæ зæрдæмæ цæуы? — Мæгъа, тæригъæд у...— дзуапп радтон æрхуымæй. — Табу не сфæлдисæгæн, Æфсатийы лæварæй тæригъæд нæй,— загъта 56
Симон, йæхиуыл дзуæрттæ æфтаугæйæ, стæй сырды :мард бæндæнæфцæгæй донбылмæ нылласта. Уым сионы астыгъта, ауæнгтæ йæ кодта, афтæ Габран дæр фæзынд. — Хуыцау уын бирæ ратта, хæххон дзиглотæ! Дæуæн та, Симон, сæдæйы фыццаг фæуæд,— фæраздæр йæ арфæ. — Æфсатийы лæвар у, цыппæрдзæстыг фондзкъахыгон, схæц-ма ацы кувинагыл. Габран сырды сæр уæззауæн систа, сыкъайы уырынгтæ анымадта, стæй Симоны уæхск æрхоста: — Æнæхъæн æстдæсзады дзæбидыр. Сæрæн куыннæ уыд, зæйтæ, тугдзых сырдтæ æмæ цуанæттæй уал азы йæхи чи бахъахъхъæдта. Цæй, ныр— хъæмæ, нæхион нæхи фæци. Хъæубæстæ изæры Æфсатимæ кувдзысты гаджидæуттæ уадзгæйæ. — О, цæуыны зарæг ныккæнæм, кæннод, кæс-ма, сылæг мигъ уæзæгыл, уарындзаст у,— хохмæ скаст Симон. Цуанæттæ дзагармæй здæхтысты Къæмынтæм. * * * — Къахвæндæгтæй рахызтыстæм лæнкаумæ. Гарнисчы цæгæтты æрæгвæззæджы фæсал зæххыл æрхуыссыд. Хурвæрсты ма Дымты хъæуæй кæйдæрты мæкъуылтæ къуырттон кæрчытау зындысты. Сæ цъуппытыл уæлтæутты мучъитæ ныггалиутæ сты, цыма сæ зивæггæнаг хицæуттæн æфтауцтæм амыдтой, уырдæм нæ аласут, зæгъгæ. Зымæгон мæргьтæ — бæлæттæ ’мæ цъиахтæ нæ сæрты дзыгуыргай тахтысты. Дæлдæр та цыбыр æфцæгыл æрхизæг фæлмæн уддзæф хъазыд бæрзы къудзитæ, хус тихалджытимæ. — Уæ мæ хæрæфырт,— дзуры та Симон Габранмæ,— истытæ дзур, æмæ нæ фæндаг цыбырдæр кæна. Нырма Къæмынтæм ауайын хъæуы. — Нæ зонын, кæд мæ кæсгон хæлар Бечмырзæйы таурæгътæй исты ракæнон... Сæрæн цуанон уыд йæхæдæг дæр. Америчы базонгæ стæм. Цæугæ дæр иумæ скодтам. Рухсаг уæд, æрæджы амарди. «Дыууæ цуаноны», зæгъгæ, мын иу таурæгъ ахæм кодта: — Æнæном уæрæх ададжы хызти сæрджын саг. Иуырдыгæй йæм хъуызыди кæсгон цуанон, иннæрдыгæй — асыйаг. Сæ кæрæдзийы нæ федтой, афтæмæй сырдмæ æхстбæрц бацыдысты. Ныхъхъавыдысты... Æмæхст фæкодтой. Саг суадоны былмæ æртылди. Цуанæттæ сырды мардмæ згъоргæйæ хæрхæмбæлд фесты. — Æз æй амардтон,— загъта кæсгон. — На-а, æз уыдтæн,— ныллæууыд асыйаг. Цуанæттæм хъаугъа рауад. Уалынмæ сырды фарс æрысгæрстой, æмæ дзы — дыууæ цæфы. Лæгтæ разындысты æмхуызон бартимæ. Æгъдаумæ гæсгæ сæр вæййы сырдамарæджы. Ногæй сын бацайдагъ быцæу. Æппынфæстаг баныхас кодтой афтæ: йæхи цардæй диссагдæр хабар чи ракæна, уый фæуæд саджы сæр. Кæсгон райдыдта дзурын: — Уыдтæн цуаны. Амардтон сæгуыт. Æхсæвæддæ баззадтæн хъæды. Сырды мард сауыгътон бæласы цонгыл. Скодтон арт, мæхи физонджытæй хорз федтон, гъе стæй æрхуыссыдтæн. Куыддæр нымæтæй мæхи æрæмбæрзтон, афтæ мæ хъустыл ауад кæйдæр къæхты хъæр. Уыциу сæррæтт фæластон. Мæ нымæт кæлдымыл баппæрстон, мæхæдæг мæхи фæсвæдмæ айстон. Ахæм фæсгоймаг дæм фæзына: йæ къухы фæрæт, афтæмæй æрбацæуы лæгсырд. Ауыдта нымæт. Бауадис æм, йæ тых-йæ бонæй йæ фæрæтæй ныссæрфта. Дæ фыдгул дæр афтæ — нымæтæй, кæлдымæй дыууæ ’мбисæй фæйнæрдæм атахтысты. Стæй сырды мард æриста, æнæхъæнæй йæ уæхстыл бакодта, цæттæ артыл æй адзæгæрæг ласта æмæ минас кæны. Бафиппайы57
нæй тæрсгæйæ мæхи фæстæдæр айстон. Хъримаг баифтыгътон, мæхæдæг лæгсырдмæ бахъуызыдтæн. Топп ын йæ тæккæ риуыл ныххуырстон. Лæгсырд хæрдмæ фесхъиудта æмæ уыцы хъæрахстгæнгæ алыгьд. Боныцъæхтыл ацыдтæн йæ фæдыл. Тугвæд мæ бахаста уæлхох лæгæтмæ. Царциаты диссаг: йæ уæлхъус бады рæсугъд чызг, афтæмæй лæгсырд уæлгоммæ хуыссы. Чызг мæн ауынгæйæ къухæй ацамыдта, æввахс ма ’рбацу, зæгъгæ. Чи йæм хъуыста. Топпæргъæвдæй рæбындæр бацыдтæн. Уырдыгæй уырдыгмæ йыл æй ныффæздæг ластон. Лæгсырды мæлæтдзаг богьтæ хъæд ныццарыдтой. Уацайраг чызг лæгæтæй ралыгьд æмæ æфсæрмдзастæй мæ разы йæ зонгуытыл æрхауд: — Мæ уд дæ нывонд, фервæзын мæ кодтай лæгсырды дзæмбытæй,— дзырдта кæугæ-кæуын. — Ныр дыл мæхи фæдзæхсын, чидæриддæр дæ... Чызджы рæвдыд, тавицхъуаг нæ ныууагьтон. Разынди нæхи хъæуккаг. Цалдæр азы размæ йæ лæгсырд аскъæфта хъæугæронæй. Ракодтон æй сæхимæ. Цардæгас у абон дæр. Кæд дæ мæ ныхас нæ уырны, уæд æй бафæрс,— афтæ фæци йæ ныхас. Асыйаг та радзырдта мæнæ ацы хабар. — Уæдæ æз дæр уыдтæн цуаны. Амардтон сычъи. Сырды мард ме ’ккой, афтæмæй рацæйцыдтæн нæхимæ. Хуыцау зоны, цас рауадаин, афтæ мæ сæрты æрбатахт иу дынджыр цæргæс. Иæхи ныллæг æруагьта, йæ цыргь ныхтæ сырды фæсагъта, афтæмæй нæ сырдæй-лæгæй ахаста цавæрдæр хохы цъупмæ. Бахордта сычъийы мард, йæхæдæг æфсæстæй бафынæй. Сæумæйæ та атахт кæдæмдæр. Хæрдзæн мæ, уый хъæлæкк зыдтон, фæлæ цы бакодтаин?.. Уалынмæ цæргæсы бадæны æруыдтон стджыты цæндтæ, хæцæнгæрзтæ. Уыдон уыдысты тугдзыхы амæттæгты стæгдартæ, сæ хотыхтæ. Равзæрстон дзы хорз хъримаг, сифтыгътон æй æмæ æнхъæлмæ кæсын. Удхор фæзынд сихорафон. Фехстон æй арсмарæнæй. Нæмыг сæмбæлд йæ тæккæ сæрыл. Цæргæс йæ базыртæ ныууыгъта, фæдисхъæр ма ныккодта, стæй æрфæлдæхт. Мæ катай, мæ хъуыды уыдис уырдыгæй раирвæзыныл. Уæддæр лæг амалæн конд у: цæргæсы мард батылдтон айнæджы былмæ, фæйнæрдæм райтыгьтон ивазны дæргьæн базыртæ, сбадтæн ыл æд хотыхтæ, мæхæдæг мæ къах фæцарæзтон хохы сынæгмæ, мæхи расхуыстон æмæ суыхсуыхгæнгæ комрæбын фæзы æрбадтæн. Кæд не ’ууæндыс, уæд цом нæхимæ, æз дын фенын кæнон цæргæсы базыртæ, йæ амæттæгты хæцæнгæрзтæй цалдæр. — Гъемæ кæй хъуамæ уа саджы сæр? — бафарста кæсгон.— Цæйма, сымах æй базонут,— дзуры Габран æз æмæ Симонмæ. — Мæнмæ гæсгæ, асыйаджы,— загьта Симон. — Ды та цы зæгъыс, лæппу? — Сæ дыууæйы дæр,— æрдзырдтон уæлбæхæй. — Гъемæ нæ базыдтат. Хъусут-ма кæсгоны фарстæн асыйаджы дзуапмæ: — Сæр дæу у. Ды тæссаг ранмæ бафтыдтæ дæ ныфс, дæ хъæбатырдзинады фæрцы, æз та — æнæнхъæлæджы, æнæбары. —Уыцы бонæй фæстæмæ дыууæ цуаноны лымæнтæй баззадысты,— фæци йæ ныхас мæ фыд.— Ныр аргъауы чъиппатæ дæуыл, мæ мады ’рвад. — Гъемæ хорз,— сразы Симон,— мæныл æрцыд æнахуыр цау. Æрæгвæззæг Цопантимæ нæ фысвос аскъæрдтам Балцаумæ. Цалдæр боны фæстæ бафиппайдтам, фосæй æрвылбон дæр кæй сæфы иу. Ай цы диссаг у, зæгьгæ, дзугимæ ацыдыстæм цалдæрæй. Лыстæг кæсæм алы æрх, алы байбынмæ. Цас рацыдаид, афтæ дын уæртæ цъамалæгæй рахъуызыд арс, ацахста къуылых сæгъы æмæ йæ пъæра кæлдымты бын цæрдудæй баныгæдта, йæхæдæг йæ хъоргъмæ бафардæг. Хæдмæлхор нæ бахордта дæс сæры бæрц. Хотыхтæ нæ уыд, цы йын ракодтаиккам?.. Уæддæр лæппу хъал митæ кæны. Баздæх58
тыстæм æмæ хæлттæ сæппæрстам. Кæй хал схаудаид, уымæн лæсгæ уыд арсы хуыккоммæ. Æнамондыл ма сыкъатæ вæййы — мæ хал схауди. Мæ сæр басылыхъхъæй стыхтон æмæ хъама райстон. Лæппутæ мæ нал уагътой, фæстæдæр æй топпæй амардзыстæм, зæгъгæ, фæлæ дзырд фæсайын йæ сæрмæ чи хаста... Цопанты Сандыр мын ныфсытæ авæрдта, арс, дам, æфсæстæй фынæй кæндзæн, балæс æртæ-цыппар метры бæрц, мах та ставд хъоррæгътимæ дуармæ æрлæудзыстæм. Нæ хъæрмæ нызмæлдзæн æмæ куыддæр дæ сæрты рацæйхиза, афтæ йæ хæрдмæ сæлхъив, стæй исты уыдзæн. Нæ хин арсыл æрцыд. Æцæгдæр фынæй разынд. Хъæрмæ йæхи раппæрста. Мæ сæрты хизгæйæ мæ тых-мæ бонæй арсы къæдзæхмæ сæлхъывтон. Раирвæзыныл архайы, фæлæ кæм — мæ хъамайæ скуыстон. Иæ артæнтæ мыл æркалдысты. Сандыр ын саджилæг йæ дзыхы афсæрста. Мыдхор æрдыдæгьтæ. Лæппутæ йæ мæ сæрты аластой. Рабырыдтæн зонгуытыл сыдзмыдзы. Дæ балгьитæг мæнмæ куы ’ркастаид: арсы туг æмæ йæ уæцъæфы чъизийæ нал зындтæн. Афтæ, гъе,— фæци йæ ныхас Симон. Дзырд — ныхасæмбал. Таурæгътæ кæнгæйæ нæ фæндаг цыбырдæр кодта. Уалынмæ Къæйвæзæй нæхирдæм фæзылдыстæм. Хъæугæрон ныл рамбæлд Магкаты зæронд Дæбе. — Сæдæйы фыццаг фæуæд, Æфсати уын ноджы хуыздæр лæвæрттæ ракæнæд,— раарфæ кодта хъæуы хистæр. — Сæр изберы дæ кувинаг у! — дзуры йæм мæ фыд. — Хуыцау нæ куывдыл æвзарæд, мæ хуртæ,— сразы Дæбе. Мæнæ не стыр уæзæг — Къæмынтæ. Алкæй бæлццæттæ дæр-иу махау сæ хæдзæрттыл æмбæлæнт сæрæгас, дзагармæй. * * * Ацы балц уыд 1928 азы, æрæгвæззæджы. Изæрæй куывд уыдис Мæрзатæм: сырды сæр уыдонмæ уыд (Симон æй кæй амардта, уымæ гæсгæ). Мæ ахуыргæнæг Атайты Дзодзыкъо дæр уыдис хуынды. Симон ын мæнæй раппæлыд. Уым мын Дзодзыкъо бафæдзæхста: — Цуанæттæй цы фехъуыстай æмæ цы федтай, уыдон тетрады ныффысс. Мæ зонд куыд ахста, афтæ сæ ныффыстон. Ахуыргæнæг сæ бакаст. — Ацы тетрад ма фесаф, — загъта Дзодзыкъо, — куы сыстыр уай, уæдиу æй ногæй рафысс. Æрæгмæ у, фæлæ йæ уæддæр рафыстон. Бахыгътон мæ уарзон ахуыргæнæджы уæсиат. Бæргæ, 1937 азы знæгты амæттаг куы нæ бацадаид, уæд, чи зоны, йæхи æххуысæй хæрзхъæддæр рауадаид ацы чысыл уацмыс. 59
ДЗÆГЪÆЛ ГÆРАХÆЙ Нæ хæхбæстæй Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ ацыд бирæ сагсур лæппутæ æмæ хæдæфсарм чызджытæ. Уыдонæй иутæ сæ цард нывондæн æрхастой сæрибары сæраппонд, иннæтæ сæ райгуырæн хъæубæстæм сыздæхтысты уæлахизы тырысаимæ. Æз дæр ма арыд-уырыдæй сæмбæлдтæн мæ фыды уæзæгыл. Мæнæ дардæй кæмæ бæллыдтæн, æхсæвæй-бонæй мæ тæлæнтæ кæмæ хастон, уыцы хъæубæстæ æмæ цъитирагъ айнæг къæдзæхтæ... Фыццаг бонты сæмбæлдтæн мæ хъæуккæгтыл, стæй азылдтæн сыхаг хъæутыл: кæмæн арфæ кодтон, кæмæн — хъыгтæ. Цас мыл рацыд хъæуы, афтæ та мæ зæрдæ ахсайдта мæ рагон хæтæнтæм. « Абæрæг сæ кæн^мæнæйуый», — хатын хинымæр мæхимæ. Мад мын мæ фæндон куы бамбæрста, уæд мæм тæригъæдгæнæгау æрбакаст. — Хæхты ахуыр нал дæ, лæппучæмæ куы нæ цæуис... Хи къахæй фыдбылыз цæмæн агурæм. — Мæ хъиамæтджын мад, — авæрдтон мæ къух йæ мæллæг уæхскыл, — æз цуаны нæ цæуын, фидæрттæм дæр нæ бахиздзынæн, æрмæст уалæ Кæфæйтты сæрæй кæмттæ, рæгътæм кæсæнцæстæй срæкæсдзынæн, ме’хсæв та бахæсдзынæн зонгæ лæгæтмæ... Сомизæр мæ ардæм хъæуы. — Цæй, фæуæд, сайгæ никуы фæкæныс æмæ дыл æууæндын, — йæ дæрзæг къух мын кæддæрау мæ русыл фæлмæн æруагъта. — Цалынмæ дын хæлцоны хæринаг æвæрын, уæдмæ дæхи арæвдз кæн. — Мæн цас рæвдзытæ хъæуы, мæнæ асавахим топп, лалым æмæ джидæ райсдзынæн^æндæр... — Лалым æмæ джидæйæ та цы кæныс? — Ау, их хæрынмæ-иу нæм быдыртæй куы цыдысты, уæд сæгъы ’хсыримæ нæхицæн нæ батайдзæн? Джидæйæ цъенгæ их æрсæтдзынæн æмæ йæ лалымы рахæсдзынæн. — Хорз дæ зæрдыл æрлæууыд, кæннод мын цола хæссыс æмæ дыл кæд хуызы цъыртт бахæцид... Афтæмæй нын чызг дæр ничи ратдзæн, — мидбылты бахудти гыцци. — Æрмæст дæхицæн стыр уаргъ ма скæн. Чызджы коймæ мæ цæсгом цъуйы нæмыгау асырх æмæ уæлындзмæ рахызтæн. Уайтагъд мæ уæзæгтæ хæссæн голлаг сæргъуывтон, райстон мæ топп, мæ фыды цуанон лæдзæг æмæ Дзуæртты рагъыл фæуæлæмæ дæн. Куыд бæрзонддæр мæ цæст ахсын байдыдта хæрынæн бæзгæ хохаг халсартæ: скъамо, х^ ырхæг, стъæлха, хъоппæг, мæртатыкк... Дæс азы бæрц сæ нал фæхъæстæ дæн. Ныр дзы мæ мондæгтæ уагътон. Мæнæ Кæфæйтты цъупп. Чысыл алæууыдтæн, стæй нарæг рагъыл бахызтæн Знауыры сæрæвæрæн тигъмæ. Галы цармыйас лæгъзы мæ уаргъ æристон, нымæт райтыдтон æмæ сихор скодтон. 60
Биноклæй фæлгæсын арф кæмттæм, ихсæр бæрзæндтæм. Сау хæхтæ зынынц Уазайæ суанг Къæрзоны саргъаумæ, урс хæхты цæг та — Уазайæ Цæргæсты хохмæ. Иу сæ иннæмæй аивдæр, бæрзонддæр. Æмæ куыннæ, хæхтæй, дам, рæсугъддæр — хæхтæ сæхæдæг. Мингай азты сæ чындздзон чызджытау ысфæлыстой митзæйтæ æмæ уадтымыгътæ, хур æмæ къæвдатæ. Ныр сæ рæгътыл цъенгæ их æндонау ныхъхъæбæр æмæ урс галтау дардмæ зынынц. Афтæ мæм фæкæсы, цыма Дыгургом фынг у, йæ фæйнæфарс та бадынц нарты гуыппырсартæ. Бадынц арвæй зæххы астæу æмæ гаджидæуттæ уадзынц. Нарты Батрадз та сын Уазайау уырдыгыстæг у... Уæдæ цæй фæразон, цæй диссаг у сæ уромæг, уæлдайдæр цъенгæ ихзæйтимæ... Уыдонмæ кæсгæйæ мæ зæрдыл æрлæууы фыдæлтыккон таурæгъ: зæххы, дам, хуыцау куы рафæлдыста, уæд йе змæлынæй не'нцад,æмæ йыл æрæвæрдта хæхтæ. Уæддæр змæлыд. Фæстагмæ йыл æрæххуырста цъититæ, æмæ æрсабыр. Æнусон ихзæйтæ хуры зæлдаг тынты алырдæмыты рæдзæгътой, æмæ хæххон æрдз йæ хуыз æвдыста. Уæлдай аивдæр зындысты бæрзæндты тæхæг æвзистбазыр æврæгьтæ, æргъæу арвгæрæттæ. Мæ сæрмæ та арв зындис зонтыккау, цыма йæ кæрæттæ бæрзонддæр цъуппытыл æрæнцадысты. Комы иннæ фарс йæ айнæг сæр хæрдмæ сивæзта Бæгуыдур æмæ мæм каст йæ дзæнхъа цæстытæй. Нарты Уырызмæгау йæ сæр додойгæнæгау банкъуыста: «Гъейгмæ дард фæдон, кæд мах æгомыг хæхтæ стæм, уæддæр нæ кад, не ’фсарм, нæ фарн нæхимæ сты... Никæй æфхæрæм, иу нæ иннæйыл гадзрахатæй нæ цæуы, кæрæдзийæн та — ныфс, æнцой. Кæд ныл хъызт зымæг, уадтымыгътæ æмæ арвы судзгæ цæхæртæ сæ бæллæхтæ ныккалынц, уæддæр фæрсæй-фæрстæм сæ ныхмæ æрлæууæм. Мингай æнусты архайынц нæ рафæлдахыныл, фæлæ цалынмæ æмзонд, æмзæрдæ уæм, уæдмæ нын тыхгæнæг тых не ссардзæн... Бецау, бафæзмут мах: макæй æфхæрут, уарзут кæрæдзийы, иу иннæйы ма ’ппарæд цъысыммæ... Хур бон уа, хъызт — лæуут фæрсæй-фæрстæм. Нæ зæхх рæсугъд, хъæздыг куы у, уæд ыл хæларæй цæрын цæуылнæ зонут, цы уын нæ фаг кæны? Чи сарæзта хъадамантæ, ахæстæттæ, атомтæ? Уæхæдæг! Кæм равзæрдысты фыдгæнджытæ-марджытæ, суцъагæнджытæ æмæ уæйгæнджытæ, лæджыфыдхортæ? Уæхи астæу! Ау, адæймаг йæхи æппæтæй тыхджындæр, зондджындæр куы хоны?!. Кæм уыдтæ ды ацал-ауал азы? Кæй аххосæй нал райхъуыст дæ зарæг иу айнæг къæдзæхы сæрæй? Дæумæ æнхъæлмæ кæсгæйæ дæ дзæбидыры хай дурзæйы бын куы фæци... Адæймаджы цармдарæг цалдæр тугмондаг лæгсырды расидтысты хæст, сымах та кæрæдзийы туджы мæцыдыстут: джебогьылиу систа иу иннæйы, сыгъдыстут цавæрдæр пецты, калдтой уæ доны, æхгæдтой уыл ахæстоны æфсæн дуæрттæ. «Сабитæ, зæрæдтæ стонгæй, бæгьнæгæй дзынæзтой... Цæй фыдгæнæг, цæй тæригьæдджын дæ, адæймаг»... Уыцы ныхæстимæ уæйыгхох аххæй ныккуыдта, нырхуым. Фæстагмæ æррæхцыд. Бирæ сагьæстæ, бирæ уæззау хъуыдытыл мæ бафтыдта Бæгуыдуры дойаг æмæ зæрдæсæттæн хъынцъым, фæлæ мын рæстытæ кæй дзырдта, ууыл та дызæрдыг нæ кæнын. Уалынмæ хур Стырфарсы сæрмæ ныххæстæг æмæ мыл хурдзыд уæлдæф йæхи æртыхта. Мæ хъустыл уад Сонгуытыдоны уынæр, зымты зæрдæагайæг иугæндзок æхситт. Æрæджиау афынæй дæн. Диссаг, царды мыл зындзинад, бæллæхæй цыдæриддæр æрцыд, уыдон даргь згæхæрд рæхысау фæд-фæдыл мæ цæстытыл уадысты. Мæ хид мæ къæхтыбынæй акалд, хъуырдухæн кодтон. Цыма мыл авд пъæззыйы ныббадт, уыйау сызмæлын нал фæрæзтон. Æрæджиау мæм иу маймулийы æнгæстæ бынмæдзыд пыррыкрихи лæг топп ныддардта: «Маргæ дæ кæнын!» «Ау, цы дæ дарын, цæуыл мæ марыс?» — дзурын æм. «Цæуыл? Мæн 61
афтæ фæнды... стæй мæ кæй ницы хъыгдарыс, уымæн». Æдзынæг æм кæсын: «А-а-а, уый туграсыг лæджыфыдхор Пакъуындзæ куы дæ... Ды — барджын, хотыхджын, æз — дæ цагьар, дæ амæттаг... Цæв, цæмæ ма кæсыс, залиаг калм!» Райхъуыст гæрах. Хæрдмæ фæхаудтæн æмæ сагъдауæй аззадтæн. Фын уыдис, уый фембæрстон, фæлæ мæхицæй иуавд метры æддæдæр, æрбагæппæввонг йæхи зæхмæ нылхъывта, фыны мæ чи мардта, ахæм тугдзых, æрмæст — цыппæркъахыг мысы. Уыцы уысм нæ фехъал дæн, зæгъгæ, уæд мын йæ цыргъ дæндæгтæй мæ хурх адзæнгæл ластаид æмæ аллайаджы мард кодтон. Куыддæр топмæ февнæлдтон, афтæ къæмбырæй агæпп ласта. Æз былмæ базгьордтон æмæ йæ æрмидаргæйæ фехстон. Сырд йæ мидбынат цъилау ныззылд, райхъуыст йæ хъис-хъис æмæ цæстыныкъуылдмæ фæсбыл фæци. Бауадтæн æхсæнмæ. Ие ’вдулæнты, кæрдæгыл ауыдтон туджы æртæхтæ, æвæццæгæн^ рог цæф фæци. Хъуамæ йын «зонды хос» фæуа, æмæ, фынæй лæгмæ куыд хъуызгæ у, уый йæ зæрдыл дара. «Уыныс, а дунейыл цытæ цæуы?»— ауад мæ хъустыл кæйдæр ныдæм ныхас. Мыййаг, Дымты фыдæй-фыртмæ кæмæ кувынц, уыцы Хъæуы зæды хъæлæс уа? Зæды та фæхонынц куырыхон адæймаг. Æвæдза, кæуылты сты æрдзы сусæгдзинæдтæ! Хур Бæгуыдуры цъупмæ æрцæйхызт. Мæхи хурудæй Къæйысæры лæгæтмæ ныйисон, зæгьгæ, мæ хæссинæгтæ систон æмæ кæрдæгджын суангыл фæдæлæмæ дæн. Лæгæтмæ хæстæг æрбадтæн иу фæсалæмхæццæ кæрдæджы гуцъулайыл æмæ та биноклæй кæсын алырдæмыты. Чырынты æрысдæфтон цалдæр дзæбидыры. Сæ хъахъхъæнæг бодз йæ сæр разилбазилгæнгæ былæй фæлгæсыд. Цалынмæ къæмбыртыл фæсбылмæ нæ бахызтысты, уæдмæ сæ мæ цæст нæ систон. Уыйуæлвæд дурцæнды фарсмæ иу зым йе ’хситтæй нал æнцад. Мæ фыд цуанон лæг уыд æмæ-иу арæх дзырдта: «Лæг хъуамæ тых ма кæна, цæра хи удвæллойæ, фæлæ сырдтæ, мæргътæ та адæймаджы тыххæй сты, æмæ дзы искуы-иу хатт хай райсын тæригъæд нæу». Уыцы ныхæстæ зæрдыл даргæйæ, мæ фазыл бабырыдтæн дуры фæсдзæгатмæ. Мæнæ хъуынаварс дурыл бады гогызы йас зым. Иæ дзæрныхтæй акъахы хъуына, къæбутæй йæ аскъауы æмæ та ныууасы. «Цы уа, уый уæд, райсом дзы физонæг акæндзынæн æмæ æфсæстæй мæ ихы уаргьимæ афардæг уыдзынæн», Бахъавыдтæн. Уасгæ-уасын нæмыг йæ цæстыл сæмбæлд, æмæ маргь йæ мидбынат тыбар-тыбур систа. Ацахстон æй. Хæрынкъа йын йæ хурхыл сдардтон. Лæгæтмæ хæстæг, куысы бынæй уади суадон, æмæ йæм уый былыл базылдтæн. Уалынмæ фæизæрмилтæ, æмæ лæгæтмæ ссыдтæн. Мæ харда-мурда æрæвæрдтон айнæгрæбын, мæхæдæг бахызтæн, йæ раззаг къул къæйдурæй астæрд кæмæн уыд, ахæм ныллæгцар æрдзон лæгæтмæ. Дзæбæх æм нæма æркастæн, афтæ мæ хъустыл ауад зонгæ хъæлæс: — Гъей, ам чи ис?! Базыдтон нæ хъæубæстаг цуанон Майрæмы. — Æз дæн, ма фехс! — дзурын æм хъазгæмхæццæ æмæ рахызтæн лæгæтæй. Кæрæдзиуыл ныттыхстыстæм. — Цæй, æхсæвæр уал скæнæм, стæй нæ ныхæстæ кæндзыстæм, — загьта Майрæм. — Бæрзæндты уыдтæн æмæ тынг бафæлладтæн. Мæ хæринæгтæ æрæвæрдтон сыгьдæг кæттагыл. — Нозт нæй, Майрæм, хатырæй уæд. — Нæ нуазыс, уый зонын. Мæнæ мæхи рифтагæй къубуска сис, æз дзы чысыл ацаходон, — йæ мидбылты бахудт цуанон. — Адæймаг хæйрæджы холлагмæ дæр фæныхилы... Мах фæндагыл арахъхъ комкоммæ фыдбылыз у, — лæджы йæ къах нал фæхæссы, ам та иуыл хæрдмæ цæуын хъæуы, уыимæ æххæлтæ, рындзытæ, фидæрттæ. 62
Майрæм зæдтæ, дауджыты ном ссардта, къубуска йæ былыл сдардта æмæ йæ дурæнцой æрæвæрдта. Ахицæн не ’хсæвæр. Æз та лæгæтмæ бахызтæн æмæ нæ «хуыссæн уат» цæмæйдæрты бабæстон кодтон. Нæхи æруагьтам, уæдæ цы уыдаид. — Гъы;кæд, куыд æрбафтыдтæ ацы аргьæутты бæстæмæ? — йæ рæмбыныкъæдзæй мыл андзæвыд Майрæм. Радзырдтон ын мæ цыды сæр. Нæ ферох сты мысы æмæ зым дæр. — Фынæй лæг «мард у» æмæ йæм иуæй-иу сырдтæ æмхиц сты, уæлдайдæр ацы налат мысы, — бафиппайдта Майрæм. — Дзæбидырты дæр хæры, дæ амондæн фехъал дæ. — Ды дæр абон рацыдтæ? — фæрсын æй. — Абон, суанг фыццаг кæркуасæнты. Бонивайæнты Сырхы цъупмæ схæццæ дæн. Цалдæр дзæбидыры хызт Хъусты бынмæ, фæлæ дæрддзæф уыдысты æмæ нæ фехстон. Фæстагмæ фидармæ бахызтысты. Фæстæмæ иу хъæпæнæй дзаг мыхцыл куыд æрбацæйцыдтæн, афтæ мæ дæле ихыл æрысдæфтон цыдæр сау. Цы уа, зæгъгæ, йæм тыххæйты ныббырыдтæн. Разынд сы. Мæгуыр, уырынсыкъа дзæбидыры зæй арф нынныгæдта. Кардæй мæхицæн къахæвæрæнтæ ацарæзтон æмæ йæ сихортæй фæстæмæ къахын, фæлæ ницы, æрмæстдæр йæ риуыгуыдыры онг сыгом. Дыгæрдыгæй стырдæр у. Цъенгæ ихы кард нæ исы, ноджы — фыдран, фезмæлæн дзы нæй. Æвнэ чын æм бæргæ нæ хъуыд, фæлæ ма йæ ныр куыд ныууагьдæуа. — Æмæ йæ дзидза хæрынæн бæззы? — Чи зоны, зæйы бын цас лæууы, йæ цармæй та æрду ратонын нæ комы. Тæф дæр нæ кæны. Ахæм цъенгæ ихы мидæг пыл куы нæ бамбийдзæн, — загьта Майрæм. — Дарддæр та йын цы кæнгæ у? — Цы куы зæгьай, уæд — къахгæ. Фæрæт кæннод къахæн бæргæ хъæуы, мæнмæ та кард йеддæмæ ницы,— батыхст лæг.— Ныр нын æй хуыцау иумæ радта, æмæ сæумæрайсом хъæумæ куы ныууаис... — Джидæйæ ницы бакæниккам? — афарстон хъæлдзæгæй. — Джидæ бæргæ хуыздæр бацарæхсид, æмæ чи хæйрæг уыд. — Уæдæ мауал тыхс, мæ хистæр, мæнмæ дын сæрдасæнæй цыргъдæр джидæ. — Нæ хъазыс? — йæ уæхскæй мæ æрбасхуыста. — Хъазгæ? Мæ хистæрæй? — бафсæрмы дæн. — Уæдæ дæм кæцæй æрцыд, æви йæ айнæгæй ракъахтай? — Их æрсæттынмæ йæ нæхицæй рахастон. Цъити их, дам, сæгъы æхсыримæ æвдадзы хос у. — Æнæмæнг, афтæ у, — бахъæлдзæг Майрæм. — Уыныс, дзæбидырæн уад æртæры... Сахатмæ дæр æй ракъахдзыстæм. Ныр æнæмæтæй бафынæй кæнæм. Цасдæр нæ ныхас фескъуыд. Мæн бафæндыд Майрæммæ иу фарст раттын. «Бафæрс, ахæм фадат дын нал фæуыдзæн», — дзырдта мæм мæ зæрдæ дæр. Гъемæ йæм хатын: — Майрæм, зонын æй, фæллад дæ... Райсом дыл уæз нал æруадздзынæн. Ныр дæ фæрсын: кæд дыл 45 азы йеддæмæ нæма цæуы, уæд дæр зын æмæ æнцондзинады ад хорз зондзынæ. Гъемæ дæ цард цæрæнбонты диссагдæрæн дæ зæрдыл цы дарыс? Цавæр цау дæ нæ рох кæны? Лæг дзæвгар рæстæг ницы сдзырдта. Æрæджиау афтæ: — Хорз, Мулдар, уыдис ахæм хабар æмæ дын æй радзурдзынæн. Чи зоны, дæумæ диссаг нæ фæкæса, фæлæ мæхицæй никуы рох кæны. Йæ радзурын мын уæлдай æхсызгондæр у, мæнæ ацы лæгæты кæй æрцыд, æмæ та 63
йæ кæддæрау ног кæй банкъардзынæн, уый. Цæй адджын, цæй зынаргь стут^ рагбонты мысинæгтæ... Цæвиттон, мæ цардвæндаг бынтон лæгьз нæ уыди, — райдыдта дардæй йæ ныхас. — Зоныс æй, райгуырдтæн Дымты хъæуы, мæгуыр зæхкусæджы хæдзары 1904 азы. Æрыгонæй — уæлыгæс, фыййау... Советон цардарæзт куы æрфидар, уæд нын скъолаты дуæрттæ уæрæх байгом сты, æмæ мыл кæд азтæ рацыд, уæддæр ма сахуыр кæнын мæ къухы бафтыд. Бирæ фæдæн æхсæнадон куысты. Гъе фæлæ арæх æрымысын иу цау. Мах цæрæм тæккæ хъæуы астæу, ныхасмæ хæстæг. Цыдаид мыл 21 азы, афтæ иу фæззыгон райсом схызтæн нæ уæлхæдзармæ æмæ цæсттæсæнтæй алырдæмыты фæлгæсын. Цас рацыдаид, афтæ мæ хъустыл ауад кæйдæр фæсус хъæлæс: «Майрæм, æруай-ма нæм!» Кæсын, æмæ ныхасы цалдæр зæронд лæджы бады, сæ иу мæм йæ къух тилы. Æз уæлындзæй æргæпп ластон æмæ сæ разы алæууыдтæн. Къæйдуртыл рæнхъæй бадтысты хъæуы хистæртæй цалдæр: Дзусты Гуыгъо, Тедтойты Цæрай, Чекойты Тæкъа æмæ Агкаты Басыл. Мæ ныццыдмæ сын Тæкъа цыдæр æмбисонд дзырдта;æмæ худтысты. — Иæ, нæ хорз кæстæр, нæ мардæвæрæг, ацы аз хъæубæстæ дзæбæх, сæрæгас сты, бафснайдтой сæ хос, сæ хор, фос дæр æнæзиан, æмæ райсом хъæуæн хоры куывд ис, — загъта Цæрай. — Дæуæн та Æфсатийы фосæй хай ис, фæндаг дын хорз цæуы æмæ Сонгуыты коммæ куы бауаис... Хъæуы зæдмæ дзæбидыры сæрæй дæр бæргæ бакувиккам... Гъемæ дæм нæ фæнд куыд кæсы? — Нæ буц хистæрты цы фæнда æмæ цæуыл не сразы уыдзынæн, — дзуапп сын радуон. — Æрмæст ма нæхимæ дæр афæрсон. — Афæрс, афæрс, дæ цæрæнбон нын бирæ, — йæ къух мыл рæвдауæгау æруагьта Гуыгъо. — Де ’хсæв Къæйысæры лæгæтмæ бахæсс, сæумæрайсом та — дæ лæг æмæ дæхæдæг, амонын дын хъæуы. Аздæхтæн нæхимæ. Хабар мæ фыдæн радзырдтон. — Хистæрты фæндоныл дыууæ зæгьæн нæй, лæппу. Дæхи арæвдз кæн, Æфсати дæ фысым уæд... Æрмæст фидæрттæм сыгьзæрин саджы фæдыл дæр ма баныфс кæн, фыдбылыз кæй хъæуы, — фæдзæхста мын. Мæ хъримаг, ме ’рчьитæм базылдтæн. Мæ мад мын хордзенты цыдæр хæринæгтæ авæрдта æмæ сихорыл мæ фæндаг адардтон Сонгуыты коммæ, мæнæ ардæм. Хур ма æнусон цъититыл йæ фæстаг тынтæ луæрста, афтæ схæццæ дæн ацы лæгæтмæ. Иæ дуармæ хъуынаджын дурыл æрбадтæн æмæ биноклæй кастæн сырдты хизæнтæ, рындзтæм. Хатт-иу бæрзæндтæ, хæнхуылтæй дурзæйтæ ныххæррæтт ластой æмæ-иу сæ уынæр арвы хъæрау айзæлыд кæмттæ, нарджыты. Рæстæггай-иу цъити дæр аскъуыд æмæ автоматæй æхсæгау йæ къæр-къæр цыд. Цæргæстæ, уаритæ дæр дард балцтæй здæхтысты сæ фидæртты астæрд ахстæттæм. Зæрдæ скъæфта зымты иугæндзон æхситт. Хуры фæстаг тынтæм æвзистау æрттывта Къæйысæры æхсæрдзæн. Сонгуытыдон амыдта фыдæлтыккон зарæг, фæрсаг та йын кодтой айнæгварс нарджытæ, ихзæйтæ. Кæд хæхтæ, цъититы æгомыг йе цавддуртæ фæхонæм, уæддæр бынтон афтæ нæу. Уыдон дзурын, зарын, хъыг кæнын дæр зонынц, гье æрмæст сæ æмбаргæ та искуы-иутæ кæнынц... Кæд æрдзы рæсугьддзинадæй мæ мондæгтæ уагьтон, уæддæр мæ мæт сырдтыл уыд. «Куыд ныццæудзынæн хъæуы чъирикъувджытæм афтид къухæй»,— тыхстæн химидæг. Уалынмæ хур фæсхохмæ ныххызт, изæры фæлм нарджыты æрæмбæхст, æмæ арæхстгай æхсæв йæ бартæ айста. Фæстагмæ иу фæндыл ныллæууыдтæн: сæударæй мыхцыл фæуæлæмæ уыдзынæн æмæ фидармæ бахизæ64
ны стыр рындз æрцахсдзынæн. Кæд дæле иунæг сырд уа, уæддæр æй мæныл хъæуы æмæ куыд сарæхсон, афтæ. Æхсæвæр скодтон, уæдæ цы уыдаид, æмæ æрбахызтæн мæнæ ацы лæгæтмæ. Уыдис дзы фæсалæй лыстæн. Мæ нымæты иу æмбис мæ быны, иннæ мæ уæлæ, худ та мæ нывæрзæн, афтæмæй уайтагьд афынæй дæн. Æхсæвы цафон уыдаид, хуыцау йæ зонæг, афтæ мæм кардæлвæстæй æрбагæпп кодта иу хæмпæлдзæсгом тызмæг лæг æмæ мæ æрбарæхуыста. ♦Æллæх, амардта мæ!»—айхъуыстон мæ мидхъæлæс, мæхæдæг фæгæпп ластон. Ноджы мæ сæр царыл афтæ сцавтон, æмæ цæстытæй цæхæртæ акалд. Уыцы уысм фæлæбурдтон ифтыгъд хъримагмæ æмæ лæгæтæй мæхи раппæрстон. Цыма, мæ фале цы фæсалджын фахс ис, фыдгæнæг уыцырдæм алыгъд, афтæ мæм фæкаст, æмæ мæнгвæдæг æрбалхъывтон. Æхсæвы тары топпы хъæр нæргæ ацыд æрхæй-æрхмæ, айнæгæй-айнæгмæ. Уалынмæ цасдæр мæ уд мæхимæ æрцыд æмæ, карды цæф мыл кæм æруад, зæгъгæ, мæхи æрысгæрстон. Цъæррæмыгъд дæр мыл нæ разынд, рысти æрмæст мæ сæры цæф. Хæйрæджы хай мыл сагьуыд, зæгьгæ, дис кæнын. Уыйбæрц тас мæ бацыд, æмæ суанг бонмæ топпæргъæвдæй фæлæууыдтæн æдде, лæгæтмæ нал бауæндыдтæн. Бонырдæм мæ уазал æрæлхъывта, фæлæ быхстон — тас цы нæ кæны. Уæдмæ хур æркаст æмæ сæууон æртæхау мæ тас сысын байдыдта. Стыр аходæнтæм бынтондæр ме ’муд æрцыдтæн. Лæгæтæй райстон мæ нымæт, хордзен, дзæнхъа дурыл æрбадтæн æмæ хъуыдыты аныгьуылдтæн. «Ау, кæй цы хъыгдарын, чи мæ мардта? Уæдæ ме ’фхæрд, ме схуыст ныхас дæр никæуыл ис...» «Æмæ кæд фын уыд, мыййаг?» — дзуры мæм мæ зæрдæ. Мæ хъуыдытæ сæмтъеры сты. Æрæджиау фестадтæн æмæ биноклæй кæсын, дысон цы фахсы ’рдæм фехстон, уырдæм. Царциаты диссаг! Лæгæтæй иу-150 метры фалдæр гал дзæбидырæн йæ къæхтæ хæрдмæ, йæ пæлæх’сар сыкъатæ та куысы ныссагьдысты. «Ай та дын дыккаг æмбисонд... Ау, адон иууылдæр фынтæ сты, æви мæ зонд фæцыд?» — фарстон мæхи. Ногæй та мæ хъуыдытæ схæццæ сты. Мæ зæрдæ ахсайдта нæ номдзыд цуанæттæ Байсогьуырты Куыцыкк æмæ Куыдзойты Михелмæ. Чи зоны, уыдонæй исчи рацыд мæнæй раздæр, бæрзонды йæ ныццавта æмæ æртылд. Кæд афтæ у, зæгъгæ, хъæр кæнын уæд иуы номæй, уæд — иннæйы, топп дæр ма фехстон, фæлæ æгомыг хæхтæ цы дзуапп раттаиккой. Фæстагмæ бацыдтæн сырды мардмæ: разынд æнæхъæн 14 зады. Нæмыг сæмбæлд йæ тæккæ ныхыл: йæ фындзыхуынчъытæй ма туг хъарыд. Уæле куы рахаудаид, уæд йæ тулæнтæ фахсыл бæрæг дариккой, стæй йæ царм, йæ уæнгтæ афтæ æгайнæгæй нæ баззадаиккой. Ныр æмбарын байдыдтон æцæгдзинад: æхсæвы мæм ничи æрбалæбурдта, федтон фын. Дзæбидыр та фæмард мæ дзæгьæл гæрахæй. Куыд алы хатт, афтæ дысон дæр сырдты къорд ныллæгмæ сæхи æристой æмæ сæ раздзог мæ амæттаг баци. Сырды мард нылластон доны былмæ, бастыгьтон æй. Йæ уæнгтæ йын цармы батыхтон æмæ сæ фæсалæй æрæмбæрзтон. Æнцондæр ссарыны охыл ын йæ фарсмæ лæдзæгыл æрцауыгьтон мæ къурткæ, мæхæдæг хуылфыдзаумæттæ, фиутæ хордзенты бавгæдтон æмæ сæ дынджыр сæримæ раргьуывтон. Мæ уæзззау уаргьимæ сабыргай, иукъах-дыкъахæй æмбисбон ныххæццæ дæн Хъæуы зæды кувæндонмæ. Хъæубæсты цинæфсæст адæм сæ тæккæ змæлдыл уыдысты. Кæстæртæ ма арыдтой дыууæ галы сæртæ, дзидза та фыхти цæджджинæгты. Фæсивæд мæ дзæбидыры сæримæ ауыдтой, цы! —. сæ хор-хор райхъуыст, æд уаргь мæ сæуæлныхты бахастой хистæрты размæ. Куыннæ мыл бацин кодтаиккой: бирæ арфæтæ мæм æрхауд. Къæйы сæрмæ, ома ардæм, хæрæгыл фервыстой ме ’мцахъхъæн лæппутæ Куыдзойты Гадже æмæ Чекойты Михелы. Уайтагъд сырды мардимæ фездæхтысты. Фынгтæ уæлдай хуыздæр сфидыдтой дзæбидыры сæрæй... Рье уый дын мæ зæрдылдарæн, кæд ма хъал дæ, уæд. 5 Мæ нрвæзынгæнджытд’ 65
— Хъал дæн, хъал, Майрæм, стыр зæрдиагæй дæм хъуыстон. Нал мæ ферох уыдзæн дæ мысинаг. — Гъемæ уал бафынæй кæнæм, райсом нын бирæ куыстаг ис. Бон цæуы æмæ фарн хæссы. — Лæппу, «Хурæркаст нывæнды хохæй хохмæ тын...» Нæма стæм? — айхъуыстон мидфынмæ Майрæмы ныхæстæ. Рабадтæн. Рахызтыстæм лæгæтæй. Кæд сусæны мæй уыдис, уæддæр цъититæ зымæгау æндæвтой, озонæмхæццæ уæлдæф буарæн цыдæр æхсызгондзинад лæвæрдта, уæнгтæ химидæг хъазыдысты. Куысы суадоны нæхи цæхсадтам, нæ хæссинæгтæ айстам æмæ салд дзæбидырмæ фæраст стæм. Сахаты фæстæ махæн не схæццæ, хурæн йе ’ркаст. Тыххæйты ныххызтыстæм ихæйдзаг нарæг æрхмæ. Мæнæ галдзæбидыр. Иæ дзагьыр цæстыты бамбæхст тас, рис æмæ мæлæты сау марой. «Цуан ма сыл цæмæн фæкæнæм, æви сын зымæг æмæ уадтымыгьтæ, митзæйтæ æмæ дурзилæнтæ, тугдзых сырдтæ æмæ æндарæн замантæ æгъгъæд зындон не сты?» — ахъуыды кодтон. —Куы йæ ракъахæм, уæд æй кæрдæгджын фахсыл коммæ нылласдзыстæм,— загъта Майрæм.— Уæдмæ æртæфсдзæн æмæ йæ æнцонæй бастигъдзыстæм. Нæхицæн къахæвæрæнтæ акодтам æмæ тохы бацыдыстæм æндонæхсыст ихимæ. Рацыдаид дыууæ сахаты бæрц, афтæ хæхты фидыц, раздæры уæнгвидар æмæ сæрбæрзонд дзæбидыр «фервæзт» цъенгæ ихты уацарæй. Иæ дынджыр уырын сыкъатæй йæ арæхсттай нылластам Къæйысæры æхсæрдзæны былмæ. Уæдмæ сырд æртæфст. Бастыгьтам æй. Уæнгтæгондæй йæ ихдоны цæвæрдтам, нæхæдæг æрхыты, фæхсты æруыгьтам хъæллæгътæ, хъуынатæ æмæ арт скодтам. Майрæм дардта уæхстыл физонджытæ. Нард дзидзайы сой цæхæрмæ тагьд æмæ арт, цырындæргæнгæ, пихлæйттæ калдта. Физонджыты хæрздæфмæ комдæттæ ивылдысты. Сцæттæ нæ хæринаг. — Цæй, мæхæдæг уал дзы ацаходон, цы нæ вæййы... Уæддæр æз ацардтæн, дæуыл та 30 азы дæр нæма цæуы, кæйдæр сауæрфыг рæсугьд дæм æнхъæлмæ кæсы,— мидбылхудгæ мæм йæ цæст æрныкъуылдта куырыхон цуанон. — Цытæ дзурыс, мæ уæздан хистæр, æви мæ æмбалхор хоныс? Ахæм уавæрты хъуыддаг хистæрæй кæстæры сæрыл нæу,— бакастæн æм уайдзæфгæнæгау. — Цæй^ хорз, æви хъазæн ныхас нал æмбарыс,— айвæзта мын мæ дысалгь. — Авæр-ма мæнæн Чермены цæссыгæй, уый цыфæнды хъылма микъробты дæр бындзагьд ныккæндзæн. — Гъа-ма, Æфсатийы лымæн, ныр дæ хæрдмæ цæуын нал хъæуы,— йæ къухты йын фæсагьтон къубуска. Лæг дзы анызта æмæ физонæгæй адджын комдзæгтæ ныккодта. — Уый мардæгасгæнæг дзидза куы у, мах та цыдæр гуырысхотыл фестæм,—æрбакаст мæм цуанон. Куывды бадæгау нæхи хорз федтам, уæдæ цы. Рацыд иу сахаты бæрц. — Дзидзамæ ницы лаз и, æндæр афонмæ...— йæ къух ауыгьта лæг æмæ бахудт. — Дæуæй та кæд ацы фембæлд нæ ферох уаид. Чи зоны йæ фысгæ дæр ныккæнай æмæ фыдзонд хъайтарты номхыгьдмæ бахауон. — Æгонгæй, дæ рагон мысинаг, дæ зонды ныхæстæ мæ боныгмæ бахæсдзынæн, фæлæ мыхуыры кæд фæзындзысты, уый зын зæгьæн у: бирæ азты мæ литературон куыстмæ нæ равдæлдзæн. — Уый дæ бар у, дæ равг дæхæдæг хуыздæр зоныс,— фестад Майрæм æмæ хæхтæ, цъититыл йæ цæст ахаста.— Цæй, нæхи баифтындзæм, уæззау уæргьтимæ нæ 12 —14 километры ауайын хъæуы. 66
Мæ хистæр сырды мард дыууæ раст æмбисы бакодта æмæ амоны сæр æмæ царммæ: — Адон дæ уаргьмæ бафтау. — Бынтон мæ куы ’фхæрыс уый,— фæзылдтæн æм. — Сæр æмæ царм хистæры , кæннод сырдамарæджы вæййынц. — Сырдыл æрдзон фыдбылыз æрцыд, мах тæригьæдджын не стæм... Ацы сæрæй та быдыргь сараз æмæ йæ дæ бацæуæны сæвæр. Æцæг гье уæд дæ зæрдыл бадардзынæ мæ кæддæры цау, нæ абоны фембæлд. — Уыдон мæ афтæ дæр нал ферох уыдзысты. — Нæ, нæ, ахæсс сæ. — Цæй, хорз, сæр ахæсдзынæн, куыд загътай, афтæ йын сараздзынæн, фæлæ ма дæ зæронд фыд Сандыр æгас у æмæ царм уымæн балæвар кæнæм, ламаздыхъæн æй дардзæн. Мæнæ йын зым та æхсæвæрæн... Афтæ куы нæ уа, уæд мæн мисхал дæр нæ хъæуы,— загьтон фидарæй. Лæг мæм цасдæр æдзынæг каст. Мæ фæнд нал аивдзынæн, уый куы бамбæрста, уæд йæ къух ауыгьта: — Раст нæ дæ, фæлæ — гьа, фæуæд дæ ныхас. Абон дзæбидыр къахгæйæ мæ лалымы авæрдтон иу-фондз килойы бæрц ихтæ. Ныр мæ уаргь æгæр уæззау куы разынд, уæд сæ акалдтон. ♦Ихмæ иу-дыууæ боны фæстæ хæрæгыл æрбауайдзынæн æмæ сыхæгтæн дæр ахæсдзынæн»,— уыд мæ хъуыды. Сихортыл раргьуывтам нæ уæргътæ. Майрæм разæй, æз йæ фæдыл, афтæмæй ныфтыдтам нарæг фæндагмæ. Цæуæм сындæггай, хатт-иу æрулæфыдыстæм. Мæ хистæр ма мын радзырдта, мæ фыдимæ цуаны кæд æмæ кæмыты уыдысты, цы тæссаг уавæрты-иу бахаудтой, уыдæттæ. Хаста æмбисæндтæ, таурæгьтæ... Майрæмы хъæумæ ныххæццæ стæм изæрдалынгты. Мæн ма ауайын хъуыд дыууæ километрмæ ’ввахс. — Раздæх нæм,— куырдта цуанон. — Æхсæвæр иумæ скæндзыстæм, чысыл дæ фæллад дæр суадз. — Бузныг, гуырысхо ницæуыл кæнын,— арфæ йын ракодтон,— мæнæй Сандыр æмæ бинонтæн — зæрдиаг саламтæ. Æз та, цалынмæ мыл мæ фæллад æмæ мæ хъæдгæмтты рыст нæма æртæфстысты, уæдмæ хæдзар бацагурон. — Цæй, кæд афтæ у, уæд фæндараст кæн,— мæ къух мын райста.æмæ фæхицæн стæм. * * * Рацыд бирæ азтæ. 85-аздзыд Майрæмимæ та сæмбæлдыстæм. Ныр уый у хæсты, фæллойы æмæ партийы ветеран. Æрымысыдыстæм нæ кæддæры фембæлд. — Хорз ма йæ хъуыды кæнын^— бахъæлдзæг Майрæм,— фæлæ уыцы дзæбидыры сæр цы фæци? — Нæ тæккæ уæлкъæсæр, арæх дæ фæфæрсы, куыдтæ, дам, цæры мæ ирвæзынгæнæг... Дæ номыл æй дарын, цом, фен æй. — Цом,— сразы мæ кадджын хистæр æмæ хæдтулгæйы абадтыстæм. Байгом дуар. Уæлкъæсæрмæ бауыдта кæддæры зæйласты сæр. Æриста йæ арæхстгай. Уарзон хъæбулау æй йæ риумæ нылхъывта... Бецау, нал æй бафарстой йæ цæссыгтæ. «0 ме ’нусон мысинаг, цæй æмхуызон систæм... Сырдтæ, мæргьтæ, хæхты рæсугъддзинад, цъититы сыгьдæг уæлдæф æмæ æлутоны хуызæн суадæтты ад та банкъардтон, мæ цæстытыл уайынц,— дзырдта ныдæмæй дзæбидыры аив боцъо даугæйæ Майрæм,— фæлæ азтæ, 67
азтæ, нымайæг сæ ма уа, æфсургъæй тагьддæр згьорынц. Уæд мыл 45 азы йеддæмæ нæма цыд... Ацы æхсызгондзинад мæ бирæ бонты рæвдаудзæн». — Тыхсгæ ма кæн, мæ хæлар, æнусæмбай тулдзæн уадтымыгътæ ницыма хъом вæййынц,— ацамыдтон рудзынгæй иу уæнгджын бæласмæ. — Тулдз уа, дур — сæ азтæ нымад сты, æнусон ничи æмæ ницы у,— загъта ма куырыхон хистæр, дзæбидыры сæр йæ бынаты æвæргæйæ. Цасдæр ма афæстиат стæм нæ ирон фынджы уæлхъус, гъе стæй ахызтыстæм Терчы былмæ. Цæуæм знæт доны иувæрсты æмæ та — дзуринæгтæ, мысинæгтæ... Æхсæвæрафон бахызтыстæм Майрæмты кулдуарыл. РИХИДЖЫН ЛÆГ — авдæны Хæсты райдианы хохаг æвзыгъд лæппу Микайыл сæххæст нудæс азы æмæ æвæстиатæй атындзыдта тохы быдырмæ. Хъæбатырæй хæцыд цыфыддæр знаджы ныхмæ. Киевмæ хæстæг тугкалæн хæстыты равдыста стыр лæгдзинад. Йе ’фсæддон хай фæстæмæ иу къахдзæф дæр нæ рацыд, афтæмæй фыдгулы фæсчъылдым аззад. — Къордгæйттæй цæугæут скæсæны ’рдæм, хъуамæ немыцы æфсæдты сæрты ахизæм нæхиуæттæм,— загъта сын командир. —Æххæст кæнут бардзырд. Æфсæддонтæ иугай-дыгай ратындзыдтой фæстæмæ. Микайæн фембал йæ хъæуккаг Саба. Немыцмæ уацары ма бахауæм, зæгъгæ-иу, бон сæхи бафæсвæд кодтой, æхсæв-бонмæ та цыдысты нæхирдæм. Бирæ тухитæ æмæ зын бонты фæстæ рахызтысты фашистты сæрты æмæ баиу сты нæхионтимæ. Мика суанг 1943 азы дыккаг æмбисмæ удуæлдай тох кодта лæбурджыты ныхмæ, фæлæ Ростовы бынмæ уæззау цæф фæци æмæ бахаудта æфсæддон госпитальмæ. Фæцис дзы цалдæр мæйы. Куы йæ рафыстой, уæд ын дохтыртæ загътой: «Лæппу, дæуæн хæст фæци, фæндараст кæн дæ райгуырæн Кавказмæ». Мика хæстæй сыздæхт цалдæр хæрзиуæгимæ. Кæд ыл æрыгонæй «инвалид» ном сбадт, уæддæр царды цин ардта фæллойы: куыста алы бæрнон бынæтты, колхозы быдырты. Иу ахæмы дзы, хæстмæ ацæуыны тæссæй йæ азтæ къаддæрыл чи бавдыста æмæ йæ хъарм хæдзары æнæмæтæй чи фæбадт, иу ахæм лæг ахъазынвæнд скодта. — Дæ цонг размæ бырсгæйæ фæцæф и æви фæстæмæ лидзгæйæ? — фæрсы йæ мидбылхудгæ. — Знаджы æрхъулайæ фæстæмæ куы цыдыстæм, уæд,— бахудт æм Мика дæр.— Цæвиттон, иу мæйдар æхсæвы Сабаимæ бафтыдыстæм украинаг хæдзармæ. Кæсæм, æмæ дзы ацæргæ ус авдæн узы. Хуысгæ"та дзы кодта мæнæ дæ цахъхъæн, раст дæу æнгæстæ пыррыкрихи лæг... Дæ размæ 68
спектаклы Цола авдæны куыд хуыссыд, афтæ. Иæ сымпыр—æнæхъæн тъæпæнæг, йæ сыппа та — галы сгуыйæ. Куыддæр нæ ауыдта, афтæ авдæны бæттæнтæ срæмыгъта æмæ рагæпп ласта. Ацы дзæгъæлдзутæ ам цы ми кæнынц, зæгъгæ, йæ сыппайыл дыууæ къухæй фæхæцыд æмæ мын йæ тых-йæ бонæй мæ уæхск ныссæрфта. Ныр мæнæ куыд уыныс, афтæ — цонг цæнкуылæй баззад... Хорз æмæ ма Саба рудзынгæй йæхи аппæрста, æндæр дзы уымæ дæр æрхаудтаид. Иу загъдæй, Микайы ныхæстæ сæмбæлдысты сæ нысаныл æмæ амыдтой: лалым, дæумæ дзурын, гæбæт, ды йæ бамбар. «Гæбæт» æй хорз бамбæрота æмæ тарст рувасау лидзæг фæци. — Кæд ма истæуыл фæрсыс, мæ хæлар! — адзырдта ма йæ фæдыл Мика, фæлæ йæ уый «нал фехъуыста». Алкæмæн дæр, дам, йæ лауыз — йæ мæрдтæн... ХЪÆЗДЫГ ЛÆГ ÆМÆ МÆГУЫР ЛÆППУ Мæгуыр лæг æмæ усæн райгуырд лæппу. Мулкæй сæм уыдис æрмæст дыууæ галы. Цас фæцардысты, уый чи зоны, фæлæ иу ахæмы лæг амард, æмæ ус лæппумæ дзуры: — Цæй, цы гæнæн ис, нæ гал хистæн аргæвдæм. — Уый та куыд, нана, хуым та ма цæмæй кæндзыстæм? — Нæ, нæ, адæмæй худинаг у, аргæвдæм æй. Æз дын-иу æххуыс кæндзынæн. Цы ма загътаид лæппу. Сæ иу гал аргæвстой. Уалынмæ ралæууыд хуымгæнæн афон. Иуæрдыгæй сифтыгътой гал, иннæрдыгæй хæцыд ус, дзывыр та дардта лæппу. Тухитæ кодтой, уæдæ цы. Æнæнхъæлæджы сыл æрбамбæлд иу хъæздыг лæг. — Цы удхар кæныс, иунæг! Цом, æз дын гал раттон,— дзуры йæм. Лæппу бакаст йæ мадмæ: — Цы йæм цæуон, нана? Хъæздыг лæгæй кæд цы рантыст? Фæсайдзæн мæ. — Ацу, мæ хур, ацу, бавзар æй. Хъæздыг лæг бæхыл, лæппу фистæгæй, афтæмæй фæцæуынц. Иу афон бахæццæ сты. Хъæздыджы рæгъауæн æлдариуæг чи кодта, дыууадæс æххуырстæн та ахсын чи нæ куымдта, бонджын лæг ын ахæм уæныгмæ бацамыдта: — Мæнæ дын гал æмæ йæ акæн. Лæппу уæныгмæ куы бахæстæг, уæд ыл уый йæхи андзæрста. Хъæздыг лæг мидбылты худы æмæ йæхицæн дзуры: «Ныртæккæ йын мæ мокъо йæ тъæнгтæ акалдзæн æмæ йæхи гал дæр мæн бауыдзæн». Уалынмæ лæппу æнæдомд уæныджы къæдзил ацахста æмæ йæ, ставд лæдзæгæй нæмгæ, сæ хуымы бамидæг кодта. Баифтыгъта йæ сæхи галимæ. Цалдæр зылды куы ’ркодта, æфсондз æй куы алхъывта, уæд йе ’взаг раппæрста æмæ арф ауæдзы æрхуыссыд. Лæппу йын фæтæригьæд кодта. Иудыууæ боны йын улæфт радта, стæй та йыл хуым кæнын байдыдта. 69
«Цæй, мæ уæныг фенон»,— бацымыдис хъæздыг лæг, æмæ саргьы бæхыл фæраст мæгуыр иунæгмæ. Кæсы, æмæ йæ гал хуым кæны. Лæг дисы бацыд. — Хорз, лæппу, хорз,— дзуры йæм.— Цом, ныр дын æз мæ чызджы дæр раттон. Лæппу та бакаст йæ ныййарæгмæ: — Сайы мæ, хъæздыг йæ чызджы мæгуырæн кæд радта? — Цæй, цы нæ вæййы, бафæлвар æй, ацу йемæ,— загъта йын мад. Бонджын лæг та бæхыл, мæгуыр иунæг — фистæгæй, афтæмæй фæцæуынц... Хъæздыджы чызг уыд магуса, урскъух, æмбисбонмæ хуыссаг. Фыд йæ иунæг чызджы мæгуыр лæппуйы разæй скодта æмæ сын фæндараст загъта. Цас рауадысты, чи зоны, афтæ чызг, нал фæразын, зæгьгæ, зæххыл йæхи æрæппæрста. Лæппу бæрзы къалиу æрсаста æмæ чызгыл хæфтытæй ралæууыд. Чызг фæгæпп ласта æмæ лæппуйы разæй фæци. Иу афон ныххæццæ сты... Чызг уаты бады, фæлæ йын «ахæр» зæгьæг нæй. — Дон дæр уæм нæй? — фæрсы чызг. — Мæнæ уат бафснай, кæрт ныммæрз æмæ уæд уыдзæн,— дзуапп ын радта лæппу. Чызг къæсæртæ рамарзта, уат бафснайдта, æмæ йын дон радтой. — Сыдæй мæлын, къæбæр дæр уæм нæй? — дзуры та. — Дæлæ хъуццытæ радуц, æмæ дын æхсыр. Чызг хъуццытæ радыгьта, къусмæ æхсыр рауагьта æмæ куры: — Иемæ мын иу кæрдзыны мур уæддæр авæрут. — Мæнæ кæрдзын скæн, картоф æркъах æмæ дын уæд уыдзæн. Цы гæнæн ма йын уыд, кæрдзын скодта, картоф скъахта æмæ йæхи хорз федта. Афтæмæй лæппу чызджы бафтыдта фæллойыл, æмæ сæ цард йæ гаччы сбадт. Иу ахæмы хъæздыг лæг сфæнд кодта йæ чызджы бабæрæг кæнын. Бæхыл та бабадт æмæ сиргæ фæцæуы. Æрфистæг лæппуйы кæрты. Æрæджиау æм, æрчъиаг йæ къухы, афтæмæй ракаст йæ чызг. — Гъа, мæнæ ацы æрчъиаг сфæлмæн кæн, кæннод дын кæрдзын нæ ратдзысты,— дзуры йæ фыдмæ. — Ныр мæ бауырныдта, мæ чызг, мæгуыр иунæг дæ æцæг адæймаг кæй рауайын кодта, уый. Фæллой, йæ мад амæла, фæллой у адæймаджы рафæлдисæг... Лæг йæ сиахсы йе ’мгæрттимæ ахуыдта сæхимæ. Уазджытæ фæстæмæ куы здæхтысты, уæд кайыс сиахсмæ иуварс асидт. — Хъæздыг æз нæ дæн, лæппу, фæлæ ды: лæгдзинад фæтых мулкыл,— райста йын йæ къух. 70
Сæргæндтæ Хъæбатыр Гобæ • 3 Тыхгæнæджы мæлæт ......... 4 Фаззæттæ ............ 5 Мæ хъаймæты хæлар ......... ю Музыкæуарзаг зæрватыччытæ ....... 17 Фыды хæлар — фыды хæзна ........ 18 Уырс æмæ уасæг .......... 22 Хъандзæргæс ........... 24 Æрыгон цуанон ......... Мыстулæджы хъыг æмæ цин ........ 28 Æнусон маст ........... 29 Балц хæхтæм ........... 31 Мæ ирвæзынгæнджытæ ......... 42 Расыг уасæг ........... 44 Нывонд бæлас . 48 Уæллагкоймаг дидинджытæ Гакк 51 Цуанæттæ ............ ^З Дзæгъæл гæрахæй .......... 50 Рихиджын лæг — авдæны ........ §8 Хъæздыг лæг æмæ мæгуыр лæппу ....... §9
Для старшего и средне^го школъного возраста АФОН ГАВРИЛОВИЧ БЕКМУРЗОВ Мои спасители Рассказы и сказки на осетинском языке. Редактор И. Р. Цомартов Художник А. А. Кануков Художественный редактор У. К. Кануков Технический редактор А. В. Я д ы к и н а Корректор И. X. Джанаева ИБ № 1576 Сдано в набор 23.03.88. Подписано к печати 23.09.88. ЕИ 01304 Формат бумаги 70х х100'/|б- Бум. офс. № 1. Гарн. шрифта школьная. Печать офсетная. Усл п. л 5,8 Усл. кр.-отт. 11,99. Учетно-изд. листов 5,7. Тираж 2000 экз Заказ № 1 28. Цена 25 коп Издательство «Ир» Государственного комитета Северо-Осетинской АССР, по делам издательств, полиграфии и книжной торговли, 362040, г. Орджоникидэе, проспект Мира, 25. Книжная типография Государственного комитета Северо-Осетинской АССР по делам издательств, полиграфии и книжной торговли, 362011, г. Орджоникидзе, ул Тельмана, 1 6