Текст
                    ;• ’
хæхтьв
УАЦАУТÆ
ÆМÆ
РАДЗЫРДТÆ
ЧИНЫГУАДЗÆН
Орджоникидзе * 1981


840сет с(Осет) Т64 Токаты А. Т64 Хæхты: Уацаутæ æмæ радзырдтæ. — Орджони- кидзе: Ир, 1981.-355 с. Токаев А. И. В горах. В книгу входят дпо повссти н ряд рассказов. В повести «Катя» расска- зывается о трагическон судьбс осетинкн недавпего прошлого, которон при- ходилось бороться с реакционными обычаями за свое право на счастье и любовь. В повестн «Путь Тасолтана» пнсатсль срсдствамп нссколько грустного юмора описывает приключения молодого героя. Рассказы, за небольшим исключением, посвященьГ жнзнн и труду .со-> врсменного осетинского села. 70303-19 840сет М131(03)-81 с(Осет) © Издательство «Ир», 1^81
УАЦАУТÆ К А Т Я гЛысон дæр ма арв тар æврæгътæй æмбæрзт уыди.Ныр ыл иу мигъы къуымбил дæр нал зыны. Бæстæ — рухс æмæ "РД. Цалдæр боны фæуарыди, æмæ къæвда уæлдæфы рыг æрæхг- садта^' Хæхты таг Хурыскæсæнæй Хурныгуылæнмæ, цæст цас- ахсы, уыйонг уыцы æрттывдæй æрттивы. ^Хурыскастмæ бирæ* нал уыди. Иæ тынтæй фæсырх сты цъитисæр хæхтæ, цыма< сыл; тыбар-тыбургæнаг сырх зæлдаг æрæмбæрзтæуыди, уыйау.. Хъæдрагъы бæлæсты сæртæ дæр фæсырх сты. Нæ дыргъдрны; бæлæсты сыфтæртыл æрзæбултæ сты дысоны уарыны æртæхтæ? æмæ хуры тынтæм æрттивынц авджын хъуссæджытау. Цæй диссаджы рæсугъд у хурыскаст нæ хæхбæсты! Æхсьтз- гондæр ма цæмæ акæса адæймаг! Уыцы диссаджы нывты но- джы рæсугъддæр æмæ зæрдæмæдзæугæдæр кæны дæлейы, ко- мы, Стырдоны уынæр. Сæрдыгон ивылд дон лæбуры, æмæ йæ зарæг хæццæ кæны суанг комы Уæлбыл хъæуы астæумæ дæр. Уыцы афон кæртмæ рауадтæн æиæ хæдонæй, цыбыр хæ- лафы æмæ джихæй баззадтæн нæ рæсугъд хæхтæм æмæ кæмт- тæм кæсгæйæ. Æвæццæгæн ма сæм бирæ фæкастаин, фæлæ сатæг æмæ уазал уæлдæфæй барызти мæ буар, стæй ма уын- гæй та сылгоймæгты худын æрбайхъуысти. Цалдæр чызджы уынджы æрцæйцыдысты æмæ, мæн æнæ хæдонæй, цыбыр хæ- лафы куы федтой, уæд ныккæл-кæл кодтой æмæ дæлæмæ худ- гæ азгъордтой. Тагъд-тагъд мæхи ахсадтон. Уатмæ Оауадтæн,. мæ дзаумæттæ акодтои, аходæн ахордтон æмæ колхозы прав- ленийырдæм ацыдтæн. Колхозы кæртæй аходæныл хъуамæ араст уа машинæ бы- дырон станмæ. Мæнæн дæр уымæ цæугæ уыд. Кæрты ныййæфтон колхозонтæй дзаг машинæ; Чысыл раз-- 3:
дæр мæ цурты кæл-кæлгæнгæ цы чызджытæ æрызгъордтой, уы- дон ныр бадтысты машин&йы. Мæн машинæхмæ сцæйхизгæйæ куы ауыдтой, уæд та ныххудтысты. Сбадтæн кæройнаг фæй- нæгыл. Машинæ уынгтьт дæлæмæ араст. Хъæугæронæй куы ахызты- стæм, уæд та мæ хъустыл ауади уыцы чызджыты хъазæн ны- хас æмæ худын. Айхъуыстон Берозты Майрæмы кой дæр. Кбд- той йæ зарæгау: Ой, нæ ныфсджьш’лæппутæ, Цы фестут, цы баистут? Берозты Майрæммæ Цæуылнæ фæкæсут? Иæ рæсугъд усы йын Куы байстой йæ кайыстæ, Нæ ныфсджып лæппутæ, Уæ сæрмæ цы хæссут!.. Зарæджы ныхæстæ дзырдта бурхил, худаг чызг. Иннæ чыз- /джытæ йын кодтой хъырнæгау. Уымæй размæ дæр ма æры- хъуыстон Майрæмы кой, ома: йæ рæсугъд ус Катяйы, дам, ын ’байстой йæ кайыстæ. Æрмæстдæр цæсгомæй зыдтон Майрæмы ;дæр æмæ Катяйы дæр. Цалдæр минуты фæстæ æрхæццæ стæм быдырмæ. Хуым- тæ рувынæн нæма бæззыдысты. Лæхъирцъыф уыдысты. Цалын- мæ хур дзæвгар суайа, зæхх дзæбæх æрсур уа, уæдмæ уал бан- хъæлмæ кæсæм, зæгъгæ, фæсивæдæй чи йæ рувæн цыргъ кæ- ныныл æрбадти, чи æрхмæ йæхи ахсынмæ ныууади, чи ’та æрхы был дидинджытæм кæсыныл фæци. Хистæртæ станы кæр- ты стыр кæрдо бæласы рæбын даргъ бандоныл æрОадтысты. Чызджытæ бацыдысты станы уæттæй иумæ, æмæ та уырдыгæй дæр райхъуысти сæ худын æмæ сæ зарæг. Ногæй та пыхæстæ кодтой Майрæм æмæ Катяйы тыххæй. Æз ацыдтæн мæ фæл- варæнты зæхмæ. &&& Хур дзæвгар куы акъул, уæд æрбаздæхтæн рувджытæм. Арæнхъ сты зæнджы нарджытæм нартхоры æмæ дастой хæм- пæлгæрдæг. Æз дæр æрлæууыдтæн се ’мрæнхъ æмæ сын код- тон ме ’ххуысы хай. Быдыр — æрдхæрæиы рæсугъд. Рахизырдыгæй, уæллоз, та- рæй зыны хъæд, галиуырдыгæй даргъ тагæй ацыди, чи фæбур, ахæм мæнæуы хуым æмæ йын кæрон дæр нæй. Астæуæй та рувинаг нартхоры быдыр. Сс ’хсæн, ранæй-рæтты — бæлæстæ. Алырдыгæй хъуысы алы мæргъты уасын. Ратæх-батæх дзы кæ- 4
нынц алыхуызон гæлæбутæ. Зæххыл цæрæгойтæй алчидæр кæ- ны йæ сæрдыгон царды кой. Мæнæ рувгæ-рувын æрбахæццæ стæм хъæддаг кæрдо бæ- ласмæ. Лæууы быдыры астæу хъал кæрдо бæлас. Куыд цард- хуыз æмæ рæсугъд у, куыд аив у ацы быДыры астæу. Иæ бын* мæ мæ рувæны хъæдыл æрæнцой кодтон æмæ йæм кæсын. Иæ кæрдотæ дзæбæх фæтымбйл сты. Йæ сыфтæрты ’хсæн бындз нæ атæхдзæн. Йæ дæллаг къалиутæй дыууæйы æхсæн айвæзтн хæлуарæджы тын. Иу рæсугъд гæлæбу дзы бахауди, йæ гæн- дзæхтæ тоны, фæлæ йæ бон нал у раирвæзын. Гæппæввонгæй æнхъæлмæ кæсынц дыууæ хæлуарæджы. Иннæ гæлæбутæ ра- тæх-батæх кæнынц бæласы алфамбылай. Уыдон бирæ сты. «Хъахъхъæнут уæхи, мæнæ рæсугъд гæлæбутæ, ма бахаут яхæм хæлуарджыты тынмæ»,— загътон мæхинымæр, æрцавтон хæлуарæджы тын мæ рувæнæй æмæ та кусын байдыдтон ме ^мбæлтты æмрæнхъ. Йудзæвгар ма куы арывтам, уæд цæгатырдыгæй радымдта сатæг дымгæ æмæ нартхоры сыфтыл зйлдухгæнгæйæ афардæг.' — Хорз дымгæ, нæу. Рагæй цыма иал федтам къæвда! — Р1æ сæр батылдта рувджыты хистæр Джена æмæ та æргуыбыр кодта рувынмæ. — Еуæ, суæ, кæстæртæ, рæвдздæр бавналут! — зæгъгæ, нæм’радзырдта. Мах дæр февыæлдтам рæвдздæр. Куыстыл аф- тæ ныггуыбыр стæм, æмæ нæ ничи бафиппандта, зæхгæс Дзи- ба нæм чъылдымырдыгæй куыд æрбаввахс, уый. Иæ хуыфын- мæ Дженаимæ ракастыстæм. Дзиба нæ цуры æрлæууыд тæ- фæрфæсгæнæджы лæуд æмæ йæ сæр æруагъта. — Цы .хабар у, Дзиба? Цы ныл æрцыди? — бафарста йæ Джена. Рувджытæ’ иууылдæр сæ куыст ныууагътой ’ æмæ джи- хæй кастысты Дзибамæ. — Хъæуы æнамонд хабар,— загъта Дзиба æмæ фæхъус. Æвæццæгæн, йæхицæн дæр зын уыди уыцы фыдохы хабар зæ- гъын. Нæ алкæйы зæрдæмæ дæр бахызти фæдисы тас. — Нæ ахуцргæнæг... Тараты Катя горæты фæмард... йæ мард ын сæхи хъæумæ фæласынц,— фехъусын кодта Дзиба. Рувджытæ цавддуртау лæугæйæ баззадысты. Чызджыты- рдьтгæй райхъуысти кæуын. Джена систа йæ нымæтхуд, йæ цæссыгтæ дзы асæрфта æмæ загъта: «Рухсаг уæд, рухсаг, Ка- тя. Уалдзыгон зæрватыккау æртахти нæ хъæумæ, нæ сабиты нын рухсмæ хуыдта. Адæмæн йæ сыгъдæг, йæ фæлмæн зæрдæ- йæ йæхи бауарзын кодта... Кæй аххосæй фесæфти, уыдонæн адæмы.фыдæх сæ фæдыл фыдæй æфтыд фæуæд!» — Æмæ уæд Майрæм та кæм ис? — Дзибайы кæугæ-кæуын •бафарста бурхил чызг. 5
— Майрæм, дам, уæззау цæфтæй хуыссы рынчындоны... — Æ, иунæг хуыцау сыл йе стыр бæллæх æруадза Тара- тыл... Ма кæут, чызджытæ... ма кæут... Кæуынæй пайда нал ис. Кусын нæ никæмæуал цыди. Арвы æрцæфау уыди ацы сау хабар не ’ппæтæн дæр. Катя фарон куыста нæ хъæуы астазон скъолайы ахуыргæ- нæгæй. Ацы аз нал ыссыди. Мæ хъустыл æрцыди, йæ бинонтæ- йæ нал рауагътой, зæгъгæ. Цæй тыххæй йæ нал рауагътой,. уымæн ницы зыдтон, дæлæ-уæлæ ныхæстæ цы фехъуыстон, уы- мæй дарддæр. Æрæджы уыдтæн сæ хъæуы æмæ, Катя горæт- мæ куы цыди, уæд æй федтон. Фыццаг куыд рæсугъд æмæ- цардхуыз уыди, уымæй йæм ницыуал баззади. йе стыр сау цæстытæ бахаудтой. Иæ цæсгом — фæлурс, фæллад æмæ тарст- хуыз. Машинæйы кабинæмæ æвæндонæй бахызти. Иæ фæдыл чи рацыди, уыдонæн «бузныг» æмæ «хæрзбон» зæгъынмæ’ фæ- стæмæ ракасти, йæ былтæ чысыл базмæлын’ кодта, фæлæ йæ* уымæл цæстытæ кæлмæрзæнæй амбæрзта æмæ иннæрдæм азыл- ди. Нал ракасти. Машинæйы гуыффæмæ ма ноджы слæсыди иу гуыбырфындз: зæронд ус, бадæн фæйнæгыл йæхи æруагъта. Машинæ араст. Уыцы бон та мæ хъустыл æрцыди цыдæр дам-думтæ, фæ- лæ та сæм мæ хъус не ’рдардтон. Хъæуты чызджытыл ахæм; ныхæстæй фылдæр цы вæййы. Ныр ацы фыдохы сау хабар куы фехъуыстон, уæд мæ зæр- дыл æрбалæууыдысты уыцы дам-думтæ æмæ мæ цæссыгтæ- сæрфгæйæ ныхъхъуыды кодтон. Зæрдæйæ лæмæгъ чи у, уыцы адæймæгтæй нæ дæн. Мæлæ- тимæ иу æмæ дыууæ хатты нæ бацыдтæн хъæбысхæсты. Афтæ раййæфта мæ фæлтæры цард. Уæдæ удисæг адæймæгты дæр куыннæ федтаин мæ царды, фæлæ утæппæт зындзинæдты фи- дардæр цы кодтон, æидæр мæ уæраг никуы фæтасыди, мæ зæр- дæ никуы асасти. Суанг ма-иу, хæсты быдыры мæ хæстон æм- бæлттæй чи бацарæфтыд, уыдон мæхи къухтæй куы ныгæдтон, уæддæр мæ цæсты бынтæ никуы суымæл сты, фæлæ ныр æры- гон ахуыргæнæг Катяйы марды сау фыдохы хабармæ мæ цæс- сыгтæ æрызгъæлдысты. Цæмæн? Мæ хо куы нæ у, йе мæ хойы чызг, йе ме ’фсымæры чызг. Æппындæр мын куы ницы бавæй- йы. Æрмæст æй цæсгомæй зыдтон, йæ хорз куысты, йæ хорз- зæрдæйы кой йын хъуыстон. Хъæууон адæм, йæ ахуыргæни- нæгтæ йæ бирæ уарзтой. Æмæ адæм се ’ппæт афтæ кæй уар- зынц, ахæмтæ бирæ ис? Уæдæ цæмæн фесæфти ахæм зæды хуызæн адæймаг? Цæмæн ацыди цардæй, адæмæн сæ цард рæ^ 6
сугъд кæнынæн чи равзæрди, уый? Цы фыдбæллæхтæ йæ бар- выстой мæрдтæм? Гъеуыцы хъуыдытæ мæ ластой Катжйы райгуырæн хъæумæ, цæмæй сау фыдохы хабары æцæгдзинад раиртасон, уый тых- хæй. &&& Хур аныгуылди, фæлæ ма уыди изæррухс. Дæлвæзы хъæуы •сæрмæ суадысты цъæх фæздæджы бæлæстæ. Хъæугæроны бай- йæфтам стыр фосы дзуджы. Æфсæст фос ивылдысты хъæуы- рдæм. Мах дæр се ’хсæнты цыдыстæм æнцадгай. Кæройнаг уынгтæ дзаг уыдысты фосæй. Фыстæ дзыгуыртæй лæууыдысты бæлæсты рæбынты. Кæм уæнгуытæ сыкъайæ хæ- цыдысты хуыскъ хъуццытимæ, кæм дуцгæ хъуццытæ уасыды- сты сæ родтæм. Фыдуаг сæгътæ сæ раззаг къæхтæ каутыл сæ- вæрдтой æмæ балбæлæсты къабузтæ райваз-байваз кодтой сæ бырынчъытæй. Æрталынг пс, бахæццæ стæм астæуыккаг уынгмæ. Дæлдæр, Тараты кæрты дуармæ, лæууыдысты бирæ лæгтæ. Дзибаимæ бидаркæйæ рахызтыстæм чысыл уæлдæр. Дзиба бæхы абаста бæласыл, æмæ араст стæм зианджынтæм. Лæгты раз æрлæууыдыстæм, тæфæрфæс ракодтам æмæ ба- цыдыстæм кæртмæ. Кæрты дæр — дзæвгар адæм. Бæрзонд дурын быруйæ ингæнау æхгæд кæртмæ хæдзарæй хъуысти устыты хъарæг. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу уыцы æмыр хъарæджы сæрты райхъуысти зæрдæхалæн æрдиаг. — Уæ мæ цæсты рухс, мæ зæрдæйы уидаг, мæиунæг чызг!.. Кæмæн мæ ныууагътай! Уæ, мæ хуры тын, цы раджы мын аныгуылдтæ... Уæ, куыд ма цæрдзынæн, цы боны рухс ма фен- дзынæн дæ фæстæ?! Мæ зæрдæ суынгæг, мæ хъуыры абадти масты къуыбар. Мæ цæстытæ асæрфтон æмæ, сарайы цы лæгтæ лæууыди, уы- донмæ хæстæгдæр бацыдтæн. Æрлæууыдтæн сæ дæле. Лæгтæ ницы дзырдтой.Чи дзы зæхмæ касти, чи хæдзармæ, чи тыргъ- мæ. Цæуыл хъуыдытæ кодтой? Чи зоны, ууыл, æмæ сæхæдæг дæр аххосджын уыдысты. Чи зоны, сæхинымæры сæхицæн уай- дзæф кодтой: «Куы йæ зыдтам, Катяйы йе ’фсымæртæ æвæн- донæй кæй раластой, уый. Не ’хсæн царди æмæ йæм нæ цæст нæ фæдардтам, нæ бафхæрдтам йе ’фсымæрты, нæ йæ фервæ- зын кодтам, пскæй бинонты æхсæнмæ йе ’взаг чи. хæссы, зæгъ- гæ». Хæдзарæй тынгæй-тынгдæр хъуысти мады æрдиаг. — Гъеныр æрдиаг кæн, зæронд бирæгъ!—зæгъгæ, мæ хъус- тыл ауадн, мæ уæле чи лæууыди, уыцы лæджы мæсты хъæ- 7
лæс. Æз фæджих дæн. «Ау, сау фыдохы уæзы бын цы мад фæци, йæ хъæбулы марды уæлхъус сау марой, сау æрдиаг чи кæны, уыцы мадæй цæмæн афтæ зæгъы? Æвæццæгæн æм ацы судзгæ зианы уæз нæ хъары»,—загътон мæхинымæр æмæ йæм бакастæн! Мæ сыхагæн йæ цæсгом хорз нæ уыдтон. Фæлæ уы- цы рæстæджы кæройнаг уатæй кæртмæ ранывæсти цырагъы рухсы таг æмæ барухс кодта лæджы цæсгом. Æз та йæм фæ- ком-шммæ дæн. Лæгæн ферттывтой йæ дондзаст цæстытæ. Тар æмæ хъуынтъыз уыдысты йе ’рфгуытæ. Лæг йæ дысæй асæрф- та йæ цæстытæ æмæ не ’хсæнæй ацыди кæрты дуарырдæм. Ацы лæг хъуыддаг бæлвырддæр зоны, æвæццæгæн, зæгъгæг йæ фæдыл рацыдтæн. Куы йæ афæрсин, зæгъгæ, йе ’мдзу ра- кодтон. Ныхасмæ,йæ куы бауромин, уый мæ зæрды уыди, фæ- лæ уый цыди тагъд, мæстджын лæджы цыдæй. Ницыуал æм сдзырдтон. Уайтагъд аныгъуылди талынг цæх- гæрмæ уынджы. Фæстæмæ раздæхтæн æмæ хæрхæмбæлд фæдæн Дзибайыл. Æз уыцы мæстджын лæджы фæдыл куы рауадтæн, уæд Дзиба та мæ фæдыл рацыди. — Цæмæн рацыдтæ Хъасполы фæдыл? — фæрсы мæ. — Чи у уыцы лæг? — Уый Тараты Хъаспол у, зианджынтæй. Хорз лæг у. — Тынг мæсты у. Иæхи тыххæй уромы. — Куыннæ уа мæсты? А йе ’рвадæлтæм баст хæрæг дæр нæ бауромдзæн йæхи æнæ смæсты. Фæлæ цæмæн рацыдтæ йæ фæдыл? Загътон ын, цæмæн, уый. — Ей-и-и, уый æгæр даргъ дзуринаг хабар у,— зæгъы Дзи- ба æмæ йæ сæр ныттылдта. Ныхасгæнгæ бацыдыстæм нæ би- даркæмæ. Дзиба бæхы дзылары бостæ райхæлдта бæласæй æмæ, «сбадæм» куыд загътам, афтæ нæ хъустыл ауади сылгой- маджы хъæлæс. Чидæр дзырдта Дзибамæ йæ номæй. Дзиба йæ хойы йæ хъæлæсæй базыдта. — Нади! — фæдзырдта йæм.! Сылгоймаг фездæхти махьг- рдæм. — Дзиба! Цæуынмæ хъавыс? Фæлладæй, æххормагæй?.. Цом нæхимæ. Уæ фæллад суадзут, исты ахæрут,— дзырдта На- ди тыхстæй, æлвæст хъæлæсæй, ’ йæ цæссыгтæ асæрф-асæрф- гæнгæйæ.— Де ’мбалы дæр ракæн. — Цæй, цæй, мауал ку. Дæхи йыл цы хæрыс? — Бауай- дзæф кодта Дзиба йæ хойæн. — Куыннæ йыл кæуон, куыннæ, ме ’фсымæр?.. Удыгагайы хуызæн чызджы куы ’рбабын кодтой." Зæды хуызæн адæйма- 8
джы мæрдтæм куы барвыстой, быныхъæр сæ рацæуа! — нык- ;куыдта.сылгоймаг, стæй йæхи фæурæдта: ■ — Цомут, цомут, æз уын хъарм хæринаг акæндзынæн. Фæй- нæ арахъхъы дæр ануазут,— загъта Нади æмæ нæ разæй фæ- раст и. , — Цæуæм?—фæрсæджы каст мæм æрбакодта ме ’мбал. Иæ мæстджын ныхæстæй бæрæг уыди, Нади хорз кæй зыдта Тара- ты хæдзары, хабæрттæ, уый. Уæдæ нын уыцы хабæрттæ бæл- вырддæрæй кæд радзурид, зæгъгæ, сразы дæн. Æртæ сахаты бæрц фæбадтыстæм фынджы уæлхъус. Нади нын радзырдта ацы æнамонд хабар кæрæй-кæронмæ. Æхсæвæрафон рараст кодтам нæхимæ. &&& Хъæугæронмæ куы рахæццæ стæм, уæд мæй хохы сæрæй скасти æмæ барухс кодта быдыртæ. Фæндаг — фынджы хуы- зæн-г-.лæгъз. Уарыны фæстæ йæ хур æрсур кодта, цæлхытэе йæ æрнадтой æмæ мæйрухсмæ æфсæнвæндаджы хуызæн æрттыв- той цæлхвæдтæ. Фæндаджы фале ранæй-рæтты уæйгуыты аууæт- тау зындысты иугай бæлæстæ. Цыдæр æнахуыр сусæг тарæй æддæдæрæй зынди хъæд. Бæстæ уыди сабыр. Хъуысти æрмæст чысыл доны зарæг нæ рахизырдыгæй. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу стыр фæндагæй æрбайхъуысти машинæты уынæр, стæй та нæ бæхы къæхты къæрцц-къæрцц. Нæ бæхы аууон иæ галиувæрс- ты цыди æмæ аскъуынын нæ куымдта. Уымæ кæсгæйæ хъуы- ды кодтон Катяйы цардыл. &' & & Хæрзæрыгон чызгæй ацыди Катя горæтмæ. Цалдæр азы фæци ахуыргæнджыты скъолайы. Каст æй куы фæци, уæд æй мах хъæумæ ахуыргæнæгæй æрæрвыстой астазон скъоламæ. Мах хъæуы куыста æмæ фæсаууонмæ ахуыр кодта педагогон цнституты. Фæкуыста нæм æрмæст иу афæдз. Катя фыццаджыдæр йæ уд бахъардта, скъоладзаутæй кæ- мæ цы хуыздæр миниуджытæ ис, уыдон базоныныл æмæ сын уыцы миниуджытæм цæст дардта, уыдонæй сæ ахуырмæ ра- зæнгард кодта, æмæ йыл æрхъæцмæ нæ хъæцыдысты. Æппæт хъæубæстæ — стырæй, чысылæй — Катяйы кæй ба- уарзтой, уый, кæй зæгъын æй хъæуы, дзæгъæл хуымæтæджы нæ уыди. Чидæриддæр ыл-иу сæмбæлди, йемæ-иу йæ сывæл- лоны тыххæй чи аныхас кодта, йе æнæуи исты ныхас, уыдо- нæн-иу бахызти сæ зæрдæтæм йæ фæлмæн бахудтæй, йæ дзы- хы уагæй, йе ’фсармæй. Катя уыди хъæуы чызджыты фидауц. Хъазты уæвгæйæ-иу 9
бæрæг ^ уыдысты йæ диссаджы фæндырдзагъд, йæ рæсугъд кафт. Ие ’мбæлтты æхсæн — хиуылхæцаг. Иуæй-иу чызджы- тау искæйты цур дзæнгæдайыл никуы бацайдагъ уыдаид, уæл- дай дзырд никуы скодтаид, уæлдай митæ иннæ ахæм. Искуы дзы исчи зулдзыхы ныхас фехъуыстаид, искуы йæхи искæуыл атигъ кодтаид. Иу хатт æмæ дыууæ хатты нæ бахæлæг кодтой хъæуы ус- тытæ: «Тæхуды, ахæм чызг йæ къæсæрæй кæмæн рахизы... Тæ- худы, ахæм чындз йæ хæдзары къæсæрæй кæмæн бахизы». Ахæм чызджы курджытæ дæр куыннæ уыдаид, фæлæ, дам, Берозты Майрæмимæ кæрæдзи уарзынц, зæгъгæ, ахæм кой ай- хъуыст. Катя уыди, чызгæн мой кæнын афон куы вæййы, уыцы ка- ры. Асæй — рæстæмбисæй чысыл бæрзонддæр, йæ уæнгты конд — хæрзуынд, хæрзаив. Иæ цæсгом — «саулагъз дæр нæу, ирдцъар дæр нæу» кæмæй фæзæгъынц, ахæм зæрдæмæдзæугæ. Тар, мыдхуыз æрфгуыты бынæй-иу æдзухдæр худтысты йæ цæстытæ. Сылгоймагмæ цы диссаджы хорз миниуджытæ вæйиы, уы- донæй алцæмæй дæр æххæст уыди Катя. Гъе, æрмæст æй йе скæнæг æрдз тæнзæрдæ, тæригъæдгæнаг фæкодта. Катяйы йæ мады цур лæугæ чи федтаид, уый дисы бафты- даид æмæ хинымæр загътаид: «Сындзы бынæй дæр ссæуы рæ- сугъд дидинæг». Иæ мады хуызæнæй йæм ницы уыди. Мад кæд ацæргæ ус уыд, уæддæр ма йæ сæрыхъуынтæ сыпты базырау сатæгсау уыдысты. Цæсгомы бæрджытæ — гуымирыарæзт, цыма къуы- зыртæ къодахæй къуымых фæрæтæй адæймаджы хуыз æрца- мадæуыд, уыйау. Хъуынджын æрфгуытæ; сæ бынæй уирагдур- ты хуызæн æнæзмæлгæ æдзух тызмæгæй кастысты йæ цæсты- тæ; фæтæн фындз, стыр роцъо. Иæ тызмæг кастæй ма хъæу- бæсты æмбисондæн дæр баззадй: «Тараты Цопаноны каст мæм цы кæныс?» Катяйы фыды чи зыдта, уыдон дзурынц, зæгъгæ, дам, Ка- тя зæрдæйæ йæ фыды хуызæн уыд. Фыд, дам, уыди тынг хæ- ларзæрдæ, адæмимæ цæрæг лæг, фæлæ фыркуыстæй рафтыди. Йæ дурзæрдæ фыд Цæлыкк, дам, æй фыркуыст æмæ фырмæс- тæй мæрдтæм барвыста. Фыд куы амарди, уæд Катяйыл афæдз йедтæмæ нæма цыди. Булæмæргътæ цы хъæды къохæй атæхынц, уым халæттæ æрбадынц. Цæлыккæн уыди æртæ фырты æмæ. дыууæ чыз- джы. Хистæр дыууæ фырты. амардысты æнæустытæй. Дыууæ чызджы моймæ ацыдысты кæугæ-ниугæйæ. Кæстæр фыртæн æрхаста ус — Цопанаты Залиханы. • 10
Хæдзары хистæр сырды зæрдæ æмæ бирæгъы нуæрттæй . конд куы фæвæййы, уæд бинонты дæр батухы сырды цармы. ’Ахæм сырды зæрдæ, бирæгъы нуæрттæй конд уыди Цæлыкк дæр. Цæлыккæн бафсис никуы ницæмæй уыди. Схъæздыг, йæ хæдзары алфамбылай ауагъта дурæй бæрзонд бырутæ, сара- тæ, фæлæ уæддæр «мæгуыр дæн, мæгуыр дæн» кодта. Æмæ уы- мæй раст дзырдта,— чЪынды хъæздыг мæгуыр у. Чъынды та афтæ уыди, æмæ куьгдзæн йæ хæдзарæй стæг нæ раппæрстаид. Цæлыччы хæдзары адæймаджы зæрдæйæн, хорз бæллиц- цæгтæн, цинæн, зæрдæрухсдзинадæн бынат нал уыди. Залихан сæм чындзы æрцыди рæсугъд бæллиццæгтимæ, æфсармджы- нæй, кусаг адæймагæй, фæлæ Тараты хæдзары уæззау дзывы- ры ифтыгъд куы баййæфта, уæд бонæй-бонмæ, афæдзæй- афæдзмæ, йæ хицауы тызмæг цæстыты бын йæ зæрдæ ныддур, ныкъкъæй ис. Ницыуал æм баззади фæлмæнзæрдæдзинадæй. Æрмæст ма Цæлыккау фу-фу кодта хи исбоныл. Мулк ссис сæ дзуар, сæ хуыцау. Цæлыккæн суанг йæ_мæлæт дæр уыди æвирхъау. «Рынчы- иæй хуыссыди йæ бæгънæгкъул уаты æфсæйнаг ’сынтæгыл, иу- иæгæй»,—дзырдтой, йæ мæлæты бон æй чи федта, уыдон Нал фервæздзæн, уый куы бамбæрста, уæд йæ цæстытæ азылдысты уаты къултыл, царыл. Йæ уд ма хъардта рабадыиыл, фæлæ йæ бон куынæуал уыди, уæд ныууынæргъыдта .æмæ ныхъхъус и. Цæуылдæр ма катай кодта йæ низæй уæлдай. Уæд иухатт тыхамæлттæй азылди къулырдæм. Йæ дып- джыр нуарджыи къух, зыр-зыргæнгæйæ байвæзта къулм. сын- тæджы чъылдыммæ. Къулы цыдæр æнæзынгæ лæсгæр фездых- та. Фегом ис чысыл къусджы дуар. Уæд къух байвæзта дард- дæр, æмæ йе ’нгуылдзтæ фыдисæны къæпсыртау раластой ры- гæйдзаг дзæкъул. Фæстæмæ йæхи рафæлдæхта. Æрæвæрдта дзæкъул йæ риуыл æмæ йæ æрбалвæста йæ галиу къухæй. Иæ ^идæмæхауд цæстытæ бирæгъы цæстытау ферттывтой. Цæсго- мы нуæрттæ фæгæлиртæ сты æмæ сыл абадти фæстаг худты нысан. Бур дæндæгтæй дзæкъулы бæттæнмæ февнæлдта. Рай- хæлдта йæ. Дзæкъулæй сзындысты дæсгай тумантæ, фæндзгай æмæ æр- тыгай тумантæ. Фæлæбурдта сæм рахиз къухæй æмæ сæ сыр- дау дæндагæй скъуыдтæ кæнын байдыдта. Æхцаты скъуыдтæ- иу рату кодта, цыдæртæ хъуыр-хъуыр æмæ хъым-хъымгæнгæ- йæ. Фæлæ йæ уæлхъус чи лæууыди, уыдонæй дзы ничи ницы бамбæрста. Иæ цуры лæууыдысты сыхаг дыууæ лæджы Цопа- нонимæ æм& йæм цавддуртау джихæй баззадысты. Цопанон цыма лæугæйæ уадзыг бацис, уыйхуызæн æнæныкъулгæ цæс- тытæй касти æхцатæм, хъаймæты сæфтмæ кæсæгау. 11
Æрчъицыдта, æрмæст æхцатæ иууылдæр лыстæг гæбæзтæй сынтаеджы цур куы байдзаг сты, уæд. Цæлыккæн йæ хус цæс- тытæ дзагъырæй цары ныссагъдысты... Афтид дзæкъул тъæпæ- нæй лæууыди йæ риуыл. Афтæ æнахъинон мардæй амарди, йæ цæргæбонты бирæ- гъæй чи фæцарди, йæ бинонты дæр бирæгъы цармы чи фæ- дардта, уыцы Цæлыкк. Фыды фари мæрдтæм нæ цæуы, фæзæгъынц. Цæлыччы фарн æмæ сырды миниуджытæй хайджын фæци йæ ’фырты- фырт Хаджумар, Катяйы æфсымæр. Асæй — йæ хойæ дæр æмæ йæ мадæй дæр , бæрзонддæр, Хæрзконд, цæсгомы бæрджытæ — лыстæгдæр. Тæнæг былтæн цыма сæ кæрæтты резинæ ласт уыди æмæ сæ уый æлв.æста, уыйау. Цæстытæ уæлæнгай хуынчъыты æвæрд. Зондахастæй — мад æмæ фыдыфыдау, фæлæ хиндæр, æмбæхстдæр. Уымæй диссаджы хæлæггæпаг, æдзæстуарзон, фыд-зæрдæ. Стыр дис- ■ саг та куыннæ у æрдз дæр, æзæдза,— иу мады гуыбынæй Ка- тя æмæ Хаджумары хуызæн дыууæ алыхызон адæймаджы рав- зæрæд!.. Сæ иу — уæрыкк, иннæ — бирæгъ. Раст сæ кæрт куыд æмырæхгæд уыди, афтæ æмырæхгæд уыди Хаджумары зæрдæ Дæр. , Хаджумар хъæздыг хæдзары лæппу уыди æмæ афойнадыл ацыди ахуыр кæнынмæ. Фæци каст институт. Ссыди агроно- мæй, фæлæ нæ бауарзта хъæууон хæдзарад. Ныллæууыди пад- дзахады кусæндæтты бæрзонд бынат æрцахсыны фæндагыл. Æмæ йын æнтысгæ дæр кодта. Схызти суанг республикæйы уæлдæр кусæндæттæй иуы хицауы бынатмæ дæр, фæлæ йæ об- ком уырдыгæй систа. Мæсты кодта, йæ активондзннад, йæ зæр- дæргъæвддзинад æмæ хорз зæрдæйы руаджы куысты бирæ кæмæн æнтысти, уыдонмæ. Куыдфæстæмæ сæ йе сæфт уынын райдыдта æмæ уæд ку- сынмæ ацыди дард районмæ. Куыста алы рæтты, алы кусæн- дæтты. Фæлæ йе ’мкусджытæп зæрдæрухсæй никуы никæй ныу- уагъта. Берозты Майрæмæй цæмæн йæ мæрдты удхæссæг федта, уый дæр диссаг у, æвæдза. Майрæмы фыд кæддæр зылды ми- лицæйы хицау уыди. Цæлыкк та, Хаджумары фыдыфыд, колг хозты ныхмæ архайдта. Адæмы ардыдта. Паддзахад ^хорхъуаг куы уыди, уæд хор æмбæхста, иннæ цæрджытæн дæр сæ æм- бæхсын кодта, æмæ йæ уымæ гæсгæ æрцахста Майрæмы фыд. Æртæ мæйы йæ фæдардта ахæстоны. «Мæ маст райсын мæ къухы куынæ бафта, уæд-иу дæуæй ма ферох уæд»,— загъта иухатт Цæлыкк Хаджумарæн. Майрæмы фыд раджы амарди. Раджы амарди Цæлыкк 12
дæр. Хъуамæ ферох уыдаиккой’ уыцы мæстытæ. Æмæ иузама- ны\рох дæр фесты. Фæлæ Майрæм куы ралæг ис, иог цард. аразыны хъуыддаджы йæ фыдау иузæрдион куы ссис, æхсæны хъуыддæгты йын адæм кад кæнын куь* байдыдтой, уæд Хаджу- мар æрымысыди Цæлыччы фæдзæхст. Быитон ын йæ тъæнгтæ та ма уый ныццагъта, Майрæмы йæ хо Катяимæ лæугæ куы федта. Æцæг æмбисонды мæсты та йæм сси, минæвæрттæ сæм куы барвыста, уæд. Майрæмæн та йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уы- ди, Катяйы æфсымæр æм ахæм знаджы зæрдæ дары, уый. Майрæм уыди бонзонгæ, хиуылхæцгæ æмæ æфсармджын ■лæппу, Хаджумарæй дзæвгар кæстæр. Бирæ фыдæбæттæ федта Майрæм, йæ кармæ гæсгæ йын цас не ’мбæлди, уыйас. Хæсты заман йæ хæдзарыл бомбæ æр- хауди. Фæмард сты йæ мад æмæ йæ кæстæр æфсымæр. Лæппу баззади æнæ хæдзарæй йæ фарастаздзыд хо Зæирæимæ. Зæ- ирæйы сыхæгтæ баурæдтой сæхимæ, суазæг æй кодтой. Майрæм фæскомцæдисонтимæ хъæдмæ ацыди. Уым сапер- тимæ куыста. Иæхи равдыста хъæбатырæй. Немыцаг фашис- ■ тон æфсæдтæ Ирыстоны зæххæй тард куы æрцыдысты, уæд Майрæм дæр æрцыди йæ хъæумæ. Царди йе ’мбал фæскомцæ- дисонтæй куы иуы хæдзары, куы иннæйы. Уæдмæ колхозы фæ- зынд хæдзæрттæаразæг бригад. Майрæм дæр ссис уыцы бри- гады уæнг. Хæрзарæхст аразæг разынди. Цыппар азы фæстæ йæ уыцы бригадæн сæвзæрстой бригад’ирæй. Иæ иузæрдион куыст, йæ хæларзæрдæмæ гæсгæ йæ бауарзтой æгас хъæубæстæ дæр. Хуымæтæджы лæг дзы рауад! Бæрзондгомау, хæрзуынд лæппу, нарæг æрфгуытæ стыр сау цæстыты сæрмæ æркъæлæттæ сты. Къæсхуыргомау цæсгом^ тæнæг былтæ. Иуныхасæй, чызджытæ афтæ кæмæй фæзæ- гъынц, «гъæй тæхуды, уыйхуызæн лæппу кæй бауарзы», ахæм. Фæлæ сидзæрæй чи схъомыл вæййы, уый, цæмæдæр гæсгæ, æф- сæрмыгæнаг рауайы. Майрæмы цард йæ быны аууæрста. Иæ- сабийы бонты зындзинæдтæ йын йæ цæсгомыл æрæвæрдтой сяр дамгъæ, скодтой йæ куыддæр æнкъардхуыз. Уыцы миниуæг та йæ ноджы зæрдæмæдзæугæдæр фæкодта чызджытæн, кæд сæ- Майрæм никæмæ йæ хъус дардта, уæддæр. Фæстаг рæстæджы Майрæм йæхимæ биноныгдæр зилын райдыдта. Раздæр-иу цыбыр къурткæйы цыди, къепкæйы, сал- даты цырыхъхъыты, фæлæ ныр йæхи сарæзта. Таркæрдæгхуыз- хæдон æмæ галифе хæлаф, æрттиваг цырыхъхъытæ, сау бу- хархуд. Æмæ йыл хуымæтæджы. хорз фидыдта уыцы дарæс! Ус курын афон ын уыди, фæлæ... Хæдзар нæй. Кæдæм æй 13
зерхона. Йæхæдæг аразы хæдзæрттæ, колхозæн гаражтæ, сайа- тæ. Цалцæг кæны, хæсты рæстæджы сæ хæдзæрттæ заууатаæ кæмæн æрцыдысты, хæстæй чи сыздæхти æмæ колхозы зæр- диагæй чи куыста, уыцы колхозонтæн, сæ лæгтæ хæстæй кæ- мæн нал раздæхтысты, уыцы сидзæргæс сылгоймæгтæн. Иæхæ-1 -хæдæг дæр батæхуды кæны: «Гъæй-джиди, иу хæдзары къуым»; .зæгъгæ, æрмæст æй колхозы сæрдарæн ской кæнын нæ уæйды. Фæлæ сæрдарæи йæхицæй дæр рох нæ уыди Майрæм. Иубон колхозы правлени бауынаффæ кодта аразджыты бригадпрæн дæр хæдзар саразыны тыххæй. Майрæм уыди йæ бригадимæ. Арæзтой колхозæн фермæ. Уырдæм æм фæхабар чындæуыди уыцы уынаффæйы- тыххæй. Майрæм уый куы фе- хьуыста, уæд уырдыгæй разгъордта колхозы уынаффæдонмæ. Баййæфта дзы колхозы сæрдар Бибойы æмæ йæ фелвæста йæ хъæбысы. — Бузныг, стыр бузныг, Бибо. — Фæлæуу-ма, суадз мæ... цы хабар у? — Бибо йæхи тыд- та Майрæмы хъæбысæй.— Æрра фæдæ, æви... цы мæ уи- гъыс?! — Цæй тыххæй мын бузныгтæ кæныс? — Хæдзары тыххæй... стыр бузныг... Ды мын уæд... фыдау мæм фæкастæ, барæвдыдтай мæ, ныр та мын хæдзар... — Стæ-ма, суадз мæ! Дæуæн хæдзар саразыны тыххæй правленийы уæнгтæ рахастой уынаффæ... Ды та мæн тилыс... Акæс-ма амæ — дынджыр, хохыйас лæг!..—Бибо йæхи феуæгъд кодта æмæ йæ бынатмæ бацыди. Майрæм лæууыди уаты астæу æмæ бузныгæй касти Бибо- мæ. Къæсхуыр лæг Бибо йæ халас рихитæ адаудта æмæ ком- тсоммæ бакасти Майрæммæ, фыд йæ лæппумæ куыд бакæсы, афтæ. — Манрæм, æгæр дæхиуыл ма фервæсс, фæлæ дæ куыст нæ зæрдæмæ цæуы. Дæ бригады хорз фæллойадон æгъдау ис, кусгæ дæр хорз кæнут... Æмæ хъуамæ дæхæдæг дæр хорз цæ- рай. Авд дæлдзæхы фæуæнт, дæ хæдзар дын чи фехæлдта, дæ мады, де ’фсымæры дын чи... Хъуамæ дæхицæн дæр хæдзар уа... — Æз уыйбæрц куы ницыма сарæзтон... — Цы сарæзтай æмæ куыд кусыс, уый адæм уынынц, уы- ныпц æй правленийы уæнгтæ дæр. Ды ам нæ вæййыс æмæ нæ уыныс, ардæм колхозонтæ куыд цæуынц... Майрæм,'дам, адæ- мæн хæдзæрттæ аразы, йæ удыл, дам, нæ ауæрды, йæхнцæн та, дам, хæдзар нæй... Уæртæ дæ бригады уæнгтæ дæр æрбацыды- сты æмæ мын уыдон дæр бауайдзæф кодтой. Ныр усгур лæппу дæ æмæ дын бинопты кой бакæнын афон у. Стæй дæ хо дæр чысыл чызг нал у. Кæдмæ цæрдзæни ис- и
кæй хæдзары... Фермæ арæзт фæвæййы. Иæ сæр ын куыддæр< æра^мбæрзат, афтæ бавналут дæхицæн хæдзар аразынмæ. , Майрæм хъуыста Бибомæ, æфсармджын æмæ коммæгæс ^лæппу йæ фыдмæ куыд фæхъусы, афтæ. Иæ цæстытыл та уа- ^и ног хæдзары ныв. Стæй уыцы ног хæдзармæ йæ уарзон чыз- джы куыд æрхондзæн... < — Цал’ лæджы ис ныртæккæ дæ бригады? — бафарста ма; Бибо. ’ ’ — Аст,— дзуапп радта Майрæм. — Гъемæ хорз. Иу-цыппар лæджы ма дын бафтаудзыстæм-. Хъуамæ мæймæ дæ хæдзар арæзт фæуа. Бибо зыдта Майрæмы уарзондзинады хабар. Зыдта чыз- джы дæр æмæ йын æхсызгон уыди, уыцы дыууæ адæймаджы цæмæй тагъддæр баиу уой, уымæн баххуыс кæнын. »«» Майрæм Бибойы уатæй рацыди худгæйæ. Йæ зæрдæйы рух- сæй цыма бон дæр фæрухсдæр ис, афтæ йæм касти. Уæвгæ’ цæугæ нæ, фæлæ йæ цыма йæ цины базыртæ хæсгæ кодтой... Майрæмы хæдзар аразынмæ рæвдз февнæлдтой йе ’мбæлт- тæ. Иутæ агуыридурæй амадтой, иннæтæ цæттæ кодтой хъай- вантæ, стъарапилтæ, аннæтæ арæзтой рудзгуытæ, дуæрттæ. Машинæ ласта чъыр, змис æмæ æндæр æрмæг. Æртæ къуыримæ хæдзар ног æмбæрзæн дурæй æрæмбæрз- тон, æмæ уынджы зæронд хæдзæртты æмрæнхъ æрлæууыди ног хæдзар. Базилын ма йæм хъуыди мидæгæй. Уæтты къултæ сæрдын, чъырæй цæгъДын æмæ ма дзы цас æмæ цас куыстытæ уыди! Рæстæг та, ма дзы байрадæуа, æнæрынцойæ тæхы. Сыхы сыл- гоймæгтæ дæр февнæлдтой æххуыс кæныимæ. Иу уат уал дзы уæддæр ’куы фæрæвдз уаид. Майрæм тагъд-тагъд ахуырста рудзгуытæ, пъолтæ. Бастад æмæ, мæгуыр, фæстаг бонты йæхи хуызæн .дæр нал уыди. Чи базондзæн, усгур лæппуйы катайтæ æмæ сагъæстæ цас арф сты, уый, чи сын ныккæсдзæн сæ бынмæ. Чи сбардзæни, усгур лæппуйы бæллицтæ цас уæллозты тæхынц, уый! Уалдзæг фæцæуы, уарзон чызг скъолайы куыстæй суæгъд уыдзæн сæр- ды мæйты æмæ ацæудзæп сæхи хъæумæ. Чи зоны, цы амонд æм кæсы... Уарзгæ та йæ афтæ бакодта, æмæ уыцы чызджы иу бон куы нæ фены, уæд, цыма, хур дæр нæ рухс кæны, афтæ- йæм фæкæсы. Бирæ рæстæг нæ рацыди, Майрæм Катяйы фыццаг хатт куы федта; уæдæй нырмæ. Иу фæззыгон бон Майрæмæн йæ. 15
дард сыхæгтæм уыди чындзхаст. Майрæм уыцы бон хъæдд^ау- ма ласынмæ фæцыд. Чындзæхсæвмæ æрбафтыди изæрырдæм, хистæртæ фынгтæй куы сыстадысты, уæд. Фынгтæ æвæрд уы-> дысты даргъ сарайы. Стыр кæртæн йæ иу кæрои — къæрцц/ •æмдзæгъдимæ хъазт. / Майрæм дыууæ æмбалимæ фынгтырдæм куы фæцæйцыди, уæд хъазты чызджыты рæнхъыл йæ цæст ахаста, фæлæ йæ •зæрдæ ницæмæй барухс. \ Æрбадтысты фынджы уæлхъус. Искуы-иу комдзаг скодта. Кæртырдæм касти. , Уæдмæ талынг кæнын райдыдта. Хъазт райхæлди. Чыз- джытæй иукъорд бацыди чындзы уатмæ, иннæтæ ацыдысты сæ хæдзæрттæм. Уæле бадджытæ даргъ сидтытыл ахæцыдысты, кæрæдзийæн нуазæнтæ дæттын сын бацайдагъ. Майрæм æнкъард кодта, но- джы фæллад уыди. Сыстадаид æмæ ацыдаид, фæлæ йæм >афтæ ацæуын аив нæ касти. Уалынмæ кæрты астæуты æрбацыдысты дыууæ чызджы. Иуы дзы базыдта. Уый уыди сæ хъæуккаг рæ- сугъд бæрзонд чызг Тулдзаты Дзерассæ, ахуыргæнæг. Иннæ чызг та ныллæгдæр, къуырддзыкку, морæ къабайы. Нæ йæ зыдта Майрæм. Дыууæ чызджы фынгтыл бадджытæм æхсгæ каст бакод- тон цæугæ-цæуын, тыргъмæ схызтысты ныллæг асинтыл æмæ бацыдысты чындзы уатмæ. «Цæуын афон бæргæ у»,— зæгъы хинымæр4 Майрæм. Уа- тæй худын райхъуыст, стæй та фæндырдзагъд. Уæлебадæг адæм уæддæр сидтытæ кæиынц, бахъæлдзæг сты, фæлæ Май- рæм нал хъуыста уыцы сидтытæм. Æрмæстдæр фæндыры зæл- тæм. Æмæ уæвгæ дæр цы диссаджы рæсугъд цагъта! Зæрдæ- йы уидæгтыл æмбæлди. Цыдæр æнахуыр адджын циндзинад æм хаста, æхсызгон нывтæ нывæста æмæ хуыдта уарзондзи- надмæ. Цыма сусæг уарзондзинады ныхæстæ кодта, афтæ уы- ди йæ хъæлæс. Майрæммæ æппындæр бадын нал цыди. Уыцы •фæндыры зарæг æй хуыдта йæхимæ. «Чи у, цымæ, уыцы фæн- дырдзæгъдæг?.. Цы зæрдиагæй цæгъды, цы къухты ахаст ын ис!..»—хинымæр дзуры Майрæм. Рæмбыныкъæдзæй басхуыста йæ уæле чи бадти, уыцы лæппуйы æмæ йын афтæ: — Хъазтмæ бакæсиккам... — Фæлæуу, мæхи зæрды дæр ис, фæлæ ма иу аназон,— райста дзуапп. — Заууат фæуинаг, гуыбын дзы кæныс? Цом. Дыууæ лæппуйы сыстадысты. — Кæдæм, кæ, лæппутæ? — ракастн сæм хистæр.— Уый та куыд?.. 16
— Бахатыр кæнут, хъазтмæ бакæсын нæ зæрды ис,— æф- <?&рмдзастæй дзуапп зæгъы Майрæм. \— Æмæ цы кæны, уый дæр бæззы, фæлæ афтæмæй не ’мбæ- льЛ Кæд уæ хъазтмæ цæуын фæнды, уæд уемæ нуазæнтæ ахæс- ’еуДæмæ хъазты адæмæн арфæ ракæнут, уыййедтæмæ сæм аф- тидармæй куыд цæут? Уырдыгыстæг, æрцæттæ-ма сын кæн нуа- зæнтæ. Уырдыгыстæг тæбæгъы æрæвæрдта нуазæнтæ, дзидзайы хай земæ сæ радта Майрæммæ. Дыууæ лæппуйы рацыдысты нуазæнтимæ. Уагы дуар гом уыди. Майрæм æмæ йе ’мбал къæсæрыл куы æрлæ>уыдысты, тæккæ уыцы рæстæджы кафыдысты дыууæ чызджы. Лæппутæй хъазты ничи уыди. Нæлгоймаджы бæсты хъæлдз|ег Дзерассæ кафыд7 Иннæ чызджы йæ разæй скъуым- бил кодта æмæ йæ иуырдæм дæр асирын нал уагъта. Чыз^жытæ дыууæ лæппуйы æд нуазæнтæ дуары къæсæрыл куы ауйдтой, уæд фæндыр фегуыппæг, кафджытæ сæ кафт фæ- уагътой;4 æмæ лæф-лæфгæнгæ сæ бынæтты æрлæууыдысты. Сы- стади фæндырдзæгъдæг. Йæ фæндыр ’ æрæвæрдта чындзы сын- тæгыл. ’; — Ф’ари уæ хъазты, нæ уарзон хотæ! Хистæртæ нæ рарвыс- той, чындзыл цин чи кæны, хъæлдзæг нæ чи кæны, уыцы чызг- фæсивæдæн раарфæ кæнынмæ. Иу иуазæиæй — нæхи хъæуы чызджытæн! Чызджытæ кæрæдзимæ бакастысты. Иу дæр сæ куы нæ змæлыди, ■ уæд рахызти Дзерассæ æмæ Майрæмы тæбæгъæй райста арахъхъы нуазæн. — Иннæ нуазæн та нæ уазæг чызгæн. Тынг бузныг дæ стæм,Л<атя, æгайтма нын нæ циныл цин кæнынмæ æрбауадтæ, нæ чындзы, нæ уазджыты нын хъæлдзæг кæныс дæ диссаджы фæндырдзагъдæи. Айс, айс, Катя. Амæндты хуыздæр дæу фæ- уæд.— Катя райста бæгæныйы нуазæн æмæ комкоммæ бакас- ти Майрæмы цæстытæм, фæстæмæ ракъахдзæфтæ кодта æмæ Дзерассæйы цур æрлæууыди. «Уæллæй, дзæбæх чызг у»,— ахъуыды кодта Майрæм. — Бузныг, Бимболат, райдыдта Дзерассæ, мидбылты худгæ- йæ,— фæлæ уæ уый æнхъæл нæ уыдыстæм. — Ау, Дзерассæ, æнæхсæст къодæхтæ æнхъæл нын дæ? Бынтон æгуыдзæгтыл нæ ма банымай. Чысыл цыдæр лæгдзи- нæдтæ нæм уæддæр ис. И, Майрæм? / Майрæм касти Катямæ æмæ, йе ’мбал цы . ныхæстæ кодта, уымæ нæ хъуыста. Ницы загъта. Æрмæст мидбылты бахудти. — Фæлмæн уайдзæф. Æрмæст уæ дыууæйæн нæ. Фылдæр, уæртæ сарайы чи бады, уыдонæн. Ныры лæппутæ хъазты лæу- 2 Хæтхы 17
уын æмæ кафыны бæсты фынгтыл бадынц, цайцымæнтæу арахъхъ нуазынц... Æмæ уый æнцондæр, стæй пайдадæр /. Уыдонæн фæндыры цагъдæй нуазæнты зыланг æхсызгондæр/у. — Ам чызджытæ та лæппутимæ кафыны бæсты сæ кæ/æ- дзиимæ кафынц,— баппæрста йæ дзырд, æрдæбон Дзерассæ кафгæйæ йæ разæй кæй скъуымбил кодта, уыцы бурхил иыл- лæг чызг. Чызджытæ ныппыррыччытæ кодтой. Бахудти чындз дæр æмæ йæ,сæр ноджы ныллæгдæр æруагъта. Г — Уæ уайдзæф раст у. Мах æй Майрæмимæ исæм нæкимæ. — Уæ нуазæнтæ бирæуæнт,— райдыдта та Дзерасса* чыз- джытæн сæ худын бынтон куы банцад, уæд.— Фæлæ æз мæ- нуазæн дæттын дæумæ, Бимболат. Уæддæр ма пæ ды æрхъуы- ды кодтай. I — Ау, нæ нуазæнтæ нын фæстæмæ нæхицæн дæттут? Тæр- гай ма фæут, миййаг? $ — Махæй арахъхъ ничи нуазы. V — Сымахæн Майрæмимæ уæ хъустæ фæндыры ’хъæлæс хуы’здæр хъусыиц. Тæргæйттæ чи фæкæны, ахæмтæй дæр ам ничи ис. Цæй, айс нуазæн, кæннод фæфæсмон кæндзынæ. — Гъæйтт, куыд дын амардтæн, Дзерассæ, дæ нуазæн æз* фæтæгенæй дæр баназдзынæн. Бимболат райста нуазæн. Катя Майрæммæ бакасти, стæй йæм бахаста нуазæн. Дзерассæмæ фездæхт æмæ афтæ: — Йе ’мбалы дæр ма фæхъулон кæнæм. «Йæ хъæлæсы хатт йæ фæндырдзагъдæй ноджы диссаг- дæр»,— хинымæр зæгъы Майрæм. Райста нуазæн. Уаты царæй рухс кодта чысыл электрон цырагъ, æмæ уый тынтæм æрттывтой чызджы хæрзаив, æфснайд дзыккутæ. Цæстытæм иæ хæццæ кодта. Майрæммæ Катяйы цæсгом сау- лагъз фæкасти, фæлæ цæстытæ... О, цæй диссаджы цæстытæй йæм æрбакасти ацы уазæг чызг! Æрмæст иу хатт кæмæ бакæ- сой уыцы цæстытæ, уый хъуамæ йæхи мыггагмæ амондджын хоиа! — Дæ нуазæн бирæ уæд, Дзерассæ, æмæ рæхджы мæнæ ацы чындзы хал ахæр,— загъта Бимболат. Фæарфæтæ ма код- та чындзæн дæр, иннæ чызджытæн дæр æмæ анозта йæ нуа- зæн. Майрæм лæууыд, нуазæн йæ къухы дардта æмæ Катямæ ныджджих и. Кæм лæууы, уый дзы цыма рох фæци, уыйау. — Майрæм, ме ’мбалмæ æгæр зæрдиагæп кæсыс, ма йæ- бауарз дæ тæккæ амонд агургæйæ,— загъта Дзерассæ худæн- былæй. Катя бахудти, Дзерассæйы цонгыл æрхæцыд æмæ йе- ’рфгуыты бынæй бакасти Майрæммæ. — Æмæ, Дзерассæ, бауарзын дæр диссаг ыæу... ахæм дзæ- 18
©æх чызг... Дæ амонд бирæ уæд, уазæг чызг, æмæ ацы нуазæн мæнæн куыд æхсызгон æмæ адджыи у, афтæ адджын дын фæ- уæ\ ацы хъæу... Бирæ арфæтæ кæнын нæ зонын, æмæ мын ба- хатшр кæн. -V- Хæлар дын уæд,— загъта Катя. —\ Ды дæр дзы дæ цæстытæ куы ныссагътай,— Катяйы хъусы бадзырдта Дзерассæ, цалынмæ Майрæм йæ нуазæн ноз- та, уйдмæ. — \фæпнæ кафты лæппутæн! — чызджытæй иуырдæм фе- здæх™ Дзерассæ. Уый дæр фæндыр райста æмæ æрцагъта. Дзерассæ бахуд- ти, бакасти Бимболатмæ æмæ йæ разæй расирдта. Хæрзконд æмæ рæсугъд Дзерассæ йæ цæигтæ куы систа æмæ куы разылди, уæд Бимболат йæ размæ къæхты фындзтыл цъилау фестад. Рагæй уарзы Бимболат Дзерассæйы. Æмбары йæ Дзерас- сæ дæр, фæлæ йæ лæппу цыхуызы уарзы, уый йæ зæрдæмæ нæ цæуы. Цæмæйдæрты йæхи зæрдæмæ дæр цæуы Бимболат. Фæ- лæ æгæр къæйных кæй у, æрмæст æм фæлæбурыны цæстæй кæй кæсы, уый тыххæй йæ мæстæй мары. «Æз дæ æрцахуыр кæндзыиæн!» — фæзæгъы хинымæр Дзерассæ. Сæ кафт та быцæуы кафт у. Бимболат ныззилы йæ размæ, йæ къухтæ фæпæлæхсар кæны, чызджы астæуыл сæ атыхсын кæнын йæ зæрды ис, фæлæ та ’ныцъцъыллинг ласы Дзерассæ, æмæ лæппуйы- къухтæ ауыгъдæй аззайынц. Бафæллади Бимболат. Йæ хид йæ рустыл æрлæдæрсти. Гæппытæ æмæ зилдухтæ нал кæпы чызджы алфамбылай. Дзе- рассæ йæм ракæсы, йæ мидбылты бахуды æмæ та йе ’мбал чызджытæм йæ цæст æрныкъулы, ома, ацы уасæгау гæппытæ- гæнаг лæппуйы мæ бар бауадзут. Р1æхæдæг, æхсинæг уæлдæ- фы куыд фæленк кæны, афтæ æнцад ленк кæны лæппуйы ра- зæй. — Дзерассæ, мæнмæ дæр кафын цæуы! — бадзырдта йæм Майрæм, цæмæй йе ’мбалы фервæзын кæна, уый тыххæй... Майрæм æмæ Катя бирæ нæ фæкафыдысты. Быцæу дæр нæ кодтой. Бæрæг уыди, сæ дыууæ дæр, сæ размæ чи кафыд, уы- донæй æгуыдзæгдæр кæй не сты, уый. Бадæг адæм сыстадысты æмæ арфæтæгæнгæ иугай-дыгай рацыдысты уынгмæ. Бимболат æмæ Майрæм дæр раарфæ код- той чындзæн, чызджытæн æмæ рацыдысты. Уыди мæйрухс изæр. Бæлæсты рæбын ма раййæфтой цалдæр лæджы ныхасгæнгæ, фæлæ сæм нæ фæлæууыдысты. Хъæлдзæг ныхæстимæ уынджы уæлæмæ афардæг сты. — Дæ зæрдæмæ фæцыди уыцы ахуыргæнæг чызг, æнхъæл- 19
дæн? — афарста Бимболат, Майрæмы æрдæгкоид хæдзармæ кук схæццæ сты, уæд. I — Ницы йын у. Уæздан чызджы касткæны...—дзуапп рздта Майрæм. / — Чызгæй бæргæ уæздан вæййынц, фæлæ мæйттæ куы Ькæ- нынц, хæдзармæ куы баирвæзынц, уæд’сæ уæздандзинад и$æры мигъау райсоммæ цыдæр фæвæййы, æмææпæсыкъа,æнæкъæдзил хæйрæджытæ фестынц. Фæлæ ацы чызг æцæг æфсармджын цы- ма у, мæнæ мады гуыбынæй цы æфсармджынтæ рацæуы,/ахæм. Уæдæ дзы исчи Дзерассæйы хуызæн у! Лæгой у, лæгой, Дзерас- сæ! ’ ’; Бимболат дзырдта æмæ дзырдта, Дзерассæйы миниуджытæ лыстæг сасирæй луæрста. Фæндыдис æй, Майрæм дæр дзы куы раппæлыдаид, уый, фæлæ Майрæм ницы дзырдта. Майрæм йæ хæрæфырты ,чызг Тулдзаты Дзерассæйы куын- нæ зыдта. Зыдта, Бимболат æмæ Дзерассæйы æхсæн уарзо’ндзи- над’ кæй æвзæры, уый дæр, фæлæ, йæм ныртæккæ дзурын нæ цыди. Иæ цæстыты раз лæууыд Катяйы сурæт æмæ ууыл уыд йæ хъуыды. «Цы диссаджы дзæбæх чызг у... фæлæ... Тæхудиаг, уый цы лæппу ракурдзæн. Амонд...» — Иæ сæры зилдух кодтой хъуыдытæ, афтæмæй схæццæ сты Бимболаты хæдзары дуармæ. Йе ’мгар æй сæхимæ хуыдта, фæлæ Майрæм не сразы — æна- фон уыд. Уыцы æхсæв Майрæм тыиг æрæгмæ бафынæй. Йæ сæры зилдух кодтой хæдзарарæзты сагъæстæ æмæ хъуыдытæ. Кæд фæуыдзæн, конд, кæд æрбакæндзæн йæ уарзоны ’æмæ кæд æрцæрдзæн фæрныгæй йæхи хæдзары. Уæдмæ та уыцы дзæбæх уазæг чызджы курджытæ фæуыдзæни. Æниу æй курджытæ куы нæ фæуа, уæддæр ахæм хæрзуынд æмæ æгъдауджын чызг мæн хуызæн æнæхæдзарæн комы? Катяйы кой йæ хъуыдытæй аппа- рыныл архайы, фæлæ йын не ’нтысы. Мигъты æхсæнæй хур куыд фæзыны, афтæ та разыны йæ хъуыдыты, йæ сагъæсты æх- сæнæй. «Нæ, нæ. Мæхицæн дзæгъæлы ныфсытæ æвæрын!..» Æмæ та йæ хъуыдытæ хæдзары хъуыддæгтæм аздахы. Фæ- лæ уæддæр Кат^я... Катя!.. «Мæгуыры зæрдæ фынтæй хъал у,— зæгъы хннымæр... — Æмæ æниу, чи зоны... Уæдæ мæм афтæ лæмбынæгæй цæмæн касти? Цæмæн-иу фефсæрмы Дзерассæйы хъазæн ныхæстæм?.. Фæтагъддæр кæнын хъæуы хæдзары арæз- тад. Чи зоны, куыд вæййы, цы вæййы...» Æрмæст дыккаг кæркуасæнты бафынæй Майрæм... Хъазты бирæ нал афæстиат сты Дзерассæ æмæ Катя дæр. Ногусджын лæппу семæ фæцыд æмбисвæндагмæ. Уырдыгæй йæ рарвыста Дзерассæ. — Цу, цу, дæ хуры хай дæм афонмæ æнхъæлмæ кæсы. Куы 20
дæ бафæстиат кæнæм, уæд нын алывыд фæкалдзæни,—зæгъгæ \дзырдта Дзерассæ. Ч Лæппу куы раздæхти, уæд ныхæстæгæнгæ цыдысты дыууæ чызджы. \ — Уыцы Бимболатæн цы митæ бакодтай. Уæндгæ та нæм ку^1д кæныс, уарзгæ дæ куыкæны,— загъта Катя, йæ фысым АсЬаты хæдзармæ куы фæцæйхæццæ кодтой, уæд. V— Уарзгæ мæ кæны, уый рагæй зонын, фæлæ йæм цыдæр æна^уаг фездæхтытæ, фæзилæнтæ ис, æмæ йын уыдон мæ зæрдæ- мæ нæ цæуынц,— дзуапп радта Дзерассæ. — Æмæ дзæбæх лæппуйы хуызæн куы у. —’ Дзæбæх лæппу у, сæрæн лæппу, ныр мæм цалдæр ми- нæвары æрбарвыста. — Æмæ йын цæуылнæ комыс? — Минæвæрттæ мæм цæмæн æрвиты. Йæхицæн дзых нæй? Цалынмæ мæм йæхæдæг комкоммæ не ’рбацæуа, уæдмæ йæ мæстæй фæмардзынæн. Стæй йын цалынмæ йæ иицæйаг митæ аппарын кæнон, уæдмæ йын нæ бакомдзынæн. *-г- Æмæ йып цавæр ницæйаг мнтæ сты? — Йе ’мсæрыл мæ нæ иымайы. Нæлгоймаг кæй у, уымæй йæ сæр уæлиæутты хæссы. Æз ын автомобиль нæ дæн. Уый йæ* машинæ, кæцырдæм æй бафæнды, уыцырдæм фездахы, фæлае йын æз машинæйы хуызæн зилын ыæ бакомдзынæн. Кæцырдæм фæзилын хъæуы, уымæй хъуамæ мæн дæр афæрса, æмзæрдæйæ, æмвæндæй æмзылд куыд кæиæм, афтæ. — Æмæ коммæ куы нæ кæса, уæд та? — Уæд та — Джызæлы — гауарда! Скъæрæд, кæцырдæм æй фæнды, уыцырдæм. — Æмæ йæ уарзгæ куы кæныс. — Мæ дыууæ хъусмæ дзы нæма дæн. — Æндæр чызгмæ куы фездæха, уæд дзы дæ дыууæ хъусæй дæр арфдæр аныгъуылдзынæ. — Нæ фездæхдзæп... Уый мæнæй йæхи нæ атпгъ кæндзæн, фæлæ дæм Майрæм куыд фæкасти? — Æмæ-гъа, бонзонгæ, æфсармджын лæппу цыма у... — Зæрдæйæ зæгъын,- Катя, Бимболатæн цы нæ фаг кæны, уыцы миниуджытæй æххæст у Майрæм. Фыдæбæтты чи схъо- мыл вæййы, уый царды какон фæндæгтыл цæуынмæ хуыздæр арæхсы. Дыууæ чызджы афтæ ныхасгæнгæйæ схæццæ сты Катяйьг фысымтæм. — Цæй, Катя, хæрзæхсæв у’ æмæ-иу Майрæмы д& фыны фен,— ныххудти Дзерассæ, Катяйæн ныхъхъæбыс кодта æмæ* нын нæ хъусы цыдæр бадзырдта. 21
— Стæ-ма, цытæ дзурыс,— загъта Катя. Катя схызти асинтыл, æмæ ма иу хатт ракаст Дзерассæйы ’фæстæ, стæй дуар байгом кодта æмэе йæ уатмæ бацыди. У Асиат хуыссыди мидæггаг уаты, æвæццæгæн, фынæй уыдьг. Катя дæр схуыссыд. I Хъазты цы’ бон фембæлыдысты, уыцы бонæй фæстæмæ М!ай- рæм арæхдæр цæуын байдыдта астæуыккаг уынгмæ. Райсо^æй дæр, изæрæй дæр, цыма æнæбары, æпæнхъæлæджы уыди, æфтæ- иу Катяйы размæ фæци. Æцæг æм сдзурын нæма уæндыди. «Дæ райсом хорз» æмæ «дæ изæр хорз»-æй дарддæр. Катяйæн æй цы базонын хъуыди, Майрæм ыл цæмæи афтæ арæх æмбæлы, уый. Цас æй арæхдæр уыдта, уыйас æм арæхдæр уынын цыди Май- рæмы. Куыдфæстæмæ йыл афтæ сахуыр, æмæ-иу æй цы~бон нæ федта, уыцы бон-иу цыма хур дæр не скасти. Уынджы-иу лæгтæ фæцæйцæугæ кæнæ лæугæ куы федта, уæд уыдоны æхсæн дæр аивæй агуырдта Майрæмы цæсгом. Дардмæ ’дæр-иу <хзп куы федта, уæд та-иу йæ зæрдæ сгуыпп-гуыпп кодта. «Цы мыл æрцыди, цæмæн æнхъæлмæ фæкæсын йæ фенынмæ, цæмæн сæнкъуысы ’мæ зæрдæ йæ фендæй? Кæд нæ амонд иумæ нæу, уæд...» Куыдфæстæмæ æмбарын байдыдта, Майрæмы сурæт йæ зæр- дæйы арф бынат кæй бацахста, уый. Фæлæ куыд кæна, куыд ын бамбара лæппу йæ зæрдæйы уаг?.. Мойгæнæг сылгоймагæн йæ зæрдæйы æнкъарæнтæ комкоммæ дзурын худинаг у. Фæхуддзыс- ты йыл, зарджытæ йыл скæидзысты. Лæппутæ, дам, æппæлаг сты се сгуыхтдзинæдтæй. Æппындæр сæм куы ницы сгуыхтдзи- над вæййы (æрмæстдæр сæм бахуд), уæддæр ыл къæхтæ, къух- тæ, базыртæ бафтауынц, æмæ хабар атæхы иу дзыхæй иннæмæ. Æнæ артæй фæздæг скæнынц, æмæ дзы æнæазым сыг;ьдæг адæй- маг фæхуыдуг вæййы. Майрæм дæр ахæм уа? Иæ, уый ахæмты хуызæн нæу. Иуизæр та ахæм хъуыдытимæ Катя рацæйцыди скъолайæ, пе ’мбал ахуыргæпджытимæ уынгмæ куы рахæццæ, уæд уыдон фæйнæрдæм аздæхтысты сæ хæдзæрттырдæм. Катя дæр ацыди уынджы дæлæмæ, йæ фысымтырдæм. Цæстæнгасæй хъахъхъæдта Майрæмы, фæлæ даргъ уынджы сылгоймæгтæ æмæ сывæллæт- тæ йедтæмæ змæлæг нæ зынди. «Райсом Дзерассæйæн зæгъдзы- мæи... кæм н? Ныр æй дыууæ боны нал федтон. Уадз’ æмæ йыч уый бамбарын кæна мæ зæрдæйы уаг, цыма йын æз ницы загъ- тон, афтæмæй. Сусæг минæвар уыдзæни, фæлæ цы гæнæн ис». Гъс, ахæм хъуыдытæ куы нывæста Катя, тæккæ уыцы минут цæхгæрмæ уынгæй йæ разы февзæрдн Майрæм. О, куыд барухс 22
æмæ куыд сгуыпп-гуыпп кодта чызджы зæрдæ! Майрæм æм ба- дзырдта: — Дæ фæндаг раст уа, Катя. , — Дæ хъуыддаг раст... бузныг, Майрæм,— дзуапп радта Катя æмæ уынгыл йæ цæст ахаста. Хъæуккаг адæм цъиувæдис сты. Майрæм æй бамбæрста. Æмæ йæ цыбырæй афарста. — Рæхджы уæм уазджытæ фæзыной, уый дæ нæ фæнды, Катя? — Уазджытæ раздæр хабар куы нæ фæкæнынц, фæцæуæм, зæгъгæ, уæддæр сын «æгас цæут» фæзæгъынц фысымтæ,— зæгъы Катя, ома, табуафси, æнхъæлмæ уæм кæсæм... , — Гъемæ пын кæд «æгас цæут» зæгъдзыстут, уæд цæуæм, кæннод нæ,— худгæйæ дзырдта Майрæм. — Рацæут. Зæгъдзыстæм уын. Æз уыцы хæдзары уазæг дæн, сымах дæр дзы уазджытæ уыдзыстут. — Кæд нын бар раттап, Катя, уæд дæ, дæхи уазæг кæм нæ хонай,. ахæм ран дæр агурдзыстæм. Уыцы ныхæстæ к’уы кодтой, уæд сæ размæ рауади иу тым- былтæ ус æмæ сæ баурæдта. Уый уыди, Катя йæ чызджы кæмæн ахуыр кодта, ахæм. Катя усимæ куы ,ныллæууыди, уæд сын Май- рæм «хорз байрапут» загъта æмæ араст дарддæр. Аив æм нæ касти дыууæ адæймаджы хибар ныхасмæ хъусын. Хъыг ын уы- ди, учыцы тымбылтæ ус сын сæ ныхас кæй фескъуыдта, уый. Ка- тяйæн дæр хъыг уыди. Ус ын дзырдта, йæ чызг уроктæ кæнынмæ зивæг кæй кæны, уыдæтты тыххæй. Къæр-къæр кодта куыройы къæр-къæрæгау, фæлæ нын Катя, кæд йæ тымбыл цæсгоммæ æдзынæгæй .касти, уæддæр ын йæ ныхæстæ не ’мбæрста. йæ хъуыдытæ уыдысты æндæр ран. «Хорз, хорз» ын загъта æмæ ацыдис. Майрæмы ма ахъахъхъæдта, фæлæ лæппу куыд æнæн- хъæлæджы фæзынди, афтæ æнæнхъæлæджы фæцыдæр. Уыцы фембæлдыл цалдæр боны куы рацыди, уæд Майрæм æмæ Газакк — хъæусоветы сæрдар, бацыдысты Катяйы фысым- тæм, Асиаты хæдзармæ. Уыди фæссихор. Катя нæма æрцыди скъолайæ. Асиат салам радта уазджытæн, мидæмæ сæ бахуыдта, йæхæдæг рауади æмæ сын фынг цæттæ кæныныл балæууыди. Асиатæн æхсызгон уыди Майрæм æмæ Газаччы æрбацыд. Дыууæ сывæллонимæ сидзæргæсæй куы баззади, хæсты фæстæ пæ хæдзар хæлдæй куы æрæййæфта, уæд йæ зæрдæ асасти. Уæд æм иубон æрбацыдысты цалдæр лæджы, Мапрæм дæр семæ. Ара- кæс-бакæс кодтой хæдзармæ, зæрдæтæ авæрдтой саударæг усæн æмæ фæстæмæ ацыдысты. Дыккаг бон Майрæм, йемæ ма дыууæ лæппуйы, кæртмæ баластоп дыууæ бричкæйы хъæддзаума. Уы- •мæй фæстæмæ кæрт змæлд сси. Февнæлдтой лæппутæ, æмæ æртæ 23
къуыримæ хæлддзаг хæдзар ног фестади. Майрæм хи хъæбулы хуызæ’н хæдзардзинæй фæархайдта. Бирæ арфæтæ ракæ’нинаг ы’н ’уыди Асиат, фæлæ йын иæма бантысти. Ныр мæнæ йæхи къахæй æрбацыди. «Цæйфæдыл? Кæд иæ уазæг чызгмæ?»—хъуыдытæ дæны Асиат. Тагъд кæны — уазджытæ иунæгæй, æнæ нозтæй ба- дынц уаты, худинаг у. Истæуыл уал сæ афæстиат кæнын хъæуы. ’ Асиат райста арахъхъы графин, тæбæгъы æрæвæрдта дзул æмæ хъæбæр цых- ты кæрстытæ æмæ сæ бахаста уатмæ. — Афтид фынджы уæлхъус уæ ныууагътам... Уæхи уал аирхæфсут истæмæйты. Бахатыр кæнут, Газакк. А Майрæмæн пырма йæ бирæ хæрзтæ иицæмæй бафыстон. — О-о, Асиат,— бахудт Газакк,— махыл цæмæн тыхсыс, æнахуыр уазджытæ куы нæ стæм, миййаг... — Мæ къопайыл, сымахæй зынаргъдæр уазджытæ’ма мын чи уыдзæни. — Стæй Майрæмы дæр дæ хæдзары фарны хорзæх куы уа, уæд ыи сæ бафиддзынæ уæлдайджынтæй. ’ — Мæ хæдзары фарны хорзæх зæгъыс, Газакк?—афарста Асиат, стæй йæ куы фембæрста, уæд, мидбылты худгæйæ Май- рæмырдæм аздæхти. Майрæм рудзынджы цур лæууыди æмæ зеддæмæ акæс-акæс кодта, фæлæ Аснат куы æрбацыди, уæд йе ’ргом раздæхта. — Мæ хæдзарæн йæ фарны хорзæх нæ, фæлæ иууылдæр йæ фæхъхъау фод Майрæмæн,— загъта Асиат æмæ рауади зæхбын хæдзармæ. Æрбацыди Катя. Иæ ахуыргæнинæгты тетрæдтæ йæ рахиз къухæй йæ риумæ балвæста, афтæмæй ныллæууыди хæдзары астæу æмæ фæджих Асиатмæ. Стæй тетрæдтæ рудзынджы фæй- нæгыл æрæвæрдта æмæ йæм хæстæгдæр бацыди. — Æрхæццæ дæ, мæ хур,— разылдис æм Асиат хыссæкъу- хæй. Ацы боп æм куыддæр æнахуыр дзæбæх фæкасти Катя. «Тæхуды, ахæм чындз кæй хæдзары балæууы»,— загъта йæхи- нымæр æмæ йæм бахудти. Катя йæ йæ хъæбысы æрбакодта. — Абон мæм уæлдай цæстæй кæсыс, Асиат, цыма мæ фыц- иаг хатт федтай. — Æцæг зæгъыс, Катя... О, фæлæ дæм уæддæр кæсгæйæ куыд баззадтæн. Дæ дзаумæттæ аив, мæ хур, æмæ мын аххуыс кæн. Уазджытæ нæм ис. ’ — Ныртæккæ, Асиат, мæнæ мæхи ахсон,— загъта Катя æмæ фæдл<их. I Газакк бадти уаты. Майрæм куы рудзынгæй акæс-акæс код- та, куы та-иу уаты къултыл йæ цæст.ахаста. Æнхъæлмæ касты- сты Катяйы æрбацыдмæ. Фæлæ Катя куыд æмæ кæуылты æр- 24
бацыди хæдзармæ, уый сæ иу дæр , нæ бафиппайдта. - — Майрæм, Джызæлы хъомгæсы катай ма кæн, фæлæ-ма мæ цуры æрбад. Цæмæйдæр ма дæ афæрсинаг дæн,— зæгъы Газакк. Майрæм æрбадти. — Хъусын дæм, ме стыр хицау. Табуафси, фæрс... — Катяйы курыс, фæлæ йæ алырдыгæй дæр сбарстай? — Ома, куыд «сбарстай»? Иæ дæргъ æмæ уæрх?—бахудти Майрæм. — Æз дæ йæ дæргъ æмæ йæ уæрхæй нæ фæрсын. ,— Уæдæ ма дзы цы баринаг нс? — Бирæ цыдæртæ. - — Æз æй уарзын, уый дæр, мæнмæ гæсгæйæ,— бахудти та Майрæм. — Уый хорз. Æнæ уарзондзинадæй иу бон дæр цæрæн нæй, фæлæ ма дзы, æз куы зæгъын, уымæй дарддæр цыдæртæ ис. — Нæ зонын,— йæ уæхсчытыл схæцыди Майрæм æмæ джи- хæй кæсы Газакмæ, цыма йын уый йæ хъуыддаг фехалыны тыххæй исты зæрдæхъыджы хабар радзурдзæн, уыйау. — Уæдæ мæм байхъус. Уарзондзинад цардæн нæ уалдзæг у, йæ дидинæг, йæ зарæг. Дыууæ адæймаджы куы баиу вæййынц, уæд хъуамæ иумæ зарой, хъуамæ сæ зарæг уа рæсугъд, дыууæ хъæлæсы хъуамæ кæрæдзиуыл бадой, æмæ сæ зард уа адджын, æхсызгон сæхицæн дæр æмæ адæмæн дæр. Гъеуый уыдзæн ад- джын æмæ рæсугъд цард, фæлæ уыцы дыууæ адæймаджы кæ- рæдзи не ’мбарынц, сæ зæрдæты гуыпп-гуыпп иу нæу, сæ хъæ- лæстæ иумæ нæ бадынц... иуцыбырныхасæй, сæ иу булæмæргъау куы зара, иннæ та цъымарайы хæфсау куы уаса... Майрæм ныххудти, фæлæ ницы сдзырдта. — Хъус, ’хъус, цæмæн дын^афтæ дзурын, уый бамбар. Худ- гæ уыйфæстæ кæндзынæ. Ус ракуырды хъуыддаг къамæй хъаз- тæй уæлдай нæу. Мæнæу «ва-банк», зæгъгæ, кæмæй фæзæгъынц, ахæм хъазт. Кæнæ рамбылдтай æмæ дæ цард, æцæгдæр, уал- дзыгон бонау, дидинæгджын уыдзæни. Кæнæ дæ дарддæры цар- ды фæкъуыввитт дæ, æмæ зындоны хъизæмары бахаудтай... — Æмæ уымæн цы хос ис?—æнæхудгæйæ афарста Майрæм. — Кæй кура лæг, уыцы адæймаджы зæрдæйы уаг, удыхъæд æмæ йын йæ алы миниуджытæ хъуамæ хорз базона. Æрмæст конд æмæ уындмæ гæсгæ чи ракуры ус, уыдонæн сæ фылдæр фæсмойнаг фæвæййынц. Рæсугъд цæсгом, кæй зæгъын æй хъæ- уы, хорз у. Фæлæ сылгоймаг, стæй канд сылгоймаг нæ, алчидæр хъуамæ рæсугъд уа, канд цæсгомæй нæ, фæлæ йæ удыхъæдæй, йæ зæрдæйæ, йæ алы миниуджытæй дæр. Науæд... 25
— Æмæ Катя цы у уындæй дæр æмæ зæрдæйæ дæр, уый нæ зоныс? — Фæлæуу, фæлæуу, Майрæм. Кургæ йæ ды кæныс... уæв- гæ, уарзондзинады йæ дыууæ хъусмæ чи аныгъуылы, уый ма барынтæ йедтæм арæхсы?.. Уарзондзинад фæлм у. Мæнæ уал- дзыгон райсом хæхтыл æмæ быдыртыл цы фæлм æрбады, ахæм. Уыцы фæлмы бынæй ма фæзынынц хæхтæн æрмæст сæ тигътæ, сæ цъуппытæ, фæлæ дзы адæгтæ, лыстæг æрхытæ, дзыхъхъытæ æмæ къардиутæ нал фæзынынц, мæнæ хæбуздзыхъхъытæ чып- дзæн хызы бынæй йæ цæсгомы дзыхъхъытæ куыднæуал фæзы- ныиц, афтæ... Майрæм та ныххудти. — Гъе, Газакк, ды йæ æгæр лыстæг луарыс!.. — Лыстæгæй? Е-е-е, мæ лымæн, æз ма усгур куы уаин, уæд æй луаргæ иæ, фæлæ ма йæ Къобы хæрды дæр... — Ысс... æнхъæлдæн, æрбацыди Катя,— фестади æмæ дуары цурмæ рауади Майрæм. Газакк æмæ Майрæм уаты ныхæстæ куы кодтой, уыцы рæ- •стæджы Асиат та йæ уæлибæхтæ конд фæци. Æрæвæрдта сæ стыр тæбæгъы, сæ фарсмæ — дзаг графин. Катя карчы лывзæ тæбæгъы кодта, æмæ ма уымæ уыд каст. — Асиат, æмæ цавæр хъуыддаджы фæдыл æрбацыдысты -ацафон уазджытæ? — йæ куыст кодта Катя, афтæмæй ’афарста Аспаты. — Уазæг рæстæг не ’взары, фысым та йæ, цы хъуыддаджы тыххæй æрбацыди, уымæн нæ фæфæрсы,— зæгъы Асиат.— Мæ- ■ хи хъæбулы хуызæн дæ уарзын, мæ хур, Катя. Нæ уазджытæ,- се ’рбацыды нысанæй фæрсын кæд аив нæу, уæддæр цæмæ æр- бацыдысты, уый, цыма æмбарын, афтæ мæм кæсы. Катяйæн фæлмæп худт ахъаз’ыд йæ цæсгомыл, йæ сæрыл хæрдмæ нал хæцыд, афтæмæй хъуыста Асиаты пыхæстæм. — Газакк æмæ Майрæм дæу фепынмæ æрбацыдысты. Раст зæгъгæйæ, æгъдаумæ гæсгæ ахæм хъуыддаджы тыххæй дæхи хæдзармæ цæуын æмбæлди... Иинæ уатæй райхъуысти уазджыты худын. КатЯ фестъæл- >фыд, у.æддæр йæ куыст кодта. — Фæлæ, дам, æй ныхасмæ фенæм... Катя Асиатмæ комкоммæ бакасти æмæ та йæ сæр æруагъта. — Æрмæст, дам, æй æргом ныхасмæ фенон, стæй, дам, мын кæд бар ратта, уæд, дам, нæхп хæдзармæ фæцæудзыстæм.— Уыцы ныхæсты фæстæ пыуулæфыди Асиат æмæ ма æрæджиау афтæ: — Тæхуды, дæ цахъхъæн лæппу мын куы уаид. Никуы- дæм дæ ауадзин... Катя, мæ хур, куыд дæм кæсы Майрæм? — Хæринæгтæ нæ ныууазал уыдзысты? — дзуаппы бæсты '26
афарста Катя æмæ та бавиæлдта тæбæгътæм. Асиатæй æфсæр-- мы кодта æмæ хъуыддаджы тыххæй ницы дзырдта. — Æгæр тæвдæй æрæвæрын дæр аив нæу, уадз æмæ чысыл ауазал уой, ницы сын у, фæлæ дæм дæ зæрдæ куыд дзуры Май- рæмы тыххæй, уый мын нæма загътай... Мæ хæдзарыл... уый- куыд ризыс, уый? — загъта Асиат æмæ чызджы йæ хъæбысы æрбакодта.— 0 мæ къона, æнхъæлдæн æмæ дын дæ зæрдæ агайы уыцы лæппу... æгъдау куыд амоны, уымæй уæлдай-иу æфсæрмытæ ма кæн сæ цуры. Кæд дæ зæрдæмæ цæуы Майрæм,, уæд ын-иу æй бамбарын кæн, зæгъ ын-иу дæ хъуыды. Уым æф- сæрмыйагæй ницы ис. Ахæм цардамонды хъуыддаджы уæлдай æфсæрмытæ къуылымпыйы хос йедтæмæ ницы сты. Фырнымд митæ амонды хос не сты. Уæвгæ сæ ды зонгæ дæр нæ кæныс æмæ дæ хъæугæ дæр ницæмæн кæнынц. Кæд æй нæ уарзыс, уæддæр ын-иу æй бамбарын кæн. Уатæй та райхъуысти уазджыты хъæрæй ныхас. — Æгæр сæ бадын кæнæм. Цом, мæ хур,— батыхст Асиат.— Сис, мæ хур, мæнæ лывзæтæ æмæ мæ фæдыл рауай. Бæгæныйы графин дæр æрбайсдзынæ. Дыууæ сылгоймаджы æд тæбæгътæ бахызтысты уатмæ.. Стъолы раз бадти Газакк. Майрæм лæууыди рудзынджы цур æмæ уынгмæ касти. Газакк сыстади. Майрæм рауади сæ раз- мæ. Райста Асиаты къухæй тæбæгъ æмæ йæ æрæвæрдта стъо* лыл. Катя дæр æрæвæрдта йæ тæбæгътæ æмæ стъолæй æддæ- дæр ’алæууыди. — Æнкъард нæ кæиут, нæ уазджытæ? Иунæгæй уæ пыу- уагътам, — худæнбылæй загъта Асиат æмæ ацамыдта Катямæ.— Мæнæ иæ уазæг дæр æрхæццæ. — Æз æнахуыр уазæг иал дæн,— загъта æнæхудгæйæ Катя æмæ Газзачы къух райста: «Æгас цæут». Фæстæмæ ракъахдзæф кодта. Зына-нæзына мндбылты худт абадтп йæ цæсгомыл. Май- рæммæ æнæистысдзургæйæ, радта йæ къух. Лæппуйы къухыл æрмæст андзæвинаг уыди, фæлæ йын Майрæм йе стыр армæп фидар æрхæцыди йæ фæлмæн къухыл. Катя йæм скасти æмæ йæ къух феуæгъд кодта. — Сбадут, сбадут, Газакк. Апазут, ахæрут, цалынмæ >ъарм сты, уæдмæ. Хорзуынинаг уазджытæ бæргæ стут, фæлæ баха- тыр кæнут... — Ау, уæдæ ма нын цы дæ зæрды ис, Асиат? — афарста Га- закк æмæ æрбадти. — Æз уын уырдыг алæудзынæн.— Майрæм графин райсын- мæ бахъавыд, фæлæ Катя фæраздæр. — Нæ фæлæ ма уæ дыууæ дæр сбадут. Ам, лæууын кæмæц хъæуы, ахæм зæрæдтæ нæй. Сбадут. 27
Майрæм æмæ Катя кæрæдзимæ бакастысты, стæй сразы сты хистæры ныхасыл. Дзæвгар абадтысты цыппар адæймаджы дзаг фынджы уæл- хъус’ Бирæ сидтытæ фæкодта Газакк, бирæ хабæрттæ фæдзырд- та. Нозтæй дзæбæх бахъæлдзæг, йæ рустæ ссырх сты, йæ рихи- тæ фесхъæлдæр сты. Майрæм иу хатт æмæ дыууæ хатты нæ ба- каст Катямæ аивæй, иу хатт ’ æмæ дыууæ хатты не ’рцахста Катяйы цæстæнгас дæр. Газакк скъолайы куысты кой дæр ра- кодта, æппæлыди Катяйæ. Катя йæ сæр иыггуыбыр кодта, ныф- сæрмы ис æмæ йæ цæстыхауты бынæй скасти Майрæммæ. Дыу- уæйæ дæр мидбылты бахудтысты. Уыцы бахудты, æвæццæгæн, уыдп Катяны дзуапп. Фæбадтысты- суапг нзæрдалынгтæм. Кæртæй æрбайхъуысти стуры уасын. Асиат акастн рудзыпджырдæм. Катя йæ бамбæр- ста æмæ фестади. — Æз æй радуцдзынæн, Аспат,— загъта Катя æмæ феддæ- дуар. Газакк æмæ Майрæм дæр сыстады’сты. Майрæм уыди хъæлдзæг, хæрзхуыз. Йæ худын йæ цæсгомыл пал сысыд. Йæ 'Цæстыты æрттывтой цины стъалытæ. -- Цæмæн сыстадыстут? Абадут уал,— сдзырдта Асиат æф- сонæн æмæ йæхæдæг дæр сыстади. «Афон дæр сын у,— загъта хинымæр,— фæлæ цы хъуыддаджы фæдыл æрбацыдысты, уый кой куы иæ скодтой. Æпи æрмæст чызджы феныимæ æрбацы- дысты?» Газакк Асиагæн йа минасы тыххæй раарфæ кодта, стæй йын сусæгæй йæ хъусы бадзырдта: — Не ’рбацыды сæр цæуыл у, уый зоныс. Мæнмæ гæсгæ, ацы чызг æмæ лæппу хибарæй’куы аныхас кæниккой, уæд хорз уаид. Куыд дæм кæсы, Асиат? — Чызг æмæ лæппу ахæм хъуыддаджы кæрæдзи куы æмба- рой, уæд ма уымæй хуыздæр цы ис,— дзуапп радта Асиат.— Фæлæ цыма иыртæккæ д’æр æвзæр не ’мбарынц кæрæдзи. Нæ сæм бакастæ? Майрæм рудзынджы цур лæууыди æмæ аивæн йæ цæст дард- та кæртмæ. Æрбаздæхт Катя æмæ Асиатмæ дзуры: — Асиат, æхсыры ведра не ссардтон! — Фæлæуу, мæ къона, мæхæдæг æй радуцдзынæн, дæ къаба* счъпзи кæндзынæ,— загъта Асиат æмæ Газакмæ бакасти. — Федтон сæ, æмбарынц кæрæдзи, фæлæ уæддæр пыхас ныхас у,— Газакк та сусæгæй дзуры Асиатæн. «Цымæ адон цы сусæг ныхас кæнынц? Æвæццæгæн, мæн тыххæй»,— хипымæр ахъуыды кодта Катя æмæ фæстæмæ ауаи- наг уыдн, фæлæ йæ Асиат баурæдта. 28
— Катя, мæ хур. Уæртæ фыиг афснай. Хъуг мæхæдæг радуц- дзынæн.— Уыцы ныхæстимæ къæсæрæй рахызти. — Цон, æзта дыи родыл фæхæцон,— йæ фæдыл рацыди Га- закк дæр. Ирон хæдзары фынг уазджыты цур нæ’ фефснайынц, уьы куыииæ æмбæрста Катя. «Хъуг дуцгæйæ родыл хæцын хъæуы, уый цæп тагъд æрбаймысыди Газакк? Барæй нæ ныууагътой... Уæдæ родыл хæцынмæ Майрæм цæуыннæ ацыди»,— ахъуыды кодта Катя æмæ фæстæмæ фæзылди цæуынмæ. Майрæм исдуг- мæ лæууыди æнæистыдзургæйæ. Дзурын æй куыннæ фæндыди Катяпмæ, уый тыххæй куы ’рбацыди ардæм, фæлæ йæ дзыхы ныхас нал бадти. Йæ бирæ хъуыдытæ, йæ бирæ зæгъииæгтæ цыдæр æрбаисты, чызгимæ хибарæй куы аззадысты, уæд. Ныр Катя фæстæмæ куы фæзылди, уæд фæтарсти: куы ацæуа, уæд худинаг æмæ аллайаг. Катя зæгъдзæн: «Гоцо, ныхасмæ дæр пæ арæхсы». Йæ размæ бауади: Катя дзыхълæуд фæкодта. — Катя... Фæлæуу-ма... Демæ мæ хибарæй аныхас кæный фæнды. Гæнæн ис уымæн? — Табуафси... ис гæнæн... фæлæ... Асиат æмæ Газакк хæрзаг ма зæгъои... Цы дзуринаг дын ис мемæ? Зæгъ æй цыбырæй. Кæд дæ хо Зæирæйы тыххæй... — Нæ,, нæ Катя, æндæр хъуыддаг... Куыд дын æй зæгъон, нæ зонын... Мæ зæгъинæгтæ æрбайсæфтысты... Мæ зæрдæмæ ныккæсын дæ бон у? — Зæрдæмæ кæсæн айдæнтæ мæм нæй,— загъта Катя æмæ бахудти. Л1айрæм æм æппындæр нал арæхсти дзурынмæ. Р1æ хид акалди. Йæ дзыппæй фелвæста фындзыкæлмæрзæн æмæ йæ иых сæрфыиыл фæци. «Æцæгæй, зæрдæбынæй чи фæуарзы чызджы, уыдон нал фæарæхсынц дзурынмæ. Уарзондзинад æрмæст йæ былалгъыл кæмæн вæййы, уыдон та къада куыройау фæдзæгъ-дзæгъ кæ- НЫНЦ...» # ^Я^#"*уи Уыцы ныхæстæ кæмдæр чиныджы бакасти Катя, æмæ йыи æхсызгон уыди, Майрæм афтæ кæй тыхсы æмæ ныхас кæй нал ары, уый. — Цæстытæй хуыздæр айдæн не скодта æрдз, æмæ уыдонæй ныккæс,— .æппынфæстаг сарæхсти Майрæм, стæй ныуулæфыди. — Æмæ, зæгъæм, ныккастæн дæ зæрдæмæ, уæд дзы цы фен- дзынæп? — бахудти та Катя. — Дæхи. Дæхи сурæт дзы фендзынæ,— уæндондæрæй загъ- та Майрæм... Цæй диссаг вæййы уарзæг адæймаджы цæстæнгас! Æнæ- хъæн дунейы рухсдзинадæй, фæл1мæндзинадæй, æнхъæлцау æмæ 29
щшдзинадæй цы ис, уыдой фæзынынц йæ цæстыты, мæнæ сыгъ- дæг æмæ рæсуг доны бынæй сызгъæрины æмæ бриллиангы: къæрттытæ куыд фæзынынц, афтæ. — Зон, Катя, дæ сурæт мæ зæрдæмæ куы бахызти... — Рагæй? — зæхмæ кæсгæйæ, мидбылты худгæйæ та йæ афарста чызг. — Рагæй. Чындзæхсæвы хъазты демæ куы кафыдтæн... — Кæд дæ зæрдæйы дуæрттæ æдзухæй дæр гом сты, æмæ, йæм алкæй сурæттæ дæр батæхынц? — Нæ, нæ, Катя. Æз хъазгæ нæ кæнын... æз дæ зæрдиагæй- фæрсын. Цы мын зæгъдзынæ? Кæд мæ дæхицæн цардæмбалæн: аккагыл нымайыс... Кæд ды... — Æз нæма равзæрстон,— загъта Катя æмæ йæцæст ахае- та лæппупы цæсгомыл, цыма йæ æвзаргæ кодта, мæ дзуапп æм куыд фæкæсдзæн, зæгъгæ. Мапрæмæн йæ цæсгом фæтар и. Иæ* цæстыты цы рухсдзинад уыди, уый цыма мигъы бын фæци. — Катя...— сдзырдта та Майрæм уæззаудæр хъæлæсæй,— æмæ дæ бирæ рæстæг хъæуы равзарынæн? — Бирæ. — Цас, уæддæр? — Иу-ссæдз азы. — Бонтæй сын баивæн нæй? — Цалæй? — Иу-фынддæс, ссæдз бонæй... Катя хъæрæй ныххудти, стæй йæ былтæ амбæрзта нæ къу- хæй, цыма йæ æнæнхъæлæджы худыны зæлтæ рацахсыпмæ хъавыди, уыйау æмæ рудзынджырдæм азылди. Фæзилгæйæ йæч къæбæлдзыг дзыккуты цæгтæ йæ дæллагхъуырыл æрбатыхсты-- сты æмæ сæ йæ къухæй аппæрста фæстæмæ. — Æгæр тагъд нæ кæныс? — афарста та йæ худгæйæ. — Катя, уæдæ мын цы зæгъыс? Фæнды дæ, нæ цард иумæ- æрвитæм, уый, æви нæ? Катя ницыуал дзырдта. Зæхмæ касти æмæ хъуыды ксдта. Ома, бакомои æви нæ, ууыл нæ, уый йын лыггонд уыдп. Фæлæ’ йæм афтæ тагъд разыйы дзуапп ава^рын рогдзинад касти. — Уæдæ куыд, Катя? Цы кæпон? — Цы дæ фæнды, уый кæн. — Цы мæ фæнды, уый куы зоныс... Кæнон уæдæ мæ хъуыд- даг? — Бар дæхи,— загъта ма Катя, бакасти лæппумæ æмæ фæ- зылдн дуарырдæм. » — Уæхимæ дæ куы фæрсой, комыс уыцы лæппуйæн æви нæ,. зæгъгæ, уæд сын «нæ» зæгъдзынæ æви «о»?4 30
— Хъусдзынæ йæ,—дзуапп радта Катя æмæ тыргъмæ раз- гъордта. Майрæм исдугмæ лæугæйæ баззади. Иæ цæсгом æгасæй дæр ныррухс и. Стæй зæрдæхъæлдзæгæй рацыди тыргъмæ, йæ цæст ахаста, фæлæ Катя кæрты нæ уыд. Йæ хъустыл ауади Газаччы хъæлæс: — Гъей, лæппу, æхсæвæддæйыл æрбацыдтæ, æви цы фæдæ?! Майрæм рахызти тыргъæй. Йæ цæсгом уыди райсомы хурау. Асиат æмæ Газакк лæууыдысты кæрты дуары цур æмæ йæм .æнхъæлмæ кастысты. — Куыд кæсын, афтæмæй йæ хъуыддаг цæуы,— Асиатæн афтæ Газакк. — Гъемæ амопдджын фæуæнт,— дзуапп ын радта Асиат. Уалыпмæ рацыди Катя. Курæг æм куы бацæуиккой, ууыл куы сразы, уæд балыгъди уатмæ æмæ йæ зæрдæйы гуыпмæ хъусгæйæ касти рудзымгæмбæрзæны аууонæй. Федта, Майрæм хурау худгæ куыд рацыди, куыд æй ахъахъхъæдта, уый. Ныр рацыди кæртмæ, базгъордта Асиатмæ æмæ, чызг йæ мады астæ- уыл куыд фæхæцы, афтæ йыл æрхæцыди. — Цæй, Асиат, стыр бузныг дæ минасæй, де ’гъдауæй, дæ алцыппæтæй дæр,—арфæтæ кодта Газакк Асиатæн. Майрæм лæууыди æмæ касти Катямæ, стæй «хæрзизæртæ» загътой дыу- уæ сылгоймагæн æмæ ацыдысты. Уый уыди уалдзæджы бонты, бал бæлæстæ дидинæг куы æфтыдтой, уæд. Уыцы бонæй фæстæмæ Майрæмы сурæт бынтондæр бацахста Катяйы зæрдæ. йæ изæры бафынæй, йæ райсомы райхъалы фыццагдæр хъуыдытæ уыдысты Майрæмыл баст. Иæ уарзондзи- иады ныхæстæ йын цы бон фехъуыста, «о» йын цы бон загъта, уыцы бонæй фæстæмæ йæ цæстытæ кæмдæриддæр агуырдтой Майрæмы. Суанг ма-иу скъолайы дæр къласмæ куы бацыди, уæд-иу иннæ скъоладзауты æхсæн цæстæнгасæй агуырдта Май- рæмы хо Зæирæйы. Уыцы къæсхуыр чызджы цæсгомы йе ’фсы- мæры ’нгасæй бирæ уыди: йæ фындз, йæ былтæ, йæ роцъо. Зæи- рæны-иу куы федта, уæд-иу райдыдта йæ урок. Ахуыры аз фæцæйхæццæ кодта йæ кæронмæ. Тагъд хъуамæ скъоладзауты ауагътаиккой сæрды каникулты. Катя та хъуамæ ацыдаид сæхи хъæумæ, йæ хæдзармæ, фæлæ йæ нæ фæндыди Уæлвæзы хъæуæй ацæуын. Нæ йæ фæндыди, цалынмæ Майрæ- мимæ сæ хъуыддаг не ’срæвдз уыдаид, уæдмæ. Фæлæ кæд уы- дзæии уый? Цас æмæ цас ныддаргъ вæййы ахæм хъуыддаг. Ца- лынмæ мыггаджы хистæрты, кæстæрты фæфæрсынц, цалынмæ 31
суанг мадырвадæлты, фыдымадырвадæлты, суанг дард хæстæ- джыты рафæрс-бафæрс фæкæиынц, æмæ уыдон та ракъуыр-ба- къуыр фæкæнынц, уæдмæ рæстæджытæ ацæуы. Цæмæн афтæ у цымæ? Куы никуыма ныл ахъуыды кодта Катя. Афтæ рахаста ацы æгъдау суанг фыдæлты фыдæлтæй. Фæлæ хъæугæ та кæй æмæ цæмæн кæны уыцы æгъдау, уыцы рафæрс-бафæрс? Адæй- маг хъуамæ нæхæдæг равзара йæхицæн цардæмбал æмæ бану уа йæхи барæвзæрсты къаимæ. Æрмæст рæдийгæ куы кæна, кæй равзæрста, уый куы нæ бæзза, хæлд æмæ магуса куы уаг уæд чызгæн хъуамæ йæ мад, йæ фыд, йе ’фсымæртæ бацамоной зонд, дæ цард дын нæ сараздзæн, фенамонд дæ кæндзæни, зæгъгæ, фæлæ йын йæ амонды хъуыддаг ма къуылымны кæной, кæй зоны, ахæм адæймаджы куы равзара, уæд. Уыдæттыл никуы ахъуыды кодта Катя ныронг. Иæ сыгъдæг зæрдæйæ афтæ загъта: «Æз Майрæмы зонын, уарзын æй, хорз лæппу у, цардæмбалæн мын бæззы, амондджын уыдзынæп йе- мæ. Куы мæ фæрсой нæхимæ — ацы лæппуйæн комыс æви нæ, зæгъгæ, уæд сын зæгъдзынæн, комын ын, уарзын æй, æмæ ууьтл хъуамæ ахицæн уа хъуыддаг». Сæрды каникултæм къуыри йедтæмæ нал уыди, уæд ахуыр- гæнджытæ^е скъоладзауты акодтой, Цъæх цады суадаёттыл электростанцæ кæм арæзтой, уырдæм экскурсийы. Скъоладзау- тæ хæрзарæзтæй, сæ пионерты галстуктæ сæ уæлæ, афтæмæй заргæ араст сты уынджы уæл-æмæ, комырдæм. Хур æркасти, æмæ бæстæ æрттывта дидинæгæй. Уынджы акаци бæлæстæ хуызгонд чындзытау лæууыдысты сæ урс дарæсы æмæ иу код- той чъырæй цагъд къултимæ. Æрмæст хæдзæртты ’сæрты æм- бæрзæн дуртæ зындысты се ’хсæнтæй сырх сæрбæттæнтау. Адæм рацыдысты сæ дуæрттæм, кастысты рудзгуытæй зарæг сывæллæтты колоннæтæм. Алчи дзы цæстæй агуырдта йæхи сы- вæллоны.. Катя цыди йæхи къласы скъоладзаутимæ. Дардæй ауыдта бæлæсты æхсæн сырх агуыридурæй арæзт ног хæдзар. Уынджы- рдæм ын æнахуырст, авгæвæрд рудзгуытæ. Æвгтæ мидæджы- рдыгæй — чъырæй ахуырст. «Уæттæ, æвæццæгæн, цæтгæ кæ- кæнынц»,—ахъуыды кодта Катя. Дзерассæ цыди йæ цурты æмæ йын йæ фарс басхуыста. — Кæсыс, Катя, дæ уат фæцæттæ кæны, фæлæ дзы цæрæг «æма зыны. Ды Майрæмы хъахъхъæныс, фæлæ уый æхсæвы- цъæхæй афардæг вæййы йæ куыстм-æ. Бакæс-ма, дзæбæх уатдын нæ уыдзæн? Катя йæм бахудти. Ницы загъта, æрмæст ма зулаивæй иу каст ракодта хæдзармæ. Иннæ хæдзæрттау дзы дуармæ ничи 32
лæууыди, рудзынгæй ничи касти. Майрæм, æвæццæгæн, æцæг йæ куысты ис, Зæирæ та уæртæ скъоладзауты æхсæн. Сывæллæтты колоннæ заргæ схæццæ хъæуы сæрмæ æмæ ко- мы бафардæг. Бирæ ма фæхъуысти сæ зарæг райсомы сыгъдæг уæлдæфы, стæй ныммынæг. Комы нарæджы, сыгъдæг суадæтты дон дурты æхсæиты кæм уайы, уым ахæлиу сты скъоладзаутæ. Сцъиах-цъиах кодтой æмæ райдыдтон гæппытæ кæнын дурæй дурмæ доны сæрты. Чи та сæ доны былты бæлæсты къалиутыл фæхæцы, йæхи ныззыввытт кæны, афтæмæй бахауы доны фаллаг фарсмæ. .Ком фæнарæгдæр, хъæд фæтардæр. Хуры тынтæ ма бæлæсты сыфтæрты æхсæнæй рухс кæиыпц зæххы. Уымæл, æмбыд хъуы- пайы тæф уадзы хъæд. Иу ран фæндаг сзылди тæссармæ, суади æнæхъæд гæмæх къуылдыммæ. Ком аззади рахизырдыгæй. Фа- лс— тархъæд. Иу ран дзы ставд тæрс бæлæсты рæбын Катя ауыдта æнæгуыффæ машинæ. Чысыл æддæдæр бæласы цур лæууыди Майрæм æмæ сæм йæ худ тылдта. Сгуыпп-гуыпп код;. та Катяйы зæрдæ, фæлæ уæдмæ фæндаг фæзылди иннæ комы^- рдæм? Катя ацыди сывæллæттимæ. Уцданд иуæндæс сахаты, уæд экскурсанттæ схæццæ сты дис- саджы рæсугъд уæлвæзмæ. Чысыл фалдæр та арвы айдæиау* æрттьрта Цъæх цад. Сывæллæттæ кæд фæллад уыдысты, уæд-- дæр 1(ыххор-хор кодтой, азгъордтой цады цурмæ æмæ, стыр< диссагмæ кæсæгау, кастысты, бирæ таурæгътæ кæй тыххæГг фехъуыстой, уьщы цадмæ. Цады дон уыди сабыр, сыгъдæг. Фа- лæрдыгæй зындысты ставд тæрс бæлæсты æмæ митæмбæрзг хæхты хуызтæ. Былгæрæттæм-иу хæстæг æрбаленк кодтой лыс- тæг кæсæгтæ, æмæ-иу сывæллæттæ куы сцин кодтой, уæд та-иу фæстæмæ иыцъцъыллннг кодтой цады астæумæ, цыма сывæл- лæтты сæ фæдыл сайдтой уыцы Цъæх цады сыгъдæг доны алснк кæпынмæ. Сывæллæттæ цады былты дзæвгар куы фæразгъор-базгъор кодтой, уæд сæм фæдзырдтой сæ ахуыргæнджытæ. Сывæллæттæ æрбамбырд сты иу ранмæ. Уым стыр бæласы рæбын кæрдæгыл афбадтысты скъолайы хистæр ахуыргæнæджы алфамбылай а^мæ хъуыстон, хæхты æмæ кæмтты цы хъæздыгдзииæдтæ ис, уыдоны тыххæп ныхасмæ. Катя æмæ Дзерассæ æицадгай-æицадгай рацыдысты сæ цу- рæй комы сæрмæ. Катяйæн нæ зæрдæ æхсайдта комырдæм, Майрæмы кæм федта, уыцырдæм. Æмæ йæ нæ фæсайдта йæ зæрдæ. Фæндагмæ куы акасти, уæд ауыдта, Майрæм комы фæн- дагæй цадырдæм лæнкыл куыд æрбахызти, уый æмæ Дзерас- сæйы хъæбысмæ йæхи баппæрста. — Уауу, иы .кодтай, цæмæй фæтарстæ? — уыцы иыхæстимæ 3 Хæхты 3&
акасти Дзерассæ дæр. Уый дæр ауыдта Майрæмы къалиутыл хæцгæйæ уæлæмæ сцæйцæугæ æмæ фæджих, ам æнæнхъæлæ- джы куыдæй февзæрд, зæгъгæ. — Ой, мæнæ цы и! Мæ бæсты дыргъ бæласыл куы банцой кæнис, уæд дæ зæрдæйы гуыпп-гуыппæй йæ дыргътæ дæ сæрыл .æргæр-гæр кæниккой... Фæлæуу, цæуыл скатай дæ. -Кæд уый иæу, уæд та... — Уый у... Майрæм у. Мæ зæрдæ йæ зоны... Майрæм схæццæ уæлбылмæ. Ныллæууыди æхсæр бæласы аууон, йæ пинджачы дысæй йæ< ных асæрфта, йæ’ дзаумæтты рыг ’ацагъта æмæ скъоладзаутырдæм акасти. Хъахъхъæдга Кл- тяйы. — Ау-у!—ныхъхъæр кодта Дзерассæ бæласы аууонæй. Майрæм разылди, фæлæ нæ уыдта чызджыты. Р’акæс-бакæс байдыдта. — Ау-у!—райхъуысти та йæм кæцæйдæр. Лæппу сдзæгъæл и, стæй сæ ауыдта æмæ сæм цæхгæр фæзылди. Чызджытæ рав- дыстой сæхи. — Æгас цæуай, саухъæды цуанон! — радзырдта йæм Дзе- рассæ. — Фарн уæ балцы, Цъæх цады чызджытæ,— дзуапп ын рад- та Майрæм. — Дзæбидыртыл цуан кæныс æви сæгуыттыл? — худти Дзе- у>ассæ.' — Дзæбидыртæ хъæдмæ нæ цæуынц. Хъæды сагтæ вæйпынц. — Хаттæй-хатт фæрæтмæ дæр æрцæуынц. — Фæрæтмæ чи æрцæуа, уыцы саджц маргæ нал фæкæ- пынц. — Уæдæ. йын цы кæнынц? — Ахсгæ. Катя хъуыста хъазæн ныхæстæм æмæ йæ мидбылты худтп. — Цом, уæртæ фалдæр замманайы дидипджыты фæз,— загъта Дзерассæ æмæ Катяйы къухыл ахæцыди, цæмæй дыууæ уарзоны сывæллæттæм ма зыной, стæй сæ фæуагъта æмæ, дæ- лæ’ цы дидинджытæ ис, зæгъгæ, кæл-кæлгæнгæ азгъордта сæ разæй. Уайтагъд бæлæсты æхсæн æрбайоæфт. Мапрæм æмæ Катя аззадысты бæлæсты æхсæн, уæрджытæм кæрдæджы лæугæйæ. — Хæйрæг... иунæгæй нæ куыд фæуагъта,— сдзырдта Катя æмæ йæ фæдыл ракъахдзæф кодта, фæлæ йын Майрæм фæхæ- •цыдн йæ къухыл. 1 — Катя... фæлæуу...— загъта лæппу æмæ та йе ’взаг иал тасыд. Чызг æмæ лæппу исдугмæ кастысты кæрæдзимæ, стæй Май- .34
рæм фесхуыста Катяйы йæхирд&М аёмæ йæ æрбалвæста йæ хъæбысы. Катя нæ амбæхста йæ цæсгом. Чызг æмæ лæппуйы былтæ баиу сты... , О, цæй диссаг, цæй адджын дæ, уарзондзинад! Æнæ дæу царды цы уаид рæсугъддзннадæй? Чызг æмæ лæппу кæрæдзи афтæ куы агурой, кæрæдзимæ афтæ куы тындзой, уæд сæ цы бауромдзæн? Нæдæр, схизæн æмæ стæхæн кæдæм нæй, ахæм хæхтæ, нæдæр денджызтæ, нæдæр сырдджын тархъæдтæ, нæдæр æрра хæххон дæттæ, нæдæр артæй, нæдæр донæй хъаймæт. Æр- мæст адæймаг! Адæймаг се ’ппæтæй тыхджындæр æмæ æдых- дæр, се ’ппæтæй зондджыидæр æмæ æнæзонддæр, се ’ппæтæй цардхъомдæр æмæ хнндæр, æнæхатырдæр æмæ цардхалдæр!.. Дзерассæ лæнкмæ нызпьордта, уырдыгæй фаллаг уæлвæзмæ. Уым алыхуызон дидинджытæй скодта стыр баст æмæ фæстæмæ раздæхти, фæлæ йæ нæма фæндыди уарзæтты адджын рæстæг фæцыбыр кæнын æмæ æнцадгай, æнæ уынæрæй æрбахъуызыди.. Æддозæй сæм бакасти. Чызг æмæ лæппу бадтысты кæрдæгыл. Никуы бафсæддзысты кæрæдзи уындæн. Уыдон дунемæ рацы- дысты, цæмæй кæрæдзн ссарой æмæ иумæ цæуой царды гуыр-- гъахъх’ь фæпдагыл дæр гауызтыл цæуæгау, хъазгæ æ.мæ худ- гæйæ. Дзерассæ аздæхта фæстæмæ æмæ та дидинджытæ- тонынг байдыдта. «Æй-джиди, æз дæр Бнмболатим.æ афтæ æмзопд,, æмзæрдæ куы уаин,— дзырдта йæхинымæр, дидинджытæ. тон.- г-æйæ.— Сырды мыггаг!» — Мапрæм, хъусыс, мæ зæрдæ куыд гуыпп кæны?—.загъта! Катя лæпиуйы хъæбысы. — Хъусьш, Катя, хъусыи. Æмæ ды хъусыс, мæ зæрдæ йы^г дзуапп куыд дæтты, уымæ? Мах кæрæдзийæ чи фæхицæн кæнау дунейыл ахæм тых ис?. Катя йын нæ цæстытæм иыккасти æмæ йæ сæр батылдта, ома — нæй. Катямæ дуне касти диссаджы аргъауы бæстæйы хуызæгр, Ныртæккæ йæм кæрдæг дæр, бæлæстæ дæр, сыфтæртæ дæр кас- тысты адджын тæф хæссæг дпдинджытау. Иæхи атыдта Май- рæмы хъæбысæй, уæлгоммæ æруагъта йæхн кæрдæгыл.; Йæ цæсгом æгасæп дæр худти, йæ рæсугъд былтæ уыдысты уымæл, тыхулæфт кодтой дзаг риутæ. Касти арзмæ æмæ худти фыр- амондджынæй. Манрæм æм иыджджнх æмæ хъуыды кодга: «Нæ, Таратæ, нæ мæ фæхицæн кæндзыстут мдс зæрдæйы дык- * кагхайæ. Мах ну.зæрдæ стæм. Нæй иу зæрдæйæн ади-х кæнæн...—■ Фæлæ иын Таратæ цы дзуапп радтой, уый йæ зæрдыл æрбалæу- уыд...—т Куыд ын бамбарын кæнон, йæ бинонтæ разыйы дзуапгт иæ радтой, уый. Куы йын æй зæгъон, уæд пæ цин атайдзæн, иæ 35
амонд йæ рæсугъд цæсгомыл нал хъаздзæн. Фæлæ йын æй уæд- дæр зæгъын хъæуы. Иумæ архайдзыстæм нæ амондыл». Базыл- ди та йæм. Кæсы йын йæ цæстытæм. Катя йæм ракасти. — Цы, мæ зæрдæйы уидаг?.. Майрæм... — Æз æрæджы уыдтæн уæхимæ... — Гъы, æмæ куыд?..— Катя рабадти æмæ æнхъæлмæ касти дзуапмæ. Майрæмы цæсгомыл ацахста æнкъарддзинады нысап -æмæ та йæ ногæй афарста: — Æмæ дын дзыцца цы загъта? — Не сразы. Катяйы цæсгомæй худæндзаст атахт. Фестади, стæй та æр- бадт Майрæмы цур. Иæ цæстытæм ын касти æмæ сæ, чысылраз- дæр цы амонды рухс зынди, уый бæсты ауыдта катай æмæ сагъæсы æндæрг. — Ау-у!— æрбайхъуысти Дзерассæйы хъæлæс. Цæуын афон дæр уыди. Фæлæ Катя æмæ Майрæм сæ хъуыд- дагыл куы нæма аныхас кодтой. Цæй тагъд фæзынди Дзерас- сæ..: Цæй тагъд атахти рæстæг. Дзерассæ аербазынди йæ дидинджыты бастимæ. — Ме ’мбалы адджын æмбалæн, хæдзæрттæ аразæг цуано- нæн — мæ лæвар! — букет бадардта Майрæммæ. — Ома, Дзерассæ, ахæм лæвар æз хъуамæ раттаин дæуæн. —> Ды та мын, мæнæ æз моймæ куы цæуон... • — Бимболатмæ? — худгæйæ афарста Майрæм. — Атъæпп уой уæдмæ Бимболаты фæрстæ!.. Фод уый дæр, уæд мын æрбахæсдзынæ ахæм, лæвæрттæ. Айс, Майрæм. Майрæм райста дидинджытæ. — Уæдæ ацы дидинджытæ дидинæгимæ хуыздæр фндау- дзысты. Катя, æз та йæ дæуæн лæвар кæнын. — Бузныг,— загъта Катя æмæ сæ куыддæр æнæбарыгомау райста. — Цомут. Сывæллæттæ фæцæуынц. Æгъгъæд уын у бæлæт- •тау сусу-бусу кæнынæн. Уыйфæстæ та ма цæуыл дзурдзыстут,— загъта Дзерассæ æмæ ахæцыди Катяйы къухыл. Дыууæ чызджы ацыдысты. Майрæм баззади сæ фæдыл джихæй. Катя цыди æвæндонæй, фæстæмæ ракæс-ракæс кодта. Афтæ йæм касти, ныма ардæм, Цъæх цады уæлвæзмæ базыртыл стахти. Уыди йæ .зæрдæ хуры рухсæй рухсдæр, фæлæ йын цыма ныр йæ базыртæ байстæуыди, йæ зæрдæйыл ын сау пæлæз æрытыдæуыди, æмæ бон дæр фæтар и. Иæ алыварс рæсугъд дидинджытæ дæр афтæ рæсугъд нал сты, адджын тæф дæр нал кæнынц. Бæстæ æндæр •фестади. «Цы ми кæндзæн цымæ Майрæм? Хъуыддаг æрдæгыл иыууадздзæн æви дарддæр архайдзæн?» — хъуыдытæ кодта Катя. 36
Цалынмæ чызджытæ фæаууон сты, уæдмæ лæууыди Майрæм дæр æмæ сæ фæдыл касти. Стæй йæ сæр ныттылдта. «Нæ, Катя, дæ бинонтæ иæ, дæ мыггаг æнæхъæнæй, æгас хъæубæстæ куы ныллæууой мæ ныхмæ, уæддæр дæ нæ ныууадздзынæн. Ничи мын дæ байсдзæн»,— загъта йæхинымæр æмæ раздæхти. Чысыл куы æруади комы, уæд фембæлди Катяйы фыдыфсы- мæр Елхъаныл. Уый дæр иннæ адагыл æрцæйцыди уæлæрды- гæй. Цыма калм федта, афтæ фæци Майрæм. Кæрæдзимæ не сдзырдтой. Ноджы æнкъарддæрæй рацыди Майрæм. & & & Майрæм уыди Дæлвæзы хъæуы, Катяйы хæдзары. Иæхи равдыста. Йæ мады йын федта. Цопанон æй хорз суазæг кодта. Усгур æрцыди, уый куы базыдта, уæд æм фæракæс-бакæс код- та æргомæй дæр æмæ аивæй дæр, дзæбæх лæппу йæм фæкасти. Суанг м.а йæ цæсгомыл бахудыны нысæнттæ дæр абадтысты. Уый æхсызгон уыди Майрæмæн. Уымæй размæ дзы цы койтæ фехъуыста, уыдонмæ гæсгæ Цопанон афтæ гуымиры, афтæ тыз- мæг у æмæ, дам, худгæ дæр никуы фæкæны. Фæлæ йын ныр Майрæм йæхи цæстытæй федта йæ цæсгомыл худыны бæрджы- тæ. Стæй йын Газакк куы бамбарын кодта се ’рцыды сæр, уæд загъта: — «Æмæ цы кæны, уый дæр æмбæлы». Бæрæг уыди, ЛАапрæм йæ зæрдæмæ кæйчфæцыди, уый æмæ загъта:—«Мæнæ нæ лæппуимæ, нæ чындзимæ кæрæдзи фендзыстæм æмæ уæм хабар уыдзæни». Майрæм æмæ Газакк дыууæ къуыри фенхъæлмæ кастысты, фæлæ сæм ницы хабар ссыди. Уæд та иубон æрцыдысты Тара- ты хæдзармæ дзуапп агурæг. Хæдзармæ бацыдысты, фæлæ сæм ацы хатт уазал цæстæй ракасти мад. Æрæвæрдта сын уазал къæбæртæ, арахъхъ æмæ сын дзуапп дæр радта ахæм: — «Нæ лæппу йæ куыстæн нæма æрцыди, пæ чындз йæ цæгаты бады. Мыггаджы лæгтæй чи балцы ис, чи кæм ис, чи кæм æмæ сæ ■бафæрсын къухы не ’фты». Скодта та сын ног æмгъуыд. Æртыккаг хатт Майрæм æрцыди йæхæдæг, фæлæ йын Цопа- ион «мидæмæ» дæр нæ загъта. Кæртæй йæ рарвыста æнæ дзуап- пæй. «Цы хабар уа, цæмæн афтæ фæфæлдæхти сылгоймаг, цы пыл æрцыдн?» — Ахæм хъуыдытимæ раздæхт Майрæм. Иæ фæ- сонæрхæджы дæр нæ уыди, Цопанон йæ тиуы ныхæстæм гæсгæ кæй фæфæлдæхти, уый. Катяйы фыдыфсымæр Елхъан хабар куы базыдта, уæд алы цъыф, алы чъизи калын райдыдта Май- рæмыл. Фыдæвзаджы мыггаг байтыдта мад æмæ сиахсаджы •æхсæн. Цæмæн? Уымæн æмæ Майрæмимæ хыл уыди, фæндагыл 'Сæмбæлгæйæ кæрæдзимæ дæр нæ дзырдтой рагæй. 37
æ&зе Ахуыры аз фæци. Катяйы нæ фæндыди сæхимæ цæуын, фæ- лæ уæддæр æвæндонæп цæттæ кодта йæхи, ома, искæмæ аи№ куы нæ фæкæса, æндæрырдæм куы бамбарой, йæ хæдзармæ- кæй нæ тагъд кæны, уый. Фæлæ Цопанонмæ иыххæццæ сты фыдгулы дам-думтæ, ома, дам, дæ чызг Цъæх цады комы кæй- дæр æнæхæдзар, æнæкъона лæппуимæ лекка кодта. Уæдмæ- æрхæццæ Хаджумар дæр. Уый хъусы дæр бацагътой уыцы ха- бар — ноджы хъуынджындæрæй, ноджы пыхцылдæрæй. Йе спыхцыл кæныныл та бацархайдта Елхъан. Уыцы гуымиры лæг арæх цæуын байдыдта Цопаноны хадзармæ æмæ мадьл хъусы дыв-дыв кодта, Катя нæ фæхудинаг кодта æнæхъæн мыггагæй,, зæгъгæ, нæ ауæрста Майрæмыл дæр цъыф калыныл. — Куыд йæ ныфс бахаста уыцы æнæкъона куыдзы къæбы- ла Тараты чызгмæ зулаив бакæсынмæ дæр. Уæдæмæ мыггаджы ном куы фæцуды, кæстæртæ дзы нывыл куынæуал вæййы, уæд. æм алы куыдзы къæбыла дæр срæйы, лабуры. Уыцы куыдзы хъæвдынæн йæ дæндæгтæ банымайын хъæуы,— хъуыр-хъуыр* кодта æдзух Елхъан. Цопанон æмæ Хаджумар Елхъаны ны- хæстæй сырхзынгау систы æмæ цъæхарт уагътой. Уый та ма сын сæ мастыл ноджы арт æфтыдта. — Цæугæ, Хаджумар, æмæ дæ хойы æрлас, цалынмæ нæ* бынтондæр нæ фæхудинаг кодта. Уæдмæ Катя йæхæдæг æрцыди. Уызынтау æм сæ судзин æв~ зæгтæ спыхцыл кодтой бинонтæ. — Æрхæццæ дæ дæ «кады» хабæрттимæ?! — мæстыйæ сри- уыгъта Хаджумар æмæ иуварс ацыди. Æгæрмæгуыр ын’ йæ- дзауматæ бричкæйæ райсынмæ дæр нæ аххуыс кодта. Цопанон дæр æм фыццаг ницы сдзырдта, фæлæ лæгты цæсгæмттæм куы бакастн уæд йæхи ныхъхъуынтъыз кодта æмæ райдыдта: — Уый цытæ дæ сæрмæ хæссыс, чызг, дæ дам-думтæ дæ’ разæй куы æрхæццæ сты, уæд дын худинаг нæу?! — Æмæ цы бакодтон æвзæрæй, худинагæй, дзыцца? — Куыд «цы бакодтон» у уый та! Кæимæ лекка кодтаГг хъæды, кæимæ худинаг кодтай дæ хæдзао, дæ бинонты, дс ’фсымæрты, дæ мыггаджы? — Æз никæй худинаг кодтон æмæ кæнын. Кæйдæр гæды- ныхæстæ... ^ — Æмæ уæдæ ардæм кæй æрæрвыстай, уый дын чи у, уыцьг æнæкъона басяк? 1— Æз пикæй æрæрвыстон. Хæдзармæ уазæг не ’рбацæуы..^ стæй кæмæй зæгъыс, уый æнæхæдзар басяк дæр нæу. Ис ын; хæдзар, ис ын хо... 38
— Цыфæнды йæм уæд, уæддæр дæ цæсгом куыд бахъæцыди хъæды йемæ лекка кæнын, æви дæ цæсгом бахордтай! — Омæ мæ, дзыцца, уарзгæ кæны, уарзгæ...— Катя .бахудти ■æмæ хæстæгдæр бацыди йæ мадмæ.'Фæндыди йæ йæ мадимæ Зæрдиаг ныхæстæ акæнын, фæлæ мад уыцы тызмæгæй касги. -*■ Чызджы уарзджытæй фылдæр цы вæйпы... — Æз дæр æй уарзын, дзыцца...— загъта та Катя, фæлæ ’мады цæсгом бынтон ныттар п. Хъуынтъыз æрфгуыты быпæй йæм скасти. — Цы загътай, цы?! Дæ цæсгом та куыд бахъæцыди не ской ■кæмып! Æмæ кæй бауарзын хъæуы, уымæй дæ мады, де ’фсы- мæрты, дæ мыггагæй искæй бафарстай?.. — Æмæ сæ цæмæн хъæуы фæрсын? Уыдон кæн бауарзынц :æмæ кæй фæкурынц, уымæй мæн фæфæрсынц?.. — Мæ бындурыл! Мæнæ цы цæсгом суагъта!.. Быны чызджы "дзой-дзой фæкæнай, кæм сахуыр дæ уыцы æнаккаг ныхæстыл?! Акуиты у мæ цурæй, мæ цæстæй дæр дæ куыпнæуал фенон!.. Катя рацыдн кæртмæ. Сарайы слæууыди æмæ зæхмæ. ныдж- джих. Цы ’рцыди ам, йæ хæдзары? Цы ’рцыди йæ мадыл? Аф- тæмæй йæ куы никуы федта. Мæсты дæр-иу раци, загъд дæр-иу кодта, фæлæ фылдæр хæдзары хъуыддæгтыл. Катямæ ахæм цæстæй никуы ракасти, ахæм дзыхæй йæм никуы сдзырдта. Ныр ыл цы ’рцыди? Хæдзармæ уазджытæ никуы æрбацæуы, чызг- джын хæдзармæ усгур кæнæ минæвæрттæ никуы æрбацæуы? Цæмæи афтæ сси йæ мад, цы кодта? Катя хъуыдыты аныгъуылд. Цæмæн сæм афтæ хъыг фæкас- ти, Майрæм ардæм æрцыди, уый? Цы ис уым худинагæй?.. Дыу- уæ адæймаджы кæрæдзи уарзынц æмæ сæмбæлдысты... Цæмæн :\оныиц уый худинаг? я>: & & Æрхæццæ ног ахуыры азы райдиан, фæлæ Катя нал ссыди йæ куыстмæ. Нал æй рауагътой йæ мад æмæ йе ’фсымæр. Май- рæм катай æмæ сагъæсы бацыди. Ад ын нал кодтой йæ куыст дæр, æмæ йæ цард дæр. Иæхицæн бынат нал ардта. Кусгæйæ- сиу джихтæ кодта. Фыццаг бонты арæх абæрæг-абæрæг кодта куы Асиаты хæдзар, куы скъола. Катя куы нæ зынди,. уæд та Газакмæ цæуын байдыдта, куы йæ куыстмæ, куы йæ хæдзармæ. Газакк архайдта хъуыддагыл, цас йæ бон уыди, уыйас. Тæри- гъæд кодта Майрæмæн; скъоладзаутæн сæ уарзон ахуыргæнæг семæ кæй нал уыди, ууыл дæр тыхсти. Катяйы хуызæн ахуьтр- тæнæг аргæ дæр нал скодтаид. Æрæгвæззæг уыди, æмæ ма хорз ахуыргæнджытæй уæдмæ æгуыстæй чи баззадаид. Фæстаг хатт ^а Таратæм куы ныццыди, уæд Катяйы.мадæн афтæ зæгъы: 1 39
— Мæ уæфстæ баихсыдысты сымахмæ цæуынæй, ме ’взаг слыстæг и сымахæн лæгъстæ кæнынæй. Ауадз дæ чызджы йæ куыстмæ. — Æз цы загътон, уымæй уæлдай мæм æндæр дзуапмæ* æнхъæлмæ ма кæс,—фидарæй загъта Цопанон. — Уæдæ дæ чызг йæ зæрдæйы фæдыл куы ацæуа, уæд дзы- иу хъаст ма ракæн,— смæсты ис Газакк дæр. — Мæ чызг афтæ нæ бакæндзæн. Ацы хæдзар лæууы йæ* рагон æгъдæутты бындурыл, æмæ сæ нæ фехалдзæн,— нæ састн Цопанон. — Ды, Цопанон, ацæргæ сылгоймаг дæ, уæдæ æз дæр цып- пар æмæ дыууиссæдз азы хæссын ме ’ккойы. Мах зонæм, зæрдæ цыфæнды рагон æгъдæуттæм дæр кæй иæ фæкæсдзæн, зæрдæ- йæн бауромæн нæй, стæй йæ уромын дæр нæ хъæуы, раст фæн- дагыл арæзт куы уа, уæд. Зæрдæйы закъонтæ чи базондзæн æмæ сæ чи бауромдзæн. — Æз закъонтæн ницы æмбарын. Нæ нæлгоймæгты нæ* фæнды, нæ чызджы уыцы Майрæм у, æви цы Рæм у, уымæн раттыи. Нæй махмæ чызг дæттпнаг, зæгъыпц. — Омæ, Цопанон, ды та мад куы дæ, мад. Дæ чызджы зæр- дæ цы зæгъы, уымæн йæ фæрсгæ уæддæр бакæпут. Æви дæ чы> джы уарзгæ нæ кæныс? Зафонд ус йæ уирагдурхуыз цæстытæ схъулæттæ кодта Га- закмæ. — Уый та дын цы ныхас у?! Иæ иунæг чызджы чи нæ уар- зы? Уарзгæ пæ кæнын æмæ йæ уымæн нæ дæттын æнæхæдзар, æнæкъона лæппуйæн. — Чи у æнæхæдзар? Майрæм? Æгмæ йын дзыхъхъынног хæдзар куы пс. — «Хæдзар!» — сфæзмыдта минæвары зæронд ус,— кæйдæр- капеччытæй арæзт хæдзар. Иæхицæн хæдзар саразынхъом чи пæ вæййы, уымæн ма фæаразынц æхсæны капеччытæй хæдзар. — Омæ Майрæм адæмæн дæр ма иæхæдæг куы кæны хæ- дзæрттæ. Адæмы капеччытæй йын нæ аразынц, фæлæ колхозы хардзæн, правленийы уынаффæмæ гæсгæ. Аразгæ дæр æй кæны йæхæдæг. — Мæнæ ацы хæдзар дæр кæддæр сарæзтой æнæхæдзар* аразджытæ!.. Цопаноны ацы фæстаг ныхæстæм рамæсты ис Газакк. Хъæбæр ныхæстæ йын зæгъынмæ хъавыдис, фæлæ йæхи ныу- урæдта. Исдугмæ ницыуал сдзырдта, стæй йын загъта: — Æмæ дæ чызг Майрæмы кæй уарзы, йæхицæн æй аккаг цардæмбалыл кæй нымайы, уый дæм нæ хъары, уый дæм ницы; кæсы? Зоныс уый? — бафарста Газакк комкоммæ. 40
— Зонын æй. — Гъы, æмæ куыд? Мадæн уый ницы у? — Чызг рæдийгæ дæр фæкæны, æз та йæ мад дæн, æмæ йæ хьуамæ рæдийын ма бауадзон. Газакк джихæй баззади. Бамбæрста, мад ардыд кæй у, кæй- .дæр фæндтæ кæй дзуры æмæ кæй нæ басæтдзæн, уый. — Хорз. Фод афтæ. Зындзырд адæймаг дæ ацы хъуыддаджы, фæлæ Катя ахуыргæнæг у. Паддзахад æй сахуыр кодта, хæрдз- тæ йыл фæкодта, æмæ хъуамæ кусгæ кæна. Ауадзут æй йæ луыстмæ. — Мæн уе скъолаимæ инцы хъуыддаг пс. Мæ чызг ам дæр ссардзæн куыст. — Гъеуæдæ хорз байрайут,— загъта ма Газакк мæстыйæ, ■фестадн æмæ ацыди. Цопанон йæ фæдыл джихæй баззади. «Æз да?р æй уарзын», æрбалæууыдысты йæ зæрдыл Катяиы ныхæстæ. Газаччы фæдыл кæртмæ рацыди æмæ дызæрдгуытæгæнгæ йæ фæдыл касти. «Æгæр цæхгæр «нæ»-йыл ныллæууыдтæн»,—загъта йæхинымæр æмæ хæдзармæ баздæхти... Майрæм æнхъæлмæ касти Газаччы ссыдмæ. Алы гуыпп, дуары алы хъинцмæ дæр-иу фестади æмæ-иу кæртмæ ракасти. Ныр куыддæр Газакк кæрты дуарæй æрбахызти, афтæ йæ размæ разгъордта, фæлæ йæ хæлары æнгасæй фæсыккау. Дыууæ лæджы уæззау къахдзæфтæй бараст сты хæдзармæ. Сбадтысты стъолы уæлхъус. Сæ разы уыди бæгæныйы графин. Газакк райета графин, æнæдзургæйæ рауагъта цайцымæны бæ- пæны, систа агуывзæ. — Дæлимон у уыцы зæронд ус, адæймаг нæ, фæлæ, йæ иу къæпсыр дæларвмæ, иннæ къæпсыр — уæларвмæ кæмæй фæ- зæгъынц, ахæм,— хъазгæмхасæн загъта Газакк æмæ йæ нуазæ- нæй бакъуырдта Майрæмы нуазæн. — Цæй, мауал джихтæ кæн. Нæ хъуыддæгтæ нын зæронд Уастырджи рæстмæ фæкæнæд,— йæ пыхæстыл ма афтыдта æмæ бæгæны анозта. Æнæдзургæйæ анызта Майрæм дæр. — Æниу дæ цæмæн хъæуы ахæм дæлимон кайыс? Æнæ кайысæй дæр дын хорз цард бантысæд... Катяимæ,— дзырдта дарддæр Газакк. Майрæм æнæбары бахудти. — Зæгъ-ма мын, Майрæм, Таратæй искуы искæимæ фæхыл дæ, искæмæн дзы исты маст скодтай? — Нæ хъуыды кæнын. Хаджумар мæм цæйдæр тыххæй тæс- сармæ фæкæсы, куы йыл сæмбæлын; уæд, цæй тыххæй, уымæн ницы æмбарын. — Уæдæ цæмæн афтæ ныццæхгæр-сты дæ ныхмæ? 41
Майрæм та аджих. Хъуыдытыл фæци. Газакк дзырдтз дарддæр: — Мæнмæ афтæ кæсы, цыма Катяйы мад ардыд у. «Нæ лæгты нæ фæнды, нæ фæнды» кæны. Чидæр ын дæ фыдгой фæкодта.— Майрæм комкоммæ фæкасти Газакмæ æмæ афарста: — Елхъан уьш вæййы, миййаг? — Æз æй алыхатт дæр уым баййафын. — Уæдæ ,ма дзы цы дзуринаг ис. — Æмæ дзы Елхъаи та цалæм у? — Уый ардаудзæн Цопаноны. Æрмæстдæр уый кæндзæн? мæ фыдгой. — Фæлæуу, фæлæуу. Искуы йемæ фæхыл дæ, миййаг? — Æмæ йæм чи фæлæудзæн? Уый куыдзы тугæй.æхсад у!— Майрæм фестади.— Уый у хъуыддаг халæг... Уый давæг уг къæрных, дезертир!.. — Фæлæуу-ма, фæлæуу, сабырдæр дзур. Уагæр ын цы ра- кодтай? — Махи тыххæй мурдæр ницы. — Уæдæ кæй тыххæй? — Колхозы тыххæй, адæмы тыххæй... — Гъы, гъы. Æрсабыр у æмæ æнцадгай дзур. Цы фыдбылыз ын ракодтай уагæры? — Майрæм чысыл фæсабыр и. — Хъуыды ма кæныс, Газакк, хæсты фæстæ нæ, крлхозы хæлд хæдзæрттæ фæстæмæ куы арæзтам, уый? — Хорз æй хъуыды кæнын. — Уæд мах къордæй хъæдмæ ацыдыстæм. Æнæхъæн къуы- ри хъæддзаума фæцæттæ кодтам,— хъайвантæ, стъарапилтæ„ Лæгæй сæ фæластам коммæ. Уы.м сæ фæндаджы был æрæфснайд- там раласынæввонг, фæлæ сæ раласын нæ къухы нал бафтыди... — О, уæд бæхтæ æмæ нæ иунæг машинæ фæззæджы куыс- тытыл уыдысты æмæ нæ хъæдмæ не ’вдæлди,— загъта Газакк.. — Уæд сæм иу зымæгон бон ацыдыстæм æртæ брнчкæйæ, фæлæ ма цæй хъайвантæ æмæ цæй æндæр. Комы мидæмæ куьг фæцæйцыдыстæм, уæд ныл амбæлдысты Елхъан æмæ йæ кæс- тæр- æфсымæр. Уыдон дыууæ уæрдонæй рацæйластоп хъайван- тæ... Елхъан уæд йæхицæн сара арæзта. Мах æм уæд нæ цæст не ’рдардтам, фæлæ нæ хъæддзаума сæ бынаты куынæуал бай- йæфтам... — Елхъан сæ рамарзта? — Мæсты худт бакодта Газакк.,. — Цы базонинаг ма уыд, уый сæ кæй аласта, уый. Æз* бричкæйæ бæх феуæгъд кодтон, абадтæн ыл æмæ сæ фæдыя рацагайдтон. Раййæфтон сæ, комы дымæгæй быдыры фæндаг- мæ’куы рацæйхæццæ кодтой, уæд. Кæсыи, æмæ дын сæ уæр- 42
дæтты нæ бæрæггопд хъайвантæ. Адон кæцæй ласыс? — фæр- сын Елхъаны. — Хъæдæй,— дзуапп мын радта æмæ былысчъил худт ба- ^одта. Мæ маст рафыхти, фæлæ мæхи тыххæй урæдтон. Зæгъ- тош ын: — Æруромут бæхтæ æмæ ракалут хъайвантæ. Адон мах •колхозæн æрцæттæ кодтам.— Æз бæхты рохтæм бавнæлдтон. \ — Иуварс лæуу, бæхы рохтæм ма ’внал!— схъæр мыл код- та Елхъан. !!_ — Æруромут уæ бæхтæ æмæ раппарут хъайвантæ,— загъ- тцн та сын сабырæй æмæ йын йæ бæх баурæдтон. ;— Æнæхæдзар къæбыла! Суадз бæхы рохтæ дын куы загъ- тон!—схъæр та мыл кодта. Æнæхæдзар къæбыла мæ кæй схуыд- та,^уын мын мæ тъæнгтæ ацагъта. Ехсæй йæ æрриуыгъынмæ рахъавыдтæн, фæлæ, иуæй хистæр кæй уыди, уый тыххæй, иннæ- мæй та мæм хыл къахын нæ цыди æмæ мæхи баурæдтои, фæлæ ^æддæр бæхы рохтæ нæ уæгъд кæнын. Уæд дын Елхъан уæрдонæй рагæпп ласта. Рахызти йе ’фсымæр дæр. Уыдон дыууæйæ, æз— иунфг. Елхъанæн йæ къу-хы гæрчъыздухæн. -\- Æнæкъона куыдзы хъæвдын! Ды кæй бæхтæ урОмыс! Æз '^ын ам куыдзы мард акæндзынæн... де стæгдар дын халæт- тæ дæр куыннæуал ссарой, афтæ,— зæгъгæ, дын мæм æрбацæуы гæрч’^ыздухæнимæ. Æз мæ бæх иннæрдæм фæзылдтон, фæлæ инна^рдыгæй мæ разæй фæци æфсымæр.... Хуыцау йæ зонæг, цы рауадаид не ’хсæн... —, Цы рауадаид, дæ царм дын астыгътаиккой, æндæр,— загъта Газакк. — |Уый бæрæг нæу, чи кæй царм астыгътаид... Уалынмæ дын лæф-лæфгæнгæ нæ уæлхъус æрбалæууыдысты мæ дыууæ æмбалы, Елмæрза æмæ Дзабо. Уыдон хабар бам-бæрстой, бæх- тыл абадтысты æмæ мæ фæдыл ныййарц сты. | — Д’ амонд уыди, д’ амонд, уыййедтæмæ... — Цы гæнæн <ма уыди Елхъанæн. Раппæрстам хъайвантæ. Уыдон сæ афтид уæрдæтты- абадтысты æмæ æртхъирæнтæгæнгæ рацыдысты... Уæдæй нырмæ мæм æрра куыдзы касткæны Елхъан. — Æмæ дын дæ хъуыддаг дæр уымæн халы...— ныуулæфы- ди Газакк.— Уыдон адæм не сты, фæлæ бирæгътæ, сырдтæ. Фæлæ Катя йæ уæрыччы зæрдæимæ куыд равзæрди уыдон æх- сæн? Диссаг куыннæ у, ахæм какон сындзы æхсæн Катяйы хуызæн дидннæг æрзайæд! Дæхиуыл схæц. Ма тыхс, Катяйы мах никуыдæм ауадздзыстæм... Ж & Ъ Иу фæззыгон райсом Газаччы бидаркæйы Майрæм нæ зæр- дæны фæдисимæ араст и Катяйы хъæумæ. Уыди хур бон. Дыу- 43
уæ хъæуы æхсæн фæндаджы фæрсты кæрз æмæ тæгæр.бæлæсть*, •сыфтæртæ згъæлыдысты. Буртæ, сырхытæ, игæрхуызтæ, цъæх-/ тæ, æмæ фæндаг персайнаг гауызау схъулон кодтой., Фаелæ сæ* Майрæм нæ уыдта. Цыма сæ хъуыды дæр нæ кæны. Сæргуы- бырæй бадти, бæхы йæхи бар ауагъта æмæ хъуыдытæ, сагъæс- тæ кодта йæ цардыл, йæ уарзон Катяйыл. / Мæргътæ ратæх-батæх кодтой фæндаджы сæрты ну бæ^а- сæй иннæмæ, уасыдысты алы хъæлæстæй. Фæлæ сæ Мапрæм нæ уыдта, нæ сын хъуыста сæ уасын, сæ зарджытæ. * Сосæвæидагыл дыууæрдæм кодтой машинæтæ. Хор, фос ластой. Адæм хъæлдзæгæй цыдысты автобусты. Кæм фæндырæи цагътой, кæм зарыдысты, фæлæ сæ уынæр нæ хæццæ ко^та Майрæммæ. Уымæн йæ зæрдæ сау катайæ сыгъдн Катяйы мæ- тæй æмæ йæ фæндыди йæ уарзоны тагъддæр фенын. Фæлæ дæй сыидæг цæуы йæ бидаркæ! Уæртджын хæфсыл цыма цæуы, æмæ’ уæд бæхы рохтæ æрбатъæпп кодта, ехсæй ралæууыди фехы рагъыл, æмæ бидаркæ атахти. Куы-иу иуырдæм фæкъул и^куьг иннæрдæм. Бæх агайдта цыппæрвадыгæй. Цæлхытæ’ ма/зын- дысты стыр сивыртау, фæлæ Майрæммæ афтæ касти, идыма, тынг сындæг цæуы. Нæ, нæ!.. Фенын хъæуы Катяйы тагъддæр,, тагъддæр! Æмæ та ехсæй бæхы æргæрæхтæ кæны. . 1 > Æрхæццæ Дæлвæзыхъæугæронмæ. Дидинджыты ^цупæлттау зындысты фæззыгон дыргъдæтты бæлæстæ. Хæдзæртты токына- тæй’бæрзонд сивæзтысты цъæх фæздæджы бæлæстæ. | Майрæм æрбалвæста бæхы рохтæ, уый дæр йæ цыд фæса- бырдæр кодта. Йæ хид акалди, тыхулæфт кæны. Майрæмæн йæхи хуызæн. Мæнæ астæуыккаг уынг. Змæлæг дзы нæи./Адæм сæумæрайсом ацæуынц быдырмæ. Дыууæ цæхгæрмæ. уынджьг ма, æмæ тигъыл — Катяны хæдзар. { Цæхгæрмæ уынджы бæлæсты рæбынты фæцæуы чызг. «Ка- тя!.. Катя у уый!» — Иæ зæрдæ барухс Майрæмæн. Бæхы уы- цырдæм фездæхта æмæ йæ уайтагъд баййæфта. — Дæ райсом хорз, Катя! — салам радта. ^Чызг фестъæлфыд, фæлæ Майрæмы куы ауыдта, уæд йæ цæсгом фæрухс. Аракæс-бакæс кодта уынджы стæй ’йын мид- былты худгæйæ дзуапп радта. — Æгас цу. — Афтæ раджы кæдæм рацыдтæ? — афарста йæ лæппу тыхулæфтгæнгæпæ. — Дзыцца мæ рарвыста дуканимæ, цæхмæ... — Дæ чындзæхсæвæн цæхх нæ фаг кæны? — мæстыхуызæй афарста Майрæм, Катяйы цæсгомыл худыны бæрджытæ куы ауыдта, уæд æмæ æфхæрæн ныхас йæ былалгъыл абадти. Фæ- 44
лæ ныххæцыди йæхиуыл. Йæ армытъæпæнæй йæ цæсгом ам- бæрзта æмæ ныккæрзыдта: — Охх!!. , . •- ’ — Майрæм... «цы кодтай?..— афарста Катя. \ Уынджы фæзынди сылгоймаг> Катя йæ ауыдта. I — Майрæм... Чидæр æрбацæуы,— бакатай кодта æмæ. би- даркæмæ-хæстæгдæр бауади. | — Кæд ма мæ уарзыс, уæд сбад мæ фарсмæ,— йæ къух-æм æрдардта Майрæм. Катя йын фæхæцыд йæ фæтæнтæ къухыл авмæ цæстыфæныкъуылдмæ бидаркæйы абадтп. 1 — Фидар хæц,— загъта Майрæм. Бæхы цæхгæр разылдта, спæй йæ ехсæй æрцъыкк ласта. Катя йæ фæрсгæ дæр нæ ба- кадта, «кæдæм цæуыиц, уымæй. Æмбæрста йæ. Хъæугæронмæ кмы рахæццæ сты, уæд Майрæм бæхы сабырдæр ауагъта, Ка- тяиы цæстытæм бакасти æмæ йæ ныллæг хъæлæсæй афарстаг \— Дæ зæрдæ мыл нæ аивтай? \Катя мидбылты бахудти æмæ йæ сæр батылдта, «нæ», зæгъгæ. V—. Уæдæ цæуæм?.# катя сразы. Лæппу та фезмæлын кодта бæхы, æмæ бидаркæ дыууæрдæм рат|рс-батасгæнгæйæ згъордта фæндагыл кæрз æмæ тæгæр бæ- лæсръьæхсæнты. Катя рахиз къухæй хæцыди Майрæмы астæуыл æмае худти. ^ысыл раздæр ацы фæндагыл цыди Майрæм дæлæрдæм æмæ нæ уыдта нæдæр бæлæсты, нæдæр сын сæ алыхуызон сыф- тæрты уыдта. Ныр æм афтæ кæсы, цыма.ногæй уалдзæг .рай- дыдта æмæ ацы хус сыфтæртæ дидинджытæ сты. Сæхæдæг та, цыма зæххыл нæ цæуынц, фæлæ уæлæрвты тæхынц. Майрæмæн йæхи хæдзар цæттæ нæма уыди, æмæ Катяимæ æрфысым кодтой йæ мадыфсымæр Исламтæм. Æгъдаумæ гæс- гæ æмбæлгæ дæр афтæ кодта. Стыр кад скодтой* Ислам æмæ йæ ус Надя сæ хæрæфырт Майрæмæн æмæ Катяйæп. Чындзæн цы буцдзинад æмæ æгъдау æмбæлы, уьщы æгъдау сын радтой. Сарæзтой сын стыр чыидз- æхсæв. Хорз æгъдау радтой æгас чындзæхсæвмæ æрцæуæг адæ- мæи дæр. Майрæм куы акасти утæппæт адæммæ, уæд йæ зæрдæ цинæй байдзаг. Хæсты фæстæ ахæм циндзинæдтæ тынг .арæх нæма уы- дысты. Фылдæр уыди зиапы, фыдохы фынгтæ, æмæ адæм -офæл- мæцыдысты æдзух «рухсаг» æмæ дзæнæты кой кæнынæй. Май- рæм æмæ Катяйы чындзæхсæвы сæ уыдæттæ ферох сты: зары- дысты, кафыдысты, хъæлдзæг ныхас, худын, хъазын цыди ал- 45
кæмæ дæр. Суанг цыма хæдзæрттæ дæр, бæлæстæ, дуртæ дæр худгæ кодтой, афтæ уыди уьгцы бон. Хистæртæ сарайы бадтысты даргъ фынгтыл. Зард сын ба- цайдагъ. Иу иннæйы дзыхæй иста зарæг. Фæсивæд æртымбылу сты уæрæх кæрты. Чызджытæ — рудзгуыты цур къулрæбын,/ лæппутæ — хистæртырдыгæй. Фæндырæй цагъта чындз, Катя йæхæдæг. Ацы хъæуы афтæ никуыма уыди æмæ чындз йæхæдæг райса йæхи хъазты фæндыр æмæ афтæ æхсызгонæй цæгъдз. Фæлæ хъазты иуæй нывыл фæндырдзæгъдæг нæ уыди, иннæ- мæй та Дзерассæйы хивæиддзинад — уый рахуыдта Катяйы кæртмæ. Йæхæдæг лæууыди чындзы дæле æмæ хъæлдзæг су- сæг ныхæстæ кодта чызджытимæ, лæппутæ æмæ чызджытæй чи куыд кафыди, уый æвзæрста; кæуыл худти, кæуыл фаутæ æвæрдта, кæмæн та «молодец, молодец» кодта. | Рагæй бафиппапдта Дзерассæ Бимболаты. Уый цалдæр хит- ты дзырдта хъазтмæ кæсæг лæппуйы хъусы цыдæр. Æмбæрра йæ Дзерассæ, цы йæ фæнды уый. Фæлæ йæ нæ фæндыди ^им- болатимæ кафын. Нæ йын уарзы йс ’рра кæфтытæ. Уæддæо та йæм мæнæ æрбалæууыди хъазтмæ кæсæг. Бимболат—рагæп- пæввонг. Гæнæн нал уыди, æмæ рахызтп Дзерассæ. Худгæйæ Катямæ фæкаст, фæлæ Катя кæд цæгъдгæ кодта, уæддæр/ йæ цæсгом уыди æнкъард, цæуылдæр хъуыдыты аныгъуылдилИæ зæрдæ куыннæ уыди рухс, утæппæт адæм кæй амонд, кæй щин- дзинадыл цин кæнынц. Фæлæ уæддæр цыдæр тар ммгътæ* цы- дысты йæ амонд, йæ циндзинады сæрты æмæ йын сæ уæз\ сæ уазалæй æлвæстой йæ зæрдæ: Уымæн-ну аджих растæггай./«Тæ- худы, ацы амонд, ацы циндзинадыл мын мæ мад, ме ’фсымæр, ме ’рвадæлтæ дæр куы цин кæниккой, уæд мæнæй амондджын- дæр кæм уаид»,— дзырдта нæхинымæр. Æрмæст æмдзæгъд куы стынг ис, уæд фескъуыдысты йæ хъуыдытæ æмæ фæком- коммæ ис кафджытæм. \ Бимболат та райдыдта йе *рра кæфтытæ. Дзерассæйы раз- мæ фæцис æмæ йæ уæрджытыл æрхаудп, йæхи уæлгоммæ ап- пæрста, йæ сæр фæстæмæ ахъеллау, афтæмæй. Æргæвст кар- кау иæ гæндзæхтæ цагъта. Дзерассæ йæ рæзты æрсирдта æмæ тшнæрдæм афардæг, йæ хæрзконд цæнгтæ цæргæсы базыртау хæсгæйæ. Уæд Бимболат цъилау ныззылди æмæ æгас хъазтыл йæ зонгуытыл кафгæ ацыди чызджы фæдыл. Дзерассæ йæм «фæстæмæ нал касти. Йæ цæсгомыл бæрæг уыди, Бимболаты æр- ра митæ йæ зæрдæмæ кæй нæ цæуынц, уын æмæ йæ цыма хъуы- ды дæр нæ кæны, афтæ йæхи ауагъта. Нæ цыдысты Бимболаты митæ Катяйы зæрдæмæ дæр. — Бахæццæ та ис йæ сæрзплæджджын митæм! 46
— Уæдæ куыд, Дзерассæйы размæ хъуамæ раппара.йæ но- мыртæ! , — Уадз æмæ йæхи зæххыл хойа, фæлхæрст,— дзырдтой \хъазты лæппутæ. ] Катяйæн кæд йæ циндзинадмæ тас æмæ хъыгдзинад хæццæ кодтой, кæд йе ’нгуылдзтæ фæндыры амонæнтыл згъордтойг чæддæр хъуыды кодта: «Цы ис ацы лæппуйы кафты аивдзина- дæй, рæсу’гъддзинадæй? Ницы. Кафт хъуамæ аив уа, зæрдæмæ рухс æмæ циндзинад хæсса, чи йæм кæсы, уымæн та йæ цæст, йЬ зæрдæ рæвдауа нæ рæсугъддзинад, йæ аивдзинадæп, фæлæ ай та цæй кафт у. Кафт нæ, фæлæ фыднизы удхар — чи кафы, уымæи дæр æмæ йæм чи кæсы, уыдонæн дæр. Тæхуды, тагъд- дар куы фæуид йе ’рра митæ...» (Дзерассæ æрлæууыди. Бимболат фæлурсæй, лæф-лæфгæн- гæнæ багæпп ласта йæ цурмæ, æрхаудта та йæ уæрджытылг омк; кафт нæма фæцис. «Фæлæ Дзерассæ иннæрдæм кæсæг йæ- хи скодта. Уæд лæппу йæ сæрæй æркуывта æмæ раздæхт. |— Гъы, куыд? — афарста йæ лæппутæй иу. I— Ницы мын у... Федтай... йæ пырх ын... дзæбæх акалд- тон1..— тыхулæфтгæнгæйæ скъуыддзæгтæ дзырдта Бимболат. \- Кæмæн? — афарста та йæ лæппу. -V- Чызгæн... федтай... куыд æй... скъуымбил кодтон. 4- Нæ, мæ хур акæнай, дæ гæндзæхтæ ды цагътай, рыджы I дæхи ды февдылдтай,—нал æмæ йæ, нал уагъта дæргъунцъ лæппу.— Дæ уд та дæ былалгъмæ схæццæ... Дзерассæйæн та циу:1денджызы хъазау ленк кодта æнцад-æнцойæ... Хур аныгуылд, хистæртæ фынгтæй сыстадысты, уынгмæ ра- цыдысты, Исламæн арфæтæ фæкодтой æмæ уынгты заргæ фæйнæрдæм араст сты. Рахæлиу хъазт дæр. Дйерассæ Катяйы уатмæ бахуыдта. Иннæ чызджытæ худгæ, къоодгæйттæй ацыдысты сæ хæдзæрттæм. Цс|сдæр рæстæджы фæстæ ма уаты баззадысты Катя æмæ Исламы ус Надя. Катя лæууыди рудзынджы цур æмæ та джи- хæн йæ тæссаг хъуыдыты аныгъуылд. Нашя бафиппайдта Катяйы æнкъарддзинад: хæстæгдæр æм бацыда, мадау æй йæ хъæбысы æрбакодта. — Уæ мæ дзæбæх, мæ рæсугъд чындз, атæппæт циндзи- нæдтæ мууылдæр дæу тыххæй куы сты, уæд ды та æикъард цæыæц дæ? Цæуыл джихтæ кæныс? Æвæццæгæн, бафæлладтæ, стæй æххормаг... Ницы кæны, мах дæр ныртæккæ нæхи хорз фендзыстæм. — Нæ, Надя, æз æххормаг дæр нæ дæн æмæ фæллад дæр. — Уæдæ цæмæн æнкъард дæ, мæ къона, цæуыл ь джихтæ кæные? 47
— Дзыцца мæ, æвæццæгæн, агуры æмæ кæуы... — Ницы кæны. Акæуæд. Аххосджын йæхæдæг у. Æикъард ма кæн. — Надя... стыр бузныг, Надя... — Цон, æз хæринаг радавон, æмæ мах дæр исты ахæрæм, загъта Надя æмæ рауади уатæй. ’ ^ Тыргъæп æрбайхъуысти нæлгоймæгты ныхас æмæ къæхт^1 уынæр. Уатмæ бацыдысты Газакк æмæ Майрæм. Газаккæн Г иу къухы тæбæгъ хъарм уæлибæхтимæ, ’ ’нннæ къухы — кар^ы лывзæ. Майрæм бахаста шампайнаг сæн, адджинæгты къоппы- тæ. Æрæвæрдтой сæ стъолыл. Сæ фæдыл бахызти Надя дæр. Майрæм рауагъта шам.пайнаг сæнæй цыппар нуазæны. 1/а закк уæллоз спста агуывзæ æмæ йæм скасти. — Куыд зары! Амондджын къæйтты чындзæхсæвы н^зт йæхæдæг дæр заргæ кæны, стæй’йæ чи нуазы, уый та ма |зы куыннæ ныззара. — Зарын афон нал у, Газакк,— бафиппайдта Надя. Иучысыл ма абадтысты, стæй Газакк сыстади æмæ рац|>1ди уатæй. Йæ фæдыл рацыди Майрæм дæр. Уаты ма аззады Катя æмæ Надя. / — Катя, мæ хур...— цыдæртæ ма зæгъынмæ хъавыди Нвдя, фæлæ йæ хъуыды æндæрырдæм фездæхта: / — Афонмæ уæд та дæ камари суагътаис... У-у, æфса|рмы дзæкъул!..— ныхъхъæбыс кодта чындзæн æмæ дуарæдде шæци. Катя иунæгæй аззад... Стæй уатмæ бацыди Майрæм... ] Æддепы уыди ирд рæсугъд фæззыгон æхсæв. Арвæй æрттыв- той стъалытæ. / Рагон стыр хъæу у, Таратæ кæм цæрынц, уый — Дæлвæз. Бирæ уынгтæ, бирæ хæдзæрттæ, бирæ цæрд>кытæ дзы ис.(Хъæ- уæн йæ тæккæ астæуты зултæ-мултæ, къæдзтæ-мæдзтæгæнгæ афардæг сосæвæндаг. 1 Уыцы стыр фæндаджы был цы хæдзæрттæ ис, уыдонæн сæ рудзгуытæ гом никуы вæййыиц. Уьгнджы машинæты фæстæ рыг змæст денджызы уылæнтау сысты æмæ бонсауизæрмæ куш иуы- рдæм ауылæнтæ кæны, куы иннæрдæм. / Æрмæст хъæуæн йæ фаллаг кæронмæ æввахс, чысыл доны цур зуланвæй цы дыууæуæладзыгон хæдзар лæууы, уымæн йæ рудзгуытæ æхгæд никуы вæййынц. Йæ бинаг агъуысты -I- дука- нитæ, хæрæндон. Куыддæр æризæр вæпйы, афтæ хæра^ндоны фæрсæгтæй уынгмæ райвæзынц тыхджын рухсы тынтæ, æдзух- дæр дзы æддæмæ лæзæры цыбæлгæнæн физонæджы тæф. Йе ’мкъул — дукаии æмæ хæрæндоны хицау Амырхаты Буцкийы кусæнуат. Р1æ рудзынг — кæртырдæм. Уыцы чысыл 48
кусæнуаты изæрыгæтты арæх фæбадынц дыууæ-æртæ лæджы. \Чи сты, цы куыстгæнæг сты, уый бæлвырд ничи зоны. Бæлвырд у æрмæстдæр, сусæг минасыл кæй фæбадынц, уый. Семæ, кæ- Лæ та хибарæй, æрæгæй ардæм зынын байдыдта Тараты Елхъан дæр. Цы монцтæ, цы фæндтæ, цы хъуыдытæ æрхастой ардæм Нлхъаны йæ ацæргæ бонты? Елхъан хуыддагхуызæй бараст вæййы кæртыл, зулдзастæй бакæсы рудзынгмæ. Ауыны йæ Бтцки, йæ размæ рауайы æмæ йæ зынаргъ уазæгау бахоны ми- дамæ. О, о, Буцки æмæ Елхъан æрæгæп ардæм «тынг слымæн» стк. Цымæ цæйфæдыл? Щаргъ, талынг æмæ æвирхъауы гакъон-макъонтæ у Амыр- хагы Буцкийы царды фæндаг. Чи йæ равзардзæп, чи йын бам- бапдзæн йæ бирæ фæзилæнтæ! Кæм нæ куыста: уыди астæуык- капАзийы бирæ горæтты, бирæ дуканиты, бирæ скълæдты кусæ- гæГп уыди Цæгат Уæрæсейы дæр ахæм куыстыты. Йæ рæсугъд цæсгомы руаджы цал æмæ цал чызджы асайдта, цал усы ра- куырдта, цал ревизигæнæджы балхæдта æмæ афæлывта! Дæл- вæзы хъæуы фæзыпди иу-аст азы размæ. Балхæдта хæдзар стыр дыртъдонимæ. Мыдамæст æмæ царвæй сæрст æвзагимæ куыст агуьгодта æмæ йæ уæвгæ дæр ссардта — бауырдыг хъæуы ду- канихæмæ хæрæндоны хицауæй. Цы ма йæ хъæуы? Æрмæст- дæр хуызæнæн ус. Æмæ йæ ссардта. 1Цтя зымæджы æмæ уалдзæджы каникулты сæхимæ куы уыди,1 уæд цалдæр хатты бацыди дуканимæ. Уæйгæнæг Буц-, кины рæрдæпы ныххызт. Иухатт ын хъазгæмхасæн бамбарын кодтаигæ «уарзондзинад», зæрдæлхæнæн ныхæстæ, гæдымитæ... Цыдæртæ дæр ын атыхта гæххæтты, фæлæ йын сæ Катя нæ рай- ста. Цыдæр æфсæнттæй ссыди йæ хæдзармæ дæр. Уыифæстæ та Катя дуканимæ куы æрцыди, уæд та нæм Буц- ки асидти æмæ йын афтæ: «Бамбар мæ, Катя,—уарзын дæ, æмæ мын б^ком. Дзæпæты цардæй цæрдзынæ». Фæлæ йын Катя цæхгæрæй загъта: — «Не ’хсæн иумæйагæй ницы ис æмæ дæ- хинæн пзæгъæлы зæрдæтæ ма ’вæр». Уæд Буцки æндæр хуызы арханын райдыдта. Зыдта, Елхъан Катяйы бипонтæн чи у æмæ йæм Катяйы мад Цопанон куыд хъусы, уыдæттæ. Иухатт Ел- хъан дуканимæ бауади тамакомæ. Асламдæр чи у, ахæм рай- сын уьц нæ зæрды, фæлæ дзы нæ разынд. Уæд ын Буцки ралæ- вæрдта ,зынаргъ папиросты къопп. Елхъан сæ нæ куымдта: ахæмтæ, дам, нæ фæдымын. — Айс, айс, Елхъан, мæ лæвар дыи,— худгæйæ зæгъы Буц- ки. Дыккаг хатт дæр афтæ. Уæдæ йын диссаджы минас дæр фæкæнын кодта. Гъе, афтæмæй слымæн сты. Уæлвæзы хъæуы, Исламы хæдзары’, Майрæм æмæ Катяйы чындзæхсæвы адæм фынгтыл куы бадтысты, кæрты стыр хъазты Л Хæхты 49
фæсивæды къæрццæмдзæгъд æмæ Катяйы фæндырдзагъд куьг нæрьтдысты, уæд Елхъан та Буцкийы кусæнуаты бадти æмæч джихтæгæнгæ цайцымæнæй арахъхъ нозта. Дыууæ дзы ауагътя сау дзул, роды фыд æмæ цæхджын джйтъритимæ, фа^лæ йыл иннæ хæттытау нæ фæзындысты. Йе ’рфгуытæ ныхъхъуьштъью- кодта æмæ æнæистыдзургæйæ хордта æмæ хордта. Елхъан зыг- та, Катя иыр æртæ боны, æртæ æхсæвы сæхимæ кæй лæ фæ- зынди, стæй йæм Цопанон дыууæ хатты кæй бауади, «нæ чьрг нæхимæ нал зыны», зæгъгæ, уый. Йæ зæрдæйы сæвзæрд ™- рысхо æмæ уымæн уыди афтæ тыхст. Буцки та афтæ æнхъæДд- та, зæгъгæ, «кæд мæ минас йæ зæрдæмæ нæ цæуы æмæ уымæн? хъуынтъыз у», æмæ та-иу ног хæринæгтæ скæнын кодта. Ница- уыл ауæрста. 1 — Елхъан, мæ лымæн, абон цыдæр тыхстхуыз дæ. Хæргæ’ дæр нывыл нæ кæныс, нуазгæ дæр афтæ. Цæуыл тыхсыс, исты æвзæр хабар? / — Нæ. Ахæмæй ницы. Куыддæр уæззау дæн. Дысон æвзæр фæххуыссыдтæн,— дзуапп радта Елхъан æмæ та-иу рудзынгæй акасти. / — Нæ хъуыддаг æгæр фæстоз цæуы, Елхъан, æмæ ах^/æв... — Мæхæдæг дæм хабар кæндзынæн... / Елхъан сыстади, йæ рихитæ мæсты здыхт акодта æмæ ма йæ- ныхæстæм бафтыдта: . I — Æз суайон, æмæ....æмæ хабар фæбæлвырд кæнол/. хæ- дзары... I Уыцы ныхæстимæ рацыди дуканийæ. Буцки дæр йæ шæдыл’ кæртмæ рауади. / — Тфу, зæронд рувас! — æрæджиаугомау нытту кодта Буц- ки æмæ фæстæмæ баздæхт. I Цопаноп æртæ боны дæргъы йæ чызджы агуырдта.| Кæмæ нæ балæууыди, ахæм æрвад, ахæм хæстæг нал баззадухъæуьк. Арвыста, сыхаг хъæуты сын цы хæстæджытæ уыди, уыдонмæ дæр, фæлæ сæ чызг никæмæ разынди. I Мады зæрдæ бынтондæр асасти. Сæ кæрты дуарæи-иу йæ уæрджытæ хойгæ бахызти, хъарæг æмæ æрдиаггæнгæ: |«Уæ мæ иунæг чызг! Мæ зæрдиаг хъæбул, кæд мын дæхи бабын кодтай, кæд мын мæ хæдзар бацарæфтыд кодтай, уæд мæ ца#д мæхи- цæн адджын нал скæндзынæн,— зæгъгæ-иу фæлæбурдта йæ- сæрыхъуынтæм.— Мæхи аххос куы уыди, мæ хæдзар байхæла, цæуылнæ ауагътон мæ иунæг чызджы йæ зæрдæйы фæдыл йæ- барæвзæрстимæ. Уæ мæ сæттинаг сæр, мæ сау ингæны баныгæ- нннаг их зæрдæ. Цæуыннæ йæ радтон уыцы лæппуйæн, «уарзга? нæ кæнын» мын куы загъта!..» 50
Æртæ боны дæргъы фердиаг кодта Цопанин. Æхгæд кæр- \гæй хъуыстысты йæ хъарджытæ. Хаджумармæ дæр фæдисы гшсмо арвыста. Катяйы «сæфты» хабар айхъуысти æгас хъæуыл д\ер. 1 Цыппæрæм бон Тараты мыггагæй. цалдæр лæджы æрбацы- дшсты Цопаноны хæдзармæ æмæ сæ, чызджы бацагурыныл уы- ■паффæтæ куыд кодтой, афтæ сæм фæхабар чынди, Катяйы, дам, иу\ лæппуим’æ бидаркæйы фæцæйцæугæ фендæуыди. Уыцы ха- (бакæн Цопаноны зæрдæ чысыл’фенцади. Тæккæ уый хæдуæлвæд сæм постхæссæг балæвæрдта писмо. Цопанон фæлæбурдта писмомæ, ризгæ къухтæй йæ райхæлдта, акасти дзы цалдæр рæнхъы, стæй йæ къухтæй æрхауди. Йæ цæсгом амбæрзта, нырдиаг кодта æмæ уæззау къахдзæфтæй йæ уатмæ бацыди. - шисмо снста Елхъан. Иннæ лæгтæ йæ алфамбылай амбырд стылЕлхъан писмо касти æмæ нæ цæсгом хъуынтъыз æхсæвау ныттар нс, йæ галиу рихи фестъæлф-фестъæлф кæнын байдыд- та. Касг дæр æн нæма фæци, афтæмæй йæхи нал баурæдта. "Уыциу тъæлланг нылласта: -4 Гъа-ут, Таратæ, ракæсут, уæ уæздан ахуыргæнæг чызг уыи стыр «исад» скодта! —( Цы кодта, кæм и? — æмфарст бакодтой иннæтæ. —; Кæйдæр фæдыл афардæг! — »Куыд афардæг, кæдæм? — 1Кæй фæдыл афардæг? — ^Иу басяк, иу куыдзы хъæвдыны фæдыл! — Ч,и у, мыггаг ын нæй? — Берозты Майрæмы фæдьтл. — Уæлвæзы хъæуккаг Майрæмы? — Уыцы куыдзы хъæвдынæн мах йæ минæвæртты цалдæр ^атты куыдзы тард акодтам, фæлæ нæ уыцы басяк, æвæццæгæн, ’ницæмæ дары. Нæ мыггаджы кад æмæ памыс нын... — О-гъо-гъо-гъо! Ахæцыди мын Елхъан мыггаджы намысы тæрхæттыл!—фескъуыдта йын йе ’лгъыст хъæрты уулæн, мыг- гаджы лæгтæп ныроиг æддæуæз чп лæууыди, уьщы сауæрфыг, саурихи Хъаспол.— Бынтон дзæгъæлы атардтат Берозты Май- рæмы минæвæртты/ Майрæм басяк дæр пæу æмæ куыдзы хъæв- дын дæр, фæлæ Уæлвæзы хъæуы кадджындæр лæппутæй. Уый махæн кад кодта, æгъдауыл нæм минæвæрттæ æрæрвыста, сы- мах та йып цы дзуапп радтат йе ^гъдау, йæ кадæн?!. — Гъы, дæ хорзæхæй, «кад нын кодта!» Æмæ ды та цы "’мбарыс кадæн дæр æмæ мыггагæн дæр! — ноджы тынгдæр рамæсты Елхъан.— «Кад» иын скодта! Мæнæ, гъа! — йæ рахиз къухæй æрбатымбыл кодта писмо æмæ йæ Хъасполырдæм фехс- 51
та. Хъасполы маст рафыхти, фæлæ йæхи баурæдта. Писмо сис-, та зæххæй æмæ та баздæхти Елхъанмæ: I — Елхъан, раст цыма мыггаджы дæуы йедтæмæ. лæг нæй( уыйау дарыс дæхи æмæ мыхъхъытæ кæныс. Дæхи Катяйы тыххæй дзуапдæттæг скодтай, минæвæртты атардтай, дæхицæн æгæр уæллоз кад агуырдтай æмæ дæ æгад, хæлиудзыхæй ньгу- уагътой... Берозты минæвæртты хъуыддаджы тыххæй мæн нш фарста! > / — Æмæ дæ фæрсын дæр нæ хъуыди... / —, Раст зæгъыс. Фæрсын мæн дæр пæ хъуыдн æмæ дæу дæр. — Уæдæ ма дзы кæй хъуыди фæрсын? 1 — Уыцы хъуыддаджы тыххæй фæрсын хъуыди æрмæстЖа- тяйæн пæхн! Сымах та Хаджумар æмæ Цопанонимæ уæхи дзгап-, дæттæг акодтат, чызджы нæ бафарстат, афтæмæй йын I йæ минæвæртты атардтат. Цæмæн? 1 — Уый дæ хъуыддаг нæу æмæ дæ пъирипыл хæц. / — Уæ маст дзы истат Берозы-фыртæй?! { { — Ныр куыдзау цы рæйыс! Цавæр масты кой кæныс? -4- Ел- хъан быитондæр смæсты, тыххæй ма урæдта йæхи. Сæ загъдмæ хъуыстоп Тараты иннæ лæгтæ дæр — кæстæрæй, хистæрæш Уы- дои дæр иæ зыдтой, Майрæмы минæвæртты афтæ æнæдзуйппæГг арвыстой, уый. I — Цавæр масты кой зæгъыс? Ферох дæ ис? Нæ, нæ дæ фе- рох ис. Нæ фсрох ис мæнæй дæр. Дæ давæггаг хъайвантр дын комы дымæгыл кæй акалын кодта, давæг æмæ дын дезертирæй кæй бафидис кодта, уыцы маст? Зонын æнхъæл мын (’сæ нæ дæ,— .куыд фæстæмæ тынгдæр мæстыйæ дзурын райдыдт? Хъас- пол.— Ныр мын уæлиау хъæртæ кæны! — «мыггаджы кад, мыг- гаджы намыс!..» Кæд Тараты мыггаджы -исчи худинаг; кæны^ уæд уый ды дæ! — Банцай! — фæтъæлланг кодта Елхъан æмæ фæзылди: Хъасполырдæм, фæлæ уый йæ цæст дæр не ’рныкъуылдта. Æи- цад лæууыди. Кæртмæ ма бауадысты дыууæ лæджы. Цæхæра- донырдыгæй чысыл дуарыл бауади сыхаг ус æмæ тыргъмæ* схызт. — Басабыр ут, уæ хорзæхæй, кæрæдзимæ куы фестут... Ху- динаг у, адæм уæ хъæлæбамæ фæдис кæнын байдыдтон...— ра- дзырдта сæм, сарайы кæрон къодахыл цы сырхщæст зæронд лæг бадти, уый. — Адæм дæр нын исчи не сты — нæхи колхозонтæ. Уæдæ куыннæ, куыннæ, Тепсарыхъо,— баздæхти Хъаспол зæронд лæг- мæ.— Лæг дын кад кæны, æгъдауыл дæм æрбарвыста йæ ми- нæвæртты, уæд дæ чызджы бафæрс, æмæ уый цы зæгъа, уымæ гæсгæ сын ратт дзуапп. 52
— «Лæп» Цæй лæг у уый! — фестъæлфыд та Елхъан.— Ды дæр уымæй хуыздæр нæ дæ!.. Дис кæнын, уыцы дæсныйæ удæ ныронг колхозы сæрдарæй куыннæ равзæрстоМ \ — Æз колхозæн æрмæст иунæг бон сæрдар куы фæуин, уæд пзы дæуæн дæ кой дæр нал уаид, уымæн æмæ йын фыдбылызы хос йедтæмæ пайда ницы дæ. \ — Гъемæ дзы ды хæрæг дæ æмæ хæрæджы хафт кæн! \ — Хæрæг дæр дæхæдæг æмæ куыдз дæр, лæвархор бнрæгъ! \ — Басабыр ут, худинаг у адæмæй,— æрбадзырдта та сырх- цæст Тепсарыхъо æмæ къодахæй сыстади. ’ — И’æ, нæ Тепсарыхъо, амæн йæ цъаммар митæ хъуамæ зо- ной мæнæ кæстæртæ дæр,—.зæгъы Хъаспол, фæсивæдмæ Ка- тяйы писмо æвдисгæйæ.— А фæсивæд нæ зоныпц, нæ «кад- джын» Елхъан Амырхаты Буцкийы хæрæндонмæ цæмæн фæ- цалх ис, уый.— Уыцы ныхæстимæ фæкомкоммæ Елхъанмæ:— Нæ хойы нын физонджытыл уæй кæныс?! Катяйы арахъхъыл уæй кодтай æмæ уымæн атардтай Майрæмы минæвæртты?! — Ау?! — Уый та куыд? — Мæнæ диссаг,— базмæлыдысты лæппутæ. — Банцап, куыдзы тугæп æхсад! — нал баурæдта йæхи Елхъан æмæ фæцæйлæбурдта Хъасполмæ, фæлæ фæснвæдæй чидæртæ йæ разæй фесты æмæ йæ баурæдтой.— Æрвад! Дæл- дзæх’ фæу!—хъæр «кодта Елхъап, йæ дæндæгты къæс-къæс цыдн. — Æрвадæн дæр мæ нæ хъæуыс æмæ хъæуккагæн дæр,— ныллæг хъæлæсæй загъта Хъаспол. Кæстæртæ Елхъаны иуварс акодтой. Уый йæхи ратыдта æмæ хъуыр-хъыргæнгæ хæдзары- рдæм фæраст. Йæ размæ фæци зæронд куыдз. Уый йæ йæ цы- рыхъхъы фындзæй сриуыгъта. Куыдз ныхъхъыллист кодта æмæ къутуйы бын смидæг. Адæм ныххудтысты. — Хъаспол, бакæс-ма уыцы писмо. Цы фыссы Катя? — зæгъы Тараты лæгтæй иу æмæ йæм хæстæгдæр бацыди. Хъаспол ма Елхъаны фæдыл иу каст фæкодта, стæй писмо систа, алæгъзытæ йæ кодта йæ уæрагыл æмæ райдыдта кæсын: «Мæ зынаргъ мад дзыцца, ме ’фсымæр Хаджумар, мæ рацыды хабар уын хъыг æмæ зын уыдзæни, уый зонын. Нæ мæ фæнды- ди сымахæн зæрдæниз скæнын, фæлæ мын хуыздæр гæнæн нæ уыди. Афтæ нæ бакодтаин, уæхæдæг мын хуыздæр æгъдауыл хуыздæр фæндæгтæ куы бацамыдтаиккат, уæд. Мæ зынаргъ мад, дзыцца, фыссын дæм, цæмæй мыл ма тыхсай, ма мæ агу- рай. Æз рацыдтæн мæ амонды фæдыл. Æз амондджын дæн, ды та мæ удаистæй агургæ кæныс, æвæццæгæн. Уæхи зæрдæтæ уе- ’вдисæн, никуы бацыдтæн уæ зæрдæхудты. Никуы уæм ницы уайдзæф æрхастон. Сымах мæ схъомыл кодтат, хæринаг, дзау- 53
махъуаг мæ никуы ныууагътат. Буцæй, рæвдыдæй мæ схъомыл кодтат, скъола та мæ ракодта адæмы æхсæнмæ. Æз уый кæд- дæриддæр дардтон æмæ дардзынæн мæ зæрдыл. Фæлæ æрцæуь^ рæстæг цардæмбал агурынæн. Æз ссардтон ахæм цардæмбал-А Берозты Майрæмы. / Мæ зынаргъ мад, ды зыдтай, æз Майрæмы кæй уарзын, уып. Мæхæдæг дын æй загътои мæ сыгъдæг зæрдæйæ, фæлæ мæ уар- зондзинад, мæ фæндон ницæмæ æрдардтай. Суанг’ ма мæ ааф- хæргæ дæр бакодтай. Æз æнæхъæн афæдз мæхиуыл ныххæцыд- тæн, дæ зæрдæхудты куы нæ бацæуин, уый мæ фæндыди, |дæ уд хъардтон мæ уарзон адæймаджы сурæт мæ зæрдæнæ стоны- ныл, фæлæ мæ бон нæ баци. Æз бамбæрстон, мæ зæрдæпы Майрæм цы бынат æрцахста, уым æндæр адæймагæн бынат кæй никуы уыдзæн, уый. Æмæ рацыдтæн. Фæлæ, дзыцца æмæ Ха- джумар, Майрæмы минæвæрттæ куы ныццыдысты, уæд сымах хъуамæ мæн бафарстаиккат, куыд бакæнæм, фæнды дæ ^æви нæ фæнды, зæгъгæ. Сымах мæн нæ бафарстат. Уынаффæгæнæг фесты Хаджумар æмæ Елхъан. Уыдон. мæ амонды мæт нæй. Уыдон мæ хæрæндоны хицау Амырхаты Буцкийæн лæвæрдтой... Гъер дæ, дзыцца, курыи, кæд ма мæ дæ иунæг чызг хбныс, кæд дæ мæ амонд фæнды, уæд мын ныххатыр кæн ацы ракъах- дзæф. Фæндыди мæ, нæхи хæдзарæй ,мæ дæхæдæг буцæй куы рарвыстаис, уый. Дæуæн дæр æхсызгон уыдаид, фæлæ ма цы гæнæн ис. Курын дæ, дзыцца, ныххатыр мын кæн, дæ бирæ фы- дæбæттæ дын æгоммæгæсдзинадæй кæй бафыстон, уый, дæ ком- мæ кæсын мæ бон кæй нал баци, уый. Фыдæлгъыстæй ма рал- гъит дæ иунæг чызджы дæр æмæ йæ барæвзæрст къайы, де сиахс Майрæмы дæр... Мæ зæрдæ рисгæйæ дæм фыссын æмæ дæ курын—ныббар мын. ’ Дæ иунæг чызг, йæхи удыйас дæ чи уарзы, уыцы Катя». Хъаспол каст фæци пиомо æмæ, гæххæтт йæ къухы, афтæ- хмæй исдугмæ æнæдзургæйæ ныджджих и хæдзарырдæм. Стæй йæ уæлæмæ систа æмæ загъта: — Мæ фыдыстæн, ацы сау зæххыстæн, ацы писмойы цы -зоид, цы ’гъдау æмæ уарзондзинад ис, уый æнæхъæн Тараты мыггагмæ дæр нал ис. Нæ уæздан чызгæн æгъдау раттын нæ бафæрæзтам, æмæ йæхæдæг бакодта йæ амонды хъуыддаг. — Цы фæци Цопанон? — бахъæр кодта Хъаспол, тыргъы цы дыууæ усы лæууыди, уыдонмæ. — Уæртæ йæ уаты бады æмæ кæуы,— радзырдта устытæн иу. — Раттут æм ацы писмо. Бакæсæд æй æмæ йæхиуыл фæ- х^дæд.— Хъаспол устытæй иумæ радта писмо æмæ лæппутæм дзуры: — Не сиахсимæ бафидауын хъæуы. Нæ гуымиры рæдььд '54
сраст кæнæм. Кæд нæхæдæг не ’рæрвита, уæд æм сæрвитæмг. ’æрхонæм æй. Хатыр дзы ракурæм нæ гуымиры, нæ сырды миты ’гыххæй; Хатыр ракурæм Катяйæ дæр æмæ нæ хæстæджытимæ цæрæм хæларæй. Кæд ацы мæрддзæст хæдзарæн йæ бон нæу уый бакæнын, уæд сын æз ратдзынæн æгъдау. Куыд дæм кæсы, нæ мыггаджы хистæр? — баздæхт Хъаспол зæронд лæгмæ.— Раст зæгъын æви нæ? 'Зæронд лæг æм скасти йæ сырх цæстытæй: — Худинаг уыди, кæй зæгъын æй хъæуы, минæвæртты æнæгъдауæй арвитын. Фæлæ сæм уæд та банхъæлмæ кæсæм. Сæхæдæг хабар кæндзысты. Науæд нæхи бынтон худинаджы бынаты куыд цæвæрæм. Æрæрвитдзысты сæхæдæг — афтæ вæй- йы, афтæ-иу уыди. — Цæй, хорз, кæд афтæ у, уæд,—загъта хъуыддагхуызæй Хъаслол æмæ акасти иннæтæм.— Берозтæй исты хабар куы уа, искæй куы æрæрвитой, уæд мын-иу фехъусын кæнут.— Уыцы ныхæстимæ рараст кæртæй. Йæ фæдыл рацыдысты иннæтæ дæр. Æппæты фæстæ йæхинымæр цыдæртæ дзургæйæ рацыд Тепсарыхъо дæр. Дæс боны рацыди, Майрæм æмæ Катя иумæ цæрын куьГ райдыдтрй, уæдæй. Кæд сæхи хæдзары нæма цардысты, уæд- дæр сæ амондæн кæрæтты кæрон нæ уыди. Майрæмы хо Зæирæ- йæ ахуыргæнæг — йæ чындзы æрцыдмæ дыууæ уаты аив са- рæзта. Ног сынтæджытæ, ног скъапп, урс мраморæй хихсæн, радио, диван... Катяйæн йæ ног чындзы бонтæ искæй хæдзары кæн цыды- сты, стæй йæ мад, не ’фсымæримæ фидыд кæй нæма уыдысгы, уымæй чысыл къахыр кодта йæ циндзинад. Майрæм далдæр хатты æвзаргæ лæгты арвыста Катяйы хæ- дзармæ. Бафидауын æй фæндыди йæ кайыстимæ, фæлæ йын йæ минæвæртты Елхъан æмæ Цопанон мидæмæ дæр нæ бауагъ- той, рарвыстой та сæ-иу алы æфсæнттимæ. Буцки базыдта хабар æмæ знаджы цæстæй кæсын байдыд- та Елхъанмæ. Лæвар физонджытæ, лæвар минас нал уыди Елхъанæн æмæ уæд Цопаноны тыхстæй пайда кæнын бандыдта. Æдзух ын дыв-дыв кодта йæ хъ’усы: — Дæ зæронд сæр дын фæхудинаг кодтой, Цопанон, ницæ- мæ дæ дарынц, уыййсдтæмæ дæм афтндкъухæй цæмæн æрбы- рынц, цæуылнæ дын фехъусын кодтой уыцы бонты. Цæмæй дæ цæссыгтæкалгæ, дæхи рæдувгæ ратæх-батæх кæнай дæ иунæг’ чызджы агургæйæ... Майрæмæн йæ хæдзар дæр срæвдз ис. Хъуамæ йæ царды- 55
"къайы бахуыдтаид иæхи хæдзармæ, фæлæ йæ кайыстимæ фидыд^ кæй нæма у, уый йæ къуылымпы кодта. Катя нынкъард. Ис-'' лам æмбæрста уыдæттæ æмæ сын иуизæр афтæ: — Мæ кæстæртæ, уæ сагъæсы сæр цæуыл у, уый æмбарын, ■фæлæ цæуыл æнкъард кæнут? Æз райсом мæхæдæг цæуын .Дæлвæзы хъæумæ, дæ хæдзармæ, Катя, æмæ мын сар сæ къо- на кæны. Æнæ дзуаппæй нал рацæудзынæн. Райсомæй раджы Ислам ацыдис Дæлвæзы хъæумæ. Маши- нæ фæстæмæ рарвыста. Майрæм æмæ Катя сбадтысты æмæ ацыдысты Цъæх цады коммæ. Фæндаг уыди хус, сыгъдæг, æмæ йыл бафардæг сты, машинæйæн цæуæн кæйонг уыди, уырдæм. Рахызтысты хъæды астæу. Ирд бон. Бæлæстæ згъæлдтой сæ бур сыфтæртæ. Хъæды зæхх уыди гобанау фæлмæн, къæхты бын сыбар-сыбур кодтой хус сыфтæртæ. Бæрзонд тæрс бæлæсты бын кæритау лæууыды- сты сæ хъуынджын тæрсы агъудтæ. Катя æмæ Майрæм æнæ- дзургæйæ зылдысты æмæ уыгътой тæрсытæ, стæй хъазыныл фесты. Расур-басур байдыдтой кæрæдзи хъæрæй худгæйæ. Ка- тя-иу худгæ алыгъди Майрæмы разæй æмæ-иу амбæхсти аууон. Иухатт æй æрцахста Майрæм. Иæ хъæбысы йæ фелвæста æмæ йæ лъатæгæнгæйæ æрбахаста машинæйы цурмæ. — Ой, мæ зæрдæйы уидаг, бафæлладтæн,— лæф-лæфгæн- гæпæ зæгъы Катя. — Нæ фæллад суадзæм,— сдзырдта Майрæм æмæ маши- нæпæ гауыз райста, стæй егъау хызын. Гауыз æрытыдта, æрæ- вæрдта йыл газет æмæ систа хæринæгтæ, нозт. — Опп, æмæ фынг ацæттæ! Сбад, Катя.— Дыууæйæ дæр обадтысты æмæ минас кæнын байдыдтой. Фæйнæ сæиы куы анозтой, уæд ноджы фæхъæлдзæгдæр сты. Фæззыгон бæлæстæ сæм æнкъардæй кастысты æмæ сын салам лæвæрдтоп сæ бæгънæг къалиуты чысыл змæлдæй. » & æ Ислам Цопаионы иунæгæй ныййæфта. Бацин ыл кодта зæ- ронд ус, бахуыдта йæ хæдзармæ. Бирæ фæныхæстæ кодтой. Зæронд .ус бахудти. Сразы бафидауыныл. Æрмæст ма фндауы- нæн цы бон спысан кæной, ууыл куы дзырдтой, уæд фæзынди Елхъан. Нииыуал суæндыд Цопанон йæ тиуы раз. Æрмаэст ма загъта: «Мæнæ нæ лæппу æрцæуинаг у æмæ уæд фендзыстæм». Дыккаг бон фæдисонау æрхæццæ Хаджумар. Уый хабарæн ницыма зыдта, Цопанон æм цы ныффыста, «нæ чызг фесæфти», зæгъгæ, уымæй дарддæр. Фæлæ йын Елхъан хабар куы бам- барын кодта æмæ ма йыл фыдæмбисонды дам-думтæ куы ба- фтыдта, уæд цæхæрау сси фырмæстæн; бадгæ дæр не ’ркодта 56
хæдзары, афтæмæй рацыди кæртмæ. Иæ фæдыл Елхъан дæр. Иучысыл аныхæстæ кодтой, стæй уыцы цæхæртæкалгæ рацы- дысты уынгмæ. Уынджы афтидæй сцæйуади рог машинæ. Ел- хъан æй æрурæдта. Дыууæ лæджы дзы абадтысты æмæуайтагъд баурæдтой Исламы кæрты дуармæ. Ислам райæххæсткомы уыди, йæ ус, Надя, йæ службæйы — рынчындоны. Майрæм та уыди йæхи хъæуы. Йæ хæдзары ма цыдæр лыстæг куыстытæ- кодта нæ хоимæ. Катя иунæгæй бадти уаты; рудзынгæмбæрзæн- тæ хуыдта æмæ фæлмæн хъæлæсæй зарыди: ...Фæлæ дын спмгæ-симыны «Мæ къап куы бауанс» куы загътоп. Дзуапп нæ радтай ды мæнæи... Æмæ дæ бамбæрстон... дæ рнумæ Мæ цонг æрбалвæстан фæлмæп... Фæсимдтам уыцы бои мах иумæ, * I Уæддæр цæн симд уыдн, цæн хъазт! Нæ уыдис ахæм хъазт нæ хæхты... Дæ цæсгоммæ уыди мæ каст... Дæ сæр ныггуыбыр кодтаи ды, Æз та уæлæрвты цыма тахтæп Æмæ дæ мидбылгы худты Мæ бæллиц, мс стыр амонд ардтон... Хæстæгæп æрбайхъуысти машинæйы уынæр. Катя фестъæл- фыдн. Фестади, йæ куыст стъолыл авæрдта æмæ рудзынгæй ра- касти. Кæртмæ бацыдысты Елхъан æмæ Хаджумар. Йæ зæрдæ иыссæххæтт ласта. Митау афæлурс. Стæй цæстыфæныкъуылд- мæ йæ сæры магъзы фегуырд хъуыды — «æвæццæгæн, бафи- дыдтой», фæлæ уьщы хъуыды куыд фегуырд, афтæ тагъд сæф- гæ дæр æрбакодта. Хаджумар æмæ Елхъанæн ссмæ фысымтæй ничи уыди. Æмæ уæд йæ цин бынтон ахуыссыд, цыма йæ уæз- зау тымыгъхæссæг æврæгътæ сæ быны фæк’одтой. «Цы ма фæуон... Ой, цы ма фæуон»,— нырдиаг кодта. Уæд та уатæй æндæр дуар кæнæ рудзынг куы уаид, фæлæ кæм, дуар дæр æмæ рудзынг дæр—кæртырдæм. Гъæ, тæхуды, уæд та цъиу куы фестид æмæ сæ сæрты куы апæррæст кæнид!.. Дыууæ лæджы комкоммæ æрбацæуынц. Катя йæхи рудзынгæй иуварс аппæрста, дуары гуыпп фæ- цыди. Арвыгæрахау æм фæкасти уыцы гуьшп. Къулмæ йæхи нылхъывта. Фæцыди дыккаг гуыпп. Ныддыз-дыз кодтой йæ зæнгтæ. Зын- донмæ къахдзæфгæнæгау ракъахдзæф кодта. Дуар байгом, æмæ Катя иуварс алæууыди. Бахызти Елхъан. Зулцæстæй бакасти Катямæ. 57
/ — Æгас цу, Елхъан,— тыхамалæй сдзырдта сылгоймаг. Елхъан ын нæ радта дзуапп. Къуымтыл ракæс-бакæсыл фесты йæ цæстытæ. Йæ ныхы æнцъылдтæ сау кæлмытау ратас-батас кодтой, йæ галиу рихи фестъæлф-фестъæлф райдыдта. Катя сынтæджы ныхыл йæ чындздзон дзаумæттæ рудзынгæмбæрзæ- нæй æрæмбæрзта æмæ слæууыди. Хаджумар -сыхаг усимæ кæрты афæстиат. Ус фæгуырысхо, машинæйæ чындзы æфсымæртæ куы рахызтысты æмæ æиæхон- гæйæ Исламы хæдзармæ куы фездæхтысты, уæд. > — Бахатыр кæн, хорз ус, нæ хоимæ нæ хибарæй аныхас кæнын фæнды,— баурæдта йæ Хаджумар. — Бар уæхи, фæлæ уæ æз бахъыгдардзынæн? — афарста ус. — Нæ, нæ,— хибарæй... Катя фехъуыста уыцы ныхæстæ. Фæндыди пæ. цæмæй ус æрбацæуа, уый. Рацæйуади, фæлæ къæсæрыл хæрхæмбæлд фæ- ци йе ’фсымæримæ. Фæстæрдæм къахдзæфтæй йæ сынтæджы тигъмæ слæууыди. Йæ зæнгтæ зыр-зыр кодтой, йæ зæрдæ, къа- латийы бадæг цъиуау, йæхи къултыл хоста, йæ къæхтыл тыххæй .лæууыди æмæ зæхмæ каст. Æрбацæуджытæ ницы дзырдтоп, хъып-сыпп нæ хауди сæ ’дзыхæй. Стыр хъаймæты зындонау фæкаст Катямæ уыцы рæстæг: — Цы бакодтай уый, мæ хо? — бафарста .æрæджиау Хаджу- мар рудзынгæй æддæмæ кæсгæйæ, йæ дæндæгтæй йæ’ былтæ æхсынгæнæ. Катя фестъæлфыд, йæ сæр ноджы дæлдæр æруагъ- та.#Ницы сдзырдта. — Дæумæ куы дзуры лæг! — фæтъæлланг ласта Елхъан,— дзуапп цæуылнæ дæттыс?! Катя та ницы дзуапп радта. Азылди къуымырдæм. Р1æ .зæнгтыл ма тыххæй лæууыди. — Къуырма бадæ, æви дзуапп цæуыннæ дæттыс де ’фсы- мæрæн?! — ноджы хъæрдæрæй зæгъы Елхъан æмæ йæм комком- мæ ныллæууыди. — Сабырдæр, Елхъан,— уыцы ныхæстимæ Хаджумар сбад- ти стъолы дур бандоныл. Елхъан йæ къух ауыгъта, йæ цæсгом фырмæстæй фæгæлнр- тæ æмæ рудзынджырдæм цæхгæр фæзылди. Тарвазыл банцой кодта æмæ та уырдыгæн йæ цæстытæ разылдта Катяйырдæм. Катя йæ кæд уынгæ нæ кодта, уæддæр зæрдæйæ æмбæрста Елхъаны цæстæнгас. Цыма йын йæ фæсонты тæвд уæхстытæ тъыста, афтæ йæм касти. Иæ зæрдæйы гуыппафтæ цыди, æмæ лта суанг сынтæг дæр змæлыди. — Дæ мад кæугæ-ниугæйæ, удаистæй разгъор-базгъор кæ- 58
ны, йæ сæрыхъуынтæ тоны, йæ цæссыгтæй йæхн æхсы,— рай- дыдта Хаджумар...— Ды та цы митæ бакодтай?! Мады коймæ Катя азылди бынтондæр къулырдæм æмæ мæ цæссыгтæ æрызгъæлдысты. — Æгас мыггаг, æгас хъæубæстæ сызмæлыдысты дæу тых- хæй... ды та...— скъуыддзæгтæ-скъуыддзæгтæй дзырдта Хаджу- мар...— Дæ зæронд мад, де ’рвадæлтæ, де ’фсымæрты цæсгом... дæ мыггаджы цæсгом!.. — Æмæ сылгоймаг йæ цæсгом куы суадза, уæд ма мыгга- джы кад æмæ номыл фæхъуыды кæны!—фæхъæр та кодта Ел- хъан. —. Макæй бафæрс, мачи дæ фенæд, мацæуыл ахъуыды кæн, афтæмæй сусæгæй искæй лæппуйы фæдыл алидз æмæ... искæй къуымы цæр...— Нал баурæдта йæхи Хаджумар æмæ дзы сир- вæзтысты уæззау æфхæрæн ныхæстæ. Цыма йын цыргъ хъамайæ йæ зæрдæ барæхуыстæуыди, аф- тæ фæкасти Катямæ ацы æфхæрд. Никуыма йæм ннчи сдзырд- та налаты номæй. Разылди сæм. Йæ зæрды сын уыди дзуапп раттын, фæлæ йæ æнаххосæй кæй бафхæрдтой, уый тыххæй йæ хъæлæсы абадти масты къуыбар. Йæ бон ницы зæгъыи баци, ныггæр-гæр та кодтой йæ цæссыгтææмæ та азылди къулырдæм. Хаджумар чысыл фæсабырдæр æмæ æнцаддæрæй дзуры: — Кæд дæ зæрды мой кæнын уыди, уæд ын æгъдауыл, адæм куыд фæкæнынц, афтæ гæнæн нæ уыд? Катя сдзурынмæ хъавыди: «Уæдæ цæуылнæ кодтат æгъда- уыл хъуыддаг. Афæдз æмæ æрдæг уæм мииæвæрттæ куы цыди. Сымах мæн дæр куы нæ бафарстат, афтæмæй сæ æнæ дзуап- пæй куы æрвыстат». Фæлæ та Хаджумар фæраздæр: — Де ’нæрхъуыды,,дæ худинаджы ралыгъдæп амардтай дæ мады... — Оу-у, дзыцца! — мады коймæ йæхи нал баурæдта Катя æмæ хъæрæн ныккуыдта. Хаджумар æмæ Елхъан кæрæдзимæ бакастысты. Фæфæл- •мæндæр кодтой сæ ныхас. — Катя,— сдзырдта та рæвдаугæ хъæлæсы уагæй Хаджу- мар.— Мæ хо, мауал ку. Цы ’рцыди, уый æрцыди. Мах дзыцца рарвыста дæумæ. Куы базыдта хабар... Æхсызгон ын уыдзæни дæ амонд. Æцæг æй фæнды, нæхн хæдзарæй куы рацæуис, уьш. Мæ иунæг чызджы, дам, мæхи хæдзарæй буцæй арвитон. — Ай-гъай, ай-гъай, цæмæн хъуамæ ацæуа Тараты чызг нс- кæй хæдзарæй чындзы? — бафиппайдта Елхъан. — Махыл дæр. ахъуыды кæн. Æз де ’фсымæр дæн æмæ мын цæсгомы. хос кæнæ кады хос у, мæ иунæг хо искæй къуымты рахау-бахау кæна, уый? Адæммæ ма куыд равдисдзынæн мæ-; 59
хи? — фæлмæн сираг бæхау ауагъта йæхи Хаджумар. — Стæй æгас мыггæгæн дæр аив нæу афтæ бакæнын.— Хаджумары цæстытæм кæсгæйæ зæгъы Елхъан. — Цы ’рцыди, уымæн раздахæн нал ис. Мæ хо, дæ амонд ссардтай, дæхицæн цардæмбал равзæрстай, уый мах дæр’æмба- рæм. Мах дæр бирæгътæ не стæм. Мах дæр дæ мæт ис. Де ’мбал махæн дæр хæстæг у, сиахс, æмæ йæ хъуамæ сиахсау сбуц кæнæм, куыд æмбæлы, афтæ, æгъдауыл. Ацы фæлмæн æмæ зæрдæвæрæн ныхæстæм йæ хæкъуырц- цæй фæсабыр и Катя. О, хойы зæрдæ! Цы ис дæуæй фæлмæндæр! Дзæгъæл хуымæ- тæджы нæ баззади æмбисондæн: «Хойы зæрдæ — æфсымæрмæ, æфсымæры зæрдæ — хъæдмæ». Хаджумары фæлмæн ныхæстæ бахызтысты Катяны зæрдæ- гмæ. Баууæндыди сыл. — Цæуыс нæхимæ? — ноджы фæлмæндæрæй бафарста Ха- джумар. Катя стыр катайы бацыди æмæ дзуапп раттыныл тагъд нæ кодта. «Нæхимæ... æмæ кæм ис нæхимæ?» — афарста йæхи. Бо- нæй-бонмæ æнхъæлмæ куы касти мæнæ бафидаудзысты æмæ мæ иог «нæхимæ» бацæудзынæп, зæгъгæ. «Фæлæ дзыцца та?.. Ой, тæхуды, фæлтау куы нæ райгуырдаин!.. Кæм ис Майрæм? Мæ цуры мæхионтæй куы ничн ис. Ислам, Надя, Дзерассæ... Ой, цы кæнон, цы кæнон»... — Цæуыс дзыццамæ? — бакъуымы йæ кодта Хаджумар. Ацы хатт нал загъта «нæхимæ», фæлæ — «дзыццамæ». Куыд зæгъа Катя «нæ мæ фæнды дзыццайы фенын». Хъуы- ды дæр нал бафæрæзта, афтæмæп йæ дзыхæй сирвæзти — «цæ- уын». Хаджумар сыстади. — Æз машииæмæ акæсон. Дæхи арæвдз кæн,— загъта æмæ рацыди уатæй. — Цæй рæвдз кæнын æй хъæуы. Рæвдз нæу? — схъуыр- хъуыр кодта Елхъан æмæ Хаджумары фæдыл рацыди, йæ рихи здухгæ. Катя иунæгæй аззади уаты. Арф ныуулæфыди. Æрбадти бандоныл, фæлæ фæстæмæ фестади. «Цы кæнон ныр?.. О Майрæм, кæм дæ!.. Куы йæ зонис, куыд зын мын у... кæй афæрсон?.. Ислам... Надя... куы ничи уæ нс ам... цæуон, æви цы кæнон?..» Иæ зæрдæйы катай æмæ сæры сагъæстæ сæмхæццæ сты... нал зоны хъуыды кæнын дæр. Сæр æмæ зæрдæйы тымыгъ сы- стадн. «Уæд та ма ацæуон?.. æмæ уæд дзыцца та? Иæхæдæг мæм куы рарвыста... æнхъæлмæ мæм куы кæсы... куы нæ ныц- ^О
цæуон, уæд та кæугæ кæндзæни... куы ацæуон, уæд Майрæм та?» Тыргъæй æрбайхъуысти цырыхъхъыты уынæр... Æрбайгом дуар æмæ тагъд бауади Хаджумар. Катя лæууыди мнтæй урс- дæрæй. Йæ разы уыди гом чумæдан. • — Цом, Катя,— хъæлдзæгхуызæй загъта Хаджумар. Катя гом чумæданы дзауматæй цыдæртæ авæрдта. Сынтæджы къу- хæй исы чындздзон дарæс. — Уыдон дæ ницæмæн хъæуынц! Æз дын балхæндзынæн, цыдæриддæр хъæуы, уыдон,— зæгъы Хаджумар, æрæхгæдта чу- мæдан æмæ йæ систа. Катя ма лæууыди джихæй. — Цом, цом, мæ хо,— сдзырдта æфсымæр æмæ рацыди уа- тæй. Катя рацæйцыд. Æмбаргæ дæр нæ кодта, цы ми кæны, уый. Рахызти кæртмæ. Иæ цæст ахаста. Ничи. Кæрты дуармæ лæууыди машинæ. йæ фæстаг дуар—гом. — Сбад, Катя,— сиды Хаджумар æмæ чумæдан бавæрдта. Катя бахызти. Разæй, шофыры фарсмæ сбадти Елхъан. Сыхаг ус ракасти пæ кæрты дуарæй. — Кæдæм нын ласыс, Хаджумар, нæ чындзы? — æрдзырдта уæлейæ. Катя ракæсынмæ хъавыди, фæлæ Хаджумар фæраз- дæр: — Тыхсгæ ма кæнут. Рæхджы уын æй рарвитдзыстæм,— радзырдта æмæ дуар фæстæмæ æрбахгæдта. — Гъæй кæн,— шофырмæ дзуры Елхъан. Машинæ скуыста земæ араст и Дæлвæзыхъæуырдæм. & & Ж Исламы хæдзары цалынмæ уыцы хъуыддæгтæ цыдысты, уæдмæ бон фæхъуынтъыз. Æрæгвæззæджы уæззау æврæгътæ дæлæмæ сæхи æруагътой æмæ асфальтвæндагыл згъæлдтой уа- рыны лыстæг æртæхтæ. Фæндаг схуылыдз, фæсау. Шофыры раз- мæ авгыл зивæггæнæгау дон расæрф-басæрф кодтой донсæр- фæнтæ. Цæлхыты быпæй фæйиæрдæм тахтысты доны пырхæнтæ. Катя бадти фæстаг бадæныл Хаджумары фарсмæ. Иууыл- дæр — хъуыитъызæрфыг. Дæргъæй-дæргъмæ фæндагыл сæ хъыпп-сыпп никæмæй схауди. Æрмæст иугæндзонæй хъуысти машинæйы моторы гуыр-гуыр æмæ цæлхыты сыф-сыф. «Цы фесты сæ зæрдæлхæнæн фæлмæн ныхæстæ? Цæуыл хъуыдытæ кæнынц, цы сфæнд кодтой?.. цы мæм кæсы мæ фыды хæдзары»,— хъуыдытæ кæны Катя. Машинæйы галиу къуыммæ йæхи нылхъывта æмæ кæсы фæззыгон бæгънæг быдырмæ, телы- хъæдтæм, бæгънæг бæлæстæм. Дыууæ лæджы уыцы гуырымыхъхъæй кæй бадтысты, уый 61
йын стыр тас уагъта йæ зæрдæйы. Цы фæндтæ сæм ис, чи зоны. Фæлæ та-иу уыцы тæссаг хъуыдытимæ йæ зæрдыл æрлæууыди, йæ мад. «Нæ, дзыцца мæ æфхæрын нæ бауадздзæн, нæхи хæ- дзарæй мæ буцæй рарвитдзæи. Кæд бафæстиат уон, уæддæр* къуыри... дыууæ къуыри дæр фод, уыйфæстæ хæларæй, амонд- джынæй цæрдзыстæм. Майрæм кайыстæ уарзы æмæ-иу йе- ’мбæлттимæ æрцæудзæн нæхимæ...» , Тараты кæрты дуар гом уыди. Машннæ уыциу цыдæй ба- мидæг кæрты. Ныллæууыди. Хаджумар дуар фегом кодта æмæ рахызти. Иæ фæдыл рацæйхызт Катя дæр, фæлæ йæм Хаджу- мар фæстæмæ фæзылди, йæ къухыл ын фæхæст æмæ йæ рарп- уыгъта. Катя рахауди зæхмæ. Шофыр ауыдта уыцы гуымиры- дзинад, фæзылди, рахизынмæ хъавыди, сылгоймаджы æфхæры- нæй бахизон, зæгъгæ фæлæ йын Елхъан йæ къухы дæс тума- ны гæххæтт фæсагъта æмæ йыл фæстæмæ дуар бахгæдта. Шо~ фыр мæстыйæ скасти Елхъанмæ. Дæ фыдгулмæ дын исчи афтæ- бакæсæд. «Подлецы!» — дзырдта уыцы цæстæнгас. Машинæ* цæхгæр ныззылдта æмæ тæхæгау ракодта кæртæн. Катя фестади æмæ хæдзарырдæм азгъордта. Йæ цæсгом; уыди цикъæйау фæлурс. Уыцы рæстæджы хæдзарæй тыргъмæ рауадп Цопанон. Тарсг сывæллон йæ мадмæ йæхи куыд баппары, афтæ баппæрста Ка-. тя йæхи йæ мады хъæбысмæ. Дзыцца, зæгъгæ, ныккодта æмæ* йыл атыхсти. Цопанон æй йæхицæй асхуыста, стæй йын йæч дзыккутæм фæлæбурдта æмæ йæ къулмæ нылвæста. Фæуагъта йæ, фæстæмæ ракъахдзæф кодта æмæ та йæм, йæ дыууæ тым- былкъухæй додойгæнгæ бацыди. — О, цытæ бакодтай, цытæ мын бавзарын кодтай мæ зæронд сæрæн?! Адæмы астæумæ мын ацæуæн куынæуал ис, нæ худина- ’ джы хъæр æгас Ирыл куы айхъуысти, дæ бындур ныззила! Фæндырты цæгъдинаг, зарджыты заринаг кæ куы фæкодтай, быны чызг! Уæ, фæлтау иу куыдзы къæбыла куы ныййардтаин, дæу ныййарыны бæсты æмæ ацы худинаг мæ ’сæр куы нæ бай- йæфтаид!.. Катя удаистæй, фæлурсæй лæууыди къулрæбын. Æмбаргæ ■ дæр нæ кодта, цытæ цæуы æмæ цæй тыххæй, уый. Йæ разы фыдбоны тымыгъау йæ гæндзæдтæ цагъта, йæ зæрдæ ма фидар кæмæй уыди, уыцы адæймаг, йæ мад, æмæ йæм тæрсгæ-рлзгæйæ- джихæй касти. — Уæддæр ма мæм пæ налат цæстытæ куыд ныддардта!..— Æрра бирæгъау та фæлæбурдта йæ чызджы дзыккутæм æмæ та йæ къулыл ныццавта. Катяйæп йæ зæнгтæ фæтасыдысты. Цыдæр кодта, уый бам- бæрста.. Цыма тыргъы, сарайы цæджындзтæ, бæлæстæ • ппнæ- - 62
;рдæм фæфæлдæхтысты, афтæ ныззылдысты... йæ цæстытыл абадти цыдæр, мигъ...— «Дзыцца», зæгъгæ, ма сфæрæзта æмæ æрх’ауди. Цопанон цавддурау сагъдæй аззади. Æркаст йæ чызгмæ. Марды цæсгомы хуызæн фæлурс уыди Катяйы цæсгом. Мад йæ рустæм фæлæбурдта. Р1æ масты фæдыл æгæр цæхгæрмæ кæй ацыдн, уый бамбæрста æмæ уæд ’нырдиаг кодта: — Уæ мæ зæрдæдарæн хъæбул, цæй лæмæгъзæрдæ мын ра- зындтæ, куы нæ баурæдтай мады чысыл масты уылæн... Афтæ ’нхъæл дын куы нæ .уыдтæн, мæ иунæг чызг, мæ зæрдæйы уидаг... Авгау ’дын æрхауынæй куы тарстæн æмæ дæ ныр мæхæдæг куы бабын кодтон... Катяйæн йæ зæрдæ йе \муд куы нæ цыди, уæд бынтон фæ- тарсти Цопанон. Фæлæбурдта йæ чызгмæ æмæ йæ тыхамæлттæй бахаста уатмæ. Æрæвæрдта йæ сынтæгыл æмæ йын йæ цæсго- мыл дон пырх кæны. Дыууæ нæлгоймаджы та сæм æнцад-æнцойæ кастысты. — Сылгоймаджы рохтыл афтæ хæцын хъæуы... сылгойма- джы къухтæй, науæд æнæ рохтæй æгæр чъыллипгæнаг кæны,— загъта Елхъан æмæ йæ рихи аздыхта. Хаджумар ницы сдзырд- та. Тызмæгæй касти, мад нæ чызджы куыд «рæвдыдта», уымæ. Цы загъта йæхинымæр, чи зоны. Мад йæ уадзыг чызджы уæл- хьус æрдиагыл куы фæци, уæд дыууæ лæджы бацыдысты хæ- .дзармæ. Катя хуыссыди уадзыгæй. Йæ цæстыты бынтæ — мæрдон- хуыз цъæх. Цард нал æмæ нал здæхти чызджы буармæ. Цопа- нон ноджы тынгдæр фæтарсти. Скатай. Хуылыдз хæцъилæй йын нæ рустæ, йæ ных сæрфы. Ризгæ къухтæй йын райхæлдта йæ къабайы æгънæджытæ æмæ йæ хъус æвардта Катяйы риуыл. Уаты сыбыртт дæр нал хъуысти. Æппынæрæджиау йæ æн- цъылдтæ цæсгом фæрухс и. Иæ цæссыгтæ асæрфта. Катя чысыл схъæрзыдта Цопаноны цæстытæ фæкомкоммæ сты чызджы ног мидæггаг дарæсмæ. Ног урс цыллæ хæдон æмæ æрвхуыз лиф æлвæстой дзаг риуты. «Иæ чындздзон дзауматæ», — ахъуыды кодта мад æмæ та йæ цæссыгтæ æрызгъæлдысты. — Уæ мæ иунæг чызг, мæ зæрдæйы уидаг... дæ амонды фыц- цаг бонты буцгæнинаг æмæ барæвдауинаг куы уыдтæ æмæ дын уыйбæсты фыдæбуалгъы митæ куы бакодтой дæ ихзæрдæ мад жмæ дæ бирæгъ æфсымæртæ... Уæ мæ уæздан, ме ’фсæрмыгæ- наг чызг, æгъдауджын; æфсармджынæй дæ куы зыдтой адæм, уæд дын цытæ фæдзырдта дæ дурзæрдæ мад!.. Уæ, иу бон цы ацæрай, уый дын куы фестадаин... ракæс-ма, ракæс-ма, мæ уд дæ рынтæ ахæра... — Цопанон нывæрзæнырдыгæй æрбадти, Ка- тяйы сæрыл схæцыди æмæ йæ йæ хъæбысы æрбакодта...— Ра- 6.2
кæс-ма, ракæс, мæ къона, ракæс дæ фæхъхъау фæуинаг фыд- зæрдæ мадмæ... Иæ зæрдæ йе ’муд æрцыди Катяйæн, ракасти йæ цæстытæй, фæлæ афтæ æрлæмæгъ, æмæ фезмæлыи дæр йæ бон кæ уыди. Æрмæст схъæрзыдта, чысыл йæ былтæ базмæлыдысты. — О, дæ рынтæ дын ахæра дæ ныййарæг дзыцца. Рабад-ма, рабад, дæ низтæ мæ уд ахæра. Мад нæ чызджы уæлхъус катай æмæ саумарой куы кодта, тæккæ уыцы рæстæджы Хаджумар æмæ Елхъан та хæдзары бадтысты. Сæ цуры арахъхъы графин, донгонд дзул æмæ ног цæхджын къабускæйы тæбæгъ. Хаджумар нуазгæ иæ кодта. Стъолы кæрон бадти æмæ фыста писмо. Елхъан йæхæдæг ра- уагъта арахъхъы цайцьгмæн, анозта, ныккæрзыдта, къабускайы тæбæгъы афсæрста йе ’ртæ генгуылдзы, дзыхмæ калдта къа- буска æмæ теуайау, дыууæрдæм æууилгæйæ баппæрста йæ дзырд Хаджумармæ. Хаджумар обкомы фыццаг секретармæ цы писмо фыста, уый фыст фæци æмæ йæ Елхъанæн кæсы: «Зынаргъ æмбал секретарь, хъусын дын кæнын нæ заманы æвирхъауы хъæддаг хабар. Æз ныртæккæ мæ хойы байстон скъæфджыты дзæмбытæй. Ацы сахат, æз дæумæ пиемо куы фыссын, уæд мæ хо та йæ уаты йæ дзыккутæ тоны, йæхи мары- ныл у. Ацы хабар у худинаг не ’ппæтæн дæр, уымæн æмæ мах заман, социализмæп уæлахизы фæндагыл коммунизммæ куы бырсæм, тæккæ уыцы рæстæджы æрцыди ахæм хъæддаг ми. Советон адæмы æхсæн социалистон культурæ арфæй-арфдæр куы цæуы, тыхджынæй-тыхджындæр куы кæны, уæд ма не ’хсæн разынди, йæ фыдæлты хъæддаг митæ чи нæма ныууагъта, ахæм иугай цъаммар лæгтæ, сылгоймаджы бартæ æрдумæ дæр чи нæ дары, ахæм сырдтæ æмæ бирæгътау аскъæфтой мæ хойы, сæ хъæуы ахуыргæнæджы. Чи сты уыцы хъæддаг адæм куы бафæр- сай, уæд дын хъусын кæнын сæ нæмттæ, сæ мыггæгтæ — Талжы районæй Уæлвæзы хъæуккæгтæ Берозты Майрæм, Солæты Га- закк æмæ Майрæмы мадыфсымæр Цугырты Ислам. Æцæг дис- саг та уый у, æмæ Таджы райæххæсткомы сæрдар Ислам æмæ Уæлвæзы хъæусоветьь сæрдар Газакк ахæм æнаккаг хъуыдда- джы бирæгъæн хъузæттæ кæй ныллæууыдысты. Ислам скъæфт чызджы, мæ хойы бамбæхста йæ хæдзары. Æз æй уым баййæф- тон уаты æхгæдæй. Куы йæм бацыдтæн, уæд мыл йæхи æрбап- пæрста: — «Уæ, мæ ирвæзынгæнæг, мæ иунæг æфсымæр, мæ маср, ме ’фхæрд ма ныууадз æнæ райсгæ, мæ худинаг цæхс сæ* тугæй»,— дзырдта кæугæ æмæ йæ дзыккутæ топгæпæ... 64
Æз дæи советон культурон лæг. Кæд мастæн кæрон дæр нæй, уæддæр нæ ныллæууыдтæн мæ хойы æфхæрд æмæ худинаг ту- гæй цæхсыны. фæндагыл. Зонын æй, советон закъонтæ сылгой- маджы æфхæрд кæй нæ ныббардзысты, уый, æмæ уымæ гæсгæ курын скъæфджыты, цы аккаг сты, уыцы æфхæрд бакæнын...» — Фæлæуу-ма,— баурæдта йæ Елхъан,— æмæ Катяйы куы бафæрсой, уыцы хабæрттæ æцæг уыдысты æви нæ, зæгъгæ, уæд та? Цы зæгъдзæн чызг? — Æз ын куыддæриддæр зæгъон, афтæ радзурдзæн, стæй мэ йыл дзыццайы дæрзæг къухтæй гæрæхтæ куы ’рцæуа æрдæбоны хуызæй, уæд артисты хуызæн дзурдзæн,— загъта Хаджумар. — Гъæй кæн уæдæ дарддæр, фæлæ гуырысхойаг у. — Мæ хойы зæрдæйы уаг хорз зонын. Йæ мад, пе ’фсымæ- ры дзырды сæрты нæ ахиздзæн. — Иу хатт уал ахызти. , , — Уый, йæ рохтæ йæхи бар аззадысты æмæ уымæн ахыа- ти,— дзуапп радта Хаджумар æмæ дарддæр касти писмо: «Мæ*. хо, советон хъæууон ахуыргæнæг, уыцы лæппуйы, ома — Бероз- ты Майрæмы нæ уарзта. Уымæ моймæ ацæуыны бæсты йæхи-< амарыныл дæр фæстиат нæ фæуыдаид. Уыцы хабар Берозы-,. фырт зыдта, фæлæ уæддæр ссардта йæхи хуызæн хъæддаг адæй- мæгты æмæ аскъæфта мзе хойы...» — Фæлæуу, фæлæуу,— баурæдта та йæ Елхъан, агуывзæньь йæхицæн арахъхъ кæнгæпæ.— Æмæ пæ пнсмо цы фæцис? Уыцы; писмо сæ къухы куы бафта../ — Писмо мæнмæ ис. Дзыццайæ йæ райстон. — Уый хорз. Æзынма Хъасполмæ баззади. Уымæ дæр нæ кæсыс, хъæугæройнаг куыдзы рæйд ракодта. Ам цытæ дзырдта уып куы зонис. Ноджы ма кæстæртæй дæр чидæртæ йæ фарс фæхæцыдысты. Ды ам нæ уыдтæ æмæ сæ нæ фехъуыстай,— мæстыйæ загъта Елхъан æмæ та арахъхъы агуывзæ фæкъул кодта. — Хъус дарддæр,—кæсы та Хаджумар. Кæд Елхъак, къа- буска хæргæйæ, куыд мыртт-мыртт кодта, уый йын æхсызгон нæ уыди, уæддæр касти тагъд-тагъд: «Мæ хо, ахуыргæнæг Та- раты Катя, баййæфта уæззау æфхæрд, йæ бартæ пын сæ чъизи къæхты бын ассæстоп æмæ йын фыдæбуалгъы худинаджы мп- тæ бакодтой, уæлдæр цы скъæфджыты кой скодтон, уыцы адæй- мæгтæ. Æз дæ курæг дæн, æмбал секретарь, цæмæй советон закъонтæм гæсгæ карз æфхæрд æрцæуой скъæфджытæ Бсрозты Майрæм, Солæты Газакк æмæ Цугырты Ислам/ Æддаг районы ппщепромы артелы уæнг, Дæлвæзыхъæуккаг — Тараты Хаджумар». — Хсрз æп ныффыстан,— раппæлыд Елхъан æмæ йæ рихи 65
.аздыхта.—Уыцы куыдзы хъæвдыны, ’ Майрæмæй зæгъын, ахæс- тоны куы атъыссиккой, уæд ын æз фенын кæнин, давæг æмæ дезертир циу, уый,—бахъым-хъым кодта Елхъан. — Дæ ницæйаг хъуыддæгты кой ма кæн. Уæдз æмæ ферох уой адæмæй. Сæ зæрдыл сын мауал лæууын кæн дæ худинаджы хабæрттæ.— Уыцы ныхæстимæ Хаджумар писмо бавæрдта къон- верты, цæзæрдта йæ йæ риуы дзыппы æмæ сыстади.— Мæн цæ- уын хъæуы мæ службæмæ. Елхъан дæр сыстади. «Нырма абон куы æрхæццæ ис, уæд цæй службæмæ тагъд кæны?» — хъуыды кодта Елхъан, фынг- мæ фæстæмæ кæсгæйæ. Дыууæ лæджы хæдзарæй рацыдысты. ^ & <>: Елхъан æмæ Хаджумар Исламы кæртмæ куы бацыдысты, уæд сæм цы сыхаг ус æруади, Катяпы уатмæ кæй нæ бауагъта Хаджумар, мæ хоимæ хибарæй аиыхас кæнон, зæгъгæ, уыцы ус фæстæмæ куы раздæхти, уæд фæгуырысхо дыууæ лæгыл: «Адон æнæфысым хицонæн хорз’ фæндтимæ не ’рбацыдаиккоп». 'Сæхимæ суади æмæ йæ астаздзыд лæппуйы Исламмæ арвыста, тагъд дæ хæдзарыл сæмбæл, зæгъгæ. Лæппу Исламы нæ бай- .йæфта йæ куысты. Иучысыл уынджы алæууыди стæй нытътъæ- ^бæртт ласта Надямæ, рынчындонмæ. Лæппу Надяйæн радзырд- -та, дыууæ лæджы уæм таксийы балæууыдысты, Катяйы уатмæ ^бадыдысты, зæгъгæ. — Чи сты, уый дын нæ загъта дæ мад? — фæдисы фарст акодта Надя. — Катяйы æфсымæртæ, дам, сты. Надя æфсымæрты -кой куы айхъуыста, уæд базгъордта йæ кусæнуатмæ, халат фелвæста, йæ плащ йе уæхсчытыл баппæр- ста æмæ рауади. Куыддæр стыр уынгмæ æрбахæццæ, афтæ йæ рæзты æрсыффытт ласта машинæ. Рудзынгæн ма ауыдта Ел- хъаны цæсгом, пæ къух ма фæхъил кодта, фæлæ машннæ афар- дæг. Надя сагъдауæй аззади. Стæй сагъæсгæнгæ, йæхимæ хæц- тæйæ ссыди йæ хæдзармæ. Катяйы уатыл йæ цæст ахаста. Йæ дзаум’атæ аласынмæ куыд цæттæ кодта Катя, афтæмæй йын баззадысты. Фæкомком- мæ пс сынтæгыл Катяпы къухтыкæлмæрзæнмæ. Допы удæстау— хуылыдз. Цы бамбарын ма йæ хъуыди, Катя бирæ кæй фæ- "куыдта, кæй йæ асайдтой пæ тугрохст æфсымæртæ æмæ тынг кæй бафхæрдзксты фæлмæнзæрдæ адæймаджЫ. Чи зоны, иоджы «(Ьыддæр митæ дæр бакæной сæ ’масты фæдыл. Бардиаг кодта Йадя, фæлæ цы йæ бон уыди ныртæккæ, цалынмæ Ислам æрба- цæуа, уæдмæ. Æруадысты йæ дыууæ сыхаг усы дæр. <€6
— Уайых æрбауат, сымах та куыннæ ’рбауадыстут чындз- мæ,—бауайдзæф сын кодта Надя,—дуар æхгæд куы нæ уыд, миййаг? — Р1е ’фсымæртæ йæ акодтой, æз лæппуйы Исламмæ куы арвыстон, уæд,— зæгъы сæ иу. — Æфсымæртæ!.. ахæм æфсымæртæ... уыдон æфсымæртæ нæ, фæлæ сырдтæ ’сты. Сыхаг устытæ дæр басагъæс кодтой. Æрбацыд Ислам. Йæ хæд фæдыл æрбахæццæ Майрæм дæр. Хабар куы базыдтой, уæд джихæй аззадысты. Майрæм, æвæццæгæн, уыди хъазын æнхъæл« æмæ бахудти, фæлæ йæм Надя куы равдыста Катяйы къухты- кæлмæрзæи хуылыдзæй, уæд афæлурс, стæй æррайау ’фæцис. — Ислам, дæ машинæ... тагъд! — Исламмæ фездæхт Маа- рæм. — Фæлæуу. Сбад уал. Масты фæдыл цæуын хорз нæу. Фæн>- дагыл сæ нал баййафдзыстæм,—зæгъы Исл’ам. — Уæд та милицæмæ бадзур,— йæхицæн быиат нал ардта;, афтæмæй къуызгæйæ дзырдта Майрæм. Ислам бахудти. — Ма йын тæрс... дæ хуыз куы фæлыгъди. Нал дын æй байс-- дзысты, ма тæрс. Сæ хæдзарæй дарддæр æп никуыдæм алас- дзысты. — Æгæр тæнзæрдæ у... уæрыччы зæрдæ... бафхæрдзыстьк нæ... — Нæ бафхæрдзысты... Ссардзыстæм æй. Изæрдалыигты Ислам æмæ Майрæм сæ фæндаг акодтой’ Газаккыл. Семæ йæ аластой æмæ ацыдысты Катяйы хъæумæ. Майрæм’ бадти фæстаг бадæныл, Газаччы фарсмæ æмæ сагъæ- сы хъуыдыты ацыди. «Цæмæп у мæ царды фæндаг афтæкъуын- пытæ æмæ гуыргъахъхъытæ, цæмæн хауынц мæ сæрыл: алы æнамонддзинæдтæ...» Машинæ нылд-æууыдп- æхгæд кæрты дуармæ. Зивæггæнгæ рахызтысты æртæ лæджы. Машинæйæ рахизынмæ нæ зивæг кодтой, фæлæ та уыцы зындзырд æмæ саузæрдæ Хаджумаримæ ныхас кæныимæ кодтой зивæг. Кæрты дуармæ чысыл алæууыдысты. Мидæгæй сыбыртт дæр нæ хъуысти. УнХд Газакк дуар бахоста. Ничи зынди æддæ-- мæ. Тымбылкъухæй тынгдæр ныххоста, æмæ та байхъуы- стой. Райхъуысти хæдзары дуары хъинц, стæГг нæлгоймад’жы хъæр: — Гъеп, чи дæ уый! Нæ дуар сæттып дæумæ кæсы?! — Æддæмæ-ма ракæс, Хаджумар! — бахъæр кодта Газакк. — Ныртæккæ,— радзырдта Хаджумар æмæ фæстæмæ бауа- ди хæдзармæ. Машинæйы уынæр кæрты дуармæ куы банцади,. уæд бамбæрста, чи хъуамæ æрцыдапд, уый. Рацæуынмæ сæм: 67
нæ хъавыди, фæлæ афтæмæй нæ аздæхдзысты, уый зыдта-. «Ис- тæмæйты сæ афæливын,хъæуы, Катяйы куыннæ феной, афтæ»— хъуыдытæгæнгæ рацыди кæртмæ. Дуар ’куы гом кодта, уæд Мапрæмæн йæ зыр-зыр ссыди фырмæстæй. Фæстæмæ бахызти машинæмæ. Ныронг æй йæ хойы тыххæй уарзгæ дæр кодта. Лæппу цы хæдзары чызджы фæуарзы, уый йын адджын вæй- йы. — Чи стут? — бафарста Хаджумар, кулдуар куы байтыгъта, уæд, раст сæ цыма нæ зыдта, уыйау æмæ сæм æфсоны кæстытæ Вакодта. — Цыма дæ бирæ фосæн абырджытæп тæрсыс, уый æхгæд скодтай дæ фидары дуæрттæ,— загъта Ислам æмæ йæм хæстæг- .дæр бацыди. — Ма тæрс, мах абырджытæ не стæм, дæ дзугтæ дын нæ .ятæрдзыстæм. — А-а, Ислам куы дæ... Æгас нæм цу, æгас. Ай та Газакк у, æнхъæлдæн,— зæгъы Хаджумар, стæй ма йæ цæст ахаста машинæйыл æмæ йын цыма се ’рцыд тынг æхсызгон у, уыйау гæды цннтæ кæнын байдыдта.— Бахатыр кæнут, талынг у æмæ уæ нæ базыдтон. — Де ’зæр хорз,— салам радта Газакк.— Гъер нæ базыд- тай? — Ау, ныр та уæ куыннæ базыдтон. Мидæмæ рацæут. Цæхх &мæ кæрдзыпæй уын фысым уыдзыстæм. — Бирæ чи фæбады, ахæм уазджытæ не стæм. Æмбарæм, у-азæгуаты цæуынæн афон дæр нæу. ’ — Стæй нæм дæ хæдзар дæр куырм уæйыджы каст кæны иæ талынг рудзгуытæй,— бафиппайдта Газакк. — Уазæг — хуыцауы уазæг. Мидæмæ. — Цом, Газакк, бакæсæм иучысыл,— сдзырдта Ислам æмæ ■бараст и кæртмæ. Йæ фæдыл бацыди Газакк дæр. — Дæ службæйæ дæ цæй хорз рауагътой ацы æхсызгон куысты рæстæджы? — бафарста Ислам тыргъы асинтыл уæлæ- мæ хизгæйæ? — Мæхи ракуырдтон иукъорд бонмæ. Тыргъ уыди талынг. Уæтты рудзгуытæ — æнгом æхгæд. Рух- сы цъыртт* сæ нæ зынди. Лæгтæ бацыдысты хæдзармæ. Хæдза- ры Хаджумар ссыгъта фæтæген цырагъ. Куыддæр Хаджумар Ислам æмæ Газаккимæ кæртмæ бахыз- ти, афтæ рагæпп кодта Майрæм дæр машинæйæ æмæ кæрты дурры зыхъхъыртæй кæсы, хъусы мидæмæ. Æддæмæ ницы уы- нæр хъуысти. Майрæм йæхинымæр дзырдта, Катя æддæмæ ра- уайдзæн, зæгъгæ, æмæ йæм æнхъæлмæ касти, фæлæ Катя нæ разынди æмæ уæд йæ зæрдæпы маст æмæ гуырысхойы катай >68
сæмхæццæ сты. Дуары цур алæууыди иучысыл, стæй фырмæс- тæй зæххыл нытту кодта æмæ æддæдæр рацыди. Ислам æмæ Газакк хæдзары бирæ нæ абадтысты. Уайтагъд тыргъæй райхъуысти сæ дзурын, сæ къæхты уыиæр. Хаджумар дæр къæсæрмæ семæ кæй рацæудзæн, уый зыдта Майрæм æмæ та фæстæмæ бахызти машинæмæ. Уæлдайдæр, Катя ссмæ кæй нæ уыди, уымæ гæсгæ. Кæртæй дзурын цæуы. — Уый тыххæй та цæмæн тыхсут, Ислам? Куыддæр срæвдз уæм, афтæ уæм фæхабар кæндзыстæм,— дзырдта Хаджумар аразгæ хъæлæсæй. — Омæ ма уæ рæвдзытæ, уæлдай хæрдзтæ кæнын дæр цæ- :мæп хъæуы? Хæрдзтæ конд фесты. Чындзæхсæв ахицæн,— нæ ныхас баппæрста Газакк дæр.1 — Газакк, æфхæргæ мæ кæныс... Æз хæрдзтæй нæ тæрсын. Ай у Тараты хæдзар, æмæ мæ хо хъуамæ æгъдауыл ацæуа ацы хæдзарæй. Сымах цы кæнут, уый уæхи хъуыддаг у. Æз дæр лæг .дæн, хæдзары лæг. Хæмпæлты нæ цæрын, миййаг. Æз дæр мæ дæсгомы кой кæнын. — Омæ мæсты цæмæн кæныс? — Мæстаг у, æмæ уымæн, Газакк. Ай хæдзар у, æмæ мæ хо хъуамæ ардыгæй ацæуа. Ам райгуырди, ам схъомыл ис æмæ дæугæ дæр ардыгæй хъуамæ акæна. — Бахатыр кæн, Хаджумар, кæд дæ истæмæй бафхæрдтон, уæд, фæлæ æз хъуыддагмæ царды фадæтты цæстæй акастæн,— дзырдта мæстыйæ Газакк. — Æз та хæрдзтæй нæ тæрсын. Мæ хойы æгъдауыл цæмæй ♦арвитон, уыцы фадæттæ мæм ис. Худинаг æмæ амæлæт у мæнæн дæр, нæ хæдзарæн дæр æмæ суанг æнæхъæи Тараты мыггагæн дæр, мæ хо нæхи хæдзарæй нæ, фæлæ искæй хæдзарæй ацæуа... — О-гъо, æгæр уæлиау гæрæхтæ кæныс, Тары-фырт. Цы уæлдай у, кæцæйфæнды ацæуæд дæ хо, амондджып уæд, уый- йедтæмæ уый та цы уæлдай у? — О, афтæ дæр фод, Ислам, фæлæ нæ кæстæртæ æгъдау .æмæ уаг куынæуал зоной, сæхи цы фæнды, уыдæттæ куы кæной, уæд ма цы баззайдзæн, нæ фыдæлтæй нын цы хорз æгъдæуттæ -баззади, уыдонæй?! Алцæмæн дæр уаг хъæуы. Халгæ сæ чи кæ- ны, уыдонæн та сæ ных бакъуырын хъæуы, æмæ сæ быиат зо- пой! Ацы ныхæстæ Хаджумар барæй дзырдта хъæрæй. Уадз æмæ сæ, ома, Катя дæр фехъуса. Катя та уыцы рæстæджы йæ мады уаты хуыссыди. Уыцы уæлиау ныхæстæ Майрæммæ дæр арæзт уыдысты. Кæд æн ныртæккæ Хаджумар нæ федта, уæддæр зыд- та, Майрæм Ислам æмæ Газаккимæ кæй æрцыдаид æмæ маши- иæйы кæй бады, уый. 6$
— Уæхæдæг фехæлдтат æгъдау, Таратæ,— нал фæлæууыди Газакк.— Цал æмæ цал хатты æрцыдтæн æз ацы хæдзармæ ацы хъуыддаджы фæдыл! Цас æмæ цас уын фæлæгъстæ код- тон, хъуыддаг æгъдауыл æмæ рæсугъдæй бакæнæм, зæгъгæ! Ме ’взаг слыстæг ис сымахæн дзурынæй, æмæ мын цы дзуапп рад- тат?! Æнæ дзуапиæй мæ-иу арвыстат, æнæ гъдауæй. Уæд ныр ды цæй уæлиау ныхæстæ кæныс нæ фыдæлты хорз æгъдæутты тыххæй! Хаджумар, ды дæр зыдтай, Цопанон дæр, Катя æмæ Майрæм кæрæдзи уарзынц, кæрæдзи аккаг сты, уый, уæд дæм цæуыннæ разынди, ныртæккæ цы æгъдæутты сæрыл хæцыс, уы- дон? — Смæсты ис, Газакк æмæ ма исты дæрзæг ныхæстæ загъ- таид, фæлæ Хаджумар фæселф ласта иннæрдæм. — Омæ, Газакк, рæдийгæ чидæриддæр кæны. Чи зоны, фæ- рæдыдыстæм мах дæр. Стæй, бахатыр кæн, фæлæ æзнæ зыдтои^ мæ хо уыцы лæппуйы уарзы æмæ хъуыддаг кæнинаг у, уый.. Стæй кæд мах фæрæдыдыстæм æмæ уын афойнадыл разыйы дзуапп нæ радтам, уæддæр нæ ныр бауадзут нæ рæдыд срасг кæнын. — Хорз. Сраст кæнут уæ рæдыд. Дæттæм уын уыиы бар.. Кæд æп рæдыд хоныс, уæд.— Ныхас^ айста Ислам, æгæр дæр- зæг ныхæстæм хæццæ кæнын куы байДыдтой дыууæ лæджы, уæд.— Фæлæ-ма пын æргомæн зæгъ, Хаджумар, цас рæстæг уæ хъæуы уæ рæдыд сраст кæнынæп? Кæд нын сцæттæ кæн- дзыстут нæ чындзы? Ацы быцæумæ Мапрæм рагæй хъуыста машииæйы хуылфæй, мæстæй хæлди Хаджумары гæдыбылвад ныхæстæм. Ныр æй Ислам цæхгæр куы бафарста, кæд сцæттæ кæндзыстут Катяйы, зæгъгæ, уæд æгасæй дæр хъус фестади æмæ машинæйы дуары зыхъхъырыл баныхæсти, Хаджумар цы дзуапп ратдзæн, уый фехъусыны тыххæй. — Нæхи бар нæ бауадзут, ма нæ фæтагъд кæнут,— дзырдта. Хаджумар сабырдæрæй. Иæ ацы ныхæстæ Майрæмы зæрдæйыл сæмбæлдысты карды рæхуыстау. Зоны Майрæм, Хаджумар бæл- вырд дзуапп куы нæ радта, уæд Катяйы тагъд кæй нæ ауадз- дзæн, хъуыддаг ныддæргъвæтин кæндзæн, стæй кæдмæ — чи зоны. Фæлæ йæ уæддæр Ислам уыцы дзуаппыл нæ уадзы: — Хорз, хорз, Хаджумар, фæлæ уæддæр Катяйæн йæхи куы фсниккам,' уый нæ фæнды. Кæм ис? Цæуыннæ нæм ракасти? Майрæм та йæ хъус ноджы тынгдæр дарын байдыдта. Ныр< хъуамæ базона, Катя йæм цæуыннæ рауади, уый. Катя цы зæгъ- дзæни, уый. — Ау, Ислам, мæ ныхæстыл не ’ууæндыс? Катя йе ’мбæлт- тимæ сыхæгтæй кæмæдæр ауади,— фæцъыллинг та ласта кæлмгæсагау Хаджумар æргом дзуаппæй æмæ, цæмæй агурыныл 70
■ма суой, уый тыххæй ма ныллæг, цæмæй сæ Катя ма фехъуса, -ахæм хъæлæсæй йæ ныхаёстыл бафтыдта:—Æрвадæлтæ нын сбирæ ис хъæуы сæрæй суанг хъæуы бынмæ. Кæцытæм ауадис — хуыцау йедтæмæ йæ чи зоны. — Куыдзы мыггаг! — сирвæзти Майрæмы дзыхæй, кæй ни- куыма никæмæн загъта ахæм ныхæстæ. — Зæгъæм, Хаджумар, æууæндæм дыл,— дзуры та Ислам йæ маст уромгæйæ,—фæлæ-ма нын уæддæр комкоммæ зæгъ, къуырн дын фаг уыдзæни дæ хойы бацæттæ кæнынæн? ’ — Ислам, Газакк, ахъуыды-ма кæнут уæхæдæг, ахæм хъуыд- дагмæ ирон хæдзар йæхи цас фæцæттæ кæны, уыдæттыл.— Цæхгæр фарстæн та ’цæхгæр дзуапп нæ радта Хаджумар.— Куыддæр сцæттæ уæм, афтæ уæм фæхабар кæндзыстæм нæхæ- дæг, рацæут æмæ уæ чындзы ахæссут, зæгъгæ. Нæхицæн дæр аив æмæ цайдадæр нæу нæ чызджы утæппæт æнаив хабæртты 4>æстæ нæхпмæ бирæ дарын.— Фæстаг иыхæстæ хъæрдæрæй загъта. «Рувас... рувас æмæ бир1æгъ пумæ змæстæй!» — хинымæр .скарста Газакк. — Хорз, æууæндæм дыл æмæ дæс боны æнхъæлмæ кæсæм дæ хабармæ,—сразы Ислам, æмæ дыууæ лæджы рараст сты кæртæй. Хаджумар сæ фæдыл рацыд. Майрæм бадти машинæйы. Хаджумар йæ цæст ахаста маши- нæйыл дæр: Кæд талынг уыди, уæддæр ын Мапрæм ауыдта йæ лдæсгом æмæ йæм афтæ фæкасти, цыма йæ цæсгомыл былысчъил худт хъазыди, ома: хæлиудзыхæй дæ фæуагътон. Æхсæв уыди талынг. Кæд уарып раджы банцади, уæддæр ма уынгтæ уыдысты хуылыдз, цъыф. Машинæйы цырæгъты рухс- иу уыцы талынгæй фелвæста хæдзæртты урс къултæ, бæгънæг, хуылыдз бæлæсты. Хаттæп-хатт-иу фæзындысты иугай цæуджы- тæ æмæ та-иу саудалынджы æрбайсæфтысты. Машинæ цъы-ф уынджы дæр тагъд цыди, цæлхвæдты чъизн дои фæйнæрдæм калгæ. Æртæ лæджы исдугмæ ницы дзырдтой. Хъуыды кодтой, сæ балц тынг рæстмæ кæй нæ фæци, Хаджумар сæ рафæлив- ’бафæлив кæй фæкодта, ууыл. «Фæлæ Катя йæхæдæг уым цæ- уылнæ уыди? Ахæм хабары фæстæ йе ’рвадæлтæм ауадаид, уый зын бауырнæн у»,— хъуыды кодта Ислам. Афтæ хъуыды кодта Майрæм дæр. . Катя йе ’муд æрæгмæ æрцыди. Йæ зынаргъ уазджытæ тыргъы сæ цырыхъхъыты цъыф акалыны тыххæй сæ къæхтæ куы æрхостой, стæй куы ныхас кодтой, уæд сæ базыдта. Фæ- лæ йæ сæры магъзы хæццæ кодтой алы нывтæ, чысыл раздæр ыл цы бæллæхтæ сæмбæлди, уыдон ын схæццæ сты ныртæккæйы тыргъы уынæрт.имæ. Ныхъхъæр кæнын æй фæндыди, фæлæ 71
йæ бон нæ уыд. Тыхулæфтимæ-иу сирвæзти йæ хъæрзын. Цыма/ нын йæ риуыл уæззау къæйтæ ныффæлдæхтæуыди, уыйау йæ- бон фезмæлын дæр нæ уыд. Æрмæст дыккаг бон аходæныя сдзырдта йæ дзыхæй. :<* ® æ- «Уыцы гуымиры æмæ реакцион зæронд æгъдæуттæ ма уæд- дæр сæ куыст кæнынц кæмдæрты... Худинаг, худинаг!» — дзырдта йæхинымæры обкомы секретарь Хаджумары писмо кæсгæйæ. Блокноты сыфыл афыста дыууæ ныхасы æмæ йæ* секретармæ бадзырдта. Бацыди бæрзондгомау бурхил чызг. — Мæнæ ацы гæххæтт цæвæр къонверты æмæ йæ æвæстиа- тæй сæмбæлын кæн прокурорыл. Гæххæттыл фыст уыди: «Прокурору республики... Примите* срочные меры. О результатах следствия известите меня немед- ленпо». & & & Бирæ бонтæ анвгъуыдтой, Катяйы йс ’фсымæртæ йæ амондьг рухс бынатæй куы расайдтой, уæдæй, фæлæ йæ кæд арвнтдзы- сты, уын кой нæма кодтой. Уæдмæ чызг сфыдхуыз, йæ рæсугъд. цæстытæ сæ къуырфæнты бахаудысты, раздæры хуызæн сæ ху- дæнæнгас нал æрттывта... Катя хæргæ дæр нæ кодта, дзургæ^ дæр. Стæй кæимæ дзырдтаид? Хæдзармæ уазæг цæуæг нæ уы- ди, йæхæдæг та æддæмæ нæ каст. Сæ хæстæг,ус Бæтæгон æмæ сæхи Елхъаны ус Цæгæриан сæм-иу бауадысты. Уыцы дыууæ- усы йын æдзух дыдынбындзытау йæ хъусы дыв-дыв кодтон, ома: дæ худинаджы ном айхъуысти,1' кæйдæр лæппуйы фæдыл кæй: алыгъдтæ, уымæй, æмæ дæ, уынджьг чи фена, уыдон дæ тутимæ* иомхæссæн фæкæндзысты. Катя сыл не ’ууæндыд. Мадмæ æнхъæлмæ касти, кæд æп; срæвдз кæндзæн æмæ йæ кæд арвитдзæн, уымæ. Мад, æцæг цы- дæртæ архайдта. Боп-изæрмæ йæ къæбпцæй йæ сара æмæ хæ- дзары æхсæн хаста куы хор, куы ссад; нартхоры зад бафтыдта. Уыдæттæ иууылдæр уыдта чызг, фæлæ кæд сцæттæ уыдзысты?... Хаджумар та, Ислам æмæ Газаккæн дзуапп куы радта, уæх ацыди дард районмæ йæ службæйы фæдыл æмæ уæдæй фæстæ- мæ нал фæзынди. Ферох кодта, дзуапп радта, уый. Æрмæст æрæрвыста æртæ писмойы. Сегасы дæр мадмæ фыста: «Уыцьг чызджы рохтæ дæ къухтæй мауал суадз. Зæгъ ын, æмæ йæ исчи куы фæрса йæ хабарæй, уæд сын зæгъæд, скъæфгæ мæ акодтой, зæгъгæ»... Хаджумар æдас нæ уыд, обкомы секретармæ йæ пис- мойы цы мæнг ныхæстæ ныффыста, мæ хойы мын тыххæй ас- къæфтой æмæ йын фыдæбуалгъы митæ бакодтой, зæгъгæ, уыдон бæрæг кæндзысты, æмæ йын уæлæнгæйтты нæ ауайдзæн, Катяг 72
«сыл «о» куы нæ зæгъа, уæд. Æрæджиау фæсмон дæр кодта, йæ Ъ1æстыйы сахат ахæм писмо кой арвыста, ууыл... Æрæгвæззæг бацыд йе стыр фарны бонты. Адæм ма уыды- сты быдьГры куыстытыл хæст: къахтой картоф, райдыдтой нартхор тонын. Цопанон райсомæй ацыди куыроймæ — ссинæг- тæ аласта æмæ суанг фæссихормæ нæ фæзынди. Катя хæдзар бафснайдта æмæ æнкъардæй бадти рудзынджы цур. Иугай миты пихлæйттæ, кæрæдзи расур-басургæнгæйæ зилдух кодтой уæлдæфы. Лæхъир цъыф кæрты дыууæрдæм чиугæйæ тезъо кодтой бабызтæ æмæ чъизи дон фæрсыгътой сæ <ырх бырынчъытæй. Цæхæрадонырдыгæй хъуысти гогызты дзортт-дзортт. Кæддæр, Катя ма гыццыл чызг куы уыди, стæй, суанг куы рахъомыл ис, уæддæр бирæ уарзта уыцы хъæууон царды нывтæ æмæ уынæртæ. Уарзта сæ фидар æхгæд кæрт. Фæ- лæ ныр йæ сабийы, йæ чызгон бонтæ кæм арвыста, уыцы кæрт æм уазал зæппадзау кæсын райдыдта. «Циу ацы цард?.. Нæ фыдæлтæ цæрынæй хæрынмæ фу-фу фæкодтой ацы хифæрпыг- дзинадыл, æхсæв, бон нæ зонгæйæ самадтой ацы бæрзонд бы- рутæ. Æхсæвæй-бонæй йæм хастой алцыппæт æмæ зыр-зыр код- той сæ мулкыл. Мæ фыдыфыд та йæ бирæ æхцатæ ныгæнгæ ■бакодта, фæлæ куы марди, у.æд сæ йæ ихсыд дæндæгтæй ныг- гæбæзтæ ласта...» — Йæ сæры магъзы зилдух кæнынц ацы тар хъуыдытæ, дæлæ кæрты цы миты пихлæйттæ зилдух кæнынц, уыдонау. Бады æмæ кæсы Катя рудзынгæй, фæлæ рæстæгæй-рæстæгмæ адзæгъæл вæйнынц йæ хъуыдытæ æмæ уæд, кæрты цытæ ис, -уыдон нал фæуыны. Йæ зæрдæ, йæ хъуыдытæ йæ ахæссынц Уæлвæзы хъæумæ... Ахуыргæнæгæп кæм акуыста æмæ нæ амонд кæм ссардта... Йæ цæстытыл уайыиц йæ амонды царды нывтæ. Йæ цæсгом фæрухс вæййы, йæ мыдхуыз æрфгуытæ сæхи уæлæ- мæ спсынц, йæ къуырф цæстытæ бахудынц. Фæлæ та уайтагъд лтар вæййы йæ цæсгом, цыма ныртæккæ дæр хурмæ цы къæ- дзæх æрттывта, уый сау мигъ амбæрзта... Алы хуызтæй хъазаг уалдзæг æмæ æнкъард фæззæг раив- баив кæнынц сæ кæрæдзи йæ цæсгомыл. Мæнæ бидаркæйы фæ- цæуы Майрæмимæ... Фæззыгон бæлæстæ йын йæ размæ аппа- рынц сæ бур æмæ сырх сыфтæртæ... Мæнæ Майрæмимæ маши- нæйы фæуайынц Цъæх цады коммæ... Хъазынц, кæрæдзи расур- ’басур кæыыпц хъæды бæлæсты бынты, æмæ та йæ Майрæм фел- васы йæ хъæбысы... Мæнæ Исламы кæрты стыр хъазты кафынц •æмæ симынц Уæлвæзы хъæуы фæсивæд... О, йæ амонды рухс ^боптæ!.. Исламы хæдзары цы адджын рæстæг арвыста... Æмæ •цы фесты уыцы амонды бонтæ? Æрбадæлдзæх сты? Нæ, йæ зæрдæны арф æвæрæнты баззадысты сыгъдæг нывæфтыдæй... 73
Фæлæ йæ чи раппæрста йæ амонды бæрзондæй ацы уынгæг кæртмæ, ацы зæппадзмæ?!. Йæхионтæ..: йе ’фсымæр, йæ фыды- фсымæр, йæ мад!.. Цæмæи? Йæ барæвзæрсты къаимæ йæ амон- ды фæдыл кæй ацыди, уый тыххæй?.. Чидæр кæрты дуар æрбахоста. Катя фестъæлфыд. Фæпырх сты йæ хъуыдытæ, тарст сырддонцъиутæ бæласæй фæйнæрдæм. куыд атæхынц, афтæ. Сыстади Катя æмæ рауади тыргъмæ. — Кæм стут, кæ?!—дзырдæуы. — Чи дæ? — радзырдта Катя. — Æз дæн, æз. Байгом-ма кæнут уæ арвы дуæрттæ. — Æмæ чи дæ ды? — Катя рацыдн кæртмæ. — Æз дæн, æз — Сериффæ, хъæусоветæй. — Дуар æхгæд у. Дзыцца йæ сæхгæдта æмæ дæгъæл йемæ ахаста. — Æмæ йын цæмæй тæрсы? Абырджытæ уæм- куы нæ лæбу- рынц, миййаг! Æви йæ дзылаты рæсугъдæн аскъæфынæй тæр- сы? — азгъæлдта Сериффæ хъæдындзы халау даргъ ныхæстьг. хал æмæ ныххудти. — Цы дæ хъæуы? — радзырдта та Катя. — Мæн ницы хъæуы. Ды хъæуыс кæйдæр. Дæу агурынц. — Æмæ кæй хъæуын, чи мæ агуры? — Хъæусоветы дæ агурынц. — Мæн? Æмæ сæ цы хъæуы мæнæй? — Нæ зонын. Слестгæнæг æрцыди æмæ дæ уый агуры. Катя фыццаг афтæ \фенхъæлдта, кæд та хъæусоветæй истьг хъуыддаджы тыххæй дзурынц, фæлæ слестгæнæджы коймæ фæ- тарсти. «Цæмæн бахъуыдтæн слестгæнæджы... цы хабар уа?» — хъуыдытыл фæцп. — Цæй-ма, дæумæ кæсынц! — æрбайхъуысти та Сериффæйьг хъæлæс. — Дуар æхгæд у, кæуылты ацæуон? — Быруйы сæрты рахиз. — Уый та куыд? — Куыд вæййы, афтæ. Быру бидаркæйæ бæрзопддæр куы иæ- у,— ныккæл-кæл та кодта Сериффæ. Цавддурау джихай аззади Катя. Фидисау йæ хъуст’ы пыззы- ланг кодта бидаркæйы кой. Ницыуал загъта. Маст ын йæ хъуы|> ахгæдта. Стæй кæугæ фæстæмæ бацыди уатмæ. Сынтæгыл ныд- дæлгом æмæ йæ кæуынæй нал æнцад. Сериффæ бамбæрста, æнæууылд ныхас кæй загъта, уый. Иучысыл ма алæууыди кæр- ты дуармæ, æмæ фæстæмæ аздæхти хъæусоветмæ. Катя ма бирæ фæкуыдта. Цас фæцадаид афтæ дæлгоммæ- кæугæйæ, чи зоны, фæлæ та æрбанхъуысти кæрты дуары къуырцц-къуырцц. 74
\ Иу хатт, дыккаг хатт. Уæд сыстади. Иæ цæссыгтæ ныссæрф- та. Кæртмæ нал рацыди, фæлæ ракасти рудзынгæй æмæ ауыд- т\а,— иу æнæзонгæ сылгоймаг бахызти быруйы сæрты, нæ тар- ц\ьæх костюмы тæртты рыг ацагътачæмæ фæраст и тыргъмæ. Ка- тяйы рудзынгæй кæсгæ куы федта, уæд уаты дуар байгом код- та æмæ мидæмæ бацыди. Катя лæууыди джихæй. I — Уазæг нæ уадзут? — худгæйæ афарста сылгоймаг. Цы дзуапп ын раттаид Катя? Стæй йæм^ бипоныгдæр бакас- щ æмæ афтæ: ( — Æгас цу, уазæг.— Бандон ын æрæвæрдта.— Сбад. \— Бузныг, хорз чызг,— фæлмæн худт та бакодта уазæг сыл- тоимаг. 'Иæ пъартфел æрæвæрдта стъолыл. Йæ бахудт, йæ алы фæ- зылд, пæ бакаст уыдысты тынг зæрдæмæдзæугæ. Бæрзондгомау, .ирдцъар цæсгом, сау сæрыхъуынтæ, бæзджын æрфгуытæ æмæ стыр цæстытæ Катяйы зæрдæмæ фæцыдысты. — Базонæм кæрæдзи. Æз дæн Толаты Нинæ, республикæйы прокуратурæйы слестгæнæг,— загъта сылгоймаг уазæг, сбадти земæ та скасти Катямæ. Катя лæууыди æмæ джихæй кастис слестгæнæгмæ. Цымæ цы хъуыддаджы фæдыл æрцыдаид мæнмæ слестгæ- нæг, цы ракодтон, зæгъгæ, хъуыдыты фæдыл адзæгъæл. Дзуапп раттын хъæуы уаз&гæн, уый дæр дзы æрбайрох æмæ уæд базмæлыдысты йæ былтæ. — Тынг æхсызгон мын у. Æгайтма нæм æрбауадтæ,— фæлæ та’йæ уæддæр йæ ном зæгъын ферох ис. — ’Ды та, куыд æмбарып, афтæмæй дæ Тараты Катя? — Æз дæн уыцы хабедзен,— дзуапп радта æрæджиау Катя. — Гъемæ, дæ амонд бирæ уæд,— загъта уазæг æмæ æдзы- нæг ныккасти Катяйы цæсгоммæ. Хъуыды кодта: «Уындæй йæм фау æрхæссæн нæй ацы чызгмæ, фæлæ куыд зыны, афтæмæй бирæ æфхæрд баййæфта». Уæд стъолыл фæкомкоммæ рæсугъд æмæ лæппын чызджы хуызистмæ. Райста йæ, æркæстытæ йæм л<одта æмæ та Катямæ скасти. — Ай кæй къам у? — афарста йæ. — Мæн. — Кæды ист у? — Ауалдзæджы. — О-гъо,— бадис кодта уазæг.— Раст, цыма иу-фондз азы размæ ист у. Катя райста къам æмæ йæ къамодыл æрæвæрдта. -- Бахатыр кæн, Катя, афтæ. дæм кæй æрбацыдтæн, уый тыххæй. Тагъд кæнинаг хъуыддаджы фæдыл адæймаг канд бы- руйы сæрты нæ, фæлæ судзгæ цъынайы сæрты дæр агæпп кæн- 75
дзæн,— уыцы ныхæстимæ та фæлмæн бахудти Нинæ.— Сбад.л/ сбад æмæ дын цыбырæй зæгъоп, цæй тыххæй дæм æрбацыдтæн! уый. / Катя сбадти, фæлæ нæ хъуыды уæгъд нæ уагъта: «Цьг хъуыддаджы фæдыл, цæй тагъд кæнинаг хъуыддаг?..» / — Де ’фсымæр Хаджумар обкомы секретармæ ныффыста* писмо, мæ хойы,мын аскъæфтой, зæгъгæ... 1 Катяйы хъæлæсæй сирвæзти дис æмæ тарсты æваст хъа|р:. «Мæ бындурыл!» — æмæ джихæй баззади. [ — Де ’фсымæр Хаджумар уыцы писмойы фыссы, мæ хоиы скъæфджыты дзæмбытæй байстон... куы мæ ауыдта, уæд мыл йæхи æрбаппæрста, «о, ме ’фсымæр, мс ’фсымæр, мæ худинаг сын ма ныббар», зæгъгæ... ’ — Ой, — зæ’гъгæ, ныхъхъæрдзыдта Катя æмæ фестади. Йæ къухтæй йæ цæсгоммæ фæлæбурдта æмæ æддæдæр ауади. — Зæгъ-ма, Катя, æцæг у ацы хабар? Раст фыссы де ’фсы- мæр? Æцæг дæ аскъæфтой? — бафарста та слестгæнæг.— Бирæ- æфхæрдтытæ кæй баййæфтай, уый дæ цæсгомыл дæр бæрæг у... зæгъ мын æргомæй. Катя ницы дзырдта. Цъиусур цы уæрццы æрсуры, уыйау æдзæмæй лæууыди æмæ тыхулæфт кодта. Йæ хъуыдытæ йæ мастимæ сæмхæццæ сты. Цы зæгъа? Цы дзуапп радта, уымæн’ ницы зоны. Йе ’фсымæры æвирхъауы мæнгарддзинад, цæствæл- дахындзинад ын атар кодтой йæ хъуыдытæ. «Цæй тыххæй ба- кодта афтæ Хаджумар? Хæдзары, мыггаджы ном истæмæй фæчъизи кодтон, миййаг? Куы ницæмæй. Уæдæ цæмæн?..» Ацы хъуыдытæ йæ уæгъд нал уагътой, балбирæгътау ьиг лæбурдтой йæ сæры магъзмæ. Ныронг йæ мыггаджы, йæ хæдза- ры кад æмæ номы тыххæй цы ныхæстæ хъуыста бинонтæй дæр* æмæ мыггагæй дæр, уыцы кæнгæ кад æмæ фарны мæсыг сау хохау рафæлдæхт. — Цæмæн ныхъхъус дæ, Катя? Зæгъ, æфсæрмы ма кæн,— сдзырдта та слестгæнæг, фæлæ Катя хъуырдухæн кодта пæхи- мидæг. Мад, æфсымæр, æрвадæлтæ йын дыууæ къуырийы дæргъы фæдзырдтоп, зæгъгæ, дам, дæ исчи дæ хабарæй куы фæрса, уæд-иу ныллæуу, скъæфгæ мæ акодтой, зæгъгæ. Скъæфт, дам, кадджындæр у. Ныр мæнæ цæмæ рауадысты сæ уæлиау ныхæстæ... Бахъаст кодтой Майрæмыл, Газаккыл, Исламыл... «Скъæфт уыдтæн куы зæгъон, уæд уыдон æрцахсдзысты... нæ... нæ»,— хинымæр скарста Катя æмæ разылди Нинæйырдæм. — Де ’фсымæр зылын кæны Майрæмы, Газаччы æмæ Исла- мы, мæ хойæн тыхми...— йæ ныхас нал фæци слестгæнæг. Ная баурæдта йæхи Катя. — Ничи мæ аскъæфта!.. Мæхæдæг барвæндонæй ацыдтæк 76
Майрæмимæ... Уæдæмæ мæн мæ амонды хъæбысæй раскъæф- той ме ’фсымæр æмæ мæ фыдыфсымæр Елхъан...— Катя къа- !юды сæрæй райста йæ къам æмæ йæ æвдисы ,Нинæмæ.— Ацы ъамы куыд дæн, уымæй ма ноджы хæрзхуыздæр æмæ хъæл- зæгдæр уыдтæн дыууæ къуырийы размæ дæр, ме ’фсымæртæ [е скъæфæг кæй хонынц, уый хæдзары!.. Цæмæн?.. Цæмæн ныл- æууыдысты не ’хсæн, сау мигъ зæххæй хуры æхсæн куы ныл- æууа, уыйау?! — Хаджумар йæ писмопы ноджы фыссы, ЗАГС-ы дын дæ нъух тыххæй ныффыссын кодтой зæгъгæ... ! — Йæ цæсгом!.. Йæ цæсгом та*куыд бахъæцыди ахæм æвир- хкауы гæдыныхæстæ ныффыссын.. Уæлдайдæр обкомы секретар- л|æ!.. О ме ’фсымæр, ме фсымæр! — ныккуыдта Катя. Нинæ фестади, бауади Катямæ, йæ хъæбысы йæ æрбакодта. — Катя, Катя... кæугæ та цæуыл кæныс? Æз ардæм уыГг ткххæй не ’рцыдтæн æмæ дын дæ зæрдæ фæриссын кæнон... Кæугæ нæ... Сбад-ма, сбад, басабыр у, æмæ мын радзур, хабар азцæг куыд уыди, афтæ. Æз æрцыдтæн дæ хабæрттæ базонынмæ. К|æд дын исчи зæрдæниз скодта, æнæазымæй дæ кæд исчи баф- хрердта æмæ дын дæ цард, дæ амонд халы... кæд дын исчи дæ бартæ исы, уæд дын баххуыс кæнон, хо иу мадæй райгуыргæ хойæн куыд баххуыс кæны, афтæ. Сбад, мæнæ мæ фарсмæ сбад аемæ, хотæ сæ кæрæдзийæн сæ хабæрттæ куыд радзурынц, аф- тæ мын радзур. * Нинæ Катяйы йæ фарсмæ сбадын кодта, къухтыкæлмæрзæ- нæй йын асæрфта йæ цæссыг. , — Гъе, афтæ, уыййедтæмæ кæуын та... Нæ фыдгул фæуæд кæуинаг. Æрсабыр у. — Худинаг. Худинаг!.. Æдзæсгомдзинад! — сдзырдта Катя мæстæйсудзгæйæ. — Омæ цы ракодтай худинагæй, æдзæсгомдзинадæп? — Æз мæхи тыххæй нæ зæгъын... Ме ’фсымæр... Æдзæсгом " ми уый бакодта... Гæдыныхæстæ ныффыста обкомы секретармæ. — Гъемæ мын радзур, куыд уыди, цы уыди. Скъæфгæ дæ нæ акодтой? — Нæ дын куы загътон... Майрæмимæ рагæй уарзтам кæ- рæдзи... Бирæ минæвæрттæ нæм фервыста, фæлæ йын разыйы ныхас нæ радтой иæ бинонтæ... — Дæу нæ бафарстой? — Нæ бафарстой... Æндæрæн, кæй нæ уарзын, ахæм лæгæн мæ дæттынмæ хъавыдысты... Æмæ уæд ацыдтæн Майрæмимæ... Мæ,\и дунейы цæрæг адæмæй амондджындæр хуыдтон. Фæлæ мæм иубон фæзындысты Хаджумар æмæ Елхъан... Расайдтой мæ.„ Нæ мад, дам, дæ рæхджы йæхæдæг буцæй рарвитдзæн... 77
.•агуры, д’ам, дæ... йæхи, дам, мары... Мадæн фæтæригъæд код- тон æмæ сразы дæн... Дзыцца аххосджыи нæу. Уый йæ нæ зыд- та... Нæ сын бафæдзæхста мæн ракæнын... Ката куыдфæстæмæ бынтон æрсабыр æмæ хабæрттæ куыд уыдысты, афтæмæй радзырдта кæрæй-кæронмæ. Нин-æ йын фыста йæ ныхæстæ, стæй ма Катя комкоммæ бакасти слестгæ! нæдаш цæсгоммæ æмæ бафтыдта йæ ныхæстыл: / — Гъер дын хабæрттæ иууылдæр радзырдтон, куыд уыды- сгы, афтæ. Фæлæ дæ курын — аскъуыдтæ кæн ме ’фсымæры ;писмо, æмæ йæ ферох кæнæм. I — Хорз, хорз, Катя, фæлæ дарддæр та, дардæр? Кæд Май- рæмы бирæ уарзыс, кæд уæ амонд иумæ у, зæгъыс, уæд дæ йё- мæ цæрын нæ хъæуы? I — Уарзын æй... Мæхи удæй йæ фылдæр, уарзын...— æфсæрм- тсуызæн дзуапп радта Катя пъолмæ кæсгæйæ. Йæ цæсгомыл .абадтн æхсызгондзинады нысан æмæ сабырæй бафтыдтй: —Стæй ныр мæ мой у... Рæхджы та иумæ уыдзыстæм... Дзыцца Л1æ арвитдзæн... Цæттæ кæны... Бæгæныпæн зад бафтыдта, абон арахъхъагæн дыууæ голладжы нартхор аласта куыроймæ... Нь|р дæр ма уым ис... Тагъд сцæттæ уыдзысты, æмæ мæ уæд арвиг- дзæн... — Уый æцæг у? — Æцæг у,.мæнмæ гæсгæйæ. — Æууæндыс сыл? Нæ дæ фæсайдзысты? — Æууæндын. Дзыцца мæ нæ фæсайдзæн. — Катя, фæлтау дæ раздæры, дæ амонды фæндагыл куы нæуис... Уæндон ми бакодтай, дæ амонды фæндагыл ацыдтæ -æмæ йыл куы цæуис дарддæр, уæд дын хуыздæр уаид. Ды дæ уарзон лæгимæ ацыдтæ, амондджынæп ацардтæ йемæ, фæлæ дæ расайдтой де ’фсымæртæ, дæ амонд дын фехæлдтой... уæвгæ, хæлд нæма у, фæлæ дын æй æцæг куы фехалой, уымæй тæрсын. Куыд дæм кæсын, афтæмæй уæлæууæнк адæймаг дæ, æмæ та .дыл сайд куы ’рцæуа... — Нал æрцæудзæн... — Охх, Катя, æз дæуæй хистæр дæн, фылдæр федтон, стæн •мæ куыст дæр ахæм у... ’Иугæр чызгæн йæ амонды хъуыддаг афтæ куы сызмæитынц, уæд дзы фæстæмæ кæсын нал хъæуы. Уæд размæ цу... фæстæмæ фæкæс-фæкæс куы кæнай, уæд дард нæ ахæццæ уыдзынæ. Дæ разæй фæуыдзысты де знæгтæ æмæ та дын дæ фæндаг æрæхгæндзысты... Де знæгтæ, зæгъгæ, кæй зæгъын, ууыл дис ма фæкæн... де ’фсымæртæн нæ зæгъын... Сæ хо æнамонд фæуа, уый, чи зоны, уыдон дæр нæ фæнды. Фæлæ уыдрнæй бирæтæ æндæр зондыл, æндæр ■æгъдæуттыл хæст вæй- йынц. Нæ бирæ хорз æгъдæутты æхсæн ма ис, ныртæккæйы 78
царды чи нал бæззы, фыдбылыз æмæ æнамонддзинад хæссæг \чи сси, ахæм гуымиры æгъдæуттæ дæр. Уыцы гуымиры æгъ- пæуттыл хæст ма чи у, ахæм адæм дæр ма бирæ ис не ’хсæн. Иутæ ма сыл хæцыпц сæ талынгдзинадмæ гæсгæ, иннæта}' та дзы пайда кæй арынц, уый тыххæй..! \ Катя. Нинæиы ныхæстæм хъусгæйæ, гуырысхо нал кодта„ тЬгъд фæстæмæ Майрæммæ кæй ацæудзæи, ууыл. Нинæ йæм крсти комкоммæ; дзырдта, фæлæ йæм хъуыды февзæрд: — «Æм- бвры мæ, цымæ, кæронмæ? Æгæр нæ баууæндыди йе ’фсымæр- ткл?» — хъуыды хъуыдыйы раивта. ] Нинæ ныуулæфыди, стæн бакасти Катямæ æмæ пыи ком- кфммæ афтæ: — Ныртæккæ машинæй.ы горæтмæ цæуын. Кæд дæ фæидыг уæд дæ схæццæ кæндзынæн Уæлвæзы хъæумæ... дæ ног хæдзар- мæ... 'Кæд нæ, уæд та -Исламы хæдзармæ. Цæуыс? I Катя ахъуыды кодта, йæ мад та йæ зæрдыл æрлæууыдн æмæ йæ сæр батылдта, «нæ», зæгъгæ. Уæддæр æй Иинæ ууыл н|е пыууагъта. / — Охх, Катя, ма баууæнд, цытæ дыи дзурынц æмæ цытæ уыныс, уыдоныл. Ахæм хъуыддаджы адæм цыдæриддæр бакæн- двысты. Дæ амонды фæндагыл ацыды хабæрттæ зыгъуыммæ- аготæ рафæлдахын чи зоны, уыдон ницæуыл бацауæрддзысты.. Хаджумар йæ писмойы цы хабæрттæ фыста скъæфтытæ1' ’ æмæ æндæрты тыххæй, уыдон иууылдæр мæпг кæн разындысты, уымæ гæсгæ Нинæйы Ислам æмæ Газакмæ цæуын нал хъуыди,. ф|елæ ма уæддæр й-æ зæрдæ æхсайдта Катяйы дарддæры цард-, м?æ æмæ йын баххуыс кæныны фæнд скодта. Уырнгæ дæр æй’ крдта, Катяйы Майрæммæ цæуын кæй фæнды, уый æмæ та йæм’ биздæхти: | — Нæ фæлæ ныддæлæ-уæлæ кæн, Катя, æмæ дæ æз схæццæ’ к’æнон Майрæммæ. И? — афарста Нинæ æмæ йæ пъартфел оиста. [ Катя джихæй лæууыди æмæ ницы дзырдта. Разы уыд ахæм дзæбæх сылгоймагимæ йæ уарзон лæджы хæдзармæ фæцæуы- йыл. Тынг æй фæндыдис, фæлæ та уайтагъд йæ мад йæ зæрдыл æрбалæууыд. «Дзыцца тухитæ кæны иунæгæп, цæттæ кæньг мæн арвитынмæ, æмæ йæ афтæмæй куы ныууадзоп, уæд та кæу- рзæни». I — Цæй, уæдæ дæ хъуыддаг дæхи фæндиаг уæд,— загъта- (Нинæ æмæ рацыди. Катя — пæ фæдыл. Иу хатт ма йæм къухæй •ацамыдта Нинæ, «цом», зæгъгæ, фæлæ Катя разыйы дзуапп куьг ^нæрадта, уæд та быруй.ы сæрты ахызти æмæ фæаууон. | Стыр æхгæд кæрты Катя нунæгæй куы аззади, уæд та скатай. 'Стæй йæм цыма ныфс фæзынди, афтæ рацæпуадн Нинæйы фæ- 7»
дыл, фæлæ кæрты дуары хъæр фæцыди. Сагъдауæй аззади чызг. / Бацыди Цопанон. Катя ма акасти слестгæнæджы фæдыл/ стæй æнкъардæй баздæхти йæ мады фæдыл. / » & æ Рæстæг цыди. Аивгъуыдта фæззæг. Быдыртæ фæгæмæх ст^, бæлæстæ сбæгънæг сты. Хæххон хизæнтæй æрыздæхтысты фы восы дзугтæ, хъомрæгъæуттæ. Ныллæууыди зымæг, фæлæ лп| нæма рауарыд. Уæлвæзы хъæуы колхозонтæ ацыдысты Цъæх цады коммЬ. Цъæх цады æпæсæлгæ доныл æртæ колхозы арæзтой электрФн станцæ, стæй уыцы сыгъдæг дон хæтæлтыл уагътой сæ хъæутæм. Уым хъуыди бирæ кусæг адæм. I Электрон станцæйæн йæ къултæ — амад. Æмбæрзтой йын йæ сæр. Уыцы ахсджиаг куыст бакодтой Майрæмы бригады бæрны. Майрæм рæстæг иæ хынцгæйæ куыста йæ бригадимæ. Фæ- лæ-иу алы изæр дæр цыди хъæумæ. Р1æ зæрдæйы катайæ йаам фæлæууын нæ цыди комы. Æдзухдæр æнхъæлмæ касти Таратты дзуапмæ. Изæрыгон-иу сæхимæ куы ’рхæццæ, уæд-иу фыццп- джыдæр афарста Зæирæйы: «Гъы, пицыма хабар ис?» «Нæйр, зæгъгæ, йын-иу дзуапп куы радта йæ хо, уæд-иу джихæй аззади, стæй та-иу азгъордта Газакмæ. Суанг ма-иу æй æнафоны дæр райхъал кодта. Газакк дæр ын цæмæй барухс кодтаид йæ зэе|р- дæ... Æмæ та-иу уæд æнкъардæй сæхимæ рацыд. Йæ уазал хуыссæны-иу ныххуыссыд, химидæг æрдиаггæнгæ. Райсомæй та-ну уæззау зæрдæимæ ацыди йæ куыстмæ. I Таратнмæ фидыд кæй нæ уыди, знаджы цæстæй йæм кæй кастысты, уымæ гæсгæ сæм цæугæ дæр нæ кодта. Уæвгæ^та йæ фæндыдис. Тынг бæллыди кайысты хæдзармæ æнæзæрдæхудтааи бацæуын, Катяйы фенын, фæлæ йын амал нæ уыд. Дыууæ хатты цæугæ дæр ныккодта Дæлвæзы хъæумæ, йæхи хæстæджытæм,- кæд исты амалæп Катяйы фенин, зæгъгæ, фæлæ-иу йæ фæндои фæсыкк. Хæстæджытæ йын дыууæ хатты зæрдæ бавæрдтой, Ца- панон йæхи цæттæ кæны чызг арвитынмæ, зæгъгæ. Фæлæ кæд- мæ?.. Чи зоны, цы хъуыддагмæ цæттæ кæны, цы йæ зæрды ис?.. Иухатт Катяйы æмбал, ахуыргæнæг Дзерассæ, цыди Дæл вæзы хъæумæ. Майрæм ын ныллæгъстæ кодта, Катяйы-иу æн фенгæ ма фæу, зæгъгæ. Сæ ныхас сын фехъуыста Майрæмй бригады шофыр. Уый бавдæлд æмæ йæхи куыстæн ракуырдта! Дзерассæ сæ кæртæй куыддæр рахызти, афтæ машинæйыл йа^ цуры февзæрд. 80
иэз ны сы — Бæлццонхуыз дæ, Дзерассæ... Кæдæм рараст дæ? — афар- {та йæ, цыма, чызг кæдæм цæуы, уый нæ зыдта. — Дæлвæзы хъæумæ мæ ныууайын хъæуы,— дзуапп ын ^дта Дзерассæ æмæ йæ мидбылты бахудти.— Бимболаты фе- нрн мæ зæрды уыдис... — О-о, уæдæ æз дæр уырдæм куы цæуын!.. Донуадзæн хæ- т&лтæ мæ ласын хъæуы уырдыгæй,— æрбаймысыд лæппу, цæ- мæй Дзерассæйы йæ фарсмæ сбадын кæна, уый тыххæй.— Сфад,— радзырдта кабинæйæ. Дзерассæйы нæ хаста пæ къах: фыдуаг у Бимболат. «Цытæ зæрды æрæфтдзæн, цæмæты йæ ныфс бахæсдзæн, чи зо- ?»...—дзырдта йæм хъуыды. Фæлæ уæдмæ Бимболат каби- щйæ рагæпп кодта æмæ чызджы цур алæууыди. — Цом, Дзерассæ. Æз дæ ныххæццæ кæндзынæн. — Ацу, стæ. Æз уæртæ стыр фæндагмæ цæуын. Уым автобу- абаддзынæн. — Æмæ ма уырдæм та цы цæуыс? Стæй автобус уыдзæн ’æ нæ уыдзæн, кæд уыдзæи?.. Уæдмæ фæндагыл лæудзынæ? Сткй ма дæ автобус цæмæн хъæуы? Хетæджы Уастырджийы- стæн, æз дæ ацы машинæпыл раст Мæскуыйы дæр’ балæууын кэандзынæн,— дзырдта лæппу, Дзерассæйы цæстытæм комком-, мæ кæсгæйæ. [Уынджы цæуджытæ сæм кæсынтыл фесты. Хъæубæстæ зыд- тон, ацы чызг æмæ лæппу кæрæдзимæ рувас æмæ зыгъарæгæй уæрдай кæй не сты, уый. «Худинаг мæ кæндзæн ацы æрра, фæл- тау сбадои йæ машинæйы ардыгæй стыр фæндагмæ»,— загъта хинымæр Дзерассæ æмæ баздæхи машинæйы гуыффæйырдæм. |— Уырдæм нæ. Уым дын уазал уыдзæн. Мæнæ кабинæмæ Тэацу,— дзырдта Бимболат, фæлæ уæдмæ Дзерассæ гуыффæмæ сгæпп ласта. I— Скъæргæ... Уæртæ стыр фæндагмæ цæуын, стæй уым ра- хиздзынæн. — Гуыффæйы? Уый та куыд?.. Рахиз кабинæмæ,— дзырдта .лæппу, пæ цъæх цæстытæ, фиумæ кæсæгау, Дзерассæмæ ныд- да|ргæйæ. — Цæй, цæй, скъæргæ. Кæннод ахиздзынæн,— мæстыхуызæй уапп радта Дзерассæ. Бимболат йæ сæр батылдта: у-у, цъæх бирæгъ!..—Разылдта [ишшæ æмæ йæ уынгты ауагъта. Кæрчытæ, хъазтæ æмæ гогыз- фæйнæрдæм тахтысты. Бæстæ хъуыдатт æмæ дзортт-дзортт сс!и. Сыхы устытæ уынгмæ рауадысты. / — Дæ бæрзæй дзы ныссæттæд, кæд фæдисонау кæдæм тæ- хыс! . — Бнмболаты йедтæмæ та афтæ чи тæхдзæн?— зæгъы иннæ. б/Хæхгы 81
Машинæ фæаууон. Устытæ баздæхтысты сæ* хæдзæрттæм. Бимболат хъæуы фале фæци. Фæцæйхæццæ кодта стыр фæн дагмæ, фæлæ комкоммæ нал: фæцарæзта машинæг зæронд фæн дагыл æмæ тæхы. Дзерæссæ кабинæйы сæр æрхоста, машннæйи тахт фæсабырдæр, стæй ныллæууыди дæлвæзы. Бимболат р( гæпп ласта. — Цы хабар у, цъæх бирæгъ?— худгæйæ дзуры чызгм фæлæ йæ худын йæ былтыл асалди. Дзерассæйы цæсгом уы тымыгъ бонау тызмæг. Йæ дынджыр сау цæстытæ бæздж æрфгуыты бынæй цæхæртæ калдтоп. ■ I — Кæдæм скъæрыс машинæ?.. Стыр фæндагмæ цæуынлæ бацыдтæ? | % — Фæлæуу-ма, цæуыл смæсты дæ?.. Иæ дыл фидауы..!— Хъазæн ныхæстæ кæныныл архайдта Бимболат, фæлæ йæм Дйе- рассæ уыцы тызмæгæй куы ныккомкоммæ, уæд йæ ныфс асаагп. Æнæхудгæйæ дзуры: , I — Ацы фæндаг хæстæгдæр у ног фæндагæй... Мæн та мæ |нæ гы- ти. ъд фæстæмæ раздæхын хъæуы... кусджытæ æнхъæлмæ кæсдкы сты...— Бимболат йæхи æнæазым уæрыккау акодта, стæй|та Дзерассæйæн иыллæгдæр хъæлæсæй афтæ: — Æрхиз дæлæмæ... Уым уазал у... Мæнæ мæ фарсмæ сба^. Бирæгъ нæ дæн... цæмæй мæ тæрсыс?.. Æз дæ уарзын... Ды пæ уарзыс... æмæ цы гæнæн ис?.. Адæймаг адæймаджы куы уарза, уæд ын тыххæй хи бауарзын гæнæн нæй... Ныххæцд^ы- нæн мæ уарзондзинады хурхыл... Нæй æмæ, нæй. — Охх, тæхуды, ссардта мын бынат уарзондзинады ных|рс- тæ кæнынæн...— æрдзырдта Дзерассæ. Йæ цæсгом афтæ мæс’ хуыз нал уыди. Чысыл, зына-нæзына мидбылты дæр баху^ Сабыргай йыл æууæндын байдыдта. Уарзондзинадæн кæмдæриддæр зæгъæн ис... Рахиз... С1^а- зал уыдзынæ... Цæй, мауал фæстиат кæиæм... Ныртæккæ стыр фæндагмæ баздæхдзыстæм... — Хорз, æууæндын дыл... Дæхи бынтондæр куы ныммæгуыр- хуыз кодтай.—Дзерассæ машинæйы гуыффæйæ иæ къух <^Р" дардта. Бимболат æм фæлæбурдта. Чызджы йæ хъæбысы æр та. Фæлæбурдта йын йæ уадултæн, йæ дæллагхъуыртæн пт) тæ кæнынмæ, фæлæ... дæ фыдгулыл дын ахæм гæрæхтæ с> йæнт! Дзерассæ йæ йæхицæй асхуыста. Къухтæ дард фæхас| æмæ йын йæ уадултæ дыууæрдæм ныггæрæхтæ ласта.. Бимболат æддæдæр агæпп кодта, фæлæ йæ къах дзыхъх^ы фæсагъди æмæ уæлгоммæ ахауди. Стайау æм багæпп кодта Дзерассæ, пæ туфлийы фындзæй йæ сриуыгъынмæ хъавыдн, фæ- лæ цæуылдæр ахъуыды кодта... — Сыст уæлæмæ! — бахъæр æм кодта худгæйæ,— гъер Цæ- 1С~ а- а- а 82 \
Мзæдыл сæпп-сæпп кæн хæтæлтæ ласынмæ! — дзуры йæм, йæхæ- лæг бахызти кабинæмæ, мотор скусын кодта, æмæ машинæ ныб- ш>шдз. Чысыл ауади, стæй дзыхъхъытæ æмæ губаччытыл дыу- уæрдæм хъеллæуттæгæнгæ стыр фæндагмæ фæраст и. I Æрмæст фæндагмæ куы фæцæйхæццæ кодта, уæд æн бай- йæфта Бимболат. Тыхамæлттæй ма сбырыди гуыффæмæ. Бадæн фæпнæгыл йæхи æруагъта æмæ йæ уадултæ ар.мытъæпæнтæй сæрфы; Фæндагыл цæуæг нæ уыди. Дзерассæ ноджы тагъддæр аскъæрдта машинæйы. \Уайтагъд ныхæццæ сты Дæлвæзы хъæумæ. «Хъæугæрон уæпдæр куы бауромид... худинаг æмæ амæлæт»,— хъуыды кæ- ны! Бнмболат. Фæлæ кæм! Машииæ хъæуы уынгты дæлæмæ аф ррдæг. Адæм кæсынц æмæ — машииæ скъæры чызг, нæ шо- фью та уæле, гуыффæйы бады. — Афтæ дæр вæййы, æвæццæгæн. 1Дзерассæ машинæ баурæдта нæ фысымты дуармæ. Рахызтн кафшæйæ. Уæдмæ кæртæй рацыди Дзерассæйы мадыфсымæр. !— Ахуыргæпæг, .мæ хæрæфырт, шофырæй куы агæпп лас- таш — хъазгæмхасæн дзуры. — Нæ. Мæнæ ацы лæппуйы нæ уырныдта, æз машинæ скъæ- рын зонын, уый,— иыххудти Дзерассæ, стæй, цæмæй Бимбола- ты бынтон ма ныххудинаг ’кæна, уын тыххæй разылди æмæ йæм фæрмæнæп дзуры: — Бпмболат... рахпз. Хорз кусы дæ машинæ. Изæрырдæм-иу ауылты рацу. Æз дæр нæхимæ здæх^дзынæн. Иумæ ацæудзы- стæм. Æрбацæудзынæ?.. .Сырх-сырхид афæлдæхтысты Бимболаты уадултæ. Ницы дзь1рдта. ^ — Хъусыс, æнхъæлмæ дæм кæсдзынæн. Ныр цæугæ æндон хæтæлтæ ласынмæ! — у’ыцы иыхæстимæ Дзерассæ нæ мадыфсы- мæримæ кæртмæ бацыди. 'Бпмболат, цыма пæ тасаг бæрз уисæй фæнадæуыди, афтæ- мæй лæууыди машинæпы гуыффæйы цур. Ницы та сдзырдта. Ныр чызг йæ фысымтæм куы бацыди, уæд багæпп ласта каби- нæмæ æмæ афардæг. Цæуылты хъуыды кодта, чи зоны... &&& I Фæссихор уыдаид, афтæ Дзерассæ Тараты хæдзармæ ныц- •цьЛдн. Кæрты чысыл дуар гом уыд. Бахызти кæртмæ. Сарайы ар(фы Цопанон бадти арахъхъуадзæн гарзы фарсмæ æмæ су- джы схъисæй сдыдта бæлæгъы дон. Бæстæ иууылдæр фæздæг сси, раст цыма бæзджын цъæх.мигъ æрбадти, афтæ. I Катя та суг саста. Дзерассæйы куы ауыдта, уæд фæрæт къо- / 83
дахыл æрсагъта æмæ цингæнгæйæ разгъордта йæ размæ: Ныхъу хъæбыс ын кодта. ’ / — Уæ бонтæ хорз! — салам радта Дзерассæ. / — Æгас цу, мæ хур, æгас,- æмæ дыл амондджын бонтæ цæ- уæд,— раарфæ йын кодта зæронд ус. / — Дзыцца, Тулдзаты Дзерассæ дæр нæ ахуыргæнæг у... л|æ- хуыздæр æмбал. 1 — Гъемæ мæ уд йæ рынтæ ахæрæд æмæ хорз амонд йæ хай, кæд æй нæма ссардта, уæд! — загъта Цопанон æмæ Катяяæ- бакасти.— Акæи æй уатмæ, мæ хур, ам фæздæджы йæ цæсты/гæ’ фæрисдзысты. I Дыууæ чызджы бацыдысты уатмæ. / — Гъы, Дзерассæ, цы хабæрттæ ис Уæлвæзы хъæуы, иæд: æруадтæ? — афарста Катя. \ Дзерассæ йын цыбырæй радзырдта хъæуы скъолайы хабæрт- тæ. Радзырдта, Бимболатимæ куыд æрцыд, уый дæр. Дыууæ- чызджы тынг æхсызгонæй фæхудтысты. / Уыцы хабæрттæ куы фесты, уæд Дзерассæ комкоммæ нык- касти Катяйы цæсгоммæ. — Катя, хабæрттæ хабæрттæ сты, фæлæ уый цы хуызæн: одæ? Цыма дын дæ базыртæ алыг чынди... Дæхи хуызæн- куы- нæуал дæ. [ Катяйы цæсгомыл æнкъарддзинады уылæнтæ раивылдыаты., — Базыртæ!..— Арф ныуулæфыд æмæ зæгъы Катя.— Бæдгæ,, куы мыл уыдаид базыртæ. *' — Бæгуыдæр уыдтæ базырджь>ш... Хъуыды ма кæныс, ’фа- рон уалдзæджы Цъæх цады комы нæ ахуыргæнинæгтимæ з|кс- курсийы куы уыдыстæм, уый? Уæд мæм афтæ касти, цыма ^ыл^ базыртæ базади. — Мæнмæ дæр афтæ касти, фæлæ уый æрмæст кæсгæ афтæ* кодта... Базырджын мæнæ ды дæ, ды хъæбатыр адæпмаг, фидар- зæрдæ дæ... тыхджыи æмæ ныфсджын... Зонын æй: уыцы нцфс æмæ хъæбатырдзинад дын фæскомцæдис радта, фæскомцæдисг дæ скодта базырджын. Æз та мæ мад æмæ ме ’фсымæры ком- мæ бакастæн. Уыдон нæ фæндыди, æз фæскомцæдисмæ бацæ- уон, уый. Мæхи цы фæндыд, уый нæ, фæлæ уыдон цы фæндыд, уый бакодтон... Базыртæ мын куы уыдаид, уæд мæхæдæг агуырдтаин мæхицæн фæндæгтæ... фæлæ пицы кæны... Мæнæ* фæстæмæ ссæудзынæн Майрæммæ æмæ уæд бацæудзынæн фаэс- комцæдисмæ. ( Дзерассæ бахудти: 1 — Фæскомцæдисмæ дын байрæджы. Ныр дæ партимæ ц’^е- уын хъæуы. ^ — Æмæ мæн партимæ айсдзысты? ! 84 I
— Цæуылнæ дæ хъуамæ айсой? Мæн куы айстой... — Уый ды дæ—Тулдзаты Дзерассæ... Активон фæском- щæдисон... \ — Дæу дæр айсдзысты... Уый хорз, фæлæ дарддæр та цьь дæ зæрды ис, куыд цæрынмæ хъавыс? Æви нал уарзыс Майрæ- гаы, æмæ дзы... < I — Ой, Дзерассæ! Цытæ дзурыс!.. Кæд цæрын, уæд уый тых- феп куы цæрын, уый цæра куы кæнын... 1 — Омæ уæдæ уый куыд у, уый? Уый уым арвмæ дзыназы, квтай кæны, ды та ам сагъæс æмæ катай кæныс... АзауæмæТай- мкфазау. Уый — Урс Туалты, ды — хиуæгты фæсхохы... Ардæм- куы цыдтæн, уæд мæм æрбауади. Лæгъстæ мын кодта: фен, дам- пу, Катяйы... гъæйда-гъа!.. Ногæй та цæссыгтæ... Катя... Катя! | — О, Дзерассæ, мæ зæрдæ цы у, уымæй иууылдæр йемæ ис... Цæу мæ бон æнæ Майрæм цæрын...— Катя кæугæйæ йæ сæр Дзерассæйы риуыл авæрдта, стæй та скасти æмæ йæ кæуын тыххæй уромгæйæ бафарста: — Дзерассæ... Дзерассæ!.. Мæсты мæм нæ кæны... кæй ра- цыдтæн, уый тыххæй? — афарста йæ йæ цæссыгтæ сæрфгæйæ. — Дæумæ та цæмæн хъуамæ мæсты кæна. Кæмæ ,мæсты кæны, уый дæхæдæг зоныс. Дæу чи расайдта, уыдонмæ — де ’фсымæртæм... Цæй, мæстытæй æмæ цæссыгтæй пайда иæй... ’Майрæм <мын лæгъстæ кодта, бауай, дам, сæм, базон, сæ дзыр- дæи хнцау сты, цæттæ кæнынц, дæу рарвитынмæ æви нæ? Катя æвæстиатæй дзуапп радта: — Зæгъ ын-иу, Дзерассæ, бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ, зæгъг нал хъæуы. Дзыцца загъта... цæттæ кæны, æмæ рæхджы ацæу- дзынæн. — Охх, Катя, цас фæразын дæ бон у! Æз дæ бынаты афон- мæ ныкъкъуырдтаин æмæ афардæг уыдаин. Кæдæннырмæ цæт- тæ кæнынц?! Цалынмæ уыдон сæхи цæгтæ кæной, уæдмæ стæг- дар фестдзынæ, бахус уыдзынæ. Бакæс-ма дæхимæ!.. Уалдзыгон фæткъуы бæласау уыдтæ æмæ фæззыгон хæрис фестадтæ. — Мæнæ куы ацæуон, мæ зæрдæйы рыст куы æрæнцана, уæд та кæд... — Нæ зонын, æз сæм куыд кæсын, афтæмæй дæ тагъд ауа- дзой. Дæхæдæг сыл æууæндыс? Уырны дæ, тагъд дæ арвитдзы- сты, уый? — О, Дзыцца загъта, дыууæ къуырийы, дам, ма... — Ноджыдæр ма дыууæ къуырийы! Диссаджы фæразон дæ!.. Нæ ахуыргæндж’ытæ дæр дыл дис кæнынц, куыд фæразы, зæгъгæ. Уыдон дæр мын бафæдзæхстой, æнæфенгæ, дам, æй ма фæу. Саламтæ, дам, ын-иу ратт. Фæстæмæ, дам, йæ ахуыргæнæ- джы куыстмæ тагъддæр рацæуæд. 85«
— Ахх, Дзерассæ, цæй ахуыргæнæг ис мæн хуызæн æнæ- ныфс, лæмæгъ адæймагæй?! I — Ныууадз мæнæ ацы раххе-баххетæ, фæстæмæ афардæг/ у æмæ уыдзынæ ныфсджын æмæ тыхджын. - ( — Æмæ уæд дзыцца та? Куыд æй ныууадзон? Уый мæн тыххæй цæттæтæ, тухитæ куы кæны, уæд æй куыд фæуадзои æмæ куыд ацæуон? Кæудзæн æмæ та кæудзæн...' 1 — Цæй, фæуæд. Дывыдон арты судзыс æмæ дын цы бачын1 дæуа. Бæргæ дын тæригъæд кæнын, фæлæ...— Дзерассæ ныхъ- хъæбыс кодта Катяйæн.—Хорз, Майрæмæи зæгъдзынæн:4 сæхи цæттæ кæнынц, арахъхъ скъæрынц, фыстæ хæссынц, сæ чызджы æрвитдзысты, æгас Иры лæгты хоцдзысты, бафæраз ма. 1 Дыууæ чызджы кæртмæ рацыдысты. I Цопанон архайдта арты фарсмæ. Агуайæн байдзаг пс арах^ь- хъæй, æмæ нæ иуварс айста. Арт ныххуыссыи кодта, фæл]æ аджы сæр нæма систа. Æрдæгсыгъд æхсидæвтæ .пиллон уагъ- той, æмæ сыл дон калдта. Гъеуыцы архæйдтытæ куыд кодта, афтæмæй йæ райпæфтой Дзерассæ æмæ Катя. — Охх, цас тухи кæнут ацы арахъхъытæ уадзыныл! — ’зæр- дæбынæй бафиппайдта Дзерассæ. Цопанон йæ фæдджнйæ йæ цæстытæ асæрфта æмæ сæм разылди. — Цы гæнæн ис, мæ хур,—æгъдау, афтæ амоны, æмæ йæ кæнæм. А чызджы æрвитынмæ бацæттæ кæнын хъæуы. Адæм куы æрæмбырд уой, уæд сæ афтид фынгтыл куыд æрбадын кæндзыстæм. — Æмæ йæ кæд æрвитыс, кæд. Цопанон? Бахус, знаг амæ- ла, дæ чызг. Цас ма йæ даринаг стут уæ хæдзары? Катя цы уыди, уымæй иууылдæр хъустæ фестади. — Æмæ кæдæм фæдис кæны! Ныры фæсивæд! Сыгъд уыл макуы ссæуа, хи хæдзарæй апæррæст кæнынмæ гæппæввонгæп лæуут, кæдæм æмæ кæй фæдыл, уып нæ фæзопут, афтæмæп.— Цопанон судзгæ æхсидæвты йæ къахæй иуварс асхуыста. — Нæ, Цопанон, мах дæр бынтон былæй ма аппар, ма. Пæррæст кæнын афон куы æрцæуа, уæд уымæ дæр сарæхсдзы- стæм. Æрмæст халоны фæдыл нæ, фæлæ цæргæсы фæдыл,— загъта Дзерассæ æмæ хъæрæй ныххудти; стæп та уыцы худ- гæйæ иоджы: — Дæхи тæригъæдджын ма кæн, Цопанои. Дæ чызджы йæ амонды сæрæй раппæрстай æмæ йæ дæ хæдзары дарыс ахст бæлоиау. Ауадз æй фæстæмæ, æмæ дын амондджы- нæй цæра. Бакæс-ма йæм, уæлхъæдæй куы бахус и, царм æмæ стджытæ йедтæмæ дзы куы ницыуал ис. Дыццæджы базары дæр дын æй нпчиуал балхæндзæн,—ныккæл-кæл та кодта чызг. 8«
«Цы къæйпых чызг у»,—хннымæр афтæ Цопаиои; Дзерас- 5æйæн та: — Мах рæстæджы чызджытæ моймæ афтæ нæ хæлоф код- рй. , у,У | -^- Кæддæр бирæ цыдæртæ уыди, фæлæ уыдон ныр нал бæз- зынц, нал, Цопапон... Кæйдæр загъдау, уыцы облигаци нал хъазы. — О, гæркъæраг фсстай, мæнæ чызг!.. Ныры чызджытæ, Къу- балты æвдакаттæ дæр уæ нæ басæтдзысты., Къубалты æвдакаттæ чи уыдысты, цæмæй фесгуыхтысты æмæ кæд, уый Дзерассæ нæ зыдта, фæлæ сæ уæддæр’ цыма зо- ны, уыйау афтæ: — Къубалты æвдакаттæн æнцон дзурæн уыди, уымæн æмæ- кæимæ дзырдтой, уыдонæн сæ фылдæр æиахуыргонд уыдысты... Ныр та... Цæй, Къубалты æвдакаттæн сæ къубæлттæ слыстæг сты, фæлæ уæддæр кæд арвитинаг дæ Катяйы? — нал æмæ нал уагъта зæронд усы. — Рæхджы, рæхджы, нæ булæмæргъ уазæг. Уыныс, мæнæ цæттæ кæнæм,— бустæхуызæй дзуапп радта Цопанон. — Цæттæ афæдз дæр фæкæнынц, дыууæ азы, фондз дæр,— нæ састи Дзерассæ. — Тпуй, налат! Мæ хъуыры куы нынныхстæ, мæнæ чыз.г!; Иу-дыууæ къуыримæ сцæттæ уыдзыстæм æмæ йæ уæд арвитдзы- стæм, кæд нал лæууы, уæд. Дзерассæ бамбæрста, йæ къахæн ныхæстæ зæронд усæн хъыг кæй сты, уый æмæ фæлмæндæрæй райдыдта: — Дыууæ къуырийы?.. Уый ницы кæны... Дыууæ къуырийы ма бафæраздзæн Катя,— йæ ныхасæн кæронбæттæн скодта, Цо- панон æм куынæуал ракасти, уæд.— Цæй, мæнæн цæуын афон у, Цопанон, кæннод мæм мæ. фысымтæ агурæг рацæудзысты. Хæрзаг ма зæгъой, исчи «мæ аскъæфта. — Гъе, дæ хуызæн къæйных чызджыты фескъæфынц лæппу- тæ дæр. Гъæ, тæхуды, иу ахæм æгоммæгæс æрра лæппу дæ куы аскъæфид! Дзерассæ ныккæл-кæл кодта. — Ой, Цопанон, бæргæ, бæргæ, дæ арфæтæ мыл куы ’рцæ- уиккой æмæ мæ иу æгоммæгæс æрра лæппу куы аскъæфид.— Абон дæр дзы фембæлдтæн иу ахæмыл!.. Дыууæ чызгæн сæ зæрдыл æрбаллæуыди Бимболаты хабар æмæ хъæрæй ныххудтысты. Фæлæ та уæддæр Дзерассæ Цопа- нонмæ бадзырдта: — Цопанон, æз ахæм лæппуйæн цытæ акæнин... мæнæ йæ * афтæ къуымбилау мæ’ цонгыл атухин, æмæ ма æгæр коммæгæ- саг дæр суаид... 87
Р1æ къæиных ныхæстæ хъыг уыдысты Цопанонæн. Тызмæг) цæстæнгасæй йæм ракасти. у — Цæн, Цопанон, хорз уал байрайут æмæ уæ хъуыддæгтæ уаехи фæндиаг уæнт,— загъта ма Дзерассæ æмæ сарайæ рацыди. Ус йæ фæдыл радзырдта: '| — Амондджын у, мæ хур, амондджын, æмæ фæндараст фæу. Мæ ныхæстæ дын хъыг ма уæнт. — Нæ, нæ, цæмæн зæгъыс, хъазæн ныхас нал æмбарæм? Чызджытæ кæрты дуармæ рацыдысты. Катя хъæлдзæг уы- ди. Дыууæ къуырийы загъта мад! Дыууæ къуырийы ма бафæ- раздзæн æнæ Майрæм. — Цæй, Катя, уый бирæ рæстæг нæу... Фæлæ хъахъхъæп, ма та дæ фæсайæнт,— афæдзæхста Дзерассæ. — Дзыцца нæ фæсайдзæн. — Дæ дзыцца дæ, чи зоиы, нæ фæсайдзæн, фæлæ дæ чи фæсайа, ахæмтæ уæм ис. Мæ хъустыл æрцыди, цыма та дæ •фыццаг курæг, хæрæндопы хицау дæр йæ хъустæ схъил кодта æмæ дæм æнхъæлмæ кæсы... — Цытæ дзурыс, уанцон нæу! Кæидæр усмæ йæ хъустæ...— Катя бахудти.— Искæй усмæ ныфс бахæссын æнцон нæу. — Гъемæ хорз, Катя... Дыууæ къуырийы фæстæ дæм чындз- хæссæг æрбацæудзыстæм æпæхъæн бригадæй. Дыууæ чызджы кæрæдзийæн ныхъхъæбыс кодтой, æмæ Дзе- рассæ ацыди. з>: <$ з Дзсрассæ колхозы правленийы цурты куы фæцæйцыди, уæд ахъуыды кодта: «Уæд та бауаин, фæскомцæдисы секретаримæ, кæнæ парткомы секретаримæ аныхас кæнин Катяйы хъуыдда- джы тыххæй?..» Дзерассæ йæхи цæстæй федта, Цопанои кæй цæттæ кæны йæ чызджы арвитынмæ, уый. Фæлæ сыл уæддæр не ’ууæндыди. Катя сыгъдæгзæрдæ, уæлæууæнк адæймат у æмæ алцæуыл дæр, алкæуыл дæр æууæнды. «О, Катя, Катя, куыд дæ расай- ’басай кæнынц. Ды афтæ æнхъæл дæ — адæм иууылдæр дæу хуызæн хæрзуаг æмæ æууæнкджын сты. Ды нæ зоныс, бирæ хорз адæмы æхсæн æдзæсгом, æнæууæнк, мæнгард адæнмæгтæ дæр кæй ис, уый. Кæй дын сæхгæндзысты дæ амондмæ фæндæг- тæ, барæй куы нæ уа, уæд та æнæмбаргæйæ. Сæ сæрызонд ныр- ма ивгъуыд рæстæджы царды барæнтимæ, зæронд æгъдæутти- мæ баст кæй у, уый тыххæй. Мæнæ йæхи мыггагæй лæгтæ, суа^нг нæхн æфсымæр дæр ма мыггаджы кад æмæ помытыххæй фæстиат нæ фæуыдзæн йæ хойы фенамонд кæныныл. Цал æмæ цал сайды йæ акодтой, уæддæр ма сыл æууæнды. Сæхи цæттæ •88
кæнынц, фæлæ цæмæ цæттæ кæнынц, хæйрæг æй равзарæд!' Кæцырдæм фсссæиддзысты, чи сæ бамбардзæн. Сæ чызг йæ уарзон лæппуимæ кæй ацыди, уый тыххæй æмбисæндтæ куы бако’дтой, фæхудинаг нæ кодта, зæгъгæ, сæхи æфхæрдыл куы банымадтой, уæд ма уыдонмæ цы хорздзинадмæ æнхъæлмæ- кæсæн ис!» Уыцы хъуыдытæ кæрæдзи фæдыл гуырдысты Дзерассæйы сæры æмæ йын фæдис æфтыдтой йæ зæрдæйы Катяйы амонды тыххæй. Цæхгæр фæзылди колхозы правленийырдæм, фæлæ дуармæ куы бахæццæ, уæд æваст фæлæууыди. «Аив уыдзæни мæ ба- цыд? Куыд сæм фæкæсдзæни? Æнæуый дæр мæ æгæр къæйных куы фæхоиынц, чысыл ницæуыл дæр, дам, рагацау фæдис кæ~ нын байдайы»,— хинымæр дзуры. Æмæ, æцæг, Дзерассæ ахæм у. Æгæр хæстæг нсы йæ зæрдæ- мæ, æнæхъуаджы æфхæрд чи фепйафы, уыдоны хъуыддæгтаё- æмæ сæ сæрыл сдзуры. Æмæ æнæ афтæ кæнгæ ис, йæхп æцæг советон адæймаг чи хоны, уымæн?! Уæлдайдæр, сылгоймаджы бартæм нырма бирæ чидæртæ цъиуы цæстæй кæй кæсынц, уый хорз зоны. Сывæллоны бонтæй нырмæ нæ зæрдæйы хъæдгом нæма бай- гас. Ныммæстджын. Мад ын йæхæдæг дзырдта: цыппæрдæсаз- дзыд чызг уыди, афтæмæй йæ аскъæфтой, ахастой хъæдмæ, æмæ- йын уым фыдæмбисонды митæ бакодтой. Уалдзыгон дидинæ- гау уыди æмæ дыууæ къуыримæ хус хæтæлы хуызæн фестади. Æнæуынопæй фæцарди йе скъæфæгимæ, æдзух кæугæ æмæ ниугæйæ. Дæс æмæ ссæдз азы дæр ыл нæма цыди, афтæмæй бакуырм, стæй амард. Æмæ ныр, мæнæ колхозы правленийы дуармæ лæугæйæ Дзерассæйы зæрдыл æрбалæууыди йæ мад. Йæ гуырысхотæ ап- пæрста иуварс, дуар фегом кодта æмæ бацыди. Дыууæуæладзыгон хæдзары уæллаг тыргъы уыди фæском- цæдисы уат. Йæ дуар æхгæд разынд. Уæд тыргъы фалдæр ацы- ди, парткомы уатмæ. Дуар бахоста. — Мидæмæ! — райхъуысти йæм нæлгопмаджы бæзджын* хъæлæс. Дзерассæ байгом кодта дуар æмæ бахызти мидæмæ. Стыр уаты, дыууæ рудзынджы æхсæн, уæрæх стъолы уæл- хъус бадти ацæргæ хæрзхуыз лæг. Йæ цæсгом — булкъдаст. Йæ сæр дæр даст. Бæзджын æмæ пехцел æрфгуытæ æрæнцады- сты цæстытыл æмæ сæ æрталынг кодтой, уæладзыг хæдзары рудзгуыты карнизтæ куыд æрталынг кæнынц, афтæ. Уый уыди Дæлвæзы колхозы парткомы секретарь Бердиаты Мæхæмæт. Дзерассæ йыл къорд хæттыты сæмбæлди райкомы. Мæхæмæт фыста цыдæртæ. йæ уæхсчытыл уыди бæмбæдж- 89>
джын къурткæ. Ракасти чызгмæ æмæ ахъуыды кодта: «Цы рæ- сугъд чызг у. Цы ныфсджын адæймаджы æрфгуытæ нын ис. Кæмдæр æй цыма федтон»... Стæй йæ зæрдыл æрбалæууыди: райпартактивы æмбырды. Мæхæмæт сыстади. Рацыд Дзерассæйы размæ, йæ къух ын райста æмæ йæ бакодта йе стъолы цурмæ. — Гъер нæм алæбон æгас цу, Тулдзаты хъал чызг,— загъта худгæйæ. , / — Гъемæ дæуæн дæр дæ бонтæ хорз, Мæхæмæт. Фæлæ хъалтæй мæхи никуы хуыдтои,— дзуапп ын радта Дзерассæ. — Цы хур, цы къæвда дæ æрхаста Дæлвæзы колхозмæ? Аф- тæ цæуаг куы нæ дæ. Мартъийы хурау, искуы-иу хатт фæзыпыс. -Хъал дын уымæн зæгъын. Дæ уынд адæмæн хæлæг кæныс,— мартъийы хурау та дын уымæн зæгъын. — Бузныг, æгайтма мæ хуримæ барыс,—бахудти Дзерассæ дæр.— Фæлæ мæ кæд иугæр хуримæ барыс, уæд æххæст сусæны мæйы хуримæ...— бафпппайдта ма Дзерассæ, стæй йæ худыи фæуагъта. Мæхæмæт бамбæрста, чызг цыдæр хъуыддаджы фæ- дыл кæп æрбацыдн, уый æмæ йын ацамыдта бандонмæ. — Табуафси, бадгæ скæн.— Бандон ноджы хæстæгдæр ба- кодта стъолмæ, йæхæдæг бацыди йæ бынатмæ. — Уæ уынгты фæцæйцыдтæн,— рапдыдта Дзерассæ,— æмæ уæ, зæгъын, куы абæрæг кæнин. Нæ дæ бахъыгдардтон? Цыдæр- тæ куыстай? Чызг сбадти. — Нæ, нæ, нæ бахъыгдардтай. Æз. партион æмбырдмæ цæт- тæ кæнып гæххæттытæ. Баййафдзыстæм’сæ. Иннæбонмæ снысан кодтон æмбырд. Ардыгæй уæдмæ... Уæдæ «уæ цурты цыдтæн æмæ уæм афтæмæй æрбауадтæн» зæгъыс? Уый хорз. Арæхдæр бæрæг хъæуы кæрæдзи. Рох кæнын нæ хъæуы. Дзерассæ цымæ цы хъуыддаджы фæдыл æрбацыди, зæгъгæ, ууыл хъуыды кодта Мæхæмæт дзургæ-дзурын дæр. Комкоммæ кастп чызджы цæсгоммæ æмæ йæ афарста: — Дзерассæ, ныртæккæ фæскомцæдисы райкомы кусыс? — Нæ. Цæмæп хъуамæ кусон уым? — Афтæ фехъуыстон, цыма дæ райкомы аппаратмæ хоиынц. — Мæнæн Уæлвæзы хъæуы дæр хорз куыст ис. Æз æрбауад- тæн уæ колхозы фæскомцæдисы секретары фенынмæ, фæлæ сæ дуар æхгæд разынди, æмæ уæд дæумæ æрбауадтæн. Бирæ дæ нæ бахъыгдардзынæн. , — Табуафси, табуафси. Ницы мæ хъыгдарыс. Цы хъуыддаг- ’мæ сæм æрбауадтæ, уым дын æз дæр, чи зоны, исты ахъаз фæ- уон^ — Æз Тараты Катяйы тыххæй... -90
— Гъы-гъы. Æмæ цы кæны? Дзерассæ радзырдта Катяйы хабæрттæ. Мæхæмæт æм лæм- бынæгæй фæхъуыста. Цалдæр хатты, мæстджын лæг куыд фестъæлфы, афтæ’ йæ.уæхск фестъæлфыд, йæ сæр-иу галиуыр- дæм фæкъул кодта æмæта-иу хъуыста дарддæр. Стæй, Дзерассæ иæма фæци йæ ныхас, афтæмæй афарста: — Æмæ уæд Майрæм та цы зæгъы? Нæ йæ ныууагъта? — Нæ, цытæ дзурыс! Майрæм дæр хуыздæр уавæры нæн. Уый дæр къаддæр катай нæ кæпы. — Ау? — ныддис кодта Мæхæмæт æмæ йæ хъуынджыи æрф- гуытæ сæхи уæлæмæ систой.— Ам та афтæ куы дзурынц, ныу- уагъта, дам, æй. — Гъе, бæллæх æмæ замана дæр уый у, æмæ йæ алыварс ахæм дам-думтæ кæй ауагътой. — Æмæ æз уыцы ныхæстыл æууæндгæ дæр нæ бакодтон. Берозты Майрæмы æз хорз зонын. Ахæм ми чи бакæна, йæ цæс- гом, йе ’ууæнк чи бахæра, ахæм лæппу нæу. Уæздан æмæ йæ æфсармджынæй зонын. — Уæдæ мæ уыцы зæрдиагæй цæмæн афарстай—нæ йæ иыууагъта, зæгъгæ? Æвæццæгæн, баууæндыдтæ уыцы дам- думтыл. Мæхæмæт æцæг баууæндыд уыцьг дам-думтыл, æмæ *йын ныр Дзсрассæ фæлмæн уайдзæф куы бакодта, уæд ын цыма нæ къахы тæппалыл ныллæууыди, афтæ хъыг ын фссты чызджы ныхæстæ. — Мæнмæ гæсгæ дæ уыцы хъуыддагмæ цæст фæдарын хъæ- уы. Йе ’фсымæрæн, йæ мадæн бауайдзæфтæ кæнын хъæуы адæ- мы астæу,— дзырдта Дзерассæ тызмæгхуызæй. Мæхæмæт æм касти æмæ хъуыды кодта: «Æ, дæ бонæй уай, чызгай, бацу æмæ сын бауайдзæф кæн...» Æргомæй та загъта: — Бæргæ, бæргæ, ды куыд зæгъыс, Дзерассæ, афтæ æнцоп куы уаид хъуыддаг, фæлæ æнцон нæу. Ноджы зындæр та уы- мæн у, æмæ Катя нæдæр фæскомцæдисон у, нæдæр партион. Цы ’фсонæй сæм баздæха лæг. Куы сæм бацæуай æмæ сæ къуымты куы айсай, уæ чызджы бартæ уæ къæхты бын ма кæнут, ма йæ хъыгдарут, уæд цы зæгъдзысты? Цы куиты рын дæ тилы, нæ хæдзары, нæ бинонты хъуыддæгты дæ фындз ма тъысс, зæгъгæ, мыл не схъæртæ кæндзысты?! — Ныхас адæймаджы бартыл куы цæуа, амондджын уа, æви йын исчи йæ амонд фаджысимæ змæнты, ууыл, уæд, мæн- мæ гæсгæ, уæлдай нæу, фæскомцæдисон у, партион æви æнæ- партион! Ахæм хъуыддаджы цы хъауджыдæр ис партионæй æнæпартионæй? — Ацы ныхæстæ Дзерассæ загъта æмбæхст уай- дзæфы хуызы. Хъыг ын уыди, Мæхæмæт цардамонды хъуыддæг- 91
ты партионты æмæ æнæпартионты хицæн кæй кæны, уый.— Ахæм хъуыддагмæ фæскомцæдис хъуамæ æддозæй ма кæса, уæлдайдæр Катяйы амонды хъуыддæгтæм. — Дзерассæ, æз æй куыд зонын, афтæмæй йæ нæ фæсивæд-' рохуаты нæ уадзынц. Бауайынц æм. Уыцы чызг цалын- мæ... — Цалынцæ йæхи нæ фæхудинаг кодта, зæгъынмæ хъа- выс? — айста йын йæ ныхас Дзерассæ æмæ йæ цæсгом фæтыз- мæгдæр. — Нæ. Æз афтæ зæгъынмæ нæ хъавыдтæн,— бандоныл йæ- хн фæстæмæ ауагъта Мæхæмæт. Стыр кърандасы дыууæ кæро- ныл йæ дыууæ къухæй хæцыди, йе ’пгуылдзты æхсæн æй ратул- батул кодта æмæ дзырдта дарддæр: — Катя йæхи, кæнæ нæ хæдзар, йæ мыггагæй искæй фæхудинаг кодта, зæгъгæ, уыцы хъуыды мæ фæсонæрхæджы дæр нæй. Æз зæгъинаг уыдтæн уый. -æмæ цалынмæ ам уыди, нæхи хъæуы, уæдмæ пæм арæх цыды- сты... Уæвгæ дын раст куы зæгъон, уæд Тараты хæдзармæ æпæ- зивæгæй бауайæнтæ нæй. Æхгæд хæдзар, æхгæд бинонтæ сты. "Химæ тонагæнаг сты, хи исбоныл фу-фуйæ цæрынц. Адæмы æх- сæн нæ вæййынц, колхозы цардмæ кæсынц цъиуы цæстæп, сæ- хи хæдзармæ — галы цæстæй. — Катяйы æз ахæмæй никуы зыдтон. — Катяйы æз тынгхорз нæ зонын. Адæмы æхсæн æй иикуы федтон, æхсæны хъуыддæгты активон куыстгæнджытæй нæу... Дзерассæ йе ’рфгуытæ фæтар кодта, комкоммæ бакасти Мæ- хæмæтмæ æмæ та загъта: — Ам дæр демæ не сразы уыдзынæн, æмбал Берды-фырт. Æз Катяимæ скъолайы акуыстон иу цыбыр рæстæг æмæ нæ базыдтон æхсæны хъуыддæгтыл æнувыд адæймагæй. Ам, уæхи хъæуы та адæмы æхсæнмæ нæ цæуы уымæн, æмæ йын пæ зæр- дæ фæцъæх кодтой алыхуызон зыгъуыммæ ныхæстæй. Тараты зæронд устытæ йын сæхæдæг йæ алфамбылай цъæх какулайы дам-думтæй кау сбыдтой, алыран цъиутау уасынц, фæхудинаг нæ кодта, зæгъгæ. Стæй канд зæронд устытæ нæ. Сæ лæгтæ дæр хуыздæр не сты. Суанг ма йæхи æфсымæр Хаджумæр, йæ фыдыфсымæр Елхъан дæр чысыл нæ ныффæдис кодтой сæ хопы «худпнагыл». Йæ уарзон лæджы хæдзарæй йæ расайдтой æмæ йæ ныр нал æмæ нал уадзынц фæстæмæ. Уый та сæм нæ фæл- мæн зæрдæйæ сдзурын нæ уæиды, йæ мадæн тæригъæд кæны æмæ сын сæхи уæздандзпнадмæ æнхъæлмæ кæсы. Сæ гуымиры митæй дæр бæрæг у се ’дзæсгомдзинад. Рагæй зоны Мæхæмæт Тараты Хаджумары. Фыд-зæрдæ, хин æмæ кæлæны маргæй йемыдзаг. Йæ туг æгасæй дæр хиуарзон- дзинады емынæ уыд. Рагæй, суанг пæхи æмбарынхъом куы фæ- 92
:ци, уæдæй нырмæ йын æнæуынон у. Хорз ма хъуыды кæны Мæ- хæмæт Хаджумары фыдмитæй иу хабар. Ссæдзæм азты Дæлвæзы хъæуы фыццаджыдæр фæскомцæ- дисы организаци куы сарæзтой, уæд ын иухатт секретарæй æв- зæрст фæци Хаджумар. Чысыл рæстæгмæ организаци байдзаг ис хъæуы хъæздыгдæр хæдзæртты, цъулбертьг фырттæй. Мæ- гуыр хæдзæртты лæппуты æмæ чызджыты та алы æфсæиттæй æппаргæ акодта. Стæй сусæгæй- йæхицæн сарæзта мæгуыр хæ- дзары лæппуйы гæххæттытæ æмæ уыдонимæ афардæг горæтмæ. Уыцы мæнг гæххæттыты руаджы бацыди рабфакмæ. Афтæ ба- кодта иннæ хъæздыг хæдзæртты лæппутæй дæр къордæн, æмæ уыдон дæр бахаудтой рабфакмæ, закъонмæ гæсгæ кæмæн æм- бæлди, уыцы мæгуыр хæдзæртты лæппуты æмæ æххуырстыты бынæттæм. Гъеуыцы хабæрттæ ныр Мæхæмæтæн пæ зæрдыл æрлæууы- дысты Дзерассæйы ныхæстæм хъусгæйæ, æмæ цалдæр хатты сриуыгъта йе уæхск. Мæсты-иу куы уыди, уæд-иу кодта афтæ. — Ай-гъай, раст дæ ды, Дзерассæ. Уыцы Хаджумары æз хорз зонын. Куыдзы тугæй æхсад у кæмæй фæзæгъынц адæм, уыдонæй у. Цыфæнды растгæнинаг хъуыддаг дæр зыгъуыммæ рафæлдахдзæн. Саумылазон хъуыддаг урсæй равдисдзæн, урс та — саумылазонæй. Иу куыстæй иннæмæ гæпп кæны, иу ран бынат йæ быны никуыма схъарм кодта. Йемæ чи фæкусы, уыдо- ■ны йæ митæй, йæ хъуыддæгтæй зæрдæрухсæй никуыма ныууагъ- та. Йæ мæлгъæвзаг та мыдад марг тауы. Р1æ фыдыфсымæр Ел- хъан дæр ахæм у, æрмæст уымæй æдылыдæр. æмæ гуымирыдæр. — Мæлæты диссаджы ахорæнтæй йын нæ сарæзтай йæ су- рæт,— зæгъы Дзерассæ æмæ ныххудти. Мæстæй, æви йæхæдæг Хаджумарæй куыд æнхъæл уыди, уыдон раст кæй сты, партко- мы секретарь дæр æй афтæ хорз кæй зоны, уый цинæй?.. — Мæхæмæт, Катя мын цытæ радзырдта, уый зоныс? Фæс- комцæдисмæ, дам, мæ Хаджумар нæ бауагъта. — Уый гуырысхойаг нæу. —Гъемæ мын,— ногæй та зæрдиагæй дзурыи райдыдта Дзе- рассæ,— ды та афтæ зæгъыс: «Катя нæдæр фæскомцæдисон у, нæдæр партион». Катя зæрдæйæ, удыхъæд æмæ зондахастæй фæскомцæдпсон дæр æмæ партион дæр у. Гъеуымæ гæсгæ йын йæ хъуыддаг рохуаты уадзын нæ хъæуы. Бадодой кæнын хъæуы уыцы бинонтæм æмæ йæ мауал марой удхарæй, арвмтой йæ, йæ амонд кæимæ ссардта, уымæ. Дзерассæ æнæдзургæйæ сыстади æмæ бацыд рудзынджы цурмæ. Акасти уынгмæ. Изæрдалынгтæ ивылын райдыдтой. «Цæуын афон у»,— загъ- та хинымæр. Иæ зæрдыл æрбалæууыд Бимболат дæр: «Афон- 9*
мæ мæм искуы æнхъæлмæ кæсы». Цы хъуыддаджы фæдыл æр- бацыди, уый нæма бакодта. «Афтæмæй цæуæн нæй». Æмæ та йе ’ргом раздæхта Мæхæмæтмæ. Мæхæмæт касти Дзерассæйы цæстытæм æмæ йын хъуыдьь , кодта нæ ныхæстыл. Æхсызгон ын уыди, чызг йæ хъуыдытæ аф- тæ дзырдарæхстæй кæй дзуры, уый æмæ чысыл, зына-нæзына, мидбылты худти. Дзерассæ бафиппайдта уыцы мидбылты худт æмæ йын хъыг уыди. Æндæр адæймаг фефсæрмы уыдаид, асырх, афæлурс уыдаид, йæ иыхас фæуагътаид æмæ аивгъуыдтаид, фæ- лæ Дзерассæ афтæ нæ бакодта. — Дæ мидбылты мæ .ныхæстыл худыс, Мæхæмæт, нæ? Ху- дæг сты, нæ? Ды рагæй зоныс уыцы æцæгдзинæдтæ æмæ ма дын сæ æз дæр лæхурын, къада куыройау, нæ? — Уыцы хъуыдытæ æз абон фыццаг хатт нæ хъусын, рагæй сæ зонын. Худгæ та уымæн кæнын, æмæ мын æхсызгоп у, ды сæ афтæ дзыхарæхстæй кæй дзурыс, уый. Кæй бахудтæн, уый хъуыды дæр ма кæн. Дзур дарддæр, хъусын дæм. Дзерассæ исдуджы фæстæ.райдыдта: — Зæгъ-ма мын, дæ хорзæхæй, кæй цы хъуыддаг ,ис, Катя кæй уарзы, кæмæ цæуы моймæ, уыдæттæм?! Цæмæн ын сæмтъс- ры кодтой йæ хъуыддæгтæ? Цæмæн æй расайдтой йæ лæджы хæдзарæй æмæ йæ ам, ахæстоны дарæгау цæмæн дарынц? Æмæ сæ уый тыххæй исчи куы бафæрсид, исчи сæ уыцы гуымиры ми- ты тыххæй дзуапп куы бацагурид. — Фæлæуу, фæлæуу, Дзерассæ, куыд ничи с’æ бацагуырдта дзуапп? Хæрзæрæджы , йын пе ’фсымæртæн уыдæтты тыххæй тæрхон куы скодтой. Уыцы хабар нæ фехъуыстай? ,— Фехъуыстон. Афæдзы тæрхои, иу бон дæр ахæстоны нæ фæбадгæйæ. Уый тæрхон у?! Хынджылæджы тæрхон! Стæй цæй тыххæй? Йæ хойы бартæ йæ къæхты бын кæй сæууæрста’, адæ- мæн æмбисонды митæ пын кæй бакодта ницæйфæдыл, уьш тых- хæй нæ, фæлæ обкоммæ мæнг писмо кæй ныффыста, обкомы секретары, прокуроры кæй фæсайдта, уый тыххæй. Фæлæ æз уыцы тæрхоны тыххæй дæр нæ дзурын. Уый худæджы тæрхон уыди, æмæ йыл адæм фæхудтысты. Æз æндæр тæрхоны кой кæ- нын." Адæмы тæрхоны кой. Ацы æвирхъауы хабармæ ам, уæхи хъæуы исч’И адæмы æркæсып кодта? Æрсагъæс ыл кодга? Нæ! Уæ хъæубæсты адæм Таратæн исты бауайдзæф кодтой, Катяйæн ^ ахæм митæ кæй бакодтой, уый тыххæй? Куыннæ стæй! Уæ фæс- комцæдисон организаци хурмæ рахаста ацы хабæрттæ æмæ сæм адæмы æркæсын кодта? Куыннæ стæй! Быцæу дарддæрæй-дарддæр æмæ арфæй-арфдæр кæнын бай- дыдта. Рæстдзинæдтæ бирæ дзырдта Дзерассæ, уый Мæхæмæг хорз æмбæрста. Быцæу кæнын æм нæ цыди, фæлæ йæ ацы рæ- 94
к:угъд чьгзг.ракъахта быцæумæ. Æмæ йын æхсызгон у йемæ бы- ■цæу кæныи. Æгайтма кæстæр фæлтæр афтæ арæхсынц стыр хъуыддæгтыл быцæу кæнынмæ. Фæлæ йæ чызг уæддæр кæм- .дæр фæрæхуыста. Цы хъуыддæгтыл дзуры Дзерассæ, уыдоны бирæ рæтты азымджын у Мæхæмæт æмæ сыл хинымæр сæтты. Рæстдзинады уайдзæфыл уызындзарм æрмкъухтæ ис. Ничи сæ уарзы. Уыдæттыл ахъуыды кодта Мæхæмæт исдугмæ. Стæй уæд загъта тызмæггомауæй: — Омæ Катя йæхæдæг цæуыннæ исты архайы, Катя? Æви :æнæвзаг уæрыкк у? Йæ барты сæрыл йæхæдæг цæуыннæ исты сдзуры?! — Куы загътон, Катя фæлмæнзæрдæ, уæлæууæнк у. Р1æхи :ныффидар кодта æмæ удхарæй мæлы. — Æз афтæ ’нхъæл дæн, дæуыл ахæм бæллэёхтæ не ’рцæу- ид,— хъазгæмхасæн зæпьы Мæхæмæт. — Канд мæныл нæ. Катяйы хуызæн уæлæууæнк æмæ фæл- мæнзæрдæ чызджытæ бирæ нал ис, ахæм сæйдтыты чн бахауа, .ахæм æфхæрдтытæн чи ныффæраза, фæлæ ма дзы ис уæддæр .иугæйттæ. Гъеуыцы йугæйттыл æрцæуынц ахæм бæллæхтæ. — Сылгоймæгтæн, кæй зæгъын æй хъæуы, мæлинаг «æгъ- дæуттæ» æнцондæр уынæн сты,— бахудти та Мæхæмæт. ’ —’Æнхъæлдæи æмæ хъазынмæ здахыс мæ ныхæстæ? Дæ- уæн худын у!.. Сымахæн, ома — хистæртæн, уæ цæст сахуыр ис рагон «æгъдæуттæм» куыдфæндыйæ кæсын,уæ цырддзастдзинад фæкъуымых ис æмæ сын нал уынут сæ маргджын фаттæ. Фæлæ сæ мах уынæм. Мах, Октябры революцийы фæстæ чи райгуыр- ди, уыцы фæлтæр. Хъыгдаргæ нæ кæнынц уыцы. гуымирыдзн- ’нæдтæ. Нæ хистæртæй та бирæ чидæртæ сæ цæстытæ бацъынд’ кæнынц, ома сæ нæ уынæм, зæгъгæ’. Куы сæ фенынц, уæддæр иннæрдæм" азилыиц. Мæхæмæт йæхинымæр дзуры: «А-гъа, кæдæм бавнæлдта ацы лæппын чызгай, хистæр фæлтæрыл уайдзæфтæй ралæууыди, .амондджын æмæ йæ ахуыргонд чи скодта, уыцы хистæртыл». Чысыл æм банхъæлмæ касти, байхъуыста ма, стæй, Дзерассæ чысыл куы фенцади, уæд йæ дыууæ къухы дæр стъолыл æрæ- вæрдта æмæ афтæ: * — О-о, кæстæртæ, кæстæртæ! Сымахмæ æнцон кæсы ныг- туыгш кæнын, ныдздзæхст ласын, фæлæ кæд, куыд æмæ кæм, ууыл та хъуыды кæнын хъæуы. Гъер ды æгъдæуттæ, æгъдæуттæ кæныс æмæ æргомæй куы зыниккой, мæ хæдзар, кæнæ цыфæн- ды ставд тулдз бæласыл куы заиккой, уæд æй мах, ды куы нæ- ма райгуырдтæ, уæддæр акалдтаиккам, æд ’уидæгтæй йæ скъах- таиккам æмæ йæ басыгътаиккам. Фæлæ бæллæх уый у, æмæ æмбæхст сты адæмæн сæ сæртымæгъзты, зæрдæты æмæ сын 95
фæрæтæй ныдздзæхст æмæ ныкъкъупгæнæнтæ нæй. Уыдон ныр- тæккæ цыхуызы сты, уый... Куыд дын æй зæгъон?.. мæнæ чи бахус вæййы, ахæм чысыл цъымаратæ, æмæ бахус уыдзысты.. — Уæдæ цалынмæ сæхæдæг бахус уой, уæдмæ сæм æнхъæл- мæ кæсæм, нæ? Мелиоратортæ нæм уымæн ис, æмæ цъымаратæ хъуамæ хус кæной, науæд сæ марг тæфæй фæхуыдуг уыдзы- стæм. — О-гъо, Тулдзаты хъал чызг, æгæр уæлиау гæрæхтæ нæ кæ- ныс?.. Дæумæ гæсгæ, уыцы ницæйаг зæронд «æгъдæуттæ» аф- тæ стыхджын сты, æмæ нын нæ паддзахад иннæрдæм афæлдах- дзысты? — Хъазгæ та кæныс? — Нæ. Фæлæ, дæ иыхæстæм гæсгæ ахæм хатдзæгмæ æрцæ- уæн ис. Дзерассæпы цæсгом фæтар ис. — Æз уыйас æдылы къоппа нæ дæн æмæ ахæм хъуыдытæм æрцæуон. — Гъей, мæ хур акæиай, хъал чызгап... — Хъал чызгай та мæ цæмæн хоныс? Хъалы миниуджытæн мæм исты уыныс? — мæстыгомауæй афарста Дзерассæ. — Бахатыр кæн, Дзерассæ, афтæ дын буцæн загътои,— ба- худти Мæхæмæт.— Фæлæ дын кæд хъыг у, миййаг, уæд дын æй нал зæгъдзынæн. Æнæбары бахудти Дзерассæ дæр. — Хъыг мын нæу, фæлæ... — Уæдæ мæм байхъус. Цыма кæрæдзи не ’мбарæм, афтæ мæм кæсы. Кæддæр, дам, горæты фосы базары кæсгоп лæг дæр «далыс-далыс» кодта, ирон лæг дæр «далыс-далыс» кодта, фæ- лæ кæрæдзи нæ бамбæрстой æмæ фæхыл сты... Уыйау мах дæр...— комкоммæ бакасти Дзерассæмæ æмæ йæ зæрдиагæй афарста: — Ленин культурæйы фронты фæуæлахизы тыххæп цьг зæгъы, уый нæ бакастæ? Дзерассæ фæджих. Ныхъхъуыды кодта, стæй загъта къæм- дзæстыггомауæй: — Æз Ленинмæ ахæм уацмыс нæ зопын. — Æмæ йæ зонын хъæуы, зонын, Дзерассæ,— уайдзæфгæ- нæгау бафиппайдта Мæхæмæт. Стæп бавнæлдта стъолмæ æмæ- рапста чиныг: — Мæнæ кæсыс, 33-æм, том. Ленин уыцы хъуыддаджы тых- хæй цы зæгъы, уын æз æпæ чиныгмæ кæсгæйæ дæр зонын. Хъус- ма, Дзсрасеæ, мæнæ цы зæгъы Ленин: «Кризис куы стыхджын вæййы, уыцы заман политикон æгъдауæй фæуæлахиз уæвæи ис цалдæр къуыримæ. Хæсты фæуæлахиз уæвæн ис иукъорд мæй- тæм, фæлæ культурæпы нæй уыйбæрц рæстæгмæ фæуæлахиз-. 95
уæвæн. Уым хъуыддагмæ гæсгæ хъæуы дзæвгар фылдæр рæс- тæг». Мæхæмæт фæстаг æртæ дзырды загъта лæмбынæгдæр, хъæрдæрæй. Дзерассæ йæм зæрдиагæй хъуыста æмæ хъуыды кодта: «Ле- нин «дзæвгар фылдæр рæстæг» куы фыста, уæд дзы æнус аны- вæстаид, уый мæ нæ уырны». Нæ, ам цыдæр сæмтъеры чындæ- уыди. Æфсæрмдзастæй скасти Мæхæмæтмæ æмæ загъта: — Тæхудиаг дæ, Мæхæмæт, ахæм арф æмæ фидар зæрдæ- вæрæнтæ кæмæн ис. Хæлæг дæм кæнын, Ленины бирæ уацмыстæ æнæкæсгæйæ дæ зæрдыл кæй дарыс, уый тыххæй. Фæлæ мæн- мæ афтæ кæсы, Ленин «дзæвгар фылдæр рæстæг» кæм зæгъы, уым ныр цы фынддæс æмæ ссæдз азы рацыди, уыдон æгъгъæд сты нæ зианхæссæг «æгъдæуттæ» фесафынæн!.. Æри-ма уыцы чиныг,— бадардта йæ къух Мæхæмæтмæ. — Табуафси, мæнæ 55—56 фæрстæм æркæс. Дзерассæ райгом кодта чиныг. Рафæлдæхта дзы цалдæр сыфы æмæ кæсыныл фæци. — Ссардтай йæ? — афарста йæ секретарь, ахуыргæнæг йæ ахуыргæнинаджы куыд афæрсы, афтæ. — Ссардтон,— загъта Дзерассæ æмæ йæ. цæсгом барухс. — Уый ды, Ленин политпросветы дыккаг съезды цы доклад скодта, уый кой ракодтай, уымæй мын бакастæ, æмае Ленины уацмыстæй ’исты куы исай,— ныххудти Дзерассæ,— уæд ын-иу йæ хъуыды кæронмæ бакæс. Ленины хъуыдытæ афтæ æрдæг скъуыддзæгтæ кæнын не ’мбæлы. — Цавæр æрдæг скъуыддзæгтæ? — Йæ хъуыды пын æрдæгыл фескъуыддзаг кодтай. Байхъус- ма, æз дын æй бакæсон,— загъта та хъæлдзæгæй Дзерассæ æмæ. фыст бакасти дарддæр.—«Æ>мæ уыцы дзæвгар фылдæр рæстæг- мæ хъуыддаджы, æууæлтæм гæсгæ, хга хорз бацæттæ кæнын хъæ- уы, куысты уаг хорз бахынцгæйæ. Кæнын æй хъæуы æдзухæйдæр хъæддыхæй, æнæкъуылымпытæй». Хъæрæй «каст Дзерассæ, биноныгæй, æнцон æмбарæн куыд уои, афтæ. Уæлдай хъæрдæр æмæ лæмбынæгдæрæй та ба- каст фæстаг дзырдтæ: «Кæнын æй хъæуы хъæддыхæй, æдзухæй дæр, æнæкъуылымпыйæ». Стæй æнæхудгæйæ Мæхæмæтмæ ком- коммæ бакасти. Мæхæмæтыл цыма судзгæ стъæлфæитæ бахау- ди, афтæ пæм фæкастысты Дзерассæны æрттивгæ цæстытæ. Чысыл раздæр, Ленины том йæ къухмæ куы райста, уæд хины- мæр афтæ; «Ныртæккæ æз ацы æнæсæттон чызгæн йæ ных бакъуырдзынæи фæтæджы ныхæстæй», фæлæ йын сæ ныр чызг йæхи ныхмæ куы фæцарæзта, уæд хорзау нал уыди. Исдуджы фæстæ Дзерассæйы къухæй чиныг ранста æмæ йын йæ сыфтæ 7 Хч.х ы 97
фæлдахыныл бауырдыг, цыма дзы Дзерассæйы басæттынæн ис- ты ног хотых агуырдта, уыйхуызæн. — Бамбæрстай, æмбал Берды-фырт, Ленин цы зæгъы уый? А фæстаг ныхæсты ис йæ сæйрагдæр хъуыды. Культурæйы уæ- лахиздзинадыл кусын хъæуы æдзухæй дæр, хъæддыхæй, æнæ- къуылымпытæй. Уæд фесæфдзысты, цы бирæ талынгдзинæдтæ ма нæм ис, уыдон. Кæм ис уыцы хъуыддажы нæ хъæддыхдзинад? Не ’рвылбонты куыст? Уæдæ куыд æххæст кæнæм Ленины фæ- дзæхстытæ? Кæрæдзи куы нæ сайæм, (æргомæй йæ куы зæ- гъæм) уæд æрдæг скъуыддзæгтæй, ам-цъыкк, уым-цъыккæй, ам- тъæпп, уым-тъæппæй. Гъеуымæн нæм ис ныр дæр ма чызгыс- къæфтытæ, хистытæ æмæ ноджы æндæр бирæ талынгдзннæдтæ. Æмæ нæм уыдон худинаг нæ кæсынц... , Мæхæмæтæн та фестъæлфти йæ галиу уæхск. Йæ цæсгом фæтызмæг: — Дзерассæ, нырма æрыгон кæй дæ, æвæццæгæн, уымæ гæсгæ нæма зоныс, нæ адæмы культурондзинад цæйбæрц схыз- ти, уый. Уыцы мæлинаг зæронд «æгъдæутты» баззайæггæгтæ дын дæ цæстытæ бамбæрзтой æмæ дæм нал зынынц не сгуыхт- дзинæдтæ. Æппын никуы бакастæ газетты кæнæ чингуыты, ре- волюцийы размæ нæм ахуыргонд адæм цас уыди, уый? Æрмæст дыууадæс проценты. Ныр та? Æгас республикæйы нал ис, кæ- сын æмæ фыссын чи нæ зоны, ахæм адæймаг. Гъеууыл дæр-иу ахъуыды кæн, Ленины фæдзæхстытæ куыд æххæст кæнæм, ууыл куы дзурай, уæд. * — Уыдон мæ рох не сты. Абон дæр ма цæлхдур чи у, цард чи фехалы, æнамонд æй чи фæкæны, уыцы «æгъдæутты» баз- зайæггæгты кой кæнын. Уыдонæй ам, Дæлвæзы хъæуы, нырма дзæвгар ис. — Ау, æмæ Дæлвæзы хъæуы иннæ хъæутæй фæстæзаддæ- рыл нымайыс?.. Не ’мбырдты искуы уыдтæ? Искуы байхъуыс- тай, нæ хъæуы сылгоймæгтæ æмбырдты куыд фæдзурынц, уы- мæ? Нæ байхъуыстай. Мæхæмæт æнæбары мидбылты худгæйæ дзырдта, цæмæй æнæсæттон Дзерассæйæн чысыл йæ рохтæ фелхъива, уый тых- хæй. «О-гъо, кæдæм ахæцыди»,—хъуыды кæны Дзерассæ, фæ- лæ Мæхæмæт дзырдта дарддæр. — Гъе, афтæ, Тулдзаты чызг... «Хъал чызг» дын нал зæ- гъын—хъыг дын у,—бахудти та Мæхæмæт.—Иуырдæм куы кæ- сай, уæд цæстытæ тар кæнынц. Уыцы ныхæстæ Дзерассæмæ худæг фæкастысты, къахæгау. Йæ зæрдыл æрбалæууыди, тæккæ абон фæндагыл Бимболат йе- 98
мæ цы митæ кæнынмæ хъавыди, уый дæр æмæ Мæхæмæтау бахудти йæ мидбылты: . — Уæдæ афтæ зæгъыс, нæ культурæ сбæрзонд и, сылгойма- джы бартæм ничиуал лæбуры, ничиуал æй хъыгдары? Æз дын, абон чи ’рцыди, ахæм æвдисæны хабар дæр радзурин, фæлæ уал уый кой нæма кæнын. Кæд ахæм зондыл хæст дæ, уæд-ма мын æххæст радзур, нæлгоймаг киномæ, театрмæ, кæнæ хъазтизæр- мæ куы фæцæуы, уæд йæ ус йемæ цæуы’ннæ вæййы?.. Фæлæуу, фæлæуу, дзурын мæ бауадз... Искуыдæм куывдмæ, чындзæхсæв- мæ, хъазтмæ куы фæцæуы, уæд йæ ус йемæ цæуыннæ вæййы? Цæуыннæ ахонут уæ устыты уемæ? Сымах фæбадут дзаг фынг- тыл, минас фæкæнут, зарут, уæ кæрæдзийæн нуазæнтæ фæдæт- тут, фæлæ уæд сылгоймæгтæ та’кæм вæййынц? Зæгъ-ма йæ, зæгъ. Хъазынырдæм æй ма здах, фæлæ-ма мын æй комкоммæ зæгъ, кæм вæййынц уæ устытæ? Хæдзары. Нозт, хæрд уын цæт- тæ кæнынц, рауай-бауай кæнынц, тухи, фыдæбон кæнынц, цæ- мæй сымахæн уæ фынгтæ æртасой хæрд æмæ нозты бын. Афтæ нæу? Мæхæмæт цыдæр зæгъынмæ хъавыд, фæлæ Дзерассæ тын- гæй-тынгдæр тæвд кæнын байдыдта æмæ дзырдта дарддæр: — Гъер мæнæдæуæй зæгъæм. Ды дæ стыр колхозы парт- комы секретарь, фæлæ-ма зæгъ, цал хатты уыдтæ кинойы, теат- ры, кæнæ хуынды дæ усимæ?.. Худыс? Хъазынау дæм кæсы, нæ? Уæдæ дын æй æз зæгъдзынæн — иу хатт дæр нæ. — Гъæ дæ бонæй уай, Дзерассæ, мæ ус дæр дæ хуызон куль- турон, ахуыргонд адæймаг куы уаид, уæд æй æз... Дзерассæ та йæхи нал баурæдта. — Афтæ кæй зæгъдзынæ, уый æз рагацау дæр зыдтон. Æз зонын дæ усы. Дæуæй у аст азы кæстæр, фæлæ дæ цыма æхсæр- дæс азы хистæр у, афтæ базæронд. Æз æй куыд æрыхъуыстон, афтæмæй йæ ды ракуырдтай, æз цы бон райгуырдтæн, уыцы бон. Æртæ æмæ ссæдз азы цæрут иумæ. Уыцы бирæ азты дæр- гъы ды сырæзтæ, районы зынгæ партион кусæг, сахуыргонд дæ. Ленины чингуытæ æнæкæсгæйæ дæр зоныс. Бирæ бакастæ аив литературæйы чингуытæ дæр. Де стъолыл дын уынын классикты чингуытæ, фæлæ дæ ус та фæсте баззади. Цæуылнæ ракодта де ’мдзу культурон царды фæндагыл дæ царды æмбал?.. Зæгъ-ма йæ, зæгъ. Мæнæ ныртæккæ цы мæлинаг, сафинаг зæронд реак- цион «æгъдæутты» кой кодтам, дæхи загъдау, сылгоймаг æмæ нæлгоймаджы иумæ бадын æмæ ныхас кæнын чи нæ уагъта, уыдон уæртæ незаманы тъымытъымайæ нæ социалистон дугмæ дæр кæй рахæццæ сты, уый тыххæй нæу? Мæхæмæт ацы даргъ ныхасы рæстæджы æнцад бадти æмæ хъуыста, ,фыццаг йæ мидбылты фæлмæн худти, стæй йын Дзе- 99
рассæ йæхи бинонты коймæ куы бахæццæ, уæд йе ’рфгуытæ фæтар сты. Цыдæр зæгъынмæ хъавыди, фæлæ йын Дзерассæ дзырды бар нал лæвæрдта, æмæ уæд мæсты кæнын байдыдта: — Æгъгъæд! Æгæр арф æвналын байдыдтай! Ахæм азымтæ мæхимæ нæ райсдзынæн. Ды цытæ радзырдтай... уыдон нын æгæр дардыл асайдзысты нæ быцæу... Стæй мæ нæ бамбардзы- нæ. Нырма æгæр лæппын дæ... — Ныххатыр кæн, Мæхæмæт, кæд >мæ, чи не ’мбæлы, ахæм ныхæстæ сирвæзти, уæд.— Æгæр арф кæй авнæлдта, уый бам- бæрста Дзерассæ йæхæдæг дæр æмæ фæсырх.и, стæй хинымæр дзуры: «Фæфæлмæндæр æй кæнон, æгæр бæзджын асдыдтон мæ сир». Рудзынджы цурæй æддæдæр рацыди æмæ фæлмæн- дæрæй худгæйæ райдыдта: — Къулбадæг чызгау смидæг дæн кæйдæр бпнонты царды...' Куыд не ’мбæлди, афтæ... Фæлæ, уæддæр дæуæй нæ загътон. Æрæджы районы хицæуттæй иу йæ зæронд фыдæн цы хист скодта, уый федтон æмæ уый уыд мæ хъуыдыйы... афæдзы хист!.. Гъер уый, æвæццæгæн, адæмы æхсæн уыцы талынгдзи- нæдты ныхмæ дзæнгæда фæцæгъды, хъуыддагæй та дзы... Р1æ- хæдæг йæ дыууæ хъусмæ сагъд у. Дзерассæ та бахудти. — Мæхæмæт, ныббар мын, æгæр дзæнгæда кæй фæцагътон, - уый тыххæй. Мæхæмæты зæрдæ фæфæлмæндæр ис. Хъазынмæ аздæхта ныхас: — Охх, Дзерассæ, мæгуыр йæ бон уыдзæни, ды кæй хай фæуай, уыцы лæппуйæн. Куыройы фыдау ын йæ сæр разилын кæндзынæ,— æмæ ныххудти Дзерассæ дæр. — Мæ хай чи фæуа, æмæ æз кæй хай фæуон, уыцы лæппу- йæн йæ уæхсчытыл куысыфтæг нæ, фæлæ сæр куы уа, уæд, ма тыхс, хорз цæрдзæн, амондджын уыдзæн. Æз æй мемæ хондзы- нæн чындзæхсæвтæм, киномæ, театрмæ дæр!.. Фæстаг хуры тын атади къулыл. Боны рухс фæмынæгдæр. Дзерассæ батыхсти, цæуыи афон ын кæй уыди, уый тыххæй. «Афонмæ уыцы æрра Бимболат мæ фысымты уынджы искуы кауы рæбын лæууы»,— загъта йæхинымæр æмæ бакасти Мæхæ- мæтмæ. — Цæй, мæнæн цæуын афон у, кæннод машинæйыл нал фæхæст уыдзынæп... Бæргæ ма мæ фæндыди фæскомцæдисы организацийы секрстаримæ аныхас кæнын Катяйы хъуыддаджы тыххæй. 1— Уып мæ бар уадз. Æз аныхас кæндзынæн. Стæн мæхæдæг дæр фæкæсдзынæн. Базондзынæн, цы архайынц, уый. — Замана уый у, æмæ Катяйы амондæн хорзæй кæй ницы 100
архайынц. Йæ мад цыдæртæ змæлы, фæлæ мадмæ нæ кæсынц æмæ нæ хъусынц æрвадæлты лæгтæ, æфсымæртæ. Цæмæй йæ тагъддæр арвитой, ууыл сæ бацырын кæнын хъæуы. Гъеуый курæг дæ дæн, Мæхæмæт. — Хорз. Уый дын мæ быгъдуан. — Цæй, уæдæ... Æцæг дæ хатыр курæг дæн... Æгæр къул- бадæг ныхæстæ дын фæкодтон, фæлæ мæ зæрдæйы чи ныццæнд н, уыдон загътон æмæ дзы уæлдæйттæ дæр уыди, æвæццæгæн. — Ницы кæны. Кæстæртæ хъуамæ сæрæндæр æмæ уæндон- дæр уой ахæм хъуыддæгтæм. Мах, чи зоны, фæуæззау стæм, фæлæ нæ-иу кæстæртæ куы ’рбасхойой, уæд уый хорз у. Ды раст загътай: куыд æмбæлы, нæ хæс куыд у, афтæ тыхджынæй нæ тох кæнæм, нæ зæронд царды хорз æгъдæутты æхсæн ма цы сафинаг талынгдзинæдтæ ис, уыдоны "ныхмæ. — Иу хатт ма дæ хатыр курын: æгуыст дæ фæкодтон, æмæ... — Уый дæр ницы кæны. Бонтьг мыстытæ нæ бахордтой. Баййафдзыстæм куыстыты дæр. Дзерассæ радыди, Мæхæмæт æй рахæццæ кодта къæсæрмæ æмæ фæстæмæ баздæхти. Бацыди рудзынджы цурмæ æмæ акас- ти уынгмæ. Ауыдта, Дзерассæ уынджы уæлæмæ тагъд-тагъд куыд фæцæйуади, уый æмæ йæ фæдыл джихæй бирæ фæкасти. Стæй разылди йе стъолы цурмæ. Арф ныуулæфыди æмæ загъта хъæрæй: - — Гъæй тæхуды, ахæм чызджытæ нæм фылдæр куы уаид!.. Дзерассæйы ма дзæвгар суайын хъуыди йæ фысымтæм. Уым хъуамæ хæстæг искуы лæууыдаид Бимболаты машинæ, фæлæ уынджы хæрхæмбæлд фæци Тараты Хъасполыл. Уый, æвæццæ- гæн, быдырæй æрбаздæхти æмæ йæ зæрды ,уыди парткомы сек- ретаримæ’ Катяйы тыххæй аныхас кæнын. Уый тыххæй тагъд цыди, кæд ма йæ йæ кабинеты баййафин, зæгъгæ. Базыдта Дзерассæйы. — Тулдзаты Дзерассæ куы дæ, æнхъæлдæн... Æгас нæм цу, æгас,— баурæдта чызджы..Йæ къух ын райста. — Бузныг, Хъаспол, арфæйаг у. — Кæцæй уайыс? — афарста йæ лæг. «Æрæджы мын кæндзæн»—Дзерассæйы сæры февзæрд хъуыды, фæлæ йын æнæ ныллæугæ нæ уыди, Тараты мыггаджы лæгтæй сыгъдæгдæр зонд кæмæ ис, Катяйы хъуыддаг хорз чи æмбары, уыцы Хъасполмæ. — Парткомы секретармæ, Берды-фыртмæ бауадтæн æмæ уым афæстиат дæн. — Дæ хæлар Ка’тяйы хъуыддаджы тыххæй, æвæццæгæн? ’ — О, Катяйы тыххæй. 101
— Гъе, æмæ куыд? Аныхас кодтай, уыцы æдылы къоппатæ^ Елхъан æмæ Хаджумар сæ хойæн цы митæ кæнынц, уый тых- хæй? — 0, уыдæтты тыххæй дзырдтон йемæ. — Гъемæ мæ хур акæн. Æз дæр æм уый тыххæй цæуинаг уыдтæн, фæлæ йын кæд ды загътай, уæд ма йæм æз цы цæуон*. Катяйæн йæхи дæр федтай? — Федтон. — Уæдæ йын йæ мад Цопаноны дæр федтаис? — 0, йæ мады дæр ын федтон. — Æмæ исты змæлынц æви нæ? — Цопанон арахъхъытæ уагъта. Нæ чызджы æрвитыны тыххæй, дам, цæттæ кæнæм. — Уый хорз... Уый хорз... Кæд сæхи цæттæ кæнынц... Æз та. ма... Уыцы гуыбындзæл Елхъаны та рудзынгæй ауыдтон... Бады та хæрæндоны хицау Амырхаты Буцкиимæ... Цæмæн баддзæн„ уый æмбарыс... Уыцы лæг бахордта йæ ном дæр æмæ йæ цæсгом. дæр. Цы нæ бакæндзæн... Фæлæ кæд цæттæ кæнынц..., — Цопанон загъта, дыууæ къуырийы фæстæ, дам, æрвитæм нæ чызджы. — Уæдæ уый хорз... Цапанон кæд афтæ загъта... Уæвгæ сыл рихи нæй... Кæдæм æй æрвитынц, уый... Гъемæ, хорз... Уыцьв зæронд ус кæд талынг æгъдæуттыл хæст у, уæддæр йæ дзыр- дæн хицау вæййы. Нæ йæ фæсайдзæн. Кæд йæхи цæттæ кæны, арахъхъытæ уадзы... Дыууæ къуырийы дæр бирæ нал сты. Фæз- зыгон бонтæ уæрццытау атæхдзысты... Дыууæ къуырийы бан- хъæлмæ кæсæн ис... Æгайтма бауадтæ Мæхæмæтмæ. Уæдæ йæм æз нал цæуын. Цæй, уæдæ, Дзерассæ, мæ уд дæ фæхъхъау фæ~ уæд... Фæлæуу, чызгай, ацафон ма Уæлвæзы хъæумæ... Цом„ фысым дын уыдзыстæм. — Нæ, нæ бузныг, Хъаспол. Мæн цæуын хъæуы. Мæ фысым- тæм ,мæм машинæ æнхъæлмæ кæсы... байрæджы мын уыдзæ- ни. — Цæй, уæдæ, афæндараст у.— Райста та чызджы къух: Хъаспол, æмæ Дзерассæ тагъд-тагъд ацыди йæ фысымтырдæм. Хъаспол дæр аздæхти сæхирдæм. ■ Дзерассæ дæр æмæ Хъаспол дæр афтæ æнхъæлдтой, уæдæ- Цопанон йæ дзырд нæ фæсайдзæн, æгæр æрæгмæ куы кæной, уæд Мæхæмæт дæр, фæскомдæдисы секретарь дæр баххуыс кæндзысты Катяйæн... Фæлæ дыууæ боны фæстæ Мæхæмæтмæ басидтысты обком- мæ ’æмæ йæ снысан кодтой Ростовы партион скъоламæ æмæ- æвæстиатæй йæхи цæттæ кодта; хæдзары, парткомы дзолгъо- молгъойы дзы æрбайрох ис, йæ бæсты кæй сæвæрдтой, уымæн^ стæй фæскомцæдисы организадийы секретарæн Катяйы хъуыд-
даг бафæдзæхсын, афтæмæй ацыди Ростовмæ. Катяйы хъуы.ддаг рохуаты баззади. &&& Дзерассæ Мæхæмæтæй куы рацыди, ХъаспоЛæн уынджы хæрзизæр куы загъта, уæд згъорæгау акодта йæ фысымтырдæм. Уыди изæрдалынгтæ. «Цæуин ма мæ фысымтæм æви нал?.. Æгæр мын куы байрæджы уа. Уæдæ ма Бимболат дæр абоны хабары фæстæ æнхъæлмæ кæса?.. Иæ цæсгом ма бахъæца мæн- мæ æрбакæсын?.. Стыр фæндагмæ цæуын хъæуы. Кæд ма сæм- бæлин машинæйыл»,— афтæ хъуыдытæгæнгæ цыди Дзерассæ Дæлвæзы хъæуы даргъ уынджы. 'Иæ (}уысымтæм æй бирæ нал хъуыди, афтæ цæхгæрмæ уын- джы тигъæй йæ хъустыл ауади: — Дзерассæ!.. Дзерассæ!. Дзерассæ æваст фæкасти. Бимболат тигъыл лæууыди. Чы- сыл фалдæр цæхгæрмæ уынджы та зынди йæ машинæ. Дзерассæ бахудти йæ мидбылты. Æхсызгон ын уыди, Бим- болат ыл афтæ иузæрдион кæй у, уый. «Абоны æхсæрфæрсты гæрæхты фæстæ... уæддæр та æрсирдта... цæуин йемæ?.. æмæ та... Цы йæ зæрды ис, чи зоны...» Йæ цыд фæсабырдæр кодта. ’Бимболат абонрайсом йæхи цыхуызонæй равдыста, Дзерас- сæмæ бирæгъы лæбурд куыд фæкодта, афтæмæй æндæр чызг йе \мгæрæтты дæр нал ауадаид, хæстæг дæр æй нал æрбауагъ- таид йæ дурмæ, фæлæ Дзерассæ... уарзгæ йæ кæны... Æрмæст ын йæ митæй цыдæртæ нæ уарзы. Æнæхсæст бæласы хуызæн æм кæсы. Ие схъиуд митæ йæ зæрдæмæ нæ цæуынц æмæ йæ æрæхсæдон, зæгъгæ, ууыл, архайы. Ам æм æнхъæлмæ куы нæ кастаид Бимболат, уæд ын хъыг уыдаид. Ныр мæнæ æнцадгай цæуы æмæ хъуыды кæны, цæуон йемæ æви нæ, зæгъгæ. «Куы сбадон йемæ æмæ та ахæм бирæгъы лæбурдтытæ куы кæна... Нæ цæуин йемæ, æмæ мын машинæ куынæуал уа... Фæлæ мæм цас æмæ цас фенхъæлмæ касти, чи зоны». — Дзерассæ...— рауади йæ размæ Бимболат æмæ къуыз- гæйæ дзуры: — Ф-æссихорæй нырмæ дæм æнхъæлмæ кæсын. Дзерассæ ныллæууыди æмæ йæм бакаст. Лæппу йæм нæ уæндыди кæсын. Иæ къухы — резинæ тъанджы гæбаз æмæ уый æууæрста, райваз-байваз æй кодта. — Дæ ф’ысымтæм ма цæуыс?.. Æнафон у... Цом... Кæд мыл не ’ууæндь10» уæд æз гуыффæйы сбаддзынæн... Дæхæдæг скъæр... Фæтæригъæд ын кодта чызг. Бахудти æмæ ,йын хъазгæмха- сæн афтæ: — Дæ уадултæ ма риссынц? Лæппу ныфсæрмы ис... — Хатыр дæ курын, Дзерассæ... Дæ къухы цæф афтæ риссаг 103
нæу, фæлæ -мæхи къухы цæф... Мæхæдæг мæхи тынгдæр фæнад- тон... Дæ дæфтæй нæ, мæхи цæфтæй риссынц... ^ — Бамбæрстай дæ рæдыд? — Бам’бæрстон... Фосы ми, сырды ми бакодтон. — Афтæ никуыуал бакæндзынæ? — Нал. Хетæджы рухс Уастырджийыстæн... — Хетæджы ныууадз...- Кæд дæ рæдыд бамбæрстай, кæд„ дзырд дæттыс, нал бакæндзынæ... — Цæмæйдæриддæр дæ фæнды, уымæй дын ард хæрын... — Нæ хъæуы ард хæрын ницæмæй... Цом. Дзерассæ фæзылди машинæйырдæм. Бимболат йæ фæдыл. Чызг æрлæууыди кабинæйы цур, лæппу фæзылди гуыффæйыр- дæм. — Кæдæм? — ныххудти Дзерассæ.— Рацу æмæ дæ бынаты сбад. Æз дæ фарсмæ сбаддзынæн. Бимболат фæстæмæ фæзылди æмæ иннæрдыгæй сгæпп ласта кабинæмæ. Схызти Дзерассæ дæр. — Куыд баныхас кодтам, афтæ, кæннод... — Бирæгъ æнхъæл мын ма у,— дзуапп радта Бимболат, æмæ-( машинæ фезмæлыди. Бимболат хæрзарæхстæй скъæрдта машинæ. Дзерассæ йын касти йæ къухтæм, йæ къæхтæм. Машинæйы хæйттæ, цыма йæ- хи уæнгтæ уыдысты, афтæ кастысты йæ коммæ. Рæстæгæй-рæс- тæгмæ йын-иу зулмæ бакаст йæ цæсгоммæ дæр. Мæнæ йæ рахиз уадул. Абонрайсом æй куыд тыхджынæй ныкъкъæрццытæ код- та... «Цæмæн æй ныццавтон... Уарзгæ мæ куы кæны... Æз дæр æй куы уарзын... Фæлæ цæмæн... Цæмæн бакодта бирæгъы ми?.. Æз уæрыкк куы нæ дæн... Нæ, æрцахуыр кæнын æй хъæуы. Сылгоймаджы риуы дæр зæрдæ кæй ис, йæ сæры магъз кусгæ кæй кæны, уый хъуамæ æмбара. Уый м.æ уарзы, уый йæхи хъуыддаг у. Фæлæ йæ æз кæд нæ уарзын, уæд та? Уый та мæхи~ хъуыддаг у. Кæд æй мæ зæрдæ нæ исы, уæд мæм ма ’вналæд. Æз мæхицæн пъатæ кæнын бауадздзынæн, æрмæст кæй уарзон, мæхпцæн мойæн кæп равзарон, уьш... Фæлæ йæ куы уарзын... уарзын æй... цæмæн æй ныццавтон?..» — Чызджы сæры хъуы- дытæ ивтой кæрæдзи. Машинæ тæхы асфальт фæндагыл. Бимболат кæсы размæ. Ницы дзуры. Цыма хъуыды дæр нæ кæны йæ фарсмæ бадæг чызджы, афтæ дары йæхи. Дзерассæ худы йæ мидбылты æмæ та йæм зулмæ бакæсы. Фæнды йæ лæппуимæ ныхас кæпын, фæлæ цæмæй, цы ныхасæй райдайа. Фæндагыл цæхгæрмæ фæцæйзгъордта рувас. Цырæгътьг рухсмæ, æвæццæгæн, йæ цæстытæ атартæ сты, æмæ æрцæплæу- уыд, стæй фестъæлфыд æмæ асæррæтт ласта фæндагæй. 104
— Гъеуыцы, рувасы цармæй мын æфцæггот скæн, æмæ дын хомын,— худгæйæ зæгъы Дзерассæ. Бимболат æнæ фæкæсгæйæ <5ахудти æмæ йæ куыст кодта. — Дзерассæ... уыцы хæдмæл рувасы ’царм ницæйаг у... Æз дын сау рувас æрцахсдзынæн,— зæрдæ бавæрдта лæппу мид- -былты худгæйæ. Машинæ фæцæйхæццæ кодта Уæлвæзы хъæумæ. Бимболат ын фæсындæгдæр кодта пæ тахт. Æнæхудгæйæ ракасти Дзерас- сæйырдæм æмæ ныллæг хъæлæсæй афтæ: — Дзерассæ... Æз дын æгас рувæсты дзуг дæр æртæрдзы- нæн... Мæ мад мæ нал уадзы, исты хъуыддаг, дам, бакæн... — Æмæ цæуылнæ кæныс? — æваст афарста чызг. — Æмæ куыд, бакæнон?.. Гæды мыстæй куыд хъаза, уый .хъазт мæ куы кæныс. — Æмæ дæ гæдыйау чи нæ хъаза, ахæм чызг ссар. — Ахæм мæ нæ хъæуы. — Уæдæ дæ цахæм хъæуы? — Ды мæ хъæуыс, Дзерассæ... — Æмæ кæд ды мæн нæ хъæуыс, уæд та? — Уæд та... Ницыуал загъта Бимболат. Машинæ бафардæг ис уынджы. «Уæлæ дыууæ цæхгæрмæ уынджы уæле Дзерассæйы хæдзар. Ныртæккæ ссæудзыстæм, чызг рахиздзæн æмæ чбацæудзæн йæ хæдзармæ. Æз та баззайдзынæн мæ катай, мæ гуырысхотимæ... Кæд æй æцæг нæ хъæуын... фæлæ уæд цæмæн сбадти мæ маши- нæйы... Куыд æй бамбæрстæуа... «Уæртæ мын уыцы рувас æр- *цахс æмæ дын комын»...— хынджылæг мæ кæны. Зоны, уарзын æй, уъщ æмæ мæ хъазы... Нæ, цæхгæр æй бафæрсын хъæуы, -æмæ, кæд нæ комы, уæд нæй æмæ нæй...»—хинымæр скарста Бимболат. Машинæ ныллæууыди Дзерассæты хæдзары цур. Чызг рахи- зынмæ рахъавыд. — Бузныг, Бимболат... — Дзерассæ...— æнæбарыгомау æм сдзырдта лæппу,— кæд дын афтæ æнад-дæн... кæд мæ дæхицæн аккаг нæ кæныс... Дзерассæ исдугмæ ныхъхъус и. Стæй йæм бакаст, бахудти: — Бимболат... Лæппу йæм раздæхти... Диссаджы адджын .фæлмæн хъæлæ- сæй айхъуыста ацы хатт йæ ном Дзерассæйы дзыхæй. Цæсты зулæй касти размæ, фæлæ зæрдæйæ, сæры магъзæй, æппæтæй дæр хъуыста Дзерассæмæ, цы дзурдзæн дарддæр та, зæгъгæ. — Бимболат... Æнхъæлдæн æмæ дын бакомдзынæн æнæ рувæстæй дæр.—Ацы ныхæстимæ чызг ныххудти, æмæ, машинæ куы ’рлæууыд, уæд рагæпп ласта кабинæйæ. 105
Бимболат фыццаг джихæй аззади. Иæ цæсгом æгасæй дæр ныххудти, стæй цæхгæр фæзылди æмæ тагъдгомау рахызт йæ фæдыл. — Дзерассæ!.. Кæд? — Кæд сарæхсай, уæд,— йæ уæхсчы сæрты йæм радзырдта чызг æмæ кæрты дуарыл фæмидæг. Лæпу фыццаг сагъдауæй лæууыди, йæ фæдыл бауайын йæ зæрды уыдис, фæлæ чызг ахæм хивæнд митæ нæ уарзы. Нæй бацæуæн. Цæхгæр фæзылди æмæ кабинæйы абадт. «Кæд сарæх- сай, уæд...» Ома, куыд сарæхсон?.. Ныронг, æвæццæгæн, нæ- са- рæхстæн, æмæ мын уырды над фæкодта... Фæлæуу... Абоны нады тыххæй дын æз... Ухх!» — бартхъирæн кодта, æмæ маши- нæ фезмæлыди. Йæ уынæр сæмхæццæ йе скъæрæджы зарæгимæ æмæ уайтагъд базыртыл тæхæгау амынæг ис уæллаг сыхы. , &&& Аивгъуыдтой та дыууæ къуырийы дæр, уæддæр Таратæй ха- бар нæ уыди. Рацыди ноджыдæр къуыри, уæддæр нæц æмæ нæй. Ферох кодтой сæ дзырд. Фехæлдтой сæ ард Таратæ. , Уæд иубон Майрæм Газаччы бæхыл саргъ авæрдта æмæ балæууыди Дæлвæзы хъæуы йæ ардхал кайысты дуармæ. Æр- гæпп ласта йæ бæхæй æмæ кæрты дуар тымбыл къухæй бахоста, Уыцы рæстæджы хæдзары уыдысты Цопанон æмæ Катя. — Марадз-ма, чызг, акæс, афтæ чи хойы дуæрттæ? Катя тæнæг къабайы рауади кæртмæ æмæ байгом кодта кулдуар. Майрæм æнæ «мидæмæ» фехъусгæйæ бахызти. Катя фыццаг фæджих, стæй фырцинæй ныххудт æмæ йæхи баппæрста Майрæмы хъæбысмæ. — Майрæм!.. Майрæм!.. Мæ зæрдæйы уидаг, мæ цæсты рухс... Нæ мæ ферох кодтай?—дзырдта Катя, фырцйнæй кæугæ æмæ худгæйæ. — Нæ,*нæ, цытæ дзурыс, Катя. Дæуæн ферох кæнæн ис... Иунæгæй дæ хæдзары? — бафарста лæппу æмæ бакасти тыргъ- тырдæм. — Дзыцца нæхимæ ис. Цогтанон сæм касти рудзынгæй. Майрæмы кæртмæ æрбахиз- гæ куы ауыдта, уæд йæ цæсгом фæсырх и, фырмæстæй рафыхти æмæ йæм ралæбурынмæ хъавыд, цæмæй йын алывыд фæкала æмæ йæ фæстæмæ атæра, фæлæ тыхамæлттæй йæхи баурæдта. Чи зоны, нæ баурæдтаид, фæлæ Катя лæппуйыл йæхи куы бап- пæрста æмæ йыл цинтæ куы кодта, уæд ма хи бауромынæй: дарддæр цы йæ бон уыди. Æрмæст ма иу хъуыддагыл катай кодта. «Исчи йæ куы фена нæ хæдзармæ æрбацæугæ, уæд ныл худинаджы зарджытæ фæкæндзысты адæм». Рудзынг ратъæпге кодта æмæ тызмæгæй радзырдта: 106
— Чызг, дуар сæхгæн! Катя фестъæлфыди, фæстæмæ фæзылди дуар æхгæнынмæ. ■ Майрæм æй баурæдта: — Фæлæуу, Катя. Мæ бæх æддейы ис—Йæхæдæг стыр кæрты дуар байгом кодта æмæ бакодта бæхы кæртмæ. Сарайы цæ- джындзы-рагъæныл ын баппæрста йæ идоны рохтæ. Уазал фæззыгон бон Катя тæнæг къабайы лæууыди кæрты астæу æмæ гæртт-гæртт кодта. Фæлæ уазалæй нæ. Цы уыдзæн дарддæр та, уымæй тарсти. Цы зæгъдзæн мад?.. — Не\ суазал дæ, Катя?..— афарста йæ Майрæм æмæ фел- вæста йæ палто. Æркодта йæ Катяйы уæхсчытыл, æрбакодта йæ йæ хъæбысы, афтæмæй араст сты хæдзармæ. Цопанон уыдта уыдæттæ. Федта, Катя йæхи куыд баппæрста Майрæмыл, Майрæм бæх куыд æрбакодта кæртмæ, хионы-хуы- зæн æй цæджындзыл куыд абаста, йæ палто куыд фелвæста æмæ йæ Катяйы уæхсчытыл куыд æркодта. «Æвæццæгæн, кæ- рæдзи бирæ уарзынц», загъта йæхиньшæр. Йæ зæрдæ фæфæл- мæндæр... Ныр дæлæ æрбацæуынц. Майрæмыл уыди кæрдæгхуыз фæсмын хæдон, галифе, цы- рыхъхъытæ. Иæ астæу фæтæн ронæй æлвæст, йæ сæрыл бухай- раг уæлдзармæй хъусджын худ. Мад скатай мидæгæй. Куыд дара йæхи ацы къæйных, фæлæ йæ чызджы уарзон лæппуимæ, йе сиахсимæ, цы йын зæгъа, куыд ыл сæмбæла, куыд æй суазæг кæна?.. Майрæм байгом кодта хæдзары дуар. Раздæр бауагъта Ка- тяйы, стæй бахызти йæхæдæг дæр. Катя ныллæууыди дуары дур. Дарддæр бакъахдзæф кæнын нал уæндыд. Иæ фарсмæ æрлæууыди Майрæм дæр. Исдугмæ хæдзары хъыпп-сыпп нæ уыди. Æртæ адæймаджы лæууыдысты, кæрæдзимæ кастысты æмæ ницы дзырдтой. Цо- ланон касти хъуынтъызæрфыгæй дыууæ кæстæрмæ æмæ йæ дзыхы ныхас нæ бадти. Мады зæрдæйы фæлмæндзинад æмæ æгъдау хъуырдухæн кодтой. — Цопанон...— сдзырдта æрæджиау Майрæм.— Уыцы бар мын ратт æмæ дæм мæ ныййарæг мады номæй дзурон... Лæппу æнхъæлмæ касти дзуапмæ. Мад ннцы сдзырдта, змæлгæ дæр нæ фæкодта. Æнæныкъулгæ цæстытæй касти чызг æмæ лæппумæ. Катяйæн йæ зæнгтыл зыр-зырæг бахæцыд. Ты- хамæлттæй ма лæууыди. Æрæджиау Цопанон сабырæй рай- дыдта: — Мæнмæ мады номæй дзурай, уый аккаг нæма дæ.— Стæй йе ’рфгуытæ уæлдæр систа æмæ бакасти йæ чызгмæ. Зына-нæ- зына мидбылты худт абадти йæ цæсгомыл. Æрмæст хъæбулы 107
зæрдæ бамбæрстаид уыцы бахудт. Хурау ныррухс ис чызджы цæсгом. — Дзыцца! — фырцинæй ныккуыдта Катя æмæ йæ мады хъæбысмæ йæхи баппæрста. _Мад нал асхуыста йæ чызджы. Æрбалвæста йæ йæхимæ. Иугай цæссыджы æртæхтæ æртылдысты йæ. æндъылдтæ, хус уадултыл. Амбæхсинаг сæ уыди уазæгæй æмæ иннæрдæм азыл- ди. Катя скасти йæ мады цæсгоммæ æмæ кæугæ-худгæйæ дзырд- та: — Дзыцца... о, мæхи дзыцца!.. Ныххатыр нын кæнг. Ма йæм акæс знаджы цæстæй... Хи лæппуйау дын уыдзæни... Уымæн нæй мад... Йæ ныййарæг мадау дæ буцæй дардзæн... Катя йæ къухæй сæрфта мады цæссыгтæ, йæхн цæссыгтæ ныхъуыргæйæ. — Цæй, хорз, хорз, мæ хъæбул,— сдзырдта Цопанон саст кæуынхъæлæсæй, йæ куатæйы фæдджийæ йæ цæссыгтæ асæрф- та æмæ разылди Майрæмырдæм. — Мидæгдæр рацу, лæппу,— загъта æмæ йæм бакасти хъуынджын æрфгуыты бынæй. Фæлæ ацы хатт йæ цæстытæ афтæ тызмæг нал уыдысты. Мад райста Катяйы уæхсчытæй Мапрæмы палто æмæ йæ биноныг сауыгъта фæсдуары рагъæныл. Катя æмæ Майрæм кæ- рæдзимæ бакастысты. Майрæм ма лæууыди къæсæргæрон. — Мидæгдæр рацу,— ногæй та радзырдта Цопанон.— Иугæр нæ къæсæрæй æрбахизынмæ дæ ныфс бахастай, уæд рацу ми- дæгдæр. Цы митæ бакодтай, уыдоны тыххæй дæ атæрын бæргæ хъуыди, фæлæ ма цы бакæноы...— æргомдæрæй бахудти мад. — Дзыцца...— цыдæр зæгъынмæ хъавыди Катя, фæлæ йын йæ ныхас айста мад. — Ды та дзæгъæл дзырд ма кæн, чызг! Афтæ æнхъæл дæ, æмæ мæ риуы зæрдæ нæй? Чызг дæ æмæ ницæуыл ахъуыды кодтай; уый та лæг у æмæ мæм афтæ цæуылнæ æрбарвыста, дæ чызгыл ма тыхс, зæгъгæ?.. Фæлæ... исты фехъусын кодта? Ды та мын афтæ зæгъыс, йæхи мады хуызæн дæ уарзы... Исчи йæ мады афтæ сцоппай кæны? Мæ уд куы сцæйхаудта дæу агуры- иæй... Æз кæугæ æмæ ниугæйæ мæ хъæбулы куыд агуырдтон... — Дзыцца...— Майрæм фыццаг хатт сдзырдта Цопанонмæ мады номæй...— тынг азымджын дæн дæуæй... фæрæдыдтæн... дæ зæрдæ дын фæриссын кодтон... Гъемæ, мæ рæдыд ’сраст кæн- дзынæн... — Хорз... Хорз, æууæндын...— сдзырдта мад фæлмæн хъæ- лæсæй. Æхсызгон ын уыди, лæппу йæм мады номæй кæй сдзырд- та, уый. 108
\ Катя фæхъæлдзæгдæр. Мидбылты худти. Хæдзары куыстытæ V кæныныл балæууыди, æфснайдта. Цопанон йæ цæст дардта сæ ^дыууæмæ дæр æмæ цин кодта, сæ кæрæдзи афтæ хорз кæй æм- барынц, ууыл. Фæлæ уæддæр йæ зæрдæ не ’нцади. Йæ сæры магъз ын цух нæ уагъта иу фæдисы хъуыды: «Исчи куы ’рба- уайа, а лæггпуйы ам куьГ’рбаййафа, уæд мыггагмæ худинаг æмæ амæлæт...-Сæ чызджы сын чи асайдта, уыцы лæгимæ фидаугæ дæр иæма бакодтой, афтæм-æй сæ хæдзары бады», зæгъгæ. Фæ- лæ йын цы гæнæн уыди. Лæппуйæн та истытæ’ацæттæ кæнын хъуыди, цæмæй тагъддæр аздæха, мачи йæ базона, ам уыди, ’уый... — Чызг, уазæджы истæмæйты хорз фенын хъæуы,— дзуры Цопанон. — Дзыцца, сиахсæн дæм двайно ис? — хъазгæйæ афарста Катя йæ мады æмæ Майрæммæ йæ цæст фæныкъуылдта. Ба- худти йæм Майрæм дæр. — Гуыбынниз дæ макуы айсæд, уый дын двайно! Æгæр суагътай де ’взаг. Дæ^дзыхыл хæц æмæ дын æз цы зæгъон, уый кæн. Уазæгæн цы хъæуы, уый æз дæуæй хуыздæр зонын,— тыз- м’æгæй йæм скасти Цопанон.— Марадз, æйчытæ асæтт æмæ хъайла акæн. Нуазинаг цы хъæуы, уый мæ^сæдæг зонын. Сахат æмæ æрдæджы бæрц ма сæм фæбадти Майрæм. Цо- панопз ын двайно дæр ссардта æмæ, йæлсьухы цы уыди, уыдæт- тæ. Цыдæр уæлæнган ныхæстæ дæр акодтой, фæлæ уæддæр, йæ чызджы кæд арвитдзæн, уый тыххæй ницы дзырдта ус. Майрæм хъуыдытæ кодта, уæдæ цыхуызы, куыд фæлмæндæ- рæй ракъаха мады, Катяйы арвитыны тыххæй йæм цы фæнд ис, уый базонынæи. Æргомæй йæ куы бафæрса, уæд ын æй къæй- ныхдзинадыл, æдзæсгомдзинадыл куы баиымайа æмæ та йæ зæрдæ куы сæхгæна. Хъыг ын куы уа. Мад уыцы хъуыддаджы фæдыл æппын куы ницы кой кодта, уæд æй афарста: — Дзыцца, æппьгн дæ чызгæй нæма сфæлмæцыдтæ? Цопанон æм бакасти уазал цæстытæй. — Æмæ искуыма мад йæ хъæбулы уындæй сфæлмæцы? Кæд æгоммæгæс разынди мæ чызг, йæхи цы фæндыди, уыдæттæ ба- кодта, уæддæр мæ хъæбул у..: Ды цы зæгъынмæ хъавыс, уый æз æмбарын!.. æрхъæцмæ нал лæууыс! О ныры фæсивæд, цы æнæ- фæразон рахастат!.. Мах заман-ыу лæппу фидыды фæстæ дæр æр- тыгай, цыппæргай азтæ дæр фæрæзта, æнхъæлмæ касти. Цалын- мæ-иу ирæд бафыста, мадæн-иу лæвæрттæ æрбаласта, уæдмæ. Мах та дæ нæ чызгæн ирæд дæр куы нæ исæм, лæвар дын æй куы дæттæм, уæд... Катяйы цæсгом.асырх. — Ой, Дзыцца... Цытæ дзурыс?.. Худинаг! 10)
— Банцай! Æз хъазгæйæ загътон...— Цопанон фæхъус. Ирæ- ды тыххæй кæй загъта, уымæй срæдыдй, сирвæзти йæ хъуыды.— Фод афтæ... æмбарын дæ... Оцæттæ .кодтон æз алощдæр... Рæх-' джы æрцæудзæн нæ лæппу æмæ уæм уæд фæхабар кæндзы- стæм... Кæд мын щыфæнды зын. у, уæддæр арвитдзынæн мæ иу- нæг чызджы буцæй...— иннæрдæм (азылди мад æмæ йæ цæссыг- тæ асæрфта. — Дзыцца... дзыцца... мыггагмæ куы нæ хицæн кæнæм, мий- йаг... Æз-иу нæхимæ æрцæудзынæн... дæу та-иу уæлæмæ акæн- дзыстæм, немæ-иу цæрдзынæ... — Хорз, хорз мæ къона, ,мæ уд дæ иу боны нарды фæхъхъау фод. Къуырийы фæстæ... Абон у хуыцаубон, табу йæхицæн, иннæ хуыцаубоны... — Бузныг, дзыцца стыр бузныг... Гъе, мады лæвæртты тых- хæй та...— Цыдæртæ ма зæгъинаг уыди Майрæм, <фæлæ Катя йæ разæй фæци: — Ма дзур... дзыццайы тыххæй цыдæриддæр бакæндзыс- тæм. — Æмæ мæн та ма цы хъæуы, мæн?.. Сымах мын амонд- джын куы уат, уæд мæ æндæр ницы хъæуы,— уæ рын бахæро- нæй дзуры мад. Майрæм зæрдæрухсæй, хъæлдзæгæй рацыди кæртмæ. Иæ фæ- дыл рауади Катя дæр. Цопанон та сæм рудзынгæй ракасти... Рухс уыди йæ зæрдæ, фæлæ та йе ’рфгуытæ фенцъылд сты цы- дæр тæссаг хъуыдыйæ. Радзырдта сæм: — Чызг, рауай-ма! — Катя йæм базгъордта,— хъусыс, йæ фæдыл уынгмæ -ма ацу... Исчи уæ фецдзæн. — Хорз, хорз, дзыцца,— схудти Катя æмæ фæстæмæ раз- гъордта. Бæх хордта хæрæгнасы стыр кæрстытæ. Цопанон ын сæ нык- калдта, сарамæ куы рауади, уæд. Майрæм лæууыди йæ цуры æмæ йын хъуыста йæ мыртт-мыртмæ, цæсты зулæй та касти мад- мæ. Катя йæ цуры алæууыди. Фæстæмæ ракасти, мад æй уыны рудзынгæй æви нæ, уый базоныны тыххæй; Куы нæ йæ федта, уæд йæ къухтæ авæрдта Майрæмы астæуыл æмæ йын йæ цæс- гоммæ скасти. Цыдæр зæгъынмæ хъавы, уый бамбæрста Мал- рæм, æнхъæлмæ касти, фæлæ Катя ныфсæрмы. — Катя, цыма мын цыдæр зæгъинаг дæ?.. — О, фæлæ йæ нæ уæндын... .— Ау, ахæм стыр сусæгдзинад у, мæнæй кæй бамбæхсай?.. — Дæуæй йæ не мбæхсын... фæлæ дын æй куыд зæгъон?..— чызг бынтондæр ныфсæрмы. Иæ цæстытæ æруагъта æмæ мид- былты худти. 110
«Афтæ худгæйæ зæгъын кæй нæ уæнды, уый æвзæр хабар нæ \уыдзæни»,— хъуыды кæны Майрæм. \ — Зæгъин дын æй æмæ... Мæ цæсгом судзы... — Æмæ мæнæй та цы ’фсæрмы кæныс? Зæгъ æй. — Зоныс... Сывæллон...— дарддæр æй зæгъын нал бауæнды- ди. йæ цæсгом амбæхста Майрæмы риуыл. Бамбæрста йæ Май- рæм. Фырцинæй йæцæсгом ныррухс и. — Махæн? Катя!.. — О,— загъта чызг æмæ .йæм скасти. Ницæуылуал ахъуыды кодта лæппу. Æрбалвæста Катяйы йæ хъæбысы æмæ йын пъатæ кæнынæй нал æфсæсти. Уыцы пъатæ æмæ хъæбыстæгæнгæйæ сæ Цопанон рудзын- гæй федта. Фæсырх и, нннæрдæм азылди æмæ йæм кæд ничи хъуыста, уæддæр дзуры: «Арвитын æй хъæуы». Стæй .цæхгæр фæзылди æмæ рацæйцыди. Къæсæрыл схуыфыди, цæмæй йæ фехъусой, уый тыххæй. Катя æмæ Майрæм лæууыдысты æмæ хъæлдзæгæи кæрæдзимæ худтысты. Кæртмæ рацыди Цопанон. Æхсызгондзинады нысантæ зын- дысты йæ цæсгомыл. Фæлæ æрбайхъуысти кулдуары къуырцц- къуырцц. Зæронд усы ’цæсгом фæстæмæ йæ гаччы абадти. Æрф- гуытæ æрхаудысты. Фæтарстис, исчи сæ куы æрбаййафа,уымæй. Катя æмæ Майрæмæн къухæй ацамыдта, сарамæ банæут* зæгъ- гæ, йæхæдæг уæззау санчъехтæй араст и кæрты дуарырдæм. Нал ахæццæ. Кулдуар фегом ис æмæ кæртмæ бахызти слестгæнæг Нинæ. Цопанон Толаты Нинæйы никуы федта. Хъил дурау лæу- гæйæ баззади кæрты астæу æмæ æнæныкъулгæ цæстытæл касти æнахуыр уазæгмæ. — Байрйат, геройтæ! — хъæлдзæгæй загъта Нинæ, Майрæм æмæ Катяйы иумæ лæугæ куы ауыдта, уæд. Ноджы мад ,дæр сæ цуры. — Ой, Нинæ, æгас нæм цæуай! — йæ размæ худгæйæ рауа- ди Катя. Йæ къух ын ралста Майрæм дæр. — Дзыцца, уый Толаты Нинæ у, мæ хорз зонгæ, горæтæй,— цингæнгæйæ дзырдта Катя. — Æгас нæм цу, мæ хур,— салам ын радта Цопанон.— Ми- дæмæ рацу, нæ зынаргъ уазæг. — Нæ, нæ, мады хай. Мидæмæты мæ не ’вдæлы. Æдде мæм машинæ æнхъæлмæ кæсы. Æз Катяйы фенынмæ æрбауадтæн. Иучысыл мæ йемæ аныхас кæнын фæнды, кæд гæнæн ис, уæд. — Ис, ис, мæ хур, аныхас кæнут чысыл нæ, фæлæ бирæ дæр,—’дзуапп радта зæронд ус. Æнгомдæр æрбахгæдта кулдуар æмæ хæдзармæ ацьцди. ш I — Цæй, куыд у, цæргæстæ æмæ бæлæттæ, уæ хъуыддæгтæ 111
срæвдз сты? Мад æрсабыр ис? — афарста Нинæ, Цопанон хæ- дзары дуар йæхиуыл куы бахгæдта, уæд. / — Ныртæккæ уал хорз цæуыщ. Иннæ хуьщаубонь; дæ н^æ чындзæхсæвмæ хонæм,— загътой дыууæйæ дæр. — О-гъо, уы;й амонды ньгсан у. Иуæй-иутæн иугай чындзæх- сæвтæ дæр нæ вæййы, сымахæн та — дыууæ! Æз дæм, Катя, æрмæст уыцы хабæрттæ базонынмæ æрбауадтæн. Тырг æхсызгон мын у, афтæ кæй фæрæвдз стут, уын. — Стыр бузныг, Нинæ... стыр бузныг. — Æмæ нæ чындзæхсæвмæ нæ* фæзындзынæ? — афарста йæ Майрæм.— Тынг æхсызгон нын уаид. — Чындзæхсæвы уыдзынæн... " Уынгæй æрбайхъуысти машинæйы хъихъ-хъихъ. — Цæй, мæ хæлæр.тæ, иттæг æхсызгон мын у, уæ хъуыддæг- тæ уæхи фæндиаг кæй цæуынц, уый. Уæ чындзæхсæвмæ зындзы- нæн, хонæг мæм куы нæ арвитат, уæддæр. Ныр та мæ цæуын хъæуы уæртæ Дард районмæ. Машинæйы мæ хицау бады. Уый æрдæгвæндæгтыл фæстиат кæнын нæ уарзы. Хъусут, куыд хъипп- хъипп кæны? Цæй, амондджындæр хъуыддаг чи бакодта, уый æмбал фæуæд уæ хъуыддаг дæр! — загъта ма Нинæ æмæ раз- гъордта кæртæй. — Диссаджы дзæбæх адæймаг!..— зæгъы Катя йæ фæдыл кæсгæйæ. Майрæм ракодта йæ бæхы. — Цæй, Катя/ æз цæуын... Амæй хуыцаубонмæ ма нæ бафæ- разын хъæуы. — Цæуыс?..Мæ зæрдæ сау катай кæны... Ой, тæхуды, ныр- тæккæ демæ ацæуæн куы уаид!.. Куыд риссы мæ зæрдæ...— ба- катай кодта чызг. — Цæмæн?.. Куы та нæ фæсайой, уымæй тæрсыс? — Нæ Дзыцца нæ фæсайдзæн... Фæлæ афтæ куыддæр... Мæ цуры куы вæййыс, уæд мын æнцон у, уæд мæ зæрдæ рухс вæййы,' куынæуал дæ фæуынын’, уæд та сау мæйдар æхсæвау ныттар вæййы, æмæ мæм уæд кæуын фæцæуы. Цæй... Хорз, хорз... ’цу... Къуыри ма... — Катя... Кæугæ нæ... Катя ныхъхъæбыс кодта йæ лæгæн. Майрæм дæрдæг сгæпп кодта саргъмæ æмæ ацыд. Катя ма лæууыди æмæ касти йæ фæ- дыл, цалынмæ барæг цæхгæрмæ уынджы нæ фæаууон, уæдмæ. æ & ж (Ныллæууыди зымæг, фæлæ мит нæма æруарыди. Æрмæст хъæдæй æмбæрст хæхтæ фæурс сты. Тъæнджы мæй æрбахæстæг. Тагъд хъуамæ ныууара арф мит, тымыгътæ ныффуттытæ кæной 112
\ æмае дæттæ ныссæлой. «Нæ кæрт митæй байдзаг уыдзæн. Куы ^йæ акалæм, уæддæр цъыф уыдзæни æмæ чындзхæсджытæ кæм кафой,- у.ый нæ уыдзæни,— хъуыдытæ кодта Катя...— Абон ,у майрæмбон, иннæбон — хуыцаубон, фæлæ Хаджумар нæма æр- цыди. Цы та ,йæ зæрды ис, цæуылнæ цæуы, уазджыты æрцыдмæ цæттæ кæнын куы хъæуы... Ой, тæхуды...» Майрæм Таратæм цы бон уыди, Цопанонимæ <цы бо’н бафи- дыдта, уьгцы бон зæронд ус гæххæтт райста æмæ кърандасæй кылы-мылы фыстытæ ныккодта йæ фыртмæ: «Нæ лæппу, тагъд- дæр рацу.дæ хæдзармæ. Æз сцæттæ кодтон нозтæй, æндæрæй цы хъæуы, уыдои. Кæд дыи бирæ рæстæгмæ рацæуæн нæй, уæд та иу-дыууæ бонмæ ракур дæхи. Æрцæудзысты |дæ хомæ... дæ- хæдæг сын дзоырд куы радтай... арвитæм æй, йæ амонд кæм ссардта, уырдæм. Мæ бон нал у йæ тæригъæдмæ кæсынæй. Ба- хус и, баруади, мæгуыр. Æнхъæлмæ дæм кæсын æртыццæг, кæ- нæ цыппæрæммæ. Æнæрцæугæ ма фæу». Уыцы писмо Хаджумар, æвæццæгæн, райста къуырисæры, фæлæ майрæмбоны дæр никуьщæй зыны. Цопанон дæр скатай. Цы уыдзæни иунæгæй, æнæлæг хæ- дзар?.. «Уæлвæзы хъæумæ дæр фæхабар кæнын хъæуы æмæ хуы- цаубоны райсомæй æрцæуой. Æнхъæлмæ кæсдзысты. Æмæ кæй арвыстæуа? Елхъан дæр хæстæг иал цæуы...» Рахъуыды-бахъуыды фæкодта Цопанон, æххуысмæ, уынаф- фæтæм кæмæ бадзурон, зæгъгæ, æмæ ныллæууыди Хъасполыл. «Цон, Хъасполмæ бадзурон, кæд мæм уый фæкæсид»,— хинымæр дзуры зæронд ус æмæ йæ бæзджын кæлмæрзæн райста. — Чызг, мæ къона, ды уал иунæгæй абад, æз Хъасполмæ суайон, кæд нæм фæкæси’д. Кæд искæй арвитид уыцы адæммæ дæр, кæд исты уынаффæтæ акæнид. Æнæ . нæлгоймаджы зонд æмæ фезмæлдæй зын у ахæм хъуыддæгтæ кæнын. — Хорз, хорз, дзыцца. Хъаспол нæ мыггаджы лæгтæй се ’ппæтæй зæрдæджындæр æмæ æмбаргæдæр у. Æцæг-иу тагъд раздæх. ’ — Раст зæгъыс, мæ къона. Бахъуаджы сахат дзы æндæр кæмæ бадзырдæуа, уый нæй. Æз æм суайон æмæ тагъд фездæх- дзынæн. Цоланон ацыди, фæлæ фыццаг цæхгæрмæ уынгмæ дæр нæма охæццæ, афтæ йæ размæ фæци хъæргæнæг: амарди мыггаджы хистæр Тепсарыхъо. Катя Майрмимæ куы ацыди, уæд æм Тара- ты лæгтæ фæдисы куы рамбырд сты, бацагурæм æй, зæгъгæ, уæд уыцы лæгтимæ чи уыди, уыцы сырхцæст Тепсарыхъо. Цопанон раздæ/хтн фæстæмæ. — Цæмæн раздæхтæ, дзыцца? — тарстхуызæй йæ афарста 8 Хæхты 113
Катя. Мад ын радзырдта хабар. Иæ -мæрддзыгойы цæуæн сау’ къаба скодта æмæ та ацыди. Ныр Хъаополтæм нал, фæлф мæря(- джынтæм, Хъасполмæ фæстæдæр суайдзынæн, зæгъгæ,.уы,й зæр- дæйæ. Катя æнхъæлмæ касти хорз хабæрттæм, Хъасполмæ. Иæ зæр- дæ рухс уыди, фæлæ та йæ ацы фыдохы хабар зæрдæдзæф фæ- кодта. Тепсырахъо кæй амарди, уый нæ. Уый фæцарди фондзыс- сæдз азæй фылдæр. Иæ цард ницыуал уыди йæхицæн дæр æмæ йæ бинонтæн дæр, фæлæ мыггаджы зиан кæй æрцыди, уый тых- хæй та аргъæвдзысты чызгæрвысты хъуыддаг. Стæй, чи зоны, кæдмæ?.. Ады зианы хабар дæр та ныллæууыди йæ ’амонды фæн- дагыл, мæнæ уад фæндаджы был цы стыр тæрс бæлас фæлдахы, уый бæлццæтты размæ куьид ныццæхгæрмæ вæййыæмæ сæ куыд ныууромы, афтæ. Фæлæ Катяйæн фы’ддæр бæллæх йæ фæсонæрхæджы дæр нæ- •ма уыди. Адæймаг фæцарди, амарди, йæ ингæны уæлхъус чидæр- тæ радзырдтой йæ лæгдзинæдты, йæ хорздзинæдты тыххæй. «Рухсаг у» йын загътой æмæ йæ баныгæдтой. Ууыл-иу куы ахи- цæн уаид хъуыддаг, бæргæ. Фæлæ иуæй-иу «уæздан» мыггæгты æмæ «æгъдауджын» хæдзæртты мæрдтæн бафсис нал вæййы... хистытæй. Уæлмæрдхæрнæг, сабатизæртæ, дыууиссæдз боныг афаадзы хист!.. ’ Иуцыбырныхасæй, Тараты Тепсарыхъо амард^ æзиплайды. Хæдзар нæттæ у æви гаффут у, уымæ нæ фæкастй. Хæрнæг ын скæнын хъуыди, хæдзары та нозт нæ разынди. Адæм зианмæ куы æрæмбырд сты, уæд Тараты лæгтæ катайы бащыдысты, фæкъорд сты æмæ тæрхæттæ кодтой, «адæм рухсаг цæмæй зæгъдзысты», ууыл. Уæд сын Елхъан «тынг зæрдæхъы- гæй» сæ хъусты бацагъта: «Нæхи Цопанон сцæттæ кодта бирæ нозтытæ æмæ уал уымæй æфстау райсæм». Таратæ бауынаффæ кодтой Цопанонæн балæгъстæ кæнын æмæ йын йæ арахъхъытæ райсын. Хистæртæй дзыхарæхстдæр чи уыди, уыдон æртæйæ рахицаен сты лæгты астæуæй æмæ баздæхтысты сылгоймæгтырдæм. Цопанон лæууыди тыргъы, устыты æхсæн. Мæрддзыгойы ус- тытæ цы ныхæстæ фæкæнынц, уыдон кодтой, уый ницы дзырдта. Сæ сæрты касти кæдæмдæр. Йæ хъуыдытæ уыдысты, йæ хæдза- рæй цы хуыддаджы фæдыл рацьиди, ууыл баст. Р1æ зæрды уыди , рацæуын. Фæлæ йæм иуæй аив нæ касти, иннæмæн та йын Хъас- полы æнæ фенгæ нæ уыд. Уый та уым нæма уыди. «Цæуин æм •йæ хæдзармæ, фæлæ йæ сæхимæ куы нæ баййафон; уый ардæм æндæр уынгты куы фæуа, æз та дзæгъæл -цыд куы фæкæнон»,— уыдæттыл хъуыды кодта. Тæккæ уыцы рæстæджы æртæ зæронд лæджы йæ цуры æр- 114
лæууыдысты. Се ’лпæты хистæр, зæбул урсрихиджын æмæ гæ- \мæх бурхудджын Солти лæдзæгыл æрæнцой кодта æмæ баздæх- ти Цопанонмæ: 4 — Цопанон, мæ хур, зиан барвæндонæй нæ вæййы, стæй не ’взары, мах цæттæ стæм æви не стæм, уымæй. Худинаг уыдзæни æгас мыггагæн дæр, Таратæ сæ мыггаджы хистæрæн хист не скодтой, зæгъгæ, нæ куы айхъуыса, уæд... Æнхъæл нæ уыдыс- тæм, нæ зынаргъ Тепсарыхъо афтæ æнæнхъæлæджы ахицæн уы- дзæни, уый... Рухсаг уæд æмæ дзæнæты бадæд... Лæджы уы’цы ныхæстæм Цопанонæн йæ буар ныддыз-дыз кодта. ’ «Атæппæт сылгоймæгты æхсæн мæнмæ цæмæн æрбацы- дысты ацы хистæртæ?» — ахъуыды кодта. Солти дарддæр дзырдта: — Нæ хистæр уыди Тепсарыхъо. Не ’хсæн кад æмæ радимæ фæцарди, нæ мыггагæн кæддæриддæр æгъдауыл мæлæг уыди, земæ йын йæ мард дæр æгъдауыл бавæрæм. Хæрнæг скæнын хъæуы. Мæрддзыгойы адæм* ын хъуамæ рухсаг зæгъой, фæлæ æдзæттæ у хæдзар.— Нозт нæй... Нозты коймæ Цопаноны зæрдæ ныссæххæтт ласта. Йæ буар ауазал. Йе ’рфгуытæ æртар сты, фæззыгон мигъ хæхты куыд герæмбæрзы, афтæ йын æрæмбæрзтой йæ уирагдурхуыз цæсты- ты. Иæ былтæ балвæста, .йæ сæр дæлæмæ æруагъта, афтæмæй зæхмæ касти. — Хуыцау не ’взары... -Кæуылдæриддæр æрцæуы, абон Бу- лийыл ;.цы бæллæх æрцыди, 4 ахæм,— дзырдта дарддæр Солти -æмæ бацамыдта, чысыл æддаедæр, лæгты æхсæн, Тепсарыхъойы хистæр фырт Булимæ. Були лæууыди сæргуыбырæй æмæ æдзы- нæгæй касти зæхмæ.— Мах дæм æрбацыдыстæм нæ мыггаджы лæгты номæй æмæ дæ уый курæг стæм — фервæзын нæ кæн ху- динагæй... Арвы гæрæхтау æмбæлдысты Цопаноны сæры магъзыл зæ- ронд лæджы ныхæстæ. Иæ буары суанг йæ зæвæттæм ахызты- сты. Фæлæ уæддæр лæууыди. Ницы дзырдта. — Ды, Цопанон, Тараты мыггагмæ куы æрба/цыдтæ, уæдæй абонмæ нын нæ мыггагæн кад кодтай, æгъдауджынæй, æфсарм- джынæй фæцардтæ не ’хсæн, æмæ дæ буц æмæ бузныг уыдысты Таратæ. Гъер, абон æгад, æнæгъдауæй цæмæй нæ базз’айæм, уы- мæн нын баххуыс кæн... — Дæхи дæ чызджы арвитынмæ бацæттæ кодтай,— райдыд- та иннæ лæг,— нозтытæ кæй сцæттæ кодтай, уый зонæм æмæ дæм уымæн... — Ай-гъай, ай-гъай, нæ зынаргъ Цопанон, хуыцау амонд- джын фæкæнæд дæ чызджы дæр,— ногæй та райдькдта Солти,— 115
фæлæ раздæр марды хъуыддаг ахицæн кæнын хъæуы. Мæрдтæ хистæр сты æгæстæй. / Цопанон цавддурау лæууыди. Йæ сæры хъуырдухæн кодтой алы хъуыдытæ. Йæ цæстытæ цыма сæлгæ ныккодтой, афтæмæй лæгты ныллæгдæры сæрты кæдæмдæр каст, фæлæ уынгæ ницы кодта. Æрмæст æм зынди йæ чызг уаты иунæгæй бадгæпæ, ци- •ны хабармæ æнхъæлмæгæсгæйæ. «Цы уыдзæни? Цы фæуыдзæн мæ мæгуыр, ме ’фхæрд чызг?.. О, авддæлдзæхы ныххауай, цы зиан дæ... Раттин нозтытæ, фæлæ мæ чызг та? Бауромдзæн ма ащы зæрдæцæф?.. Нæ сæ раттин, æмæ мыггаджы фарн, мыгга- джы æгъдау... цы кæнон?... Ой, тæхуды, цы кæнон?..—катай кæны зæронд ус.— Кæм ис Хъаспол та, куы нæма зыны?.. Кæ- уыл банцой кæнон?.. Мæ фарс чи фæлæудзæн?..» — Нæ зынаргъ Цопанон,— нал æмæ йæ нал уадзы зæронд лæг, раст зæронд бирæгъ сæгуыты фæдыл куыд бафты, афтæ йæ иу ран нал уадзы.— Мах дæм лæгъстæ кæнынмæ æрбацыды- стæм нæ <мыггаджы лæгты номæй... Ныртæккæ дæ, кæй зæгъын æн хъæуы, не’нтысы, æмбарæм æй... фæлæ цы бакæнæм мах дæр. Фервæзын нæ кæн худинагæй. Ратт нын дæ нозтытæ. Мыг- гаг дын нæ феро^х кæндзæн... — Уазджытæ иинæбон æрцæуинаг сты... Цы цæсгом ма сæм равдисдзынæн?... — Уьидонмæ фæхабар кæндзыстæм, «ма рацæут», зæгъгæ. Бафæстиат уал уыдзысты. Стæй аив дæр нæу. Абон нæм адæм æрдиагмæ цæуынц, райсом та нæ къæрццæмдзæгъд айхъуыса?.. Мах зианджын, мæрдджын стæм æмæ нæ ныртæккæ уыдонмæ не’вдæлы... — Мæнæ нæ марды куы бафснайæм, æгъдау ын куы скæ- нæм,— йæ ныхасы хай анста æртыккаг лæг дæр æмæ Цопаион- мæ комкоммæ иыккасти,—адæм рухсаг куы зæгъой æмæ куы ахæлиу уой, уæд нæхæдæг бауынаффæ кæндзыстæм, Берозты кæд æрхоныи хъæуы, ууыл... — Мыггаджы кад хъахъхъæнын хъæуы, мæ хур Цопанон,— нæ йæ уадзы уæддæр Солти.— Гъер дæ уазджытæ куы æрцæуон æмæ сып мыггаг салам куы нæ зæгъа, куы нæ сыл бацнн кæной, уæд куыд уыдзæни, уый-ма ,мын зæгъ? Мыггаг тыхджын у... Дæ дзуапмæ æнхъæлмæ кæсæм, Цопанон. Цоланон ма иу хатт йæ цæст ахаста лæгтыл. Р1æ цæстæнгас зыдæй агуырдта Хъасполы, фæлæ йе’намондæн нæма зынди. Иæ зæрдæ асасти бынтондæр. Акатай ма кодта, фæлæ йæ бон ницыуал баци, йæ зæрдæ цъæх арт уагъта, <цæсгом та доннаг- дурау ныцци, афтæмæй загъта: ’— Раласут сæ... — Стыр бузныг, Цопанон, де ’гъдау, дæ кад дын хуыцау ма- 116
,куы фесафæд,—загътой æртæ лæджы æмæ разыйæ рацыдыстьь \ Рацыди Цопанон дæр. Р1æ зæнгтæ йæ быны дыдæгътæ код- той. Йæ, фæдыл дыууæ лæджы тылдтой лæгуæрдон. Цопанон байтыгъта кæрты дуæрттæ. Лæгтæ сарайы ныккæндæй стылд- той дыууæ егъау боцкъайы æмæ сæ сæвæрдтой уæрдоны. Катя касти рудзынгæй, рауайынмæ хъавыди, фæлæ лæгты уæрдонимæ куы ауыдта, уæд фæджих, стæй йæ сæры царм ныд- дыз-дыз кодта. Фæстæмæ æрхауди йæ бандоныл. Атылдтой уæрдон, аластой боцкъатæ. Цопанон сæ фæдыл ах- гæдта дуар. Ф,æстæмæ куы разылди, уæд бынтондæр æрлæмæгъ. Тыхамæлттай схызти тыргъмæ. Бацыди хæдзармæ æмæ астæ- уæй чысыл бандоныл æрхауæгау кодта. Катя мады хъæбысмæ йæхи баппæрста æмæ ныккуыцта. Цо- панон бадти цавддурау æмæ æнæныкъулгæ цæстытæй касти къулмæ. Йе ’ицъылдтæ рустыл ставд цæссыджы æртæхтæ дæлæ- мæ гæр-гæр кодтой. — Ды мæ нæ уарзыс, дзыцца... дæ риуы нæй мады зæрдæ,— хæкъуырццæй кæугæйæ дзырдта Катя. Мад уæддæр ницы дзырдта. Иæ дæрзæг æнгуылдзтæй рæв- дыдта йæ чызджы дзыккуты пæгтæ. Йæ цæстытæ цыма цъæх суадæттæ фестадысты, афтæ сæ дæлæмæ згъордта дон/ Мадьг зæрдæмæ бахъардта судзгæ тæригъæды тых. «Цы хуыцау мæ ныццавта, цæмæн сразы дæн нозтытæ раттыныл!.. Ой, баныгæ- нинаг æдылы сæр, басудзинаг сау зæрдæ!..» Йæ бон ма куы уы- даид, уæд расырдтаид уыцы лæгты æмæ сын байстаид йæ боц- къатæ... Йæ кæуын тыххæй урæдта ныронг, фæлæ йæ бон нал баци æмæ нырдиаг кодта: — О, ныххатыр мын кæн, мæ хъæбул!.. Ныббар мын, мæ зэердæйы уидаг!..— Йæ чызджы сæрыл схæцыди æмæ йæ æрбал- хъывта йæ риумæ.— Ис мын, ис, мæ къона, мады зæрдæ, фæлæ йæ дæ мыггаг баныгæдтой сæ фарн æмæ се’гъдæутты бын... Фæлтау мын мæхи куы баныгæдтаиккой æмæ мæ хъæбулы зæр- дæхудты куы нæ бацыдаин!.. Цæй арф ын нынныгæдтой Таратæ йæ зæрдæйы хъæбулмæ’ уарзопдзинад æмæ бæллиццæгты! Ныр та цæй тыхджынæй срæ- мыгътой уыцы «æгъдæутты» æмæ «уагты» фæлтæрты бынæй йæ- зæрдæйы уарзондзинад æмæ хорз миниуджытæ, -цæстысыджы суадæттæ æмæ æрдиаджы уылæнтæй... срæмыгътой зæронд усы риуæй, раст нæ цъитисæр хæхты бынæй тæвд хъæрмæдæттæ куыд срæмудзынц, афтæ. Мад æмæ чызг суанг изæрмæ фæкуыдтой. Йæ нозтытæ йын тагъд фæстæмæ ратдзысты зианджынтæ, Цопанон ууыл йæ зæрдæ нæдардта. Бамбæрста, -цы уæззау сайд ыл æрцыди, уый .æмæ та йæхæдæг балæууыди цæттæ кæныныл. пт
Мыггаджы фарн æмæ номыл, мæрдджынтыл æмæ сæ хистыты «æгъдæуттыл» алывыд калгæ æмæ тутæгæнгæйæ голджытæ баи- дзаг кодта нартхорæй, куыроймæ сæ аласта, бафтыдта зад бæ- гæныйæн. Нал ауæрста йæхиуыл, >цæмæй йæ чыэщжы тагъддæр арвита, уый тыххæй. Уæдмæ æцæг зымæг æрбалæууыди. Сабаты изæрæй уазал .дымгæ æрбафуттытæ кодта, Мит æрæмбæрзта хæдзæртты сæр- тæ, æрбадтис бæлæстыл. Бæстæ урс-урсид адардта; Дыккаг бон тымыгъ уазалæй цъьгччытæ кæнын байдыдта. Дыууæ бонмæ цæу- гæдæттæ ихæй ныттæгæр сты. , Цопанон уыщы уазалы дæр куыста гом сарайы. Арахъхъæг- тæ сдыдта, дон хаста, суг саста. Æхсæв, бон нал зыдта. Йæ уæ- .лæ айдагъ тæнæг къаба, хæцъилæй дзабыртæ. Куы-иу йæ хид .акалди, куы та-иу уазалæй гæртт-гæртт кодта. «Цыдæриддæр уа, уæддæр иннæ хуыцаубон арвитын хъæуы чызджы»,— хъуы- ды кодта, фæлæ адæймаджы бон цас у. Æртьщцæджы, уазалæй зыр-зыр гæнгæ бацыди хæдзармæ, йæ зæнгтæ дыдæгътæ кодтой, афтæмæй æрхуыссыди. Катя йын йæ ныхыл иæ къух авæрдта æмæ фæтарсти. Ных уыди тæвд, Сыхæгты гыццыл чызджы арвы- ста дохтырмæ. — Иæ рæуджытæ уазалæй фæсахъат сты,— загъта дохтыр æмæ йын хостæ рафыста. Æнæхъæн æхсæз мæйы фæхуыссыди Цопанон сæ хæдзары. Рынчьшдонмæ нæ бакуымдта. Æрмæст майы мæйы райдианы слæууыди йæ къæхтыл. Царм æмæ стджытæ фестади. Иæ дзау- ма йыл зæбултæй бадт, раст ын цыма йæ сау къаба кауы михыл æрчынди, уыйау. Цалынмæ Цопанон рынчын уыди, уæдмæ Катя йæ цурæй æд- дæмæ нæ ракасти. Зылдис æм хорз дохтырау. Иæхи хъуыддагмæ та йæ .зæрдæ куыддæр ныкъкъуырма. Куыд ныууагътаид йæ рынчын мады æвæгæсæгæй, иунæгæй æмæ куыд алыгъдаид йæ лæгмæ. Æхсæз мæйы дæргъы Хаджумар йæ рынчын мадмæ æрцыди æрмæст æртæ хатты. Æрцыди-иу æнæистæмæй, æцæгæлон адæй- маджы бадт-иу акодта мады дур æмæ-иу рацыди йæхи уатмæ. ’Уым уыди æхгæд чырын. Дæгъæлтæ уыдысты йæхи дзыппы. Байгом-иу æй кодта æмæ дзы-иу цæвæрдта, кæнæ дзы-иу систа ^ехца, фæстæмæ-иу æй сæхгæдта æмæ та-иу афардæг. Уал цы- дæн йæ дзыхæй иу хъыпп, иу сыпп не схауди йæ хомæ! Гуырд у, гуыринаг у, цæры, нæ цæры — хъуыды дæр æй нæ кодта. Иæ гйедыныхæстæ, йæ -цъыфкалæн писмойы тыххæй йын афæдзы тæрхон кæй рахаста тæрхондон, стæй йын адæм стыр уайдзæфтæ Ш
кæй фæкодтой, уыдоны тыххæй аххооджыныл нымадта Катяйы æмæ дзы йæ маст мста. Катя йын зыдта йæ гуымиры удыхъæд æмæ дзы йæхи æддоз- ты ласта. Уæлдайдæр ныр, зынгæ æнхъæлцау кæй уыди, уый тыххæй. Уымæй дæр, Хаджумарæн цæстысындз чи уыди, уымæ?ь Ферох кодта Катя йæхи, Иæхи хуызæнæй йæм ницыуал баз- зади. Ныффæлурс, йæ цæстытæ бахаудтой. Цалынмæйæ мад рын- чын уыди, уæдмæ-иу æм бауадысты сыхбæсты сылгоймæгтæ. Аххуыс ын-иу кодтой: кæм суг састой, арт кодтой, уæттæ, сара æфснайдтой, кæм ын рынчыны хæринаг цæттæ кодтой. Цы сæ* бон уыди, уымæй йын ахъаз уыдысты. Æруадис æм-иу Майрæм дæр, цалдæр хатты ,йæ хо Зæирæйьг æркодта фæкæсынмæ. Семæ йын-иу æрхастой æнæкæрон цин- дзинад. Æрхаста цалдæр хатты рынчынæн рог хæринæгтæ, ад- джинæгтæ дæр. Зымæджы каникулты рæстæджы Зæирæ дыууæ* къуырийы фæци Катяимæ. Иухатт та Майрæм цыдæртæ æрхаста рынчынæн. Фæбадти Цопаноны цур, хъазæн, ныфсæвæрæн ныхæстæй йæ бахъæлдзæг кодта. Ф.æссихор сæхимæ /цæуынмæ куы хъавыди æмæ кæртмæ- куы рахызти, уæд уым хæрхæмбæлд фæци Хаджум’ар æмæ Ел- хъаныл. ’ — Ам цы ’Ми’ кæныс, куыдзы хъæвдын?!. Чи дын радта мæ* хæдзармæ æрбацæуыны бар?! — стъæнг ласта Хаджумар. — Æз рынчынмæ æруадтæн...— йæхи уромгæйæ дзуапп рад- та Майрæм. Æнæнхъæлæджы йæ къухтæ æрбатымбыл сты. Иæ- дæндæгты къæс-къæс ссыди. — Тагъд дæхи айс мæ кæртæй! — хъæр систа Хаджумар...— Искуы ма дæ мæ хæдзары къæсæрæй æрбакæсгæ куы фенон,. уæд дæ... Майрæм ныллæуыди æмæ йæм комкоммæ касти. «Куыдз пге- дуармæ хъæбæрдзых вæййы»,— зæгъы хинымæр. Иæ маст сцæй- цыди, фæлæ йæ зæрдыл æрбалæууыд рагон æмбисонд: «Карз мæсты куы ’рбауай, уæд ма-иу ахъуыды кæнын бафæраз», æмæ йын æнæуæлдайхъæрæй дзуапп радта: — Æгæр тæвд ма кæн, Хаджумар... ды мæнмæ цы дзыхæй сдзырдтай, уый дын ничи ныббарид, фæлæ дын æй æз барын....- Мæ цардæмбал Катяйы æфсымæр кæй дæ, уый тыххæй. — Ам дæуæн цардæмбал нæй æмæ дæхи айс!.. •— Хорз... Æз цæуын... — загъта Майрæм æмæ дуарырдæм^ акъахдзæф кодта, фæлæ фæстæмæ фæзылди: — Ам мæнæн цардæмбал ис æви нæй, уый тыххæй — фæстæ- дæр... Катя ам ис дæ рынчын мадмæ зилыны тыххæй, ам уалг æй уадзын, æрмæст уæ мады тыххæй... фæлæ нæмгæ нæ... уе’нгуылдзтæ дæр ыл куы андзæвой...— Иæ дæндæгты къæс-къæс т»
та ссыди. Фæтарсти, йæхи куынæуал баурома æмæ йæ куы ныр- риуыгъдтытæ кæна... Цæхгæр фæзылди æмæ рацыди кæртæй! Катя сæм рудзынгæй касти. Сау катай бакодта, барызти йæ( къæхтæй суанг .йæ сæрыхъуынты онг, йæхи сæм куы нæ бауро- ма Майрæм æмæ се’хсæн хыл куы рауайа, уымæп тæрсгæйæ. Фæлæ дзы цæй бузныг фæци, афтæ æнцадæй сын сæ æфхæрдæн дзуапп кæй радта æмæ кæй ацыди, уый тыххæй. Ногæй та æрт- тивгæ хох фестади Майрæм йæ цæсты. <2 & & Карз зымæг миты тымыгътæй фæйлауæнтæ æмæ къуыззит- ’ тытæгæнгæ, кæмтты ихын хидтæ аразгæ æмæ халгæ афардæг хæхтырдæм. Кæрдæг сфардæг и, быдыртæ фæцъæх сты, бæлæ- стæ сыфтæр ракалдтой. Дыргъдзæхæрадæтты бæлæстæ дидин- джыты бын фесты. Цæугæдæттæн сæ зарæг бонæй-бон тыхджын- дæрæй хъуысыди. Колхозон фæсивæды зард, машинæты, трак- торты уынæр баиу сты æмæ уалдзæгимæ æмдзу кодтой сæрдыр- дæм. Бал бæлæсты дидинæг азгъæлди, акаци бæлæстæ мæнæ-мæнæ кодтой сæ дидинæг ракалынмæ. Катямæ та афтæ касти, цыма йæ тарф фыдфынтæй нæма райхъал ис. Бонæй кæй æмæ цы ’уыд- та, уыдон æм фыны фенæгау кастысты. Кæрдæг, бæлæсты сыфтæртæ æмæ дидинджытæ, цæхæрадо- ны фале цæугæдоны хъæлдзæг хæл-хæл, зæрватыччыты цъыбар- цъыбур — уыдон æм иууылдæр кастысты, цыма сæ раджы кæд- дæр нæ сабийы бонты федта. Цард йæ алфамбылайзарыди алы хъæлæстæй, æмæ цыма уы- цы хъæлæстæ æндæр.бæстæй хъуысыдысты. Йæ цæсты раз та уыди ингæнау æхгæд кæрт, чырынау æнуд хæдзар. Зæрдæмæ- гуыргæнæн уыдысты Тараты хæдзары къултæ. Куыдфæстæмæ йæм афтæ жæсын райдыдта, цыма цард хъри- хъуппыты халау фæтæхы кæдæмдæр, уый та базырсастæй баз- зади сæ фæдыл кæсгæйæ. «Цы мыл æрцыди? Цæмæн ныдздзæ- гъæлтæ дæи? — арæх-иу джихæй баззади афтæ хъуыдытæгæн- гæйæ.—Мæалфамбылай цард фæйлауæнтæ хæссы фæйнæрдæм, хъазы, зары, æз та, гæлæбу хæлуарæджы тыны куы стыхса, уый- ау мæ гæндзæхтæ тонын, фæлæ мæ бон куы ницыуал у». Майрæм Хаджумаримæ куы фæхыл, уæд ууыл йæ цыд нæ ныууагъта. Ноджы арæхдæр цæуын байдыдта Катямæ бæрæггæ- нæг. Æруадис-иу, аххуыстæ-иу кодта хæдзары. Æнхъæлмæ кас- ти, кæд ыслæудзæн йæ къæхтыл рынчын зæронд ус. Кæд Ка- тййы нæхимæ* акæнин æмæ, куыд æмбæлы, афтæ æрæнцаиккам, зæгъгæ. «Дæ усы дæ хæдзармæ цæуылнæ схоныс? — фарстой йæ йе ’ 120
’мбæлттæ.— Кæд дæ махæй’исты æххуыс хъæуы уæд — табуаф- си, æрмæст де ской — дæ зын». (Катяйы тыххæй йæ арæх фарстой ахуыргæнджытæ дæр, ома: цæуылнæ рацæуы йæ хæдзармæ? — Йæ рынчын мады иунæгæй, æвæгæсæгæй куыд ныууадза.. Мæнæ тагъд йæ мад фæдзæбæх уыдзæни, æмæ уад ссæудзæн,— радта-иу дзуапп Майрæм. < Катямæ цалдæр хатты ныццыдысты Ислам -æмæ Газакк. Къорд хатты йæм уыди Дзерассæ дæр. Уыдон-иу ын семæ æр- хастой циндзинад, зæрдæрухсдзинад. Фæлæ-иу уыдон куы ацы- дысты, уæд та-иу йæхимæ хъусыныл фæци. Арæх атæхуды кæны: «Дзыцца куы адзæбæх уаид, уæд нæхимæ ацæуин», зæгъгæ. «Мæнæ дзыцца куы адзæбæх уа, уæд ацæудзынæн æмæ та ку’- сын райдайдзынæн»,— уыцы дзуапп лæвæрдта йæ хæрзгæнджы- тæн. Уыдон æй æмбæрстой æмæ йæ уæлдай рафæрс-бафæрс ни- куы кодтой. Майы фæстаг бонтæй иуы Катя бадти тыргъы æмæ хуыдта сывæллоны хæдæттæ. Кæртмæ бацыдысты Тараты хæстæг усты- тæ — хус фæйнæджы хуызæн, нарæг æмæ бæрзонд ус Бæтæгон æмæ, æнæбæттæн куырисы хуызæн, тъæпæнфындз Дзарасон — Елхъаны ус. Бæтæгои уыди ,Таратæн дард хæстæг. Амырхаты Буцкийæн та йæ мадыхо. Катя дыууæ усы куы ауыдта, уæд йæ хуиинаг амбæхста æмæ- сыстади. — Гъæ, мæ уд дæ рынтæ ахæра, Катя, уый быитон куы срæ- гъæддæ, уый!—багуым-гуым кодта Бæтæгон æмæ йæ цæстæн- гас андæгъди Катяйы гуыбыныл. — Мæ хæдзарыл!.. уый куы ’руæззау дæ!—’бауасыди йæм Дзарасон дæр. — Сымах, æвæццæгæн, дзыццамæ æрбацыдыстут? — загъта Катя æмæ тыргъæй рахызти.— Уæртæ цæхæрадоны ис. Æз æм бадзурдзынæн.— Уыцы ныхæстимæ цæхæрадонырдæм ауади Ка- тя, кæд сæ хуынчъытæгæнаг цæстытæй фсрвæзид, уый тыххæй. Дыууæ усы кæрдзимæ бакастысты. — Дæ цæсгом дыл æрхауа... пæ фыды уæларт йæ гуыбын не ’дде фæци... ныззайьгн дæр ма ам хъавы, æвæццæгæн!..— сниудта Дзарасон Катяйы фæдыл кæсгæйæ.— Æдзæсгом! Тпуй, тпуй, ме ’нæуынон фæу, худинаггæнæг! — Дзæгъæлы дзы афтæ зæгъыс, Дзарасон. Æфсарм æмæ пæсгомæй хъуаг нæу. Хорз адæймаг у Цопаноны чызг... Нæхи Буцки йæ уыцы хуызæнæй дæр...— йæ хъуыды кæронмæ нал загъта Бæтæгон. Цæхæрадонæй рацыди Цопанон. — Мæ хæдзарыл! Уый бынтон куы счызг дæ, Цопанон! — кæнгæ худтæй базыхъхъыр Бæтæгон. 121
— Æз дæ хистмæ мæ дæндæгтæ куы цыргъ кодтон, Цопанон, æмæ ды та лæппындæр куы фæдæ,— бахъыллист кодта тъæпæн- фындз Дзарасон. Уазал цæстæй сæм ракасти Цопанон. Иæ цæсгомыл иу нуар дæр нæ фезмæлыди. — Хистытæ æмæ сабатизæрты йедтæмæ ма уæ æндæр цы мæт ис, — бахъуыр-хъуыр сыл кодта Цопанон, æмæ æртæ усы хæдзармæ бацыдысты. Къорд дæлæ-уæлæ ныхæсты фæстæ дыууæ усы рахызтысты Катяйы коймæ. — Ахæм уæззау сывæрджынæй йын арвитæн дæр нал ис,— багуым-гуым та кодта Бæтæгон. — Мæ хæдзарыл, Бæтæгон, уый кой та цы кæныс! Хæсгæ- хæссын чындзхæсджыты астæу куы ньгййара, уæд та?.. худинаг æмæ аллайаг. — Уымæй ^удинагдæр та фыды уæларт ныййарын. — О, хуыцау бахизæд... бынты-бынты худинаг та афтæмæй у,— бауасыди та тъæпæнфындз Дзарасон. — Цы бачындæуа... нæ зонын...— нæ сæр батылдта Цопа- нон.— Уьгцы хъуыды кæнын... Мæ сæр сдон ис. Иæхæдæг дæр, мæгуыр, катай кæны. — Уæдæ, уæдæ. Мах куы ауыдта, уæд фефсæрмы æмæ цæхæ- радонмæ алыгъди. Цонанон ныхъхъус и. Хъуыды кодта. Чызджы арæнбонтæ æр- хæццæ кæнынц. Афтæмæй йын- ног хæдзармæ арвитæн нæй. Æнæрвыстæй та ам, йæ фыды уæларт ныййарын худииаг у. Цы хуыздæр æрхъуыды чындæуа? — Цопанон, æмбарын дын дæ катай... Ме ’взæр зондæй дын æз иу фæнд зæгъин æмæ дæм куыд фæкæсдзæн, нæ зонын,— йæ дыууæ -æнгуылдзы йæ былтыл авæрдта, афтæмæй загъта Бæтæ- гон. — Зæгъ æй... Чи зоны, хорз уа,— сразы Цопанон æмæ лæм- бынæгæй хъусы. — Катяйы мæхи хъæбулыйас кэед нæ уарзын, уæд мын иу боны цард дæр хуьгцау ма раттæд... Горæтмæ пæ аласын хъæуы Госкамæ. Цас тагъддæр, уыйас хуыздæр. Уый йæхицæн æнцон- дæр уыдзæн, стæй йæ худинаджы хъæр дæр нæ райхъуысдзæн. Уæддæр та уый горæт у. — Дæддæй, ам ныййарыны кой ма кæн, стæ, Бæтæгон. Ирыл чи никуы æрцыд, ахæм худинаг.— Ардауы Дзарасон дæр. — Сабаты æз горæтмæ цæуын. Схæццæ йæ кæндзынæн Гос- камæ... Дæ зæрдæ йæм ма’хсаиæд, Цопанон. Мæхи хъæбулау æ^ бахъахъхъæндзынæн. Цопанон ницы дзырдта. Дыууæ усы æхсæнты уаты зæхмæ 122
касти æмæ хъуыдытæ кодта. Уыцы рæстæджы æрхæццæ Хаджу4* мар. Салам загъта устытæн æмæ сæ цуры æрбадти. Дыууæ усъь .йын радзырдтой, цы фæндтæ сæм ис Катяйы тыххæй, уыдон: Цопанон нæдæр «нæ» загъта, нæдæр «о», фæлæ Хаджумар сра- зы ис семæ. Сразы кодта мады дæр. Цопанон уыцы хабар йæ чызгæн куы радзырдта, уæд Катя? йæ хъуыдытæ лыстæг сасирæй æрлорста .æмæ сразы. Горæты ис арæн хæдзар, дохтыртæ. Уым мæхидæн дæр æн- цондæр уыдзæни, мæ сывæллон дæр æдас. Июны фыццаг бонтæй иуы Катяйы сбадын кодтой уæзласæн*- машинæйы кæбинæйы, шофыры фарсмæ. Цопанон фæстинонæй йæныфс нæ хаста йæ чызгимæ ацæуынмæ. Хаджумарæн бахæс кæнын та уæндгæ нæ бакодта. Стæй <æфсымæр йæ сывæрджын хоимæ ацæуын йæ сæрмæаæр не’рхастаид. Катяимæ ацыди Бæтæгон. — Мæ чызджы мъш бахъахъхъæн, дæ рын бахæрон, Бæтæ- гон. Мæхи мадызæиæгау дæ курын, йæ сывæллонмæ дæр ын-иу дæ цæст фæдар... Мæ зæрдæ сау катай кæны, мæ бон йемæ цæ- уын кæй нæма у, ууыл, фæлæ дæуыл мæ зæрдæ дарын... Дæ* судзгæ мæрдты хатыр, дæ хъæбулты хатыр, уæгъд æй ма суадз, фæкæс æм. Мæ уд дын нывондæн æрхæсдзынæн, дзæбæх æм дæ цæст куы фæдарай, уæд,— ныллæгъстæ кодта Цопанон Бæтæ- гонæн. Бæтæгон æрдтæ фæхордта йæ дыууæ хъæбулæй, йæ судзгæ мæрдтæй, æдзух йæ цуры кæй уыдзæни, уæгъд æй кæй не суадз- дзæии. Уыщы бон Катя с^æццæ горæтмæ. Æрфысым кодтой Терчьг был йæ фыдыхо Госкайы хæдзары. Уыцы хæдзары ма Катя царди, педагогон училищейы куы ахуыр кодта, уæд. &&& Терчы рахиз фарс, фæлладуадзæн парчы цур, къахын хиды дæлæрдыгæй ис сывæллæтты хинайæн цад. Цады алфамбылай; цъæх дары кæрдæгæй. Кæрдæджы гауызыл æрттивынц алыхуы- зон дидинджытæ. Хинайæн цады былты сæрдыгон бонты вæййы бирæ сывæл- лæттæ. Цадæн йæ дæллаг кæрон арфдæр у. Уым гæппытæ æмæ- хъыллистытæгæнгæ сæхи фæнайынц хъомылдæр сывæллæттæ. Стыр хъулон г^орти доны сæрты раппар-батшар фæкæнынц кæ- рæдзимæ. Уæлдæр та, дон тæнæгдæр кæм у, уым сæхи фæнайынц. гыццылтæ. Хæрзгыццылтæ, æрæджы йæ къахыл чи ауади, уыдон та сæ гыццыл зылын къæхтыл гæлæбуты фæстæ разгъор-базгъор> ’фæкæнынц. Сæ амондджын мадæлтæ сбадынц даргъ бандæттыл æмæ сæ цæст фаедарынц сæ сывæллæттæм. 123^
Сæрдыгон бон фæцæуы йæ кæронмæ, æризæр кæны. Горæтæй къахын хидыл Теркæн йæ фаллаг фарсмæ цæуынц адæм. Чи та цæуы горæты проспектмæ. Фылдæр — фæсивæд. Хъуысы ’сæ хъæлдзæг ныхас, сæ худын. Доны фаллаг фарс, хæрис бæлæсты рæбын бадынц къорд лæппуйы æмæ Æфхæрдты Хæсанæйы за- рæг систой. Ивылд Терк йæ лакъон дæтты ласы дуртæ. Æппары сæ стыр хауæны былæй, хойы сæ кæрæдзиуыл, гыбар-гыбур кæны, æххор- маг сырдау уынæргъы, сдæры, æхсыны йæ былгæрæттæ, йæхи хойы йæ немент былгæрæттыл. Амондджын мадæлтæ сæ сывæллæтты къухтыл хæцгæ цæ- уьгнц сæ фæрныг хæдзæрттæм. Катя дыууæ сахаты бæрц бады æмæ кæсы хъæлдзæг сывæллæттæм. «Мæнæн дæр ахæм хæрз- хуыз сывæллон уыдзæни. Хондзæни мæ мамæ...»—Катя къорд хатты байгом кодта йæ сумкæ æмæ-иу систа гыццыл резинæ тæрхъус. Уый знон балхæдта йæ сомбоны сывæллонæн. «Мæхи сывæллон... Иæ фыды хуызæн уыдзæн... Майрæмы хуызæн хæрз- конд æмæ уæнгджын...»—дзырдта хинымæр. Æрбалæууыди йæ’зæрдыл йæ адджын лæг... Фæлæ ацы тыхст рæстæг йæ цуры цæуылнæ ис?.. «0, Майрæм... Майрæм!.. Кæд нæ ферох кодтай?.. Кæд ацы тухæнтæй æмæ расай-басæйæ дæ зæрдæ фæцъæх ис æмæ ныл дæ къух ауыгътай?.. Кæд мæ нал уарзыс?.. Кæд афтæ нæу, уæд мæ цуры цæуылнæ дæ?.. О, куы йæ зоныс, куыд зын мын у æнæ дæу, мæ уарзон лæг...» Катя Госка æмæ Бæтæгоны сусæгæй радыди хæдзарæй арæн- донмæ цæуыны зæрдæйæ. Райсомæй кæнæ сихорыл рацæуын нæ бауæндыди уыцы хуызы. Бæтæгон æмæ Госкайæн та сæ фæсо- нæрхæджы дæр нæ уыди Катяйы ахонын. Уыдонæн æндæр уы- дысты сæ фæндтæ. Знон изæрæй дыууæ зæронд усы хибарæй су- сæг ныхас кодтой. Æнæнхъæлæджы сын Катя айхъуыста сæ ны- хæсты скъуыддзæгтæ... «Чызг уа, лæппу уа... æрталынг уа... Тер- чы баппардзынæ...» Йæ сæрыхъуынтæ арц слæууыдысты Катя- йæн. «Фыдæбуалгъы фæнд скодтой... Мæ бындурыл!»—æнæба- ры сирвæзти йæ дзыхæй, фæлæ ницæмэйй равдыста, сæ сусæг ны- хас сын фехъуыста, уый. Æхсæв-бонмæ нæ бафынæй. «Фæссихор ацæудзынæн мæхæдæг. Кæд мын исчи баххуыс кæнид арæндон- мæ бацæуынæн». Афтæ бауынаффæ кодта йæхæдæг æмæ рацыди. Ам, цады был, сывæллæттæм кæсгæ бафæстиат. Цалдæр хатты сфæнд код- та цæуын, фæлæ иуæй бонрухсæй кæ уæндыди, иннæмæй та-иу зæрдæйы бын сывæллон сызмæлыди, æмæ-иу фæстæмææрбадти. Стаей уæддæр сыстад... Ныр æризæр ис æмæ фæндагмæ ракасти, кæд дзы сылгоймаг цæуæг фенид: бадзурид æм, алæгъстæ йын кæнид, ныххæццæ мæ 124
кæн, зæгъгæ. Фæлæ йæ цуры февзæрдысты, удхæссæгау кæмæй тарсти, уыцы дыууæ адæймаджы. — Катя, мæ къона, ныр дæ кæдæй агурæм,— хъуым-хъуьш-1 гæнгæ дзуры Бæтæгон.— Исчи ма уыцы хуызæнæй афтæ æддоз цæуы. — Уæлдайдæр иунæгæй,— тызмæгæй загъта Елхъан. (Ел-- хъан æрæджы схæццæ æмæ Бæтæгоны йемæ ракодта Катяйы агурынмæ). — Ма мæ агурут!.. Ма мæ агурут... Ныууадзут мæ,— тарст хъæлæсæй дзуапп радта Катя. — Куыд дæ ныууадзæм?!. Дæ мад дæ мæныл бафæдзæхста. Иæ цурæн, дам, ма ацу. Фæкæс, дам, æм-иу... Куыд дæ ауадзон иунæгæй?!. — Мæ мад дын мæ сывæллоны Терчы баппарын нæ бафæ- дзæхста...— тыхулæфтгæнгæйæ дзырдта Катя. — Цытæ дзурыс? Чи дын загъта?! Уый æбуалгъы ныхæстæ куы кæныс!.. Æви æрра фæдæ?.. — Ма тæрс, Катя... Дæ фыртыхстæй цытæ дзурыс, уый дæ- хæдæг дæр нал æмбарыс. Цом, цом нæхимæ. Цом... Ацы хуызо- нæй кæдæм...— Елхъан бавнæлдта Катяйы къухмæ æмæ йыл хидырдæм ахæцыди. Катя ратонынмæ хъавыди йæ къух. — Бæтæгон!.. Хæц ын йе ’ннæ къухыл... Ай цытæ кæны, уый йæхæдæг дæр нал æмбары,— схъæр кодта Елхъан æмæ тынгдæр нылхъывта къух. Бæтæгон дæр ныххæцыди чызджы къухыл,æмæ йæ хидмæ фæкæнынц. Катя нæ куымдта. — Ныууадзут мæ!.. Суадзут мæ! — Цом! Худинаг нæ кæныс! — размæ йæ ивазы Елхъан. Уыцы рæстæджы хидыл цæуæг нæ уыди... Катяйы Бæтæгон горæтмæ куы схæццæ кодта, уымæн йе’ртык- каг бон Ислам, Газакк, Дзерассæ æмæ Майрæм бауынаффæ код- той Катяпы раласын. — Таратæ Таратæ дæр уымæн ’хуинынц, æмæ сæм æгъдау æмæ уаг кæй нæй,— загъта Ислам.— Уыдонæн цæсгом дæр нæй æмæ дзырд дæр. Ардхал адæм сты, æмæ сæм хорзæй мацæмæ æнхъæлмæ кæсæм. Цæут, уæртæ уын машииæ æмæ йæ раласут. — Æгвдау!.. Уыцы уæрыччы цармы тыхт бирæгъ Хаджумар æмбаргæ дæр нæ кæны, æгъдау æмæ æфсарм цы -сты, уый,— м-æстыйæ дзырдта Газакк дæр. Стæй Майрæмæн афтæ: — Цæугæ æмæ дæ усы ралас, кæннод йе ’рчъиаг дæр нал бафтдзæн дæ къухы. Æцæг хъус, сæ кæртæй уынгмæ куы рахизай, уæд-иу фæстæмæ азил æмæ-иу.зæгъ: «Тпу, куитæ уæм фæцæуæнт амæй фæстæмæ»,—æмæ æнæфæстæмæфæкæсгæйæ—нæхимæ! Цæугæут! Катямæ ацыдысты Майрæм, Дзерассæ, Бимболат æмæ Май- рæмЫ’ХО Зæирæ. Дæлвæзы хъæумæ куы ныххæццæ сты, уæд хо 125
æмæ æфсымæр рахызтысты сæ хæстæджытæм, исты хъæлæба тз куы самайой Таратæ, зæгъгæ. Таратæм ацыдысты Дзерассæ æмæ Бимболат. Уыдон фæстаг рæстæджы балымæн сТы. Майрæм æмæ Зæирæ æнхъæлмæ кастысты сæ фысымтæм. Бирæ æнхъæлмæ кæсын сæ нæ бахъуыди. Машинæ уайтагъд фездæхти. Йæ уынæрмæ разгъордтой дыууæйæ дæр, фæлæ Ка- тяйы машинæйы ,куы нæ ауыдтой, уæд джихæй баззадысты. — Кæм н? — йæ хуыз фæцыди, афтæмæй афарста Майрæм. — Горæтмæ, дам, ацыди,— дзуапп ын радта Дзерассæ. — Уыцы хуызæнæй горæтмæ? — Цавæрдæр Госкамæ йæ арвыста йæ мад. — Госкамæ? Зæронд хæлуарæгмæ!.. Зонын æй, уый цавæр Госка у, уый... Цом горæтмæ! Сбадтысты цыппарæй дæр. Иучысыл ауадысты горæтмæ фæн- дагыл. Фæлæ Майрæм хъуыды кæны: «Исламы, мийнаг, йæ ма- шинæ куы хъæуа, мах та горæты куы афæстиат уæм...» — Бимболат,— басхуыста йæ хæлары Майрæм,— æфсæнвæн- даджырдæм фæзил... Æз поезды ацæудзынæн. Ссæдз минуты ма ис йæ арастмæ. Сымах — нæхимæ. Исламы йæ машинæ куы бахъæуа, миййаг. Станцæмæ бахæццæ сты, поезд йæ ацæуынмæ куы ныууасы- ди, уæд. Майрæм агæпп ласта æмæ фæстæмæ дæр нал фæкаст. Цæугæ поездмæ сгæпп ласта æмæ ма йæ къух атылдта—цæу- гæут, зæгъгæ. Дзерассæ касти поезды фæдыл æмæ хъуыды кодта: «Цæмæн ацыдаид Катя уыцы хуызæнæй горæтмæ? Йæхи фæндыди, æви.„ æви та йæ сайгæ акодтой? Нæ; ам та цыдæр ис... Мæн дæр цæ- уын хъуыди Майрæмимæ..: Раисом... райсом цæуын хъæудзæни. Ме^ххуыс æй куы бахъæуа... — Дзерассæ... цом...— лæгъстæгæнæгау æм сдзырдта Бим- болач.— Сбад æмæ цом. Зæирæ æнкъардæй бадти машинæйы. Ницы .дзырдта. Майрæм горæтмæ схæццæ фæссихор. Арæх не’фтыди уырдæм æмæ йын тынг хорз нæ зьгдта йæ уынгтæ. Вагзалæн куы рауа- ди, уæд афарста милиционеры, кæддæр ын Катя цы уынджы коГг кодта, уый кæцырдыгæй ис, зæгъгæ. — Мæнæ вагзалы акомкоммæ уынджы фалæмæ цæугæ,— амыдта йын къухæй ’милиционер,— бахæццæ уыдзынæ Терчы сæрты хидмæ. Ауай йыл, æмæ уым искæй афæрсдзынæ. ]у!айрæм зыдта, Госка кæм царди, уыцы уынгæн æрмæст йæ’ ном, фæлæ хæдзар кæцы уыд, уый нал хъуьсды кодта. Бирæ фæ- рацу-бацу кодта уынджы, фæрафæрс-бафæрс кодта цæуджыты. 126
Бафæллади. Æрбадид искуы, йæ фæллад суадзид, фæлæ рæх- джы Катяйы куы фенин, зæгъгæ, йæ! уыцы. хъуыды схуыста размæ. Æрмæст хур куы аныгуылди, уæд ссардта, кæй агуырдта, уыцы хæдзар. Кæрты дуарыл бахæцыди. Нæй, æхгæд разынди. Уæд иучысыл алæууыди, стæй рудзынг бахоста. Уаты дырагъ ссыгъди.Рудзынг байгом æмæ дзы Кйтяйы бæсты ракасти... иу, хус кæрдайы хуызæн .æнцъылдтæдзæсгбм зæронд ус. Цыма йæм хæххон зæппадзæй кæлæнгæнæг ус ракасти, афтæ фæци Май- рæм. Фæстæмæ ракъахдзæф кодта, йæ худ дæлдæр æркодта æмæ йæм дзуры: — Де’зæр хорз уæд, хорз ус. Ус дзуапп нæ радта. «Кæд уæзхъус у æмæ мæ нæ фехъуы- ста», зæгъгæ, хъæрдæрæй дзуры Майрæм: — Бахатыр кæн, хорз ус, фæлæ...— Хæдзарæн йæ мыггаг кæмæй у, уый нæ зыдта Майрæм. Катяйы тыххæй бафæрсын та уæндгæ нæма кодта, одоа, чи дæн, уый куы базона, уæд рудзынг фæстæмæ бахгæндзæн æмæ Катяйы нæ фендзынæн, зæгъгæ. — Бахатыр кæн, хорз ус, фæлæ уын уæ мыггаг... Тараты хæстæджытæ не стут? — О, стæм Тараты хæстæджытæ, фæлæ дæ махæй чи хъæ- уы? — афарста зæронд ус æмæ биноныгдæрæй ныккасти уазæг- мæ. — Тараты Катя ам ис? — Ам ис, фæлæ ды та чи дæ? «’Ацы зæронй хæлынбыттырæн мæхи куы бацамонон, уæд ин- нæрдæм ныццæвдзæн, «мадæмæ» нæ зæгъдаæн»,— ахъуыды код- та Майрæм, й.æ сæр æруагъта, зæронд усмæ ма æрмæст йæ худы гопп куыд зына, афтæ: — Амырхаты Буцки дæн æз.;. Хуыцау хорз æмæ зæронд ус Буцкийы цæсгомæй нæ зыдта. — Æгас цу, мæ къона, æгас... Мидæмæ рацу... Цы ’фсæрмы- тæ кæныс... Мидæмæ... Æз дын ныртæккæ дуар байгом... — Нæ, нæ, хорз ус, мидæмæ мæ не’вдæлы.:. Æз Катямæ æр- бауадтæн, фенон æй, зæгъын. Кæм и?.. Æддæмæ куы ракæс№д... — Мидæмæ уал рацу. Катя ныртæккæ ам нæй. Кæдæмдæр ацыди æмæ нæма зыны. — Æмæ кæдæм ацыди? — Фæссихор кæдæмдæр ауади... Афтæ цæуынтæ йын бæргæ не’мбæлы, уæлдайдæр иунæгæй... Æгоммæгæс... Раду уал мидæ- мæ... ардæм æй хъæуы. — Кæцырдæм ацыди, уый нæ бафиппайдтат? — Нæ зонын. Махæй йæ ничи федта, куы цыди, уæд. ( — Р1æ уæлæ та цыхуызон дарæс й? 127
— Йæ æрвхуыз къабайы... Кæд та... Бæтæгон æмæ Елхъан дæр æм агурæг ацыдысты... «Бæтæгон I æмæ Елхъан кæд Катяйы агурынмæ ацыдысты, уæд уый дзæгъæл хуымæтæджы нæу... Æвæццæгæн, сусæгæй ацыди»,— батыхст Майрæм. — Бахатыр кæн,— тыхстхуызæй загъта Майрæм æмæ усы фæуагъта зæронд фæзмæг маргъау рудзынгæй кæсгæ, йæхæдæг уынджы фæраст ис Терчырдæм. Уайтагъд бахæццæ педучили- щейы чъылдыммæ бæлæсты къохмæ. Бæлæсты рæбынты æрталыиг ис бынтон. Даргъ бандæттыл бадтысты чызджытæ æмæ лæппутæ, кæм къордгæйттæй, кæм та- къæйттæй. Майрæм фæдисонау, азылди се ’ппæтыл дæр, фæлæ Катя нæ уыди уым. Æмæ уæд фæраст и хидырдæм. Терчы фале сгъалыты цæхæрау рухсæй æрттывта фæллаудуа- дзæн парк. Уырдыгæй хъуысыди музыкæ, зард. «Кæд уырдæм ацыди», зæгъгæ, фæзылди хидмæ. • Уыцы рæстæджы Майрæмы хъустыл ауади кæйдæр фæдисон хъæлæс. Терчы гыбар-гыбурæй зын равзарæн уыди, фæлæ цыма Катяйы хъæлæс у, афтæ йæм фæкасти. «Суадзут мæ..." ауадзут мæ!» — райхъуыстида уыцы тарст хъæлæс ногæй. «Уый Катяйы хъæлæс у»,—загъта хъæрæй æмæ азгъордта, дур, дзыхъхъ, къардиу нал æвзаргæйæ. Тæккæ уыцы минутыл хиды астæу Елхъан æмæ Бæтæгон хæцыдысты Катяйы къухтыл, афтæмæй нæ, кодтой сæхирдæм Катя нæ куымдта. Фæлæ йын Елхъак йæ къух нылхъывта. Уæд Катя ратыдта Бæтæгонæй йæ рахиз къух æмæ Елхъанырдæм фæзылди. " — Суадз мын, Елхъан, мæ къух! — Цом, налат! Мауал пæ худинаг кæн! — æртхъпрæнæп дзуры Елхъан .æмæ ноджы тыхджындæрæй ариуыгъта чызджы къух. Нæ йæ суадздзæн, уый куы бамбæрста Катя, уæд йæ ра- хнз къух дард фæхаста æмæ йын йæ уадул ныццафта. Елхъаны маст рафыхти. — А-гъа, цæвын дæр ма уæндыс, хъахбай! — знæт къамбецау ныббогъ ласта лæг æмæ тымбылкъухæп пыррпуыгъта сылгонма- джы. Катя ныццудыдта æмæ хиды ныллæг хæцæнты сæрты ахаудй. Айхъуысти ма пæ ’цъæхахст. Мапрæм бахæццæ хиды кæронмæ. «Катя!» — сирзæзтп ма йæ дзыхæп. Катяйæн ма хаугæ-хауын ауыдта йæ æрвхуыз къаба, стæй сылгопмаг æрбайсæфти Терчы уылæнты. Елхъан æмæ Бæ- тæгон джихæй аззадысты. Б,ахæццæ сæм Майрæм. «Уухх!», зæгъгæ, йæ тых цы амыдта, уымæй нырриуыгъта 128.
Елхъаны. Бæтæгон ныцъцъæхахст кодта æмæ алыгъди. Елхъан хидæй ахауди æмæ йæ Терчы лакъон уылæнтæ анорстой сæ быны. Катя цы ранæй ахауди, Майрæм дæр раст ууылты йæхи ныз- зыввытт ласта æмæ нал фæзынди. Бæтæгоны цъæхахстмæ паркæй разгъордтой чидæртæ, стæй ноджы чидæртæ фæфæдис сты æмæ хидмæ згъордтой. Бæстæ фæдис сси. Уайтагъд хидыл айдзаг сты адæм. Ныфоджындæр лæппутæ ’мæ чызджыты къорд цемент былгæрттыл азгъордтой дæлæмæ. Згъоргæ-згъорын сæ дзаумæттæ æппæрстой. Донхауæ- ны дæле сæхи бакалдтой. Доны здухæнты, æрра уылæнтимæ хъуырдухæн байдыдтой, агуырдтой, чи ныххауд, уыдон. Адæм сæм фæдисхуызæй кастысты хидæй. Азгъордтой ма сæм ноджы æндæр фæсивæд дæр. — Иуы дзы .ссардтой!.. рахæссынц æй! — Иннæйы дæр рахæссынц! — Гъеуыдон лæппутæ сты, гъе! — Цалæй ныххаудысты?—’ Ахæм алы ныхæстæ хъуысти хидыл лæуджытæй. Уæдмæ фæ- зынди тагъд æххуысы машинæ. Фæсивæд дыууæ къордæй раха- стой дыууæ донласт адæймаджы доны былмæ. Машинæйы сæ авæрдтой æмæ сæ уадзыгæй аластой. Уыдон уыдысты Катя æмæ Майрæм. Елхъан рохуаты баззади. &&& Æнæхъæн суткæйы бæрц Катя .уыди мæрдтæй’ æгæсты æх- сæн. Йæ лæмæгъ буары ма чысыл зына-назына змæлди туг. Ахæм рынчынæн цыдæриддæр бакæнын æмбæлди, уыдон ын фæ- кодтой дохтыртæ. Æхсæв-бонмæ дæр фæбадтысты йæ цуры, цæ- мæй йæ фервæзын кæной, уый тыххæй. Æнтысгæ дæр сын ба- кодта цыдæртæ. Йæ туджы змæлд ын фæтыхджындæр кодтой. Фæлæ ма йын.йæ гуыбыны сывæллонæн та цы бакодтаиккой. Сывæллон уыди мард. Уæд Катяйæн акъæртт кодтой йæ тæн æмæ йын мард сывæллон систой йæ гуыбынæй. Уыйфæстæ ра- цыди дыууæ сахаты бæрц, афтæ Катя ракасти .йæ цæстытæй. Би- рæ фæкасти цармæ. Æвæццæгæн, уынгæ ницы кодта. Иухатт чысыл базмæлыдысты йæ былтæ. Цыдæр зæгъынмæ хъавыди, фæлæ йæ бон нæ уыди. Иæ цуры цы дохтыр бадти, уый йæм æр- гуыбыр кодта æмæ йæм байхъуыста биноныгæй. Æрмæст был- ты чысыл змæлдæй йæ дохтыр бамбæрста. — Цы зæгъы, цы? — бафарста йæ хистæр дохтыр. — Фæрсы, мæ сывæллон кæм и,'зæгъгæ. — Зæгъ ын, сывæллон дын уыдзæни. Ма, зæгъ, тыхс.— Ацы ныхæстæ хистæр дохтыр загъта хъæрæй, ’цæмæй сæ Катя дæр 9 Хæхты 12»
фехъуса. Катя йæ, æвæццæгæн, -бамбæрста. Ракæсынмæ йæм хъавыди, фæлæ йæ бон нæ баци. Чысыл схъæрзыдта, йæ цæсты- тæ бацъынд кодта. Нал сæ ракасти Катя. Сатæгсау цæстыхаутæ сæ æрæмбæрз- той сау тырысатау. Дзарассæ йæ цуры бадти æмæ йæм касти. Уый дысон схæццæ. Æхсæвы дæр дохтыртимæ уыди. Ныр йæ адджын, йæ фæлмæнзæрдæ ’мбал æнусмæ (эафынæй йæ цуры >æмæ йыл æнæкæугæйæ йæ цæссыгтæ’ згъæлдта. Иæ риу тытшыр уыди мастæй. Уыцы маст кæуынæй тыхджындæр уыди. Майрæм хуыссыди рог рынчынты палатæйы. Æнæуи цæфтæй дзы ницы рысти, фæлæ йæ зæрдæ, йæ нервытæ тарст стъæлфт кодтой. Р1æ буар бирæ рæтты уыди цъæхтæ, фæлæ сæ хъуыды дæр нæ кодта. Палатæмæ-иу дохтыртæй чи бауади, уый-иу Ка- тяйæ афарста. Куыд у Катя, уый тыххæй йын бæлвырд дзуапп ничи лæвæрдта. Уæд скатай. Бацыди йæм Дзерассæ дæр. Схъæр кæнинаг ын нæ уыди Катяйы хабар, фæлæ йæм Майрæм ахæм цæстытæй скасти, æмæ чызджы бон нал баци йæхи бауромын. Йæ цæссыгтæ сæхæдæг æргæр-гæр кодтой йæ рустыл. Майрæмы къухыл фидар ныххæ- цыди æмæ йæ цæсгом иннæрдæм азылдта. * Бамбæрста йæ Майрæм. Йæ буар ныррызти. Р1æ дæллаг бы- лыл дæндагæй ныххæцыди. Ницы сдзырдта. Иæ цæссыгтæ асалдысты йæ цæстыты бын... «...Майрæм амардта лæг. Закъонмæ гæсгæ йын хъуамæ тæр- хон скæной...» Кæцæй мæм райхъуыстысты ацы ныхæстæ? Кæй æнуд хъæлæс сæ ралæхурдта? Кæй бон у Майрæмы лæг амарды тыххæй базылын кæнын? Никæйы! Майрæм хидæй Терчы донмæ аплæрста, нæ рæсугъд фæндагыл ма йæ æнæфыст «закъоны» хуызы цæлхдурæн чи лæууы, уыдо- нæй иу! Æмæ уæд удыхъæдæй, зæрдæйæ, цæсгомæй рæсугъд Катяйы чи бабын кодта, йæ сывæллоны йын гуыбынмæ чи амардта, за- рæджы хуызæн рæсугъд уарзондзинад чи аскъуыдта æмæ зæр- дæрухсы цардаразæг лæппуйы цард чи ныхъхъæдгæмттæ кодта, уыдонæн та чи хъуамæ кæна тæрхон?! Чи сæ хъуамæ бадома дзуапп сæ фыдæбуалгъы миты тыххæй? Мах, мæ хæлæрттæ, мах!!! Мах хъуамæ зонæм, чи сты уыЦы рагон æбуалгъы згæхæрд «^егъдæутты» хъузæттæ æмæ сыл бакæнæм фыдæлтыккон хъо- ды. Худинаг сын уæд, худинаг!.. Мæ сæры магъзы фæд-фæдыл рацыдысты ацы фыдохы ныв- 130
тæ, мæ маст мæ риуы рафыхти >æмæ мæхи нал баурæдтон. Фæс- таг ныхæстæ æнæрхъуыдыйæ сриуыгътон хъæрæй. — Кæмæй зæгъыс? Кæмæн у худинаг?—афарста мæ бидар- кæйы мæ фарсмæ бадæг Дзиба. — Кæмæй зæгъын? Йæ сæры магъзы ныр дæр ма, нæ ныры цардæн фыдбылыз чи ссис, уьщы сафинаг рагон «æгъдæуттæ» чи хæссы, уыдонæй! Дзиба ницы сдзырдта. Цæуыл хъуыдытæ кодта, нæ зонын. Бæхы рохтыл хæцыди æмæ размæ касти. Æмбисæхсæв схæццæ стæм Уæлвæзы хъæумæ. Мæй арвы ас- тæумæ стылди æмæ хъæуы уынгтæ ныррухс кодта. Хæдзæрттæн, бæлæстæн ма ныууагъта цыбыр аууæттæ. Комæй дымдта сатæг уадьшс æмæ уынджы даргъ гæдыбæлæсты сыфтæртæй хъазыди. Схаста-иу йемæ комы стыр доны зарæг дæр. Хъæу уыди æнцад. Адæм сæ фæллад уагътой. Мæн фæндыди зæгъын мæ хъæубæ- стæн: «Фæрнæй уадзут уæ фæллад, мæ уарзон хъæубæстæ. Ма- У куы уын мацы æмæ мачи фехалæд уæ фæрныг сабыр царды уаг. Уæ рæсугъд ахуыргæнæг Катяйы тæригъæддаг мæлæт та уæм фæкæсæд æнахуыр фыдфынау, æмæ уын дунейы фарн макуыуал фенын кæнæд ахæм фыдохы хабар, суанг уæ фыны дæр! Фæлæ хъахъхъæнут уе ’ннæ хоты æмæ мадæлты. Макуы сæ бауадзут .æфхæрын алыхуызон Хаджумартæн, Елхъантæн, Бæ- тæгонтæн æмæ Амырхатæн. Фыдæлгъысты хъоды сыл бакæнут æмæ сыл искуы куы сæмбæлат, уæд сын-иу ма райсут сæ чъизи къухтæ. Тагъд дæм æрыздæхдзæн дæ уарзон хъæбул, дæхи Майрæм æмæ та дын араздзæн хæдзæрттæ, райдзаст скъолатæ, электро- станцæтæ. Уый нæ ауæрста йæхиуыл. Куыста æхсæвæй-бонæй, цæмæй зæрдæрухсæй цæрат, мæ хъæубæстæ. Æрщæудзæн дæм зæрдæрыстæй, æмæ йын-иу барухс кæн йæ зæрдæ. Кæддæр æй мадау барæвдыдтай. Барæвдау æй ныр дæр. Бæргæ, Катяйы ма йын куы ссарис, фæлæ Катя уыди æрмæст иунæг Катя Майрæ- мæн. Уымæй йын йæ зæрдæ нал барухс кæндзынæ». 181
I ТАСОЛТАНЫ БАЛЦ Г ж ыццыл лæппу ма уыдтæн, уæд фехъуыстон ацы хабар мæ фыдыфыдæй. Уæд ма хохы Дæргъæвсы цардыстæм. Мæ фыд быдырæй ба- цыди æмæ мын йемæ бахаста дæрдджын тарморæ хæдон. Æз æй фырцинæй радав-бадав кодтон. — Кæс-ма, дада, мæ хæдон куьид æрттивы,— æвдыстон æй мæ фыдыфыдмæ. Зæронд лæг йæ хъуынджын æрфгуытæ фæтар кодта. — Скъулбадæг кодта сывæллоны, н’ырма ;йæ иу хæдон нæма батыдта, афтæмæй нын дыккаг алхæдта,— бабустæ кодта йæ фыртæн.—Махæн хæдæттæ нæ, фæлæ нын иугай хæлæфтæ дæр нæ уыди, адонæн та — дыгай хæдæттæ! — Уæдæ бæгънæгæй цыдыстут, дада? — афарстон æй, мæ ног хæдон мæ уæлæ кæнгæйæ. — О Хаби, нæ царды фылдæр бонтæ бæгънæг æмæ бæгъæв- вадæй арвыстам,— загъта’ зæронд лæг, æмæ нын суанг *æмби- сæхсæвмæ фæдзырдта, раджы кæддæр чи æрцыди, ахæм хабар. Уæдæй нырмæ йæ мæ зæрдыл дардтон. Къорд хатты рахъавыд- тæн, ныффыссон æй, зæгъгæ, фæлæ-иу бонæй-бонимæ баззадтæн. Ныр дæр мæхицæн кæнæ мæ сывæллæттæн ног дарæстæ куы балхæнын, уæд та мæ фыдыфыды ныхæстæ мæ зæрдыл æрлæу- уынц. Чи зоны, уыцы хабар фыццаг хатт куы фехъуыстон, уæд •ыл мæ цæссыгтæ калгæйæ куыд фæхудтæн, ды дæр ыл афтæ фæ- худаи, мæ зынаргъ чиныгкæсæг. 1 Уый раджы уыди, тынг раджы, нæ фыдæлтæ ма хиуæфт фæсмынты куы цыдысты, уыцы заманты. 132
Хохы Хъахъхъæдуры цардысты дыууæ хæлары: Дудиаты Тасолтан æмæ Уртаты Баччери. Тасолтан æмæ Баччери сæ са- бийы бонтæй фæсгæмæ хæлар рахастой æмæ иу мадæй райгуыр- гæ æфсымæртæй уæлдай нал уыдысты. Уртатæ уыдысты цæрæг- дæр хæдзар. Дудиаты Тасолтан та уыди мæгуырдæр. Иунæг лæппу йæ мадæн, иунæг æфсымæр йæ чысыл хойæн. Тасолтанæн цыппар азы размæ амарди йæ фыд æмæ уымæн стыр хистыты фæстæ йæ хæдзары иунæг хъуг æмæ хæрæг йедтæ- мæ ницыуал баззади. Иузаман Уртатæ сæ фос ауæй кодтой: галæй, хъугæй, фы- сæй. Ныууагътой ма æрмæст иу бæх æмæ иу хъуг. Быдыры Хъахъхъæдуры балхæдтой иу зæххы гæппæл æмæ уырдæм ра- лыгъдысты. Хæххон лæгæн быдираг зæххы гæппæлæй стырдæр бæллиц- цаг ницы уыди. Тасолтан дæр, «гъæй-джиди», зæгъгæ, бакодта, фæлæ йæ къа- бæзтæ рæхыстæй бастау уыдысты йæ фадæттæй æмæ баззади цæргæйæ хохы Хъахъхъæдуры. Уæд дын иузаман Уртаты Баччер’ийæ Тасолтанмæ бацыд ахæм ныстуан: «Ус ракуырдтон, мæ хæлар Тасолтан. Дæуæй зы- на’ргъдæрæн ма кæй акæнон чындзхæссæг Заманхъулмæ. Къуы- рийы фæстæ, хуыцаубоны йæ хæсдзыстæм æмæ ныл-иу сабаты сæмбæл». Тасолтан фæцин кодта йæ хæлары циндзинадыл æмæ сфæнд кодта Баччерийæн Заманхъулмæ чындзхæссæг фæцæуын. Фæлæ цæуыл? Бæх нæй. Нæй .йын балцы дарæс дæр. Æгæр-мæгуыр ын нæй нывыл куырæт дæр. Æмпъызтытæ кæттаг куырæты куыд ацыдæуа чындзхæссæг. Иæ фыдæн баззади адаргæ дон- хуыз фæомын «цухъхъа, хуымæтæджы сау арæзт рон æмæ хъама. Мад сæ цыппар азы дæргъы чырынæй нæ систа, фæлæ сæ ныр йæ цæссыгтæй æруымæлгæнгæйæ систа. Иæ чызгæн дуканимæ арвыста йæ иунæг хъуджы цыхты муртæ, царвы дурын, æйчы- тæ, хисты галы стад æрчъиаг æмæ уыдонмæ райста сæрачы æр- дæг, чындзæн лæварæн — духи, сапон, дыууæ цыллæ цъындайы, цыллæ къухтыкæлмæрзæн. — Афтидкъухæй куыд балæудзынæ чындзмæ,—’лæвæрттæ æвдисгæйæ, дзырдта мад йæ лæппуйæн. Сæрачы æрдæгæй бахуыдта Тасолтанæн дзабыртæ, сарæзта йын дзы иæ æвзаргæ фæсмын зæнгæйæттæ, фæлæ куырæт та... Нывыл куырæтаг балхæнынæн хъуыди бирæ æхца. Дуканийы хищау Алмахситт æфстау нæ рад^га куырæтаг, фæлæ загъта Та- солтанæн: — Мæнæ уал мæ куырæт ахæсс. Хъахъхъæн æй дæ цæсты гагуыйау. Куыддæр æрбаздæхай, афтæ мын-иу æй сæмбæлын 133
кæн. Ды дæр мæм-иу фæкæс хос кæрдынмæ, хуым кæрдынмæ. — Стыр бузныг, дæ хæрзиуæг дын нæ ферох кæндзынæн,— раарфæ кодта Тасолтан сæудæджергæнæгæн æмæ рахаста æрт- тиваг тарморæ куырæт. 2 Цалынмæ Тасолтан йæхи цæттæ кодта, уæдмæ бонтæ ацыды- сты. Æрмæст майрæмбоны фæссихор скодта йæ балцы дарæс æмæ ныллæг тъæпæнсæр хæдзары тыргъмæ рацыди, гыццыл ай- дæнмæ касти йæхимæ. Фыды цухъхъа йын уыди уынгæггомау, æлвæста йын йæ къабæзтæ. / — Дæ фыдæй дæлвæд-уæлвæд ницы ныууагътай, мæ бон,— сдзырдта йæм мад цухъхъайы фæдджитæ æмæ ^инты къуыбыр- тæ лæгъзытæ æмæ рæстытæгæнгæйæ. Уымæй-иу йæ цæссыгтæ- асæрфта.— Гъе, æцæг дын цыбырад кæны. — Ау, мæ фыдæй бæрзонддæр фæдæн? — Хъазæн худт ба- кодта лæппу æмæ йæ мадмæ раздæхта йе ’ргом. — Уæууа, дзьщца, æз чындзхæссæг цæуын, ды та — кæугæ? — Нæ, нæ, мæ бон, кæугæ хуыцау бахизæд. Афтæ, дæ фыд мæ зæрдыл æрбалæууыди. Нывы хуызæн лæппу мын куы сдæ... Уымæн цардæй цы нæ бантысти, уый дæр, мæ хур, дæуæн бан- тысæд. Хо дæр, тыргъы цæджындзыл æнцойгæнгæйæ касти, йе ’фсы- мæрыл цин кодта, иннæмæй та йæ зæрдæ суынгæг ис йæ фыды дзауматы уындæй. — О, о, цыхуызæн дæ, цыхуызæн, раст æлдары фырты хуы- зæн,— бахудти хо дæр æмæ йын йæ урс бæрцытæ арæстытæ код- та.— Гъе, дæ фæдыл быдираг чызджытæ ма ралидзæнт!.. «Тæхуды, æцæг быдираг хъæздыг хæдзæртты чызджытæй йæ исчи куы »бауарзид, кæд искæй руаджы мах дæр быдыры рухс фениккам»,— батæхуды кодта йæхинымæр мад æмæ хъæрæй- загъта: — Æмæ цы, æгæр дзæбæх лæппу у, саджы фисынтыл амад, кæцы чызг æй нæ бауарздзæн. — Куы нæ 1мæ хынджылæг кæниккат,— бахудгæиæ загъта Тасолтан æмæ йæ зæнгæйтты хъустыл схæцыди. Тасолтан æцæг уыди хæрзконд, къабазджын, фæтæнгуыр* æмæ нарæгастæу. Донхуыз цухъхъа йын æрбалвæста йæ уæнг- тæ, рон — йæ астæу. Æрттиваг морæ куырæт йæ риуыл æлвæст уыди æмæ донхуыз цухъхъаимæ, ноджы стæг бæрцытимæ дзæ- бæх фидыдта. Æнæдаст уадулты сатæгсау къæбæлдзыг хилтæ- хæццæ кодтой сау рихитимæ, морæ куырæты æфцæгготыл дард- той тар æмæ цæсгомæн лæвæрдтой куыддæр саударæг лæджьг 134
æнкъард хуыз. Стæй къæлæт æрфгуытæ æрзылдысты фæтæн ны- хыл, æмæ сæ быны арф цæстытæ зындысты ноджы арфдæрæй. Мыдхуыз уæлдзармхуд, кæд æгæр ставд къæбæлдзыг уыди, уæд- дæр хæрзаив кодта æппæт дарæсы дæр. Уыцы дзауматæ Тасолтанæн уыдысты ныр йæхи. Æрмæст ма æрттиваг морæ куырæт... — Тæхуды, ацы куырæт дæр ма дæхи куы уаид,— бахъын- цъььм кодта мад. — Мæнæ куыддæр быдырæй æрбаздæхон, афтæ Алмахсит- тæн хос ракæрддзынæн, æмæ мын æй кæд ныууадзид,—загъта Тасолтан æмæ йæ дзауматæ фæстæмæ ласыныл фæци. — Дзыцца, райсом мæ-иу фыццаг кæркуасæнты райхъал кæн, куы бафынæй уон, миййаг. Фыццаг кæркуасæнты мад райхъал кодта йæ лæппуйы. — Цæуын афон дын у, мæ «къона,— бадзырдта йæм дуарæй. Тасолтанфестади æмæ тагъд-тагъд йæ къатьг боны дзауматæ акодта: йæ кусæн куырæт, йæ фæсмъш хæлаф, æрчъиаг дзабыр- тæ. Иæ балцы дарæс та æфснайд уыд хордзенты. Фæндæгтыл ахæм дарæсы чицæуы, зæгъгæ, йын сæ бафснайдта йæ мад. Цæв’æрдта йын арахъхъы авг æмæ чысыл æртæ чъирийы дæр. — Искæуыл куы амбæлай, миййаг,' табу йæхицæн, Лæгты дзуары бынты цæуыс æмæ сæ-иу акувын кæн,— дзырдта йын мад хордзентæ дæтгæйæ. — Хорз, хорз, дзыцца,— загъта Тасолтан æмæ ма афар- ста: — Мæ хо фынæй у? — О, чи ’йæ хъал кæны. — Уадз æмæ хуысса,— загъта Тасолтан, йæ мады йæ хъæ- бысы æрбакодта æмæ рацыди. — Фыдвæндæгтыл дæхи хъахъхъæн. Лæгты дзуары уазæг у,— радзырдта йæ фæдыл мад. 3 Æхсæв уыди талынг. Тарцъæх арвыл æрттывтой бирæ стъа- лытæ. Хуссарырдыгæй арвгæронмæ суади Боброн. Хæхтæ зын- дысты цъæх зæлдаг хызы бынæй зынæгау. Дæргъæвсы ком нæ зынди, цыдæр тæссаг талынджы бын ньщци. Тасолтан æруади Хъахъхъæдуры уырдыг уынджы дæлæмæ. Куитæ йыл срæйдтой чысыл æмæ банцадысты. Куыд дæлдæр цыди, а’фтæ талынгдæр кодта. Хъахъхъæдур лæууы дыууæ комы астæу бæрзонд рагъыл. Хуссар Ламардон æмæ Джимарайы æхсæн. Быдырмæ фæндаг та цæуы дæлæмæ, Дæргъæвсы комыл. Ком алырдыгæй дæр æх- гæд у бæрзонд хæхтæй. Хорз зоны Тасолтан ацы дурджын фæндæгтæ. Иæ фыдимæ- 135
иу уыди далæ Хъобангомы суг ласынмæ, æмæ-иу ацы фæндæг- тыл галуæрдонæй гыбар-гыбургæнгæйæ сæ фæлл-ад галтимæ цы- дысты комы мидæмæ. Ныр галтæ нал ис. Хистæн сæ аргæвстой. Цæуы тагъд-тагъд Тасолтан лæгъзы уыгæрдæнтыл. Ком фæ- руходæр. Уæртæ рахизырдыгæй, стыр Чызджыты хохы рæбынæй разынди, сæрдыгон дæр хур сихормæ кæмæ не ’рбакæсы, хæлгæ хохы рæбын тæрсгæ-ризгæйæ чи цæры, уыцы Цæгаты Хынцæг. Уæлæ галиуырдыгæй та — Хуссары Хынцæг — йæ мадырвадæл- ты хъæу. Гæмæх хæхтæ сæумæрайсомы рухсæй сты бæрæгбон- хуыз. Хъæуы сæрмæ цъæх фæздæджы таг -æрбадти. Уынджы фæ- зынди адæймæгтæ. Нæуу рагъыл спырх ис фосы дзуг. Цæуы дарддæр Тасолтан. Мæнæ æрхæццæ ис Дæргъæвсы ко- мы Дугъуадзæн барзы обаумæ. Æнахуыр аргъæутты æмæ уæз- зау таурæгъты æнкъард мысинæгтæ фæхæссы зæрдæмæ ацы обау. Иæ рæбын æрлæууынц, сæ риутыл цæхгæрмæ урс цикъæ хæцъил- тæ баст кæмæн вæййы, уьщы дугъы бадæг лæппутæ. Сæ æууæрст бæхтæ сæ быны фæкафынц, стæй ардыгæй атæхынц суанг Хъахъхъæдуры бынмæ. Цал æмæ цал дугъон бæхы фæкалдис ацы дурджын фæндагыл, цал æмæ цал лæппуйы бацыди мæрд- тæм искæйы марды рухсаджы тыххæй дугъы уайгæйæ! Зæххимæ æхсыст æгомыг уæйыгау йæ бирæ сау фыдохы ха- бæртты сусæгдзинади\мæ лæууы обау, сæгæйдзаг æнустæм хъус- гæйæ. Уæртæ йæ тæккæ цъуппыл хъил сагъд дуры сæрыл бады уыг æмæ йæ дынджыр цæстытæ разылдта Тасолтанмæ. , Æрхæццæ Тасолтан Къæхтысæры уæлбылмæ. Хур æрбака- сти хуссарварсы карст айнæгмæ. Ам ком æрбанарæг. Хæхтæ* дыууæрдыгæй æрбалвæстой æрра доны. Йæ гæндзæхтæ цæгъды Даргъæвсы Стырдон, йæ уымæл рыг æмæ йæ пырх калгæйæ, лæбуры былгæрæттæм, æхсыны сæ, куы сæ бынты хъуыр-хъуыр кæнгæйæ, аныгъуылы, куы йæхи конд лæнчытæй хауы æмæ йе ’рдиаг, йæ уыиæрæй нæрынц айнæг къæдзæхтæ. Уазал дымгæ æрбадымдта нарæг комæй. Комы бын нæ зыны. Доны пырхæн- тæ йæ фæлмау бамбæрзтой. Зилæнты къæдзтæ-мæдзтæ фæндагыл фæуырдыг кодта бæлц- цон æмæ ныххæццæ комы бынм’æ. Арвæй ма йæм зыны иу лыс- тæг уадздзаг. Доны уынæрæй дыууæ Лæджы, фæрсæй-фæрстæм цæугæйæ дæр, иæ хъусынц кæрæдзи иыхас, æмæ уæд фæдзурынц хъæрæй, цыма къуырмаимæ’дзурынц, уыйау. Фæндаг куы лæгæты бынты бауайы, куы суайы къæдзæхы сæрмæ, куы донæн йе ’ннæ фарсмæ багæпп ласы туджы хидыл. Фæндагæн йæ алы фæзилæныл, йæ алы хидыл дæр ис зæрдæ- сæттæн æнкъард таурæгътæ. Йæ алы фæзилæн, иæ алы хид дæр сты туджджынты коид. 136
Нарæг комæй ахызти Тасолтан æмæ фæцæуы Хъобаны бын- ты. Доны зарæги.мæ йæ хъустыл уайынц щыма куы Чермены зарæг, куы Бæтæйы фыртты зарæг. Фæлæ зарæг атахти йæ хъуыдытæй. Ацы æрхы баурæдтой иухатт Алыккаты хъалтæ Тасолтаны фыд Гадæккойы æмæ йын акалын кодтой йæ сугтæ. Ардыгæй дæлæмæ хъæд у Алыккаты æм’æ дзы суг ласын нæ уадзынц хæх- хон адæмæн. Хъæддзауы уæрдонмæ бауайынц, уæлбæхæй хъа- майæ æрцъыччытæ кæнынц бæндæнтæ æмæ сугтæ акалын кæ- нынц. Йæ маст йæ хуылфы цæджджинагау фыцгæйæ бацæуы хъæд- дзау фæстæмæ хохмæ æнæ сугæй... Бирæ сау бæллæхы хабæрттæ лæууын кæны зæрдыл ацы туг- вæндаг, бирæ таурæгътæ йыл ис æмæ сыл нæ уромдзыстæм Та- солтаны. Уый тагъд цæуын хъæуы. Хъуамæ изæрмæ ныххæццæ уа быдыры Хъахъхъæдурмæ æмæ райсом, хуыцаубоны, йæ хæ- лар Баччерийæн ацæуа чындзхæссæг Заманхъулмæ, фæлæ... Дæргъæвсы æрра донимæ баиу ис ивылд Гæналдон, æмæ дыу- уæ доиы хъуырдухæнгæнгæйæ афæлдæхтой хидтæ, фехæлдтой «фæндæгтæ. Джызæлгомыл ацæуæнтæ нал ис уæрдонæй. 4 Дыууæ доны астæу, раст Мыхы рагъы тигъ кæдæм æрхæццæ, уым дæлбыл, тæккæ хиды цур уæрдæтты хал лæугæйæ æрæй- йæфта Тасолтан. Хиды аласта дон. Уæрдæтты бадтысты сылгой- мæгтæ, сывæллæттæ. Лæгтæ та хæлд хиды был, ивылд донмæ кæогæйæ тæрхæттæ кодтой. Тасолтан сæм бахæццæ. «Уæ фæн- даг раст» сын загъта æмæ ’рлæууыди сæ цуры. Никæй дзы зыд- та, ничи йæ зыдта. Иæ бон уыди йæхи афистæг кæнын, доны ауайын æмæ йæ фæндаг дарын. Фистæг лæгæн та циу. Йæ фæд- джитæ йæ фæсроны тъыстæй кæуылдæриддæр ауайдзæн. Фæлæ бæлццон лæгты ныхæстæ куы айхъуыста, уæд ныллæууыд. Ивылд доны ауайыны фæнд кæнынц. Æмæ цы уыдзысты сывæллæттæ, сылгоймæгтæ. Куыд ныууадза атæппæт фæкæоинаг адæмы зын- вадаты æмæ куыд фæлидза... Худинаг, амæлæт. Уæрдæттæн се ’ппæты разæй лæууы кæрдæгхуыз ахуырст бæхуæрдон. Стыр сырх бæх йæ хъустæ сгæмæл кодта æмæ хъусы, ивылд дон дуртæ кæрæдзиуыл куыд хойы, уымæ. Уæрдоны ба- дынц ацæргæ сылгоймаг æмæ чындздзон чызг. Мад æмæ чызг сты, æвæццæгæн. Иу фæкастæн Тасолтан ауыдта саулагъз рæ- сугъд цæсгомыл стыр цæстытæ. Куы йæм фæком^коммæ, уæд чызг æруагъта йæ дæстытæ. Уьщы уæрдон у быдираг Торчынты зæронд Гаппайы, уæрдоны та — йæ ус æмæ йæ чызг. Уыдон хох- 137
мæ Уациллайы бонты бацыдысты куывды æмæ ныр фæстæмæ здæхтысты сæхимæ. Лæгтæ бауынаффæ кодтой уæрдæтты иугай доны фале фæ- кæнын æмæ сæхи рафистæг кодтой. Раластой сæ дзабыртæ, сæ зæнгæйттæ, сæ хæлæфты фадгуытæ уæллоз стылдтой, сæ цухъ- хъаты, сæ куырæтты фæдджитæ сæ фæсрæтты æрсагътой æмæ раззаг уæрдоны фæсрæтæнæгъдтыл, сæрхъæдты кæрæттыл æр- хæцыдысты. Уæрдоны хицау, зæронд лæг Гаппо дæр йæ игæр- хуыз духъхъайы фæдджитæ йæ .астæуыл атыхта æмæ уыцы фис- тæгæй ахæцыди бæхы рохтыл. Мад æмæ чызг уæрдоны бадгæйæ сæрхъæдтыл ныххæцыдысты. Бæх хуыррыттытæ кодта, Нæ уæн- дыди, бур æрсыты æрдонгау, кæрæдзи сæрты цы лакъон доны уылæнтæ хаудысты, уыдонмæ бацæуын, фæлæ йæм фæстейы лæг- тæ уисæй куы февзыстой, уæд ариуыгъта .йæхи æмæ йæ хицауы фæдыл уьщы гæмæлхъусæй бауади. Зæронд лæгæн йæ астæумæ схæццæ дон, æмæ йæ рохст уылæнтæ дæлæмæ æппæрстой, фæлæ ма фидар уыди Гаппо. Йæ син сæм сарæзта æмæ къæхтæй до- ны бын сг.аргæйæ цыди бæхы разæй. Тасолтан исдугмæ фæджих ис, стæй йæ хордзен бæласы къа- лиумæ баппæрста, тагъд-тагъд йæхи афистæг кодта æмæ йын кæд фæкæс, зæгъгæ, ничи загъта, уæддæр бауади уæрдоны фæдыл æмæ, уæлæрдыгæй сæрхъæды кæроныл фæхæцон, зæгъгæ, йæ къух куыд бакодта, афтæ бынæй цалхы гуыпп фæцыди стыр ду- рыл. Бæх фæцудыдта фæстæмæ, стæй р.азмæ ариуыгъта. Уæр- дон фæфæлдæхти. Цæстыфæныкъуылдмæ бæх æмæ Гапнойы уы- лæнтæ сæ быны акодтой. Мад æмæ чызг цыдæр æрбаисты. Æр- диаджы богътæ райхъуысти доны былæй. Лæгтæй ма уым чи уыди, иннæ уæрдæтты цур, уыдон дæр багæппытæ кодтой æх- хуысмæ. Фæлæ цæй тагъд фестади зæронд Гаппо? Цæй тагъд феуæгъд; ис бæх йæ уæрдонæй? Æрмæст доны былæй чи касти уыцы бæл- лæхы хабармæ, уыдон федтой, се ’нæзонгæ æмбæлæг лæппу цы митæ кодта, уый. Куыддæр далхы гуыпп фæцыди дурыл, афтæ бамбæрста Тасолтан, бæх фыртæссæй кæй ариуыгъдзæни, цалх та дурмæ куы сгæпп ласа, уæд тыхджын уылæнтæ гуыффæйьг бын кæй сриуыгъдзысты æмæ уæрдон кæй афæлдзæхдзæн. Æмæ йæхи баппæрста разырдæм. Бæх æмæ Гаппо куы æрхаудысты, уæд фæлæбурдта Гаппо- мæ, фелвæста йæ. Хъамайæ æрцъыччытæ кодта гузитæ æмæ бæ- хы хъустыл фæхæст ис. Уæлæмæ йыл схæцыди. Иæ хъусты дон куы бакæла, уæд нал сыстдзæн, уый зыдта. Бæхы Гаппойы бар фæуагъта æмæ йæхи раппæрста дæлæмæ. Уæрдоныл цы лæгтæ хæцыдысты, уыдон дæр æрхаудысты доны, фæлæ тагъд фестадысты æмæ уæрдоны дыккаг хатт афæлдæхын 138
нал бауагътой. Мады рацахстой, доны былæй чи æрбазгъордта, уьгдон æмæ йæ ахæццæ кодтой фаллаг фарсмæ, фæлæ чызг æр- байсæфти. Тасолт.ан æрызгъордта дæлдæр. Чысыл дарддæр, пых- сыты бын, стыр къардиуы рæбынмæ цавтой уылæнтæ сæхи æмæ лæбурдтой донхауæнмæ. «Уырдæм æй куы баппара, уæд фесæф- дзæни»,— хъуыды кодта Тасолтан æмæ уыцырдæм йæхи аппæр- ста. Къардиумæ йæ цалдæр гæппы йедтæмæ нал хъуыди, афтæ уылæнæй фæзынди чызджы хъулон къаба. Иæ сынæг уылæнтæм фæцарæзта, афтæмæй чьгзджы цонгыл фæхæст ис. Зын фелвасæн уыди чызг иу къухæй. Фæлæбурдта йæм дыууæ къухæй дæр. Йæ астæуыл ын фæхæцыд. Разылди фæстæмæ, чызг йæ хъæбысы, афтæмæй. Фæлæ дурыл фæкалди æмæ æрхаудта. Тыхджын уы- лæнтæ йæ асхуыстой дæлæмæ. Базгъордтой (ма йæм лæгтæ, фæ- лæ сæ уæдмæ лакъон уылæнтæ аластой къардиуы рæбынмæ. Доны былæй райхъуысти: «Æллæх, æллæх!» Тасолтан, кæдду- рыл йæ уæраг ныццавт.а, кæд лакъон донæй йæ хъæлæс айдзаг, уæддæр не суагъта чызджы. Къæхтæй агуырдта зæхх æмæ йыл куыддæр фæхæст, афтæ чызджы уæлæмæ систа, йæ сынæг са- рæзта уылæнтæм æмæ йæхи нал бауагъта, дон зилгæйæ бæлæ- сты уидæгтæ кæм æхсыдта, уыцы къардиуы бынмæ. Тæккæ дон- хауæны былты тыхамæлттæй рахаст.а чызджы. Иæ размæ баз- гъордтой лæгтæ. Тасолтан сæм нæ фæлæууыд, ахаста чызджы доны фаллаг фарсмæ. Нæумæ куы бахæццæ, уæд æй йæ уæра- гыл фæдæлгом кодта æмæ йын бауыгъта йæ уæнгтæ. Чызджы дзыхæй дон фемæхсти. Лæгтæй иукъорд амбырд сты йæ алфам- былай. Уæлдæрæй райхъуысти чызджы мады хъарæг. Удæст сау къабайы уый йæ рустæ тонгæ лæбурдта йæ чызджырдæм. Ных- хæццæ ис Тасолтанмæ Гаппо дæр æмæ дзуццæджы бадгæ, æр- дпаггæнгæйæ хæцыди йæ чызджы ныхыл. Донæн йæ иннæ фар- сæй кастысты сылгоймæгтæ, сывæллæттæ æмæ иу рæстæгæй-рæс- тæгмæ доны сыр-сыр æмæ гыбар-гыбуримæ æрбайхъуысти сæ кæуын. Чызджы хъæлæсæй дон нал калди. Тасолтан æй систа йæ хъæбысмæ. Лæгтæй иу фелвæста йæ цухъхъа æмæ йæ æддæдæр фæлмæн кæрдæгыл æрытыдта. Уырдæм фæцæйхаста Тасолтан чызджы, афтæмæй йæ размæ фæци чызджы мад хъарæггæн- гæйæ. — Уæ мæ иунæг хъæбул, цæй сау бон ныл ныккодта! Дæуыл ту1ын исты куы ’рцæуа, уæд ныл нæ дуне куы баталынг уыдзæн, мæ сау рæхыс мæ астæуыл куы батухдзынæн... Тасолтан ба’касти мадмæ. — Ницы йын уыдзæни, дзыцца,— зæгъгæ, йæм сдзырдта .æмæ æнæбары бахудти. Йæ фыртыхстæй дзы æрбайрох и, йæ 13*
цуры йæ мад нæ, фæлæ æнæзонгæ ус кæй ис, уый, æмæ йæ гъе- уымæ гæсгæ схуыдта дзыцца. — Уæ мæ уд дæ нывонд фæуа, нæ ирвæзынгæнæг, æмæ дæ дзыцца дæ хуртæй бафсæда, кæд æцæг зæгъыс, уæд дæ мæхидæн хъæбул кæндзынæн, дзывдайы номæй мæм куыд дзурай,— дзырдта мад йæ хъарæджы. Тасолтан æрæвæрдта чызджы нæууыл тыд цухъхъайыл, йæ мады раз. Чызг ракасти йæ цæстæй. Мад ыл æрдæлгоммæ. Дыу- уæ усы чызджы къабайы фæдджитæ æрлæгъзытæ кодтой, æрæмбæрзтой йын йæ гом уæрджытæ, феуæгъд ын кодтой’- йæ риуыгънæджытæ. ’ Уæрдон ма лæууыди доны астæу хъилæй, йæ иу далх уæлæ- мæ, афтæмæй. Уылæнтæ хостой уæрдоны фæрстæ, фæлæ йыл дыууæ лæджы хæцыдысты фидар. Иннæ дыууæ лæджы æд æф- сондз галтæ батардтой уæрдонмæ æмæ лакъон доны уылæнтимæ абухгæйæ рæтæнæгъдтæ фидар кодтой æфсондзмæ. Бæх уыди фæндаггæрон къудзийыл баст æмæ йæ сæр тылдта, йæ хъусты къæрцц-къæрцц цыди, йæхи уыгъта. Уæдмæ иннæ уæрдæттæ уыры дуртыл гыбар-гыбургæнгæйæ дæллозты азылдысты æмæ тæнæгдæр ран ауадысты, рацыдысты доны иннæ фарсмæ æмæ се ’ргом аздæхтой дыууæ доны астæуæй Арвыкомырдæм, Бæлтайыл цы рох фæндаг ис, уыйырдæм æмæ ныллæууыдысты. Се ’ппæт дæр: лæгæй, усæй, сывæллонæй ра- хызтысты уæрдæттæй æмæ чызджы алфамбылæй æрлæууыдысты. Тасолтан аххуы’с кодта бæхуæрдон галтимæ фæндагмæ ратулы- нæн æмæ та ныууадн адæмырдæм. Чызджы дур чи лæууыди, уы- дон æм ракастысты. Йæхимæ æркасти Тасолтан, фефсæрмы йæ æмпъызтытæ дарæсæй æмæ уæд фæхъуыды кодта, «мæ хордзен цы фæци», зæгъгæ. Цæхгæр фæзылди æмæ та доны иннæрдæм ауадис. Бæласы къалиуæй райста йæ хордзен, фæстæмæ та уы- лæнтимæ абухгæйæ рауади доны. Уæдмæ лæгтæ рахастой, чи авджы дзаг, чи дурын, чъиритæ æмæ .сæ æрæвæрдтой нæууыл. Уыцы æвгтæ æмæ чъиритæ ауынгæйæ фæхъуыды кодта Тасол- тан йæ фæндаггаг. Иæ хордзенæй сæ фелвæста, æрæвæрдта сæ лæгты астæу æмæ æнæ исты зæгъгæйæ бацыди фæндаджы фале хъæдмæ, йæ дарæс аивыимæ. Бæлццæттæ кæрæдзимæ бакасты- сты. — Чи у цымæ ацы лæппу? —бафарста иу. — Чидæриддæр у — лæгдзинадæй æххæст у,— загътой иннæтæ. — Ахæм ма дзы хъæбатыр æмæ хæрзарæхст уа! — Кæцæй фæзынди цымæ нæ амондæн? — Нæ цурты æрбауади, йæ хордзентæ йе ’фцæджы, афтæ- мæй. 140
— Цы фæци, ды? — Æмæ-гъа, йæ фæндаггаг ам æрæвæрдта æмæ хъæдмæ бацыди. — Рæстæмбæлæгæн нын æй хуыцау рауагъта немæ. 5 Лæгты æхсæнмæ бацыди Гаппо. Иæ цæст сыл ахаста æмæ, Тасолтаны куы нæ федта, уæд джихæй баззади. — Хорз адæм. Бахатыр кæнут. Уе ’ппæтæй дæр стыр бузныг дæн, ацы фыдбылызæй мæ кæй фервæзын кодтат, уый тыххæй. Мæ бæсты уын, æмбал кæмæи нæй, уыцы иунæг хуыцау раарфæ кæнæд. Фæлæ уыцы лæппу цы фæцис?—загъта ракæс-бакæс- гæнгæйæ Гаппо. Бамбарын ын кодтой йе ’мбæлццæттæ. — Чидæриддæр у, мах амондæн æй рарвыста Уастырджи. Хъыгаг у, кæд афтæмæй, æнæ арфæтæй ацыди, уæд,— хъыгзæр- дæйæ та загъта Гаппо. , — Гаппо, мæнæ йæ фæндаггаг ам ныууагъта. Æртæ чъирийы æмæ авджы дзаг. Йæ цæрæибоны тыххæй бакув. Кæстæртæй иу систа авг, рауагъта дзы сыкъайы дзаг æмæ йæ радта Гаппомæ. Арв уыди сыгъдæг. Хур Хъобаны хæхты сæрмæ бахæццæ. Комы дыууæрдыгæй хъæдæй æмбæрзт хæхтæ хъырныдтой ивылд доны зарæгæн. Афонмæ Тасолтан бахæстæг уыдаид Джызæлмæ. Фæлæ мæнæ хъæды йæ хуылыдз дзауматæ ивы йæ чындзхæс- сæджы дарæсæй. Чысыл раздæр ма мæт кодта, æгæр бафæстиат дæн æмæ æрæджы кæндзынæн мæ балцы нысанмæ, зæгъгæ, фæ- лæ йæ ныр цыдæр уромы. Цыдæр æнæзонгæ, æнæуынгæ сусæг циндзинадæй рухс у йæ зæрдæ. Цы уа цымæ? О, рæсугъд чызг, саулагъз рæсугъд цæсгом, сау цæстытæ. Уыцы рæстæджы сылгонмæгты æхсæн йæхи æрæмбæрста Ха- дизæт (афтæ хуынди Гаппойы чызг). Иæ мад бадти йæ фарсмæ æмæ йын йæ сæр йæ хъæбысы бакодта. Йæ цæсгом уыди фæлурс. — Годзе, æвæдза .уы1ш лæппу нæ уæвгæйæ, уæд царæфтыд нæ кодтай,— загъта сылгоймæгтæй иу. — Табу йæхицæн, Лæгты дзуарæн. Н’амондæн нын æй рар- выста хæрзæмбæлæгæн,— загъта Годзе (афтæ хуынди чызджы мад) æмæ лæгтырдæм скасти.— Цы фæци, лæгты æхсæн куы нæ зыны? — Кæд Лæгты дзуар йæхæдæг уыди æмæ ныр æрбайсæфти,— загъта æртьгккаг ус. — Бастъæлай, æмпъызтытæ фæсмын хæлафы æмæ кæттаг куырæты Лæгты дзуар!.. — Æмæ -цы? Лæгты дзуар, табу йæхицæн, алы хуызы дæр 141
фæзыны. Æниу мын атъæпп уой сæ сæртæ, даритæ æмæ зынаргъ сгæллæдты цы хъалтæ фæцæуынц, уыдонæн. Лæгдзинад ахæм ран рабæрæг вæййы. Мæнæн мæ чызджы нсчи афтæ куы фервæзын кæнид, уæд ын æй, мæ мæрдтыстæн, æз мæхæдæг йæ хъæбысы авæрин. Устытæ ныххудтысты. Бахудти Годзе дæр. Иæ былтæ базмæ- лын кодта Хадизæт дæр худынмæ. — Цæуылнæ худай, ахæм лæппуйы хъæбысы уыдтæ!.. — Мæ хæдзарыл... уæртæ рацæуы хъæдæй! — бадис кодта устытæй иу. Иууылдæр акастысты. Р1æ цæсгом разыйдта Хади- зæт дæр. — Бакæс-ма, мæ хур, уæртæ нæ ирвæзынгæнæгмæ,— загъта Годзе æмæ Хадизæты цæсгом тынгдæр азылдта Тасолтанырдæм. — Саджы фисынтыл амад, .удыгага!.. / Тасолтан сылгоймæгты рæзты цыдн лæгтырдæ;м. Хадизæт- мæ, йæ фынты-иу кæй федта, къæдзæхы сæрæй хаугæ-хауыны- иу æй цы. хæрзконд лæппу рацахста, цыма уый у, афтæ фæзын- ди. Йæ уадулты туг ахъазыдис æмæ йæцæсгом амбæхста мады хъæбысы. Йæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп ын ацахстой Годзейы къух- тæ, æмæ йæиæ риумæ æрбалвæста. — Мæ (уд йæ рынтæ бахæрæд, дæ зæрдæ дын афтæ чи бан- къуысын кодта. Æвæццæгæн, д’ а’монд ацы лæппуимæ у. , — 0, о, нæ зынаргъ æмбæлццон, цы нын æрбадæ, мах та ма сагъæсыл фестæм, нæ диссаджы æмбæлццон нæ ныууагъта æмæ афардæг ис, зæгъгæ. — Мидæгдæр рацу, лæппу,— сдзырдтой йæм лæгтæ æмæ йын се ’хсæн бынат радтой., Се ’хсæн балæууыд Тасолтан. — Мæ хур,— йæ арахъхъы сыкъа йæ къухы, афтæмæй баз- дæхти Гаппо Тасолтанмæ.— Æз дæн - Торчынты Гаппо, цæрын быдыры Хъахъхъæдуры. Ды чидæриддæр дæ, номæй дæ нæма фæрсын, кæмæйдæриддæр дæ, мыггагæй дæ нæма фæрсын, кæ- цон дæ, уымæй дæр дæ нæ фæрсын, цы мад æмæ фыдæн рацыд- тæ, уыдон кæд æгас сты, уæд дæ хур, дæ цинæй бафсæдæнт, æмæ сын хыцау бирæ цæрæнбонтæ раттæд. Кæд се ’цæг дуне- мæ аивгъуыдтой, уæд мæрдты рухс дзæнæты , бадæнт — дæу ахæм хорз миниуджытыл чи схъомыл кодта. Уæд дын мæнæ мад æмæ фыд. Кæд дын бинонтæ ис, уæд йемæ бирæ азты стыр амондимæ фæцæр, уæд дын мæ иунæг чызг — хо... Гаппо йæ ныхас фæурæдта. Тасолтаны йæ фарсмæ лæууæг лæгтæ цæмæйдæр афарстой. Уый йæ сæр батылдта «нæй»-ы ны- санæн æмæ фырæфсæрмæй зæхмæ касти. Рæстæггай-иу аивæй а^кас^и сылгоймæгтырдæм. Бамбæрста йæ Гаппо æмæ та йæ ныхас кодта дарддæр: 142
— Кæд дын бинонтæ нæма ис, æмæ уæ кæд стыр хуыцау кæрæдзийæн аккаг кæны, уæд, абон мæлæтæй кæп фервæзын кодтай, уый, мæ зæронды бонты хуры тын — мæ иунæг чызджы дын хайыр, кæнын... — Оммен, оммен! — Хайыр, хайыр! — ныууоммен кодтой бæлццæттæ. — Хайыр, хайыр! — райхъуысти сылгоймæгтырдыгæй дæр. «Хайыр, хайыр!»—цыма ныффæлтæрдтой ивылд доны уылæнтæ дæр сæ сæрмæ гæмæх къæдзæхыл, афтæ фæкасти Тасолтанмæ. — Дæуæй хуыздæр къаймæ никуы бабæллыдтæн мæ чыз- гæн,— дзырдта дарддæр Гаппо.— Дæуæй сæрæндæр хъæбулмæ никуы бабæллыдыстæм не ’фоинимæ. Абон нæ стыр бæллæхæй фервæзын кодтай, æмæ дæ цæрæнбоныл кувдзыстæм, нæхи хъæ- булыл дæ нымайдзыстæм. Дæ цæрæнбонтæ бирæ уæнт. Айс ныр нуазæн. Æз мæ ныхæстæ фæдæн, æмæ нын зæгъ—чи дæ, кæцои дæ æмæ цы рæствæндаджы балцы цæуыс? Тасолтан нуазæн айста æмæ ныфсæрмы ис. Ацы æнæнхъæ- лæджы амондæй йæ зæрдæ ныррухс. Йæ æнæкæрон циндзинад, йе стыр æх’сызгондзинад цы хуызы загътаид, уымæн ныхæстæ нæ ардта, йе ’взагыл хъæугæ дзырд нал бадти. Ахъ|уыды кодта, стæй загъта: — Æз дæн хохы Хъахъхъæдурæй, Дудиаты Гадæккойы фырт Тасолтан... Мæ фыд амарди цыппар азы размæ... — Рухсаг уæд... рухсаг уæд! — загътой бæлццæттæ. — Ис мын мад æмæ чысыл хо... Цæугæ та кæнын быдыры Хъахъхъæдурмæ... уым цæры ме ’рдхорд, Уртаты Баччери... уый мæм æрбарвыста, тагъд мæм сæмбæл зæгъгæ... — Гъемæ мæ уд дæ рынтæ бахæрæд. Уртатæ сты мæ сыхæг- тæ. Райсом чындз хæссынц æмæ дæ, æвæццæгæн, чындзхæссæ- гæн агурынц. Æрдхорд зынаргъ у, мæ хур,— загъта Гаппо. — Стыр бузныг дæ дæн, Гаппо. Цы арфæтæ мын фæкодтай, æз уыдон аккаг нæ дæн. Æз дæн мæгуыр хохаг лæг æмæ .мæ кæд уæхицæн аккаг кæныс... - Ацы ныхæстимæ Тасолтан скаст сылгоймæгтырдæм æмæ бын- тондæр ныфсæрмы ис. Ныхас нал ссардта. Бамбæрста пæ Гаппо. — Кæнын, кæнын, мæ хур. Мах ,дæ абонæй фæстæмæ нымай- дзыстæм нæхицæн хъæбулыл... Ныр цæугæ де ’рдхордмæ. Мах ’ма цæуæм Дзæуджыхъæумæ. Уым афæстиат уыдзыстæм дыууæ боны æмæ дæ хъуамæ Баччерийы хæдзары ныййафæм. Уæд нæ хъуыддæгтæ кæндзыстæм. Аназ дæ нуазæн æмæ нын цæуын афон у. Тасолтан йе ’нæзонгæ сыхагмæ авæрдта йæ нуазæн. Гаппо нал фæлæууыди кæстæртæм. Ацыди йæ ус æмæ йæ чызджы цурмæ. Нуа- зæнты фæстæ иннæ бæлццæттæ дæр ацыдысты уæрдæттырдæм. 143
Тасолтан джихæй касти, фыд йæ чызджы куыд фæцæйкодта, уымæ, æмæ йæ зæрдæйы гуырысхойы сагъæс бацыди: «Куы мæ базыдта, уæд, æвæццæгæн, йæ ныхæстыл æрфæамон кодта Гап- по»,— загъта йæхинымæры Тасолтан, æвиппайды йæ зæрдæйы чи батахти, уьгцы чызджы фæстæ кæсгæйæ, æмæ йæм афтæ фæ- касти, цыма фыд йæ чызджы фæкæны бынтондæр æмæ йын æй никуыуал фенын кæндзæни, цыма йын йæ зæрдæйæ, гæды мыс- тæй куыд ахъазы, афтæ ахъазыди уыцы зæронд лæг æмæ йæ фæуагъта зыбыты иунæгæй, цыма йæ циндзинады хур аиыгуыл- ди, цыма’ком фæтардæр ис, цыма ’доны зарæг фыдусы хъарæг фестади. Æнкъарддзинад -бахызт йæ зæрдæмæ. Æвиппайды амонды рухс, ныр та сайд циндзинады гуырысхоимæ сæмхæццæ сты йæ хъуыдытæ, сызмæстой йын лак^он донимæ йæ зæрдæйы циндзинæдтæ. Æрæджиау йæ сæр батылдта, «цы нæ ’рцæуы фæндагыл», загъта йæхинымæр æмæ «мæ фæндаг дарддæр да- рон», зæгъгæ, куыд сфæнд кодта, афтæ йæ хъустыл ауади: — Рауай-ма, рауай, мæ хур, мæнмæ дæр!<— Уый йæм сдзырд- та Годзе. Годзе йæм раздæхти уæрдæтты дурæй, æнкъардæй йæ куы федта йæ чыэджы фæстæ кæсгæйæ, уæд, фæтæригъæд ын> кодта. Мартъийы хур фенæгау æхсызгон ынуыди Годзейы цæс- гомы фенд æмæ йæ цурмæ бацыди. — Нæ иунæг хъæбулы де ’вджид бакодта нæ лæг. Дзæгъæл хуымæтæджы мæм не сдзырдтай, мæ хур, дзыццайы номæй. Сыгъдæг Лæгты дзуар у хъуыддæгтæ кæнæг, æвæццæгæн. Ны- рæй фæстæмæ дæ нымайдзынæн мæ дыккаг хъæбулыл. Æнкъард ма кæн, нæ лæг иудзырдон лæг у. Ныхас куы сфæраза, уæд ын æнæ бакæнгæ нæй... Нæ чызг дæ зæрдæмæ фæцыдис, æмæ дын æй ратдзыстæм,— худæнбылæй загъта Годзе, Тасолтаны цæсты- тæ-ну аивæй Хадизæтырдæм кæй азылдысты, уый бафиппай- гæйæ. — Нæ лæг йæ хамуты гузитæ хуийы, æмæ ныртæккæ цæу- гæ кæнæм. — Æз сæ ахуыдтаин... Æз сæ алыг кодтон ^емæ... — Нæ, нæ, уый, дам, тагъд цæуын хъæуы, зæгъы нæ лæг., Æмæ ахсæв нал ныххæццæ уыдзынæ, фæлæ уæддæр... Цæй, мæ хур, æз дæр дæ фæстиат кæнын. Лæгты дзуары уазæг у. Баччери- тæм-иу у нæ ныццыдмæ. Иæ хъæбысы йæ æрбакодта Годзе æмæ ацыди. Иу каст ма фæкодта Тасолтан Хадизæтырдæм, ауыдта йæ. Хадизæт дæр æм касти. Уæд Тасолтан йæ хордзентæ фелвæста æмæ араст и. 6 Ногæй та йæ зæрдæ уыди рухс, йæ уæнгтæ рог Тасолтанæн. Кæм\цæугæ, кæм згъоргæйæ, афтæмæй хурныгуылæнтæм ахызти Джызæлгомæй. 144
Талынг лæгæтæй цыма рухс æрдузмæ раирвæзти, афтæ фæ- касти хæххон лæплумæ, нарæг комæй быдырмæ куы рахæццæ, уæд. Хур йæ цæхæрæй хæхты тигъты сыгъта æмæ дзы арфæй- арфдæр ныгъуылди. Йæ тынтæ зæххæй фæбырыдысты æмæ ны- гуылæн арвгæроны æврæгъты сырх гæбынайау сахуырстой. Та- солтаны размæ байгом ис, цæрынæй-хæрынмæ йæ фыдæлтæ дæр сæ былы цъæрттæ кæмæ хордтой, уыцы быдыр. Гъæй-джиди, йæ дыууæ бæх æмæ гутоны фæстæ уыцы быдырыл чи ацæуы, зæгъ- гæ, батæхуды кодта, Джызæлырдæм цæугæйæ., Джызæлы сырхсæр хæдзæртты сæрмæ фæздæг цъæх æврагъы тагæй æрбадти. Бæрæгæхсæвхуыз æвдыстой изæрдалынгты урс хæдзæрттæ «Тæхуды æмæ иу ахæм хæдзары Хадизæтимæ чи "’рцæры æмæ ахæм быдыры йæ къабæзтæ чи айвазы»,— хъуыды кæны Тасолтан. Джызæлы дæллаг кæронмæ æввахс ис Хъодзаты Темыры хæ- дзар. Темыр цыдæр хæстæгад кæны Дудиатæн. Уыцы хæдзары уыдысты, фысыммæ иухатт Тасолтан æмæ йæ фыд, быдырмæ хор ласынмæ куы рацыдысты, уæд. «Уым исты а-хæрдзынæн æмæ æвæстиатæй, талынджы дæр цæудзынæн дарддæр»,— хъуыды кæны Тасолтан, даргъ уынджы -бæлæсты бынты цæу- гæйæ. Уынджы’ адæм бирæ нæй. Нартхор рувын афон у, æмæ Джызæл сæ хуымтæй æрæгмæ æрбацæуынц. Фæлæ мæнæ йæ ра- зæй дæр æмæ йæ фæстæ дæр фæзынди зæронд лæгтæ, зæронд устытæ сау дарæсты. Уыдон дæр цæуынц дæлæрдæм. «Æвæццæ- гæн, дæлæрдыгæй зиан ис»,— зæгъы йæхинымæры Тасолтан. Фæлæ мæнæ æрхæццæ кæны, кæсы æмæ йæ зонгæ хæдзары раз лæууынц адæм. Цы бæллæх уа Темыры хæдзары? йæ разæй цы дыууæ лæджы цыди, уыдон афафста: — Хъодзаты Темыр абон кæрдæг ласынмæ ацыдис, æмæйæ Къардоны зæхджынтæ амардтой, рухсаг уæд, мæгуыр,— загътой йын зæронд лæгтæ. Рæстæгмæцæрæг сабыр кусæг лæг уыди Темыр. Иæ цæхх æмæ кæрдзынæй суазæг кодта уæд хæххон лæг æмæ йæ лæп- пуйы. Бацыди лæгтимæ æрдиаггæнгæ Тасолтан дæр. Куыд ныу* уагътаид йæ зонгæ лæджы æнæныгæд мард æмæ куыд цыдаид чындзхæссæг!.. " I . Хуыцаубоны фæссихор баныгæдтой Темыры. Дыккаг æхсæз дæр баззади Тасолтан Джызæлы. Æрмæст къуырисæры рай- сомæй араст нс æмæ уыцы изæр ныххæццæ Хъахъхъæдурмæ. 7 Никуыма уыди Тасолтан быдыры Хъахъхъæдуры. Нæ зыдта, Баччерн кæцы уынджы цæры, уый. Хъæугæрон йæ фысты къор- 10 Хæхты 145
ды разæй сæрвæтæй чи æрбацæйцыд, иу ахæм фиййау лæппуйы афарста, Уртаты Баччери кæм цæры, зæгъгæ. Лæппу йæ фосы разæй рахызти. Фысты ауагъта сæхи бар æмæ Тасолтанæн йæ даргъ лэвдзæгæй амыдта дæлæрдæм. ’ — Мæнæ кæройнаг уынджы дæлæмæ ныууай æмæ дыууæ цæхгæрмæ уынгыл куы ахизай,— дзырдта лæппу, йæ цъæх ны- мæтхуды залмысьгфыйас былтæ йæ галиу къухæй уæлæмæ сæп- пар-сæппаргæнгæ. «Гаппойы хæдзарæй дæр æй куы афæрсин»,— хъуыды кодта Тасолтан, фæлæ йæ фæрсын нал бахъуыди. — Уæд æртыккаг уынджы-уæллаг тигъыл — дурæй æмбæрзт, æрдæгуæладзыг хæдзар у Торчынты Гаппойы хæдзар...— Иæ зæрдæ сгуыпп-гуыпп кодта Тасолтанæн. Æндæр куы ницыуал загътаид фиййау, уæддæр дзы бузныг уыди.— Дæллаг тигъыл дзалайæ æмбæрзт хæдзарæй анымай цыппар, фæндзæм та — Уртаты хæдзар. Уый дæр у æрдæг дурæй æмбæрзт, æрдæг та — дзалайæ. Знон сæм чындзæхсæв уыди... Кæд мæм фæлæудзынæ, уæд æз ныртæккæ мæ фыстыл дуар рахгæндзынæн æмæ дæ ных- хæццæ кæндзынæн...— згъæлдта ма ривæд куыройау лæппу æнæ улæфгæйæ, фæлæ йæм Тасолтан нал хъуыста. — Тигъыл дурсæр хæдзар... Хорз, хорз,— загъта ма лæппу- йæн æнæрхъуыдыйæ æмæ йæ фæллад къæхтæ сæхæдæг аздæхты- сты кæройнаг уынджырдæм. Кæройнаг уынджы дæлæмæ ныддаргъ сты биноныг быд кау бырутæ. Кæм дурæй, кæм дзалайæ æмбæрзт хæдзæрттæ. Рахи- зырдыгæй та — быдыр. Æрталынг ис. Тасолтан цæуы тагъд-тагъд. Мæнæ æртыккаг цæхгæрмæ уынджы тигъыл æрдæг уæладзыг, дурсæр хæдзар. Нæ зыны хæдзары сæрмæ фæздæг, рухс нæ зыны бæрзонд рудз- гуытæй. Нæма æрхæццæ сты бинонтæ. Хадизæт... Иæ ног мад æм-æ фыд... «Гъей, тæхуды, ацы хæдзармæ сиахсы цыд чи бакæ- ны!» — ныуулæфыд Тасолтан æмæ биноныг бакасти хæдзармæ. Фæлæ йæ даргъ фæндагыл йæ цæстытыл ’цы амоидджын царды нывтæ уадысты, уыдоныл та гуырысхойы фæлм æрбадти. «Мæ- гуыры зæрдæ фынтæй дзæбæх, ахæм фæрныг хæдзары чызг мæ- гуыр хохаг лæппумæ кæм хауы! Нæ ратдзæн мæнæн Гаппо йæ чызджы, нæ бакомдзæн хохагæн рæсугъд Хадизæт. Цæмæн сыл фембæлдтæн, цæмæн мын барухс кодтой мæ зæрдæ». Ацы хæц- дæ хъуыдытимæ ацыди дарддæр æмæ бафиппайдта йæ къæхты фæллад. Чьисыл дæлдæрæй райхъуысти фæндырдзагъд æмæ æм- дзæгъды къæрцц-къæрцц. Атахтысты йæ хæццæ хъуыдытæ. Иæ зæрдæйы судзаджы æнхъæлцауы артæй ма уæддæр уыди йæ цæстыты иу стъæлфæн. «Чи зоны, уæддæр, куыд вæййы, цы вæй- йы. Кæд мæ амонд ам ис...» Мæнæ фæндзæм хæдзар. Уаты рудзгуытæй кæртмæ ранывæ- 146
стысты цырагъы рухсы тынтæ. Уатæй хъуысы кафджыты уынæр. Тасолтан кауыл банцой кодта æмæ бакасти кæртмæ. Фæндыр- дзагъдмæ цыма йæ фæллад дæр æрбайсæфти. Кæрты ничи ис. Æрмæст дзалайæ æмбæрзт сарайæ пецы рухс зыны, чидæртæ дзы архайы. Лæгтæй куыд ничи зыны æддæмæ? Баччери нырма уыдзæни йæ къухылхæцæджы хæдзары. Уымæн æмбисæхсæвæй раздæр нæй æрцæуæн йæ хæдзармæ. Æмбисæхсæв дæр æрба- цæудзæн хъуызгæ, рамбæхс-бамбæхсгæнгæ, ,куыд ничи йæ фена, афтæ. Тасолтан йæ цухъхъайы, йæ зæнгæйтты рыгтæ ацагъта, ка- уын дуарыл бахæцыди æмæ кæртмæ бацыд. — Гъей, Уртатæ! Кæм стут, уæ хæдзар уын фæхастæуыд! — бахъæр кодта Тасолтан кæртæй. Сарайы бынæй ’рауадысты дыу- уæ усы. — Чи дæ, чи, мæ хур? — Тасолтанмæ осæстæгдæр рауайгæйæ радзырдта Баччерийы мад Залхан. Иннæ ус фæстæдæр аззади. Хи мады хъæлæсау фæкасти Тасолтанмæ, йæхи хъæбултæй йæ чи никуы бахъулон кодта, уыцы рæвдауаг Залханы хъæлæс æмæ йæм комкоммæ бацыди. — Æз дæн, æз, Залхан, хохы цъассы сæлавыртæн кæй ныу- уагътат, уьщы Тасолтан,— уыцы ныхæсти/мæ йæ хъæбысы æрба- кодта Залханы. — Уæ, нывонды урс уæрыкк дын феста мæ зæронд уд!.. Æмæ нæм æгас цæуай, мæ хъæбул... Æртæ баны дæргъы, мæгуыр, дæумæ куы фенхъæлмæ касти нæ лæппу... Раджы дæм куы ар- выста, мæ цины бон мыл сæмбæл, зæгъгæ... Цом мидæмæ мæ хур, лæгтæ уым бадынц. Хæдзарæй хъуысти лæгты ныхас. — Нæ-æ. Залхан, лæгтæм нæма цæуын. Хъуамæ дын хиба- рæй ’мæ зæрдиаг арфæтæ фæкæнон: хайырдæр хъуыддаг чи ба- кодта, амондджындæр чындз чи æрхаста, хуыздæр фарн кæй къæсæрæй бахызти, йæ чындзæй адджын хъæбулы ад чи федта, уыдон æмбал дæ иунæг кадджын хуыцау фæкæнæд. Иæхи мадау дæ’буц куыд дара, йæ уæлныхты дæ куыд хæсса, ахæм æгъдау, ахæм хъару та уымæ разынæд. — Бузныг, мæ хур, бузныг, хуыцау дын раарфæ кæнæд. — О, о, Залхан, кувынмæ, арфæтæ кæнынмæ хæрзарæхст нæ дæн, фæлæ дын мæ зæрдæ цы зæгъы, мæ <цæст дын цы уарзы, мæ дыккаг мады хай...— Мады <коймæ йæ зæрдыл æрбалæууыди Годзе æмæ ноджы дзыхарæхстдæр фæци,— уыдон дыл, карз зы- мæджы фæстæ хъарм уалдзæг куыд æрцæуы, афтæ æрцæуæнт! — Бузныг, бузныг, мæ къона, дæ фæадиаг бинойнаг нын æй хуыцау фæкæнæд. Цом уал уæд та уæртæ рухсдæрмæ. Фенон дæ,— бакодта йæ Залхан сарайы бын пецы рухсмæ.— Стæ-ма, 147
куы ныллæг дæ, дæ фыдæй, рухс дзæнæты бада, бæрзонддæр! куы сивæзтæ. Уæууа, дæ хордзен дæр ма де ’фцæгыл куы ис^ Айс-ма йын æй, Хадзыгуа. ’ \ — Уæззау нæу, Залхан. Бузныг, дæ салам бирæ уæд,— Ха-; дзыгуайы къух райста Тасолтан æмæ йæ хордзен райста йæхæ-, дæг.— Хахаг фистæг лæг быдырмæ уæззау хордзенимæ нæ цæуы.— Хордзен сарайы цæджындзы рагъæныл баппæрста æмæ, та бакасти Залханмæ. — Уæ ’мæ мады хай, афтæ æнæзæрондæй ма нын ^мин азы; куы фæцæрис.— Хъæлдзæгæй, худгæйæ дзырдта Тасолтан æ.мæ; йæхæдæг дæр дис кодта йæ дзыхарæхстыл. «Уæдæ æндæрæбон^ дыууæ доны астæу мæ дзыхы ныхас куынæуал бадти». — Мин м-ин азы фæцæр, мæ хур, фæлæ-ма мын радзур дæ хабæрттæ. Хадзыгуа, мæ хур, марадз, чъиритæ адæттæ кæн,— загъта дьжкаг усæн Залхан. Ус ацыди.— Цæмæн байрæджы код- тай чындзхæссæг ацæуынмæ? — О, о! Залхан, уыдон бирæ дзуринаг сты. Æз цы фæндæг- тыл фæцыдтæн, æз ды бæллæхты бафтыдтæн, æз цы зæрдæйы дугъты фæдæн, уыдон амæй райсоммæ дæр дзырд нæ фæуыдзы- сты. О-хо-хо! Уыдон фæстæдæр, фæлæ Баччери кæм ис? — Кæм хъуамæ уа? Иæ къухылхæцæгатæм. Ныртæккæ йæм лæппутæй искæй арвитдзыстæм. Дзæвгар абадтысты Тасолтан æмæ Залхан сæрдыгон хæдза- ры. Уæдмæ цæхæрадæттыл æрбахæццæ Баччери дæр. Дыууæ хæлары сæ кæрæдзийæн фæхъæбыстæ кодтой. Тасолтан сын ра- дзырдта йæ хабæрттæ, кæд сын райста сæ ныстуан, кæд рацыди хохæй, кæмыты æмæ цæмæн бафæстиат ис, уьцдæттæ. Радзырд- та сын, сæ сыхаг Гаппо йын йæ чызджы йæхи дзыхæй кæй сак- каг .кодта, уый дæр. — Тæхуды, Хадизæт дын куы бакомид,— батæхуды кодта Залхан. — Зæронд лæг æмæ ус сты, уыцы иуиæг чызг йедтæмæ сын ницы ис. Буцæй йæ схъомыл кодтой, хивæнд у, йæхи цы ба- фæнда, уый бакæндзæн. Фæлæ зæды хуызæн чьгзг у. Зæрдæйæ хорз у. Хуыцау куы раттид ахæм чындз дæ дзьщцайæн. — Нæ зонын. Гаппо дын йæ иунæг чызджы хохмæ ауадза,— уæззаугомау загъта Баччери. — Гъемæ йын зæхх раттэзд, æмæ сæ ралидзын кæнæм бы- дырмæ. Зæхх æм фаг нæй, цы! Махмæ дæр уыйас куы уаид. ’Цы кæны дæс дæсæтинæй, .мæрдтæм æй йемæ хæсдзæн. — Уый æвзæр бæргæ нæ уаид, фæлæ йæ хæйрæг базонæд,, Гаппо зынæфоис у... Бнрæ ма фæныхас кодтой мад æмæ дыууæ хæлары. Тасолтан тынг зæрдиагæй хъуыста, Гаппойы бинонты тыххæй цы дзырд- той, уымæ. Иæ цæсгом-иу .куы фæтар ис, куы та-иу йæ мидбыл- 148
ты бахудт. Уæдмæ, хæдзары ды лæгтæ бадти, уыдон ацыдьгстьь Ацыдысты хъазты фæсивæд дæр. Чындзы уатæй ма хъуысыди дыууæ сыхаг чызджы худын. Æрци æхоæвæрафон. Мæй скасти æмæ кæртыл æрфæрсыл кодта бæлæсты аууæттæ. Стæй дыууæ чызджы дæр рацыдысты тыргъмæ. — Афонмæ дæм искуы кауы хуынкъæй æрбакæс-æрбакæс •кæны æмæ ’нæм фæхæрам уыдзæни. — Ам нæ куы ’рбаййафа, уæд тæссаг у, махæй дæ искæимæ куы фæивддзаг кæна, уымæй,— худгæйæ дзырдтой дыууæ чыз- джы чындзмæ, стæй тыргъæй кæртмæ рахызтысты. — Залхан, уæ Залосан!—бахъæр кодтой сарайырдæм. — Мæнæ уын уæ чындзы иунæгæй уадзæм, ма уын алидзæд* — Уæ, гуыбынниз уæ макуы ахæсса, афтæ раджы цæмæн цæут, абадтаиккат уал чындзы цур, чындзы хал ахæрат!—ра- дзырдта сæм Залхан. — Бæргæ, бæргæ, де ’лгъыст ныл куы ’рцæуид, Залхан, æмæ мах дæр афтæ куы æнхъæлмæ кæсиккам, чындз Баччеримæ куыд æнхъæлмæ кæсы! — Баййафдзыстут æй сымах дæр, тагъд æм ма кæнут, ницы дзы ис бæллиццагæй. — О, куыннæ, æфсæст æххормаджы мæт нæ зоны...— кæл- кæлгæнгæйæ дзырдтой кæрæдзи ивгæйæ чызджытæ. — Уæ дæ цæсгом дыл æрхауа, Бигъаты хæйрæг, баййафдзы- нæ йæ зæгъын. Бахæрынæй банхъæлмæ кæсын... — 0, баййафдзынæн! Нæ лæппутæ Зилгæтыл æмæ Заман- хъултыл усгур зилынц, махмæ дзы фæйнæ хъилхъусы дæр нæ хауы... Баччери æмæ Тасолтан ху.дæгæй ныттыппыр сты чызджыты ныхæстыл, стæй йæхи нал баурæдта Баччери, Тасолтаны къухыл фæхæцьщ æмæ дыууæйæ дæр сæ размæ рауадысты кæртмæ. — Мауал мæ æфхæрут, мæнæ уып замманайы усгур!..— эагъта Баччери. Чызджытæ дын лæджы хъæлæс куыддæр айхъуыстой, афтæ* ныхъхъыллистытæ кодтой æмæ лидзæг фесты. Сæ къæхты тъæпп-тъæпп æмæ сæ кæл-кæл ма суанг цæхгæрмæ уынгæй дæр- æрбайхъуысти. — Уæ, гуыбынниз уæ макуы ахæсса, цы фыдуаг чызджытæ- стут, м.ит-митгæнаг цъиутау «мой», «мой» чи кæны,— сæ фæдыл дзургæ ракасти Залхан. Баччери æмæ Тасолтан худæгæй ауæл- гоммæ сты. Залхан баздæхти фæстæмæ æмæ сарайы бынæй ра- дзырдта: — Лæппу, марадз, де ’фсььмæрæн йæ хойы фенын кæн. Æз- ма уын исты ацæттæ кæнон. Баччери ахæцыди Тасолтаны къухыл. Ш
— Цом-ма, цом, æз дын дæ хойы фенын кæнон, бакæс-ма йæм, æвзарын зонын æви нæ?! — Фæлæуу, фæлæуу, Баччери, аив уыдзæни афтæмæй? — Уæдæ ма дзы цы хъæуы. Цæй, абондæргъы мыл афæдз ссис, ахæстоны бадæгау бадтæн мæ къухылхæцæджы хæдзары. Тасолтан бауади сарамæ, хордзенæй оиста, чындзæн цы лæ- вæрттæ æрхаста, уыдон урс хæцъилы бастæй æмæ араст ис •чындзы уатмæ. — Гъе, гъе, Карсанон, сæр дæ бахъуыди æгъдау дæттынмæ, дæ тиу — де ’фсымæр дæм фæцæуы!— Ахæм ныхæстимæ разæй бахызти Баччери. Р1æ амондджын цæсгом æгасæйдæр худти. Иæ мыдхуыз рихитæ уыдысты уæлæмæ здыхт. Уадултæ даст. Уыдис ыл ног сау цухъхъа, «сауарæзт рон æмæ хъама, къæхтыл сау сæракæй местæ. Ирæд куы бафыста, уæд ма йæм цы ’хцайы муртæ аззади, уыдонæй скодта дарæс. Иæ хистæр æфсымæртæй куы байуæрста, уæд, уыдон мадæн цы уæрсты хай радтой, уыцы æхцайæ та къамбецы род балхæдта—сæ хъуг ныззæронд ис. Р1æ чындзæхсæвы бонтæм йæхи саразын йæ зæрды уыди, фæлæ йæ йæ фадæттæ æрбадвæстой æмæ ма хуымæтæджы сау сгæл- ^лад -цухъхъа, сау уæлдзармхуд, сауарæзт дзауматæ ^алхæдта. -Фæлæ уæддæр амондджын хуыдта йæхи, йæ рæсугъд Лешка йæ хæдзармæ ка^й æрбахæццæ, уымæй. Тасолтан бахызти йæ фæдыл. Чыцдзы фæлладхуыз цæсго- мыл ауыдта даргъ сау æрфгуытæ. Чындз лæууыди хъулджын .хъæдын сынтæджы ныхмæ æмæ куыддæр Тасолтанмæ фæком- л<оммæ ис, афтæ урс зæлдаг кæлмæрзæнæй æрæмбæрзта йе ’рфгуытæ, йæ сæр æруагъта. Иу ауындæн Хадизæты хуызæн фæ- касти Та-солтанмæ. Чындз йе ’ргом къулырдæм чысыл азылдта æмæ зæхмæ касти. Иучысыл æнæдзургæйæ алæууыд Тасолтан, цы арфæтæ æм- бæлы, уыдонæн дзырдтæ ссарыныл хъуыдыгæнгæйæ, йæ лæвæрт- ты баст дæр йæ къухы, стæй йæ цыма хъыгдаргæ кодта уыцы баст, афтæ йæ къамоды сæр æрæвæрдта, чындзмæ хæстæгдæр бацыди æмæ йын йæ къух райста. — Амондджын къах æрбавæр ацы хæдзармæ,— загъта чын- дзы фæлмæн къухыл хæцгæйæ, дарддæр арфæтæн ныхас нал ардта æмæ фефсæрмы йæхæдæг дæр. — Æгъгъæд ын у, — бахудгæйæ загъта Баччери, Тасолтан ныхас куынæуал ардта, уæд.— Иннæ арфæтæ та йын, мæнæ нæ сыхаг сиахс куы бауай, уæд ракæндзынæ. Уæдмæ йæ хорз кæнæ йе *взæр рабæрæг уыдзæн, æмæ кæд арфæты аккаг нæ уа, -уæд ын, кæй загътай, уыдон дæр фæстæмæ байсдзыстæм. I Чындз йæ сæр иннæ .къулырдæм азылдта æмæ ,йæ мидбылты бахудти. Л50
— Лæппу, уæ лæппу, рауай-ма,— æрбайхъуысти , Залханьг хъæлæс. Залханæн чындзы цурмæ цæуын не ’мбæлы, цалынмæ йæ йæхимæ равднсын кæна, уæдмæ. — А-гъа, Залхан мæм дзуры. Сымах уал аныхæстæ кæнут,— зæгъгæ, Баччери рауади уатæй. Æфсæрмыгæнаг, уæздан лæппу æмæ уайсадæг чындз базза- дысты хибарæй. Царды фидæнмæ æнхъæлцауы цæстæй кæсæг,. рухсзæрдæ дыууæ адæймаджы щарды зилдухæнтæ кæрæдзиуыл сæмбæлын кодтой æнахуыр уавæрты, сæ дыууæйæн дæр уар- зон адæймаджы хæдзары..Амæн фæстæмæ уыдзысты хæстæджы- тæ, хæлар, фæлæ мæнæ лæууынц кæрæдзи ,комкоммæ æмæ сæ кæрæдзимæ ныхас скæнын <сæ бон нæу. Æвзаджы рæстæг æмæ фадат ам нæй. Æвзаг рæхыстæй баста.у у æгъдауæй. Цæй зын у дыууæ адæймагæн æнæдзургæйæ иу ран лæууын. «Цæй æрæг- мæ зыны Баччери»,— хъуыды кæны сæ иу дæр æмæ се ’ннæ* дæр. Иумæ куы аззадысты, уæдæй сыл цьгма къуыри азгъордта, афтæ сæм кæсын байдыдта. Лешка зæлдаг кæлмæрзæны хаутæ фасы йе ’нгуылдзтæй. «Мæнæ цы къодах, мæнæ ды æгуыдзæг дæн, мæ комы та ныхас куынæуал бады,—зæгъгæ, æлгъиты йæхи Тасолтан.— Цы мæ схондзæн... Куыд ныддаргъ ис рæс- тæг...» Фæлæ мæнæ тыргъæй æрбайхъуысти къаадзæфты уынæр. Дыууæйæ дæр æхсызгонæн сулæфыдысты. — Лæугæ ма кæныс, Тасолтан? — тæбæгъ йæ иу къухы, гра- фин иннæйы, афтæмæй бацыди Баччерн. — Уæдæ мын сбад нæ зæгъы чындз æмæ куыд сбадон...— худгæмхасæн дзырд ссардта Тасолтан. Чындз бынтондæр ныф- сæрмы ис. — Нæ, мæ хур акæнай, афтæ уæлæнгæйтты йæ не сдзурын* кæндзынæ,— тæбæгътæ стъолыл авæргæйæ зæгъы Баччери. Цалынмæ чындз стъол æраив кодта, уæдмæ ма бирæ хъазæн? ныхæстæ загътой дыууæ хæлары Лешкайы тыххæй, фæлæ сæ^ нал дзурæм. Абадтысты ма дыууæ хæлары. Чындз сæ уæлхъус будын цы- рагъау лæууыди. «Сбад, сбад», ын кодта Тасолтан, фæлæ чындз æрмæст йæ сæр батылдта «нæгъ»-ы нысанæн. Цы бахордта, цы банызта, уыдон йæ фарсыл нæ бахæцыдысты Тасолтанæн æмæ- фæтагъд кодта^сыстынмæ. 8 Æмбисæхсæвмæ ’ввахс уыдаид, уæд рацыдысты кæртмæ. Мæй йæ цæлхыдзагæй дзæвгар суади арвыл. Бæлæсты аууæттæ- фæцыбыр сты. Куитæ рæйдтой фаллаг сыхæй. Кæрты кауы рæ- бын аууоны, йæ фæтæн бырынкъ хæрдмæ даргæйæ, лæууыди дыгæрдыг къамбец æмæ йæ фындзæй улæфыди. 151,
Тасолтанæн Залхан хæдзары бакодта хуыссæн, фæлæ йæм, хæдзары æнуд фæкаепи. Хохаг адæм сыгъдæг уæлдæфыл ахуыр^ сты. — Ацы хъарм æмæ мæйрухс æхсæв æддейы фæхуыссынæй луыздæр ма цы ис,— загъта Тасолтан æмæ Баччериимæ раха- стой хуыссæнтæ сарайы бын сæрдыгон хæдзармæ æмæ сæ уым ’ ныллæг тæрхæгыл æрæвæрдтой. — Цæугæ гъеныр дæ къаймæ, нал мæ хъæуыс,— хъазгæйæ дзырдта Тасолтан йæ хæларæн,— мæнмæ мауал кæс. Дæ бонæй уай ды... — Ды дæр æй баййафдзынæ. Мæнæ дын рæсугъд Хадизæ- •ты... — Цу дын куы загътон, мауал мæ хъыгдар,— хъазæн хъæртæ скодта Тасолтан. — Хæрз фынтæ фен уæдæ. Æз цæуын мæ хурмæ,— сæгуы- ты сæррæтт аласта йæ уатмæ Баччери. — Гъей, тæхуды, Хадизæтмæ афтæ куы базгъорин...— ныу- улæфыди Тасолтан. 9 Мæйрухсы зæлдаг синæгтæ æрбайвæзтысты кауын къулы зыхъхъыртæй æмæ сарайы хус зæххыл хæрдгæбыдау анывæсты- >сты. Тасолтан сæм кæсы йæ хуыссæнæй, фæлæ кæд кæсгæ мæйы тынтæм кæны, уæддæр йæ хъуыдытæ сты уæллаг тигъыл æрдæг- уæладзыг, дурсæр хæдзары. «Кæм ис цымæ’ ныртæккæ Хади- зæт?.. Дзæуджыхъæуы ма и, æви фæндагыл? Кæд æрхæццæ уы- дзысты?» «Дыууæ боны афæстиат уыдзыстæм Дзæуджыхъæуы, не ’рцыдмæ-иу банхъæлмæ кæс»,— афтæ загътой Хадизæты мад æмæ фыд. Æхсызгон фынтау йæ дæстытыл уайынц йæ фæнда- джы хабæрттæ... Хадизæт йæ хъæбысьь Мад æмæ фыд’сæхи дзыхæй загътой хайыр... «Мæгуыры зæрдæ фынтæй дзæбæх»,— йæ зæрдыл та æрбалæууыд ацы æмбисонд. Уæллаг цæхгæрмæ уынджы куитæ сгъæйтт-гъæйтт кодтой. Тасолтан асгæрста йæ сæрмæ кауын къулыл ауыгъд куырæт. «Дæ цæсты гагуыйау æй хъахъхъæн», зæгъгæ, йын бафæдзæх- •ста сæудæджергæнæг Алмахситт куырæт дæтгæйæ. Куиты рæйд басабыр. Æрæнцад та ис бæстæ. Кæцæйдæр, хæстæгæй райхъуысти цъыс-цъысаджы цъист-дъист. Хохаг хæ- .дзæртты нæй ахæм цъыс-цъысæгтæ. Ам уынæртæ дæр нууыл- дæр сты быдираг. Мæнæ кауы фале диссаджы уæрæх быдыр. «Цæй дзæнæты бæстæ у ацы ’бæстæ. Гъей-джиди, уыцы быдыры дæ дыууæ бæхы æмæ гутоны фæдыл ацу!». Р1æ цæстытыл уайынц амондджын царды нывтæ. Мæнæ ацы хъæугæрон йæхицæн хæ- дзар скæнид. Æрхæссид Хадизæты... И52
Мæйрухс æхсæвы быдираг сабыр уынæртæ баузтой фæллад. хæххон лæппуйы. Бафынæй Тасолтан. 10 Уыдаид фæсæмбисæхсæв, афтæ къамбец рацыди смудгæ^ смудгæ: Куы кæрдæджы хал, куы кæрдзыны муртæ сисы сараЛы зæххæй, йе ставд мукъутæ бæрзонд сисы, мигæнæнтæм басму- ды, афтæмæй бахæццæ Тасолтанмæ. Басмыста йæм, сивæзта^ йæ бырынкъ ауыгъд куырæтмæ æмæ йæ раппæрста. ФæлладæГг< тæгæрфынæй лæг хуыссыди, йæ адджын фынтæ уынгæйæ. Къам- бец куырæт æууилгæ-æууилгæ ацыди фæстæмæ кауы рæбынмæ.. Цас <ма фæфынæй кодтаид Тасолтан, чи зоны, фæлæ дын- иухатт райхъал уасджыты уаст æмæ куиты рæйдмæ. Мæй арвьъ астæуæй йæ ныгуылæнмæ дзæвгар акъул. Уыди дыикаг кæркуа-- сæнтæ. Бон цъæхтæ кодта. Куитæ дæллаг сыхæй быдырырдæм рæйдтой. Тасолтан скасти йæ куырæтмæ. Куырæтыл куы не- ’рхæцыд йæ цæст, уæд фæгæпл кодта, йæ >цæст ахаста къулыл, зæххы, æмæ дæ балгъитæг афтæ бакатай кæнæд! Æнæ хæдонæй фестади, фæлæ фæстæмæ æрбадти. Иæ зæрдæ уайтагъддæр фех- сайдта къамбецмæ. Хæррæгътæ æууилаг сты ахæм фос. Фæй- нæрдæм акæстытæ кодта æмæ кæрты куы ничи зынди, уæд бауа- ди кауырдæм. Кауы рæбынæй къамбец алыгъди. Иæ хæрдмæ< ивæзт дзыхæй цыдæр æрзæбул. Баууылдта йæ, зæгъгæ, йæхины- мæр бардиаг кодта. Басырдта къамбецы æмæ... О, сау фыдохьг æмæ мыгхагмæ худннаджы бæллæх!.. Кауы рæбын уыди, йæ был- тæ арæзт кæмæн нæма уыдысты, ахæм цъай, æмæ Тасолтан æнæ хæдонæй, афтид хæлафы уым ныххаудта... Цы фæци, куыд уы- ди—ницыуал бамбæрста. .Сæрдыгон æхсæв цыбыр у. Нæ бафынæй Баччери, нæ бафы-- нæй йæ ног ус Л’ешка дæр. Баччерийы йæ ус æрхасты æртык- кæгæм бон хъуамæ мачи фена йæ хæдзарæй рацæугæ, афтæ- мæй схæццæ уа .йæ къухылхæцæджы хæдзармæ. Уым иучысыл ахуысдаæн, стæй уырдыгæй ацæудзæн быдырмæ. Афтæ домы æгъдау! Лешка бонырбарухомæ хъуамæ марзт фæуа уынгтæ æмæ . хæстæгдæр сыхæгты кæртытæ, куыд мичи йæ фена, афтæмæй. А-фтæ амоны æгъдау! Фыццаг кæркуасæнты рацыдысты кæртмæ. Баччери бакасти йæ хæлармæ æмæ йæ адджын фынæйæ куы федта, уæд загъта: «Чи йæ хъал кæны», сарайæ рахаста уисой æмæ йæ радта Леш- камæ. Æрбалвæста ма йæ йæ хъæбысы æмæ ацыди. Лешка дæр^ чысыл фæстæдæр уисои<мæ рацыди æмæ мæйы рухсмæ мæрзын 153*
байдыдта уынгтæ. Ничи сæ бафипппайдта, къамбец кауы рæбын талынджы лæугæйæ цы æууылдта, уый. Фæлæ мæнæ бон æрба- рухсытæ. Лешка æрбауади тагвд-тагъдæй, стæй йæ цыд фæса- бырдæр кодта. Хи кæрт дæр хъуамæ рамæрза йе ’фсины сыстад- мæ. Бакасти уазæджы хуыссæнмæ... «Кæм уа цымæ нæ уа- зæг?» — афарста йæхинымæры æмæ акаст кæрты къуымты. Уы- цы рæстæджы йæ хъустыл ауадн уæззау хъæрзт æмæ доны цыл- лахъ. «Цы уа уьш?» — Фæтарсти. Иæ зæрдæ сгуыпп-гуьшп код- та. Цæй æнахуыр кæрт у, зæгъгæ, куыд ахъуыды кодта, афтæ та доны цыллахъ фæцыди цъайырдыгæй. «Æвæццæгæн дзы фо- сæй исты ныххауди»,—загъта та йæхинымæр, фæраст и цъайы былмæ æмæ ныккасти бынмæ. — Мæ хæдзар айхæлди! — сирвæзти йе ’нуд цъæхахст, æмæ фæстæмæ ралыгъдй. Цъай уыди арф æмæ уæрæх. Хæххон хæдзары ердойы хуын- къæй цас зына, уыйас тымбыл гæбаз æм зынди цъæх арвæй. Тасолтан, йæ хъару цы карста, йæ къабæзты рогдзинад æмæ хæрзарæхстдзинадæй цы уыди, уыдонæй архайдта уæлæмæ сбы- рыныл, фæлæ цъайы къултæ уыдысты бырыицъаг æлыгæй æмæ сыл къæхтæ нæ хæцыдысты. Тарст лæг къæрцхъус у. Айхъуыста Тасолтан адæймаджы хъæлæс. «Уæддæр мын уæлдай нал у, худинаг æмæ амæлæт»,— офæцд кодта æмæ сдзырдта чындзмæ. Чындзæн фыртæссæй йæ сæр нал æрцахста зæронд усы райхъал кæнын, фæлæ бацыди цъайы былмæ. Дæлæмæ нык/кæсын йæ цæсгом нал бахъæцыди, фæлæ схуыфыди, цæмæй йæ фехъуыстаид уазæг. — Чындз, дунейы хатыр дæ курын æмæ мын бæндæны кæ- рон æрæппар,— хъуысыди арф комæй хъуысæгау Тасолтаны æмыр хъæлæс цъайы бынæй. Лешка тæрсгæ-ризгæйæ разгъорд- та сарамæ. Уым, уæрдоны фæрсчы сæрыл ауыгъдæй ссардта бæндæны тыхтон æмæ йæ раскъæфта, цъайы был æлыг зæххыЛ алæууыди æмæ бæндæнæн, халгæ-халын, йæ ,кæрон цъаймæ ■ауагъта. Сæрсæфæн былæй хауæг адæймаг ма тихалæлмæ куыд фæлæбуры, афтæ фæлæбурдта Тасолтан бæндæны кæронмæ. — Фидар хæц! — зæгъгæ, та сыхъуысти йæ хъæлæс, йæхæ- дæг æрхæцыди бæндæныл æмæ йæм фидар куы фæкасти, уæд йæхи сæлвæста, бæндæныл уæлдæр фæхæст ис æмæ йыл аца- уындзæг. Æрцыди ноджы стырдæр бæллæх... Нæ баурæдта чындз уæззау хæххон лæппуйы. Иæ ног сæракдзабыртæ хуылыдз æлыгыл фæбырыдысты æмæ зæрдæсудзæн цъæхахст айхъуысти кæртыл... Хъаимæт æмæ стыр фыды худинаг, зæгъгæ, ма сир- вæзти Тасолтаны дзыхæй. «Сæумæцъæхæй кæйдæр бæгънæг лæ- гймæ цъайы!»... Ацы хъуыды ма ферттывта Лешкайы сæры магъзы, стæй бæстæ разылди. Ницыуал бамбæрста Лешка... 154
Астæуæй уæлæмæ бæгънæгæй, ног чындз йæ хъæбысы, афтæг- мæй Тасолтаны .сасиры чъилтыйас цæстытæ сау ингæнæй кæсæ- гау скастысты цъайы бынæй цъæх арвы тымбыл гæбазмæ. 11 Залхан рагацау фестаг уыди, фæлæ ныр æртæ къуырийьг дæргъы æрæнцой нæ федта чындзæхсæвмæ цæттæгæнгæйæ. Фæстаг цыппар боны та бынтон йæ сæр разылди. Бафæллади дунейы хъуыддæгтыл зилæнтæгæнгæйæ, куы та уазджыты уæл- хъус цырагъау лæугæйæ, æнæхуысгæйæ. Ныр ыл зымæгон хæ- дзары тъахтиныл фæтыхджын ис хуыссæг. Чындзы цъæхахстмæ фехъал. О хуыцау, уый цы уа, зæгъгæ, рабадти æмæ йæ дзауматæ акодта. Рауади кæртмæ. Бон бынтон-. æрбарухс. Сæрдыгон сыгъдæг арв уыди бæрæгбонхуыз. Хур скæ- сынмæ мæнæнмæнæ кодта. Адæм сæ фос скъæрдтой хъоммæ. Баччери раджы ацыдаид йæ къухылхæцæгатæм, уьгй зыдта Залхан, фæлæ кæм уа чындз? Ацафонмæ «куыд хъуамæ хуысса? Уаты рудзгуытæй мидæмæ бакæсын æм аив нæ фæкасти æмæ- уынгмæ рауади. Уынгтæ уыдысты марзт. Уæдæ ма уаты уа?' Æмæ уæдæ уый цæй цъæхахст уыди? О, æвæццæгæн, та уыцы æнæнтыст чызджытæ рувынмæ цæугæйæ хъазыдысты. Уæдæ- Тасолтан та цæй бирæ хуыссы, зæгъгæ, фæхъуыды кодта Зал- хан æмæ сарайырдæм бауади. Фæлæ Тасолтаны дæр уым куы нæ федта, уæд фæджих ис. Цы хабар уа? Сæ иу дæр æмæ се- ’ннæ дæр куы нæ зыны. — Тасолтан! Уæ Тасолтан! — хъæрæй сдзырдта Залхан, стæй фæсыкк. Кæд уазæгдонмæ ауади, зæгъгæ, ахъуыды кодта æмæ та чындзы агурыныл фæци. — Чындз! Уæ чындз! — нæй дзуапп. «Цы хуыцау сæ йæхимæ фæхаста?.. Мæ хæдзар айхæлди, худинаджы ми сæ сæрмæ ма ’рхæссæнт!..» Æмæ йæ зæрдæ басаукатай кодта. Ахæм гуырыс- хойы тыхсты рæстæджы адæймаг йæхиуыл дæр фенæууæнк вæй- йы. Тагъд-тагъдæй бауади Залхан æмæ чындзы уаты рудзынгæй бакасти. Нæй. Нæ зынынц. Дуар бахоста æмæ дзуапп куы нæ уыди, уæд æй байгом кодта æмæ тæрсгæ-ризгæйæ бакъахдзæф •кодта, фæлæ чындзы сынтæг уыди хæрзæфснайд. Фыдæлгъысты худинаджы хабар, зæгъгæ, скатай зæронд ус æмæ кæртмæ ра- хызти. — Чындз! Уæ чындз! Кæм дæ, мæ хур? — хъæр кæны. Уыцы хъæрмæ цъайырдыгæй цыдæр уынæр айхъуыста æмæ уыцырдæм фæци. Фæлæ йын йæхи хъæрмæ æрбауадысты, йæ хъуццытæ хъоммæ чи ратардта æмæ фæстæмæ чи рацæйцыди, ахæм ус- тытæ. 155-
— Цы дыл æрцыди, Залхан? Сæумæрайсам дæ ног чындзмæ куы хъæр кæныс? Фæлæ Залхан уыдоныл нал уыди. Уый цъаймæ куы ныкка- сти, уæд йæ рустæм фæлæбурдта æмæ фæстæмæ-фæстæмæ ра- цыди. — Цы хабар у, Залхан? — устытæ йæ фæрсты бауадысты æмæ цъзймæ ныккастысты. — Мæ быны хъæр!.. — Мæнæ царциатæ! — зæгъгæ, устытæ суасыдысты æмæ каудуары æдде фесты. Залхан цавддурау сагъдæй баззади. — Кæцæй сæ дæлимонтæ æрбахастой нæ худннаджы хъæр ахæссын’мæ,— йæ рустæм фæлæбурдта. Фæззыгон дымгæ хъæмпынсæр мусонгты æмбæрзæнтæ фæй- лаугæйæ хъæуы бынæй хъæуы сæрмæ куыд тагъд ссыф-сыф ла- сы, афтæ тагъд сыф-сыфгæнгæйæ ахæлиу ис æгас хъæуыл ха- бар. Цъиувæдис сылгоймæгтæ йæ хæдзари-хæдзар, сыхи-сых, уынги-уынг ахастой æмæ йæ уайтагъддæр æгас хъæуы цъиутау уасын банды|Дтой. Нæлгоймæгтæй фыццаджыдæр æрбахæццæ сты, Уртатæй Баччерийы размæ дæр быдыры чи царди, Тасолтаны чи нæ зыд- та, уыцы дыууæ тугрохст æмæ æгъдауыл мæлæг æфсымæры: Мыхци æмæ Хъылци. Уыдон дыууæ уæрдонæй быдырмæ рацæй- цыдысты æмæ уынджы фехъуыстой хабар. Баччерийы кæрты дуармæ уæрдæттæй рагæппытæ кодтой æмæ æхсгæ уад бакодтой кæртмæ. Залханы дæр нæма федтой, афтæмæй цъайы былтыл алæууыдысты æмæ бынмæ ныккастысты. — О, худинаг, худинаг! Мæнæ нын не зноны æрдавд чындз кæйдæр абырæг.имæ нæ цæсгæмттæ фаджысæй куыд самæста! — Нырдиаг кодта йæ хъамайы сæрыл хæцгæйæ Мыхци. — Е-уæууæй, гъе! Цæмæ æрхаудта нæ мыггаг! Нæ ног чындз цъаймæ ныббырыди кæйдæр лæгимæ! — бахъырныдта йын Хъылди. — Хъылци! Тагъд, уæрдон мидæмæ ракæн, бæх феуæгъд кæн æмæ йыл æнæ саргъæй тæхгæ Баччеримæ! Кæнæ ма йæ къухыл- хæцæпмæ уыдзæни, кæнæ йæм тæхгæ быдырмæ! Адон æз къæп- ’пæгæй уæлæмæне суадздзынæн. Уайтагъд кæрты ссыди уæрдоны гыбар-гыбур, стæй та фис- тæг бæхы къæхты тъыбар-тъыбур. Адæм алырдыгæй фæднсмæ згъорæгау уадысты. Лæгтæ згъордтой кæртмæ, кæртæй цъайы былмæ. Сылгоймæгтæ кауы сæрæй кастысты мидæмæ, цыма алы кауы’ михыл дæр адæймаджы сæр уыди, афтæ зынди. Залхан лæууыди устыты æхсæн æмæ йæ сæр хоста, Уртаты лæгтæй чи ’рбамбырд ис, уыдон фæкъорд сты кæрты иу къуыммæ. 156
— Нæ мыггаджы цæсгом нын чи фæчъизи кодта, уый канд ауадзын нæ, фæлæ цæрын аккаг дæр нал у,—дзырдта Мыхци. — Фæлтау туг дæр бафиддзыстæм Карсанатæн, уæддæр ацы худинаг нæ уæлæ хъуамæ ма ныууадзæм,— дзырдтой æндæр дыууæ лæджы. — Туг фидын нæ уæд канд Карсанатæн нæ хъæуы. Нæ чындз- мæ нын чи бауæндыди, нæ мыггаджы сæр нын чи алыг кодта, уый дæр йемæ маринаг у! . * — Худинаджы бæсты — мæлæт! — хъæр кодтой лæппын уас- джытау дыууæ лæппуйы. — Цы мардæй сæ амардæуа? — бафарста Уртаты ацæргæ лæгтæи иу. — Дуртæ сыл ныккалæм!.. — Уым сæ баныгæнæм! Сæ худинаг дæр семæ кæд фесæфид! — Нæ-æ, фьщгæ дон сыл ауадзæм уырдæм! — Дуртæй сæ амарæм, стæй сыл сыджыт ньжкалæм! — Нæ, фæлæ сæ сæ хурхытæй сласæм, кæрæдзиуыл сæ сбæт- тæм æмæ сæ афтæмæй Заманхъулмæ баласæм. Уадз æмæ фе- ной Карсанатæ, не стыр ирæдæн нын цы «хæзна» радтой, уый, стæй сынсæхæдæг тæрхон кæндзысты! — згъæлдтой сæ тæр- хæттæ Уртатæ. Мыхци сæм хъуыста, стæй загъта хъæрæй: — Нæ, дуртæй маринаг сты! — Æмæ рауади къорды æхсæ- нæй. Йæ фæдыл рауадысты иннæтæ дæр æмæ, Баччери сис амайынæн кауы рæб’ынмæ цы дуртæ фæласта, уыцы дурты цæнд- тæм фессæстой, фæлæ сæ разæй фæци хъæуы зæронд лæгтæй иу. Сылгоймæгтæ кауы цурæй цъæхахстгæнгæ алыгъдысты. Залхан йæ рустæм фæлæбурдта. — Фæлæуут! Мæнмæ дæр байхъусут, Уртатæ! — баурæдта сæ уыцы зæронд лæг.— Æвиппайды масты фæдыл ма ацæут, адæмы зæрдæ уыл фæхуддзæни. Нæ фыдæлтæй æмбисондæн баззади, карз мæсты куы ’рбауай, уæд ма-иу æрхъуыдымæ фæ- лæуу, зæгъгæ. Æрхъуыдымæ фæлæуут сымах дæр, Уртатæ. Цы- бырхъуыр лæгты м.и ма бакæнут. Нырма уæ лæг дæр ам куынæ- 1 ма ис. Цы дзуапп ын ратдзыстут, мæ усы мын æнæ бафæрсгæйæ цæмæн амардтат, зæгъгæ, уæ куы бафæрса, уæд? Уаадæ Дудиа- тæ дæр мыггаг сты, цы дзуапп сын ратдзыстут, нæ лæджы нын æбуалгъы мардæй цæмæн амардтат, зæгъгæ, уæ куы бафæрсой, уæд? Адæм фæхъус сты. Хъыпп-сыпп дæр’нал хъуысти. Кауы сæр- тæй та æрбазындысты сылгоймæгты сæртæ. Цæхгæрмæ уынгæй æрбайхъуысти бæхты къæхты уынæр. Æрхæццæ сты Хъылци, Баччери æмæ йæ къухылхæцæг Дрис. Æнæ саргъы бæхтæй ра- гæппытæ кодтой, идæтты ро-хтæ кауы михтыл баппæрстой æмæ æнæистыдзургæйæ бацыдысты кæртмæ. Баччерийы цæсгом уыди 157
цикъæйæ фæлурсдæр. Дрис комкоммæ бацыди цъайы былмæ æмæ бынмæ ныккаст/и. Иæ фæдыл бацыди Хъылци дæр. «Ам «цыдæр æнæнхъæлæджы фыдбылыз æрцыди»,—фæхъуыды кодта æмбаргæ лæг Дрис. Къухылхæцæгмæ бацыди зæронд лæг æмæ йæ нуварс ракодта: — Мыггаджы зæрдæтыл арт ссыди мастæй. Æз уал сæ бау- рæдтон, фæлæ дарддæр исты уынаффæ кæнын хъæуы. Хус хæ- тæлæй уæлдай не сты æмæ сæм чысыл æртхутæг дæр куы баха- уа, уæд ныггуыпп ласдзысты, æмæ уæд фыдбылызы арт ссудз- дзæни æртæ мыггаджы æхсæн. Исты уынаффæ, Дрис,— дзырдта зæронд лæг йæ саджил боцъотыл йæ къух æрхæсс-æрхæсгæн- гæйæ. — Сæргъæвын сæ хъæуы цъайæ уæлæмæ æмæ уæд хабар базондзыстæм. Цыдæр æнæнхъæлæджы фыдбылызæн æнæбары кæй ныххаудысты, ууыл æз гуырысхо нæ кæнын. Мæ хо йæ сæр- м-æ ахæм худинаджы ми æрхæсса, уый æнхъæл нæ дæн. Уæдæ Гадæккойы фырт дæр, ахæм худинаг йæ сæрмæ чи ’рхæсса, ахæм нæу,— загъта Дрис сабырæй. — Гъемæ мæ уд дæ рынтæ бахæрæд, Дрис, фæлæ бæгънæг лæджы адæмы æхсæнмæ куыд сæргъæвдæуа. Дрис æмæ зæронд лæг уыцы ныхæстæ куы кодтой, уæд Мых- ци та Баччеримæ йæхн байста. — Нæ худинаг айхъуысти. Уымæй дæуæн ус нал ис. Дæ сæр дын алыг ’кодта. Æппæт мыггаджы сæр дæр. Зарджыты заринаг, фæндырты цæгъдинаг нæ фæкодта. Цæрын аккаг нал у сæ иу дæр æмæ се ’ннæ дæр,— дзырдта цъайырдæм додойгæнгæйæ- Мыхци. Иæ сырх цæстытæ схъулæттæ сты, йæ дынджыр, фæс- хъустæм чи ахæццæ, уыцы зачъетæ йæ галиу къухæй здыхта. — Нæ мæ уырны...— загъта йæхинымæры дзурæгау Баччери^ зæхмæ кæсгæйæ. — Цы дæ нæ уырны? — Афтæ бакæна... Стæй Тасолтан дæр нæ фæчъизи кодтаид мæ цæсгом. — Кæд дæ нæ уырны, уæд сæм уæртæ ныккæс! — Цыхуызыдæриддæр сты, уæддæр мæ нæ уырны... Уынгæй æрбайхъуысти уæрдоны гыбар-гыбур. Адæм иууыл- дæр акастысты. Хæстæг сцæйцыди Гаппойы уæрдон. Уæрдоны фæстейы бадтысты Годзе æмæ Хадизæт. Баччернйы дуармæ б-и- рæ адæмы куы ауыдта Гаппо, уæд фыццаг фæхъуыды кодта, кæд чындзæхсæв хуыцаубонæй цыппæрæммæ рахастой, фæлæ дзы уæд хъазты уынæр куыннæ ис. Æнамонд хабарæй мацы ’рцæуæд? Баурæдта Гаппо уæрдон, рахызти, рахызти Годзе дæр. Хадизæт уæрдон акодта сæхимæ. Гаппо бараст ис кæртмæ, цы бæллæх æрцыди, зæгъгæ, хъуыдытæгæнгæйæ. Адæм æгуыппæ- 158
гæй лæууыдысты. Уæдмæ Дрис сæрдыгон хæдзарæй рахаста Та- солтаны цухъхъа æмæ Баччеримæ асидтис. Иæ хъусы йын загъ- та цыдæр. Баччери базгъордта уатмæ, рахаста хæдон æмæ æд- даг хæлаф æмæ сæ радта Дрисмæ. Дрис сæ цъайы цæппæрста. Гаппо лæууыди хистæримæ æмæ райхъуысти йæ ныхас: — Ау, уый та куыд уа? Æз æй æхсарджын æмæ æфсарм- джын лæгæй базыдтон фæндагыл... — Тасолтан! — ныдздзырдта Дрис цъаймæ. Адæм иууылдæр фæзылдысты цъайырдæм æмæ та фегуыппæг сты. Сылгоймæгтæ сæ къубæлттæ сивæзтой æмæ кауы сæрты цъаймæ кастысты.— Тасолтан! —Дыккаг дзырд ныккодта Дрис. 12 Тасолтан не ’руагъта чындзы донмæ æрхауын. Астæуæй уæ- лæмæ бæгънæг кæй у, уый дæр дзы æрбайрох ис æмæ йæ ра- цахста. Фæлæ йæм афтæ ,фæкасти, цыма йыл арв йæхæдæг æрхауди æмæ йæ, куыройы фыд хоры нæмыджы куыд ассæнды, афтæ ассæста. Р1æ сæры магъз хъуыды кæнынмæ нал арæхсти. Нал хъуыста, уæлейы кæрты цы уынæртæ уыди, уыдон дæр. Га- лиу къухæй хæцыди чындзы астæуыл, рахизæй та йын йæ цæс- гом донæй сæрфта, цæмæй йын йæ зæрдæ йе ’муд æрцæуын кæна. Гъе, тæккæ уьщы рæстæджы сæм æркастысты Залхан æмæ сыхаг устытæ. Гуырысхойы цæстытæм »карчы айк дæр хохыйас зыны! Æппынæрæджиау йæ зæрдæ йе ’муд æрцыди Лешкайæн. Ра- касти æмæ йæхи бæгънæг лæджы хъæбысы куы федта, уæд ныхъхъæрзыдта, йæ цæстытæ ахгæдта даргъ цæстыхаутæй æмæ базмæлыди. — Æруадз мæ!..— загъта хъæрзгæйæ æмæ йæ къух Тасол- таны риумæ фæцарæзта. Тасолтанæн -æрмæст йæ уæрджыты сæр- тæм хæццæ кодта 'уазал Д°н- Къæхты уазал зæрдæмæ цавта. Куыд æруадза донмæ чындзы? Цы фæкæна йæ гом риу? — Æруадз мæ!..— схъæрзыдта та чындз æмæ йæхи тоны Тасолтаны хъæбысæй. — Уазал донмæ дæ куыд æруадзон?.. — Æруадз мæ æмæ сдзур зæронд усмæ...— Иæхи ратыдта Лешка, æмæ нырдиаг кодта йæ рустæм лæбургæйæ, йæ дзык- кутæ тонгæйæ. Бирæ фæлтæрæнтæ ма скодта Тасолтан схизыныл, фæлæ йæ къæхтæ, ихыл бырæгау бырыдысты хуылыдз æлыгæй къултыл. Мин ’мæлæты райстаид Тасолтан ацы хуызы лæууыны бæсты. Йæ цард æм зындоны удхарау зынди æмæ кæд йæ хъустыл уа- дысты кæртæй фæдисы хъæртæ, уæддæр æм уæлдай нал касти. 159
Тагъддæр — мæлæт! Æрмæст ма йæ æвиппайды мæлæт фервæ- зын кæнид ацы æнæтуг, æнæмæлгæ мæлæтæй. Кæд ма ацæрон, загъта, уæддæр йæ хæлар Баччерийы æмæ Залханы раз йæ цæс- гом осыгъдæг кæныны тыххæй. Æмæ Дрисы хъæлæс куы ай- хъуыста, уæддæр ма йæ æрмæст уый фæндыди: Залхан æмæ ма Баччерийы раз сыгъдæг цæсгомæй куы æрлæууин. Уы-мæн ма сдзырдта, къамбец аргæвдут, зæгъгæ, дæр. — Къамбец аргæвдут зæгъыс? Цæмæн уæд? — ныдздзырдта та йæм Дри’с. — Уæд æй базондзыстут, цæмæн стæм ам, уый,— сыхъуысти та Тасолтаны æмыр хъæлæс: Адæм дисæй кæрæдзимæ бакасты- сты. — Гал марæггаг — къамбец! — мæсты худт ныккодта Мых- ци’.— Нæ.йæм кæоут. Нæ чындзимæ цъайы хъазгæйæ оæххор- маг ис. Дон сæм ис, фæлæ ма къамбецы фыд сæ зæрдæ агуры. Марадз, Баччери, къамбецы фыдæй ма сын æххæст фыдджынтæ ракæнын кæн!.. Адæмæй чидæртæ æнæбары бахудтысты, фæлæ Баччерийы сæры магъз куыста тагъд, ивылд донау агуырдта ацæуæнтæ. «Къамбец аргæвдут», «къамбец — хæцъилтæ æууилаг»... Йæ сæ- ры магъзы цæлхъ-цæлхъ кодтой ацы хъуыдытæ. ’ Дыгæрдыг къамбец лæууыди сарайы. Чи йæ аскъæрдтаид хъом»мæ, уый нал уыди. Баччери уыцы хъуыдытæй фестъæлфти æмæ къамбецмæ базгъордта. — Хъылци! Ардæм тагъд!—рахъæр кодта æмæ хъама фел- вæста. — Гъе, гъе! Уый ма дæ хъуыди нæ худинагыл ном сæвæрын- мæ! О хорз адæм, байхъусут!— хъæр кодта Мыхци.— Абон Ур- татæ сæ худинагыл оæхæдæг зарæг кæндзысты. Цæхджындæр ныхæстæ уæ чи æрхъуыды кæна, уымæн та мæ бæх æргæвд- дзынæн! Ма ’внал ды, Хъылци!.. Хъылци фæцæйцыди Баччеримæ, фæлæ йæ хистæр æфсымæ- ры хъæрмæ сагъдауæй аззади. Баччеримæ базгъордтоп æндæр лæгтæ æмæ уайтагъддæр къамбецы сæргæвстой. Уæдмæ Дрис æмæ иннæ лæгтæ сластой чындзы æрдæг уа- дзыгæй æмæ йæ бахастой уатмæ. Сылгоймæгтæ йæ фæдыл ба- калдысты. Тасолтаны куы сцæйластой, уæд Мыхци бауади æмæ хъамайæ бæндæн æрцъыкк кæнынмæ хъавыди, фæлæ йæ лæгтæ рацахстой æмæ йæ фæстæмæ расхуыстой. — Иу ма дзы уæддæр ныууагътаиккат уым!..<Уыцы куыдзы хъæвдынæн... Æз ын уæддæр. Сар мын йæ хæдзар кæны,— хъæр- тæ ^одта Мых/ци.— Æниу дзы мæн та цы куиты рын тилы, уæр- тæ цъайы кæй иог усимæ фæбæгъдулæг кодта, уый йын къам- бец куы аргæвста! 160
— Гъсмæ дæуæн уый загъдауа, цы гуыбынниз дæ лæмары, Цы лæбурдтытæ тсæныс хъамалвæстæй, хабар нæ бамбаргæйæ! — схъæртæ йыл кодтой лæгтæ. — Цом, Хъылци! Ам Уртатæй ничиуал цæры,—бахъæр код- та йе ’фсымæрмæ -Мыхци æ>мæ фæдджи фæйлаугæйæ ацыди. Йæ уæрдоны абадти, бæхы рагъ лæдзæгæй æрхоста æмæ быды- рырдæм афардæг. Цæмæн афтæ лæбурдта Мыхци? Цæмæн йæ уд хъардта Та- солтаны бабын кæнынмæ? Æрмæст мыггаджы номы тыххæй? Нæ! Мыхци Хадизæтмæ къорд хатты баминæвар кодта, фæлæ йын Хадизæт ницы ком лæвæрдта. Æртæ боны размæ æрхæццæ ис, Гаппоимæ хохы чи уыди, ахæм хъæуккаг æмæ йыи загъта, Галпо йæ чызджы Тасолтанæн йæхи дзыхæй кæй саккаг кодта, уый. Уыцы хабармæ йæ тугрохстдзинад æмæ йæ зонд æддæг-мп- дæг ауадысты Мыхцийæн. Фæлурс, чъизи цæсгомæй, бæгъæмсар, бæгъæввадæй цъайæ сæргъæвтой Тасолтаны. Йæ цæсгомыудæгас адæймаджы хуызæш ницыуал баззади. Р1æ къабæзтæ ма тыххæй урæдта, афтæягæй: мæрдтæйдзогау æрлæууыди адæмы æхсæн. Стæй се ’хсæнæй- ракъахдзæф кодта, лæгтæ къамбецимæ кæм архайдтой, уыцыр- дæм. Фæкомко&шæ ис Гаппомæ. 1<1æ оæр ныттылдта. Ницы йæм; -сдзырдта. Нины йæм сдзырдта Гаппо дæр, фæндаг ын радта:: æмæ’йæ фæдыл акасти. Æгæр фæтагъд кодтон Дыууæдоны ас-- тæу, зæгъгæ, атахти’ йæ сæры. — А-а-къæртт æй к-æнут,— зæгъгæ, ма сфæрæзта зæгъын Та-- солтаи æмæ кæрты астæу æрхауди. Адæмы риутæй сирвæзти; тарсты хъæрзт, сылгоймæгты кæуын хъæлæс. Лæгтæ амбырд стьг Тасолтаны алфамбылай. — Дон! Дон! — райхъуысти сæ хъæр. Сылгоймæгтæ раскъæф- той хъуывгъаны дон. Æрæхсадтой йын йæ цæсгом. Уæдмæ лæгтæ къамбецы гуыбын æнæ бастиг>гæйæ скъæртт кодтой, ракалдтой йын йæ хуылфыдзауматæ æмæ ахсæнæй снс- той морæ куырæт æууылдæй. Адæм бамбæрстой хабар. Нымæтыл æрæвæрдтой Тасолтаны æмæ йæ афламбылай лæууыдысты. Иæ щæсгом уыди марды цæс- гомау фæлурс. Йæ уадулты къæбæлдзыг хилтыл, йæ сау рихиты фæзынди бирæ урс хилтæ. Кæрæдзимæ иæ кæсгæйæ æнкъард æмæ сæргуыбырæй цыды- сты адæм сæ хæдзæрттæм. Гаппо дæр ацыди зæронд лæгтимæ. Кæрты ма баззадысты Дрис æмæ иннæ хæстæджытæй чидæртæ. Залхан рацыди æрдиаггæнгæ. Лæгтæ схæцыдысты нымæты къа- бæзтыл æмæ Тасолтаны бахастой хæдзармæ. 11 Ха’мы 161
13 Тасолтан хуыссыди зымæгон хæдзарьг даргъ бандоныл. Хæ- дзары дуар æмæ рудзынг уыдысты гом. Хур акъул йæ иыгуылæ- нырдæм æмæ рудзынгыл Тасолтаны цæсгоммæ баппæрста йæ тыны кæрон. Лæппу фезмæлыди. Аходæнæй сихормæ уый уыди -мæрдтæй æгæсты ’хсæн. Залхан æмæ Баччери йæ цурæй нæ ра- цыдысты. Ныр хуры тын йæ цæсгомыл куы ахъазыди, уæд фес- тъæлфыдысты йæ цæстыты уæлтъыфæлттæ, æмæ ракасти. Фæ- лæ йæ цæстытæ, сæ ахстон кæмæн фехæлди, ахæм зæрватыччы- тау ратæх-батæх кодтой хæдзары царыл. Йæхи æрæмбарыныл архайдта. Уалдзыгон мигътæ хъуырдухæнгæнгæйæ арвыл æд- дæг-мидæг куыд ауайынц, афтæ æддæг-мидæг ауадысты æмæ йæ сæры магъзы схæицæ сты алы хъуыдытæ, мысинæгтæ æмæ нывтæ. Йæ цæстытыл куы Дыууæдоны астæу Гæналдоны лакъон уылæнтæ хъен уаердоныл сæхи хайынц. Куы мæнæ ивылд доны зилдухæн бынатæй йæ хъæбысы рахæссы Хадизæты. Куы йæ ра- ,зы нуазæнимæ лæууы зæронд лæг. Æмæ та утæппæт нывты æх- (Сæнæй фæзыны арвы тымбыл гæбаз, фæлæ уыцы нывтæ мигъы <6ът фæвæййынц æмæ та йæ цæстыхаутæскатай вæййынц... — Хуысс, хуысс, мæ хур. Хуыссæг дын кæд дæ рыст фæсæт- -тид,— дзуры йæм Залхан.— Хуысс æмæ адзæбæх уай, дæ фæхъ- ;хъау æрбауон. * Ацы ныхæстæ йæм хъуысынц дардæй хъуысæгау. «Дзыцца уа?.. Уый дзыццайы хъæлæс у... Цы кодтон? Кæм ’дæн?» Ракæ- сы йæ алыварсмæ. Йæ сæр ис Залханы хъæбысы. Йæ цæстыгæ æрæнцадысты Баччерийы цæсгомыл. Цыдæр фæлмы бынæй зы- пæгау æм зынынц пæ хæлары цæсгомы бæрджытæ, нæ цæстытæ. Базыдта иæ, фæнды йæ сыстын, фæлæ йæ къабæзтæ йæ коммæ нæ кæсынц, æмæ батыхсти. — Б-баччери... Æрмæст уыцы ном æрдæпрæмыгъдтæй зæгъын бацн пæ бои. Цыдæр хъуыдытæ, цыдæр зæгъинæгтæ йын фæсмоны сагъæсимæ æмхæццæйæ ахгæдтой йæ хъæлæс. Йæ фæлурс уадултыл æруа- дысты цæссыджы æртæхтæ æмæ къæбæлдзыг хилтыл аззадысты авджын фæрдгуытау, йæ сæр азылдта. — Тасолтан! УæДасолтан! Уый куыд у, уый, дæхн куы ’руагътай, е уæууæй, йе! Тæрсгæ ма кæн, мæ хæлар,— сдзырдта ’йæм Баччери. Æрмæст зына-нæзына батылдта йæ сæр Тасол- •тан. Изæрдалынгты, хæдзары цырагъ куы ссыгътой, уæд æрцыды- сты Годзе æмæ Хадпзæт. Дзаджджын æртæ уæлибæхы, карчы .лывзæ æмæ æндæр цыдæртæ æрхастой. Хуынимæ уыди сæны авг ,дæр — горæтæн йæ æрластой. Л62
— Сæн ын йе уæнгты туг базмæлыи цæндзæни» йæ зæрдæйы низ ын фæрогдæр кæндзæни,— дзырдта Годзе, Хадизæт ын, сæ- ны авг хæссын аив нæу, зæгъгæ, куы загъта, уæд. Годзе æмæ Хадизæт фьщцаг бацыдысты чындзы уатмæ/ Чындз ма кæд хуыссæны уыди, уæддæр дзæбæх уыд, æцæг йæ уæнгтæ рыстысты, сисын сæ нæ фæрæзта. Годзе æмæ йæм Ха- дизæт куы бацыдысты, уæд йæ мидбылты бахудтн æмæ хъæц- цулы кæронæй йæ цæсгом амбæрзта. Хадизæт чындзимæ баззади. Годзе рацыди хæдзармæ. Чыз- джы дæр фæндыди Тасолтаны цурмæ бацæуын. Абоидæргъы уæллаг тигъæй цы зæрдæимæ хъуыста Баччерийы хæдзары уы- иæртæм, уыцы зæрдæйы æддæмæ рауадз, уæд фæдисоны бæхау йæ гæндзæхтæ цæгъдгæйæ быдырты ратæх-батæх кодтанд. Ныр кæд чындзимæ баззади, уæддæр йæ зæрдæ уыди хæдзары. «Куыд у цымæ?» — хъуыды кодта чындзимæ хъазæн ныхæстæ- гæнгæйæ. Æнæхъæн къуыри йæ хъару йе уæнгты не ’рцыди Тасолта- нæн, Иннæ.къуыри, лысыл куы фæфндар ис, уæд цæуыны фæнд скодта йæ хæдзармæ, хохмæ. ’ ^ . . Уыцы къуырины дæргъы Баччери иу хатт æмæ дыууæ. х&п’дат нæ аныхас кодта Гаппоимæ, Годзеимæ, Хадизæтимæ, Тасолта- нæн цы дзырд радтой, уый баххæст кæныны фæдыл. Хадлзæты кæй фæндыд, уый зыдтой Тасолтан дæр, Баччери дæр.! Зыдта^ пæ Годзе дæр æмæ уый дæр «нæ» нæ загъта. Фæлæ Галпо йæ» ’ныха’сæн хицау нал разьшди, йæ ард фехæлдта æмæ алы æф"-- сæнттæй хъуыддаг рохуатмæ здæхта. Тасолтаиæи та аяæм худи-- наджы хабары фæстæ йæ цæсгом нал хъæдыди Гапломæ ком-- коммæ бацæуын æмæ нын æргомæй зæгъын, дæ дзырд сæххæсг кæн, зæгъгæ. Утæппæт æнамонддзинады хабæрттæй цы уæззау рыстыт-æ байнæфта, уыдонæй уæлдай ма уарзопдзинадæй; судзгæ. зæрдæимæ араст нс хохмæ. Фæлæ сабийы боитæп фæстæмæ хæлар уæддæр хæлар уГ Къуырийы фæстæ Баччерн бæхуæрдонæй балæууыд хохы, йем<г та уыдн... Хадизæт! Хадизæт ныууагъта йæ быдираг хъæздыг хæдзар, ныууагъта ’йæ мады, йæ ардхал фыды æмæ ацыди, пæ зæрдæ .йын чи аха- •ста, пæхæдæг кæй зæрдæ басаста, уыцы мæгуыр хæххон, фæлæ. ады .хорзминнуджытæй жххæст Тасолтанмæ.
С О С Л А Н с ^осланы кой-иу арæх фехъуыстон колхозы практикæйы уæвгæйæ, Уый куыстхъомдзинад дзырдæн хастой колхозонтæ кæддæриддæр, æмæ-иу уыцы ныхæстимæ’ арæх скодтой хъри- хъуппы кой дæр, ома, уымæн хърихъупп йе стыр базыртыл <амонд æрхаста, зæгъгæ. Колхозмæ дæр, дам, æй хърихъупп æр- йбахуыдта. Мæнмæ диссагау кастысты ацы ныхæстæ: ау, куыд хъуамæ æрбакодтаид хърихъупп лæджы колхозмæ? Сосланы хуыдтой бæрзонд æмæ бæзæрхыг лæг, нæ рнхитæ ’та, дам, сты хърихъуппы базыртыйæстæ. Фæндыди мæ Сосланы фенын, фæл.æ мæ къухы нæма æфты- ди. Мæ рæстæг-иу аивгъуыдта куы лабораторийы, куы та фæл- варæн зæххы хæйтты. Сослан та йе звеноимæ куыста æддæдæр, хъæдрæбынмæ æввахс, уæлвæзы. Æхсæв та-иу уыди станы. 1949 азы сæрд фæцæйцыди йе стыр фарны бонтæм. Нартхор фæцис æртыккаг рывд æмæ уæрджытæй фæбæрзонддæр. Ахæм ставд-зæнгæй ссыди, æмæ цæст рæвдыдта, зæрдæйæн æхсыз- тон уыди йæ цардхъомдзинад. Фæлæ фæлмæн къæвдаты фæстæ уарын нал æмæ нал уыди. Хур зæххыл тулын байдыдта. Æз арæхдæр цыдтæн мæ фæлварæн зæхмæ. Уым дæр нарт- хор хус кодта. Колхозонтæй иутæ къахтон нартхоры рæнхъытьг æхсæнты лыстæг къанæуттæ, иннæтæ та куыстой стыр къанауы дон рауа- дзыны тыххæй. Уьщы куыстыл бирæ нæ бафæстиат сты. Къуы- рийы фæстæ лыстæг къанæутты акалди дон, фæлæ фæлварæн- ты зæхмæ)фаг нæ хæццæ кодта. * Æнæ донæй баззадысты хъæдмæ хæстæг уæлвæзы нартхоры хуымтæ дæр. Уырдæм дон суадзæн нæй, зæгъгæ, ахæм хъуыды- -йыл раджы ныллæууыдысты хъæубæстæ. Гъеуыцы уæлвæзтæй 164
дышæрдæс гектары бæрц уыдысты Сосланы бригады. Хъæдрæбынтырдыгæй уæлвæз зæххытæн хус рæстæгæй тас никуы уыди. Уымы зæхх уымæлбын хаста хъæды уымæлæй æмæ цас хусдæр рæстæг скодта, уыйас, дам-иу уым хуыздæр нартхор æрзади. Фæлæ рæстæг ивы. Хъæд йæ цъæх фæдджитæ уæлдæр систа, фаг уымæл нал дæтты, æмæ ацы уæлвæз дæр а фæстаг азты хус кæнын байдыдта.' Дон ды нартхæртты ’хсæнты ацыди, уыдон дыууæ-æртæ бон- мæ фæхъæлдзæгдæр сты, сæ тарцъæх дарæсæн тас нал уыди йæ хуыз æнафоны бурæй аивынæй. Сæ зæлдаг дзыккуйы хъуымбыл- тæ разындысты æмæ æфсир æфтауын байдыдтой. Фæлæ тас уыдн бахусæй Сосланы бригады уæлвæз зæххытæн. Колхозонтæ дзырдтой, зæгъгæ, дам, Сослан æхсæв дæр нал :хуыссы йæ зæххы катайæ. Тынг мæт бацыди мæн дæр фæлварæн зæххыты тыххæй. Иу сæумæрайсом, раст бон цъæхтæ кæнын куы райдыдта, уæд ауадтæн хъæуæй хуымтырдæм. Арв уыдис сыгъдæг, æнæв- рæгъ. Цæгатырдыгæй арвтæрæтты ма æрттывтой иугай стъалы- тæ. Хæхтæ уыдысты раст цъæх фæздæгау фæлмæй æмбæрзт. Сæ бæрзонддæрты цъуппытæ чысыл фæсырх сты. Хурыскæсæ- нырдыгæй та уыди рухсдæр. Тарцъæх быдыры сæрмæ дæр лæу- уыди уыцы рæсугъд фæлм. Уыцы зæрдæрухсгæнæн ныв ноджы рæсугъддæр кодта сæумæрайсомы цъиуты зардæй. Æддæдæр, хъæдгæронырдыгæй хъуысти булæмæргъы зарын, æмæ æгас бы- дыры сæрмæзыланг’ кодта цавæрдæр зæрдæрæвдауæг æмæныфс- уадзæг симфонийау. Мæ зæрды уыдис къанауы былтыл стыр донырдæм ссæуын .æмæ, дон фылдæр рауадзæн ис æвц нæй, уый базонын. Къанауы былтыл фæцæй’цыдтæн. Сосланы хуымты æрбаком- коммæйæ ’дзæвгар куы суадтæн, уæд дын кæсын, æмæ стыр къанауæй рахизырдæм ацыди лыстæгдæр къанау, дысон кæй скъахтæуыдп, ахæм. Ног къанауы згъордта дон. Ардыгæй уæ- лæмæ та уыди æндæр хъæуы зæхх. Къанау уади дыууæзæххыты ауæдзыл æмæ чысыл фалдæр сыхаг хъæуы зæхмæ сзылди. Къа- нау уæлæрдæм чысыл йедтæмæ не ссыди, фæлæ фæзылди рæ- ^бынты-рæбынты тæссарыл æмæ цыди уæлвæзы хуымтырдæм. Æз фæлæууыдтæн, акастæн доны фæзилæнтæм. Уæдмæ дзæ- ’бæх æрбарухс ис бон, быдыры сæрмæ ма лæууыди рæсугъд цъæх фæлм. Уæдæ фæстæмæ здæх.он, зæгъгæ, куыд ахъуыды кодтон, афтæ мæ хъустыл ауади уынæр нартхæртты ’хсæнæй. Ныллæу- уыдтæн. Хъусын. Мæ сæры фегуырди хъуыды: фæстаг бонты, колхозонтæ куыд дзурынц, афтæмæй, нартхор æфсир кæнын куы байдыдта, уæд .хьæдæй кдæр цæуын байдыдтой хъæддаг хуытæ æмæ хæрынд 16*
хъуыдыды нартхор, фæзынди, дам, дзы, арсы фæд дæр^Уæдæ* цæмæн хъуамæ хæра сырд адæмы фæллой, фæтæрсын æй кæнон,. ’зæгъгæ, ныхъхъæр кодтон. Сæумæрайсомы Сыгъдæг уæлдæфы айзæлыди мæ хъæлæс. Цъиуты уаст фенцади. Уынæр йсдугмæ нал’ хъуысти. Фæлæ уалынмæ иу ранæй бæрзонд нартхоры гоцо- ратæ базмæлыдысты. Уынæр кодта хæстæгæй-хæстæгдæр. Уалынмæ нартхæрттæ къухæй фæинæрдæм схойгæйæ разынд, иу лæг. Лæг рахызти къанауы был нарæг фæндапмæ æмæ æр- лæууыди. Фыццаг хуры тынау мæм фæкасти йæ бахудт. Йæ’ даргъ æмæ пух рихиты бынæй ферттывтой урс-урсид дæндæгтæ. ■Уый уыди бæрзонд, бæзæрхыг лæг, йæ цæсгом — тыхджын æмæ* ныфсджын лæджы цæсгом, хурсыгъдæй — бронзæйау, йæ сæрыл чысыл цъæх нымæтхуд, йæ дыстæ’уыдысты йæ рæмбынкъæдзты оиг, йæ фадгуытæ йæ уæрджытæм тылд, бæгъæввад. : ’ Æз æм уыцы джихæй кæсын, уый мæм худы. — Цы боны фарн дæ æрбахаста сæумæцъæхæй,ч уазæг? — зæгъгæ, мæ афарста æддозæй, стæй мæм даргъ саичъехтаё æр- бакодта, йæ къухтæ ацагъта, фæлæ йын æгæр цъыф кæй уыды- сты, уымæ гæсгæ къанаумæ æргуыбыр кодта, ахсадта сæ, мæн- тæджы дынджыр сыфæй сæ асæрфта æмæ мын мæ къух айста.. «Ай, сыгъдæгæй, цы’ Сосланы кой фæкæнынц, уый у, æвæццæ- гæн»,— зæгъгæ, ахъуыды .кодтон æмæ йын йæ къух райстои. — Бахатыр кæн, хорз лæг, фæлæ ды, Сослан кæй хонынц^ уый нæ дæ, миййаг? — Гъеуыцы хæзна дæн,— худгæйæ загъта уый. — Æмæ сæумæцъæхæй ам иунæгæй цы ми кæныс? Æрсытæ^ дам, дзы ис, куы зæгъынц. — Æрсытæ дæр дзы ис æмæ хуытæ дæр/Лæджы фæллоймæ- дзы йæ дзых чи нæ бахæлиу кæны! — Æмæ дæ ^куы ныттоной, уæд та? Цы ми кæныс ацафон? — бафарстон æй дыккаг хатт. — Цы ми кæнын куы зæгъай, уæд уæлæ мæ хуы-мтæм дол уадзын. Уартæ уæлвæзы хуымтæм. — Æмæ уырдæм дон цæуы? — Иæхæдæг нæ цæуы, фæлæ йæ мах бацæуын кодтам. Уа- артæ уыныс — тæссæртты, мæнæ ацы къæдзтæ-мæдзтæ къаиа- уыл уæлбылмæ сгæпп ласта. Лæг цæмæ бавнала æмæ цы нæ/ бакæндзæн. — Æмæ ацы къанау та кæд акъахтат? — Æндæрæбон ыл фæссихор афæнд * кодтам. Æниу мæм фæнд рагæй уыди, фæлæ мæ коммæ нæ кастысты, стæй йæ мæ- х&дæг иукъорд æмбалимæ къахын куы байдыдтон, уæд мæм иннæтæ дæр фæкасгысты. Дысон дæр кусгæ кодтам, фæлæ мæ- адæм бафæлладысты æмæ сæ арвыстон. Ныр ма иу хъуыддаг ис 166
земæ ам дæр ууыл архайын: ,къанау- уæрæхдæр кæнын. Дон фаг нæ цæуы æмæ ма йæм фылдæр ис рауадзын мæ зæрды. Стыр донырдæм суайынмæ хъавын. — Цам уæдæ, æз дæр уьщы хъуыддаджы тыххæй рараст дæн, нæ фæлварæн зæхмæ дæр дон фаг нæ цæуы. Цыдыстæм къанауы былтыл, куы та-иу йæ сæрты агæпп код- там. Хур æркастис, æмæ нартхæртты гоцоратæ сызгъæринау æрт- тывтой. Къанауы дон згъордта, йæ сабыр зарæггæнгæ. Мах цыдыстæм: разæй — Сослан, æз — йæ фæдыл. Æддейæ нæм чи æрбакаста-ид, уый затътаид: уæртæ йу лæг йæ гыццыл лæппуимæ фæцæуы. Æз кастæн Сосланы фæтæп уæнгтæм, йе стыр зæнгтæм. Йæ цæнгты нуæртты здыхтæп зындн, стыр хъару ■кæй ис йæ къабæзты. Мæ зæрдыл æрбалæууыдысты колхозонты ныхæстæ Сосланы тыххæй, æрбалæууыди мæ зæрдыл хърихъуппы кой дæр. Афæр- синаг æй уыдтæн уыды хърихъуппы тыххæй, фæлæ Сослан цыди даргъ санчъехтæй, фæлгæсыдис фæйнæрдæм нартхæрттыл, æм- бæрста, æзфæсте кæи зайын, уый. Иухатт мæм фæстæмæ ракасти æмæ мæм худгæмхасæн дзуры: — Гъе, уазæг лæппу, .куыд дæ æййафон, афтæ цу. Мæнæн худæг’фæци уыцы ныхас, фæныфсджындæр æм дæн. Иу ран та Сослан къанауы, сæрты галиуырдæм басанчъех код- та. Æз мæ ныфс нæ бахастон ууылты багæпп кæнынмæ æмæ мæ цыд кодтон донæн йæ рахиз былтыл. Уалынмæ йæ баййæфтон æмæ йæм даны сæрты хъазгæмхасæнты дзурын: — Уæд дын амонд та цавæр хърихъупп æрхаста? Цæйдæр хърихъуппы коп куы кæнынц... Сослан мæм æрбакасти æмæ та йæ даргъ рихиты бынæй йæ урс дæндæгтæ ферттывтой: — Чи дын æйзагъта, чи? — Афтæ дзырдтой колхозонтæ. — Худæгæй марынц, æндæр цæй хърихъупп... Афтæ ныхæстæгæнгæ бахæццæ стæм стыр доны цурмæ. Доны уыпæрæй йьгн хорз нал хъуыстон йæ ныхæстæ. Хур тынгдæр тавын байдыдта. Доны был Сослан акæстытæ кодта æмæ уайтагъддæр йæ фæлтæрд цæст ацахста, кæм цы ба- кæнын хъæуы, уый. — Къанау куыд ’дæлæмæ йедзагæй нæ цæуы, мæнæ ма йæ тæккæ ацы ран фæарфдæр кæндзьгстæм,— зæгъгæ, ацамыдта, -стыр донæй къабаз цы къанауы райдайæнырдæм здæхти, уы- жа?.- Æмæ доп, цас хъæуы, уыйас ракæлдзæни. Афтæ алыг кодта Сослан æмæ цъæх нæууыл æрбадтн. — Дон дзы бирæ уадзын хъæуы, кæннод нæ хæццæ кæны 167
фæлварæн, зæхмæ, фæлæ дзы ацæудзæн, цас хъæуы, уыйас? — зæгъгæ, йæ афарстон æмæ йæ фарсмæ æрбадтæн. — Ацæудзæн!—фидарæй загъта Сослан.— Ды мæт ма кæн,. уазæг, дæ зæхх дæр бафсæддзæни доиæй. Ныр зæхх афсæсти æмæ афтæ бирæ нал цъирдзæн дон, дæ зæхмæ дæр æй хъæуы,„ ма тæрс. Ницыуал ыи загътон уый тыххæй. Сослан йæ хуыссæгхъуаг цæстытæй касти доны фале пых- сытæм. Стыр дон та, йæ иу урсбарц уылæн ннпæмæй ивгæйæ, йæ- райсомы зарæггæнгæйæ згъордта йæ дарддæр’ фæндагыл. — Уæддæр мын уыцы хърихъуппы хабар куыд нæ загъ- тай...— сдзырдтон та йæм. — Уæ, хърихъуппы сæрыйас бауой сæ сæртæ, куы ма йæ фе- рох кæной... Уый раджы куы уыди. Алыбон та мын уый мæ* цæстмæ дарын.ц,— æмæ мын дард кæдæмдæр кæсгæйæ радзырд- та хърихъуппы хабар. — Ам колхоз сарæзтой нудæс азы размæ. Бапыдысты йæм мæнæй мæгуырдæртæ дæр æмæ мæнæй хъæздыгдæртæ дæр." Цы дьгн æп сусæг кæнон, æз не ’ууæндыдтæн ацы колхозы хъуыд- дæгтыл. Афтæ мæм куыддæр хынджылæггæнæгау кастис. Расг дын куы зæгъон, уæд æз нæ уарзын, куыстыл æмæ кусæнгарзыл. къухæй фидар хæст .куы нæ уон, уæд. Мæнмæ уыди дыууæ бæ- хы, бричкæ, дыууæ хъуджы, къорд фысы. Иуцыбырныхасæй,. •мæх-и фæллойæ цардтæн, тухитæ кодтон. Фондз азы нæ бацыд- тæн колхозмæ. Уæд иуаз хортæ не ’рзадысты. Æз иунæгæй уыдтæн... Мæ- зæхх та уыди уæртæ уыцы уæлвæзы. Мæ уыргтæ рафтыдтон уы- цы уæлвæзы кусынæй, мæ дыууæ бæхы гæдыйы лæппынтау сис- ты. Фæлæ дзы ницы рауади, басыгъди. Дон æм ауадзын хъуыди,. фæлæ йæм хæрдмæ æз иунæгæй дон куыд суагътаин? Мæ ал- фамбылай та хъæлдзæгæй куыстой колхозонтæ. Æрфæндыди- мæн дæр колхозмæ. Æниу мæ фæндгæ та куыд нæ æркодтаид? Мæ алфамбылай мæ сыхæгтæ, мæнæй раздæр чи бацыди колхоз- мæ, мæнæй мæгуырдæр чи уыди, уыдон мæнæй хуыздæр цæрын байдыдтой. Мæ тæккæ дæллаг фарс царди Драты Елмæрза... Цæрынæй-хæрынмæ йæ кæртæй цалхы фæд никуы рацыди, йæ- ус хъуджы фæдæгыл никуы æрхæцыди, йæ сывæллæттæ искæйы сылытæй дарддæр æхсыры сæндæг никуы бахордтой, йæхæдæг та хъæздыджытæм æххурыстæй хафта. Ныр дын уымæ бакæс: йæ хуры-хуыфи халагъуд ын барæвдзытæ кодтой, дзалайæ æм- бæрзт уыди, æмæ йын æй дурæй бамбæрзта колхоз, йæ хæдза- ры — хъуг, къорд фысы... Райсомæй-иу куыстмæ цæугæйæ йæ- 168
кæртæй райхъуысти йæ зарын, изæр-иу сабыр зарæггæнгæ ба- ;раст ис йæ хæдзармæ. Уымæн бонæй-бон рухсдæр кодта йæ зæрдæ, мæнæн та бо- •нæй-бонм’æ тардæр, æмæ лæгæи та йæ зæрдæ рухс йæ царды уавæрæй кæны. Уæд дын иу фæззыгон бон не ’фсинимæ картоф къахын. Бон- сауизæрмæ фæкъахтам æмæ дзы æруыгътам æрмæстдæр фондз голлагмæ ’ввахс. Мæ астæу сраст кæнын æмæ мæ цæнгтæ сисьш нал фæрæзтон. Уыцы фæлладæй æрбадтæн голлагыл. Уыди рагвæззæг, сыгъдæг изæр. Мæ сæрты бæрзонд арвы айнæгыл фæцæйтахти хърихъуппыты "хал. Хърихъуппыта^ раст æртæдзыхонæн тахтысты тынг уæлæуæзты. Искуььиу хатт-иу .æрыхъуысти сæ уасын, стæй аивгъуыдтой цъæх арвы кæронмæ, хуссарырдæм. Æз сыстынмæ хъавыдтæн, мæ бæхтæ сифтындзон æмæ цон, зæгъгæ, фæлæ мæ хъустыл ауади иунæг хърихъуппы тарст цъæ- хахст. Фæстæмæ фæкастæн æмæ дын мæнæ иу хърихъупп ныл- лæг-ныллæг æрбатæхы, йæ даргъ къубал ныйивæзта, хърихъуп- пытæ кæцырдæм атахтысты, уыцырдæм, иæ уды быцъынæг скъуыдта, йæ гæндзæхтæ ма цагъта, фæлæ йæ йæ базыртæ нал хастой. Æз бел фелвæстон æмæ азгъордтон .йæ фæдыл. Хъри- хъупп ма иучысыл атахти, стæй йæхи хус бæласы къалиуыл скъуырдта æмæ бæласы рæбынмæ æрхаудис. Æз æм куы бахæццæ дæн, уæд ма базмæлыди, йæ къубал сивæзта, пæ цæстытæ ма ныццавта хуссарарвгæрæттырдæм, стæ- хын йæ зæрды уыди, æвæццæгæп, фæлæ йæ бон нал баци. Сис- ~тон æй æмæ йæ рахастон. «Ай мæ сывæллæттæн æхсæвæрваг уыдзæн»,— загътон мæ- хинымæр æмæ йæ голладжы цур æр^вæрдтон. Ме ’фсин та ма цæйдæр хæмпæлæй йæхицæн цъылын баста. Хърихъупп’быптондæр йæхи ауагъта. Æз æм уыцы джихæй кастæн голлагыл бадгæйæ. Уалынмæ мæ хъустыл ауади Елмæрзайы цъæхснаг хъæлæс, .зарын æмæ машинæйы уынæр. Зард æмæ уынæр хæстæгæй- хæстæгдæр кодтой, стæй тæссарæй æрбазынди машинæ æмæ мæ цурты фæндагыл уыцы заргæйæ æрбасыф-сыф кодта. Машинæ йедзаг уыди картофæй, картофы сæр та бадтысты мæ сыхаг колхозонтæ æмæ мæ рæзты заргæ афардæг сты. Æз ■сæ фæдыл джихæй баззадтæн, стæй æркастæн, мæ раз’ы дæр- гъæй цы хърихъупп лæууыд, уымæ. Мæхимæ фæкастæн уыцы .-.хърихъуппау. Уымæн йе ’мбæлттæ атахтысты хъармдæр бæстæ- ■тæм, уый та ам зыбыты иунæгæй, æдзæллагæй, тыхстæй йе "’мбæлтты фæдыл кæсгæйæ йæ уд исы. Мæнæн дæр мæнæ мæ цурты заргæ æрбафардæг сты мæ сыхæгтæ æмæ фæцæуынц рухс- 169
дæр фидæнмæ, æз та ам сæ фæстæ баззадтæн ацы хърихъуппа.у" иунæгæй, тыхстæй, фæлладæй, мæ иунæджы сагъæстимæ. Систон хърихъуппы, голладжы йæ цæвæрдтон, мæ бæхтæ сифтыгътои. Уæдмæ ме ’фсин дæр йæ хæмпæл цъылын ба-ст фæ- ци, нæ голджытæ сæвæрдтам бричкæйы æмæ рараст стæм. Мæ- дзыхæй хъыпп-сыпп нал хауди. — Цы дыл æрцыд, нæ лæг, дæ дзыхæн ныхас куы нал хауы, уæдæ хърихъупп дæр куы ’рдахстай?..— афарста мæ ме ’фсин. Ницы йæм сдзырдтон. Цалынмæ хъæугæронмæ æрхæццæ- стæм, уæдмæ мæ хъусты нæрыди колхозонты зарæджы зыланг. Мæ цæстытыл та ауади Елмæрзайы ног хæдзар æмæ йæ фæрныг цард. «Цæуын хъæуы колхозмæ»,— загътон мæхинымæр. Æниу- иу уымæй размæ дæр ахъуыды кодтон бацæуыныл, фæлæ æф- сæрмы кодтон. Уыдон æппын ницæмæй стыр колхозы бындур< куы æвæрдтой, уæд сæм æз æддозæй кастæн, ныр та цæттæ колхозмæ бацæуын куыддæр æфсæрмы .кодтон, ома, мæ цæстмæ* мын æй куы бадарой... Цæстмæ бадаринагдæр уыди... Хъæуы уынгтæм куы ’рбахæццæ стæм, уæд кæсын, æмæ кол- хозы правленийы рудзгуытæй зыны рухс. Æз бæхтæ баурæдтоН^ хърихъупп систон æмæ бричкæйæ рахызтæн. Ме ’фсин мæ фæ- дыл джихæй баззади. Гъæй кæн, зæгъгæ, йæм сдзырдтон. Брич- кæ дарддæр аныди.ч Æз, мæ хърихъупп мæ дæларм, афтæмæй бараст дæн колхозы правленимæ... Правленийы бадтысты колхозы уынаффæгæнджытæ æмæ мæ» курдиатимæ сæ цуры æрлæууыдтæн... Дыккаг боп мæ дыууæ бæхы æд бричкæ æмæ мæ хъуг ра- кодтоп, афтæмæй бацыдтæн колхозмæ. Уæдæй абонмæ дæн кол- хозон. Бæххъуаг дæр нæ дæи, хорхъуаг дæр, фосхъуаг дæр, чи загъта. ’ > Гъеуый дын мæ хърихъушпы хабар. Уæдæй нырмæ худынц: дæу, дам, хърихъупп æрбакодта колхозмæ. — Æмæ дæ кæд æцæг хърихъупп æрбакодта?! — Нæ, уый мыл мысгæ æркодтой, хъазгæ кæнынц. Æз ыл~ мæсты нэе кæнын, уадз æмæ мысой! — зæгъгæ, ныххудтис Сос- лаи æмæ сыстадис. Сыстадтæн æз дæр æмæ фæстæмæ къанауы былтыл рарасг стæм. Стыр уæлвæзы комкоммæ куы ’рбахæццæ стæм, уæд Сослан: иу чысыл обауы сæрмæ суади. Æз фæлæууыдтæн обауы рæбын. Уалыимæ.мæм йæ къухæй амоны, ардæм-ма рауай, зæгъгæ. Суадтæн йæ фæдыл. \— Кæс-ма, мæ лымæн, кæс, уыцы уæлвæзмæ. Мæ зæрды йын: цы ис, уый зоныс? Кæд мæм байхъусой нæ колхозы разамон- джытæ, уæд мах уым сараздзыстæм сæнæфсиры цæхæрадон.. 170
\ <5æнæфсир хорз у. Федтай, мæ хæдзары цур цы сæнæфсиры бæ- лаЬстæ ис, уыдон? Суанг ма мæ сарайы сæрмæ дæр схылдысты. Æа уыцы бæлæстæ рахæсдзынæн æмæ уæртæ уыцы уæлвæзы сæиЪфснрдон скæндзыстæм, уадз æмæ сæнæфсир хæрой нæ хъæ^бæстæ. Уымæй дарддæр, цы нæ зæрды ис, уый зоныс? Уы- цы уæлвæзæй дæлæ хъæуырдæм цы дæлвæз ацыди, уым та парк сараз^зыстæм, алыхуызон рæсугъд бæлæстæ дзы ныссадздзы- ■стæм, ;(дыууæ тагæй та дзы суанг хъæумæ ауадздзыстæм урс бæрз æмæ нæзы бæлæстæ, се ’хсæн рæсугъд фæндаг,— электрон рухсæй æрфæныфæдау куыд уа, а!фтæ. Мæскуыйы федтон ахæм Т1арк. Æз скастæн Сосланы цæсгоммæ. Иæ цæстытæ хъæлдзæгæй .æрттывтой æцæг электрон цырæгътау. Уый касти размæ æмæ йæ 1ЧИдбЫЛТЫ ХуДТИ. Обауы раз, йæ алфамбылай уыди ставд-зæнг тарцъæх нарт- ^сæртты быдыртæ, æддæдæр та æрттивгæ фæйлауæнтæ хаста •æнæкæрон мæнæуы хуым æмæ уыцы фæйлауæнтæ хъазыдысты Срсланы цæсгомыл дæр цины уылæнтæй. — Уым нын уыди электростанцæ,— дзырдта дарддæр Сос- лан,— фæлæ йæ немыцаг фашисттæ фехæлдтой. Авд дæлдзæхы фæуæнт! Фæлæ йæ тагъд фæстæмæ сæрттивын кæндзыстæм, йæ машинæтæ цæттæ сты. Уый ныррухс кæндзæн нæ фæндаг, æмæ уæд уыцы парк уыдзæни диссаджы фæлладуадзæн бынат. — Æмæ ма уæм зæхх фаг уыдзæнис, дæс æмæ ссæдз гекта- рæй парк куы саразат, уæд? — афарстон æй æз, цы зæххытæ мын амыдта, уыдоныл мæ цæст ахæсгæйæ. — Зæхх бирæ. Стæй нæ зæхх, ныронг, цас лæвæрдта, уымæй •бирæ фылдæр дæтдзæн хор. Канд хорыл дæр нæу хъуыддаг, уадз æмæ мах, зæрæдтæ, нæ сурхидæй кæй фехсадтам, уыцы зæххы гæбазыл нæ фæсивæды, нæ сывæллæтты зарын æмæ ху- дыны зыланг цæуа. Стæй ма дзы-иу нæхæдæг дæр абаддзыстæм. Æз дæр дзы иу æнтæф бон ме ’фсинимæ дидинæг б’æласы бын куы ’рбадон, уæд мын циу? Æз бахудтæн, уый дæр та бахудти æмæ мын мс ’уæхск æр- хоста: — Фæлæуу, мæ льимæн, дæумæ худæг кæсы, фæлæ йæ фен- дзыпæ дæхи цæстæй. Æз дæр уæдмæ, чи зоны, бынтон нæ базæ- ронд уыдзынæн. Иубон нын иу докладгæнæг афтæ дзырдта, рæх- джы, дам, зæхх электрон гутæттæй.фæлдахдзыстæм, таугæ дæр, дам, сæ кæндзыстæм электрон машинæтæй æмæ, дам, уæд фæл- лойгæиæг адæмыцард фенцондæр æмæ фæрæсугъддæр уыдзæн. Æмæ уæд уый циу, уый зоныс? Ехх, мæ лымæн...— загъта, æмæ та мын йс стыр армытъæпæнæй ме уæхск æрдавта.— Кæдæм дæуæм уæдæ! Цытæ уыдзæни, цы диссæгтæ уыдзæни! Лæгæы йæ 171
фидæнæй йæ зæрдæ рухс юуы уа, уæд фæллад нæ зоны,— зæгъ- гæ, уыцы ныхæстимæ дынджыр санчъехтæй æруади дæлæмæ/— Цом, цом, мæ лымæн,— зæгъгæ, мæм сдзырдта, æз æнцадгай: дæлæмæ куы ’рцæйцыдтæн, уæд.— Цом æмæ нæ доны куыст •кæнæм. / Рараст стæм ныр хъæуырдæм. Сослан цыди* тагъд, йæ .рихи- тæ-иу адаудта æмæ касти размæ.
НОГ СÆРДАР Æ -^■-^рæгвæззæджы æрцыди Бибо колхоз «Сыгъдæг суа- дон»-мæ. Æнцон ын нæ уыди горæтæй рацæуын. Ома, йæхи тых- хæй нæ, фæлæ йæ ус Хадизæт зулмæхæцаг галау ныффæрск æмæ нæ ракуымдта горæтæй. «Æрра лæджы митæ кæныс! Ал- чи хъæутæй горæтмæ лидзы, ды та мæ горæтæй хъæумæ ала- сынмæ хъавыс»,— зæгъгæ, йыл схъæртæ кодта фæстагмæ. Зæрдæхъыгæй æрцыди Бибо колхозмæ æмæ йæ дард хæстæ- джытæй иу сидзæргæс усмæ æрцарди. Хæринаг дæр ын цæттæ кодта уыцы ус. «Сыгъдæг суадон»-ы колхоз йæ хорз хъуыддæгтæй хъуыст- гонд нæ уыди обкомы дæр æмæ хъæууон хæдзарады министра- ды дæр. Фæлæ колхозонтæ сæ сæрдарæй æппæлынæй фылдæр* ницы кой кодтой. Æмæ, æцæг, æвзæр нæ цардысты, хор хæргæ* дæр кодтой æмæ йæ уæй дæр кодтой зынаргъыл, уæдæ сæ ал- кæйы хæдзары дæр уыди хъуццытæ, фыстæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, колхозы бындур фидар куы уа, хъæз- дыг æмæ фæрныг куы уа алцы ’ппæтæй дæр, йæ колхозонтæ аф- тæмæй хъæздыг куы уой, уæд ма уымæй хуыздæр цы ис! Фæлæ... Гъеуыцы «фæлæ»-йы бын цы бæллæхтæ уыди, уыдон нæ уыдтойг æппæлæг колхозонтæ. Бибойы размæ колхозы сæрдар уыди Гадæкко. Гадæкко адæмимæ царди хæларæй, арæх æй хуыдтой сæ хæдзæрттæм, йæ дзырдæн ы»н аргъ кодтой, уымæн æмæ-иу цы бакуыстой, цы хор- иу сцæттæ кодтой, уый сын-иу байуæрста сæ фæллойбонтæн. Колхозы гонты ма-иу аззади, æрмæст иннæ уалдзæгмæ мыгга- гæн цы бахъæудзæн, уый. Мæнæ куыд фæзæгъынц, «цы бакуы- <ста, уьгй иууылдæр бахордта», зæгъгæ, афтæ цардысты колхозон- тæ. Колхозы æхсæны хæдзарад стыхджын • кæныныл никуы ахъуыды кодта Гадæкко. 173:
Чысыл ныхæстæ нæ бахъуыди колхозонты æмбырды Гадæк/ койы сæрдары куыстæй суæгъд кæныны тыххæй. Колхозы зыь/- гæдæр æмæ æмбаргæдæр лæгтæ, нæ колхозы цыдæр зулкъ/1с æмæ йæ мидæгæй хæры, нæ «Сыгъдæг суадон» нын чндæгггæ .лакъон кæнынц, зæгъгæ, уый чи æмбæрста, уыдондæр дыууæр* ,дæм кодтой. Суанг ма колхозы парторганизацийы секретарь/Али дæрйæхи ныкъкъуырма кодта æмæ-иу йæ хъуынджын æрфгуы- ты бьгнæй тызмæгæй касти. Уæззау дойнагдуртæ æппарæгау иу- гай ныхæстæ æппæрста: — Йарæппын æллæху Гадæкко æвзæр нæ кусы, цæмæи æй ивæм? Цыдæриддæр уыди, уæддæр Гадæккойы систой колхозы сæр- .дары куыстæй, æмæ колхозонтæ сæрдарæн равзæрстой Бибойы. Ног сæрдар йæ куысты фьщцаг бон йемæ айста Алийы, зав- хозы, бухгалтеры æмæ азылди колхозы бындуртыл. Æниу дзы дæй бындуртæ уыди! Колхозы правлени уыди иу зæронд хæдза- ры, му уæзласæн машинæ, зæронд сара.' Сарайæн нæ иу хайы та, цы мæнæу ма сæм уыди, фæллопы бонтæн ма æртыгап кило- тæ байуаринаг кæмæй уыдысты, уый. Æгæр-мæгуыр сын гонтæ дæр нæ сарæзтой. Нартхæрттæ уыдысты кауæй быд зæронд къу- туты. Фосы фермæтæ дæр — уазал, мæргъты фермæйы агъуыст дæр афтæ. ’ Хæсты размæ колхозы уыди чысыл гидростанцææмæ куырой, уыдон дæр нырмæ хæлдæй баззадысты. — Гъе, заууат фæуат, ацал-ауал азы æппын адон саразын дæр уæ бон нæ уыди? — бауайдзæф кодта Бибо парторг æмæ завхозæн. — Дæ бонæй уай, æмæ уыдонæн æхца нæ хт^æуы? Хъæд æмæ •сын агуыридур нæ хъæуы? Стæй транспорт нæй,— дзуапп радта .завхоз. Али ницы сдзырдта. — Нæ зæронд чъебре машинæ дын æниу куынназ æрласдзæн торæтæй дур,— бафтыдта йæм бухгалтер. — Горæтæй ’цæмæн? — Уæдæ кæцæй? Ма’хмæ агуырндургæнæн завод нæй. — Æмæ уæлæ уæ сæрмæ хæхтæ куы ис. Нæ фыдæлтæ дзы ^сæцæн мæсгуытæ æмæ бæрзонд гæнæхтæ куы амадтой! Уырды- тæй æрластаиккат дур,— бауайдзæфтæ сын кодта ног сæрдар. — Нæ фыдæлтæ æдылы уыдысты æмæ сæхи удхарæй мард- той,— дзуапп та радта, сым-сымгæнгæйæ завхоз. Æдылыйы, йæ развæндаг, йæ сомбон чи нæ уыны, ахæм лæджы хуызæн фæка- сти Бибомæ уыцы завхоз. Ницæмæйуал сæ бафарста. Суанг изæрмæ фæзылдысты хъæуы дæр. Хъæуы клуб нæй, нфæсивæд сæ уæгъд рæстæг кæм æрвитой, ахæм къуым дзы ии- куы ис, æмæ нуазыныл бафтыдысты. 174
Æппын та дзы йæ хæстæг Хъуыдæберды фырт Бущкийæн ная Уыдис æмбал, йæ æнæуагмитæн, йæ нозтæн, йæ магусайы цар- д&н. Бауайдзæф кодта Бибо Муратæн дæр йæ æнæгъдау цардьг тьЪсхæй, фæлæ йæ уый ницæмæ æрдардта. ^Сагъæсгæнгæйæ ныххуыссыди Бибо æмбисæхсæвты йæ уазал хуыссæны. «Цæмæн рацыдтæн ацы колхозмæ? Хадизæт, æвæц- цæгæн, раст уыди»,— йæхинымæр дзырдта, стæй уыйфæстæ æн- дæруьуыдытыл фæци. «Ау, парти мæ куы рарвыста, уæд тæппу- дау ææлидзон! Кусын хъæуы. Фæлæ куыд? Цæмæй райдыдæуа? Æппын дзы куы ницы сарæзтой... Колхозæн алы аз нæ дыргътæ’ хордтой, фæлæ йын йæ уидæгтæм нæ зылдысты. Ноджы бирæ- колхозонтæ зæрдиагæй кусгæ дæр нæ кæньгнц, чидæртæ та дзы суанг спекуляцн кæныныл дæр архайынц». Цалдæр боны фæстæ йæм колхозонтæ цæуын байдыдтой æмæ сын-иу цыма æнæбары схаудысты, афтæ згъæлдтой сæ ныхæстæ: — Гадæкко ма нын хор æмæ æхца раттинаг уыди æмæ нын сæ æххæст куы раттис. — Хорз, хорз, мæнæ æркæсæм, æрнымайæм, цы нæм ис, уы- дон, стæй фендзыстæм,— дзуапп сын лæвæрдта Бибо. Фæлæ, бонтæ цыдысты. Адæмы æхсæн фыдæвзаджы дам- думтæ ахæлиу сты. — Нæ кæсут, нæ хорз сæрдары нын фелвæстой æмæ нæм æрбаппæрстой иу сæу-супп интеллигенты, горæты трибунæйыл чи ныххус ис æмæ кæмæй сфæлмæцысты, ахæм! — Цыдæр мæрддзæст у. Хорæй йæ зæронд мæрдтæн хист кæны, æвæццæгæн, нæуылнæ нын æй дæтты?.. — Гадæкко йæхæдæг куыд цардхуыз у, махæн дæр афтæ^ бæргæ уыди, фæлæ ай та — сустъа, хус хъæдуры кæрддзæмы хуызæн. Балбирæгътæ йыл куы са^мбæлой, уæд æм фæстæмæ- дæр нæ фæкæсдзысты! Мах дæр йæхи хуызæн ма кыхяус кæна!.. Бибо, æцæг, уыди къæсхуыр, фæлахс цæсгом. Хæсты уæззау бонтæ, уыйфæстæ хъæууон хæдзарады министры хæдивæгæй æнæхуыссæг æхсæвты куыст йæхионтæ кодта, æмæ йæ сæр æна- фоны сурс. Æрфгуытæ баззадысты сатæгсауæй, фæлæ йæ цæ- стытæ! Уьщы арф цæстытæ уыдысты стыр зонд, тыхджын æмæ хæларзæрдæ æвдисæг. Бибо йæхиуыл кæй нæ ауæрды куысты,ч уый колхозонтæ иу- уылдæр уыдтой. Уæдæ æрмæст йæхирдæм тонагæнаг чи уыди, ахæмты йедтæмæ чи ауагътаид фыдæвзаджы дам-думтæ? Тæс- саг уыдысты, уыцы да.м-думтæ, фæлæ сæм Бибо пæ хъус тынг нæ дардта. Колхозы æхсæнады бынтæ иууылдæр куы сбæлвырд кодта, уаед зилын байдыдта хæдзæрттыл. Ахæм хæдзар нал баззади 175-
:хъæуы, Бибо кæй къæсæрæй нæ бакаст.и. Алкæй дæр фарста, цы’ .хъуаг у, уымæй. / — Дæ цæхæрадоны кæрæттæ гом цæмæн сты? — фарота иуты. / — Суг нæ уыди æмæ сæ басыгътам. Уис цæмæй æрластæуа... — Цалынмæ уалдзæджы куыстытæ нæма райдыдтам, уæдмæ хъæды оцæттæ кæн уис æмæ-иу æрбауай, се ’рласынæн дæ(уæр- дæттæ куы /бахъæуа, уæд. / Иннæмæн та: / — Дæ хæдзар афтæ хæлддзаг цæмæн у? / — Æмæ-гъа, нæ мæ февдæлы куыстæй æмæ... — Курдиат æрбадæтт, ,мæ хæдзар бацалцæг кæнинаг у, зæгъ- гæ. Æркæсдзыстæм æм правленийы. Хæдзæрттыл зилгæйæ Бибо базыдта, йæ зæрдæ кæмæй ба- рус ис, ахæм хабар: колхозонтæй хойрагхъуаг ничи у. Хор сæм ис, пннæ хорæрцыдмæ цы хæрой, уый. Уæдæ сарайы цы мæнæу æмæ хъæбæрхор ис, къутуты цы нартхор ис, уый фæллойбон- тæн нал байуардзыстæм, фæлæ йæ паддзахадмæ ауæй кæндзы- стæм фысвос, кæрчытæ дзы ис, уыдонæй дæр ауæй кæндзыстæм. Æхцайы иу хай байуардзыстæм фæллойбонтæн, цæхх, фæтæген æмæ æндæр æхсызгон товартæн, иннæтæй та балхæндзыстæм... О, цас бирæ хъæуы æхца, зæгъгæ, хъуыды кодта Бибо. Дыууæ къуырийы фæбадти Бибо парторг æмæ бухгалтеримæ. Фæкодтой пълантæ, проекттæ, дыууæ азы дæргъы цытæ саразын хъæудзæн, уыдæттæн. Фыццаджыдæр балхæнын хъуыди уæзласæн машинæтæ. Стыхджын кæнын хъуыди колхозы хæдзæрттæ аразæг бригады. Стæй уæд аразын хъуыди фосæн, мæргътæн хорз ’фермæтæ. Маргъдарыпæн, уæлдайдæр хъазтæ æмæ бабызтæ дарынæн кол- хозы ис агургæ æмæ æнæаргæ фадæттæ. Саразын хъуыди колхозы правленипæн хæдзар. Аразын хъуыди гонтæ, къутутæ, машинæтæн гараж. Ноджы разилын кæ- нын хъæуы колхозы электростанцæ æмæ куырой, цæмæй колхо- зонтæн сæ хæдзæрттæ барухс уой, фæтæгены мæт сæ мауал уа, се ссинæгтæ дæс кнломстры дарддæрмæ мауал ласой. Æппæты зындæр хъуыддагыл Бибо нымадта колхозы фæси- вæдæн клуб саразын. Клубы аргъ нымадмæ гæогæ милуан æмæ æрдæгмæ кæй схызти, уымæ гæсгæ йæ ахастой æртыккаг аз- мæ. Утæппæт стыр куыстытæн хъæуы бирæ æхца. Сæ аргъ схыз- ти æртæ милуанæй уæлдæрмæ. Фæлæ та фæстаг бонты иог сæр- дар хъæуы алфæмбылæйтты куы азылди, суанг хæхтыл æмæ хъæдтыл куы фæзылди парторгимæ, уæд йæ пълантæм ногæй .æркастп æмæ дзы бухгалтер дур æмæ хъæддзаумайæн цы циф- Л76
рзэтæ фæфыста,,уыдон ахæххытæ кодта. Бухгалтер æм джихæй баз\адн... Д Дур ис,— дзуапп ын радта Бибо,— нæ хъæуысæрм& зам- манашэ! амайгæ дуры хæхтæ. Фæсивæды бафтаудзыстæм, дур æркалЪзысты раст фæндаджы былмæ æмæ уыйбæрц дæр лас. Хъæдд^аумайæн — комы æнæхæрд хъæд. Йæ тæрс, йæ фатхъæд, йæ сывылдз æмæ сусхъæд арвыл æмбæлынц. Æрцæттæ кæндзы- стæм, цас нæ хъæуа, уыйас. Фæсивæдæн диссæгтæ бакæнын у сæ бон! \ Правленийы уæнгтæ уыцы пълантыл сразы уыдзысты, уы- мæй тынг ныфсджын нæ уыди Бибо, æмæуæд Алиимæ бауынаф- фæ кодтой фыццаджыдæр уал сæм парторганизацийы æмбырды æркæсын. Тъæнджы мæйы астæуыккаг бонтæй .иуы правленийы хæдза- ры æрæмбырд сты хъæуы коммунисттæ, æмæ сын уым бакасти Бибо, парторг æмæ бухгалтеримæ цы пълантæ сцæттæ кодта, уыдон. Бирæ тæрхæтты фæстæ сразы сты коммунисттæ уыцы пълан уал фыццаг правленийы æмбырдмæ, стæй уыйфæстæ æп- пæт колхозы æмбырдмæ рахæссыныл. — Ацы пълан зын сæххæст кæнæн кæй у, фæлæ йыл рагацау «æмбарыны куыст нæ бакæнгæйæ колхозонтæ кæй не сразы уы- дзысты, уый æз хорз зонын,— дзырдта Бибо æмбырды. Ахæм æмбырд скодтой фæскомцæдисæн дæр. Бибо куы ны- гчадта, дыууæ азы дæргъы колхоз цытæ саразинаг у, уыдон, стæй тслубы кой куы скодта, уæд фæсивæд сæмдзæгъд кодтой. — Фæлæ нæ сымахæй, фæсивæд, ныфс куы нæ уыдаид, сы- •мах ацы хъуыддæгтæ уæ зæрдæмæ арф айсдзыстут, уæхи ахс- джиаг хъуыддагыл сæ банымайдзыстут, зæгъгæ, уæд, кæй зæ- .гъын æй хъæуы, ахæм пълантæ не скодтаиккам. Сымахмæ та дзы, фæсивæд, бирæ кадджын хæстæ хауы, æмæ нæ зæрдæ да- рæм, уыцы хæстæ зæрдиагæй кæй сæххæст кæндзыстут, ’ ууыл. — Тыхсгæ ма кæн, Бибо, сæххæст сæ кæндзыстæм,— зæрдæ бавæрдтой фæсивæд. Зæрдæрухсæй рацыди фæсивæды æмбыр- дæй иог сæрдар, фæлæ цалдæр боны фæстæ колхозы правленины доклад куы кодта, колхоз цы æдзæллаг уавæры ис æмæ йæ ца- вæр мадзæлттæй сфидар кæнын хъæуы, уыдоныл, уæд, прав- ленийы уæнгты цæсгæмттæм кæсгæйæ, йæ зæрдæ бауазал. — Цæмæй? —’ уыцы фарсты хуыз зынди сæ алкæйы цæсго- мыл дæр. — Хорæй, фосæй, æндæр продукттæй. Цы хортæ ма нæм ис мыггагæй уæлдай, уыдон паддзахадмæ ауæй кæндзыстæм... — Уыцы хортæн уæй кæнæн нæй. Адæмæн зæрдæ бавæрд- там, æртыгай килотæ ма уын байуардзыстæм, зæгъгæ. Фыдæн- хъæл сæ куы фæкæнæм, уæд сæхи дæр æмæ колхозы дæр фыд- 1Г2 Хæхты 177
уалдзæг фæкæндзысты,— дзырдтой правленийы уæнгты фьйл- дæр. ’ / — Адæм хорхъуаг не сты... Зæрдæ ма сын кæй бавæр’дтат, уы’мæй хорз нæ бакодтат. Йæ бынтæ иу хæрд чи кæны...— дзырд- - та Бибо æм’æ хъуыды кодта: «Ай дын Гадæккойы митæж Ног сæрдар йæ алы къахдзæфы дæр æмбæлди, «хæларзæрдæ» æмæ «рæдау» Гадæккойы митæ цы тау рауагътон, ууыл, не, колхозы бынтæ гаффутмæ чи æртардта, уыцымитыл. / — Ай-гъай, адæм хорхъуаг не сты,— ’йæ- фарс фæлæууыди Али дæр. — Хæрынæй дарддæр ма цыдæртæ вæййы хæдза’ры. Кæм дзы фæтæген хъæуы, кæм цæхх, кæм зети, хъуымац, сапон, тæ- бæгъ, къус, уидыг,— нымайын байдыдта правленийы уæнг Га- боци. — Хорз, бамбæрстам дæ, Габоцн,—.баурæдта йæ Бибо.— Фæлæ, зæгъæм, байуæрстам ма сын æртыгай килотæ... цы йæ’ фæкæндзысты? . — Уый сæхи хъуыддаг у. Ауæй йæ кæндзысты æмæ сæ цы хъæуы, уый дзы’ балхæндзысты,—* йе ’хситгæнаг дæндæгты æх- сæнæй та ралæмæрста Габоци. — Кæм æй ауæй кæндзысты?. — Кæм сæ-фæнда, уым. — Нæхи хъæуы хор ничи балхæндзæп. — Алчи йæхи хортæ уæй куы кæны, уæд ма йæ сыхаджьь хортæ æлхæндзæн? — сдзырдтой чидæртæ. ^ — Цыбырныхасæп кæдæмдæр сын æй ласын хъæудзæн уæй кæнынмæ, æмæ цæуыл? Нæ машинæйы хæррæгъ горæты базар- тæм ратæр-батæр куы кæнæм, уæд колхозы бирæ куыстытæ та зæронд уæрдæттыл кæндзыстæм? —’ Колхоз дæр адæмы у! — стæвд ис Габоци. — Ай-гъай, колхоз адæмы у. Мæн дзы иу мисхал дæр нæ’ хъæуыу ома, мæхн удæй зæгъын. Мæн дæр адæмы мæт ис. Бирæ тæрхæтты фæстæ правленийы уæнгтæ сразы сты пълан- тæ сф-идар кæныныл. Бибо уыцы æмбырдæн хæццæ хъуыдытимæ рацыди йæ фа- .термæ. «Правлеяийы уæнгтæ афтæ кæм дзурынц, уым ма хуы- мæтæджы колхозоитæ цы зæгъдзысты»,— хъуыды кодта сæрдар. Разæй ма уыдис иу стыр цæлхдур йæ^пълантæ’ баххæст кæ-- нынмæ фæндагыл — колхозонты æмбырд. * * * Бибо горæтмæ арæх нал æфтыди. Хатгай ма-иу æмбырдтæм^ кæпæ исты ахсджиаг хъуыддæгтæм сæфтыди æмæ-иу уæд федта* йæ сывæллæтты, йæ усы. Иу хатт та йæ æнæхъæн мæй нал рав- 178
дæлди йæ’бинонты бабæрæг кæнынмæ. Уæд йæ ус Хадизæт цæ- хæртæ калын байдыдта. Ноджы ма мæнæ ахæм «ныстуан» куы ра’йсга, уæд: «Хорз ус, æз дæ нæ зонын, ды дæр мæ нæ зоныс, фæлæ\дæ бинонты цард кæй хæлы, уый уынын æмæ дыи тæ- ригъæд кæнын. Гъе, тæригъæд дын .кæй кæнын, уый тыххæй дæм фыссьнХ Бауырнæд дæ, хорз ус, мæ къухмæ нйкуы систон къран- дас ахæ^л хъыгаджы хабар искæмæ ныффыссыны тыххæй, фæлæ дæ сывæллæттæ æнæ фыдæй дæхи уæхсчытыл куы æрæнцайой, дæ лæг та кæйдæр (фæрныг усимæ дæларм-уæларм куы цæуа... Иуцыбырныхасæй, дæ лæг Бибо ам колхозы фу кæны иу хæрз- хуыз усимæ. Цæргæ дæр уымæ кæны, кæд æндæр кæм цæра, уый йыи ис, уæддæр/ Æз æм куыд кæсын, стæй йæм канд æз нæ, колхоз æй иууылдæр уынынц, афтæмæй дæ лæджы тагъд куы нæ аласай, уæд æй æппындæр нал аласдзынæ. Ам æй фæр- ныг ус йæхицæн ба-къаддæр кæндзæни... Æз дæм йæ хабæрттæ иууылдæр, стæй биноныгæй нæ фыссын, сæ ныффыссын мæ цæс- гом дæр нæ хъæцы. Тагъддæр рацу æмæ дæ лæджы алас, кæд ма дæ хъæуы ахæм лæг, уæд». Ацы писмойæн Хадизæт йæ фыццаг рæнхъытæ куы бакасти, уæд йæ цæсгом асырх, стæй а’фæлурс. Фæлæ йæ дарддæр кæсын куы байдыдта, уæд фæгуырысхо. Йæ лæг-иу кæд арæх бафæ- стиат йæ куысты, командировкæты, уæддæр ыл йæ зæрдæ никуы фæхудти, ахæм .митæ йæ сæрмæ нæ хаста Бибо. Хадизæт зыдта, пæ лæг цы сидзæргæс ’усмæ æрцардн, уый дæр. Уый уыди æфсармджын, хæрзхуыз ус, йæ лæджы дард хæстæджытæй. Бибо ма министры хæдивæгæй куы куыста, уæд уыцы ус цалдæр хатты йæ дыууæ сывæллонæн пенсн рапсынмæ ссыди. Æхсæв дæр-иу баззади сæхимæ. Р1æхи дыууæ сывæллоны, Бибойы дыууæ сывæллонм æмæ сæ хæстæгдзинады сæрты чи ахиза, ахæм ус нæ уыдзæни... «Уæдæ мæм чи фыссы»,— хъуыды кæны Хадизæт, !фæлæ пис- мойы бын нæ уыди йæ ныффыссæджы къухæвæрд. Уæд фæгуы- рысхо писмойы ныхæстыл. Стæн дзы ахæм æнæуаг цъыфкалæн ныхæстæ уыди, ахæм, зæгъæн дæр æмæ ныффыссæн дæр кæмæн нæй. «Мæ бинонты царды мæт чи кæны, уьгй мæм мæ лæджы тыххæй ахæм æнаккаг ныхæстæ нæ ныффыстаид»,— ахъуыды кодта Хадизæт, фæлæ уыцы бурхил хæрзхуыз сылгоймаг йæ цæстытыл куы ауади, уæд та йæ зæрдæ барысти... «Цы нæ ’рдæуы, ахæм хæрзхуыз ус»... Хадизæт скатай. Куы стъолмæ базыввытт ласы писмо, куы та |йæ райсы, æркæсы йæм .æмæ та йæ ’фехсы, æмæ фæзæгъы йæ- хинымæр: «Цыдæр æдзæсгом æмæ цъаммар лæг, колхозы’ раз- дæр сæрдары дæлбазыр йæхицæн хъарм бынат чи скодта, йæ- '.хирдæм тона чи кодта, афтæмæй Бибо кæй фелвæста йæ куыс- 179
тæй, ахæмы йедтæмæ ч,и ныффыстаид»... Зоны Хадизæт, пæтæт ахæм адæймæгты сæ куыстæй сургæ кæй фæкæны, уый, хзерам æм кæй-вæййынц чидæртæ, уый. ( Цыдæриддæр уыди, уæддæр Хадизæт офæнд кодта йæ ^æджы бабæрæг кæнын. •/ * * * / Иу.бон-изæрмæ Хадизæт фефснайдта йæ хæдзар. Йæ,сывæл- лæттæ скъолайæ куы æрбацыдысты, уæд сын хæрин’аг радта æмæ сæ ауагъта хъазынмæ, йæхæдæг трамвайы абадти æмæ ин- ституты æмдзæрæнмæ ацыди. Р1æ хойы ракодта. Хæдзар æмæ* сывæллæтты уый æвджид фæуагъта, йæхæдæг изæргæрæтты ав- тобусы абадти æмæ а«цыди хъæумæ. Æрталынг, афтæмæй ныххæщцæ Хадизæт колхозмæ. Нæ ба- цыд йæ лæджы фысьшмæ, нæ бацыди колхозы уынаффæдонмæ дæр, фæлæ уал бабæрæг; кодта йæ хæстæджыты. Хæстæджытæ йыл фæцинтæ кодтой, хорз æй суазæг кодтой. Дæ лæджы федтай, зæгъгæ, йæ куы, фарстой, уæд сын «федтон» загъта. Хадизæт сын тынг зæрдиагæй хъуыста сæ ныхæстæм. Фæкодтой йыи Бибойы кой дæр, æплæлыдысты дзы. Фæлæ уы- цы æппæт ныхæсты æмæ койты æхсæн Хадизæт не ’рыхъуыста, писмойы йæм чидæр цы ныхæстæ сæрвыста, уыдоны хуызæн. Йæхæдæг, ма сын къахæн дзырдтæ дæр сæппæрста, фæлæ йыл уыдон къæм абадын дæр нæ бауагътой. Уæд сын нал скодта писмойы кой. Æхсæвæрафон радыди Хаднзæт колхозы уынаффæдонмæ, йæ сывæллæттæм телефонæй сдзурыны æфсон. Йемæ никæй рауагъта. Талынг уыиджы къулрæбынты, бæлæсты рæбынты æрбахæц- цæ Бибойы фысымы хæдзармæ. Тыхулæфтгæнгæ ныллæууыди ставд бæласы æнцой. Кæройнаг уаты рудзынгæп ма цыди рухс. Уый уыди, Бибо кæм царди, уьщы уаты рудзынг. Цыма дзы \\æ хъустыл сылгоймаджы ныхас ауади, афтæ фæкасти Хадизæтмæ. Йæ зæрдæ ноджы тынгдæр сгуыпп-гуыпп кодта.' Фæндыди йæ рудзынгмæ ноджы хæстæгдæр бацæуын, байхъусын, фæлæ йæ рудзынгæй мидæмæ хъусгæ исчи куы фена... «Цытæ мæ сæрмæ хæссыы... фу... худинаг, амæлæт», — загъта йæхинымæр, фæлæ йæ уæддæр йæ мастæй цымыдис зæрдæ хæссы рудзынгмæ... Дыууæ санчъехы бакодта æмæ рудзынджы фæйнæгыл аны- хæста йæ хъус. Райхъуысти дзы сылгоимаджы ныхас, стæй ацах- ста Бибойы хъæлæс дæр. Ноджы хæстæгдæр балæууыд рудзынг- мæ, æмæ йæ уыцы сылгоймаджы хъæлæс сдызæрдыг кодта. «/Ешхъæлдæн æмæ мæ хæдзар æцæг хæлы»,— гом кулдуарыя бауади Хадизæт. 180
* * * / Ёнбо фæлладæй æрба-цыди йæ куыстæй. Хæдзары æфоинимæ* иучысыл абадти, аныхæстæ кодта, йæ фæлдад суагъта, æхсæ- вæр (^ахордта, стæй йæ уатмæ рацыди, стъолы уæлхъус æрбад- ти æмæ, колхозонты æмбырдмæ цы доклад сцæттæ кодта, уый ноджы бæлвырддæр, æнцондæр æмбарæн цæмæй уа, ууыл ку- сын байдыдта. Куыддæр фьгццаг сыф акасти, афтæ йæм бауади йæ фысымы хистæр чызг, æвдæм къласы ахуыргæнинаг Минæт. Бибойы æрцыдмæ пе ’мбæлтты не ’ййæфта Минæт, фæлæ йын уый æххуыс кæнын куы байдыдта, уæд фæрæвдз и. Скъоладзаутæ хорз ахуыргæнæгыл куыд сахуыр вæййынц, афтæ сахуыр ис Минæт дæр Бибойыл æмæ та йæм ныр дæр æр- бауади æххуысмæ. Бибо йæ куыст ныууагъта, уаты рацу-бацу кодтд, афтæм.æй йын амыдта йæ историйы урок. Чызг бадти æмæ фыста. Тæккæ уыцы,рæстæг æвипшшды дуар фегом, æмæ къæсæрыл алæууыд Хадизæт. Чызг æм фæкомкоммæ, йæ фыссын фæуагъта æмæ йæм джихæй баззад. Минæты джих цæсгом куы ауыдта Бибо, уæд фæзылди фæстæмæ æмæ уый дæр фæджих. «Афтæ æнафон æмæ æнæнхъæлæджы дзæгъæл хуымæтæджы нæ фæзынди ме ’фоин, нæ сывæллæттыл мацы æрцæуæд»,— уыцы хъуыдыимæ: йæ размæ акъахдзæф кодта... — Хадизæт, ацафон... исты æнамонд хабар ис, миййаг? — Цы ’намонд хабар ма уа! Æз нæ хæдзары хицауæн ам колхозы сæрдарæй кусын æнхъæл уыдтæн, ан та ам лæвар’ ахуыргæнæджы куысты ныллæууыди! Уьгцы рæхуыст ныхæстимæ Хадизæт тызмæг нæстытæ фæ- сагъта Минæты цæсгомыл. Чызджы цыма судзинæй фæрæхуы- стæуыди, афтæ фестъæлфти, йæ чингуытæ дæр стъолыл фæуагъ- та, афтæмæй фæдуарæддæ. Хъыг уыдысты Бибойæн уыцы ни- цæйаг митæ, рамæсты Хадизæтмæ, фæлæ нæхи ныуурæдта, цæ- мæй та йæ сонт мæстыгæнаг ус мæ смæсты уа, уьш тыххæй. Хадизæтæн, дуарæй куы ’рбахызти, уæд йæ туг йæ цæстæй касти. А’фтæ æнхъæлдта — ныртæккæ мæ лæджы баййафдзыиæн кæйдæр усимæ, фæлæ дзы æрмæст цыппæрдæсаздзыд чызджы куы ’рбаййæфта, уæд йæ масты арт фæмынæг ис, фæлæ уæддæр йæ цæсгом тызмæгæй дардта. — Къæсæрыл цы лæууыс, мидæмæ рахиз,— йæ цонгмæ йын ’бавнæлдта Бибо, фæлæ йып Хадизæт йæ къух асхуыста æмæ бацыди уатмæ. Йæ цæст ахаста уаты къултыл, стъолыл, сын- тæгыл. Стæй диваныл æрбадти. Сылгоймаджы рæвдаугæ къух- ты фæд куы нæ федта уаты, уæд йæ гуырысхотæ, йæ маст фæ- састысты æмæ фæфæл’мæнзæрдæ.
Р1æ лæг лæууыди йæ разы æмæ йæм касти хæццæ хъуыдыти- мæ. Иуæй йын æхсызгон уыди Хадизæты æрцыд. Сфæлмæш^ди •æнæ сылгоймаджы рæвдыдæй, иниæмæн хъуыдыты бафтыди, ома, цæмæн афтæ æвиппайды смидæг уаты. Фæлæ уыцы хæццæ хъуыдыты ’фæкодта йæ зæрдæйы æхсызгондзинады бын: / Æрбадти йæ усы фарсмæ æмæ йæ æрбахъæбыс кодта. Ха- днзæт афæлвæрдта йæхи феуæгъд кæныныл, фæлæ йæ Бибо куы нæ суагъта, уæд ыл йæхæдæг дæр ныттыхсти...- Сфæлмæцыди Хадизæт йæхæдæг дæрæнæ лæджы раевдыдæй. Йæ цæсгом нылхъывта йæ лæджы риумæ æмæ фырцинæй æви йæ гуырысхоты мастæй йæ цæссыгтæ æркалдта. * * * Райсомæн Хадизæт уыди хъæлдзæг. Сыстади раджы, хуыс- сæнтæ бафснайдта, хæдзары æфсинимæ аходæн сцæттæ кодта, æмæ Бибо йæ куыстмæ куы ацыди, уæд бирæ фæныхæстæ код- той фысымимæ. Ус ын загъта, дыууæрдæм цæрын хорз кæй ,нæу, Бибо дæр мæт, кæны, тыхсы æнæ бинонтæй, зæгъгæ. Ха- дизæт æм бирæ фæхъуыста æмæ йæ зæрдæйы гуырысхотæй мур- дæр ницыуал баззади. Мад йæ хистæр чызгимæ куыд фæныхас кæны, афтæ фæлмæн уайдзæфæмхасæн ныхас фæкодта сидзæр- гæс ус йемæ. — Цæуылнæ фæтæригъæд кæныс дæ лæгæи, уый ам æхсæв- бон не ’взаргæйæ куы кусы, æгас æртæ хъæуы колхозы хъуыд- дæгтыл æй сулæфынмæ куы не ’вдæлы, афтæмæй æвæгæсæгæй, ’ æнæ рæвдыдæй йæ бонтæ куы ’рвиты, уæд æм цæуылнæ æрцæ- уыс, йæ куыстæй фæлладæй куы ’рбацæуы, уæд тыргъы кæнæ уаты сбады, иу ранмæ ныджджих вæййы, дæуыл, уæ сывæллæт- тыл мæт æй куы бахсыдта йе стыр куыстæй уæлдаи. Мæнæ уын дык’каг уат дæр ратдзынæн, æз мæ дыууæ чызгимæ уæртæ ми- дæггаг уаты цæрдзынæн, цалынмæ уын хæдзар аразоп, уæдмæ. Ракæн дæ сывæллæтты дæр æмæ ам дæрут. Мады ныхæстæм хъусæгау хъуыста Хадизæт фысымы ныхæ- ^стæ. Дысон ын йæ лæг дæр йæ фарсмæ ,хуысгæйæ фæдзырдта ахæм ныхæстæ. Æртасыд Хадизæт. Уьгцы бон фæссихор ацыди горæтмæ æмæ æртæ боны фæстæ æрласта йæ сывæллæтты. Фатер ныууагъта йæ хойы æвджид. * * * Цыдысты бонтæ. Уалдзæджы колхозы ’кæрты фæзынди цып- пар уæзласæн машинæйы. Колхозонтæ сæ алфамбылай амбырд сты æмæ сæм ракæс-бакæс кодтой, цин сыл кодтой. Колхозы хæдзæрттæ аразæг бригады уыдис ныр фондз лæ- джы бæсты æстдæс лæджы æмæ, гъæйтт, зæгъгæ, арæзтой га- 182
ражтæ, стыр фæзы æрæвæрдтой колхозы правленийæи фунда- мент. ’ Горæтæй æрцыдысты инженертæ, уыдон элсктростанцæ æмæ^ куыройыл цыдæртæ архайдтой. % :-1 ф Рацыди дыууæ азыæмæ колхозы фосæн æмæ .мæргътæн са- рæзтой хорз фермæтæ. Æртыккаг афæдзы кæронмæ хъæуы ас- тæу, раст авдазон скъолайы бакомкоммæ акаци бæлæсты æх-' сæн фæзынди рæсугъд клуб. Утæппæт хæдзæрттæ иууылдæр арæзт уыдысты къæдзæх ду- рæн, хъæуысæрмæ, сæрдæй, зымæгæй йæ куыст кæмæн не ’нца- ди; хъæдæрмæг дæр хи Ьсъæдæй \ласт. Адæм æй сæхæдæг дæр не ’мбæрстой, утæппæт куыстыты куыд баивылдысты æмæ, бон-æхсæв нæ хынцгæйæ, сæ колхозæн’ стыр бындуртæ куыд арæзтой, уый. Уый та уыди фæсивæды хъа- руйæ. Кæмдæриддæр ерысы куысты разæй уыдысты. Уыдонмæ кæсгæйæ, хъæуы ахæм куыстхъом адæймаг нал баззади, йæ- фæллойы хай чи нæ кодта. Гъе æрмæст ма Хъуыдæберды фырт Бу.цки æмæ ноджы иукъорд лæвархоры хæлдтой адæмы царды уаг се ’нæхъола, се ’нæуаг митæй. Куы-иу иуырдыгæй ранхъуыст «сс сгуыхты» хабар, куы иннæрдыгæй.. :{: :}: * , Зымæджы райдианы стыр бæрæгбон сарæзта колхоз, æмæ- клуб байго.м кодтой. Уыцьг бæрæгбоныл рацыдаид иу къуыри, афтæ уыдн колхо- зы а^ктивæн æмбырд. Бнбо уыты æмбырдмæ бацыди рынчынæй, фæлæ æнæфæраз- гæ у, уый зонгæ дæр нич.и бакодта. Къæсæрыл фембæлди йæ хæстæг Хъуыдæбердыл, йемæ чысыл æнæбары хъазæн ныхæстæ акодта. Тæккæ уый размæ та фемб’æлди Буцкийыл æмæ та йын загъта куы-сты тыххæй, фæлæ уый æвзæр ныхæстæ скодта: «Цы куиты рын дæ тилы, цы мæ агитировать кæныс колхозы куыст- мæ», зæгъгæ, æмæ ма, зæгъæн кæмæн нæй, ахæм ныхæстæ. Би- бойæн тынг’хъыг уыдысты уьщы ныхæстæ. Йæ сæр ныттылдта, ницыуал сдзырдта. Æмбырды ныхас цыди, колхозæн бындур чи æрæвæрдта æмæ дзы йæ саразынæй фæстæмæ зæрдиагæй чи куыста, уыдоны стыр хуызистытæ ног клубы фойсйы къултыл бакæныны тыххæй. Уыцы цыппæрдæс лæджы нæмттимæ уыди Хъуыдæберды ном дæр, æмæ йæм куы æрхæццæ сты, уæд Бибо загъта: — Сымах мæнæГГ хуыздæр зрнут Хъуыдæберды, фæлæ, æз, чи зоны, рæдийгæ дæр кæнон, уæд мын сраст кæнут мæ ныхас. 183
ТСъуыдæбердæн иу уайдзæф бакæнинаг дæн уе ’хсæн. Адæмы æхсæн нымад, кадджын æмæ радджын лæг у, фæлæ йæ йæ фырт худинаг кæны... Хъуыдæберд фестъæлфыди уьщы ныхæстæм, нæ сæр ныггуы- быр кодта æмæ афтæмæй хъуыста. — Æз цæхгæр афтæ нæ зæгъын, æмæ йын ма бакæнæм йæ пыв нæ кады къулыл, фæлæ клубмæ цы адæм цæуой, уьщы ныв- тæм арфæгæнгæйæ чи кæса, уыдон Хъуыдæберды нывмæ кæс- гæйæ цы хъуамæ зæгъой? — дзырдта дарддæр Бибо æмæ ком- коммæ касти Хъуыдæбердмæ. Р1æ карз ныхæстæ тынг кæй хъа- рынц Хъуыдæберды зæрдæмæ, уый зыдта, фæлæ йын йæ раздæ- ры уайдзæфтæ кæй ницæмæ æрдардта, йæ фырты рæдыд фæн- дагæй раздахынæн кæй ницы амал кодта, уый йын ам, адæмы æхсæн зæгъинаг уыди.— Цы хъуамæ зæгъой? Ай та хулигапы фыд у, колхозы фарн чи чъизи кæны, æфсарм, уаг æмæ æгъдау кæмæ нæй, магусайæ цæлуарзагæй чи цæры, уый фыд у? Ау, æмæ кæд ахæм хорз æмæ кадджын лæг у, уæд йæ фырты йæхи хорз миниуджытыл цæуылнæ схъомыл кодта, зæгъгæ, нæ ба- фæрсдзысты? — Рæстытæ дзуры сæрдар. Бæгуыдæр, бафæрсдзысты. Æнæхъæн колхозæн дæр худинаг,— ахæм ныхæстæ ацахстой Хъуыдæберды хъустæ. Иæ цæсгом ссыгъди, зæххы скъуыды куы ныххаудаид, уæд æм хуыздæр фæкастаид, ацы иыхæстæ хъусы- •ны бæсты. Æмæ ма раст куы нæ уыдаиккой, уæд ма исты зæ- гъын сфæрæзтаид, йæ сыхбæстæ, йе ’мбал колхозонтæ дæр йæ сæрыл сдзырдтаиккой, фæлæ раст у Бибо. «Цы йын загъдæуа, цы дзуапп ын рардæуа йæ уайдзæфтæм?» — хъуыды кодта Хъуыдæберд. Æрæджиау ма загъта: «Уæддæр ын афтæ ис ’мбæлди. Цæмæн мæ бафхæрдта адæмы ’хсæн? Цæмæн мын фæчъизи кодта, мæ цæсгом æгас хъæубæсты раз!» Фæлæ ничи фехъуыста ацы мæстæлгъæды иыхæстæ, ничи сын радта дзуаттп дæр уьгмæн, æмæ сæ Хъуыдæберд дзырдта йæхинымæры. «Мæнæ æмбырд куы фæуа, адæм сæ хæдзæрттæм куы цæуой, уæд мæхи фæфæстиат кæндзыпæн æмæ йын хибарæй алывыдтæ ^ фæдзурдзынæн»,— хъуыды кодта Хъуыдæберд клубы сæ сыхаг * лæгтимæ бадгæйæ. Фæлæ цас фылдæр бадти, уыйас йæ маст судзгæ æхсидавау цырендæр кодта æмæ, æмбырд куы фæцн, уæд пал фæлæууыд. Къулрæбынты дуарырдæм йæхи райста æмæ раз- дæр рацыди. Нал фæлæууыди йæ сыхæгтæм дæр. Æмбисæхсæвмæ ’ввахс нарæг уынджы халасæй æмбæрзт бæ- лæсты бынты цыди Хъуыдæберд хъуыр-хъуыргæцгæ. I О, æмæ уæддæр цæмæн бауагъта Бибо адæмæн се ’мбисон- ды сабыр Хъуыдæберды ахæм стыр маст? Йæ туг, пе стæгыл кæй нымадта, æртæ азы размæ йæ сæ колхозы сæрдарæй куы .184
æвзæрстой, уæд иннæ колхозонтæн дæр ма куы æппæлыд Би- бойæ, «хорз лæг у, раст лæг у æмæ йæ равзарæм», зæгъгæ. Дæс æмæ æртиосæдз азы фæцарди Хъ^уыдæберд йæ хъæубæ- сты астæу кадджын, æгъдауджынæй, сыгъдæг æмæ рухс цæсго- мæй. Авд æмæ ссæдз азы рацыди, Хъуыаæберд йæ дыууæ бæхы æд. бричкæ, йæ дыууæ хъуджы йæ разæй, афтæмæй колхозмæ куы бацыди, уæдæй абонмæ. Уыцы бирæ азты йыл никуы никæй зæрдæ фæхудти. Колхо- зы фæллæйттыл хæдзардзмн кæй уыди æмæ зæрдиагæй кæй куы- ста, уый тыххæй м.а йæ хицауад фæзминагæн дæр амыдтой ин- нæ колхозонтæн. Ныр ног хицау, уæлдапдæр та цæ хæстæг, æртыккæгæм аз йедтæмæ нæма кусы, афтæмæй йын адæмы æхсæи бауайдзæф кодта, бафхæрдта йæ. «Хибарæй мын мæ сæр лæдзæгæй куы льщцавтаид, уæддæр мын афтæ хъыг нæ уыдаид»,— хъуыр- хъуыр кæиы æмæ цæхгæрмæ уынгыл цæуы сæ сыхырдæм Хъуы- дæберд. Æхсæв уыди хъуынтъыз æмæ тызмæг Хъуыдæберды мæст- джын æмæ хъуынтъыз цæсгомау. Арв æмбæрзт уыди æврæгъ- тæй. Хъæу уыди сабыр. Сыбыртт дæр никуыцæй хъуысти. Цыма дзы цæрæг нал ис. Искуы-иу хатт ма æрбайхъуысы, йемæ æм- бырды чи бадти æмæ иæ фæстæ чи рапыди, уыдон ныхас æмæ худын. Уæд æм афтæ фæкæсы, цыма ууыл худынц æмæ та уæд йæ санчъех фæдаргъдæр кæны. Цæхгæрмæ уынгыл куыд фæзылди, афтæ уæлæсыхæй рай- хъуысти зарæг. Хъуыдæберд базыдта йæ фырты цъæхснаг хъæ- лæс æмæ дзыхъæлæуд фæкодта. — Куыдзы хъæвдын, зарыс! Атæппæт мæстытæ нын дæу тых- хæй сты... Сар мын дæ сæр кæны, ардæм дæ нæ хъæуы! — загъ- та Хъуыдæберд æмæ йæ кæрты дуарæй бахызти. * * * «Цы рауади мæ фыртæй? Цæмæ ’рхауди мæ сæр мæ иупæг фырты тыххæй?» Ацы хъуыды йæ сæры магъзы зылди Хъуыдæ- бердæп, афтæмæй йæ талынг уаты уæлгоммæ хуыссыди æмæ цармæ касти. Йæ цуры иннæ сынтæгыл хуыссыд йæ ус Залихан æмæ куыддæр æнахуыр улæфт кодта. Хуыссæны æрæййæфта Хъуыдæберд Залнханы, æмæ куыстæй фæлладæй кæй æрцæуы, уый тыххæй йын фæтæригъæд кодта, уыййедтæмæ йæ райхъал кодтаид, алывыдтæ йын фæкалдтаид. Уый фесæфта лæппуйы, æгæр æй сбуц кодта. Æвзаргæ хæринаг, 185-
æвзаргæ дзаумайæ йæ фæхаста, йæ къух ын уазал доны атулын никуы бауагъта, скъоладзау у, зæгъгæ. Æмæ ма ахуыр дæр хорз куы кодтаид. Дыууæ хатты баззади дыгай азтæ иу къласы, афтæмæй цыдæр амæлттæй дыууадæс азмæ каст фæци дæсазон’ скъола. ^ ^ Уæдæй нырмæ рацыди фондз азы, фæлæ Буцки ницы куы- стыл фæцалх ис. Институтмæ дыууæ хатты экзамонтæ не сфæ- рæзта. Ныр фондз азы дæргъы бады, хæры йæ мад æмае йæ фы- ды фæллæйттæ. Ницы куыстмæ ком дæтты. Ницæуыл мæт кæ- ны. «Гал амæла — фыд, уæрдон асæтта — суг»,— афтæмæй цæ- ры. «Мапусайæ цæлуарзаг» æй схуыдтой æгас хъæубæсты. Хъæуы загъд, хъæлæба кæм уа, уым ам.идингæнæг— Буцкп. Хъæуы чындзхаст ис, зæгъгæ, уæд чындзхæсджытæй «сыгъдæг» ирон ’ æгъдæуттæ домæг— Буцки. Арахъхъ цай.цымæнæй ных- хырхы æмæ йæ сæр йæ фат нал фæзоны, адæмы хъæлдзæгдзи- над æмæ циндзинад загъд, хъæлæба æмæ хылтæй фенад кæны. Биноныгæй никуы ахъуыды кодтой Хъуыдæберд ’æмæ Зали- хан, сæ фырт цы сæрсæфæи фæндагыл ныллæууыди, уын йæ кæ- дæм акæндзæн, ууыл. Исчи сын-иу сæ цæстмæ куы бадардта сæ лæппуйы фыдуаг митæ, уæд-иу бахудтысты: «Лæппу у ’æмæ æр- ра митæ кæны, ,куы фæхъомыл уа, уæд сæ ныууадздзæн». Ныр Буцкийыл сæххæст æртæ æмæ ссæдз азы, фæлæ ноджы- дæр фыддæр фæци. «Куыд никуы асагъæс кодтон мæ лæппуйы цардыл?» — хъуы- ды кæны Хъуыдæберд, афтæмæй бафынæй. * * * Райсомæй мартъийы хур систа бæлæсты урс æмбæрзæи. Хæ- дзæртты сæртæй æмраст уæлæмæ цыдис цъæх фæздæг æмæ ма цъæх-цъæхид арвыл цы иугай урс къуымбилтæ уыдн, уыдонмæ ивæзта йæхи. Залихан раджы сыстади. Йæ лæг æмæ йæ лæппуйæн хъарм плптайыл цæхджын фыдæй лывзæ ныууагъта æмæ йæ куыстмæ ацыди мæргъты фермæмæ. Хъуыдæберд дæр раджы сыстадп. Иæ хъугæн æмæ йæ къорд фысæн дон бадардта, арвистон сын окодта, цæвæрдта сын æй сæ кæвдæсты æмæ ма сарайыы цыдæр- тæ архайдта. Цæуын æй хъуыди Бибомæ. Дысоны уандзæфты тыххæй хъуамæ йемæ хибарæй аныхас кæна, фæлæ ма иæ фырт- мæ касти. Йæ хъуыдытæн хъуамæ йæ фырты цур сæ ком райха- ла æмæ сын дзуапп райса. Фæлæ Буцки не сты уæлæмæ. Фырт æнафон æрцыд-и уæлæсыхæй расыгæй æмæ хуыррытт коЛта астæууыккаг уаты. Хъуыдæбсрд æп баййæфта хæлиудзы- хæи. Иæ дзаумæттæ уыдысты куыдфæнды æмæ кæмфæнды калд. ^186
Æвæццæгæн сæ куы ласта, уæд сæ фæйнæрдæмзыввытт кодта,. æмæ сæ.чи кæэд абадти, уым баззади. Мад дæр сæ нæ систа,— рудзыигæй бакасти æмæ Буцкийы хуыссæны куы федта, уæд æм иал бацыди. .. Хъуыдæберд нæ цæст ахаста ацы æдзæлгъæд, худинаджы ны- выл æмæ нырдиаг кодта: — Гъе, уæууæй, гъе, мæнæ мæ бирæ фыдæбæттæ, мæ зæронд уды фæллæйттæ кæуыл сæфтон æмæ сафын! Мæ уæныг æмæ мс ’ртæ’ фысы аргъ люстюм, мæ зæронд уды фæллойбонты æхцанæ æлхæд палто æмæ худ!.. Ба.касти йæ фыртмæ. Нарст цæсгом ныффæлурс æмæ цъæх- бын ссис фырнозтæй. Йæ даргъ бецыкк бæхы къæдзилау йæ; цæсгомыл æрзæбултæ, иу бсцыкк дзы лыстæг сау рихитыл ных- хæцыд. ’ Йæ дысоны масты (арт та ногæй ссыгъди йæ риуы Хъуыдæ- бердæн. Лæдзæгæй æрдзæхст ласта стъолы тигъ. Топпы гæрахау ныннæрыди уаты къуымты стъолы гуыпп. Буцкийæн фескъуыди йæхуыр-хуыр, ракасти æмæ йæ фыды куы федта, уæд йæ цæс~ гом къулырдæм аздæхта.æмæ йæхи биноныгдæр æрæмбæрзта. Ницæмæ æрдардта Хъуыдæберды, цымайæ цуры лæг нæ, фæлæ, фæстæмæ, ракæсыны аккаг дæр чи нæу, ахæм адæнмаг лæууы, афтæ. — Сыст уæлæмæ, науæд дын дæ сæр æрбырон кæндзы- нæн! — хъæццулмæ февнæлдта Хъуыдæберд æмæ йæ разыввытт ласта. Фырт аззади айдагъ мидæггаг хæдон æмæ хæлафы. Фы- ды цæстытæ фæкомкоммæ сты къæхтæм — йæ цъьгфæйдзаг туф- литæ кæд уыдысты йæ уæлæ! Прастинайæ, хъæццулæй — самæ- стысты цъыфæй. Буцки йæ сæр схъил кодта æмæ йæм ра’касти,' йæ рæсыд цæстытæ тъæбæртт-тъæбæртгæнгæ. — Хуыцауы тыххæй, æрра фæдæ æви дæ сайгæ фæчынди! Цы гуыппытæ кæныс?! — хус æхсæртау рагæргæр кодтой йæ хæ- рог ныхæстæ, йæхæдæг йæ ну къах раппæрста хуыссæнæй æмæ хъæццулмæ бавнæлдта. Цыдæр æлгъаг фосы мыггагау фæкасти Хъуыдæбердмæ йæ хæмпæл бецыкджын фырт æмæ йæ маст нал баурæдта, æрриуыгъ- та йæ лæдзæгæй, фæлæ цæф сынтæджы тигъыл æруади. Лæп- пу джихæй кæсгæйæ баззади. — Куыдзы хъæвдын! Адон цы сты?! — йæ лæдзæгæп куы, хуыссæнты цы чъизи дзабырты ныффæлдæхт, уыдонмæ амоны, куы, алы» рæтты пырх цы дзауматæ уыдысты, уыдонмæ.— Адон дын кæй фæллæйттæй æлхæд сты?! Æз мæ сау тугуымæн калын, аемæ дзы ды æрттиваг дарæсты ралли-балли кæнай! Рыгты æмæ сæ цъыфы ралæс-балæс кæнай! Хæдзармæ сау капеик, кæнæ хо- ры гага куы нæ хауы дæ фæллойæ, уæд афтæмæй мæ зæроид 187
къабæзты фæллойæ хынджылæг скъæрыс? Куыдзы къæбыла, чидæр хæрынæн хæрæг куы дардта, уый дард дæ кæндзыстæм? Цæмæй дæу тыххæй номхæссæн æмæ фидиссаг фæуæм, уый тых- хæй дæ дарæм! Сыст уæлæмæ! Дæ дзаумæттæ скæн. Ныхас мæ ис демæ,— загъта та фыд æмæ йе ’ргом аздæхта дуарырдæм. Буцки рахызти сынтæгæй. Тагъд-тагъд акодта йæ дзауматæ, фæлæ йæ пинджачы тæрттæм куы фæком^коммæ,1 уæд æй фæстæ- мæ фелвæста æмæ йæ чъизи куыд нæ зына, афтæ йæ бандоны «.чъылдымыл баппæрста. Цæмæй йын афтæ самæсти, уын дæр нал хъуыды кодта. «Расыг уыдтæн»,— йæ сæры фатау атахти ~ацы хъуыды. Ныр дæр ма йæ сæрыфæхстæ уыцы цæлхъ-цæлхъ кодтой, цыма сæ чидæр дзæбугæй мидæгæй æддæмæ хоста, уый- ау. Иæ бур цыллæ хæдоны æгънæджытæ æнæвæрд, афтæмæй йæ чубб фасгæйæ сдзырдта: — Дæ хорзæхæй, Хъуыдæ, абоп дыл цы ’рцыди? Хъуыдæберд раздæхти æмæ йæм комкоммæ бакасти. — Ды чи дæ? — бафарста йæ фырты уыцы тызмæгæй. — Æз Буцки (дæн,— дзуапп радта Буцки æмæ бахудынмæ йæ былтæ басчъил кодта. — Буцки кæй дæ, уый зонын. Хуыцау мын дæ куы нæ ба- зонын æмæ бавзарын’кодтаид, фæлæ дæ æз уымæй нæ фæрсын. — Чи дæ, зæгъгæ, мæ фæрсыс, æмæ дын дзуап'п,радтон. — Æз дæ уымæй нæ фæрсын, фæлæ мы.н чи дæ, мæ хицау дæ, ме ’лдар дæ æви мын цы дæ? — Цы ныхæстæ кæныс, Хъуыдæ? Нæ дæ ’мбарын. — Цал азы дыл цæуы?—бафарста та Хъуыдæберд. — Цæмæн мæ фæрсыс уымæй, дæхæдæг æй иæ зоныс? —Уæдæ йæ æз зонын æмæ дын æй. зæгъын: дæуыл ныр цæуы æртæ æмæ ссæдз азы. Æртæ æмæ ссæдз азы дæ фæхастон, æртæ æмæ ссæдз азмæ лæг йæхицæн ном скæны, йæхи равдисы исты хъуыддаджы, йе йæ куыстæй, йе йæ хъæбатырдзинадæй, йе йæ ахуыргонддзинады æнтысты- тæй, йе йæ æгъдау æмæ йæ уæздандзинадæй. Свæййы лæг, æмæ йæ адæм банымайынц лæгыл. Дæу та чи нымаиы лæгыл? Цы райстай лæджы миниуджытæй? Фыдном мæ куы фæкодтай! Лæвархоры ном дыл куы сбадти. Æзайас куы базæронд дæн æмæ мæ номыл къæм абадын куы нииуы бауагътон, ныр мыл дæу тыххæй лодыры фыды ном, хулиганы фыды ном куы сбад- ти, уæд дын цы бакæнон, уый-ма мын зæгъ? Цы фыдмаргъы мыггаг фæдæ, цымикæныс, ууыл цæуйлнæ ахъуыды кæныс? Дæ сæрæй куыдз куы рахауа, уæд дæ къæхты бын халоны айчы хæлд куы фæкæндзæн, уæд дæ алфамбылай цы фæсивæд ис, уыдоны цæуылнæ бафæзмыс? Буцки лæууыди рудзынджы цур æмæ кæртмæ касти. Цыма Л88
йæ фæсонтыл царæй уазал доны æртæхтæ хауди, афтæ йæм кас- тысты йæ фыды ныхæстæ. Иу хатт йе уæхсчы сæрты ракасти Æмæ йæ дæндæгты зыхъхъыртæй ралæмæрста: — Гъер ды мæнæн зонд амоныс? Æз астæуыккаг скъола каст куы фæдæн, ды та дæ къух æрæвæрын дæр...— Нал фæци йæ дзырд... — Циц! Куыдзы хъæвдын! Дæс æмæ æртиссæдз азы фæ- цардтæн æмæ дæуæн занд бацамонынхъом не сдæн!.. — Æнахуыргонд лæджы зонд талынг у... * Ацы ныхæстæм фестъæлфыди Хъуыдæберд. Йе ’игуылдзтæ æрбалвæстой лавдзæджы сæр, фæлæ йæхиуыл ныххæцыди. — «Ахуыргонд!» Сахуыргонд мын ис! Ныр фондз азы хъæуи- хъæу, хæдзари-хæдзар лекка кæныс æмæ мын сахуыргонд дæ! Æз та «талынг, зæронд» дæн! Фыдвæд, æмæ зоныс, æмбарыс дæ сæртæг сæрæй, æз æнахуыргондæй цæмæн баззадтæн; уый? Мæ- нæн дæ хуызæн амалтæ уыди ахуыр кæнынæн? Дæуæн мæнау царды уæззау уаргъы бын не ’ртасыди дæ астæу, æмæ не ’мба- рыс, амал циу, уый. Æлæмæй тонæгау тыдтай царды циндзи- нæдтæ æмæ дæм афтæ кæсы, цыма уыдон æлæмыл сæхæдæг æр- задысты. Нæ, уыдон дæ мад æмæ дæ фыды фæллæйттæ сты! Мах сæ оцæттæ кодтам, цæмæй дæ сабийы бонты махау зындзи- нæдтæ ма фенай, фæлæ дæ сабийы бонтæ аивгъуыдтой. Ды ас- тæуыккаг скъола фæдæ каст æмæ цæуыл сахуыр дæ? Æз царды скъола фæдæн каст, æмæ мæ кусыныл, фыдæбон кæныныл са- хуыр кодта цард. Ды та дыууадæс азы дæргъы цæуыл сахуыр дæ? Лæвар хæрыныл дæ ахуыр кодта скъола? Зæгъ-ма, зæгъ, «ахуыргонд?!» Буцки лæууыди рудзынджы цур æмæ касти кæртмæ, цыма хъуыды дæр нал кæны йæ фыды, уыйау. Хъуыдæберд сагъдауæй лæууыди æмæ хъуыды кодта, ны йын бачындæуа, зæгъгæ, стæй фæзылди дуарырдæм æмæ загъта: — Махæн пæ бон нал у дæу хæссын, зæрæдтæ стæм æмæ дæхицæн исты уынаффæ бакæн. Мæнæ ма дын уат дæттæм нæ фæллæйттæй, æмæ цæр, куыд дæ бон у, афтæ... Махмæ мацæ- мæуал æихъæлмæ кæс. Гъеуый дын мæ уынаффæ,— дзырдта Хъуыдæберд, цы.ма уæззау дуртæ фæлдæхта, афтæ, стæй дуар йæ лæдзæгæй расхуыста æмæрацыди кæртмæ. Буцки æхситтæй базарыди йæ фæдыл æмæ бахудти. — Гъы, мæ фыдм:æ нæ кæсут? Агитатор! — стæй фæхъус ис.— Фæлæ йæ чи сардыдта мæныл? Бибо йедтæмæ ничи уыда- ид. Фæлæуу! Æз уымæн, цы хъæуы, уый бакæндзынæн! Æмæх- сæвæджы ардытæй лидзæг куыд фæуай, афтæ дын куы нæ ба- кæнон, .сæрдар, уæд мыи мæ сæр халæттæ бахæрæнт,— зæгъгæ, бадодой кодта æмæ æхситтæй ныззарыди: «Бродяга я...» 189
. Фыд æмæ фыртьгхылььфæстæ р<ацыди цалдæр боны. Бибо- мæ^ басндтысты обкоммæ æмæ йыл фыццаг секретарь сбустæ кодта: , , -г- Мах дæ колхозы куыспмæ укмæн нæ арвыстам æмæ дзьг дæхи «бахæрай. Цыхуызон сдæ уый? Бакæс-ма дæхимæ! . Бибо йæ мидбылты бахудти. ••ш —.Симды куы бацæуай, уæд дзы’ симын- хъæуы,— худгæйæ- йын дзуанп радта. — Æнæ улæфгæйæ симын æнæниздзинады хос нæу. Тæккæ* ацы къуыри цæугæ дæ фæллад уадзынмæ. — Уалдзæджы къæсæрыл... Дунейы. хъуыддæгтæ...— цыдæр- тæ .ма дзырдта Бибо, фæлæ фыццаг секретарь фæдзырдта обко- мы административон æмæ финансты хайады хицаумæ æмæ йын загъта: • . ■ — Бибойæи дыууæ мæйæн Кисловодскмæ путевкæ ссар, тæк- кæ абон. Бамбæрстай мæ? ■ — Омæ мæхимæ ис æхца,— бахъынцъым кодта Бибо. — «Æхца, æхца!» Адæймаг, адæймаг! Æхца лæджы тых- хæй у. Дæ бæсты уал дæ разы Уырызмæджы ныууадз, зонын æй* æз. Дæлæмæ не ’руадздзæн куыст, йæ сæр хорз кусы. Гъы, æцæг /æм цуæй-иу хатт цæхгæр митæ вæййы. Уый хорз бæргæ нæу, фæлæ сæрдары уæз куы бамбара, уæд сарæхсдзæн. Ныртæккæ^ мæ мацæмæй фæрс, ма<цы мæ кур, ни-цы дын зæгъдзынæн, ни- цы дын ратдзынæн. * * * Йæ ацæуыны боны размæ Бибо бадти правленийы стъольп уæлхъус. Йæ ны.хмæ та, дуарырдæм йæ чъылдым арæзт, афтæ- мæй бадти ныллæггомау, тъæпæнфындз æмæ сатæгсау рихи- джыи лæнпулæг. Уый уыдй, обкомы секрегарь кæй, кой кодта,, уыцы Уырызмæг. Али бадти стъолы ныхмæ, йæ тæккæ чъылдым- мæ та уæрæх къæлæтджыныл йæхи фæстæмæ ауагъта иог зав- хоз. Йæ дзых æгæр гыццыл куы нæ уаид, уæд æхсæвыссæн иу хæрд акæнид, зæгъгæ, кæмæй фæзæгъынц, фæлæ йæ хæ-рзарæхст- дзинад æмæ цырддзинады тыххæй «арт» кæй схуыдтой, уыцы Тохти. (Зæронд, пух рихиджын завхозы Бибо хæдзæрттæ ара— зæг бригадмæ баппæрста). Бухгалтер Вано йæхи стъолы цур~ бадти. Йæ армытъæпæныл йæ гæмæх сæр æруагъта, афтæмæй стъолмæ .касти æмæ хъуыста Бибомæ. Къулы рæбын морæ хъæ- дабæ цъарджын диваныл бадтысты дыууæ бригадиры. — Цы ма мæ зæрды уыди... зæхх... фаг нæу. Нæ ахсджиаг- дæр хъуыддæгтæй ма сæ тæккæ зындæр зæхх ссарын у,— дзырд- та Бибо, йæ разы цы сауцъар тетрад уыдп, уымæ кæсгæйæ,—■ фæлæ уый... мæнæ Кисловодскæй куы раздæхон... 150
— Æдылы лæджььзондмæ хъусæг куы уаид, уæд’æз бæргæ зонын, зæхх кæм ис, уый,—лыстæг хъæлæсæй загъта Тохти. — Ды цы зæхх зоныс, .уый кæйдæр зæхх у æмæ ууыл дзу- рын раст нæу,— дзуалп ын радта Али, фæстæм.æ ракæсгæйæ. — .Гъы, æмæ мах дæр нæ фос .кæдæм аздахæм, уый нын куы нæ ис. — Нæй, нæй. Тохти, уыцы зæххы тыххæй æз уыдтæн Мини- стрты Советы, æмæ мын загътой:' уый æндæр республикæйы зæхх у, дæтгæ дæр æй нæ кæнынц, ивгæ дæр. — Нæхи та бафыдæбон кæиын хъæуы зæхх ссарыныл. — Уæларвæн куыпнæ ’рхаудзæн зæхх! — баппæрста та йæ дзырд Тохти. — Уæларвæй нæ, фæлæ мæнæ пæ колхозы зæххæй фон- дзыссæдз гектарæй фылдæр пыхс æмæ сындз сæ быны скодтой. Гъеуый асыгъдæг кæнын нæ къухы куы бафтид... Фæлæ уый тыххæй фæстæдæр,— дзырдта Бибо, цыма йæхицæн дзуры, аф- тæ æнцадæй. Стæй йæ нуры чн уыди, уыдоныл йæ цæст ахæс- гæйæ хъæрдæрæй загьта: — Иу .æхсызгон хъуыддаг ма... Адæм тынгдæр тыхсдзысты, хьæдмæ, горæтмæ æмæ се ’ннæ æхсызгон хъуыддæгтæ, ц’æуыл .акæной, ууыл — транспортыл. Кæй ма суг хъæудзæни, кæй йæ ’фосæн холлаг а^рласын, кæй хъæдæй уис æрдавын йæ цæхæра- .доны кæрæттæм. Ис нæм дыууадæс уæзласæн машинæйы, иу рог машинай. Зæрдиаг кусæг адæмæй макæй зæрдæхудты ба- :цæут. Цалынмæ уалдзæджы куыстытæ нæ райдыдтой, уæдмæ всыи-иу авæрут машинæтæ, уæрдæттæ, бричкæтæ. Мæнæ, Уы- рызмæг, ацы тетрады фыст сты, цытæ ма иæ зæрды уыди, уы- дон, æмæ сæ-иу бакæнут, куыд хуыздæрыл нымайат, афтæ. Гъе, .æгъдауы тыххæй ма...— Нал фæци йæ ныхас Бибо. Дуар ныг- гуыпчындæуыд æмæ къæсæрыл бакъахдзæф кодта Буцки, фæ- .лæ сагъд дурау хъилæй баззади. Ныккастысты йæм иууылдæр. Исдугмæ ничи ницы дзырдта. Буцки Бибойы иунæгæй баййа- фынмæ хъавыди, фæлæ^ колхозы разамонджыты æмбырдæй куы баййæфта, уæд йæ пыфс фæсасти, кæд та хъæбатырдзинады тыххæй ахуыпп кодта, уæддæр. Хорз хъуыдытимæ кæй не ’рба- цыди Буцки, уый бамбæрстой се ’ппæт дæр. — А-а-а,— айвæзта йæ хъæлæс Тохги æмæ сыстади.— Бæ- рæгъуыиæй зынаргъ уазæг, мидæгдæр рацу, Буцки, табуафси, мæнæ дын хистæры къæлæтджып. Æфсæрмы ма кæп, сбад! Буцки йæм йæ иарст цæсгом фæзылдта æмæ йæ цæстытæ фæсырх сты. - — Дæ цыргъзонд ныхæстæ дæхицæн куы уадзис, демæ нæу мæ иыхас. — Табуафси, Буцки, æвæццæгæп, мæнмæ æрбацыдтæ. Хъу- 191
сын дæм,— сыстади Бибо æмæ Тохтимæ зулцæстæн акасти, ома, дæ дзыхыл ■ фæхæц, зæгъгæ. «Æнæуи правлеиийæ арвы талынгты куы лидзы, уæд æй абон цы фарпы къах æрбахаста», зæгъгæ, хъуыды кодта Бибо. Буцки уаты астæу лæууыди æмæ йæм йæ ныллæгкопд худы бынты зыигау судзаг цæстытæй ком- коммæ касти. Æппынæрæджиау загъта: — Хибарæй уыди демæ мæ ныхас, фæлæ ницы кæны, адо- ны цур дæр дыи æй зæгъдзынæн. Ды ардæм цæмæп æрцыдтæ? Фыд æмæ фырты кæрæдзиуыл ардауынмæ? Мæ фыд авд æмæ ссæдз азы кусы колхозы... . — Ды та дзы цал азы кусыс? — мидбылты худгæйæ йæ ба- фарста бригадиртæй иу. — Уып дæ хъуыддаг пæу æмæ дæ дзыхыл хæц! — цæхгæр загъта Буцки. — Хъусын дæм æз, Буцки,— загъта та йып Бибо. Лæпиу бамбæрста, цы фæпдимæ æрбацыд, уымæй йыи кæй ницы рауайдзæн æмæ фырмæстæй Бибомæ йæ цæстытæ ныдздзагъыр сты, стæй йæ сæр фесхъæл ис æмæ бату кодта Бибойырдæм, фæлæ уыцы минут дуарыл йæ сæры гуыпп фæцыди. Уырызмæг ныггæрах ласта Буцкийы уадул. Уый асхъиудта, фæлæ дуарæй фæстæмæ рауæз кодта æмæ, Уырызмæгыл йæхи пыццæвынмæ куыд хъавыди, афтæ йын дыууæ бригадиры йæ цæнгтыл фæхæст сты æмæ йын сæ фæстæмæ сыздыхтой, афтæ- мæй йæ æддæмæ раластой. Буцки бæстæ йæ сæрыл систа, цы нæ æлгъыст схауди йæ дзыхæй. Æрбамбырд сты адæм. Хъæу- советæй дæр рауадысты. — Цы хабар у ай? — бафарста хъæусоветы сæрдар. — Буцки Бибомæ æрбалæбурдта. — Тагъд æй сæвæрут машинæйы! — загъта хъæусоветы сæр- дар. Лæппуйы бæстытæй уæзласæи машинæмæ куы æргъæвтон, уæд бахæццæ Хъуыдæберд. Йæ лæдзæг йæ къухæй ахауд, йæ цæстытæ бамбæрзта йæ къухтæй, афтæмæй кауыл банцой код- та. Бибо йæм бацыд. — Хъуыдæберд... ма тыхс... зып дын у... Хъуыдæберды урс зачъетыл дæлæмæ згъæлдысты цæссы- джы æртæхтæ. Бибо фæдзырдта, Буцкийы машииæмæ чи сæр- гъæвта, уыдонмæ:, — Фæлæуут, ма йæ ласут! Хъуыдæберд разылди, йæ цæстытæ асæрфта æмæ сæм уый дæр бадзырдта: — Аласут æн, аласут.æп, цæстæй дæр мыи æй мауал фенын кæнут! О, худинаг, худинаг! Мæ цæсгом судзы дæ разы, Бпбо... Раст мып бауайдзæф кодтай... Мæхи аххос у... Лæвархор схъо- мыл кодтон. Афтæ загътон, кæд мын мæ зæронды бонтæ ба- 192
рухс кæпид, уаид мыи зæрдæны æицой, фæлæ...— Иæ къух ауыгъта Хъуыдæберд. , — Ды ныххатыр кæн, Бибо, кæд дæм уыцы фыдвæд исты æвзæрæй сдзырдта, миййаг,— загъта ма Хъуыдæберд, машипæ Буцкийы кæцырдæм аласта, уыцырдæм кæсгæйæ. — Тыхсгæ ма кæн, Хъуыдæберд. Сæфтыл мама нымай дæ фырты, иухатт куы уа, уæд æрæмбардзæи. Хъуыдæберд та йæ къух уæззау ауыгъта æмæ араст ис. — О, хæдæгай, Хъуыдæберд,— баурæдта йæ Бибо,— райсом дæм раджы бацæудзæп иу нывгæнæг æмæ дæ цы кура, уымæй йæ зæрдæхудты ма бацу, абад-иу йæ разы. Хъуыдæберд нæ сæр батылдта æмæ ацыди. # * # Дыууæ мæйы фæстæ Бибо Кисловодскæй æвæллад æмæ хæрзхуызæй куы схæццæ, уæд иу сæумæрайсом машииæйы фæ- цæйуади хъæдгæрæтты фæндагыл райкомырдæм. Иу æрхы суа- йæны баййæфта Буцкийы. Уый хуымæтæджы дарæсы, фæрæт^ йæ дæларм, афтæмæй фæцæйцыди иунæгæй. Разæй хъуысти,^ пыхс цæгъдынмæ чи фæцæйцыди, уыцы фæсивæды зарып. — Æрбабад, Буцки, бахæццæ дæ кæпон, кæд дард цæуыс,. миййаг,— машинæйы дуар фегомгæпгæйæ йæм радзырдта Бибо. — Нæ, мæпæ ардæм цæуып. Бузныг,— загъта лæипу, ахыз- ти фæндагæй иу’варс æмæ фæсивæды фæдыл æрх-æрхгацыди*. # # # Бибо Кисловодскы уыди дыууæ мæйы. Уыцы рæстæг Буцки та фæбадти ахæстопы. Сæ-дыууæйæн дæр стыр’ ахъаз фесты уыцы дыууæ мæйы. 13 *Гяхчл
АДÆМЫ ФЫДÆХ г ■ æвди стыр сходæи куыд æмæ кæдæм ацыди, уыи ни- чи бафиппайдта. Сходы адæм дарддæр ныхас кодтой ~колхозы хъуыддæгтыл, дзырдтой, царды стыр фæндагæй чи фæцудыдта, алы фæсвæдтæм лидзæг, къуырцдзæвæнмæ сайаг ■лыстæг фæндæгтæм чи здæхти, сæтæлæджы сыкъаджып зул- къау æрмæст йæхи хæдзары хъуыддæгтæ йæ сæрыл чи хаста, уыдоныл, колхозæн æрмæст фыдбылызы хос йедтæмæ пайдайы хос чи нал уыди, уыцы цалдæр адæймагыл. Гæвди сæргуыбыр, уæнтæхъилæй араст сыфтæрджын ныл- чпæг бæлæсты быиты дыргъдоны арфмæ, кауы сæрты ахызти æм,æ цæхгæрмæ уынджы сисы рæбынты ацыдн хъæугæроимæ. Стыр доны сæрмæ бæрзонд къардиуы былтыл уæлæмæ фа»зыл- дп æмæ йæ иичиуал уыиы, уый куы базыдта, уæд даргъ сан- чъехтæгæнгæ йæхи сарæзга хъæдырдæм. Цы судзгæ зæрдæйы уагимæ, цы змæст хъуыдытимæ цыди Гæвди, уæ мæ ’хæлар чиныгкæсæг, адæмы фарп макуы баф- тауæд дæу дæр æмæ мæн дæр ахæм зæрдæпы хъуырдухæп æмæ хъуыдыты тымыгъыл! Гæвдийы цæстытыл уадысты йæ сыхæгты, йæ хъæуккæгты тызмæг цæсгæмттæ. Иæ сæры магъзы брауау зылдысты сæ иу- гай тызмæг ныхæстæ: «Лæвархор!», «Колхозы фыдбылыз!», «Магуса!», «Спекулянт!» æмæ ма иоджы æидæр ахæм фидистæ æмæ æлгъыстытæ. Æмæ кæд уыцы фидистæ комкоммæ йæхи- мæ нæ хаудысты, кæд сæ фылдæр арæзт уыдысты Дзандармæ, ,Дзæрæхмæ æмæ иннæ ахæм лæвархортæ æмæ спекулянттæм, уæддæр ын судзгæ æхсидавау сыгътой йæ зæрдæ, йæ сæры магъз, уымæп æмæ уый дæр сходы адæмы раз лæууыди се ’мрæнхъ... Цæуы Гæвдп тагъд, сæргуыбырæй, йæ сæры та фыдызду- 194
хæитæ кæпынцйæ хъуыдытæ: «Цæмæи, цæмæн ссардтон адæ- мы фыдæх, цæмæн æрхаудтон ахæм мыггагмæ худинаджы бы- натмæ? О-о, худинаг, худинаг!.. Амæлæты худинаг! — зæгъгæ, иырдиаг кодта хъæрæй æмæ та фæстæмæ, ракасти... пичи йæ уыны, цичи йæ фехъуыста... йæ хъуыдытæ йæ æпцой нæ уа- дзынц.— Цæмæн фæзмыдтон адæмæн æлгъаг æмæ æнæуыиоп лæвархорты æмæ талынг къуымтæм лидзæг тæппудты?.. Цард æндæр фæндæгтæм куы аздæхти, æндæр ивылæнтыл куы ан- вылди... Фыццаджы цардмæ фæстæмæ аздæхæп куыиæуал ис„ уæд ма æз та фæстæрдæм хилаг хæрыны хæфсау кæдæм хи- лын сыдз-мыдзы?.. Цы цæстæй мæм ракастысты абон мæ ха бæстæ, мæ сыхбæстæ, фынддæс æмæ дыууиссæдз азы кæимæ фæцардтæн, цæхх æмæ кæрдзын кæимæ фæхордтон, уыдон... Æниу Бибо цытæ дзырдта... Хи хæдзарыл , фу-фугæнджытæм хицауад дæр иудадзыг бароны цæстæй кæй иæ кæсдзæн, кæй рацæудзæн лæвархортæ æмæ спекулянтты ныхмæ ахæм закъон, уый куы æмбæрстон... «Лæвархор», «магуса», спекуляит»,— уыцы иæмттæй иу дæр мæнмæ куы нæ хауы... Æз мæ къæхтыл* цæуынхъом куы фæдæн, уæдæй нырмæ сау куыстæй мæ уырг- тæ куы рафтыдысты, мæ игæртæ зæххыл куы фæхафтон фыр- куыстæй, уæд цæмæн æрлæууыдтæн уыцы магусаты æмæ лæ- ьархорты æмрæихъ?.. Æниу мыи кæй аххос уыди?.. Адæм уы- паг сты»„. Сæмхæццæ сты Гæвдийы хъуыдытæ. Йæ цыд кæны, куыд-- фæстæмæ тагъддæр, цыма йæ исчи фæстейы суры, цыма сходы бадæг утæп.пæт адæм йæ фæдыл кæсыиц æмæ ныл тутæ кæ-- мынц. Цыма уыцы тутæ судзгæ пæмгуытау йæ фæсоптьтя згъæлынц... .Хаттæй-хатт ракæсы фæстæмæ æмæ та уæд йэе цыд иоджы фæтагъддæр вæййы. Куыдфæстæмæ цæугæ нал, фæлæ згъорын байдыдта, раст æй цыма йæ райгуырæн хъæу сармадзаны .хъæлæсæй разыввыт ласта, уыйау. Фæлæ кæдæм, уымæн йæхæдæг дæр ницы зоиы. Æрмæст згъоры дарддæр, дарддæр хъæуæй, дарддæр адæмæй. Мачи йæ уына ацы худи- наджы тыхсгы сахат О, фæлæ бæстыл цъиуызмæлæг куы пæ зыны. «Æвæццæгхкп, хъæубæстæ, сывæллопæй зæронды ’опг стьг сходы... Иууылдæр мæм кастысты... Мæхи цот дæр, æвæццæ- гæп, стЫ’ уым»... Йæ сæры магъзы зилдух æмæ хъуырдухæн кæнынц хъуыдыты скъуыддзæгтæ кæрæдзи ивгæйæ. Бафæллад Гæвди... Бафæллад капд йæ къæхтæй нæ,* фæлæ иæ хъуыдыты хæстæй. Хъæуæй дзæвгар рахицæп. Фæхæццæ кæны хъæдмæ. Ацы бæрзонд къардиуы былты фæндагыл-иу хæрæгуæрдоныл арæх цыди иупæгæй, кæиæ йæ кæстæр лæппу Барысбиимæ, хъæды æрдузты цы картофы æмæ нартхоры хуымтæ бакодта, уыдоныл кусыпмæ. Иæ ахуыр фæндаг у уы- 195-
цы нарæг фæндаг. Уæртæ хъæуы хуссарварсырдыгæй та стыр быдырхæм цæуынц уæрæх фæндæгтæ. Уыцы фæндæгтыл т.а-иу цыдысты бирæ адæм колхозы быдыртæм. Кæддæр-иу уыцы •адæмимæ цыди йæхæдæг дæр. Куыста зæрдиагæй, кад ьш уыди -адæмы æхсæн. Хаттæй-хатт-иу мæсты дæр кодта колхрзы иуæй- пу хъыддæгтæ æмæ æдзæллаг куыстытыл, фæлæ-ну уæддæр уыди адæмы æхсæн, йæ зæрдæ иунæгæй сау марой никуы кодта иæхиуыл, мæнæ ныр муыд кæны, афтæ. Иæ масты хъуыдытæ •æддæг-мидæг нйкуы ауадысты хæрисы уидæгтау, ныр куыд ауадысты æмæ кæрæдзиуыл куыд тыхсыпц, афтæ. Ныр мæпæ .лидзы хъæдырдæм æмæ фæстæмæ фæкæс-фæкæс кæны, цыма йæ исчи фæстейы къахдзæфæй-къахдзæфмæ сургæ кæныи уыйау. Уæдæ йæ чи суры? Йæ фæдыл куыничи згъоры, кæмæй лидзы хъæдмæ? Йæхицæп лидзы, йе ’фсармæй! Æмæ нскуыдæр ма хицæй, хи æфсармæй алидзæн ис? Йæ æнæдаст уадултæ схуылыдз сты хидæй. Йæ гуыбыр фыидзыхъæлæй дæлæмæ æртахгай хауы хид. Тыхулæфт кæны Хæвди. Бафæллади бынтондæр æмæ иыллæууыд. Иæ алфамбы- 1лай йæ цæст ахаста æмæ куы никæй федта, уæд æрбадти ду- рыл. , Бæрзонд къардиуы бынæй ивылд дон гыбар-гыбур кæны. .УнрагДуртæ хойы кæрæдзиуыл, йе змæст æмæ сау лакъоп уы- лæнтæй æхсыиы йæ къæдзæх былтæ. Йæхн дурыл куы æруагъта, йæ нымæтхудæй йæ цæсгомы :хид куы ныссæрфта, æрмæст уæд бафиппайдта Гæвди доны уыиæр/ Адæймагæи стыр маст, мæт æмæ фæсмоиы сагъæстæй йæ зæрдæ куы фæсудзы, йæ сæры магъз алы цыргъ масты хъуы- дытæ ивылд доиы змæст уылæнтау куы свæййынц, уæд ницы- уал фæхъусы, пицыуал фæфиппайы. Иæ цуры сармадзантæй куы æхсай, уæддæр сæ нал фехъусы, нал фæхъуыды кæны. Раст афтæ уыди Гæвди дæр. Æрмæст иучысыл, иу минуты æр- дæджы бæрц бафиппайдта ивылд доиы уынæр, стæй та, цы дурыл бадти, уый кæд псты æмбæрста уыцы уынæрæн, уæд ма йын Гæвди дæр æмбæрста. Бирæ фæбадти Гæвди къардиуы сæр дурыл. Хур дзæвгар акъул йæ пыгуылæнырдæм, уæддæр ма бадти æмæ зæхмæ кас- ти. Йæ зæропд цырыхъхъыты хъустыл уæлæмæ хылдысты лыс- тæг мæлдзыджытæ. Касти сæм, уыдта сæ, фæлæ сæ- йæ сæры магъзæй нæ уыдта, хъуыды дæр сæ нæ кодта. Æппынæрæджи- ау, йæ буар ып æлхысчъытæ кæнын куы байдыдтой, уæд куыд- ,дæр æнæмбаргæйæ базмæлыди. Стæй та йæ цыдæр æнæуыпгæ^ æнæмбаргæ тых систа дурæй æмæ та араст ис хъæдырдæм. Л96
* * * Стыр къардиуы уæлбылты фæндаг тæккæ хъæды кæрон тæссарыл ныххизы дæлбылмæ. Доиы былты бауайы дзæвгар комы фæндагыл æмæ бахизы фæрв атагъамæ. Уый у хъæд- .дзауты фæидаг. Фæлæ гъе, тæккæ фæуырдыггæнæны галиуыр- .дæм асаджил’ис лыстæгдæр фæндаг. Уый дзæвгар бауайы пых- сы, стæй хъæды. Бахæццæ вæййы иу стыр адагмæ æмæ ууыл -схизы хуссарварс иу уæлвæзмæ. Уæлвæзы ис бирæ хъæддаг дыргъ бæлæстæ. Дыргъ бæлæс- тæй бауайын хъæуы иу-дæс æмæ ссæдз метры æмæ бахæццæ уыдзынæ æндæр, хуссарырдæм тæссаргомау æрдузмæ. Æрдуз у дыууæ дихы хъæддаг кæрдо бæлæсты къохæй. Кæддæр сæ адæм хуыдтой Дыууæ æрдузы. Уыцы дыууæ æрдузы æдæппæ- тæй уыдзæни зæхх гектар æмæ æрдæджы бæрц. Раджы кæддæр дзы-иу хъæдгæстæн уыди картоф сагъд æмæ сæ бæхтæн нарт- хор конд, фæлæ сæ ныр иу-фынддæс азы ничиуал бакуыста. •Зæрæстопæй баззадысты æмæ сыл калм иæ абырыдаид, ахæм хæмпæл дзы зайын байдыдта. Зæхкусæг лæг хорз зæхмæ кæддæриддæр цыбæл кæм нæу. Бирæ чидæртæ-иу бахæлæг кодта уыцы æрдузтæм, фæлæ сæ -райсынмæ йæ ныфс ничи хаста. Æхсæз азы размæ Гæвди уыцы æрдузтæ афæлдахын кодта кæмæпдæр. «Фыдæвзæгтæ» куыд дзырдтой, афтæмæй, дам, ыи •<сæ хъæдгæстæ ауæй кодтой æмæ, дам, ын сæ фæлдахгæ дæр сæхæдæг акодтой. Хъæдгæсты хъуыддæгтæ зын равзарæп сты. Кæддæр-иу сау _хъæды сау хъуыддæгтæ дæр кодтой æхцайы тыххæй, фæлæ ацы хатт куыд уыдн, цы уыди, уый ничи зоны. Адæм уал базыдтой, равзæрстой æмæ федтой, Гæвди уыцы æрдузтæ йæхи хæдзарæн кусын куы байдыдта, уæд колхозæй кæй атæссопд æмæ йæ зæрдæ уыцы æрдузты кæй фæдзæгъæл, уый. Фарон уыцы æрдузты æрзади æрдхæрæны нартхор æмæ картоф. Гæвдийы цары ма дзы ныр, сæрды астæу дæр ис иу- .æртæ тоннæйы æнæзгъæлдæй. Ставд нартхæрттæ, дам, йæ са- райы хъайвантыл æвæрд кауты хуынчъытæй дæлæмæ кæсынц. Каутæ, дам, иартхоры уæзæй дæлæмæ æртасыдысты. Суанг^ма, дам, дзы æндæразы нартхорæй дæр ис. Уæй дæр, дам, дзы фæ- .кодта, сыхбæстæй хорхъуаг чи баййæфта, уыдонæн. Ноджы картоф ацы аз ауæй кадта иу-ссæдз голлагæй фылдæр. Картоф .ныртæккæ дæр ма ис йæ ныккæнды, разади, дам, раст, дам, урс хæмпæл сси. Фесæфти. Уæдæ йæм фос дæр ис. Дыууæ хъуджы, цалдæр фысы æмæ хæрæг æд уæрдонæй. Маргъ — кæрчытæ, го- хызтæ. Гæвдимæ, дам, æхца дæр бнрæ нс, фæлæ йын йæ уæлæ хуы- 197
зæп дарæс никуы ничи ф.едта. Цæрынæй-хæрыимæ нæ сæдæ зæбулы иу æндахыл хæссы. Еууы кæфой йыл куы бакалай, уæд дзы иу гага зæхмæ нал æрхаудзæни, зæгъгæ, дзурыиц хъæу: бæстæ. Фæстаг цалдæр азы йыл уынынц кирзхъус зæронд цы- рыхъхъытæ, бæзджын брезент кæттагæй хæлаф æмæ къурткæ. Йæ сæрыл зæроид фæныкхуыз нымæтхуд. Зымæг дæр уыцы кæттаг дзаумайы цæуы æмæ сæрд дæр. Гъе æрмæст ыл зымæг йæ нымæтхуды бæсты вæййы, чи ныллæгуыи ис, ахæм хъус- джынхуд. Иæ хъустæ зæронд хæрæджы хъустау æдзух дæлæ- мæ зæбулæй. Иуцыбырныхасæй, хæрæгау кусгæ кæпы, фæлæ дзы йæ цард хæрæджы цардæй хуыздæр пæу. Уæдæ йын йæ биноиты дæр ничи фендзæн аив арæзтæй. Йæ ус Дзегыдæ иыр цалдæр азы цæуы иу гæрæзе къабайы хæр- рæгъы, ихсыд-зæвæт туфлиты. Суаиг ыл мæрддзыгойы цæу- гæйæ дæр никуыма ничи федта аив сау дарæс. Æмæ цæугæ дæр арæх никуыдæм кæны. Раджы кæддæр, дам, уыди саурæ- сугъд, хæрзарæзт хъал чызг. Йæ заманы лæппутæ ма йыл зарæг дæр скодтойз Ой, æрцæуы та пын, æрцæуы бæрæгбон. Он, æмæ та нын Дзегыдæмæ чн кæсдзæни, Ой, æллæх, Дзсгыдæ лæппутæн — фыдæбон! Ои, тæхудиаг æмæ Дзсгыдæйы чн хæсдзæни! ,Фæлæ, дам, æнæ фидыдæй Гæвдиимæ фæхæццæ æмæ йыл за- рæг дæр уымæи акодтой. Уый тыххæй ма зарæджы уыди ио- джы туагдæр ныхæстæ, фæлæ ферох сты адæмæй. Дзегыдæйæи йæ дари базыртæ сисгай азгъæлдысты Гæвдийы хæдзары æмæ, кæддæр хæххон, æхсинæджы хуызæн уа^вгæйæ, ныр донхуызба- зыр халоиæй агæпп ласта. Дзегыдæ нæ уыди абоны æмбырды дæр. Нæ федта, йæ лæг æгас æртæ хъæуы колхозон адæмы раз худипаджы бынаты куыд лæууыди æмæ йæм адæм цы æлгъы æмæ тызмæг цæстæй кастысты, уый. Гæвди æмæ Дзегыдæйæн ис дыууæ лæппуйы æмæ иу чызг. Иæ хистæр лæппу Гæбæцци ис æфсады. Хъуамæ рæхджы фæуа йе службæйы рæстæг æмæ раздæха йæ хæдзармæ. Ус ын ку- рын хъæудзæн, бирæ æхца, бирæ фæлхас ын бахъæудзæн чындз- æхсæвæн, зæгъгæ, иу хатт æмæ дыууæ хатты нæ ахъуыды кæиы йæхинымæр Гæвди. Сæ чызг Фирузæт каст фæци мединститут æмæ хæрз æрæ- джы афардæг Казахстаны быдыртæм дохтырæй. Бирæ йып фæ- дзырдтой мад дæр, фыд дæр, ам >]æуу, нæхи Иры ссардзынæ куыст, суаиг æм додой дæр бакодтой, фæлæ уæддæр сæ коммæ 198
лæ бакасти. Йæ мад æмæ йæ фыды дзыхæй æиæ «фæндараст» ►фехъусгæйæ ацыди. Сæ кæстæр лæппу Барысби та сæ хъæуы астæуыккаг скъо- лайы ахуыр кæны. Ауалдзæджы бахызти дæсæм къласмæ. Уый уыди абон стыр сходы, лæууыди æддоз кæрдо бæласы æнцой æмæ æпæуынон цæстæй касти уый дæр Дзандар, Дзæрæх æмæ ма пннæ ахæм лæвархортæ æмæ спекуляиттæм. Иæхи фыд дæр уыдонимæ нымад у, уый иæма зыдта. Фæлæ колхозы сæрдар Бибо куы скодта Гæвдийы кой, уæд фестъæлфти, æгасæй хъус фестади æмæ бæласмæ йæхи нылхъивгæйæ хъуыста. Бибо куы дзырдта, колхозон Гæвди йæхи хæдзары къусчы бабырыди, колхозы пал кусы, æмæ ма ноджы куы загъта адæмæи, колхо- зæн фыдбылызы хос йедтæмæ пайдайы хос иал у, худинаг дын .уæд, худинаг, Гæвдн, зæгъгæ, уæд йæ цæсгом асырх. Ноджы ма айхъуыста адæмы тызмæг пыхæстæ: «Хъæды холыхор ха- лон!» «Хъулон уыры!» æмæ æидæр ахæм фидистæ. Фырхуди- пагæй йæхи цы фæкодтаид, уый иал зыдта. Нрджы пæ фыды цæсгом тæригъæддаг æмæ скæуынæввонг гæлиртæй куы ауыд- та, уæд цæхгæр фæзылди иииæрдæм, йæ фæсонтæ бæласмæ са- рæзта æмæ афтæмæй лæууыди. Йæ зæрдæ цæлхъ-цæлхъ кодта йæ риуы. Йæ фыды ныхæстæ: «Хуыцауæй курæгау уæ курыи, ма мæ банымайут Дзандар æмæ Дзæрæхы хуызæттыл... Зонын æй, æлгъаг æмæ уып æнæуынон сдæн мæхи аххосæй... О, цæй зын, цæй зын у уæ разы къæмдзæстыгæй лæууын»... Уыцы кыхæстæ Барысбнйæн уазал доиы æртæхтау хаудысты йæ судз- гæ зæрдæмæ. Йæ цæсгомы царм æрбампылди, йæ кæуын йæ былалгъмæ схæццæ, фæлæ йæ не суагъта. Дарддæр хъусын нал бафæрæзта æмæ тарст тæрхъусау астъæлфти сходæй. Йе згъорд иæ баурæдта суанг хъæугæронмæ. Бæрзонд къардиуæй йæхн нывзылдта æмæ тæккæ доны был змисы йæ фадхъултæм лыссагъди. Йæ амонд уыди æмæ дуртыл не ’рхауди, уыййедтæ- .мæ ныппырх уыданд. Змисыл афтæ сагъдау бадгæйæ баззади л-мæ æнæуынгæ цæстæнгасæй касти ивылд доны змæст уылæп- тæм. Куыдфæстæмæ йæ зæрдæйы цæлхъ-цæлхъ фæсабырдæр. Уæдмæ хуылыдз змисы уымæл схъардта йæ буармæ. Сыстади æмæ дуртæ уыцы мæстыйæ калын байдыдта. Уымæй афтæ зæр- диагæй кодта уыцы куыст, цыма йын атæппæт маст уыцы дур- тæ бауагътой йæ зæрдæйы. Фæлæ уæддæр йæ маст æмæ йæ тыхст уымæй къаддæр нæ кодтой. Цыма йæ риуы судзгæ æхси- дав ныххауди, йæ сæры та цъæх арт пиллон ауагъта, афтæ уыди Барысби йæ фыды абоны худинаджы уавæрæй. Куыддæр, йæхæдæг дæр кæй нс ’мбæрста, ахæм химидæг -æфсармæй сыгъди йæ цæсгом. Цыдæр стыр худинаджы маст .æй иу ран æрбадын, йе æцлæууын нæ уагъта. Æппынфæстаг 199
фелвæста ^йæ башнкæтæ, йе скъолайы формæйы хæлаф æмæ* астæуæй дæлæмæ бæгънæгæй бабырста ивылд доны. Доны уы- лæнтæ йæ схуыстоп дæлæмæ, йæ астæумæ схæццæ сты, фæлæ- сæм сарæзта йæ галиу сип. Йæ батинкæтæ æмæ йæ хæлафыл, йæ галиу къухæй хæцгæйæ хъавгæ цыди. Дæлæмæ-дæлæмæ йæ* атардтой доны уылæптæ. Дыууæ хатты иыццудыдта. Мæнæ- мæнæ ныххаудзæн стыр доны змæст уылæнты, æмæ нæ сæ бы- ны анорддзысты, фæлæ не ’рхауди. Мæстджын лæг хъæбатыр æмæ домбай вæййы. Тыхамæлттæн аирвæзти доны фаллаг фарсмæ æмæ сакъадахы сыпдз атагъамæ бацыди. Уыцы бон стыр сходы æвдисæн цæмæп уыди, йæ фыды цы худинаг æмæ тæригъæддаг быиаты федта, йæ фыды тыххæй бирæ адæмæй цы фидистæ фехъуыста, уыдоп стыр хъæдгомы. иостæй баззайдзысты æхсæрдæсадзыд Барысбийы зæрдæйы.. Гъе, Барысби доиы куы фæцæйлæгæрста, тæккæ уыцы рæс- тæг Гæвди та къардиуы уæлбылты фæцæйауди. Иу æхсгæ кас- тæп æй ауыдта, фæлæ йæ нæ базыдта, иæ йæ фæхъуыды кодта,, уымæн æмæ ууыл иæ уыди. Гæвди схæццæ, хъæды кæрон фæндаг коммæ кæм .фæуыр- дыг кæны, уырдæм. Уым иу минут алæууыди дызæрдыгæй, пыу- улæфтытæ кодта. Йе змæст хъуыдытæ йæ хастой коммæ, фæрв. атагъайы тармæ, хибармæ. Фæлæ пæ ацыди ууылты. Цæхгæр фæзылди æмæ бацыди лыстæг фæндагыл пыхсбынмæ. Бахæццæ^ стыр адагмæ æмæ уайтагъд схæццæ æрдузтæм. Æрдузты кæрон пыллæууыд. Банцой кодта хъæддаг кæрдо бæласыл æмæ ис- дугмæ тыхулæфтгæигæйæ касти, йæ сурхид кæуыл фæкалдта: уалдзæджы дæргъы, уыцы иартхоры хуыммæ. Нартхор сфар- дæг ставд-зæпгæй, йæ тарцъæх уæрæх сыфтæ хæрдмæ сæхи ивæзтой. Уыдысты хæрзкуыст, сæ быны нæ зыиди кæрдæджы хал. Кæсы фалдæр иннæ æрдузмæ. Уым та йæ картоф у диди- нæг æфтауынæввонг. Кæсы сæм, фæлæ диссаг, тæккæ знон дæр ма сыл куыд цин кодта, афтæ сыл иал цнн кæны. Нæ фæлæ ма йæм афтæ кæсын байдыдта, дыма йын давæггаг сты, цыма йæм йæ алы иартхоры бæласы сæрæй кæсы йæ сыхаг æмæ йып уайдзæф кæны, ацы хъæздыгдзинад давгæ ракодтай, зæгъгæ. «Ацы зæххы гæппæлтыл баивтон мæ хъæубæсты, мæ сыхбæсты хæлардзинад... Ацы æрдузты тыххæй райстоп мæ адæмы фы- дæх... Цæмæн? Кæрдзын мын хæрынæн нæй, миййаг? Мæ нык- кæнды мæ картоф куы фесæфт, мæ цары куы ныдздзæгæрæг мæ ’дыууæ азы нартхор... Цæмæи, цæмæн райстои уæд адæмы фыдæх, паддзахады фыдæх?.. Цæмæн фæхицæн дæн адæмæй?» Гæвди цæхгæр фæзылди æмæ хуымты астæуты, нартхорьь 1200
зæнгтæ нæ къæхты бын ссæидгæйæ базгъордта йæ халагъудмæ, раскъæфта цæвæджыйас рувæи æмæ, раст хосгæрдæг йæ цæвæ- гæй бæзджын кæрдæг куыд рариуыгъдтытæ кæны, афтæ ралæу- уыди нартхоры бæлæстæ цæгъдыпыл... Иу хатт фæстæмæ фæ- касти æмæ ауыдта — йæ фæдыл судзаджы мæрдтау дæргътæй .лæууыдысты, тæккæ знон дæр ма сывæллонау кæй рæвдыдта, сæ кæрдæджы хæлттæ кæмæн тыдта, губакк кæуыл кодта, уыцы нартхоры бæлæстæ... Æрра кæиын байдыдтон, æви ай цы митæ кæнып, зæгъгæ, йæхицæн фæтарсти æмæ уæд йæ тых цы карста, уымæй ныззыввытт ласта йæ рувæн, йæхæдæг уыцы тых- рпуыгъдæй иыццудыдта. Хаугæ пæ акодта, фæлæ йæ йæ уæз ахаста тæссар-тæссар æмæ та нартхоры бæлæстæ йæ къæхты •быи ссæидгæйæ бахæццæ йæ халагъуды цурмæ. Уым архауди •бæл’асы кæлдымыл æмæ тынг ныдздзой кодта, фæлæ йæхи бау- рæдта. Иæ сурхид йæ къæхты бынæй акалди. Химидæг хъуыр- .духæн æмæ фыр цыдæй йæ хъару асасти. Бынтоп æрлæмæгъ æмæ афтæ уæнгуагъдæй баззади кæлдымыл бадгæйæ. Хур аныгуылдн. Йæ сырх тыитæ ахуыссыдысты нæ хæхты ’сæрты. Хъæд æрталыиг. Æрмæст ма уæллоз арвы ирдæй æрдуз уыди чысыл зыиа-нæзыпа рухс. Фæлæ ма уæддæр хъæды дис- ’саджы цард тылди йæ цалхыдзагæй. Мæргътæ бæлæсты æхсæн- ты ратæх-батæх кодтой, алчи сæ агуырдта йæ ахстоп. Сæрды- топ хъæды симфони хъуысти алы диссаджы хъæлæстæй, уы- нæртæй. Куыдфæстæмæ сабыр кæпын байдыдта бæстæ. Гæвди уæдмæ фæбадти йæ халагъуды дуармæ. Фынæй ба- ци, æви цæмæн æнхъæлмæ касти талынгмæ? Ацафонмæ æдде куы ппкуы баззади. Нæ, фыпæй нæ баци. Кæсгæ кодта. Æга- •сæй къæлæтау иыггуыбыр æмæ æдзыпæгæй касти йæ размæ, фæлæ уыигæ пицы кодта, нæ бафиппайдта, хур куыд аныгуыл- ди, ’ уый дæр, афтæмæй базырсаст халопау зыбыты иунæгæй бадти æмæ бадти. Суанг йæхи зоныихъом куы фæни, уæдæй йæ абоны бонмæ йæ цард бонгаи, афæдзгай, суапг лыстæг хабæртты оиг йæ -зæрдыл æрлæууыди, йæ цæстытыл ауади. :?: * * «Æмæ цы федтон цардæй? — фарста йæхи.— Ницы...— радта .нæхицæп дзаупп.— Мæ цæргæбоиты хæрæджы куыст фæкодтон. Хæдзæрттæ сарæзтон, даргъ саратæ аскъæрдтон, сæ алфамбы- .лай сын дурæй бæрзонд бырутæ самадтон, фæлæ кæй æмæ цæ- 31 æн хъæуыпц уыцы саратæ æмæ бырутæ?» Гæвдийæн йæ фыдæй баззади тъæпæисæр хæдзар хохы, '<01
дыууæ галы, цыппар хъуджы æмæ дæс æмæ ссæдз фысы. Иæ* хæдзар хохы ныууагъта. Йæ хистæр æфсымæр Хъуырманимæ ралыгъди быдырмæ. Дыууæ галы, дыууæ хъуджы æмæ фыстæ ауæй кодтон. Балхæдтой дыууæ кусæг бæхы, хорз бричкæ сыи сарæзтой æмæ, ехх, йæ, уæ мардзæ, зæгъгæ, æхсæв-боп нæ* хыицгæйæ райдыдтой кусын. Ластой дур, ластой чъыр, хъæдæй ластой хъæддзаума. Хистæр æфсымæрæп уæззау хъæдтæ лас- гæйæ хъæды кæмдæр йæ тъаиг аскъуыди æмæ йæ йе ’мбал хъæддзаутæ æрластой мардæй. Гæвди иунæгæй сарæзта хæ- дзæрттæ. Йе ’фсымæр кæд иал уыди, уæддæр ын уæтты хуыз- дæр сиысаи кодта. Хъуырманæн куырдуаты баззади йæ барæв- зæрсты къай, æмæ уымæн дæр йæ зæрдæ балхæныны тыххæй’ бакодта афтæ. Йæхæдæг æрхаста йæ чындзаджы æмбалы, Дзс- гыдæйы æмæ æцæг æмбисоид та уæд фæци кусыпмæ. Уалыимæ сарæзтой колхоз. Гæвди йæ дыууæ бæхы æмæ бричкæимæ ба- цыди колхозмæ. Куысты йæхи удыл иикуы бацауæрста. Уыди,, колхозы астæуыккаг цæджындз кæй хуыдтой, уыдопæй иу. Уалынмæ, райдыдта хæст. Йæ хистæр лæппу Гæбæцци къа- хыл ауади, йæ чызг Фирузæт та ма хъæбысы уыди, афтæмæй сæ ныууагъта. Мæпæ ныр дæр йæ цæстытыл ауади, хæстмæ цы бон цыди, уыцы бон Дзегыдæ йæ цæссыгтæй йæхи куыд æхсад- та, уый. Цыппар азы фæстæ ссыди хæстæй цыппар цæфы æмæ дыу- уæ орденимæ. Райдыдта та пннæ адæмимæ хæлд колхозы хæ- дзарад йæ къахыл слæууын кæпыпы куыстытæ. Фæлæ колхозы хицауады митæ нæ зæрдæмæ иал цыдысты æмæ уæд йæхи æд- дæдæр-æддæдæр ласып байдыдта. Нæ йæм фæдардтой сæ цæсг хицауад дæр. Схуыст ныхас, уайдзæфæй дарддæр сæ лæгьз дзыхМ иыхас нал хъуыста. Ноджы колхозы фæзыиди, алы цæстфæлдахæн митæй, æнæ зæрдиагæй кусгæйæ дзæбæх- дæр чи царди, ахæмтæ, æмæ уæд колхозы куыстмæ йæ- зæрдæ нал лæвæрдта. Йæ куыст скодта йæ цæхæрадон. Суанг колхозы пог хицауад куы фæзыиди, уæддæр нал цыди колхозы быдырмæ. Бибо йæхи хъæуккаг, йе ’мхуызон кусæг уыди, пар- тийы уæпг, бирæ йæ уарзта йæ раст куысты тыххæй, фæлæ йын уæддæр йæ~дзырдæи фыццагау аргъ нал кодта. Нал ыл æууæн- дыди. Иæ цæхæрадоны куыстытæ-иу куы фесты, уæд-иу хъæдыр- дæм йæхи айста, уым кодта кауы михтæ, хъæдуры хъилтæ. Хæ- рæг балхæдта æмæ-ну сæ хæрæгыл æрласта. Иубон хъæдгæсты æрдузтæм сæфтыди. Зæрæстонæй сæ куы федта, уæд ныхъхъуыды кодта уыдоп йæхицæн бакæнын. Хъæд- гæстимæ бапыхас кодта æмæ йын сæ уыдои æхцайыл афæлдæх- той. 202
- Гъеуыцы бонæй фæстæмæ уыцы æрдузтæ систы йæ фæрныг- дзинады суадон. Боп дæр уым куыста, æхсæв дæр уым. 1 «Æмæ цæмæ æрхаудтон ныр?» — æрбалæууыди та абоиы сход йæ зæрдыл æмæ фестъæлфти. «Мæ хъæу мыл бахъоды кодтой, ног закъонмæ гæсгæ мæ хъуамæ æд биионтæ сыстып кæпой æмæ мæ ахæссой, уымæн æмæ, цы колхозы зæххыл цæ- рын, уымæн фыдбылыз йсдтæмæ пайда иал дæи... Адæмы фы- дæх мæхимæ раздæхтон»... Иæ сæр иыттылдта æмæ йæ къух- тæй йæ цæсгом бамбæрзта. Стæй æриста йæ къухтæ йæ цæсго- мæй æмæ акасти йæ алфамбылай. «Цæй талынг æрци»,— загъ- та йæхинымæр, фæлæ та уæддæр пæ сыстади. Цыдæр уæззау <сагъæстæ ма йæ сæры хъуырдухæн кодтой æмæ сæ хæст, æвæц- цæгæн, нæма ахицæн. Акасти та фæйнæрдæм, йæ цæстытыл та ауадысты абопы хабæрттæ... «Зыбыты иунæг... Сау хъæды халопау иунæг... Сау хъæды халопау иунæгæй баззадтæн... æмæ адæмы фыдæх мæ фæдыл афтæ куы бафта, уæд ма мæ цард циу? Уæд мæ цотмæ дæр цы цæстæй ракæсдзысты»... Стыр тасы бацыди йæ зæрдæ, мæлæты тас нæ. Мæлæтæй нæ тæрсы, фæлæ иунæгæй, адæмæй хъодыгоидæй, мыггагмæ худииагæй. Ныхъхъуыста, йæ сæрыл дыууæ къухæй хæцгæйæ, стæй уæд æвиппайды фестади, цыма стыр паддзахады хъуыддаг алыг кодта æмæ йæ тагъд æххæст кæнын хъæуы, уыйау æмæ тыхджын къахдзæфтæй рараст. Хъæд уыди саудалынг. Къалиутæ йаш лæбурдтой æмæ йыи тыдтой йæ цæсгом, ахауди йæ худ дæр, фæлæ йæ ссардта. Цъæррæмыхстытæй рахызти хъæдæй æмæ уайтагъд æрхæц- цæ хъæуы сæрмæ. Æрцæуæн ын уыди астæуыккаг стыр уынгыл комкоммæ, йæ хадзар ис ’уыцы уынджы. Фæлæ лæгтæ суанг .æнафонмæ фæбадыиц уынджы. Нæ йæ фæнды, ныртæккæ йæ исчп фена, уый. Хъæуæй та зыны дзæвгар рухс. Æмæ уæд азылди хъæуысæрты. Хъæуæн йæ кæрæтты пыццæудзынæн æмæ талынг цæхгæрмæ уынгыл баздæхдзынæи нæхимæ, зæгъгæ, уы- цы фæпднмæ фæтагъддæр кодта йæ цыд. :Н * * Хъæуæн йæ хуссарырдыгæй ис гыццыл дзуары къох, иу гек- тары бæрц. Ис дзы тæрс, кæрз, тæгæр, хæрис æмæ сусхъæд бæ- лæстæ. Бæлæстæ æпæ хъыгдарæгæй сфардæг сты. Сæ астæумæ куы бацæуай, уæд мæнæ æцæг хъæды хуызæн у. Къохы кæрон, хъæуырдыгæй ис тулдз бæлас. Уыцы бæласы рæбынмæ хъæуы зæронд лæгтæй иукъорд афæдз иу хатт цæуынц кувын- мæ. Гæвди алы аз дæр йæ æртæ чъириимæ уым вæййы. Уырны йæ, уьщы тулдз бæласы рæбын исты сыгъдæг тых ис, уый. Хъæузæды дзуар æй хоиынц. Мæнæ йæм æрхæццæ кæпы. Бæ- 2(П
лæсты къох æм тарæй зыны. Иæ худ систа æмæ зæрдиагæй ба- куывта: «Уæ иæ хъæуы зæдтæ æмæ дауджытæ, ма мæ фесафут,. бахизут мæ хъæуы фыдæхæй». Кæройнаг бæлæстæй, иуы рæ- бынмæ бацыди æмæ кæрдæгыл йæхи æруагъта. «Хъæуы рухс уал чысыл фæмынæгдæр уа, стæй мæ фæллад дæр суадзон»,— загъта йæхинымæр æмæ йæ ных асæрфта йæ хъæбæр кæттаг дысæй. Къохæй пæ хъуысти цъиуты уасын. Уыди сабыр, фæлæ* дзы æвиппайды йæ хъус ацахста хъыллист. «Ай цы хабар уа? Ацафоп ма дзуары бын чи хъуамæ уа? Хæлынбыттыртæ уаик- кой æмæ уæд тæхгæ дæр кæииккой»,— хъуыды кæиы йæхины- мæр. Фæлæ та хъыллист фæцыди йæ тæккæ дæле, тулдз бæла- сы бынæй. Йæ хуыцау, табу дæхицæн, зæгъгæ, та куыд акуыв- та, афтæ йæ хъустыл ауади нæлгоймаджы хъæлæс. Уæдæ уым чи уыдзæии, зæгъгæ, пæ цыппæртыл бахылди хæстæгдæр дзуа- ры бæласмæ. Ноджы йæ хъустыл ауади цæйдæр хъуырдухæны уынæр. Хъуырдухæиы уынæр куы фенцайы, уæд та райхъуысы куы нæлгоймаджы, куы сылгоймаджы хъæлæс. Уынæр æмæ- хъæлæстæ хъуысынц хæстæгæй, фæлæ дзы цытæ цæуы, уый Гæвди уынгæ нæ кæны. Бахылди ноджы хæстæгдæр æмæ æдзы- нæгæй кæсын байдыдта. Талыпджы цыдæр æнæбæрæг змæлдты- тæ æмæ ныхæстæ. — Фæлæуу-ма, бнрæгъы лæбурд мæм цы кæныс? — Мæнæн лæууæнтæ нал ис. Райсом мæ ам нал фендзыиæ. Лидзгæ ракодтон, зæгъгæ, дын куы загътои. Райсом мæ, зæгъ- ын, пал фендзынæ. — Фендзынæн. Ардæм та дæ хъæуы. — Нал. Федтай абоп, Дзæрæхы фæдæлæ кодтой. Райсом мæн дæр таппызайраг бакæндзысты. Ды мæ расай-басай фæ- кодтай, дæхимæ мæ пæ уагътай, мæ тæссаг куысты фыдæбопæн мыи æхца цас æмбæлдп, уыйас никуы радтан. — Ратдзыиæн дын æхца. — Нæ, æхцайы тыххæй фæстæдæр. Ныр мæ дæхæдæг хъæ- уыс... Цæй-ма, æрфистæг кæп дæхи... — Уæдмæ дæр уал... ма ’внал! Гæвди хуыссыди дæлгоммæ æмæ улæфгæ дæр пал кодта, афтæмæй хъуыста ацы ныхæстæм. Базыдта сæ. Уыдон уыдысты Дзандар æмæ Жаиет. «Цы æлгъаджы митæ кæпынц сыгъдæг кувæидоиы бын... Æнаккаг митæ. Цæуылпæ сæ æргæрах кæиы, æмбал кæмæн пæй, уыцы иунæг хуыцау?..» — дзуры йæхипы- мæр Гæвди, фæлæ дыууæ адæйма.джы дзуары бын дарддæр кодтои се ’нæуаг митæ. — Цæй рафистæг кæн дæхи, мæн не ’вдæлы. — Дæ цæсгом дыл æрхауæд... ам уæд та дзуары бын куы у.. — Мæн дзуæрттæ-йедты мæт нæй. 204
—^ Уыцы дыууæ стыр баллоны ма куы ауæй кодтаис... . — уÆнæран сæ скæн! Æгæр сыл ауадзыс фæпык æмæ< ма- хоркæ... Афтæмæй мæ æрцахсын кæпдзысты... — Æмæ ма дын цы уæлдай у, донласт хуылыдзæй иал тæрсы,— сылгоймаг иыххудти. — Цæй, мауал мæ дар ныхæстыл, науæд дæ мæхæдæг...— райхъуысти та хъуырдухæн æмæ хъæбысхæсты уынæр. Дзуары бæласы бынæй ферттывтой урс дзауматæ, райхъуысти тыху- лæфт. Гæвди йæ цæстытыл ныххæцыди йæ къухтæй æмæ йæ сæр- ныттылдта. «Гъе, хуыцау кæй ралгъыста... Мæнæ фыдæбу- алгъы адæпмæгтæ цы митæ кæпынц сыгъдæг дзуары бын!.. Æпиу... Цæй дзуар ис ам! Чепуха!..» Уыцы фæстаг дзырд уырыссагау Гæвди загъта хъæрæн æмæ- æвиппайды сыстади. Сылгонмаджы хъыллист та фæцыди æмæ ну мипуты фæстæ урсдзаумаджын алыгъди къохы арфмæ. Гæв- дийы фындзы бын февзæрди лæг, спичкæ ссыгъта æмæ йып йæ цæсгоммæ ныккасти, стæй ныккæл-кæл кодта. — Гъе, хуыцау дып ма иыббара, ай Гæвди куы дæ!.. Абон æз æмæ ды адæмы раз иу æфтуапхъæдыл бадтыстæм... Мæ къуыртт мыи фехæлдтай, фæлæ сбад, сбад æмæ пæ хъæузæды бын фæйиæ ныкъкъахæм... Æз йæ фыдæх ссардтон, мæ куывд ыи æхцои нал у æмæ йæм дыкъахыг сылгист æрбацæу-цæу кодтон. Кæд мын мæ иывоид айса, уæд. Гъей, Жанет, рацу, ай пæхиоитæн у, ма дзы тæрс... Æз дæ Гæвдийæп бафæдзæхсон, цалынмæ Салавкитæй фæстæмæ здæхон, уæдмæ, — къохы ар- фырдæм адзырдта Дзапдар. Ницы сдзырдта Гæвди. Мæстыйæ нытту кодта зæххыл, цæхгæр фæзылди æмæ згъорæгау ацыди, фæстæмæ дæр иал ракаст. Йæ фæдыл ма райхъуысти Дзаида- ры мæсты кæл-кæл. «Мæнæ кæимæты цардтæн!.. Мæпæ абон стыр сходы адæмы раз кæй æмрæнхъ æрлæууыдтæн!.. Мæнæ- мæ чи банымадта йæхпоптыл»,— æрдиаггæнгæ цыди талынг цæхгæрмæ уыпджы. Афтæ йæм касти, цыма цыдæр æлгъаг чъизийыл пыллæууыди æмæ уыцы чъизийы смаг йæ былтыл уайы. Йæ абоны стыр мæтыл ма бафтыди ноджы стыр, зæрдæ- хæццæгæнæн æлгъаджы æнуд тæф. Йæ сæры ма хъæузæды дзуа- ры уыпдæй цы сайд, фæлæ йæхимæ гæсгæ сыгъдæг хъуыдытæ- уыди, уыдоныл дæр цыма ракалди фаджысдоп. :!: * * Гæвди йæ кæрты дуар баййæфта гомæй. Бахызти къæсæ- рыл, уæгъд æхгæд ракодта йæ фæдыл дуар. Кæрт уыди талыпг. Бæрзоид бырутæ йыл æрæмбæрзтой сæ сау аууæттæ. Кæрой- иаг уаты дуары зыхъхъырæй æддæмæ райвæзта лыстæг рухсы æндах. Уым ма хъуамæ бада Барысби. Кæрты арфдæр куы 205
бацыди* уæд бафнппайдта, хæдзары дæр ма дыдзы рухс кæй зыпы. Нæ йæ фæндыд бацæуын иæдæр хæдзармæ, нæдæр уат- мæ. Фæлæ уыди бынтон æххормаг. Райсомæй кæрдзыны къæ- бæр ахордта æхсыры агуывзæимæ, афтæмæй ацыди, уæдæй иырмæ нæ фæци доны æртахы хъæстæ дæр. Хæдзары баййæфта Дзегыдæйы даргъ бапдоныл фынæйæ. Райхъал кæнын æй йæ зæрды нæ уыди.- Фæтæгсны цырагъ уæл- дæр ысзылдта æмæ скъапмæ бавнæлдта, фæлæ скъаппы дуары хъистмæ райхъал ис Дзегыдæ. — Дæ хорзæхæн, ацафонмæ кæм уыдтæ? — афарста йæ йæ цæстытæ сæрфгæйæ. —. Кæм уыдтæ дарæг дæ ма уæд! Марадз, исты хæринаг фен! Ницыуал загъта ус, æрæвæрдта йын хæрипаг æмæ стъолы пннæ фарс йæ комкоммæ æрбадти. Афæрсинаг æй уыдн або- лы хабæрттæй, фæлæ пæ уæндыди. Йæ лæг æгæр мæсты у, уый бамбæрста. Гæвди хæргæ-хæрын дæр йæхинымæры цы- дæртæ хъым-хъым кодта. Йæ ныхы æнцъылдтæ бынтои иыг- гуыргъахъхъ сты. Комкоммæ иунæг каст дæр пæ бакодта йæ усмæ. Цыма йæ цæстытæ æмбæхсгæ кодта, афтæ фæкасти Дзс- гыдæмæ. Æппыиæрæджиау лæг хæргæ-хæрыиы, æнæ уæлæмæ кæсгæйæ афарста: — Лæппу кæм и? — Уæртæ уаты чиныджы уæлхъус бады. Изæрæй æрбацы- ди уый дæр æмæ цармæ схылди донластæй, æпæистысдзур- гæйæ царьг бирæ фæбадти. Цæмæн бадти, пæ зонын. Æрæджы æрхызти. — Абои сходы уыди? — афарста та цыбырæй. — Уыди,— дзуапп радта ус. Гæвдн фæджих, стæй йæ цæс- гом быитоп ныттар. — Цæмæй дæ афæрсинаг уыдтæн, нæ лæг,— цыдæр ма зæгъипаг уыди Дзегыдæ, фæлæ йыл Гæвдн фæхъæр кодта: — Баицай! Æгъгъæд у! Хуыссæн конд у? — О, коид у,— дзуапп радта ус, æндæрæм ницыуал суæн- дыди. Гæвдп бацыди астæуыккаг уатмæ. Йæ кæттаг къурткæ, йæ цырыхъхъытæ раппæрста æмæ дæлгоммæ ныххауди йæ сып- тæгыл. Афтæ дæлгоммæ ахуыссыди иудзæвгар. Тынг фæллад куыннæ уыди’ уæнгтæп дæр, сæрæй дæр æмæ зæрдæйæ дæр, фæлæ йæм уæддæр хуыссæг æмгæрон нæ цыди. Йæ сæры магъзы сæмхæццæ сты æмæ æиæрæнцайгæйæ зилдух кодтой, кæрæдзиуыл тыхсыдысты, фæззыгон хъуынтъыз боны æврæгъ- тау с|цы боиы хабæрттыл хъуыдытæ. Ноджы кæройнаг уатæй йæхп уаты æхсæн дуарæй хъуысыдй йæ лæппуйы ныхас. Ба- ?06
рысбц уаты иуиæгæй бадт æмæ хъæрæй касти чиныг.-Гæвдийы хъустыл æмбæлдысты хицæн пыхæсты скъуыддзæгтæ. «Колхоз- ты æхсæнады хъæздыгдзинæдтæ æмæ исбоп иурæстæджы афтæ сбирæ уыдзысты, афтæ стыхджын уыдзысты, æмæ уæд сæ бон бауыдзæи уыцы хъæздыгдзинæдтæй, уыцы исбонæй æппæт кол- хозонты æппæт хъуагдзинæдтæ бафсадын...» Ацы ныхæстæ куы айхъуыста, уæд йæ уæззау хъуыдытæ сабыргай мынæг кæиын байдыдтой йæ сæры. Бииоиыгдæр байхъуыста. «Æмæ уæд уый бындурыл колхозонтæн сæхи хæдзæртты быитæ .кæныны сæр ницæмæнуал хъæудзæн...» «Цымæ уый цавæр чиныгæй кæсы,— хъуыдытæ кæны Гæвди.— Æви сæ йæхæдæг мысы. Æмæ мæ лæппу Сем сси æви халонау йе уæиы кæсы?» Дуарæй та ми- дæмæ хауынц пыхæстæ: «Колхозты æхсæнады хъæздыгдзипæд- тæ æххæстæй куы аивой колхозонты хи хæдзæртты исбон, кол- хозонтæ куы баууæндой, сæхи цæстæй йæ куы феной, сæхи хæдзæртты исбопыл фу-фу кæнып сыи пайда нал у уый/ уæд сæ сæхæдæг сæхи зондæй ныууадздзысты...» Циу уый? Æмæ уыцы рæстæг кæд æрцæудзæни?.. Уæвгæ, мæиæ мæ хуызæттæ алы æрдузтæм, талынг къуымтæм куы лидзой, уæд пикуьц. «Куыдфæстæмæ хъуамæ рахизой хæринæгтæ лæвар дæттын*- мæ... заводты, кусæндæтты æмæ колхозты...» «Ай фынтæ дзу- ры мæ лæппу æви æрра фæци?» Рабадти йæ хуыссæны æмæ ноджы зæрдиагдæрæй хъусын байдыдта. Ацы ныхæстæ балæ- бурдтой йæ сæры магъзмæ æмæ йын йæ уæззау хъуыдытимæ хæст самадтой. «...Æхсæнады фæллæйттæй йæ хай чи тона, фæ- лæ кусгæ чи нæ кæна æхсæнадæн, уый уыдзæни лæвархор...» Ацы ныхæстæм Гæвди фæстæмæ йæхи æруагъта хуыссæны. — Лæппу! — бахъæр кодта иннæ уатмæ æмæ йе ’ргом къу- лырдæм аздæхта. Дуары хъист фæцыди. — Цы кæныс, дада? — афарста йæ Барысби къæсæрыл алæугæйæ. — ,Уый цавæр чииыг кæсыс? — нæ йæм ракасти, афтæмæй йæ афарста. — Уый мæнæ партийы ног программæ у. Изæры мын æй Бибо радта. — Ацу æмæ схуысс уæдæ. Райсом æй бакæсдзыпæ. — Хорз,— загъта Барысби æмæ йæ фæдыл дуар бахгæдта. Райсом раджы, бон куыддæр æрбарухс, афтæ сыстад Гæв- ди. Тагъд-тагъд ахордта цыдæр уазал хæринæгтæ æмæ ацыди колхозы правленимæ. Рагæй нал балæууыди Гæвди колхозы хицауады раз. Кæр- ты ничима уыди.’Уый йып æхсызгон уыд. Къаиторы дæр ничи уыди. Бибо суанг сæумæцъæхæй йæ куысты балæууы, зæгъгæ- иу дзырдтои сыхбæстæ æмæ пыр, цалыпмæ та къантор адæ- 207
мæй пæ байдзаг, уæдмæ Бибойы хибарæй феныиы тыххаей ра- цыд афтæ раджы. Æнцад бакъуырцц-къуырцц кодта с^рдары кабинеты дуар. Мидæмæ, зæгъгæ, йæм райхъуысти Бибойы иæ, •фæлæ æндæр кæйдæр хъæлæс. Гæвди фæоцапигомау уыцы хъæлæсмæ, фæлæ йын уыцы бакъуырцц-къуырцмæ нал уыди æнæ бацæугæ. Бахызти мидæмæ. Стъолы уæлхъус бадтысты Бибо æмæ иу къæсхуыргомау ацæргæ лæг, йæ фындзы бын гæлæбуйы базырты хуызæн ри- .хитæ, йæ сæр булкъдаст. Знон æй ауыдта сходы. — Уæ райсомтæ хорз,— зæгъгæ, сын загъта. Бибо сыстади. — О, æгас райсомтæ дыл цæуæд, Гæвди, кæдæй-уæдæй ма фæзыидтæ! — йæ къух ын райста. Гæвди бакасти булкъдаст- сæр лæгмæ. — Мæн хибарæй фæндыди дæу фенын,— загъта сабырæй Гæвди. — Сбад, сбад уал, Гæвди, уын дæр, йæ зæрдæ дæуæп хорздзинад кæмæп иæ бафæнда, ахæм иæу. Уый нæ пог пар- торг у.— Сбадтысты.— Рахабар кæн, Гæвди, цы хъуыддаджы тыххæй фæзыидтæ афтæ раджы? — Æз... ома, йæды тыххæй,— къуызгæ райдыдта Гæвди...— Ома, зæгъып, уæлæ уыцы æрдузтæ æз бакуыстон... Ссæут æмæ, куыд куыст сты, уый фенут... Ома, баиу сæ кæн колхозы зæх- хытимæ... Стæй не ’фсинæн дæр фæкæсинаг сывæллæттæ иал ис... Ныффысс нæ искæцы звеиойы...— Бнбо йæм касти фыц- цагау хæлары цæстæнгасæн. Зæрдæйæ цин кодта, æнæсайд, æиæзæрдæхудтæй кусæг лæг та фæстæмæ йæ раст фæпдагмæ ь’æй раздæхтн, ууыл. — Гъей, Гæвди, мæ рагон лымæн, Гæвди, ныммæлæи дын ма уа!.. Зыдтоп æй, зыдтон, дæуæп дард адзæгъæл кæнæи кæп нæ ис, уый.— Сыстадн æмæ йæ йæ хъæбысы ныккодта. Гæвдийæн йæ цæссыгтæ æрзыгъæлдысты, йæхи ратыдта Бибойы хъæбысæй æмæ кæртмæ рацыди. Арф ныуулæфыд æмæ рог къахдзæфтæй араст сæхимæ.
ÆНГУЗ БÆЛАС Д/|у сæрдыгон бон мæ куысты фæдыл бафтыдтæн хъæд- рæбыны ног хъæутæй иумæ. Уыди кусынæн агургæ æмæ æпæаргæ асæст бои. Къуырисæр, фæлæ хъæу иæ уыди куыстхуыз. Лæгтæ бæрæгбоиарæзтæй сæ цикъæ рифтæгтæ сæ галну къухты, позты дурыптæ, графиитæ сæ рахиз къухты, аф- тæмæн цыдысты хъæуысæрмæ. Уыцы фистæг бæлццæттæ мыи мæ зæрдыл æрбалæууып кодтой рагон хæххон куывды цæуæг адæмы. Ау, ныры рæстæджы та ма ахæм æртæдзыхон чъири- ты рифтæгтимæ куывды цæуып йæ сæрмæ чи хæссы, цы хабар уа, уæдæ æнцойбон дæр куы иæ у, зæгъгæ, хъуыдыгæнгæ цыд- тæи колхозы уынаффæдонмæ. Цæхгæрмæ уынгæй дæргъмæ уыигмæ куыддæр бахæццæ дæп, афтæ дын раст тæккæ тигъыл хæрхæмбæлд фæдæп иу схъæлрихи, мызыхъхъарæзт лæгыл, Лæгæи йæ рахизфæрсты уади гыццыл лæппу, 6—8 азы кæуыл цыдаид, ахæм, æпæ худæй, бæгъæввадæп, йæ къухы — чысыл .хæцæнджып дурыи. Лæг мæ куыддæр ауыдта, афтæ мæм æвиппайды сдзырдта, бæрсткуывд у, зæгъгæ. Æвæццæгæн, мæ къухы цы гæххæттыты папкæ уыди, уый цикъæ рифтаг фенхъæлдта, фыццаг фæкастæй мæн дæр куывды цæуæг фæ- хуыдта, стæй цыма фефсæрмы ис, афтæ мæм фæкасти. Иæ цыд фæтагъддæр кодта. Æз тигъыл ныллæууыдтæн æмæ акас- тæн йæ фæдыл. Лæг æмæ гыццыл лæппу уынджы бæлæсты быиты цыдысты тагъд. Лæг куыддæр здухгæ къахдзæф кодта, цыма йæ кирзæй цырыхъхъыты зæвæттæй зæххы лæсгæрджын зæгæлтæ сагъта, уыйау. Иæ пымæтхуды былтæ уæлдæфмæ фæ- фæйлау-фæфæйлау кодтой. Гыццыл лæппу йæ тыхамæлттæй æййæфта. «Гъы, куыд зыны, афтæмæй стыр кувæг лæг у»,— загътон мæхпнымæр æмæ араст дæи дарддæр, фæлæ мæ бирæ цæуын 14 Хæхты 2С9
нал бахъуыди. Колх^зы уынаффæдонырдыгæй сцæйцыдысты цыппар лæджы: колхозы сæрдар,. хъæусоветы сазрдар æмæ дыууæ лæплулæджы. Кæрæдзийæн саламтæ радтам. — Кæдæм рараст стут, хъæуыхнцæуттæ, æви сымах дæр куывды цæут? — афарстон сæ хъазгæмхасæн. — Мæиæ пæ адæм зæроидырдæм сæрра сты,— мæсты худг бакодта хъæусоветы сæрдар.— Нæ кæсыс, се ’ртæдзыхæттимæ фæцæуынц хъæуысæрмæ. Худинаг нæ кæнынц. — Алывыд фæкалæм уыцы сæрхъæи Булийæн,—!йæ ныха- сыл ма бафтыдта колхозы сæрдар. — Æмæ сын хъæуысæр цы баззад? — Цы куы зæгъап, уæд хъæуысæрмæ уæллоз нс иу стыр æигуз бæлас æмæ уымæй сæхицæн дзуар скодтой. Йæ быиы,. дам, Уациллайы рæхыс ис, зæгъгæ, дзы сарæзтой дурæй амад- дзаг... Лæгтимæ ныхасгæигæ араст дæн æз дæр. — Иу сæрхъæп лæг дзы хæцъилы гæбæзтæ, мыр-мырæгта^- асрцауыгъта. Сыгъдæг дзуары, дам, мæхæдæг федтоп, зæгъгæ, уыцы хабар æнæхъæн хъæуыл ахæлиу кодта цалдæр азы раз- мæ æмæ йæм уæдæй нырмæ алы аз ёцы къуырисæры цæуынц • кувынмæ,— загъта лæппулæгтæй иу. — Уæ, бæргæ уын загътон, акалæм уыцы бæлас, æмæ йæм мауал табу кæной,— бафтыдта иннæ лæппулæг. — Дæ сæр æндæр хуыздæр пицы æрцахста? Ахæм бæлас акалынмæ сахатырдæг йсдтæмæ нæ хъæуы, фæлæ уыйас бæ- лас сырæзыи кæныиæн та цас рæстæг хъæуы? — бауайдзæф ын кодта фыццаг. Фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй уыдон уыдысты хъæуы авдазоп скъолайы ахуыргæнджытæ. Колхозы сæрдар уыди мæсты æмæ ницыуал дзырдта. Уыиг- ты ма цы иугай куывддзаутæ цыди, уыдонмæ мæсты кæстытæ- кодта. — Дæумæ та куыд кæсы ацы хабар, сæрдар?—афарстон æй мæстæймарæгау. Сæрдар уыди мæнæй бирæ кæстæр, æрæ- джы кæй равзæрстой, ахæм. Иæ уæлæ гæрæзе гæлифс, урс хæдои æмæ кæттаг къепкæ. Коса лæппулæг. — Куыд мæм кæсы? Быдыры халсартæ зилинаг, къабус- кайæ, бадырджианæй, джитърпйæ — кусииаг, адои та оммеи кæпыпмæ араст сты!..— йе уæхсчы сæрты раппæрста уыцы иы- хæстæ æмæ йде цыд кодта. Уайтагъд схæццæ стæм хъæуысæрмæ. Уæллозæй зыпди уы- цы стыр æнгуз бæлас. Фæлæ мæнæ хъæдырдыгæй æрцыди хуыскъ адаг æмæ хъæуæн йæ фалеты азылди. Уыцы хуыскъ^ ададжы былты иучысыл куы суадыстæм, уæд адаг разынди ?10
тæссæрттæ, зултæ-мултæ. Дыууæ раиы, лæичы фæзилæнты уы- ди стыр дуртæ. Æз фæгуырысхо дæн. Мæ зæрдыл æрбалæууы- дысты, раджы, гыццыл лæппу’ ма куы уыдтæн, уæд цыма фед- чои ацы къæдзтæ-мæдзтæ- адаг æмæ ацы дуртæ. Фæлæ уыцы адаг æмæ дуртæ уæд уыдысты хъæды астæу, ам та сты быды- ры... Адæпмаг йæ сабийы бонты цы æрдзы нывтæ фены, уыдон дамгъæйау нывæфтыдæй баззайынц йæ зæрдылдарæнты. Не’ской кодтоп, мæ хъуыдытæ ме ’мбæлттæп. Цас уæлдæр цыдыстæм, цас хæстæгдæр кодтам быдыры астæу стыр бæлас- мæ, уыйас фылдæр бæрæггæнæнтæ уыдтон уыцы кæддæры зон- гæ бынæтты. Схæццæ стæм бæлясмæ. Пæлæхсар æпгуз бæлас йæ къа- лнутæ уæрæх айста æмæ йæ фæтæн сыфтæртæй бамбæрзта стыр кæртыйас зæхх. Чысыл æддæдæр, хуыскъ ададжы был, уыди уирагдуртæй къада куыройы хуызæп амаддзаг. Бæласы бып та дзæвгар адæм сæ тæккæ кувгæйæ. Фыл- дæр зæропд лæгтæ, сывæллæттæ. Уыди дзы фæсивæдæй дæр. Се ’ппæт даф лæууыдысты бæгъæмсæрттæй æмæ «оммен» код- той. Гæмæхсæр, æлвыдрихи, гæмæхроцъо зæронд лæг бæласы рæбып лæууыди иипæ лæгты уæлс. Р1æ галиу къухы физон- джыты уæхст, нæ рахиз къухы — стыр хъæзып къус. Иæ цæс- тытæ уæларвмæ ныццавта, афтæмæй куывта: — Уæ Хетæджы рухс Уастырджи, дæ сызгъæрин къох нæм зыны дардæй, дардæй дын кувдзыстæм, æмæ нын-иу хæстæгмæ ахъаз бакæн! — «Оммен!» — зæгъгæ-пу ныннæрыди йæ алы сулæфтмæ дæр. Мах цыппарæп лæууæм æддæдæр æмæ хъусæм. Уациллайы сыгъдæг бадæн кæй схуыдта кувæг зæронд лæг, æз уыцы дур- мæ бакастæп. Бæласы бын уыди мутакайы хуызæн дæргъæц- цон тымбыл дур... Уæуу, мæнæ æрдхæрæпы диссæгтæ!.. Æз гыццыл лæппу уæвгæйæ æрхæй стылдтон уыцы дæргъæццон дур æмæ йæ цæвæрдт’он дадайы — мæ фыдыфыды иигæны оба- уыл, къæхтырдыгæй... Ипгæпы обау нал ис, чысыл къуыбыр ма дары бæласы бын. Фæлæ ацы æнгуз бæлас та... Ау, уæд, 1921 азы, хохæй быдырмæ лидзгæйæ мæ дзыппы цы æигузтæ рахастон, мæ фыдыфыды ингæны фæлмæн зæххыл кæй ныс- сагътон, уыцы æнгузтæй ахæм бæлас сфардæг уыдаид?.. Чи зоны... Уæдæй нырмæ бирæ рæстæджытæ аивгъуыдта. Уæды гуырд сывæллæттæ слæгтæ сты, уæды гыццыл талатæ стыр бæлæстæ сысты. Цы нæ кæны рæстæг! Æз цалынмæ уыцы хъуыдытæ кодтон, уæдмæ зæронд лæг нæ куывд фæцис. Адæм сæ бæмбæджы тыхт мысайнæгтæ цæ- ьæрдтой амаддзаджы æмæ æрбадтысты. Стыр хъæзын къус 211
лæгты рæнхъыл ацыди. Æз куывды бадджытæй бирæтæй хис- тæр кæй уыдтæн, уымæ гæсгæ фæдзырдтой мæнмæ дæр. Ба- цыдыстæм хæстæгдæр æмæ мæм радтой хъæзын къус. — Хорз лæг, ас лæг дæ, фæлæ дæ худ кæй иæ систай, дæ дзыхæй «оммеи» кæй не схауди,—райдыдта мæм дзурын, бæрст куывд у, зæгъгæ, мын чи загъта уынджы, уыцы схъæлрихи мызыхъхъ лæг,—фæлæ дьгн хатыр кæнæм, уазæг кæй дæ, уы- мæ гæсгæ. Гъер адæмæи сæ дзуары бын раарфæ кæн æмæ аиаз кувæггаг,— загъта мын уайдзæфы ныхæстæ æмæ ме ’мбæлттырдæм" пæ кæсгæйæ бафтыдта.— Адон æпæхуыцау, æпæдин адæм сты æмæ бар сæхи. Æз хъуыды кодтон, мæ нуазæн мæ къухы. Нуазæн пæ рай- сын аив пæу. Уæдæ мæм хистæры куывдыл «оммеи» зæгъын дæр пæ’ цæуы. Уæдæ мæ фыдыфыды ингæнæй сæхицæп дзуар кæй сарæзтой, уый дæр мæ бауырныдта, уæдæ хуыцау дæр æмæдзуар дæр кæй иæ ис, уый та ра-а-а-джы базыдтои. Хъуыды- кæнын: куыд арæхстдæрæй сып æй бамбарын кæнон? Æгæр цæхгæрæй сып æй куы зæгъон, уæд мæм фæмæсты уыдзысты,. æфхæрдыл æй бапымайдзысты æмæ >мыл æппындæр иал бау- уæнддзысты, æнæ зæгъгæ та сын æй уæвгæ нæй. Стæй, нуазæн мæ къухы кæй уыди æмæ мæм се ’ппæт дæр кæй кастысты, уым æнæзæгъгæ иал уыди. «Цы абада, уын абадæн, куыд са- рæхсон, афтæ сын æй бамбарын кæндзынæп»,— загътон мæхи- нымæр æмæ мæ пуазæн мæ былмæ дæр нæма схастои, афтæ- мæй фæкомкоммæ дæн, уайдзæф мыи цы схъæлрихи лæг ра- кодта, уымæ æмæ йæ бафарстон: — Кæмæ кувут, уый зоиут? — Ау, уазæг, куынпæ йæ зоиæм! Табу йæхицæн, ай Хоруа- циллайы кувæндоп у. — Нæу. Ай мæ фыдыфыды ипгæп у. Мæ фыдыфыды цыр- тæн кувут... Адæм джихæй баззадысты, цыма сæ хур боп арв æрцавта,, афтæ фесты. Æлвыдрихи зæронд лæгæн йæ физопæджы карст нæ дзыхы, афтæмæй ,мæм йæ цæстытæ пыдздзагъыр сты. Æрæ- джиау схъæлрихи лæг сыстади, иу къахдзæф мæм ракодта зæх- хыл æвæрд фынджы сæрты æмæ мæ комкоммæ ныллæууыди. Кæсын æм. Йæ цæстытæ мæстыйæ цæхæртæ калыиц, йæ галиу рихи ризы, фссхъæл-фесхъæл кæны. Ацы сæртæг лæг куы ныз- зила æмæ мын тымбылкъухæй пу куы ныддауа, уæд- худинаг, зæгъгæ, иу къахдзæф, фæстæмæ ракодтон. Æппынфæстаг зæ- ронд лæг йæ физонæджы карст аныхъуырдта, йæ зæрдæ йе ’муд æрцыди, йæ цæстытæ стъыбар-тъыбур кодта æмæ схъæл- рихи лæгмæ дзуры: 212
— Були! Рацу, дæ бынаты сбад! Уазæг у æмæ йын хатыр уæд. , Схъæлрихи ницыуал загъта, йæ .былтæ сгæлиртæ кодта, цæхгæр фæзылди æмæ йæ быиатмæ бацыди. — Фæлæиын, уазæг, куы зæгъис,— ныр сыстади хистæр æмæ мæм дзуры фыпджы сæрты,— цæмæн хоныс дæ фыдыфы- ды иигæн ацы дзуары сыгъдæг бадæн? Цæмæн дæ бахъуыди махæн ахæм æфхæрд бакæиыи? Зæгъ нып æххæст. Æз анызтон бæгæпыйæ, раарфæ сын кодтон, уæ нуазæнтæ бирæ, зæгъгæ, æмæ хистæрмæ хæстæгдæр бацыдтæн. Ме ’мбæлт- тæ дæр бацыдысты адæммæ хæстæгдæр, сбадын сæ кодтой. Фæлæ адæм, цыма сæ гаччы нал уыдысты, сæ хъус дардтой иууылдæр мæимæ. Ме ’мбæлтты рафæрс-бафæрс кодтой дæ- лейы бадджытæ, чи у, кæцоп уазæг у, цы кусæг у, зæгъгæ. — Бахатыр кæп, хнстæр,— зæронд лæджы фарсмæ æрбад- тæп æмæ йып афтæмæй дзырдтон,— бафхæрыимæ уæ нæ хъа- рыдтæн. Æз ам уыдтæп раджы,, гыццыл лæппуйæ. Стæй афтыд- тæп Уæрæсемæ æмæ уæдæй ауалдзæгмæ нал фæзыидтæн ацы бæстæм. Цæмæй зыдтон æз, ам мæ фæстæмæ раздæхтмæ сымах мæ фыдыфыды ипгæимæ кувынмæ цæудзыстут, мæ фыдыфыды цырты бæласæй уæхицæи дзуар скæпдзыстут, уый.— Адæм иу- уылдæр мæнмæ хъуыстой, сæ хæрд дæр иыууагътой, сæ нозт дæр. Иуæй-иутæ ма цыдæр хъуыр-хъуыр кодтой. — Уазæг дæ æмæ дæ дзыхыл куы хæцис, дæ быпат куы зоиис... бахæр, баиаз æмæ дæхи айс, æидæр дæ цы гуыбыппиз тилы! — хъуыр-хъуыр ма кодта схъæлрихи лæг. — Ай нып диссæгтæ куы дзурыс, уазæг, фæлæ дыл куыд баууæндæм? Кæд ацы бæласы бып дæ фыдыфыд ныгæд ис, уæд уæртæ амаддзаджы уыцы уæларвон рæхысы цæг та кæцæй æр- хауди уырдæм?—дзырдта зæронд лæг.—Радзур нын, куыд, кæд æмæ цæмæн баныгæдтай ам, дзæгъæл быдыры, дæ фыды- фыды? — Уæдæ мæм байхъусут, æз уып æй радзурдзыиæи сæрæн кæроимæ. Стæй, уæларвон рæхыс кæй хонут, уый циу, уый дæр базопдзыстут. Адæм сæ фынгтæ фæуагътоп кæрдæгыл æмæ пæ алфамбы- лай æртымбыл сты. Хистæртæ сбадтысты нæ алыварс цæлхæм- бырдæй, кæстæртæ лæууыдысты. Æз сын радзырдтоп æцæг ха- бар. — Мæ фыдыфыд амарди фырцинæй... — Нæ уазæг йæ гæдыныхæсты ахъаззагдæртæм бахæццæ. Исчи ма фырципæй амæлы! — мæ хъус ацахста кæйдæр бы- лысчъил худæн ныхæстæ. Æз æй ницæмæ æрдардтон, цыма йæ хъусгæ дæр пæ фæкодтон, уынау. 213-
— Уыцы хабар æрцыди 1921 азы, гъе, Советон хйцауад* куы æрфидар ис, æмæ хæххон адæмæн æлдæртты æмæ æпдæрг; зæхджынты зæххытæ куы уæрста, уæд. Мах цардыстæм хохы.’з Быдырмæ’иниæ фистæг бæлццæттимæ зæхх уарынмæ1 рацыдн , мæ фыд дæр æмæ уайтагъд фæстæмæ баздæхти. Тагъд-тагъд цæттæ кодтам нæхи, мæ фыд бауынаффæ кодта, мæнæ уал гыц-; цыл лæппутæй искæй мемæ акæндзыыæн, галтæм-иу чи фæкæс- дзæн, ахæм æмæ цæрынæн мусопг исты скæнæм, стæй уæм æр- бацæудзынæи æмæ уæд иууылдæр алидздзыстæм. Фæлæ мæ’ фыдыфыд дæр ныллæууыдн цæуыиыл. — Цæмæп цаеуыс ды та, дада, куы пицыма дзы ис, уаргæ бон дæ сæр кæм фæцæвай, уый дæр дзы куы иæ ис. Чи дæм фæкæсдзæн? Фæлтау уал куы лæууис,— дзырдта йын мæ фыд. — Нæ, лæппу, æз зæронд дæн, кæд амæлдзынæн, чи зоны. Мæхи цæстæй мын фенын кæи нæ быдыры зæхх. Ма мæ уром. Гæнæи пал уыди æмæ сразы мæ фыд йæ фыды фæпдоныл.. Æхсæвы срæвдз, сифтонг кодтам нæ галуæрдон. Нæ мад æр- тæ чънрийы скодта. Дада сæ скуывта æмæ афтæ ципгæнгæйа,' схуыссыдыстæм. Мах, сывæллæтты цниыл ма чи уыди. Æцæг æмбисонд фæци нæ зæронды цин. Ноджы нозтæй чысыл фæраз- уæз æмæ зæххыл пал хæцыди. Зæронд цæргæс йæ базыртæ куы цæгъда, уый тылд кодта йæ къабæзтæ фырципæй. Æхсæв схуыссыд уæрдоны. Фыццаг кæркуасæпты сыстади мæ фыд. Сифтыгъта галтæ æмæ рараст стæм талынг комы фæпдæгтыл. Цы дурджын фæндæгтыл гыбар-гыбургæнгæ фæцоппай кодтам, уыцы комы цы ивылд дæтты фæцыдыстæм, уыдон би- рæ дзуринаг сты, се ’ппæт уын нæ фæдзурдзынæн. Уæды зама- иы фæидæгтæ зындоны фæндæгтæ уыдысты. — Ай-гъай, ай-гъай! — пыуулæфыдысты мæ алфамбылай бадæг зæрæдтæ. — Ныр та,— мае ныхас кодтон дарддæр æз.— Хохьт хъæлæ- сы цæрæг Джимарайæ айк куы ратула, уæд суапг Ростовмæ тулдзæни ног лæгъз фæндæгтыл æмæ пæ асæтдзæн, фæлæ дзы- иу уæды заманты лæджы сæртæ дæр састысты. Хур нæма æр’- ныгуылд, афтæмæй комæй рахæццæ стæм быдырмæ. Хур хæхты чъылдыммæ йæхи æрцæнуагъта. Быдыры бæстæ зынди тыпг рæсугъдæй, кæдæм иæ акæсай, алырдыгæй дæр быдыр æмæ быдыр. Зæронд лæг бадти мæ фарсмæ æмæ цыдæртæ дзырдта йæхицæн. Заргæ кодта æви кувгæ — зып равзарæи уыди. Йæ цæсгом иууылдæр уыди хъуынджып. Æрмæст ма зындысты йæ фындз æмæ йæ цæстытæ. Фæлæ уыцы цæстытæй, къæдзæхы суадонæй фæсалыл дæлæмæ дон куыд кæла, афтæ згъæлдысты йæ цæссыгтæ быдыры цииæй. 214
Комыдымæгæй разылдыстæм хуриыгуылæиырдæм, хъæдьг астæу иарæг æмæ цъыфджын фæндæгтыл фæцыдыстæм бирæ. Уæд ацы рæтты, суанг дæлæ дæллозмæ, уыди тархъæд. Фæн- даг цыди фæрв æмæ хæрис атагъайыл. Мæнæ ацы ран та уыди стыр. æрдуз, Уæрæх æрдуз æй хуыдтам. Ардæм æрбахæццæ стæм æмбисæхсæвты. Хъæуы бынатæн равзæрстой нæ фыдæлтæ ацы бынат, фæлæ дзы доп кæй нæн, сæ фырцинæй ууыл пæ ахъуыды кодтой. Ацы хуыскъ адагыл уæд цыди мæсчъы доп,. фæлæ хус рæстæджыты байсысы... — Ныр дзы къорд азты æртах дæр иал цæуы. — Кæцæй ма дзы цæуа, хъæд дзы куыиæуал ис, уæд,— загътой мæ фарсмæ бадджытæ. — Суагътам нæ галтæ, уæдæ цы уыдаид, раст мæпæ ацы дуры раз. Уæдмæ мæй скасти æмæ барухс кодта æрдуз. Мæ фыдыфыд мах ныууагъта уæрдонимæ архайгæйæ æмæ азылди быдырыл, стæй фæстæмæ æрбаздæхти æмæ фæрсы мæ фыды: — Гутонæй хахх кæуылты у, уый иууылдæр мах у? — Мах;у, мах,— зæгъгæ, йыи дзуапп радта мæ фыд. Мæнæн хосыл байтыдтой пымæт æмæ схуыссыдтæн. Мæ фарсмæ та уыди зæронды лыстæн. Æз уайтагъддæр афынæй дæп æмæ суаиг хурыскастмæ нал райхъал дæи. Чи зоны, уæд- дæр нæ райхъал уыдаин, фæлæ мæ фыды богъ-богъмæ райхъал дæп. Ракастæн æмæ бамбæрстоп, цыдæр стыр бæллæх ныл кæй æрцыди. Мæ фыды кæугæ пикуы федтои. Фыццаг фæтарстæн нæ галтæн. Уыцы заман ацы рæтты хъæды фыдгæнджытæ, дав- джытæ, стигъджытæ æмæ марджытæ бирæ уыди, уыдон койæ æпдæр ницы кодтой хохы. Адæм сæ æмризæджы рызтысты. Акастæи алырдæм, æмæ галтæ хызтысты уæрджытæм кæрдæ- 1ыл, фæлæ нæ зæххы кæрон, раст мæиæ ацы бæласы ран, лæу- уыдысты къорд лæджы.Æз фестадтæи æмæ сæм базгъордтои, фæлæ сæ цуры цавддурау сагъдæй баззадтæн. Дада сæ астæу зæххыл хуыссыди афтид куырæты. Йæ къухтæ зæххыл антыгъ- та, йæ æпгуылдзтæ сагъд уыдысты саумæры, йæ рахиз уадул зæххыл. Зынди йæ галиу цæст æмæ афтæ фæкасти, цыма худгæ кæпы. — Амоидджын мæлæтæй амарди,— загъта лæгтæй иу. — Ай-гъай, йæ быдираг зæххыл фырципæй амарди,— загъ- той иннæтæ. — Ам æн баиыгæнæм, æви йæ фæстæмæ хохмæ аласæм? — уынаффæтæ кодтой лæгтæ æмæ мæ фыды фарстой. — Цæмæп ма йæ ласæм хохмæ, цы дзы нæ федта? — Цæрынæй хæрынмæ цы быдыры зæхмæ фæбæллыди, йæ былы цъæрттæ цы быдираг саумæрмæ фæхордта, ууыл фырци- 215
нæй йæ мæлæт ссардта æмæ иыл æй баиыгæнæм. Куыд дæм, кæсы, Гадæкко? — дзырдта лæгтæй иу. ’ ’ ’ ’, — Ам æй баныгæнæм,— загъта мæ фыд. Лæгтæй чидæртæ.', ауадысты. Уыцы лæгтæ уыдысты, махæй дыууæ-æртæ бопы"раз-< дæр чи рацыди æмæ рæстæгмæ цæрæн мусонгтæ чи ацарæзта,,' ахæмтæ. Уыдоп уайтагъд æрхастой фæйнæджытæ, зæгæлтæ, тагъд-тагъд чырып скодтой, ингæн скъахтой æмæ баныгæдтой .мæ фыдыфыды раст мæнæ ацы рап. — Рухсаг уæд, рухсаг,— загътой хистæртæ. — Гъеуый уын мæ фыдыфыды мæлæты хабар. — Æмæ уæд ацы стыр æпгуз бæлас та дæумæ гæсгæ уæлар- вæй æрхауди?—æрбаппæрста та мæм йæ ныхас мызыхъхъ лæг. — Нæ, уæларвæй пе ’рхауди. Ацы æнгуз бæласыл цæуы .иыр æхсæрдæс æмæ ссæдз азы. Садзгæ та йæ ныккодтоп æз. Быдырмæ куы цыдыстæм, уæд мын мæ мад мæ дзыппы цæ- вæрдта цалдæр æнгузы. Мæпæн рох дæр ма фесты фæндагыл, фæлæ мæ фыдыфыды куы баныгæдтам, уæд ыл æз пыддæлгом дæн, бирæ йыл фæкуыдтоп, стæй йын йæ хай бапыгæдтоп йæ нывæрзæнырдыгæй. Мæпæ ацы мутаканы хуызæн дур стылдтои • дæлæ адагæй æмæ йын æй цæвæрдтон йæ къæхтырдыгæн. — Аргъæуттæ цыма кæныс, уазæг, афтæ мæм кæсы. Уæдæ- ма зæгъ, уæртæ амаддзаджы, йæ цæг уæлæмæ кæмæн зыны, \ыцы рæхыс та уæ галты сæрбос уыди? — хинæйдзаг цæст æр- пыкъуылдта æлвыдрихн зæропд лæг ипнæтæм, афтæмæй мæм æрбакасти. — Уый дæр уып радзурдзынæн. Уый рæхыс пæу. — Уæдæ циу? — Уый у хуымæтæджы рæхысы цæг, баст та у æфсæддоп уæрдоиы цыбыркъубал сæмæпы кæроныл. Ам фестæм мах ну- цыбыр рæстæджы. Æз-ну зылдтæн æрхыты, хъæды æмæ иухатт ссардтоп сæстытæ уæрдон. Йæ цæлхытæ уыдысты саст. Мæ фыдæи æй загътон æмæ йæ мемæ акодтои. Фыд рафтыдта цæл- хыты æфсæйнæгтæ, рахаста сæмæн æмæ йæ уæртæ уыцы? дуры рæбын пыссагъта. Уæд æхсæв дæр тæрсгæ кодтам нæ галтæп .æвзæргæнджытæй æмæ сæ-иу уыцы арф сагъд сæмæимæ рæхы- стæй бабастам. Ам нал скодтам хъæу. Æпæдоы бæстæ, хъæды астæу куыд цардæуыдзæн, зæгъгæ. Ардыгæй дæлæ стыр быдыр- мæ куы лыгъдыстæм, уæд мæ фыд фæцархайдта уыцы сæмæн сласыныл, фæлæ йып куы нæ бакуымдта, уæд ыл нытту кодта æмæ йæ пыууагъта. Сымах мыл не ’ууæнддзыстут. Гъер ракалут уæ амаддзаг, æмæ кæд æфсæддон уæрдоиы цыбыркъубал сæмæн иæ уа, уæд Уын мæ сæр лыгмæ дæттын. Адæм иыхъхъус сты. Куы мæнмæ кастысты, куы та амад- 216
дзапмæ.,Иу лæг дæр æм пæ ныфс иæ хаста. Цыма сæхииымæр- афтæ’дзырдтой: «Марадз-ма уæдæ, кæд лæг дæ, уæд æй фе- хал». Мæн фæндыди, сæхæдæг æй куы фехаликкой, фæлæ кæм! Æз та сæм уазæг уыдтæн æмæ кæд уазæджы фарп тыхджып у пæ адæммæ, уæддæр уазæг хивæнд митæ куы фæкæны, уæд пæ фæцæуы фысымты зæрдæмæ. Куы бамбæрстои, сæхæдæг æй нæ фсхалдзысты уый, уæд рахызтæи æмæ бацыдтæн амаддзагмæ. Мæ рахиз къахы цырыхъхъы зæвæтæй йын йæ тигъ иу цæф пыккодтон, дыккаг цæф æмæ амаддзаджы тигъæй рахаудтой дуртæ.’Стæй йын йæ уæллаг тигъыл ахæцыдтæп къухæп. Бауа- дысты мæм дыууæ ахуыргæнæджы дæр æмæ ахæцыдысты амад- дзаджы фæрстыл. Ныггæр-гæр кодтой уирагдуртæ æмæ атыл- дысты хуыскъ адагмæ. — .Хуыцауы æлгъыст лæг! Нæ дзуарæй нын цæмæн хуын- джылæг кæиыс? Уазæг дæ æмæ дæ быиат зон! — схъæр кодтой чидæртæ. Æз сæм пицы сдзырдтон. Мæ куьГст кæиын ахуыр- гæнджытимæ, поджы колхозы сæрдар, хъæусоветы сæрдаримæ- гъæйтт зæгъгæ æлыгимæ амад унрагдуртæ калдтам æддæмæ. — Йæ фыдæх уæ уæд, йæ фыдæх! — хъæр кодта мы- зыхъхъ лæг, — Йæ ард дæ фæдыл фыдæй æфтыд фæуæд! — нæ фæсои- тыл згъæлдыты се ’лгъысты ныхæстæ. Уайтагъд разынди цæг. Цæгыл згæ фæлтæртæй сбадти. Æрыгондæр лæгтæй нæ цурмæ- кæсыпмæ чи ’рбауахш, уыдонæй иуы афарстон: — Бел дзы никуы ис? Ис, зæгъгæ, загъта сæ иу æмæ æрбадавта цыргъ бел. Уай- тагъд ракъахтам цæджы алфамбылай, æмæ сæмæнæн йе ’рдæг разыпди. — Гъеуый уын, мæпæ хорз адæм, уынут æй, сæмæп кæй у, уый? Кæд уæ иæма уырны, уæд æй бынтондæр ракъахæм.— Адæмæй хъыпп-сыпп ничиуал кодта. Кæстæртæ фæлæбурдтой къахынмæ æмæ уайтагъд сæппæрстой, цы сæмæн сы’н амыдтон, уый. Адæм æм иууылдæр æркастысты æмæ сдзолгъо-молгъо сты. — Куыдз дыл баууæидæд, Були, амæй фæстæмæ! — Мæнгард æмæ сæлхæр къоппа-Були, кæйдæр мæрдтæн пæ цæмæи фæкувыи кодтай ацал-ауал азы?! — схъæлрихи лæг- мæ баздæхтысты хистæртæ. Ме ’мбæлттыл худыи бахæцыди. Дыууæ ахуыргæнæджы сæ гуыбынтыл ныххæцыдысты æмæ су- лæфын пал фæрæзтой. Адæм фæлæбурдтой сæ рифтæгтæм, ли- дзынмæ фесты. Се ’ппæты разæй, йæ гыццыл лæппуйы къухыл хæцгæйæ, йæ зæвæттæй лæсгæрджын зæгæлтæ садзгæйæ лыгъ- ди схъæлрихи лæг. Æз лæууыдтæн æмæ сæм кастæн. 217'
— Хорз уазæг! — Мæ-хъустыл ауади æлвыдрихи зæронд; лæджы ныхас. Фæкастæн æм. Иæ къухы уыди хъæзьш къус^ æмæ мæм сидти. * — Дæ мæрдтæ рухсаг уæит, дæхи цæрæпбон та нын бирæ,! уæд. Махæн та ныббар нæ талынгдзинад. Ма ныл фæхуд. Иу/ сæрхъæны коммæ бакастыстæм. Ард хордта, сомы кодта, афтæ-, уфтæ, мæхæдæг, дам, федтон ам дзуæртты. Уациллайы рæхыс, дам, суанг Æрджынарæгæй ардæм фæсырдта хæйрæджы, ам, дам, æй æрæййæфта æмæ, дам, æй раст мæпæ ацы дуры сæр æркъуырдта. Мах ыл æууæпдгæ дæр тынг нæ кодтам, фæлæ уæддæр талынг адæм стæм, кувыныл сахуыр стæм æмæ æнæ кувгæйæ та æнкъард фæкæиæм. Цыдæр иыи нæ фаг кæны... Гъер нын нæ худипаг ма ахæсс, ма ской кæн, ацал-ауал азы Дæлвæзы хъæуы хистæртæ дæ фыдыфыды иигæнмæ куывтой, уый. Дæ цæрæнбоны тыххæй, дæ мæрдты рухсаджы тыххæй , йæ нуазын æз. Зæропд лæг банызта йæ нуазæп. Снста йæ рифтаг, нæ ду- рын æмæ йæ сæр тилгæ ацыди. Бæласы бын ма баззадыстæм мах ф’оидзæй. Ахуыргæнджы- тæ ма уыцы пыр-пыр кодтой. Колхозы сæрдар касти адæмы фæ- дыл.
О К С А Н Æ \^гксанæ! Оксанæ! Чысыл-ма фæлæуу!.. Нæй, фæстæмæ дæр мæм нæ фæкасти... Алыгъди. Цавддурау лæу- уын æз æмæ джихæй кæсын йæ фæдыл. Мæ дудгæ уадул мæ армытъæпæнæй асæрф-асæрф кæпын. Алыгъди. Мæ зæрдæ мыи псмæ аскъæфта. «Сурин æй? Куы нæ йæ баййафон... Фæлæ йæ куы баййафоп, уæддæр... Уарзоидзииадæп баййафæн ис?» Ацы ныхæстæ мæ фынæйæ дзырдтон? Ме ’цæг царды уарзондзинады хабæрттæ мæ фыиæйæ дæр иу ран пал уадзынц! Фæлæ æз Оксанæйы агурын. Цы фæцис?.. 0, о, бахатыр кæпут, хорз æмбæлттæ... Ам стут, уый нæ зыдтон. Æз æргомæй хъуыдытæ кодтон. Чи зопы æмæ уæм æрра лæджы сæпттау фæкæсой ме ’ргом хъуыдытæ. Æмæ, чи зоны, сæнттæ дæр сты. Уарзоидзинады чи аиыгъуылы, уымæп йæ сæр йæ зæрдæмæ уацары бахауы. Æз дæр, раст ахæм уавæры дæи. Уæдæ базонгæ уæм. Æз кусын «Сыгъдæг суадон»-ы колхо- зы агрономæй, Уарзопдзинады судзгæ цæхæры куыд бахауд- тои? Бауырпæд уæ, мæхæдæг дæр æй нæ зопын. Æнцад куы- стои. Мæ сæр æмæ мæ зæрдæ кæрæдзи æмбæрстой. Мæ зæрдæ касти мæ сæры коммæ. Ныр нал кæсы. Цæмæп, цы иблистæ йæ сбубли кодтой? Гъеныр мæиæ уемæ ныхас кæиын, мæ зæрдæ та катай кæны: кæм пс Оксанæ? Оксанæ та чи у, зæгъут? О, о, уыцы Оксанæ!.. Дыууæ азæй чысыл фылдæр цæуы, уæд нæм æрбацыди къардойпаг хъазахъхъаг чызг, Прохорова Оксанæ. Уæд æм æз мæ цæст нс ’рдардтон. Усгур лæппу чызгмæ цы миниуджыты тыххæй фæкæсы, ахæмтæй йæм иицыма уыди. Бæмбæджджын цыбыр къурткæйы, нæлгонмаджы хæлафы, хæмпæлсæрæй бад- ти тракторыл, афтæмæй йæ федтон фыццаг хатт. Техпикумы фæстæ фыццаг аз куыста Оксанæ тракторыл 219
æмæ хорз нæма арæхст. Иубон та фæлдæхта хъæдра-быны стыр тъæпæн. Æз зылдтæн быдыртыл æмæ йæм афтæмæй баф- тыдтæн. Зæххы кæрæттæ хъæдырдыгæй уыдысты тæссæрттæ, къæдзтæ-мæдзтæ, зултæ-мултæ. Чызг архайдта, се сраст кæны- пыл, фæлæ йын фæзилæнты стыр гæбæзтæ æиæкопдæй аззады- сты. Хъæды кæрæтты цы æрдузтæ бацыди, уыдопы та-иу уы- мæй размæ диссаджы хорз нартхор зади. Æз сæ æнæкондæй куы федтон, уæд мæм æвгъау фæкастысты. Чызгыл сбустæ код- тон, халон мæкъуылы сæр куы сбада, уый бадт скодтан дыи- джыр тракторыл, афтæмæй æнæхайыры куыстытæ кæныс, зæгъ- гæ. Трактор æрлæууыди. Чызг нæ рахызтп. Иæ рыгæйдзаг æрф- гуыты быиæй мæм фсрттывтон цъæх-цъæхид цæстытæ, допы разылдысты, афтæмæй. Æз мæ къух ауыгътон æмæ ацыдтæн дарддæр, сисып æп хъæудзæн тракторæй, зæгъгæ, ахæм хъуы- дытимæ. Уыцы боп, дам, чызг тыиг фæкуыдта. Суанг фæсæмбисæх- сæвмæ баззади быдыры: Æнæкопдæн цы гæбæзтæ æмæ æрдуз- тæ пыууагъта, уыдон фæлдæхта мæйрухсмæ. Уыцы боиæй фæстæмæ мæнæн,æвæццæгæн, йæ мæрдты уд- хæссæг федта Оксанæ, касти мæм зпаджы цæстæп. Фæлæ йæм уайдзæф цæмæй мауал æрхауа, ууыл йæ уд хъардта, биноныг- дæр кусын байдыдта. Æз-пу азылдтæн копд æмæ тыд хуымтыл. Оксанæйы фæлдæхт быдыртæ куыдфæстæмæ бæрæг хуыздæр куыст кæй сты, уый бафиппайып мын æхсызгон уыди. «А-гъа, бахъардта мæ уайдзæф уыцы , хивæнд пехцелсæр чызгмæ»,— .загътон мæхииымæр. Фæлæ хуымы уæрццытау апæррæст ластой дыууæ азы. Ахн- цæи æртыккаг уалдзæг дæр. Оксанæ уæдмæ фæбæрзонддæр, фæгуырджыидæр. Сæрттыв- та уалдзыгон дидинæгау. Фæлæ йæ уæддæр æз хъуыды дæр нæ кодтон. Кастæн æм, иниæ трактористтæм, механизатортæм цы цæстæй кастæи, ахæм цæстæй. Кæддæриддæр æмбæлдтæн куы- сты рæстæджы, æрмæст хъуыддаджы дыууæ-æртæ дзырды йæм- ну баипæрстон æмæ та-иу ацыдтæп дарддæр. Иурайсом мæ цæуын хъуыди мæ хъуыддæгты фæдыл Къар- доимæ. Уæзласæн машииæ цæттæйæ лæууыди станы кæрты. Æз ма мæ лабораторийы цыдæртæ архайдтои. Рудзыпгæй фæком- коммæ дæн кæртмæ. Оксанæ æрмадзæй рацыди йæ къухтæ чъи- зи хæцъилæй сæрфгæйæ. Æвæццæгæн, йæ трактор сыгъдæг код- та. Машинæйы цур алæууыд. Æз мæ гæххæттытæм кæсып фæуагътон æмæ рахызтæп æддæмæ. Машинæмæ хæстæг чызг мæ размæ фæци. — Æмбал агропом... — Цы зæгъыс, æмбал трактористкæ? 220
— Къардонмæ цæуыс, æнхъæлдæн? — О, Къардонмæ,—загътон æз æмæ баздæхтæн кабинæ- йырдæм. — Нæхимæ мæ ныууапын фæнды. Мæ мады æнæхъæп мæй нæ федтон.— Ацы ныхæстимæ мæм чызг аххосджын æмæ ку- рæджы каст æрбакодта. Æз комкоммæ бакастæи чызгмæ. Оксанæйы цæсгом мæнæ сыгъдæджытæй нæ уыди. Р1æ дзаумæттæ дæр — чъизи. Цъыфтæ æмæ рыгтæй амæст тракторимæ чи архайдта, уый сыгъдæг кæм уыдаид. «Цалыимæ ацы пехцел йæхи æхса, йæ дзаумæттæ ива, иæ сæр æфснайа, йæхн пудрæтæ æмæ æндæртæй цæгъда, уæд- мæ æз иыххæццæ уыдзынæн»,— ахъуыды кодтон мæхинымæр. Иппæрдыгæй та мæм хорз нæ касти йæ ныууадзын — йæ мады рагæй нал федта, бабæрæг кæнып æй фæнды. «Цæй, хæйрæг быламыхъы пыххауæд, аласои æй»,— загътоп æмæ та йыи ком- томмæ бакастæн " йæ цъæх-цъæхид цæстытæм. Исдуг ницы дзырдтон. Æвиппайды ферттывтой уыцы æнахуыр арф цæсты- тæ. Чысыл ма куы афæстиат кодтаин мæ дзуапп, уæд цæхгæр фæзылдаид æмæ ацыдаид. Æз уый бамбæрстон ’æмæ йын загъ- тои: — Хорз. Тæхгæ, куыд чызг дæ, афтæ тагъд дæхи арæвдз кæи. — Æз , ныртæккæ ам уыдзынæн,— загъта Оксаиæ æмæ азгъордта сылгоймæгты уæттырдæм. Шофыр баурæдта йæ ма- шнпæйы мотор æмæ æддæмæ рахызти. — Гъе, мæ хур акæнай, Михал, цалынмæ уый йæхи цæттæ кæна, уæдмæ дæ дыккаг хатт дæхи дасын бахъæудзæн,— загъ- та худгæйæ æмæ йæ машинæйы капот схъил кодта, стæй ма пæ ныхасмæ бафтыдта: — Фæлтау куы ацыдаиккам... — Йе станицæмæ цæуæм æмæ йæ куы нæ аласæм, уæд аив пæу. Тæригъæд у. Æнхъæлмæ кæсыи байдыдтам. Дæс мипуты, ссæдз минуты, ’фопдз æмæ ссæдз минуты рацыди, уæддæр чызг зыпæг иæй. — Гъей, Оксапæ! Кæд уыдзынæ? — бахъæр æм кодта шо- *фыр. — Ныртæккæ фæцæуын,— райхъуыстн чызджы хъæлæс. Алæууыдыстæм ма иу-фондз минуты, уæддæр та нæй. Æз тыхсын байдыдтон. Стæй цæхгæр фæзылдтæн æмæ сылгоймæг- ты уæттырдæм бауадтæн, ракæнон æй, зæгъгæ. Дыууæ уаты æхсæп уыди чысыл сенæгонд. Рахизырдыгæй уаты дуар разынди гом. Рудзынджы цур айдæны раз лæууыди зæды хуызæп адæймаг. Фаста йæ сæр. Иæ уæлæ хæдон нæма уыди. Æрмæст ын æрвхуыз лиф æлвæста йæ пух риутæ. Ставд къабæзтæ хæрзарæхстæй æфснайдтой сатæгсау бæзджын дзык- 221
кутæ. Æз æм исдугмæ джихæй баззадтæи. Æвæццæгæн æм кæ- сынæй никуы бафсæстаин, афтæ рæсугъд æмæ хæрзкоид уыди,- фæлæ мæхицæй фефсæрмы дæи, æрдæгбæгънæг чызгмæ мæ- цæстытæ ныдздзагъыр кодтон, зæгъгæ. Мæ къæхты уыпæр куыннæ ссæуа, афтæ фæстæмæ-фæстæмæ рацыдтæи. Кæртмæ. куы рахæццæ дæн, уæд æй бамбæрстоп, мæ зæрдæ куыд гуыпп- гуыпп кæны, уый. — Цæй, цы ми кæны, кæд уыдзæни уыцы пехцелсæр?—бус-1 тæгæнæгау сдзырдта шофыр æмæ та кабинæмæ бахызтн. Ма- шипæйы моторы тыр-тыр ссыди. Æз тагъд нал кодтон, джихæй кастæн сылгоймæгты уаты- рдæм. Сахат, дыууæ, æртæ сахаты дæр лæууыдаин. Уалынмæ рацыди... Цы диссаджы рæсугъд уыди Оксанæ! Цыма мæ мæ цæстытæ сайынц, цыма, ныртæккæ нæ цурæй цы чъизитæ æмæ хæмпæлсæр чызг ауади, уый æидæрæй аивдæуыд, афтæ мæм фæкасти. Чызджы фидар уæнгтыл иттæг хорз фи- дыдтой хуымæтæджы урс кофтæ æмæ сау юбкæ. Иæ дзыккута* уыдысты хæрзфаст, хæрзæфсиай!д æмæ æрвхуыз лентæй фæс- тæрдæм æлвæст. , Шофыр рагæпп кодта кæбинæйæ. Оксанæйæн йæ рахиз къу- хы, уыди гыццыл чумæдан. — Бахатыр кæн, æмбал агроном, æгæр уæ бафæстиат код- топ,— загъта чызг азымджынхуызæй, фæлæ йæ цæстытæй худ- гæйæ. — Ницы кæпы. Оксаиæ... Фæдисы, миййаг, нæ цæуæм,— дзуапп ыи радтоп æмæ йæ размæ рауадтæи. Мæ къух бадард- тон пæ чумæдан райсыимæ, фæлæ чызг мæ иувæрсты фæзылди æмæ йæхи сарæзта машинæйы гуыффæмæ. — Оксанæ!.. Кабинæмæ рацу, кабинæмæ. Фæлæ уæдмæ чызг машинæйæ ракасти. Ныртæккæ дæр ма азымджыихуызæй цы цъæх цæстытæ худтысты, уыдоп мæм пыр фæкастысты тызмæгхуыз. Æз æм æнæбары бахудтæп, мæ сæр батылдтои æмæ схызтæн кабниæмæ. .Машинæ рацыдн кæртæй. # * , * Рагон поэттæ æмæ нывгæнджытæ-иу уарзондзинады бардуаг Эроты æпдыстой базырджын гыццыл лæппуйы хуызы. Уыцы гыццыл лæплумæ уыди æрдын æмæ бирæ фæттæ æмæ-иу йæ фатæй кæмæ фæхъавыди, уыцы лæппу-иу уарзондзинады арты нæ дыууæ хъусмæ аиыгъуылди. Мæн æрбахстæуыди фатæй нæ, фæлæ... дыууæхстонæй... дыу- у(æ цъæх цæстæй. Мæн фæндыдн уыцы цæстытæм ноджыдæр æмæ ноджыдæр кæсын. Фæлæ уæдмæ æрхæццæ стæм Къардонмæ. 122
Баурæдтам иу хæдзары дуармæ. Уый Оксанæйы хæдзар ^ыд. Æз рагæпп ластон кабинæйæ, чызгæн рахизынæн аххуыс кæнон, зæгъгæ, фæлæ^уый мæнæй фæраздæр. — Цæй, Оксанæ, æрхæццæ дæ кодтам дæ хæдзармæ, ныр, цæуæм дарддæр,— загътон чызгæи æмæ фæстæмæ ракъахдзæф кодтон. / , — Нæ. Афтæмæй иал ацæудзыстут. Фысым,уыи уыдзыстæм. Мидæмæ рахизут. Чызг кулдуар бахоста тымбылкъухæй. Чысыл кулдуар байгом. Ракаст дзы ацæргæ хæрзхуыз сыл- гоймаг. — Мамæ!..—Чызг йæ мады хъæбысмæ йæхи баппæрста.— Мамæ, ацы уазджытæ ме ’мкусджытæ сты. Æз машинæйæ ра- хизинаг уыдтæп стыр уынджы, фæлæ мæ нæ рауагътой, суанг мæ æрбахæццæ кодтой... Ныр айопг кæм æрбацыдысты, уым сып салам загътон, адон та лидзынмæ хъавынц... — Уæууа, лæппутæ, уый та куыд. Кæд иæ чызгимæ иумæ кусут, кæд иумæ, æрцыдыстут, уæд нæ къæсæрæй здæхут? — Бахатыр кæн, хорз ус, тагъд кæнæм хъуыддаджы фæдыл. Фæлæ кæд Оксанæ фæстæмæ цæуинаг у, уæд ыл пзæры нæ фæн- даг ракæпдзыстæм. — Æз абон пæ цæуын,— дзуапп радта Оксаиæ. Мах рараст стæм. Иу каст ма ракодтои фæстæмæ, фæлæ мад æмæ чызг сæ дуармæ нал уыдысты. Оксанæ йæ куыстмæ сыздæхти æрмæстдæр æртæ бопы фæс- тæ. Æртæ боны дæргъы мæнæн цыдæр нал фаг кодта. Мæ цæстытæ æдзухдæр агуырдтой кæйдæр. Быдыры уыдаин, станы кæнæ хъæуы, фæлæууын мæм иал цыди иу рап. Цæмæн? Окса- нæйы агуырдтой мæ цæстытæ, ууыл басæттын мæм нæ цыдп, иæ мæ фæндыди ууыл басæттын. Уæдмæ мæиæутæ фæбурбыи сты: Хус кæнын райдыдтой: Стыр фæидаджы был дзы иу гæбаз судзгæ дæр бакодта, фæндаггон машннæйæ цы зынджы стъæлфæи атахти, уымæй. Хуыцау хорз æмæ йæ нартхоррувджытæ ахуыссын кодтой. Цыппæрæм бон колхозы сæрдар хъæуæй æрбацыди æмæ мæм басидти, станы нын цы чысыл къанторгонд уыдис, уыр- дæм. Æнæуæлдайныхасæй мын загъта: — Агроном дæ æмæ быдыртæ хъахъхъæн. -— Æмæ сыи мæхæдæг хъалагъур ныллæууон? — Хъыг мын уыди йæ уайдзæф. — Хъалагъур дæ ничи кæны. Цы гæбаз басыгъди, уый фед- тай? — Федтон. 223
— Зынг машинæйæ кæдæм бахауди æмæ хус кæрдæг судзгæ мæиумæ кæцæй баирвæзти, уый дæр федтай? :— Уый дæр федтон. — Æмæ йын уæд цы дæ зæрды ис? — Мæ зæрды йып уый ис, æмæ быптон куы сцæттæ уа, уæд æй æрæфснайдзыстæм. — Æмæ цалынмæ цæттæ кæиа, уæдмæ та уал æн Тутыры бар бакæндзынæ? Ацу, уæртæ трактортæй иу акæн цыппар æф- сæнои гутонимæ æмæ йæ мæнæугæрæтты ауадз, фæндаджы былты. Бамбæрстай мæ? — Куыпнæ бамбæрстои. — Уæдæ цæугæ æмæ дæ хъуыддаг кæн, цалынмæ нæмæнæутæ иæ басыгъдысты, уæдмæ. Æз сыстадтæн æмæ рацыдтæп. Кæрты фембæлдтæн трак- торты бригады бригадирыл. Загътоп ыи, цы мæ хъæуы, уый. Лæг мæм байхъуыста, фæлæ ницы загъта. Æрмадзырдæм аз- дæхти æмæ бахъæр кодта: — Прохорова! , Æз фестъæлфыдтæп. Мæ зæрдæ сгуыпп-гуыпп кодта. Æр- мадзæй ракасти Оксанæ. Иæ уæлæ уыдис йæ кусæн дарæс— сырх чырыптæ хæдон цыбыр дыстимæ æмæ цъæх кæттагæй хæ- лаф. Иæ сау дзыккутæ ацы хатт уыдысты æрвхуызцъæх сæр- бæттæнæй баст. Йæ къухтæ асæрфта, йæ хæлафы дзыппыты сæ атъыста æмæ рацыди йæ бригадирмæ. — Цы зæгъыс? — бафарста йæ цæугæ-цæуыны. Мæнмæ кæс- гæ дæр ие ’рбакодта. — Дæ трактор рæвдз у? — Рæвдз. Æрмæст ын йæ гуцъа байдзаг кæпын хъæуы,— дзуапп радта чызг æмæ мæм зулдзæстæй æрбакаст. — Уæдæ йын байдзаг кæи йæ гуцъа æмæ цæугæ. Фæлдах, агроном дын кæм бацамона, уым. Оксапæйы цæсгом фæтар н. Æпæистысдзургæйæ баздæхти æрмадзмæ. Къæсæрмæ куы бахæццæ, уæд фæстæмæ ракасти æмæ загъта: — Æз пыртæккæ бензип ныккæндзынæн æмæ цæттæ дæи де ’нæхайыры куыстмæ.— Уыцы ныхæстимæ бауади мидæмæ. «Ау, йе ’фхæрд нæма ферох кодта?» Мæ зæрдыл æрбалæууыди, йæ куысты фыццаг боиты йыи цы уайдзæф бакодтон, уый. Нæ зонын, пыр æм æндæр цæстæй кæсын, уый æмбарын байдыдта, æвн нæ?.. Уæд ын уый цæй схуыст ныхас уыди—«де ’нæхайы- ры куыст?..» Æвæццæгæн æй бамбæрста. Чызджытæ къæрцхъус æмæ цырддзаст сты уарзо’ндзинады æууæлтæм. Уарзондзинады цæстæигас былты фезмæлд æмæ цæсты зул бакастæй дæр бам- барынц. ^24
Уыцы хъуыдытимæ рацыдтæн кæртæй. Дуары æдде даргъ бандоны кæрои сбадтæн. Æнхъæлмæ кæсын. Уалынмæ тракто- ры уынæр райхъуысти. Кæрты дуарæй рацыди дынджыр трак- тор ДТ-54. Ныллæууыди мæ цуры. Чызг мæм фæрсæджы каст æркодта, барæг уæлбæхæй фистæг лæгмæ куыд æркæсы, афтæ. Иæ цæстæнгас дзырдта: цæй, цæмæ ма æихъæлмæ кæсыс? Кæд дæ трактор хъæуы, уæд базырсаст халонау мауал бад. Æз ыи цæстæй ацамыдтон тракторы фæстæмæ, ома, гутæттæ кæм сты, зæгъгæ. — Гутæттæ — хъæдрæбыи сарайы. Æз нæ уарзын тракторыл бадын, фæлæ мæ мæ зæрдæ ласта Оксанæйы фарсмæ. Цыма мæ нæ фæнды, а,фтæ æнæбарыгомау сыстадтæи æмæ сыпдæггай схызтæн трактормæ. Æрбадтæн чыз- джы фарсмæ. — Хæстæг мæм ма бад,— загъта Оксанæ.— Де ’рттиваг галифе дын счъизи кæндзынæн.— Хин былысчъил худт хъазыди йæ цæсгомыл. Цæуыл худти, чи зоны. Рацыдыстæм. Чызг йæ куыст кæны, Скъæры. Ницы дзуры. Нæ мæ фæрсы, кæдæм æй кæиын, уымæй дæр. Ницы йæм дзу- рын æз дæр. Не ’хсæн цыма тъæнджы мæйы уазал уæлдæфы уыла^н цæуы, афтæ мæм кæсы. Фæлæ уæддæр кæй зæрдæ лæу- уы. Мæ сæр йæхæдæг азилы рахизырдæм. Аивæй мæ цæст ахæссын йæ цæнгтыл. Æркæсын, йæ къæхтæй уромæнтимæ куыд архайы, уымæ дæр. Æвæццæгæи æй æмбары, иртасæджы каст.æм кæнын, уый æмæ йæ цæсгом иыттар кодта. Цас уымæн йæ цæсгом тардæр кæны, уыйас æм мæнæи та мæ зæрдæ йæхи тынгдæр ласы. Мæхимæ къодахау кæсын байдыдтон. Йемæ мæ фæнды аны- хас кæнын, фæлæ мæ дзыхы пыхас нæ бады. Цæмæй райдайои, уый нæ зонын. Оксанæйæн йæ сæрбæттæн фæстæмæ разæбул. Иæ дзыккуты цæгтæ æрхаудтой йæ уадултыл. Фæнды мæ йæ сæрбæттæн фæстæмæ йæ сæрыл æркæныи, фæлæ йæм нæ уæн- дын. — Оксанæ,— сдзырдтон æм, стыр фæндагæй хъæдрæбыныр- дæм куы азылдыстæм, уæд.— Оксанæ... иухатт дæ кæй баф- хæрдтоп, уый ма дæ зæрдыл лæууы? Чызг пæ дæтты дзуапп. Скъæры йæ трактор. Уыцы рæстæг лæнчы тæссарыл трактор рахизырдæм иыкъкъул и. Æз банцой кодтоп Оксанæйыл... Чызджы буары тæвд бахызти мæ зæрдæ- мæ. — Оксанæ... Дæ зæрдыл ма дарыс уыцы уайдзæф? — Æз ницы дарын мæ зæрдыл... Фидар бад æмæ хъеллау ма кæнай,— загъта чызг æмæ мæм зулцæстæй æрбакасти, йæ- 15 Хæхты 225
хæдæг трактор фæурæдта стыр æрдузы æмæ сæгуытау асæр- рæтт ласта. Рахизфарсырдыгæй пыхсрæбын зынди,даргъ сара. Уым уы- дысты гутæттæ, похцитæ, губакгæнæн машииæтæ. Оксанæ бауа- ди уырдæм. Æз дæр рагæпп ластон æмæ бацыдтæн йæ фæдыл. Уæдмæ чызг аиуварс кодта губакгæнæн машинæ æмæ æрхæ- цыди цыппарæфсæнджын гутоныл. — Хæц, агроном. Æцæг дæхи ма счъизи кæн. Сæрст сты машинæтæ,— радзырдта мæм сарайы рæбынæй, йæхæдæг гутон иунæгæй раласынЬ1л ацархандта, фæлæ йæ нæ рафæрæзта. — Разæй хæц! — къамандыгæнæгау та загъта ногæй. Цыппарæфсæнджын гутон рахæццæ кодтам кæртмæ. Æз, цыма мын æнæбары фæци, уыйау Оксаиæйы къухыл фæхæцыд- тæн. Чызг мæм цæхгæр фæзылди, йæ къух ариуыгъта. Уымæй йæ цъæх цæстытæ афтæ ферттывтой, æмæ мыл цыма тулдз сугты цæхæрæй стъæлфæнты зæй æрбакалди. Оксанæ йæ трактор хæстæг æрбазылдта, æнæистыдзургæйæ гутоны цæг тракторыл афидар кодта æмæ фæстæмæ схызти йæ машинæмæ. . — Рацу, сбад. Кæнæ, кæм цы фæлдахын хъæуы, уый мын зæгъ. Мæхæдæг ацæудзынæи. — Нæ йæ базоидзынæ,—дзуапп ып радтон æмæ сгæпп лас- тон æз дæр. Иæ фарсмæ та æрбадтæн. Уыцы рæстæджы мæ- химæ фæкастæн барæджы бын хъал дугъон бæхау. Цыма мын мæ барæг йæ цыргъ зæвæттæй мæ фæрстæ æрбариуыгъта. Мæ хиуарзондзинады рохтæ мын æрбалвæста чызг. Уарзгæ йæ кæ- нын, уый цыма æмбары æмæ мыл не ’рвæссы, афтæ фенхъæлд- тон, æмæ мын уымæй фæрæхуыста мæ зæрдæ. Æфхæрд нæлгой- маджы мæстæй рафыхти мæ туг. , — Стыр фæндагмæ скъæр! — сдзырдтон тызмæгæй æмæ ме ’ргом сарæзтон размæ. Мæхинымæры загътон: цыма йæ хъуы- ды дæр нæ кæнын, афтæ дардзыиæн мæхи. Цæуæм пыхсæй хуымгæнды æхсæнты. Уæззау трактор ссæн- ды йæ быны æхсæры, æхсынцъыйы къудзитæ. Куы та кæлды- мыл бацæуы æмæ ныкъкъул вæййы иуырдæм. Æз мæ дыууæ къухæй дæр фидар ныххæцыдтæн мæ бадæны кæрæттыл, мæхи иыхъхъæддых кодтон æмæ кæсын размæ. Нæй, мæ бон нæу, цæстытæ сæхæдæг зилынц рахизырдæм. Оксанæйы къухтæм. Йæ цæнгтæ рæмбыныкъæдзтæм сты гом, хурсыгъд, нуарджын, фæлæ уæддæр сылгоймаджы, чызджы къухтæ. О, куыд мæ ла- сы мæ зæрдæ уыцы къухтыл æрхæцынмæ, фæлæ... Фæлæ уæд- дæр æнæрцæф лæппуйы хъал зæрдæйы хиуарзондзинад!.. 1 Рахæццæ стæм стыр фæндагмæ. Рог машинæтæ, уæзласæн машинæтæ йыл дыууæрдæм кæнынц тын нывæндæгау. 226
— Мæнæ хуымгæронмæ бахиз;— загътон та йын, нæ йæм бакастæн, афтæмæй. Рахизырдыгæй мæнæуы хуым ныддаргъ и фæидаджы кæ- рæтты. — Гъер бауром æмæ хъус, хъал чызгай...— Чызг баурæдта, мæнæуы тагæй уæрæх фæидаджы æхсæн цы хæмпæлæй дзаг уадздзаг уыди, уым.— Кæсыс, Оксанæ,— загътон ын фæлмæн- дæрæй,— мæнæ ауылты, мæнæугæрæтты ауадзæм нæ гутон, кæрдæгæй, фæсалæй, хæмпæлæй дзы цы ис, уыдон иууылдæр зæххы бын куыд фæуой, афтæ. Цæмæн, уый æмбæрыс?—ба- кастæн æм комкоммæ. Оксанæ ницы дзырдта. Йæ рæсугъд цæстытæ мæм æрбазылдта, æмæ былысчъилы ’худт абадти йæ иæсгомыл, ома, æмбарын, хъæды, миййаг, не схъомыл дæн æз дæр, зæгъгæ. 0, цы зын вæййы лæппуйы зæрдæйæи, уарзон чызгимæ иу- мæ цæугæйæ дзырд куынæуал фæары, дыууæ хохы сæрæй дзу- рæгаукуы фæдзурынц кæрæдзимæ, сæ кæрæдзи куы нæ фем- барынц. Оксанæйæн йæ ных чысыл рахид и, йæ цæсгом — туг æмæ æхсыры хæццæйы хуызæн. Цы кæнын æй хъуыди, уый йын бацамыдтоп. Ныр æй мæ сæр ницæмæнуал хъуыди. Æз хъуа-мæ рахызтаин, гутоны æфсæнтæ æруагътаин, æмæ чызг ахахх кодтаид йæхæдæг, фæлæ мæ йæ цурæй рахизып нæ фæн- дыд. Лæппуйы хъуыддаг диссаг у, уарзон чызг æм цас йæхи тыз- мæгдæр æмæ тигъдæр дара, уыйас цырендæр кæпы йæ уарзон- дзинады арт. — Цæй, цы ма бадыс мæ фарсмæ, мæхæдæг сарæхсдзы- иæн,— загъта чызг æмæ мæм æрбакасти. Иæ цæстæигас ацы хатт нæ уыди тызмæг. Цыма йын мидбылты худт дæр ауыдтон йæ былтыл. Бахудтæн æм’ æз дæр æмæ æнцадгай рахызтæн. Гутоны æфсæнты рычаг æрриуыгътои. Æфсæнтæ сæ быиы æр- норстой кæрдæг. — Гъæй кæн, уæдæ. Æз дæм ам банхъæлмæ кæсдзынæн. — Дæ разы уал цъыр-цъырæгты расур-басур кæи,— загъта Оксанæ, фæстæмæ ракасти æмæ ныххудти. Стæй трактор фес- тъæлфти, араст, æмæ цыппар æфсæны сæ фæдыл ныууагътой цыппар сау уадздзаджы. Трактор .адард и. Фæци фæндаггæроп бæлæсты аууон. Æз ма бирæ фæкастæн йæ фæдыл. Райсомæй боныхъæд ницы аивыпхъус уыди. Хур дзагъырæй касти æмæ сыгъта буары гомрæттæ. Бурбын мæнæутæ дæ’ргъ- æй-дæргъмæ фурдау лæууыдысты æнцад, æнæ уылæн, æнæ. 227
змæлгæ. Фæндаджы дæллаг фарс нартхоры æвзартæ уæрагæй фæбæрзонддæр сты. Æз сæм кастæн æмæ мæ зæрдæ ныббуц и. «Ам мæ фыдæбон дæр бирæ ис»,— хъуыды кодтон, мæнæуы хуымы кæрон цы иунæг æхсыицъы бæласзади, уый рæбын бад- гæйæ. Фæлæ мын мæ хъуыдытæ фескъуыдта чысыл гæрæм цъыр-цъыраг. Кæцæйдæр æрбагæпп ласта æмæ мæ цонгыл абадти. «Дæ разы уал цъыр-цъырæгты расур-басур кæн»,— зæрдыл æрбалæууыдысты Оксанæйы хъазæн ныхæстæ æмæ та мæ мæ хъуыдытæ ахастой йæ фæдыл. Афонмæ бахæццæ ис ко- мы сæрмæ... Уым иннæ фæндаг комы мидæмæ цæуы мæнæугæ- рæтты. Ууылты дæр суадзын хъæуы гутон, фæлæ йын уый куы нæ загътон. Æрцахса йæ йæхи зонд? Сыстадтæн æмæ рацыд- тæн фæндаджы былмæ. Уæдмæ арв иыгуылæнырдыгæй фæхъулæттæ. Æвиппайды æрбафуттытæ кодта æмæ мæнæуы быдырыл, аивылдысты ра- тас-батасгæнгæ æрттивгæ уылæитæ. Æврæгътæ æхгæнын бай- дыдтой арв. Хур амбæрзтой сæ тар пæлæзтæй. .Дымгæ ноджы тынгдæр ныкъкъуыззитт кодта, æмæ нартхоры денджыз схылы- мылытæ ис. Арвæй ^сауын байдыдтой иугай ставд æртæхтæ. Арв ныннæрыди æддозæй. Æз лæуыдтæн фæндаджы был. Æнхъæлмæ кастæн машинæ- мæ. Бахъуаджы заман нал фæзыпынц уыдон дæр. Ныр уарын тыхджынæй-тыхджындæр кæны. Æрхуылыдз дæи. Фæндаггæ- рон ратыдтон мæнтæджы сыфтæ. Æрæмбæрзтон сæ мæ сæр, ме уæхсчытыл. Уалынмæ дардæй æрбазынди иу рог машинæ. Мæ къух схъил кодтон. Машинæ мæ иувæрсты фæзилынмæ хъавыд, фæ- лæ та æз дæр базгъордтон йæ размæ. Цæлхытæ асфальтыл ныхситт кодтой, чысыл ма ауади æмæ ныллæууыд. Шофыр ра- касти рудзынгæй. — Æрра дæ æви дæхи марып кæныс, лæппу! — радзырдта мæм мæстыйæ. — Хуыцауы хатыр, зæххы хатыр, æмгары хатыр,— æрмæст мæ комы сæрмæ бахæццæ кæн. — Сбад! — загъта шофыр уыцы мæстыйæ. Æз дуар фегом кодтон æмæ бахызтæн. Машинæйы фæстаг бынæтты бадтысты дыууæ сылгойма- джы. Кæройнаг мидæгдæр бабадти. — Уæ хорзæхæй, пыххатыр кæнут... — Ницы кæны, ницы. Ацы ^уарыны æндæр гæнæн нæй... , — Кæдæм дæ цæуын хъæуы? — йе уæхсчы сæрты мæм ра- дзырдта шофыр. — Комы уæлвæз хъуамæ уа, мæнæ фæндаггæрон гутоны хæххытæ чи кæны, уыцы трактор. 228
— Æмæ тракторæн цæмæй тæрсыс, сæкæр у æмæ тайгæ акæндзæн? Дæхи машинæйы бынмæ уымæн æппæрстай? — Тракторы мæт мæ нæй. Йæ уæлæ чи бады, уый...— Ны- хæстæ уымæн кодтон, мæ цæстытæ та арæзт уыдысты фæнда- джы былтæм. Нæй, нæ зыны трактор. Фæлæ мæнæ æрбахæццæ стæм комы сæрмæ. Машинæ фæсабырдæр кодта йæ уад. — Ардæм загътай? — 0, о, бузныг,— æз дуары хæцæнмæ февнæлдтон. — Бад, уæлдæр дæ схæццæ кæнон. Уыныс, гутоны хæххы- тæ уæлæмæ азылдысты,— шофыр комырдæм фездæхта.— Уæлæ дæ трактор лæууы.— Чысыл ма суад æмæ ныллæууыди. , — Стыр бузныг, æфсымæр. Кæсын æмæ тракторыл бадæг иæй. Азылдтæн йæ алфамбы- лай, бакастæн йæ бынмæ дæр — Оксанæ нæй æмæ нæй. Ныр къæртатæй калæгау калы уарын. Арв гыбар-гыбур кæ- ны. Бæстæ арвæрттывд сси. Уæдæ цы кæнон, кæм- æй агурон, зæгъгæ, скатай дæн. Мæ къæбæлдзыг чуббæй мæ цæсгомыл дæлæмæ цыхцырджытæ уайынц. Уæд иухатт, арвы гыбар-гыбур куы фенцади, уæд мæ хъус- тыл ауади сылгоймаджы хъæлæс. Фæлæ зын равзарæн уыди къæвдайы сæх-сæхæй. .— Михал! Миха-а-ал! — æрбайхъуысти та мæм уыцы хъæ- лæс сыгъдæгдæрæй, фæндаджы фале комы сæр цы хъæд ис, уырдыгæй. Æз цæхгæр фæзылдтæн æмæ азгъордтон уыцырдæм. — Михал! Ардæм... Ардæм!—г/ьæргæнгæ хъæдæй мæ раз- мæ рауади Оксанæ. Чызг уыди донластау хуылыдз. Иæ дзыкку- тæ æрзæбултæ сты æмæ бецыктæй йæ цæсгомыл уадысты цых- цырджытæ. Чызг суазал ис. — Оксанæ... Æз зонын, ам хæстæг ран ис халагъуд. Цом уырдæм. — Ацы къæвдайы?.. — Æмæ цы уæлдай у ам лæууынæй фæндагыл згъорынæй?.. Дæ разы донластау куы ныддæ... Суазал дæ. — Цом,— загъта Оксанæ, æмæ дыууæйæ дæр разгъордтам. Æз ын йæ къухыл фæхæцыдтæн, ома, куы фæкæла, миййаг, зæгъгæ. Бауырнæд уæ, уыцы минут мæм æндæр хъуыды иæ уыди. Фæлæ та чызг атыдта йæ къух æмæ хъæбæр фæндагыл згъоры мæ разæй. Халагъуды нæ уарыди, — æмбæрзт уыди толæй, — фæлæ йæ зæхх уыди мал. Æрмæст нæ цæджындзы рæбын зынди къонайы дур. Æз æм сгæпп ластон æмæ Оксанæмæ мæ къух радардтон. Ацы хатт мæм æй авæрдта уый дæр. Мæхæдæг, чысыл цы хъæ- ды лыггаг зынди, ууыл алæууыдтæн, Оксанæйы та дурыл слæу- уын кодтон. Чызг арф ныуулæфыди, йæ дыууæ къухæй йæ цæс- 229
гом æрсæрфта, йæ хуылыдз дзыккутæ уæлæмæ сæппæрста. Фæ~ лæ тæккæ уыцы минут арв ахæм гæрах нылласта хæстæг кæм- дæр æмæ цыма нæ сæрмæ бæлас фæрчытæ фæхауди. Оксанæ фæтарсти, ныцъцъæхахст кодта. Æз фæбырыдтæи хъæды лыг- гагæй. Мæхæдæг дæр нæ бамбæрстон, чызг мæ хъæбысы куыд февзæрди, уый. Мæ уарзои чызг, хивæнд Оксанæ. Хъæддых риутæ мыл æрбандзæвыдысты... Кæд уазал æмæ фыртарстæт ризгæ кодта Оксанæ, уæддæр йæ буар уыди тæвд. Ныццавта. мын мæ зæрдæ йæ буары тæвд. Мигъ абадт мæ сæры магъзы... Мæхæдæг дæр æй нæ базыдтон, куыд æй æрбалвæстон мæ хъæ- бысы, куыд ын иыпъпъатæ кодтон йæ уæхсчытæн, йæ дæллаг- хъуыртæн, йæ былтæп... Абон дæр нæ зонын, мæ уадул дыз- дызгæнгæйæ куыд аззад, уый. Оксанæ уыциу стъæлфт ракодта халагъудæй æмæ тарст сæ- гуытау æрбадæлдзæх хъæды. Йæ фæдыл ма разгъордтон. Хъæр кодтон: Оксанæ! Окса-нæ! Фæлæ мæ хъæр кæдæм фехъуыстаид: арвы гыбар-гыбурæй. Айсысти, доны æртæх змисы куыд ^йсы- сы, афтæ. Дзæгъæлы ма ратæх-батæх кодтон хъæды. Фезгъорд- тон ма трактормæ дæр. Уым дæр нæ уыди. Фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй чызг уыцы гыбар-гы- буры, уыцы уарыны фезгъордта суанг станмæ. Станы сылгой- мæгтæй ничи уыди. Ничи йæ базыдта, иичи йæм фæкасти. Чызг схуыссыди. Изæры йе ’мбæлттæ куы ’рбацыдыещ, уæд æй рыи- чынæй, ризгæйæ баййæфтой. Мæн æм нæ бауагътой, фынæй у„ зæгъгæ. Нæ сыи схъæр кодта, йæ трактор фæпдаджы был цæ- мæн ныууагъта, уый дæр. Дыккаг бон Оксанæ йæхи аласын кодта йæ мадмæ. Къар- донмæ. Уым фæрынчын ис быитондæр. Станицæйы дохтыры йæм бакодтой. Уый йæ федта æмæ загъта, йæ рæуджытæ’ тынг суазал сты, зæгъгæ. . * * * Æнæхъæн мæй хуыссыд Оксанæ йæ мады хæдзары уæззау рынчыпæй. Æз та? Уæ фыдгулы лæппуйы зæрдæ афтæ фæкатай кæнæд, афтæ^ фæмарой кæнæд йæхиуыл. Æгас мæйы дæргъы нал ардтон мæ- хицæп бынат. Цыма мын мæ зæрдæ мæ риуæй фелвæстæуыди, уыйау. Тарст бæхау куы иуырдæм стъæлфыдтæн, куы иннæр- дæм. Уыцы мæй сæрдыгон куыстыты тæккæ ахсджиагдæр рæс- тæг æз лекка кодтон æнæсæрфатæй бон-изæрмæ. Изæр та-иу мæхи райстоп стыр фæндаджы былмæ. Уым-иу абадтæн маши- н’æйы æмæ-иу Къардоны балæууыдтæн. Фæлæ хæдзармæ бацæ- уыи чи уæндыди. Мæн аххосæй фæрынчын, уый загъта, æвæц- цæгæн, йæ мадæн дæр. Æмæ сæм куыд бахæссон мæ цæсгом.. 130
Цы сылгоймаджы бафхæрай, уый хæдзармæ æпцон бацæуæн иæу.' Æфхæргæ йæ кæй бакодтон, уый та æмбæрстон мæхæдæг. Чызг йæ тарсты сахат ирвæзынгæнæгмæ згъорæгау мæныл йæ- хи æрбаппæрста. Æз та... Æз та хъуыды дæр ницæуыл акод- тон... Бирæгъ йæхи уæрыккыл куыд ныццæва, афтæ йæм фæлæ- бурдтон. Фырфæсмонæй судзы мæ зæрдæ. Оксанæйы хæдзар ис станицæйæн йæ тæккæ кæрон. Сæ цæ- хæрадоны кауын быру хæццæ кæны хъæугæрон сæрвæтмæ. Сæрвæты фале та, Æрхоны донырдыгæй — сæ уæлмæрдтæ. Æз- пу бацыдтæн талынджы уæлмæрдтырдыгæй. Бахъуызыдтæн-иу цæхæрадонмæ æмæ уырдыгæй дардтои хæдзармæ мæ цæст. Иуæхсæв та фæуæззаудæр Оксанæ. Æхсæв-бонмæ йæм бад- гæ кодтой. Æз дæр бадтæн сæ цæхæрадоны хъæлæрдзыты къудзийы рæбын æмæ изæрдалынгтæй суанг боныцъæхтæм не ’рцъынд кодтон мæ цæстытæ. Алы хъинц, алы сыбыртмæ дæр-иу мæ зæрдæ ныссæххæтт ласта, мæ сæрыхъуынтæ-иу хъа- мылау слæууыдысты. Суанг дыккаг кæркуасæнтæм фæбадтæн цæхæрадоны хъæлæрдзыйы рæбын уызыныл бадæгау. Ницы бæлвырд базыдтон Оксанæйы уавæрæн. Афтæмæй æхсæвыцъæх- тыл ацыдтæн. Стыр уынджы æнтыдласæн машинæйы абадтæн азмæ туаг æнтыды смагмæ смудгæйæ ссыдтæн мав куыстмæ. Уым дæр фаг афынæй кæнын мæ къухы нæ бафтыди. Аходæн- тыл мæ райхъал кодтой æмæ ацыдтæн быдырмæ. Фæссихормæ цы зæрдæимæ фæкуыстаин, цы катай, цы сагъæсы сыгъдтæн, уый чи банымайдзæн. Æз тарстæн Окса- нæйæн. Мæ цæстытыл уадысты алы фыдохы ныйтæ. Куыдфæс- тæмæ мæм афтæ кæсын байдыдта, цыма уыцы тыхстæй нал фервæздзæн, цыма æгас нал у... Хур акъул ис ныгуылæнырдæм, уæд адæмы быдыры кусгæ фæуагътон, мæхи расайдтон, æмæ уайтагъд Къардоны балæу- уыдтæн. Станицæйы кæрон мæ цæстытæ фæкомкоммæ сты уæл- мæрдтырдæм. Уым бæлæсты рæбын къорд лæджы цыдæртæ ар- хайдтой. «Амарди... Оксанæ!..» — сирвæзти мæ дзыхæй. Мæ цæсгомы царм, мæ сæры царм ныддыз-дыз кодтой. Мæ зæнгтæ æрлæмæгъ сты... Размæ цæуын мæ бон нал уыди æмæ мæхи æруагътон цавæрдæр губаккыл. Мæ ных уазал хид ракодта. Цыма хур аныгуылди æмæ никуыуал скæсдзæни, цыма дуне бынтондæр баталынг, афтæ мæм фæкасти... Нæ зыдтон æз, аф- тæ тыпг бауарзтон Оксапæйы, уый. Нæма зыдтон, уарзондзи- над афтæ тыхджын у, уый. Зонын æй ныр, уарзондзинадæй тыхджындæр зæххыл кæй ницы ис. Сыстадтæн иуафон, фæлæ ма кæцырдæм цыдаин... Оксанæ... Мæ зæрдæйы уалдзыгон дидинæгæн чи сæвзæрди, уыцы Окса- нæ куынæуал ис... Уæвгæ... Чи зоны... Чи зоны, мæ амонды 231
стъалы нæма аныгуылди... Цыдæр æнхъæлцау... Нæ, æихъæл- цау йæхæдæг нæ, фæлæ ма йæ аууон кæмдæр мæ сæры магъзы иу фæзилæны уыди. Кæд уый нæу, кæд æндæр искæмæн къа- хынц ингæн? Фæлæ йæ куыд базындæуа... Уыцы æнхъæлцауьг æууæнк мын бауагъта мæ зæнгты хъару. Тагъд-тагъд фæраст дæн уæлмæрдтырдæм, фæлæ куы фæцæйхæццæ кодтон, уæд та мæ зæрдæ ауазал. Уыцы æнхъæлцауы аууон дæр ма фесæфа,. уый мæ нæ фæиды. Куы бацæуон æмæ мын Офелияйы ингæн- къахджытау куы зæгъой, Прохорова Оксанæйæн къахæм ии- гæн, зæгъгæ... Уæдмæ ингæнкъахджытæй иу мæнырдæм ракаст. Æвæццæ- гæн, мæ цæсгом митæй фæлурсдæр уыди, афтæмæй йæ афар- стон: — Чи амарди, хорз лæг? — Сердюкты ус амарди... , Æз нал байхъуыстон дарддæр. Фырцинæй иыххудтæн æмæ згъорыимæ фæдæн Оксапæтырдæм. — Сæрхъæн! — Цæуыл ныццин кодта, цымæ? — Æниу кæдæм фæлидзы? Йæхицæн фæтарсти! Ацы ныхæстæ ма згъæлдысты мæ фæдыл, фæлæ сæм чи хъуыста. Мæнæн та мæ хур фæстæмæ скасти æмæ йæм згъорд- тон. Мæ зæнгты Нарты Батрадзы тых æмæ цырддзинад бацы- ди. Бахæццæ дæн Оксанæты цæхæрадопмæ. Дуармæ дæр нал^ фæлæ кауы сæрты багæпп кодтон æмæ — цæхæрадоиыл кæрт- мæ... Мад рацæйцыди уатæй. Куы мæ ауыдта, уæд фæджих. — Нæ мады хай... Куыд у Оксанæ? — афарстон æй тыху- лæфтгæнгæйæ. — Абон дзæбæхдæру. Иæ удæн тас нал у,— загъта мад, æмæ бахудти. Æвæццæгæн, йæ чызгыл афтæ тыхст кæй уыд- тæн, уый йын æхсызгон уыди. Æз ын ныхъхъæбыс кодтон, стæй. йæ афарстон: — Бацæуæн æм нæй? — Цæуылнæ. Цом. Æз дæ бакæнон. Мад бахызти мæ разæй. Æз йæ фæстæ. Оксанæ хуыссы- ди сыитæгыл. Æз куы бакъахдзæф кодтон, уæд йæ мидбылты бахудти æмæ хъæццулæй йæ цæсгом амбæрзта. Цыма мыл мин хуры ракасти, афтæ ныррухс и мæ зæрдæ. Уыцы минут æй уы- цы бахудтмæ мæ хъæбысы фелвæстаин, мæ уæлныхты йæ ра- хастаин. 1 — Оксанæ...— æрмæст ын сфæрæзтоп йæ ном зæгъын. — Сбад, сбад, мæ хур,— бандон æрæвæрдта сынтæджы цур* мад æмæ рацыди. Æвæцццæгæн нæ бамбæрста. 232
— Оксанæ,— сабырдæрæй йæм сдзырдтон, дыууæйæ куы баззадыстæм, уæд.— Ракæс-ма, Оксанæ. Чызг ракасти æмæ та бахудти, стæй йæ цæсгом фæтар. — Оксанæ... Уарзгæ дæ кæнын... Уарзгæ... — Уарзгæ чи фæкæны, уый бирæгъау нæ лæбуры,— загъта Оксанæ æмæ йæ цæстытæ стъалытау сæрттывтой худынæй. Уæдмæ æрбацыди мад. Æрбахаста нозт æмæ тæбæгъы цы- дæр хæринæгтæ. — Мамæ... Мамæ... Хъус-ма, мæнæ цытæ дзуры Михал. — Цытæ дзуры, мæ чызг! — Нæ мады хай...— мæхи фæкъæйных кодтон æз.—Дæ чыз- джы дын уарзын... Кæд мæ уæхицæн аккаг кæнут... Мад бахудти. Бахудти Оксанæ дæр, æмæ мæм афтæ фæкас- ти, цыма уыцы бахудтмæ ныррухс и, тæмæнтæ скалдта æнæ- хъæн дуие дæр.
ЗÆРОНД ХÆЙРÆГ Ч’арон æрæгвæззæджы æрцыди ацы чысыл хабар. Нартхор тоныны рæстæджы иуизæр фистæгæй фæ- цæйцыдтæи быдырæй хъæуырдæм. Уыди æнæдымгæ, фæлмæн изæр. Æрмæст-иу искуы-иу хатт мæ галиувæрсты æрбатахти гуыр-гуыргæнгæ нартхорласæг машинæ, йæ рыджы уылæнтæ-иу йæ фæдыл зилдухгæнгæ фæуагъта, фæаууон-иу ис æмæ та-ну бæстæ ныссабыр. Æз цыдтæн фæндаджы былгæрæтты æмæ фæлгæсыдтæн мæ алфамбылай, адæм сæ иартхор кæмæн æртыдтой, уыцы бы- дыртæм. Бæстæ уыди сыгъдæг, уæлдæф — рæсуг, арв — ирд. Æддæдæрæй хъæд зынди бурæй. Хъæды сæрты хæхты цъуп- пытæ сфардæг сты арвы. Хур æрцæйтылди хæхты сæрмæ. Йæ фæрсыл тынтæ куыд- дæр æнахуыр æнкъард рухс бакодтой кæм ссæст, кæм та ма уырдыг лæууæг нартхоры хæтæлты. Фæззыгоп æрдæгбæгънæг быдыр цæст нæ рæвдауы/зæрдæ нæ рухс кæны уалдзыгон кæнæ сæрдыгон цъæх быдырау. Æз цыдтæн сындæг, хъуыдытæ кодтон, ацы нартхоры бы- дырты уалдзæджы цавæр картофы мыггаг садзын хъæудзæи, уыдæттыл. Ахæм фæндагыл цæугæйæ бæргæ хорз уаид хъæлдзæг æм- бæлццонæн. Дзурæг æмбалимæ лæг тагъддæр бахæццæ вæййы йæ нысанмæ. Мæнæн уыцы бон нæ фæпис ахæм æмбæлццон. Ныры адæм фистæгæй арæх нæ цæуынц. Чысыл ма уыди хур æрныгуылынмæ, уæд бахæццæ дæи иу нарæг æрхы былмæ. Цæссыджы хуызæн сыгъдæг дон стыр дур- ты æхсæнты, лыстæг хуыр æмæ змисыл йæ сабыр зарæггæп- гæйæ згъордта дæлæмæ. Иæ сæрмæ чысыл хъæдын хид. Хиды 234
Ъсæцæныл йæ рæмбыныкъæдзæй æрæнцойгæнгæйæ лæууыди иу ^æ зонгæ, ацæргæ рихиджын колхозон, йæ рахиз къухы стыр и^ртхоры æфсирмæ касти æмæ худти. Куы йæм бахæццæ дæн, _уæд æй бафарстон: "\— Цæуыл худыс. мæ лымæн? ■^г- Мæхиуыл худын,—дзуапп мын радта лæг уыцы худ- гæйæ. Сдлам радтам кæрæдзийæн. Æз æрлæууыдтæн, æрæнцой кодтсш хиды хæцæиыл æмæ загътон мæхинымæр: «Дзæгъæлы нæ ф&зæгъынц, иу куы худы, уæд йæхиуыл худы». Ай,' зæгъын, йæ алфамбылай цъиутæхæг нæ зыны, афтæмæй иунæгæй хи- дыл лæууы æмæ йæхиуыл худы. — «Чудак»! — зæгъгæ, йын загътои уырыссагау. — Мæ хуызæн чудактæ нырма бирæ ис,— зæгъгæ, лæг но- джы хъæрдæрæй ныххудти. Æз та йæм диссагмæ кæсæгау ныккастæн. — Æмбарыс, мæ лымæн агроном,— сдзырдта лæг уæд æнæ яудгæйæ.— Абон райсом.мæнæ ацы фæндагыл куы фæцæйхыз- тæн, уæд ссардтон мæнæ...— Лæг хæрдмæ сæппæрста нартхоры -æфсир æмæ йæ йе ’ннæ кæронæй рацахста. Мæ цæстыты раз .хæдуагъд сызгъæрины гуппарау хуры тынмæ ферттывта уыцы .æфсир. Лæг дзырдта дарддæр: — Хъуамæ йæ колхозы нартхорласæг машииæмæ баппæр- стаии, æз та йæ мæ дзыппы нысхуыстон æмæ йæ* бон-изæрмæ зæронд дамбацайау рахæсс-бахæсс кæиын! Бафæрс-ма мæ, цæ- мæн? Нартхæрттæ мын нæ фаг кæны, æви хæринагхъуаг дæн? Нæ, фæлæ мæ мæ зæронд хæйрæг æрбасхуыста, ома, «ахæсс жй дæ хæдзармæ, бахъæудзæн дæ». Лæг та йæ мидбылты бахудти æмæ цыма исты къæмдзæстыг фæци, уыйау загъта: — Уыцы зæронд хæйрæг нырма фæззыгон бындзау куы мæ разæй, куы мæ фæстæ зилдухтæ кæны... Стæй капд мæ хæйрæг З1æ зилы, мæ хуызæттæ ма бирæ ис, йæ зæронд хæйрæджытимæ ома чи хъуырдухæн кæны, ахæмтæ... Нæ цурты та хæстæг æрбазгъордта иу нартхорласæг маши- нæ. Лæг машинæйы оæр кæримæ баппæрста нартхор, æмæ ра- раст стæм хъæуырдæм. Хур аныгуылди. Æрмæст ма хæхты цъуппытыл сырх дардтой хаугæ тынтæ. Уыди рæсугъд, сыгъдæг изæр. Ме ’мбал худгæйæ цыдæртæ дзырдта. Фæлæ йæм æз нæ хъуыстон. Цæй æнцон у цæрын, йæхимæ тона кæныиыл ардауæг зæ- ронд хæйрæджы йæхицæй худгæйæ чи суры, ахæм лæгæн, зæгъ- гæ, хъуыдытæ кодтон йæ фарсмæ цæугæйæ. 235
ÆРТÆЙÆ Лкъæдмæ хæстæг стыр комы былтыл кæрæдзи комком- мæ лæууынц ног хъæу æмæ зæронд хъæу. Се ’хсæн ма комы бынæй стыр дон зыны, урс хъæццулыл сау тæбыны хал куыд зына, афтæ. Доиы былты мидæмæ цы фæндаг цæуы, уый дæр нал зыны. Бæстæ иууылдæр митæй у урс-урсид. Æхсараты Дзамболаты æрдæгуæладзыг хæдзар лæууы зæ- ронд хъæуы кæрон. Тæккæ былгæроны ставд бæлæсты къохæй Дзамболаты хæдзары æхсæн ис æрмæст нарæг фæндаджы уадз- дзаг. Дзамболаты сарайы дуарæй бæлæсты къохмæ хæрзæрæ- джы фæзынди зултæ-мултæ къанау. Бæлæсты къохы был та — арф ныккæнд-блиндаж. Блиндаж бынты гом у комырдæм æмæ æхгæд у æрдæгконд куыройы фыдтæй. Раджы кæддæр Дзамболат арф комæй раласта стыр къæ- дзæхдуртæ. Армæй — хæрзарæхст, къухæй дæсны, зæрдæргъæвд лæг куыройы фыдтæ арæзта, фæлæ йын дзы æртæ æрдæгкон- дæй баззадысты дæлбыл. Ныр сæ немыцæгтæ æхсæвыгон блок- тæй сластой. Сæвæрдтой сæ блиндажы размæ. Сæ хуынчъыты сын ауагътой пулеметты хæтæлтæ, размæ, фаллаг хъæумæ дæр, дæлæрдæм дæр æмæ сын мидæмæ дæр æхсæн куыд уа, афтæ. Æрæмбæрзтой сæ хæмпæлтæй. Мит æрæмбæрзта хæдзæртты сæртæ, æрбадти пихлойгай бæгънæг бæлæстыл. Слæгъз кодта сармадзанты нæмгуытæ, ми- нæтæ, бомбæтæ цæхæрадæтты æмæ уынгты цы дзыхъхъытæ скодтой, уыдон. Миты бынæй нал зынди блиндаж дæр. Бæстæ ныхъхъус, ныссабыр. Нæ иу хъæуæй, нæ иннæмæй хъуысы адæймаджы хъæлæс, нæ фосы, нæ мæргъты уасын. Хæдзæрттæй æддæмæ нæ зыны цъиуызмæлæг. Нæ зыны хæ- дзæртты сæрмæ фæздæг дæр. Æрмæст арæх, куыд никуыма уы- ди, афтæ арæх "ниуынц куитæ иу хъæуæй- дæр æмæ иннæмæй дæр. 236
* * * Дзамболаты хæдзары дыууæ уаты бацахстой немыцаг æф- саеддонтæ. Дыууæ къæсхуыр салдаты иу уаты, æртыккаг — бурхил афицер, ахста дыккаг уат. Уæтты хорз дзаумæйæ цы баийæфтой — къуымбил гобæттæ, хъæццултæ пакъуы базтæ, уыд\)н ахастой блиндажмæ. Уаты къултыл цы гауызтæ уыди, уыдан æртыдтой, сæвæрдтой сæ афтид сынтæджытыл æмæ сыл бон оæ фæллад уагътой радыгай. Мамболат йæ рынчын уазæг æмæ йæ чындзимæ царди хæ- дзары. Хæдзар у уазал. Бои арт кæнын нæ уæндынц. Дзвмболаты рынчын уазæг, йæ рагон хæлар Аслæнбег хуыс- сы рудзынгмæ хæстæг даргъ бандоныл... Йæхи хæдзар — Дзæу- джыхъæуы, фæлæ йын дзы ничи ис. Йæ ус раджы амарди, йæ- хæдæп 37-æм азы ахст куы уыди, уæд. Йæ фырт — æфсады. Аслæнбег йæ горæтаг фатеры дуар сæхгæдта, дæгъæлтæ радта йæ сыхæгтæм, афтæмæй араст и... Ныр мæнæ рынчынæй хуыс- сьгйæ зæроид хæлар Дзамболаты хæдзары. Цы бæллæхтæ рахастой зæронд лæджы, ацы хъаймæты хæс- ты бопты цард æмæ мæлæт иыхæй-ныхмæ кæм фесты, уыцы хъæумæ? Цæмæн хуыссы Аслæнбег, фыдызнаджы æфсæдтæ кæй бацахстой, уыцы хъæуы?.. Аслæнбег кæм хуыссы, уыцы хæдзарæй немыцаг-фашистон афицер кæм бады, уыцы уаты æхсæн ис æрмæст иу тæнæг къул. Дыууæ фыдызпаджы — фæрсæй-фæрстæм!.. Немыцы æфсæдтæ Кæсæджы зæххæй Иры зæхмæ куы ’рба- хызтысты, уæд Аслæнбег дæр рацыди партизантимæ, кæд сын исты ахъаз фæуии, зæгъгæ. Зæрдæ бирæ цыдæртæ фæзæгъы. Зæрдæйы нывæстытæн кæ- рон дæр нæй, фæлæ буар, зæронд лæджы буар зæрдæйы ком- мæ нал фæкæсы. Къорд бонты хъæды фыдвæндæгтыл, уазал зымæгон æхсæв- ты фыдвадæтты кæмдæр суазал. Фæрынчын. Йе ’мбæлттæ йæ рахастой, æрбахæццæ йæ кодтой ардæм, сæхæдæг фæстæмæ афардæг сты хъæдмæ. Аслæибег йæ зæрдæйæ загъта, уæдæ чысыл куы фæфидар уон, уæд исты амалтæй нæхимæ схæццæ уыдзынæн. Немыцы æф- сæдтæ ацы хъæумæ афтæ тагъд æрбахæццæ уыдзысты, уый æпхъæл нæ уыди. Фæлæ уыдоп лæбурдтой, бырстой Грознамæ, Бакумæ. Уыдон лæбурдтой Арвыкомы фæндаг бацахсынмæ, тагъд кодтой. Сæ сармадзантæй, сæ хæдтæхджытæй, сæ танк- тæй, сæ мотопехотæйы цæлхытæй ссæстой, сæ размæ цыдæрид- дæр лæууыди, уыдон. Ацы хъæуыл фæссихорты æрбауагътой цалдæр сармадзаны 237
нæмыджы, къорд хæдтæхæджы æрзылдысты, æрæппæрстой хъæуы астæу бомбæтæ. у Нæхи æфсæдтæ ацы хъæу ныууагътой, фæлæ æрфидар сты фаллаг бæрзонддæр былыл ног хъæуы. Знагæи ацы чысыл хъæ- уы фæстиат кæнын, æвæццæгæн, йæ нъланты иæ уыди æэяæ уыциу маршæй фæцæйцыдысты фаллаг фарсмæ, фæлæ сæ даз- заг машинæтæ куыддæр доны былмæ бахæццæ сты, афтæ гсыл нæхиоптæ уæлбылæй ныккалдтой. Дыууæ рог тапчы æмæ цып- пар машинæйы ныр дæр пырхытæй лæууынц доны былГ æд мæрдтæй. Фыццаг машина-чы фæстæ чи уыди, уыдон царгæр фæзылдысты фæстæмæ, стæй фессæстой комы фæндагыл мидæ- джырдæм. Фæлæ сыл уыцырдыгæй дæр æркалдтой, æмаз уæд фæстæмæ фæзылдысты. I Нæхионтæ сын уыпы ран ахæм ца^ф ныккæндзысты,< уый æнхъæл нæ уыдысты. Æмæуæд уыцы. изæрацы хъæу фидæрт- тæ кæнын байдыдтой. Изæрдалынгты цæхæрадæттыл æрбацыдысты Дзамболаты хæдзармæ дæр. Дзамболаты æрбаййæфтой кæрты, фосæн скъæтмæ холлаг хæсгæйæ. Хъæллæгъы куырис куыд фæцæйхас- та, афтæ йæ алыварс алæууыдысты автоматтимæ. Æркæстытæ йæм кодтой, æрæвæрын ын кодтой йæ куырис, стæй йæ фæуагъ- той æмæ сæ автоматты бырынчъыты фæдыл схызтысты асин- тыл тыргъмæ. Хæдзармæ дæр бацыдысты уыцы хуызы. Дыууæ иемыцаг афицеры ныллæууыдысты даургæроп. Аслæнбег кæм хуыссыдй; уыцы даргъ бандоимæ хæстæгдæр бацыди иу сау- лагъз ныллæггомау, ставдбæрзæй лæг,— йе уæхсчытыл — ка- питаны пъагæттæ—æкæ рæгъæд хъалгъæнхуыз цæстытæй æдзы- нæг ныккасти рынчынмæ. Аслæибег уыди æпæдаст, йæ мæллæг цæсгом — низæфхæрд. Урс боцъотæ, урс зачъетæ... Зынди æрмæст йæ цæсгом, æмæ сæм касти арфæвæрд цæстытæй. Иæ къæхтырдыгæй лæууыди Дзамболаты чыпдз. Уый дæр сæм касти тарст цæстытæй. — Чи у ацы лæг? — сыгъдæг иронау бафарста ставдбæрзæй- джын капитан. — Уый мæ фыд у,— дзуапп ын радта чындз сабыр хъæлæ- сæй, цыма иСкæмæ уайсады, æмæ бамбæрста, йæ зæнгтæ кæй ризынц. Хæдзармæ немыцаг афицерты сæртьь бакасти Дзамбо- лат дæр. Капитан та бафарста: — Æмæ цæмæн хуыссы? — Рынчын у,— дзуапп та йын радта чындз. — Цæмæй рынчын у? ; — Рæуджыты низæй. — Чехотка?!. 238
— 0. V Немыцæгтæ цыдæр сдзырдтой иронмæ. Уый сæм ракасти а\мæ сын загъта цыдæр сæхи æвзагæй. \Ныр Сакинæтæн (афтæ хуынди Дзамболаты чындз) йæ зæ)}дæ йæхи къултыл хойы, уыцы ирон фашист куы базона... Кæддæр обкомы стыр кусæг Аслæнбег... фæлæ афицертæ куыд- дæр\ капитаны иыхас айхъуыстой, афтæ цæхгæр фæзылдысты æмæ тутæгæнгæ рацыдысты: Капитан ма бакасти Аслæнбегмæ æмæ\йыл цыма тынг мгёт кæны, афтæ бакодта. —| Æмæ арт та цæуылнæ скæпут уа^ рынчынæи? Уазал лæ- гæты| йæ цы дарут?.: Тагьддæр амæла, уый тыххæй? — æмæ та йæм бакасти. » «Тагъддæр куы ахъуытты уаид»,— зæгъы йæхинымæр Са- кинæ^г. 1 Хæдзармæ бахызти Дзамболат æмæ загъта. — Мæнæ... Ныртæккæ скæндзыстæм... фæлæ ды ирон нæ дæ? { — Нæ дæп... Зæронд \лæг,— раздæхти капитан Д’замбола- тырдæм,— ацы хъæуы Сырх Æфсад нæ уыди? — Нæ уыди,— дзуапп радта Дзамболат. — Уæдæ фаллаг хъæумæ кæцæй фæзыидысты? — Æмæ-гъа... Æвæццæгæн, уæлейæ æрцыдысты... «Нæ мæ ракъахдзынæ, куыдзы цæфхад!.. Дæ уæлæ цы дарæс ис, уымæй бæрæг у, чи дæ, уый»,— зæгъы йæхинымæры Дзамболат. , Ирон фашист ма аракæс-бакæс кодта, йæ хъалгъæнхуыз цæстытæ тарст мæгатау азылдысты къуымты æмæ æнæисты- сдзургæйæ рацыди хæдзарæй. Немыцæгтæ ма уыдысты уаты. Уыдон рудзынгæй æддæмæ кастысты. Иу дзы иннæтæп амыдта былгæропы бæлæсты къох- мæ, стæй се ’ппæт дæр ацыдысты. Дзамболат æмæ Сакинæт афтæ æнæистыдзургæйæ алæууы- дысты, стæй сæ дыууæ дæр бакастысты Аслæнбегмæ. — Гъы, куыд, Дзамболат, куыд дæм фæкастысты дæ «уаз- джытæ»? — мæсты мидбылты худгæйæ загъта Аслæнбег. — Сæ уынæр нал цæуы уатæй... Афтæмæй \\æ куы ныууа- дзиккой... фæлæ ацы уæйгæнæг... куы дæ базона... уымæй æдас йæ уыдтæн... стæ-ма, цы фссты...— уыцы иыхæстимæ Дзамбо- лат рацыди. — Акæс-ма... Чындз,— бакасти Аслæмбег Сакинæтмæ.— Æнхъæлдæп мæ документтæ мæ пинджачы дзыппы сты... — Æз дæр ма ууыл ахъуыды кодтои, уыцы капитан дæм куы ныккомкоммæ, ,уæД»— загъта Сакинæт æмæ фæсдуар къу- лыл ауыгъд пинджак радавта.— Гъа, фен сæ дæхæдæг... Куы та æрбацæуой... 239
Аслæнбег рабадти. Райста Сакинæты къухæй пинджак, дзьшу пæй систа паспорт æмæ партбилет. / — Мæ хæдзарыл!.. уый дып куы ссардтаиккой... / — Гъа-ма, афснай йæ искуы арф... уæртæ дæ къæбицы. / Сакинæт райста партбилет. Æркасти йæм... «Время всруп- ления... 1916 год»... / — Царæфтыд пæ кодтай дæхи!.. Ныропг мын æй куыд никуы загътай? Цон... афснайон æй,— æмæ рауади, тыргъæй сарайы æхсæи цы къæбицгоид уыди, уырдæм. Минуты фæстæ фæдис- хуызæй фæстæмæ смидæг хæдзары. / | — Æрбацæуынц та... Исты ма дæм ис ахæмæй? — афарста Аслæнбсджы. / * — Нæй... Гъа, нинджак фæстæмæ ^ауындз йæ бынаты. Цалыпмæ уыцы хъуыддæгтæ кодт^й, уæдмæ кæртмæ бацы- дысты къорд æфсæддоны, фыццæгтæи семæ уыдис æрмæст иу афицер, нннæтæ уыдысты салдæттæ. Афицер сæ бакодта астæ- уыккаг уатмæ æмæ сын рудзынгæй амыдта былгæроны бæлæ- сты къохмæ. / / Бынтон куы æрталынг, фаллаг фарсæй сæ ничи фендзæн, уый куы бамбæрстой, уæд сæ йемæ акодта уыцы къохмæ. Семæ ахастой къахæитæ, белтæ æмæ уырдыгæй æрбайхъуыст сæ гуыпп-гуыпп. Дыккаг æхсæв дæр фæкъахтой. Æртыккаг æхсæв та сарайы дуарæй уыцы къохмæ айгæрстой зултæ-мултæ арф къанау. Гъеуыцы арф къанауыл сæ блиндажмæ фæхастой пулемет- тæ, гилдзыты асыччытæ, цыдæр дзауматæ æмæ хæдзарæй хуыс- сæигæрзтæ. Хæдзары бинонтæй æддæмæ ракæсын никæй уагъ- той. Дзамболат æмæ Аслæнбег сæм кастысты хæдзары рудзын- гæй. Æмбæрстой, бæлæсты бын сæхицæн фидæрттæ кæнынц, уый. Хъуыстой сын цæхæрадонæй сæ фæрæтты къупп-къупп, иннæрдыгæй сæ къахæнты гуыпп-гуыпп. Дзамболат йæхимидæг фыхти, æрдиаг кодта. Уый зыдта, цæхæрадоны фæрæттимæ цы ми кодтой... фæлæ цы йæ бон уыди. — Мæ бæлæстæ мын ныццагътой, æнхъæлдæн,— загъта йæ дæндæгтæ къæс-къæсгæнгæйæ. — Диссаг нæу... пæхионтæ дæр куы ныхъхъус сты... Æви фаллаг хъæуы дæр ныууагътой знæгтæн,— йæхицæп дзурæгау зæгъы Аслæнбег.— Фæлæ уый дæр куыд уыдзæни?.. ^ Рæстæгæй рæстæгмæ-иу фаллаг хъæуæй æрбайхъуысти иу- гай топпы гæрæхтæ, пулеметты къæр-къæр... «Нæ, нæ ныууагътой... Уæд гæрах нæ хъуысид уырдыгæй, с^æй ацы знаджы æфсæдтæ дæр ам нал уаиккой... Æвæццæгæн, сæхи цæттæ кæнынц, фæлæ цæй æрæгмæ...» — хъуыдытæ кæны Аслæнбег. 240
\ Немыцæгтæн сæ блиндаж куы сцæттæ, пулеметтæ, гилдзы- ты асыччытæй йæ куы байдзаг кодтой, æрмæст уæд уадзын байдыдтой бинонты кæртмæ æмæ цæхæрадонмæ. \\фтæмæй аивгъуыдтой цалдæр боны. Нузæр та, дзæвгар куы фæталынг и, уæд æрбаластой стыр сармтадзан. Дзамболаттæй дыууæ хæдзары уæлдæр æй иу са- райыУдуарыл чъылдымырдæм базылдтой. Йæ хæтæл ын уыи- джыбæлæсты æхсæнты сарæзтой комы сæрты фаллаг хъæумæ. Афтæюакодтой ноджы цалдæр раны кæройнаг уынджы уæлæ- мæ. 1 Æхсæвæрафонмæ æввахс æрбацыдысты фистæг æфсæдтæ. Сыхы ^хæдзæрттæ, саратæ æмæ кæртытæ байдзаг сты салдæт- тæй. Дзамболаты дыууæ уаты æмæ сарайы дæр базмæлæнтæ нал уыди, фæлæ хæдзармæ нæ бацыдысты. Æвæццæгæн сын фехъу- сын чындæуыди, уым чехоткæйæ рынчын хуыссы, зæгъгæ, æмæ лæ бауæндыдысты, фæлæ уæтты æмæ сарайы æмыр дзолгъо- молгъо кодтой. Сарайы царæй ракалдтой хос æмæ уымæй сæ- хицæн сарайы зæххыл лыстæнтæ арæзтой. , Хæдзары тыпг рухс кæнæн нæ уыди. Чысыл фæтæгеньь цы- рагъ къулæй дыдзы рухс кодта стыр хæдзары къуымтæ. Дыу- уæ рудзынджы æмбæрзт уыдысты, иу. фæсмын хъæццулæй, ин- нæ зæронд бинаг нымæтæй, цæмæй рухс æддæмæ ма зына, уый тыххæй. Дзамболат, кæрц йæ уæлæ, афтæмæй хæдзары никуы бадти, цыфæнды уазал бонты æмæ æхсæвты дæр. Ныр йæ цыбыр кæр- цы зæронд стайау къаесæрмæ хæстæг бадти агæппæввонгæй æмæ къæрцхъусæй хъуыста, тыргъæй æмæ кæртæй ардæм цы уыиæртæ цыди, уыдонмæ. Аслæнбег йæ къухтæ йæ нывæрзæн бакодта, афтæмæй хуыс- сыди даргъ бандоныл æмæ уый дæр хъуыста уынгмæ. Уынгæй хъуысыди машинæты уынæр æмæ æфсæддонты æмыр ныхас. Чындз пецы цур архайдта æхсæвæримæ. Æртæйæ дæр хъуыдытæ кодтой, æддейы цы хабæрттæ цы- ди, уыдоныл. Уыдон æмбæрстой: знаг комы фаллаг хъæумæ ныббырсынмæ йæхи цæттæ кæны. Немыцаг æфсæдтæ æхсæв бырсынмæ кæй нæ уæндынц, Дзамболат æмæ Аслæнбег уый дæр зыдтой, фæлæ кæд?.. Æвæццæгæн, райсом бонрухсæй. Дыууæ лæджы катай кодтой: уæдæ цы ’гъдауæй, цы мадзалæй фæхабарчындæуа нæхионтæм. Кæд æй нæ зоныиц. æмæ сæ æдзæттæйæ куы баййафой... Фæ- лæ иицы мадзал ардтой. Комыл та цъиу атæхын иæ уадзынц иуырдыгæй дæр æмæ инпæрдыгæй дæр. Æхсæв-бонмæ пулемет- тæ кæныиц дзæгъæл куиты рæйд. 16 Хæхты 241
у Фæлæ уыцы рæстæджы фаллагфарсы нæхионтæ цæттæпжд дæр ма фесты ныббырсынмæ, æцæг бонрухсæй нæ,. фæлæ æх- сæвыцъæхæй. 1 Дыууæ зæронд лæгæн æмæ чындзæн цы сæ бон уыди ахæм хъуыддаджы, ахæм уавæрты æфсадæн исты æххуыс бакæнын* Фæлæ хъæуы разынди, чи сарæхсти, ахæм лæгтæ... ъ ; / Æмбисæхсæвмæ не схуыссыди Дзамболат. Къæрцх/ьусæй фæбадти, куы-иу рудзынгæй адардта йæ хъус, куы-иу тыргъыр- дæм хъуыста. Тыргъæй ма хъуысти æрмæст иунæг салда/гы цы- рыхъхъыты къупп-къупп. Нæ хуыссыди чыидз дæр (^æ/хицауы разæй. Æппын æнæхуыссæг та’ уыд Аслæнбег. • \ — Дзамболат, дæхи æруадз æмæ чыидзы дæр бауадз йæ фæллад суадзын... Бадæм, нæ бадæм, уæддæр цы нæ бон у,— дзуры Аслæнбег. — Уымæн раст зæгъыс, Аслæнбег, цы нæ. бон у... Чындз, марадз æмæ дæ фæллад суадз,— уыцы ныхæстимæ йæ кæрц раласта Дзамболат, йæхи æруагъта хъæдын тъахтиныл ’æмæ кæрцæй йæхи æрæмбæрзта. Сакинæт дæр бацыди скъаппы фæстæмæ. Уым уыди стыр æхгæд чырын. Ууыл æрбадти. Йæ фæсоитæ къулмæ сарæзта æмæ афтæмæй^ нæ хуысгæ, нæ ба’дгæ кодта. Хуыссæг сæ æм- гæрон никæмæ цыди. Алчи сæ хъуыды кодта: ацы знаджы æф- сæдтæ ныр цалдæр бопы кæй фæластой, уыцы сармадзаны нæмгуытæ, уыцы асыччыты цы минæтæ æмæ гилдзытæ ис, уы- дон иууылдæр райсом ныккæлдзысты фаллаг хъæуыл. Уым — хæстæджытæ, æрвадæлтæ, къабæзтæ, сывæллæттæ... цы уыдзы- сты... цы уыдзысты уым сывæллæттæ... *, * * Цас рæстæг рацыданд, чи зоны, фæлæ дып иухатт зæхх ныниæрыди, бæстæ пыггыбар-гыбур кодта. Сармадзаны нæм- гуытæ æхситгæнгæ æрбатахтысты хæдзары сæрты, æвæццæгæн,. хъæуы астæу немыцаг æфсæдты штабмæ æмæ скълæдтæм. Тыргъæй æрбайхъуысти бирæ къæхты гыбар-гыбур, дуæрт- ты гуыппытæ. Кæртæй — бирæ адæмы дзолгъо-молгъо. Дзамболат фесхъиудта æмæ тарст арсау скатай куы дуарыр- дæм, куы рудзынджырдæм. Чындз дæр рагæпп кодта фыццаг гæрахмæ. Цырагъ афу кодта, æмæ хæдзар бынтон нытталынг. Аслæнбег хуыссæнæй йæхи сивæзта, цадæггай рахъил кодта рудзынгæмбæрзæнты кæрон æмæ æддæмæ йæ цæстытæ ныссагъ- та. Æдде ма уыди талынг. Фæлæ йæ цæстытæ ацахстой: митыл сау æндæргтæ згъордтой ацырдæм. ’ Фаллаг былæй алы 242
йæттæй ферттив-ферттив кодта. Æхстой бирæ сармадзантæ. \ Æртæ адæймаджы фыццаг афтæ фенхъæлдтой, æмæ знæг- ть1 бырст райдыдта, уыдон сармадзантæ ныббогътæ кодтой, фаэпæ йæ куыдфæстæмæ æрæмбæрстой. Гæрæхтæ хъуыстысты фалæрдыгæй, æрттывтой фаллаг хъæуæй. УаЪьшмæ уыцы хъаймæты гыбар-гыбурæй уынг фæрухс ис, фæ- рухс\сты къохы бæлæсты сæртæ... Дзамболаты уæле, дысон знæгтæ чъылдымырдæм сармадзан цы сарамæ батылдтой, уый пиллон суагъта. Уыдоæн дæр, æпæццæгæн, йæ цары .уыдис хос. Хус хос сар- мадзаиы нæмыджы цæхæрæй ссыгъди. Сара пыггуыпп ласта. Ны^ гыбар-гыбур не ’нцайы. Аслæнбег кæсы комы фаллаг былмæ^ уым цыма алы бæласы бын дæр фæныкъул-фæныкъул- гæнаг æртытæ счындæуыди... ’ — Нæхионтæ!.. Нæхионтæ райдыдтой!..— Фырцинæй худ- гæйæ ракасти Аслæнбег фæстæмæ, фæлæ никæй федта. Дзамбо- лат æртыдта иннæ рудзынгæмбæрзæп æмæ уый дæр касти æд- дæмæ. ’ • , —’ Грæй, хуыцау уын ’ ма ныббара, мæнæ сырдтæ! Садулы лæдзар... Налфæци Дзамболат кæронмæ йæ дзырд. Цыма сау мæй- дар æхсæв хъаймæты къæвдаимæ арв ныггæрæхтæ ласта, афтæ цæстыфæныкъуылдмæ бæстæ ныррухс... зæхх ныззыр-зыр код- та... рудзгуыты æвгтæ ныдздзыгъал-мыгъул кодтой... Хæдзары сæрæй æрызгъæлдысты æмбæрзæн дуртæ æмæ рудзгуыты бын сæ къæрцц-къæрцц ссыди... Стæй та ноджыдæр, ноджыдæр... — Чындз!..—* рудзынгæй фæстæмæ фæзылди Дзамболат.— Тагъд, ныккæпдмæ! Фæцыди дуары хъист æмæ гуыпп, фæлæ та фæстæмæ дæр аф- тæ — хъинц æмæ гуыпп, Сакинæт рауади тыргъмæ, иыккæндмæ кызгъорынмæ хъавыди, фæлæ уырдæм бырстой знаджы æфсæд- донтæ кæрæдзи ссæндгæйæ æмæ уæд фæстæмæ фæзылди... Р1æ фæдыл дуар æрбагуыпп кодта, къæпсырæй йæ ахгæдта æмæ педæй скъаппы æхсæн фæтымбыл. — Аслæнбег!.. Аслæнбег!.. Цы фæдæ? — дзуры та Дзамбо- лат. ’ — Æз мæнæ... м.æныл ма тыхс, Дзамболат..., — Садулы хæдзар... бабын... судзы... Иæ сарайы йын бирæ асыччытæ... — Æвæццæгæн, сармадзаны нæмгуытæ хæлынц... мæ уд сæ рынтæ бахæрæд нæхионтæн!.. — Хъæу басыгъд... фæлæ басудзæд... Æгас чи баззайа, уы- дон та сараздзысты хæдзæрттæ... Ацы сырдты къæхты бып цæ- рыны бæсты бынтон сæфт хуыздæр... 243
— Фæлæ, Дзамболат... ацы сырдты лаёгæтмæ нæ цæвынц.У Цы хабар уа?.. Г — Кæд æй нæ зонынц... / — Æвæццæгæн... Гъæй-джиди!.. / Афтæ талынджы дыууæ зæронд лæджы ферох кодтой с#хи æдасдзинад... ’ [ * * * / Æддейы ма сахатырдæджы бæрц бæстæ хъаймæты (оонау гыбар-гыбур кодта. Кæройнаг уынджы уæлæмæ немыцы æф- сæдтæ сæ сармадзантæ цы кæртыты, цы сараты цур æрæвæрд- той, сæ æфсæдтæ абырсынæввонгæй цы хæдзæртты лæууыды- сты, уыдон цыр боныцъæхтыл пиллон уагътой, сæ зæхх сын знаджы салдæтты æмæ афицерты буар æмæ тугимæ, ноджы хæдзæртты сыгъдæттимæ сызмæстой. Дыууæ зæронд лæджы уæддæр кастысты рудзгуытæй æд- дæмæ. — Хъавæгæй æвзидæг фæраздæр,— бахудти Аслæнбег. — Фæлæ сæ хъавд фалдæр ахаста, æнхъæлдæн... Сармадзанты нæмгуытæ та хæдзары сæрты æхситгæнгæ тæ- хын байдыдтой фалдæрмæ. УалЫнмæ дæлæрдыгæй сыхъуысти гранатты гуыппытæ, ав- томатты, цулеметты къæр-къæр, бирæ адæмы æваст хъæртæ* Комы дæлбылæй дæр... — Гъе, гъе, æрбабырстой иæхи фистæг æфсад! — сивæзта та йæхи Аслæнбег рудзынгмæ. Хæдзары бынæй сыхъуысти цы- дæр гуыр-гуыр... Ныккæндæй ракалдысты салдæттæ, æмæ кæртæй хъуысы би- рæ къæхтьт тъæпп-тъæпп. Дзамболат рудзынг фæуагъта æмæ дуарырдæм фæци, фæлæ йæ нæ байгом кодта. Æрмæст ыл йæ хъус авæрдта... «Ли- дзыиц»...— зæгъы йæхинымæры æмæ та рудзынгмæ бауади. Аслæнбег кæсы. Боныцъæхтæм уыны: комы фаллаг фарсæй митылчацырдæм згъорынц бирæ сау стъæлфытæ. Дæлæрдыгæй гуыппытæ, хъæртæ æмæ пулеметты, автоматть* къæр-къæр хæстæгæй-хæстæгдæрæй хъуысынц. Кæртæй дæр хъуысынц иемыцæгты хъæртæ, кауын быруйы къæс-къæс. — Æнхъæлдæн, лидзынц фæстæмæ... цæхæрадæттыл... О^ мæ уд уæ рынтæ,бахæра, нæхионтæ... Цæвут, марут!.. Цалдæр хæдзары дæлдæрæй цæуы стыр хæсты уынæр... Мæнæ, мæнæ, æрбахæстæг кæнынц комы згъорджытæ дæр. Æр- байхъуысти сæ ура... • Фæлæ былгæроны бæлæсты бынæй скъæр-къæр кодтой æр- 244
тæ пулеметы. Аслæнбег ауыдта, комы митыл згъорæг æфсæд- дЬптæ куыд æрызгъæлдысты, сæ хъæр фегуыппæг. Дæлæрды- гæй пулеметты æхст дæр фенцади. Æрмæст ма къæр-къæр код- тощбæлæсты къохы бын æртæ пулеметы. ■V Гъæй, куыд’ уын амардтæн! — ныууынæргъыдта Аслæн- бег æмæ йæхи уæлгоммæ аппæрста хуыссæнмæ.—Уайтагъддæр мæ зæрдæ æхсайдта уыцы къохы бын бадджытæм... Дзамбо- лат!.. Уыцы пулеметтæ, бабын кодтой уыцы пулеметтæ!.. Исты амал... Мах зæрæдтæ стæм... бирæ цæрæнбон нын нал ис...— рабадти та Аслæнбег, рудзынгмæ та йæхи сивæзта æмæ ауыд- та — рудзынджы рæбынты фæхъуызы иу лæг... нæхионтæй... «Гъæй-джиди; куы баирвæзид». Фæлæ йæ ауыдтой, пулеметы пæмгуытæ хæдзары къулты æрбаныхстысты. Рудзынгыл ма цы авг уыди, уый æрбазгъæлæнтæ. Æдде ссыди хъæрзын... — Гъæ, хуыцау уын ма ныббара!.. Хæдзары дуары гуыпп фæцыди. — Дада!..— Кæрты ничиуал ис!.. Цæхæрадæттыл фалæмæ- лидзынц немыц!..— талынг хæдзары айхъуысти Сакинæты хъæ- лæс. Уый, салдæттæ ныккæндæй куы ракалдысты, уæд рауади тыргъмæ, уырдыгæй касти. Стæй ауади кæртмæ дæр. Ныр фæ- зынди фæстæмæ æмæ тыхулæфтгæнгæйæ дзырдта: — Нæхиои- тæй иу ахауди нæ кæрты дуармæ... Æгас ма у... — Цом, чындз... рахæссæм æй... — Цæугæут... Кæд уæззау цæф... Фервæзын æй кæнут... Дзамболат æмæ чындз рауадысты хæдзарæй. Аслæнбег сæ- фæдыл касти.1 Ныджджих цæуылдæр. Стæй æвиппайды йæхи сивæзта рудзынгмæ, акæстытæ кодта иуырдæм, иннæрдæм. Уынджы ничи зынди. Куы дæлæрдыгæй, куы уæлæрдыгæй-иу ссыдн автоматты къæр-къæр, иугай гранатты гуыппытæ. Фæлæ тæккæ былгæрон бæлæсты къохы быпæй æнæрынцойæ дзæхст- дзæхст кодтой æртæ пулеметы, комы фалæрдæм цы иугай æф- сæддоитæ згъордтой, уыдоныл. Аслæнбеджы цæст ацахста блиндажырдæм митыл къанауы уадздзаг. — А-гъа, сæхи сусæг цæуæн!..— фæстæмæ ракасти, хъæццул аиуварс кодта æмæ сыстади. Кæрц йæ уæхсчытыл æрбакодта, йæ къæхтæ къалосты атъыста æмæ йæ цæст ахаста, боныцъæх- тæ чысыл кæй æрбарухс кодтой, уыцы хæдзары къуымтыл. — Гъей-джиди, уæд та иу зæронд берданкæ!..— Фæлæ мæ- иæ фæкомкоммæ къулыл ауыгъд хъамамæ... — Хъама!.. Нæ фыдæлты фæлтæрд хæцæнгарз!.. Кæд ма бабæззис!..— бакъахдзæф кодта къулырдæм, фæлæ ныццудыд- та фæстæмæ, рахиз къухæй стъолы тигъыл фæхæсти. Йæ сæр^ ныттылдта. — Гъе уæууæй гъе, Аслæнбег, фæстаг хатт ма дæ лæджы 245-
«сæр бахъуыди, фæлæ дæ дæ къæхтæ куынæуал хæссыиц!.. На/, иæ, афтæ нæ уыдзæни!.. / Фæстæмæ йæхиуыл схæцыди, сæвнæлдта къулмæ, райста( хъама, йæ кæрддзæмæй йæ фелвæста æмае азылди рудзглн-' джырдæм. Кæрц аппæрста, митыл куы зына, зæгъгæ, æмæ р>ш- чын лæг афтид мидæггаг хæдоц æмæ хæлафы æлвæст хъамаи- мæ ахызти рудзынгыл... Æртæ пулеметы не ’нцайынц, уыцьт дзæхст-дзæхст кæнынц комы фалæмæ дæр, уæлæрдæм дæр æмæ дæлæрдæм дæр. Та- уынц мæлæтхæссæг нæмгуытæ ие ’фсæддонтыл. Рудзгуыты рæбынты чн фæцæйхъуызыди, уыцы æфсæддон, «свæццæгæн, сарамæ баирвæзынмæ хъавыди, фæлæ пал бахæц- цæ. Цæфтæй ма бабырыди сарайы къæсæрмæ æмæ уым базза- ди. Дзамболат æмæ чындз æй баластой мидæмæ. Æруагътой йæ сарайы хосыл. — Дон... дон...— тыхулæфтгæнгæйæ ма дзырдта цæф лæг. — Марадз, чыидз, тагъд — дон!..— фæхъæр кодта Дзамбо- .лат, йæхæдæг февнæлдта цæф лæджы кæрцы æгънæджытæ фе- ^æгъд кæнынмæ. Сакинæт разгъордта, уыциу тахт скодта тыргъы асинтыл. Бауади хæдзармæ. Пецы сæрæй раскъæфта кружкæ æмæ доны дурынырдæм куы фæзылди, уæд йæ къах скъуырдта кæрцыл. -Фæстæмæ фæкасти æмæ джихæй аззади, хуыссæн афтидæй, ру- дзынг гомæй куы ауыдта, уæд. Ноджы хъамайы кæрддзæм -стъолыл... ’— Мæ хæдзарыл!.. Йæхицæн мацы бакæнæд! — уыцы хъуы- ды атахти йæ сæры æмæ бауади рудзынгмæ, Æддæмæ акасти .æмæ ныцъцъæхахст кодта. Хæдзармæ бацыди Дзамболат. — Чындз, цы хабар у?.. — Ныртæккæ,— фæзылди Сакипæт дурынырдæм. — Мауал хæсс... ахицæп... Аслæнбег цы фæци? — Рудзынгыл ахызти... бæгъиæгæй... хъамаимæ...— Иæ круж- кæ æрæвæрдта стъолыл æмæ ныккуыдтачындз. — Ау, уый та куыд! — багæпп кодта рудзынгмæ Дзамбо- .лат.— Гъæ, хуыцау дын ма ныббара!.. Дæхи куы фесæфтай... .А-гъа... сæхи сусæг цæуыныл... Фæхъуызы... бирæгъты лæгæт- мæ... рынчын лæг... Иунæгæй... Нæ иунæгæй дæ нæ ауадздзы-, тæн.— Рудзынгмæ хизы уый дæр. — Ды та ма цæмæи сафыс дæхи! — базгъордта Сакинæт :æмæ йын фæ^хæцыди йæ кæрцы фæдджийыл. » — Суадз мæ, чындз!..— йæхи атыдта Дзамболат æмæ агæпи зкодта. , 246
Сакинæт рудзынгыл ныддæлгом. — Цы уыдзысты!.. Цы уыдзысты! — нырдиаг кодта, стæй’ цæхгæр фæуагъта йе ’рдиаг, фæстæмæ фæзылди æмæ ратахга хæдзарæй... Цы диссаджы, цы æрдхæрæны ныфс бацыди уыцы сылгой- маджы зæрдæйы, цы цырддзинад æмæ хъару фæзынди йе уæнг- ты уыцы бæллæхы бон. Иæ цæстытæ цæхæр калдтой, афтæмæГ* сарайы мард æфсæддоны цурæй автомат фелвæста. Тæккæ уыцы мииут цæхæрадонæй кауьг сæрты кæртмæ æр- багæппытæ кодтой, фыццаг бон сæм чи фæзынди, уыцы ставд- бæрзæйджын капитан, йæ фæдыл æртæ салдаты, автоматтæ сæ> къухты. Уыдоны сæхи пулеметты дзæхст-дзæхст иыфс бауагъта,. раздæхтысты къохы быи бадæг пулеметчиктæм, уыдоны руа- джы ие ’фсæдты бырст ныууромыимæ хъавыдысты. Сакинæт йæ автоматимæ амбæхсти сарайы агуыридурæй амад цæджындзы аууои. Знæгтæ йæ нæ федтой. Куыддæр уы- дон сарайы дуарырдæм фæзылдысты, афтæ сыл ауагъта авто- маты нæмгуыты хал... Æртæ салдаты ма фæйнæрдæм цудтытæ- гæнгæйæ цалдæр къахдзæфы акодтой. Сæ иу сарайы къулмæ йæхи бахаста æмæ уым æрдыдагъ, иннæ бахауди кæрты дуарыл, аннæ мард æфсæддоиыл фæкалди æмæ ахауди лыстæныл. Ка- питан дæр ныццудыдта, фæлæ ма фæстæмæ ракасти. Иæ авто- мат рацæнзылдта, фæлæ йыл дыккаг рæнхъ суагъта Сакинæт,, æмæ уæд æрфæлдæхти. — Уæйгæнæг куыдзæн — куыдзы мæлæт! — йæ дæндæгтьь хъыррыстимæ загъта сылгоймаг. Уыцы минут Сакинæтæй æрбайрох сты дыууæ зæронд лæ- джы. Иæ автоматыл фидар хæцыди, афтæмæй судзгæ цæсты- тæй касти ставбæрзæйджын капитанмæ. Уæллаг кæртæй æрыхъуысти æнахуыр æлхъывд хъæртæ,, кауты къæс-къæс, згъорæг къæхты уынæр, æмæ уæд фестъæлф- ти. Æхсгæ каст ма фæкодта салдæтты мæрдтæм, капитаимæ, стæй сæ сæрты рагæпл ласта кæрты дуары къæсæрмæ. Хъав- гæйæ тарвазы аууоиæй акасти уæлæрдæм. Уынджы, хæдзары рæбыпты, æрцæйзгъордтоп цалдæр немыцаг салдаты. Бирæ сæ нал хъуыди къанаумæ. Сакинæт сыл аууонæй ауагъта цыбыр- рæпхъытæ... Фыццаг дыууæ салдатæй иу ахауди къанауы был,. иннæ фæстæмæ фæзылди, бæласыл йæхи скъуырдта æмæ уым æрхауди. Сæ фæдыл чи згъордта, уыцы салдæттæ хæдзæртты. рæбынты уæлæмæ лидзæг фесты. Æвæццæгæн, фенхъæлдтой, со- ветоп æфсæддоптæ дæлæты æрбаирвæзтысты æмæ уыдои гæрах. кæнынц автоматтæй. Нæхи æфсæдты дæлбылæй скæсын дæр нæ уагътой бæлæ- сты бын æмбæхст пулеметтæ. Уыдон æнæрынцойæ дзæхст- 247'
-дзæхст кодтой алырдæм дæр. Ныуурæдтой алырдыгæй дæр не ’фсæдты бырст. Сакинæт ныггæпп ласта къанаумæ æмæ блиндажырдæм цалдæр гæппы куы бакодта, уæд пулеметтæ фегуыппæг сты. Бæстæ фæсабыр. Блиндажæй райхъуысти лæгты хъуырдухæн. Сылгоймаг згъоргæ-згъорыиы ауыдта: блиндажы тæккæ даургæрон Дзам- болат кæимæдæр абухы. Йæ къухы тугæйдзаг агуыридур уæлæ- мæ систа æмæ йæ кæуылдæр иыццавта, стæй нытту кодта æмæ •арфдæр багæпп ласта. Сылгоймаг къæсæрмæ куы бахæццæ, уæд ауыдта Аслæнбе- .джы. Уый, æнахуыр уæзбын къахдзæфтæгæнгæйæ рацæйхыз- ти Дзамболаты разæй, йæ урс дзаумæттæ уыдысты тугæй *амæст. — Фæстæмæ!.. Хæдзармæ!..—фæхъæр ыл кодта Дзамболат. Сакинæт фæстæмæ разгъордта къанауыл. Уайтагъд хæдза- ры смидæг. Йæ автомат къулы рæбынмæ баппæрста, кæрц рас- къæфта æмæ дыууæ лæджы сарайы дуармæ куы æрбахæццæ сты, уæд сæ чъылдымырдыгæй фæци æмæ,кæрц баппæрста Ас- лæнбеджы уæхсчытыл. — Тагъд, фæстæмæ... Мидæмæ!..— уый йæ чындзмæ дзырд- та Дзамболат, сарамæ куы æрбахæццæ сты, уæд. — Нæхионтæ æрбаирвæзтысты, миййаг? — фæрсы Аслæнбег, «салдæтты мæрдтæ сарайы фæрсылтæй куы федта, уæд. Дзам- болат дæр сæм джихæй касти Аслæнбегыл хæцгæйæ. «Ам æцæг хæст куы уыди,—дзуры йæхинымæр. — Фæлæ чи?.. Цы фесты, ацы джауырты чи ныццагъта, уыдон?». Дыууæ лæджы тагъд-тагъд бацыдысты хæдзармæ. Сæ фæдыл бацыди Сакинæт дæр. Стъолæй райста кружкæ, лурынæй систа дон æмæ бакасти лæгтæм, кæд сæ искæй дои хъæуы, зæгъгæ, уыцы хъуыдыимæ, фæлæ Дзамболат хæцыди Аслæнбеджы цонгыл æмæ йæ кодта хуыссæнмæ. — Æруадз дæхи... афтæ æруадз...— дзырдта Дзамболат, Ас- .лæнбеджы хъæццулæй æмбæрзгæйæ. Сакинæт доны кружкæ анызта æмæ арф иыуулæфыд, стæй <бацыди скъаппы фæстæмæ. Æрбадти чырыныл тыхулæфтгæн- гæйæ. Иæ цæстытыл ма уадысты, сарайы йæ автоматы нæмгуы- тæй цы салдæттæ æрхаудтой, уыдон, ставдбæрзæйджын капитан æм фæстæмæ цы гæлиртæ цæсгомимæ ракаст, уыдæттæ æмæ йæ цæстытæ бамбæрзта йæ армытъæпæнæй. Æрмæст ныр æрæмбæрста, цытæ бакодта, уый... Аслæнбег йæхи æруагъта хуыссæны æмæ хъæрæй ныххуд- ти... Сакииæт фестъæлфти æмæ йæм ракасти. Уыцы хабæрттæ æрцыдысты æрмæст аст-дæс минутмæ. '248
* * * Æртæ пулеметы куы фегуыппæг сты, уæд та дæлæрдыгæиг сыхъуысти автоматты къæр-къæр. Сыстадысты, дæлбыл рог цæфтæй чи æрхауд æмæ мардæф- сонæй уым хуысгæйае чи аззад, уыдон æмæ уæлæмæ згъордтой гæрæхтæгæпгæ. Ногæй рабырстой, пулеметтæ фæстæмæ фаллаг фарсмæ кæй асырдтой, уыцы æфсæддонтæ. Сæ ныхмæ лæууæг æмæ гæрах- гæнæг куынæуал уыди, уæд хъæр, æхситт æмæ урайæ бæстæ ныннæрыди. Хъæуы астæу та уыцы рæстæджы, немыцы æфсадæй ма фæстейы чи аззади, уыдон сæхи калдтой машинæты. Бирæтæ дзы уайгæ-уайын сгæппытæ кодтой. Чи не сфæрæзта, уыдон æппæрстой сæ уæззау дзауматæ æмæ лыгъдысты ныгуылæныр- дæм фæндагмæ. Нæхи æфсæддонтæй иутæ згъордтой хъæуы астæуырдæм, æвæццæгæн, знаджы сурыимæ, иннæтæ хъæуы цæрджытимæ- æмбырдтæ кодтой, цы хæдзæрттæ ныппырх сты уыдоныл, хуыс- сын кодтой, судзгæ ма чи кодта, уыцы хæдзæртты, калдтой сыл мит, скъæфтой ведраты дон æмæ йæ калдтой судзгæ къултыл,. рудзгуытыл. Салдæттæ æмæ къамандиртæ æрæмбырд сты был- гæрои бæлæсты къохы. Сыхы куы уæлæрдыгæй æрыхъуысы кæуын, æрдиаг, куы дæлæрдыгæй сыхъуысы хъарæг. Уыцыæппæт уынæртæ фæвæййынц сармадзанты гыбар-гы- буры быи. Сæ нæмгуытæ æхситгæнгæ тæхын байдыдтой хъæуы сæрты. Уыдон сæ хъавд ахастой фалдæр. Æхсынц хъæуæй хур- ныгуылæнырдæм фæндæгтæ. Ууылты лидзы знаджы æфсад. * * * Аслæнбег куы æрхуыссыди, уæд Дзамболат æнæавг рудз- гуытæ æрбахгæдта. Хæдзар ихын лæгæтау суазал. Æрæмбæрз- та ма рынчыныл йæхи кæрц дæр æмæ ракасти. — Чындз, цы фæдæ?! — рахъæр кодта æддæмæ. Æвæццæ-. гæн ыи æддейы æпхъæл уыди. Сакинæт фестади. Ракаст. — Ам куы дæ!.. Марадз, арт акæн тагъд. Дон схъарм кæн... Чыидз бауади пецмæ. Пецы ма уыди æрдæгсыгъд сугтæ æмæ уыдонимæ архайыныл фæци. — Дзамболат,— ракасти Аслæнбег.— Гъы, куыд, арæхсæм ма? — Арæхсыс, арæхсыс, Аслæнбег,— дзуапп ын радта Дзам- 249'
’болат æмæ йæм хæстæгдæр бацыди. Схъил кодта хъæццул,— цæф абæттын хъæуы... — Цæф нæ дæи, мæ лымæн,— бахудти рынчын. — Куыннæ дæ, мæнæ дæ тугæй дзауматæ куы самæстысты. Стæ-ма, æз уал æй абæттон... — Цæф нæ дæн, Дзамболат, уый знаджы тугæй сахуыр- стæн... Фæлæ хъусыс... Хъусыс, мæ лымæн!.. Фæндаг байгом кс не ’фсæдтæн... Дыууæ ницæйаг пулеметы... Хорз сын фестæм Дзамболат, и?.. — Цы аккаг уыдысты, уыцы ми сын бакодтай, хорз сæм бахъуызыдтæ сусæгæй. Сырдтæн сырдты мæлæт!.. Цал æмæ цал сырхæфсæддоны фервæзти мæлæтæй дæ руаджы...— уыцы яыхæстимæ æрысгæрста Аслæнбеджы риу.— Æцæг, цæф куы нæ дæ. Аслæибег бахудти: — Нæ дæн, зæгъгæ, дын куы зæгъын... Мæныл тутыры конд сахат ис. Топп мыл нæ хæцы, кард мæ нæ кæрды,— ныххудти та Аслæнбег æмæ йæ худæг асайдта уæззау хуыфæгмæ... Иучысыл рæстæг ницыуал дзырдта. Тыхулæфт кодта, стæй та иугай дзырдтæй райдыдта.— Дзамболат... дæ чындз... диссаджы хъæбатыр... разынди... Амондджын уыдзысты, ацы... хæсты фæстæ ма чи цæра... Мæ лæппу... Георги... к’æм и цымæ?.. Цы баци?.. Куы ссæуа... дæгъæл, зæгъ... сыхæгтæм... — Цытæ дзурыс уый, цытæ, мæ зæронд хæлар, Аслæнбег?.. Мæнæ знаджы фæсырдтой æмæ дæхæдæг ссæудзынæ,— зæрдæ- тæ æвæрынмæ йын фæци Дзамболат, фæлæ лæджы улæфтæй æмбæрста, бирæ цæрæнбон ын кæй нал ис. Аслæнбег йæ цæ- стытæ æрæхгæдта. Пецы арт ссыгъди, фæлæ рудзгуытæ уыдысты æпæавг. Уа- зал мидæмæ фу кодта. Дзамболат сыстади, йæ тъахтинæй систа хъæццул æмæ дзы рудзынг бамбæрзта, стæй цæмæдæр рауади тыргъмæ. Аслæнбег та ракасти. — Чындз... бузныг... æрдæбоп... цæмæи æрталынг... рухс... рухс!..— Иæ хъæлæс, йе ’взаг йæ коммæ тынг нал кастысты лæгæн. - — Уазал у... Ныртæккæ срухс кæндзыстæм,— бадзырдта йæм Сакинæт. — Чындз...— сдзырдта та Аслæнбег...— Кæмдæр дæм... ирон фæндыры... пластинкæ... сæвæр æй... Икъаты Серафины... уыцы фæндырæй фæндараст зæгъæм... Уыцы сылгоймаджы фæндыр- дзагъд... бирæ уарзтон... Чындз, мæ къоиа... Лæг æмæ чындз сæ кæрæдзимæ бакастысты. ■ — Уый хорз, Аслæнбег, æгайтма дæ зæрдæ фæндырдзагъд 250
агуры,— хæстæгдæр æм бацыди Дзамболат. Кæсы йæм æмæ- дзуры.— Фæлæ аив уыдзæни, нæ алфамбылай мæрдтæ, зиан’га?,, хæдзархæлдтæ, фыдохы хъарджытæ... Аслæнбег та йæ цæстытæ æрæхгæдта æмæ ницыуал дзырд- та, стæй тыпг лæмæгъ хъæлæсæй загъта: — Ницы кæны... Ныббардзысты... Хъарæг... Хъарæг æмæ.... зарæг... фæрсæй-фæрстæм... цæуынц... Афтæ у цард... мæ лы- мæн... Дзамболат... Дзамболатмæ аив нæ касти: йæ хæдзары алфамбылай уый- бæрц бæллæхтæ æрцыди, адæм сæ зиантыл кæуынц, иæхи æф- сæддонтæй бирæ хуысгæ баззадысты. Кæрты нæхи æфсæддоны: мард æнæфснайдæй... Уыдои æхсæпæй йæ хæдзарæй фæндыр- дзагъд айхъуыса?.. Аслæнбегмæ куы бакасти, уæд бамбæрста:, йæ рагоп хæларæн, чи зоны, уый йæ фæстаг курдиат у. Æмæ- загъта: — Марадз, чындз, сараз дæ фæндыр. Сакииæт ныууагъта йæ куыст, рахаста патефон, стъолыл æй< æрæвæрдта. Уазал хæдзары, æддейæ цы æрдиаджы уынæртæ хъуысти, уыдонимæ схæццæ диссаджы фæндыры хъæлæс. Патефон цагъ- та, цæмæндæр бæтæхъойыхъæуккаг цагъд кæй хонынц, уыцьг* хонгæ кафты цагъд. Лæгæтау уазал хæдзар байдзаг ис уыцы ромаптикон музыкæйы зæлтæй. Аслæнбег цармæ касти æмæ хъуыста. Иæ цæсгом уыди, рухс. Афтæ зынди, цыма худгæ кæны. Йæ фæстаг балцæй йæ- зæрдæ буц уыди æмæ, æвæццæгæн, афтæ худæнбылæй æпустæм. уымæн бафынæй зæронд Аслæнбег. ■ Фæндыры зæлтæ нæрынц хæдзары къултыл, лæзæрынц ру- дзынгæй æддæмæ. Уынджы фæцæуы советон салдæтты ротæ. Хъуысы сæ цырыхъхъыты гуыртт-гуыртт. Сакинæт тагъд-тагъд цæттæ кодта хæринаг. Пецыл цайда- ны сæр дзыгъал-мыгъул кæныи байдыдта. Дзамболат пъолыл авджы сæстытæ æмбырд кæны æмæ сæ* рудзынгæй акалынмæ систа. Дзуры Аслæнбегмæ: — Дæ лæппуйы бонтæ æрымысыдтæ, Аслæнбег... Куы ни- цыуал дзурыс?..— Бацыди йæм хæстæгдæр æмæ йæм ныккас- ти...—Аслæнбег!.. Аслæнбег! — сдзырдта тарст хъæлæсæй. Чындз уыцы хъæрмæ фæзылди æмæ джихæй баззади. Дзам- болат хуыссæны раз йæ зонгуытыл æрхауди, фегом кодта хъæц- цул, йæ къух авæрдта Аслæибеджы риуыл, стæй æицадгай сыстади æмæ йæ худ систа: — Рухсаг у, Аслæнбег...—сдзырдта кæуынхъæлæсæй, йæ цæстытæ асæрфта уæлдзармхудæй, иыккасти æдзынæгæй йæ рагон хæлары цæсгоммæ æмæ йæм дзуры: — Афтæ тагъд ахи-- 251
иæн æнхъæл дын куы нæ уыдтæн, мæ иузæрдион хæлар... Дæ зæрдæ рухс куы уыди, фæндыр ма куы бацагуырдтай... дæ фæстаг къахдзæфтæй буц куы уыдтæ... Дæ цæргæбонты адæ- мæн циндзинад хастай, дæхи мæт иикуы бакодтай... Суанг ма дæ фæстаг къахдзæфтæй дæр не ’фсадæн фæндаг байгом код- тай, дæ сæр сын нывондæн æрхастай... Рухсаг у, рухсаг... Ацы ныхæстимæ та худæй йæ цæстытæ асæрфта. Æрæм- ■бæрзта марды æмæ разылди Сакинæтырдæм.— Ма ку, чындз... ма ку... Аслæнбег кæуын нæ уарзта... Уый адæмæн циндзинад хæссынмæ райгуырди æмæ сын æй хаста йæ фæстаг сулæфты онг... Ныр рухсаг уæд... Цы ма йын нæ бон у... * $ * Дзамболаты хæдзары ацы хабæрттæ куы цыдысты, уæдмæ сæ уынгмæ æрбахæццæ сты æндæр бирæ æфсæддонтæ. Къорд- гæйттæй кастысты бæлæсты бын блиндажмæ. Полчъы къамандир агуырдта, гранаттимæ ацы пулеметты фидармæ чи рацыди, уыцы лейтенанты. Ацы æфсæддонтимæ уыди Дзамболаты фырт Сакинæты лæг дæр. — Æмбал лейтенант Ахсары-фырт,—фæдзырдта йæм бул- къон. — Хъусын, æмбал булкъон. — Ссар мын лейтенант Ганаховы... Æгас у, мард у, уæд- дæр æй ссар!.. — Æмбал булкъон, лейтёнант Гаиаховы æз ныртæккæ ссар- дзынæн, фæлæ уал мæнæ мæ фыды хæдзары дæ фæллад суадз. Ацы ныхæстæ æрбайхъуыстысты рудзынджы акомкоммæ уынгæй. Фæлæ сæ Дзамболат æмæ чындз нæ бамбæрстой, уы- доныл нæ уыдысты. Минуты фæстæ тыргъæй æрбайхъуысти лæгты къæхты уы- нæр. Дзамболат ракасти дуарырдæм... — Чындз... афснай хæдзар, чи сты, хуыцау йедтæмæчи зо- ны...— уыцы ныхæстимæ рацæйцыди тыргъмæ, фæлæ <йæ тæккæ раз дуар байгом, æмæ уæд фæстæмæ ракъахдзæф кодта. Къæ- сæрыл худгæйæ бахызти лейтенант... Дзамболаты фырт, Саки- иæты лæг, Сергей. Дзамболат джихæй баззади, стæй бахудти æмæ йæ йæ хъæбысы ныккодта. Сакинæт йæ куыст фæуагъта, фæлæ йæ лæгмæ бауайын нæ бауæндыд йæ фыды цур. Иæ цæсгом æгасæй ныррухс, афтæ- мæй йæм касти. Хæдзармæ бахызти Советон æфсады булкъон. Лейтенант иуварс алæууыд æмæ загъта Дзамболатмæ амонгæйæ: — Мæ фыд,— æмæ рауади лейтенаит Ганаховы агурынмæ. Йæ фæдыл рауади Сакинæт дæр. 252
— Уæ бонтæ хорз,— загъта булкъон æмæ райста Дзамбо- латы къух. — Æгас цæут. Уæлахизимæ нæм æрбацыдыстут, фæлæ нæ цины уавæры не ’рбаййæфтат... Нæ хæдзары уæззау зиан,— бацамыдта Дзамболат Аслæнбегмæ æмæ та йæ цæстытæ асæрф- та. Булкъон бакъахдзæф кодта хуыссæнмæ, ныккастн мардмæ. — Ам фæмарди? — Рынчын уыди. Партизаитимæ кæмдæр хъæды суазал, фæ- рынчын. Ие ’мбæлттæ йæ ардæм æрбаластой... Иæ хæдзармæ йæ куы фæхæццæ кæнии, загътон, фæлæ уæдмæ ацы æлгъысты немыц æрбалæбурдтой... Хæдзармæ баздæхти Сергей. Иæ къухы уыди чысыл план- шет. Балæвæрдта йæ булкъонмæ æмæ саст хъæлæсæй загъта: — Лейтенант Ганаховы документтæ... — Ганахов зæгъыс, лæппу? — афарста йæ Дзамболат. Сер- гей ницы дзуапп радта. Булкъон æркасти гæххæттытæм, бакасти: «Гаиахов Георгий Асланбекович»... Хъæбатыр лæппу... — Кæм и, кæм?.. Уый Аслæнбеджы лæппу у... Æдзух йæ кой кодта. Ие скаст ма уый уыдиг Булкъои бакасти Сергеймæ: , — Цы ран? — Дæлæ нæ сарайы... Йæ цуры æртæ немыцаг салдаты æмæ иу капитан мардæй... — Æвгъау уыди...— æикъардæй загъта булкъон, документ- тæ фæстæмæ радта лейтенантмæ.— Штабмæ сæ ратт æмæ йын хорзæхы гæххæттытæ бацæттæ кæнæнт.— Стæй та бакасти Дзамболатмæ.— Знаджы æмбæхст пулеметтæ нæ размæ нал уагътой. Сæ нæмгуытæй бирæ фæхъуыди не ’фсæддонтæй, би- рæ та цæфтæ. Лейтепапт Ганахов иу сержантимæ рацыди уы- цы пулеметты сусæг ахстон фехалыимæ. — Уый сæм нæ бахæццæ...— нырдиаг кодта Дзамболат — куы сæм фæцæйхъуызыди, уæд æй федтой æмæ йыл рауагътой пулемет... Нæ кæрты дуары цур ахауди... Мах æй чындзимæ æр- бахастам сарамæ... Мæ хъæбысы амарди... Куыннæ йæ базыд- тон!..— Тымбылкъухæй йæ цæстытæ ныссæрфта Дзамболат. — Уæдæ пулеметчикты чи амардта? — фæрсы та бул- къон. — Иæ фыд, мæиæ Аслæпбег... Фæстæрдыгæй сæм бахъуы- зыди... сусæгæй... Уыдон пулеметтæй куы æхстой, уæд сæ хъа- майæ... Булкъон джихæй баззади, фæрсæджы каст ныккодта зæ- ронд лæгмæ. Йæ цæстытыл ауади: блиндажы немыцаг пулемет- 253
чиктæ æцæг нæмыгæй мард нæ уыдысты, фæлæ цыдæрцыргъа- гæй. «Сарайы чи ис, уыцы иннæ æртæ салдаты æмæ капитаны мæрдтæ та... Уыдои та кæй куыст сты?.. Ам’ чидæр фесгуыхти„ кæйдæр хъæбатырдзинады руаджы нæ’ атакæ фæци уæлахи- зæй»,— хъуыды кæны булкъон æмæ хæстæгдæр бацыди зæронд лæджы мардмæ. Райгом æй кодта. Дзамболат ын радзырдта, Аслæнбег бæгъпæгæй рудзынгыл; куыд ахызти, уыдæттæ. Фæлæ кæрты знаджы салдæттæ æмæ капитаны чи амардта, уый йæхæдæгдæр иæ зыдта.1 Чындзы къухы федта автомат, фæлæ йæ æфсæрмыгæнаг чындз, лæмæгъ сылгоймаг афтæ фесгуыхдзæни, уый йæ фæсонæрхæджы, дæр иæ уыди. Булкъон лæууыди Аслæнбеджы уæлхъус æмæ йæхицæн дзу- рæгау æнцадгай загъта: — Фыд æмæ фырт... Æнустæм цæрæд сæ ном, сæ кад хъæ-' батыр фыд æмæ фыртæн!.. Сæхи цард нывондæн æрхастой не ’фсады уæлахиздзинадæп...— уыцы иыхæстимæ йæ риуæй раф- тыдта Сырх Тырысайы орден.—Советон хицауады номæй дыл æвæрын ацы хъæбатырдзинады, кад æмæ намысы хорзæх.— Орден цæвæрдта Аслæнбеджы риуыл, стæй раздæхти Дзамбо- латмæ.— Хорз лæг, дæ хъæбатырдзинад, дæ фесгуыхт сты хор- зæх аккаг... Æз бакæндзынæн уыцы хъуыддаг, фæлæ ма дæ уый курæг дæн, зæгъ мын: — дæ кæрты уыцы салдæтты æмæ капитаны æрфæлдахынмæ чи фæцарæхсти? Кæд, миййаг, лей- тенант?.. — Лейтенант куы фæмарди, уæд кæрты инчиуал ■ уыди... Мах рудзынгыл куы ахызтыстæм,— хъуыдытæгæнгæ дзырдта Дзамболат,— блипдажмæ куыддæр бахæццæ стæм, афтæ нæ’ фæстæйæ айхъуыстам автоматы къæр-къæр... Стæй нæ размæ автоматимæ фæци... нæ чындз... Кæд уый исты...—ацы ныхæс- тæгæнгæйæ Дзамболат фæкомкоммæ къулы рæбын автомат- мæ...— Дæлæ...— Дзамболат бауади æмæ систа автомат.—Мæ- нæ ацы автомат... Булкъон райста хæцæигарз æмæ йæм æркасти, ракъуырдта йын йæ диск. — Афтид диск... Диссаг... дæ чындз кæм и? Уыцы рæстæджы хæдзармæ бацыдысты ноджы æидæр къа- мандиртæ. Семæ баздæхти Сергей дæр. Сæ фæстæ бацыди Са- кинæт дæр. — Чыидз, ацы автомат дæумæ уыди? — баздæхт булкъои- Сакинæтмæ. Хæдзары чи уыди, уыдон иууылдæр аздæхтысты сылгоймаджырдæм. - Сакинæт лæууыди дуары цур, къульг æнцой æмæ булкъоньь фарстæн йæ сæрæй ацамыдта, «о», зæгъгæ. 254
—- Куыд дæм бафтыди? — фæрсы та булкъон.— Зæгъ-ма, стæй куыд сарæхстæ? Сакинæт цыбырæй радзырдта хабар, уæлæмæ не скасти, афтæмæй. Радзырдта сын, автоматæй æхсын æй йæ лæг Сер- гей кæй сахуыр кодта, уыдæттæдæр. — Мæ хур акæн, хъæбатыр сылгоймаг!—ныххудти бул- къон æмæ йæ хъæбысы ныккодта сылгоймаджы, стæй ракасти Сергеймæ.—Лейтенант Æхсары-фырт, ды мæм ма фæхæрам у, дæ къайы дын мæ хъæбысы кæй акодтон,, уый тыххæй.— Стæй загъта иниæ къамапдиртæн: — Ацы сылгоймагæн ордены тых- хæй гæххæтт бацæттæ кæндзыстут. Ныр уе ’фсæддонты ракæ- нут, кад æмæнамысимæ бавæрæм, хъæбатыр фыд ’æмæ фыр- ты.— Уыцы ныхæстимæ рацыди хæдзарæй. Р1æ фæдыл рацыдысты иннæ къамандиртæ дæр. * * ’ * . Райсомæй дæр арвыл æврæгътæ дыууæрдæм кодтой. Сæ иу- тæ уæлæуæзты фæдисон æфсæдтау тахтысты иуырдæм, иннæтæ лæбурдтой иннæрдæм. Æврагъ æврагъмæ бырста, бынæй зæх- хыл дыууæ ныхмæлæууæг æфсады кæрæдзимæ куыд бырстой, афтæ. Се ’хсæнтæй ма-иу хаттæй-хæтт ферттывта хуры цæст, фæлæ уый дæр нал зынди. Куыдфæстæмæ бон ныттар, ныхъхъуынтъыз, æмæ уазал сæр- тæг мит пихлæйттæй уарыи байдыдта. Æфсад ацыдысты хъæуæй. Уæлмæрдты къуылдымæй ма æрбанхъуысти сæ цалдæр залпы æмæ аивгъуыдтой хурныгуы- лæнырдæм. Бæстæ фæсабыр. Цы афон ’сси, уый зын равзарæн уыди æнæ сахатмæ æркæс- гæйæ. Мит йæ урс гæбынайæ æмбæрзта зæххы хъæдгæмттæ. Бам- бæрзта пог ингæнты сау къуыбырты дæр. Слæгъз æмæ сæмвæз кодта дзыхъхъытæ æмæ къуыппытæ. Уæлмæрдтæй сæ хæдзæрттæм раздæхтысты, хъæуы царæг адæмæй пæхи æфсæддонты мæрдтæ бафснайынмæ чи ацыди, уыдон дæр. Æрмæст ма бæрзонд къуылдымыл, хицæн ингæны цур иу- иæгæй дурыл бадти Дзамболат. Зæронд цæргæс йæ базыртæ куыд æруадза, афтæ æрзæбултæ сты йæ сау кæрцы фæдджитæ. Бадти Дзамболат æмæ касти зæхмæ. Йæ лæппу Сергей æф- сæдтимæ ацыди дарддæр... Хъуыды кодта ууыл дæр. Куыд уыдзæн, цы уыдзæн?.. Иæ рагон хæлар Аслæнбеджы баныгæдта йæ хъæбатыр лæппу Георгиимæ иу ингæиы. 255
Рæстæгæй-рæстæгмæ скæсы йæ хæлары хъæдын цыртмæ. Чидæр ыл цъæх кърандасæй иыффыста: «Гæнахты Аслæнбег æмæ Георгийæн — хъæбатыр ’фыд æмæ фьтртæн». «Ау, æндæр ницы?! Гъæ, уæууæй, мæ зæропд хæлар, Гæнахты Аслæнбег, æхсарджын æмæ сыгъдæгзæрдæ, æууæнкджын зæронд, больше- вик»...— дзуры цыма æгас хæларимæ... «Дæ хæдзарвæндаг аскъуыди, дæ гæиах фæхæлди... Дæ хъæдып цыртæй хур æмæ къæвда сисдзысты дæ ном, цырт бамбийдзæн æмæ афæлдæх- дзæн. Рæстæг, дымгæ æмæ фос зæххимæ сæмвæз кæндзРз1сты дæ ингæны обау. Фидæны фæлтæртæп фесæфдзæн дæ ном... Ау, æмæ дæ хуызæн лæджы ном афтæ хъуамæ фесæфа?.. Дæ дис- саджы хорз миниуджытæ кæстæртæи мабаззайой, фесæфой?!» Æнæфезмæлгæйæ бады Дзамболат æмæ ныхас кæпы йæ хæ- лары ингæнимæ, мит тъыфылæй уары æмæ йын уазал бæмбæ- гæй æмбæрзы йæ сау уæлдзармхуд, йæ уæхсчытæ, йæ кæрцы фæдджитæ. Æгасæй дæр æй сфæлыста урс мраморæй цыртау. «Нæ, нæ!.. уый гæиæн нæй!.. æрмæст йæхи уды къоппа, йæ- хи уæцъæфæи чи фæцæры, æрмæст йæхи хæдзары хъуыддæг- тыл фу-фугæнгæйæ хъæндилы мæлæтæй чи амæлы, уымæн дæр ма йæ биноитæ зæппæдзтæ куы самайынц,,мраморæй цыртытæ сын куы сæвæрыпц... Ды та, мæ хæлар Аслæнбег, уыдтæ адæ- 'Мы лæг. Ды райгуырдтæ æмæ цардтæ адæмы амондæн... ды сыгъдтæ цырагъау æмæ рухс кодтай адæмы цард... Дæуæн би- нонтæ нæ баззад... Дæ иунæг æхсарджын лæппу иу ннгæны дæ фарсмæ... Чи дын сæвæрдзæн мыггагмæ æнæмбийгæ цырт?.. Куы рацæуа рæстæджытæ, дæ ингæн куынæуал’ зына... Хъæндилы цард чи фæкодта, хъæндилы мæлæтæй чи амарди, уымæн та а уæлмæрдты йæ фидар цырт куы баззайа... Чи йæ схондзысты кæстæртæ?.. Уый пом, уый хъæндилы миниуджытæ куы баззайой, уæлæуыл!» Дзамболат æркасти йæ тæппæлттæ æмæ тулдзы уидæгтау уырынгтæ къухтæм. — Сарæхсой ма? — загъта хъæрæй æмæ сыстади. Иу хатт ма бакасти митæй æмбæрзт иигæнмæ æмæ загъта: — Рухсаг ут, Аслæнбег æмæ Георги... Сымахæй æгуыдзæг- дæр лæгтæ макуы равзæрæд ирон адæммæ. Куы равзæрой, уæд та сып бирæ цард хуыцау ма раттæд!.. Фыдвæдæй æвæд хуыз- дæр! Уыцы ыыхæстæ куы фæци, уæд айхъуыста хуыфын. Ракасти фæстæмæ. Бæласы æпцой лæууыди Сакииæт. — Дада, цом нæхимæ... Суазал уыдзынæ,— сдзырдта æн- къардæй чындз. 1 — Мæ чындз!.. Мæ хур.. Мæ хъæбатыр чындз!.. Æнкъард дæ?.. Ма тыхс... Лæппу раздæхдзæн... Ай-гъай, раздæхдзæн... 256
Цом, цом... Мæ зæронд сæр дæ фæхъхъау... Мæ фæстæ нæ, мæ фарсмæ цу... Мæнæ афтæ... Мæ сæр бæрзонд кæмæй хæс- сон ахæм чындз дæ... Дзамболат æмæ йæ чындз фæрсæй-фæрстæм уæлмæрдтæй погуард митыл фыццаг фæд ракодтой хъæуырдæм. * * * Уыцы хъаймæты хæсты бонæй рацыди аст азы..Уæд иурай- сом стыр фæидагыл цæуæг адæм уæлмæрдты бæрзоид къуыл- дымыл федтой грапитæй бæрзонд цырт. Нывгонд ыл уыдысты Аслæнбег æмæ Георгийы сурæттæ. Сартæй къахт дамгъæтæй пыл уыди фыст: «Æппæтæй æххæст, æхсарджыи æмæ зæрдæ- джын Гæнахты Аслæпбег æмæ йæ фырт Георгийæн. Кæстæр фæлтæртæ, бынæттонæй, бæлццоиæй, ацы фыд æмæ фырты цард сымахæн у фæзминаг. Ахæссут сын сæ хорз миниуджытæ, æмæ уæ цард уыдзæни рæсугъд. Рухсаг у, Аслæнбег. Дар хæлар Дзамболаты къухты фæстаг фæллойæ дып ацы. цырт». 17 Хæхты
СЫРХ СТЪАЛЫ 1Дæй тыххæй дын радтой ацы Сырх Стъалыйы о’рден, зæгъгæ, мæ арæх фæфæрсынц нæ хъæуы лæппутæ ’æмæ ма суаиг зæронд лæгтæ дæр, бæрæгбонты мын мæ риуыл ^ордеп куы феиынц, уæд. — Цалхы тыххæй,—дзуапп сын радтын, бæргæ, фæлæ уы- .доп фыццаг аджих вæййынц, стæй ныххудыиц, цыргъзонд ны- ^хæстæ разгъалынц мæнырдæм. — Аргъæуттæ кæнынмæ хорз арæхсыс! — Цалхы тыххæй ордентæ куы дæттиккой... — Уæд Маркъоз цалхгæнæгæй куы базæронд... — Уæд дзы, æцæг, Маркъозы риуыл, арвыл цас нæй, уыйас стъалытæ уаид!.. — Кæд æй давгæ ракодтай?! — Нæ, æлхæнгæ йæ бакодта уæлæ горæты, базары! — Цæй æлхæпгæ, хæсты йæ мард салдаты риуæй срæмыгъ- та!.. — Æвæццæгæн, искæмæй ахауд, æмæ йæ ай ссардта... Афтæ кæрæдзи дзыхтæй скъæфгæйæ фсзгъалынц мæиыл ху- .дæджы ныхæстæ. Мæнæн, раст куы зæгъон, уæд æхсызгон нæ вæййынц, фæлæ сыл худæн дæр нæй. Хъуамæ кæстæртæ зопой, ордентæ чи цæй тыххæй райста, уый. Хæсты хæд фæстæ, топ- пыхосы фæздæг йæ фындзы хъæлыл дæр кæмæн нæ ауад, хæст йæ фыны дæр чи нæ федта, иуæй-иу ахæмтæ дæр-иу æрцауыгъ- той сæ риутыл ордентæ. О, фæлæ мæ чи фæфæрсы, уыдонæп се ’ппæтæн куыд фæ- „дзурон, орден цæй тыххæй райстон, уый? Æмæ сфæнд кодтон уыцы хабæрттæ ныффыссыи, кæд æй се '’ппæт дæр бакæсиккой æмæ мæ алыбон нал фæрсиккой, нал мыл худиккой. Æцæг, худæджы хабæрттæ не сты. Ма мæ-иу рахъаст кæнæнт, ахудын чи уарзы, уыцы хъæлдзæг адæймæгтæ. 258
* * * 1942 азы сæрды кæроп Кубаны тулдз æмæ æпгуз хъæдæй æмбæрзт хæхты мыл æрцыдысты уыцы хабæрттæ. Фашистон æфсад ма уæд махæй тыхджындæр уыди. Техии- кæйæ, хæцæпгарзæй — ифтонгдæр. Æмæ нæ расхуыста раст Та- ганроджы цурæй. Гъеуырдыгæй зæйау раивылди нс ’фсад æмæ суанг Кубанмæ æнæфæстæмæ фæхæпгæнгæйæ сæпп кодтам. Нæ зæрдæтæ туджы æвдылдысты, афтæмæй иæ фæдыл зпаджы къæхты бын уагътам нæ горæттæ, нæ хъæутæ, нæ зæрдиаг хæс- тон æмбæлтты иигæнтæ..! Зпаджы ныхмæ кæд æмæ кæм ныл- лæудзыстæм, уын иæ пичима зыдта. Æфсады къамапдыгæп- джытæн цы сæ зæрды вæййы, цы пълаптæ, уый салдæттæ цæ- мæй зоиынц. Бахæццæ стæм Кубаны стыр кæмттæм. Ныллæууыдыстæм хъæдæй æмбæрзт хæхты æхсæн, иу стыр комы. Уыдыстæм мæс- ты, æххормаг, æиæхуыссæг. Нæ батинкæтæ — пырхытæ, иæхæ- дæг—æнæдаст, æнæфснайд, фырфæлладæй ма нæ къæхтыл тыххæй лæууыдыстæм. Уæд ма æз уыдтæп пулеметты ротæйы хуымæтæджы салдат Мæ къамандир — мæпæй чысыл хистæр. Хæсты размæ уый дæр рæйы ахуыргæнæг, уый—физикæ æмæ математикæйы ахуыргæ- мæнау уыди дхуыргæнæг. Æрмæст æз — æвзаг æмæ литерату- нæг. Хистæр сержанты пъагонтæ йыл аныхæстой, хæсты райдиа- ны æфсæддон скъолайы цыбыр курсытæ каст куы фæци, уæд. Тъæнтъихæгарæзт, ныллæггомау, фæлахсцæсгом хъазахъхъаг лæппулæг. Хуыдтой йæ Виктор Зеленский. Цыдаид ыл 27—22 азы. Ус дæр ын нæма уыди. Стыр ком-ы, ма^х цы раи ныллæууыдыстæм, уымæй чысыл мидæгдæр, иу парæг лæпчы та æрбынат кодта иæ батальоны штаб. Уыцы фæссихор, чысыл нæ фæллад куы суагътам, уæд Вик- тормæ фæсидтысты штабмæ. Уырдыгæй æрыздæхти æрмæст, хур хъæдрагъы сæрмæ куы æрцæйхæццæ кодта, уæд. — Гъе-гъей, лæплутæ! — хъæргæнга^ хъæлдзæгæй æрцæн- згъордта Виктор.— Фæстæмæ сæпп — нал! Комы ардыгæй ми- дæгдæр махæн фæндаг лал и! Куы нæм æрбахæццæ, уæд *мах къордæй йæ алфамбылаи цæлхæмбырдæй алæууыдыстæм. Виктор нын тагъд-тагъдæй ра- дзырдта, штабы цы хабæрттæ фехъуыста, уыдои. Штабы, дам„ райстон сæйраг къамаидыгæпæджы приказ: «Иу къахдзæф дæр фæстæмæ пал!» Хъуамæ, дам, мах дæр æндон бæлæстау пыф- фида’руæм ам. 25^
Иучысыл нып аиыхæстæ кодта,' иæ взводмæ цы хæстæ хауы, уыдæттыл. Стæй мæн йемæ акодта нæ пулеметтæн фидар бы- нæттæ бацагурынмæ. Чысыл раздæр, комы мидæмæ цы фæндагыл цыдыстæм, уый иу ран рахизырдæм фæтæссар. Галиуырдыгæй стыр коммæ æр- цыди хъæдырагъ. Рагъæн йæ иуырдыгæй дæр, иннæрдыгæй дæр — æрхытæ. Мах фæзылдыстæм уыцы рагъыл уæлæмæ. Пыхсыты æхсæнты, бæлæсты къалиутыл фæхæц-фæхæцгæнгæ схæццæ стæм иу гæмæх тигъмæ. Тигъæй комы фæндаг зынди хорз, фæлæ пулеметæй æхсынæн уыди æгæр дард. Виктор акæ- стытæ кодта, стæй фæстæмæ фæзылди. Æруадыстæм рагъæн #æ ныллæгдæрмæ, раст, комы астæумæ дзы цы хай æрцыди, уым æрлæууыдыстæм. Фæндаг уыди нæ тæккæ дæле. Нæ ар- мытъæпæнмæ кæсæгау æм кастыстæм. — Сæпп лас не ’мбæлттæм! Иу пулемет ардæм рахæр-хæр м<æпут,— загъта сержант. Пулемет уайтагъд балæууып кодтам сержаиты цур. Вик- ’тор нып кæм бацамыдта, *уым ракъахтам даргъ акъопп. Пулс- .мет æрцарæзтам стыр тулдз бæласы рæбын, раст фæндаджы хъæбæрмæ. Махæй фæндаджы æхсæн ма уыд иучысыл æрх, лыхс, хæмпæлæй æмбæрзт. Бынæй дзы цыди сабыр лакъоп дон. Немыцы æфсæдтæ тыхджын уыдысты лæгъз быдыры сæ танктæй, сæ хæдтулгæ сармадзантæи, сæ машинæтæй. Ам, ко- мы та сæ фæзилæнтæ, сæ ауайæнтæ сæхи бар нæ уыдысты. Цалынмæ мах лæгъз быдыры сæ разæй сæпп кодтам, нæ уæрдæтты, нæ бричкæты, нæ зæропд машинæты, уæдмæ иæ фæд-фæд уадысты, не счъилтыл иып лæууыдысты. Тугдзых хъæрццыгъатау нæ сæрты тахтысты, калдтой ныл бомбæтæ. Фæ- лæ коммæ куы бахæццæ стæм, уæд сæ чысыл сулæфыдыстæм. Цалынмæ исмыц уырдæм хæццæ кодтой, уæдмæ æрцæттæ ходтам пулемет æмбæхст быиаты, гилдзæй, æндæрæй... Мах уыцы куыстытæ куы кодтам, уæд нæ рæзты уæлæмæ ссыдысты цыппар салдаты. Дыгæйттæй сæ уæхсчытыл хъай- вантæ хæссæгау хастой дæргъæй-дæргъмæ таикцæвæн топпытæ. Уыдон та æрбадтысты иæ сæрмæ, гæмæх тигъыл. Ноджы нæ хæд уæле, нæ фале, иæ дæле, суанг комы фаллаг фаро алырæт- ты не ’фсæдтæ цæттæ кодтой хæцæн бынæттæ. Мах та нæхицæн блиндаж къахтам хуссарырдыгæй æрхы был. Немыцы æфсад, комы уыцы фæзилæны сæ ныхмæ лæууæг фæуыдзæн, уый æнхъæл иæ уыдысты. Сæ хæдтæхджытæ тах- тысты нæ сæрты, фæлæ хъæды астæу цы равзæрстаиккой. Нæ нæ ссардтой. Уыцы æхсæв не ’рбазыидысты. Стæй иемыц æхсæв уæндгæ .дæр нæ кодтой хæцынмæ. Æрмæст дæлейæ, комы райдианæй :260
хъуысти иугай гæрæхтæ. Мах нæ плащпалаткæты нæхи батых- там æмæ кæрдæгыл, сыфтæртыл фæххуыссыдыстæм. Нæ тып- пыртæ суагътам хуыссæгæй уыцы æхсæв. Райсомæй, аходæн афоп, фæзыидысты знаджы æфсæдты .къордтæ. Цыдысты хъавгæйæ, дзыгуыртæй. Æвæццæгæн — сæ разведкæ. Æрбауагътам сæ хæстæг. Куыддæр æрхы былæй ма- хырдæм фæуырдыг кодтой, афтæ сыл пулеметæй ауагътам лæмгуыты даргъ цыхцырæг. Ноджы скъæр-къæр кодтой топпы- тæ, автоматтæ. Знæгтæ схылы-мылы сты, фæстæмæ лидзыныл фесты, кæрæдзп сæрты хаудысты. Пулеметы цур бадти сержант йæхæдæг. Уайтагъд авдæлои гилдзыты иу даргъ хъатара. Æз ып йæ цуры авæрдтон дыккаг. Мæхæдæг райстоп автомат. Немыцæгты фыццаг дзыгуырæй иу дæр нал аирвæзти. Сæ фæдыл цы дыккаг къорд цыди, уый салдæттæ бæлæсты аууæт- тæм сæхи æппæрстой, æхстой. Йу бæласæй иннæйы аууоимæ гæппытæгæнгæ лыгъдысты фæстæмæ. Фынддæс, ссæдз мииутæй фылдæр пæ ахастаид уыцы хæст. Æрхы былты дæрæнтæй баззадысты иу-аст æмæ ссæдз салда- ты. Иукъордæй та æртылдысты æрхмæ æмæ лакъондон сæхи- цæй ныццауæзтоп. Бæстæ исдугмæ фæсабыр и. Нæма рацыдаид сахатырдæгæй фылдæр, афтæ дæлæрдыгæй .æрбайхъуысти машинæты уынæр. Атагъайæ æрбазындысты дыууæ танчы. — У-у, æндопзгъæр нæл хуытæ! — сæлгъыста сержант.— Грапаттæ сцæттæ кæиут! — æрбахъæр кодта. Таиктæ цыдысты тагъд. Сæ быны ссæстой доны былты пыхс. Æрбацæйхæстæг кодтой махмæ. Æз мæ цуры æрæвæрдтон гра- паттæ. Иу-цалдæр дзы баскъæфтон Викторæн дæр. Гранаттæ нæ къухты, афтæмæй пæхи фæгуыбыр кодтам, пыхсыты æхсæн- , мæ ныггæпп кæнæм куыд загътам, афтæ уæлæрдыгæй фæд-фæ- дыл фæцыди дыууæ гæрахы. Мах гуыбыртæй аззадыстæм. Нæ цурмæ цы танк æрбацæй- лæццæ кодта, уый пыллæууыди, йæ пиллоп скалди. Иннæ танк фæзылди галнуырдæм æмæ доны асенк ласта, пыхсыты фæми- дæг. Фæцыди та дыууа^ гæрахы. Дыккаг танк лæугæйæ баззади «ставд бæласмæ йæ ных арæзтæй. Уæлейæ’ æрыхъуысти худын. > — О, мæ сæры къуыдыр уæ фæхъхъау! — нал баурæдта йæ цин сержант. Ныхъхъæр кодта тигъыл бадджытæм — «Молод- цы!». Стæй та æвиппайды йæ цæсгомыл æхсидгæ масты хуыз абадти. Февнæлдта пулеметмæ. Æз дæр фæкомкоммæ дæн, Виктор кæдæм касти, уырдæм. Доны был цы танк баззади, уый люк фегом æмæ дзы иу танкист сцæйбырыдн. Цалынмæ Вик- тор уыцырдæм пулемет арæзта, уæдмæ æз автоматæй фæхъа- 261
выдтæн. Цыбыр къæрцц-къæрцц, æмæ фашист æрдæгæй уæлæ- мæ танкыл ахъил. — Молодец, Таймураз! Хорз æхсыс,— зæгъгæ, мæм æрба- дзырдта Виктор.— Афтæ хъав! Иу дæр дзы ма суадз. Æз фал- лаг танк хъахъхъæидзынæн,— æмæ пулеметы хæтæл азылдта. ’ фаллаг таикмæ. — Молодцы, ребята! — зæгъгæ, нæ тæккæ дæле сыхъуысти. Æз фæстæмæ фæзылдтæп. Кæсын æмæ дын мæнæ суайынц иæ^ полчъы къамандир, дæлбулкъон Игнатов æмæ иæ батальоиы къамаидир, хистæр лейтепапт Воронков. Къудзиты æхсæнты,, къалиутыл хæцгæйæ фæцæйцыдысты уæлæрдæм, рагъмæ. Фæстæдæр уым сæвæрдтой сармадзан. Дыууæ танкхалæп топпæй æхсджыты арвыстой æндæр ранмæ. Уыцы бон немыцаг дыууæ танчы æмæ дæс æмæ ссæдзмæ- ’ввахс салдæттæ баззадысты комы .Нал æрбазындысты нæдæр танктæ, нæдæр фистæг æфсæдтæ. Фæлæ фæссихорæй фæстæмæу суанг изæрдалынгтæм сæ хæдтæхджытæ кæрæдзи фæдыл тæ- хыи байдыдтой. Агуырдтой мах. * * * Изæры, хур куы аиыгуылди, хæдтæхджытæй, æндæрæй тас куынæуал уыди, уæд пæм сержант фæдзырдта. Æрбамбырд, стæм. Сбадын нæ кодта. — Лæппутæ! — райдыдта, сусæгæй дзурæгау.— Дыууæ таи- чы тапкисттæ бады, сæ хицауад сæ ферох кодтой. Æвæццæгæи, сæ мæрдтыл нымайынц, фæлæ кæд мард не сты, уæд кæдмæ- уым баддзысты... Куы суазал, куы сæххормаг уой, миййаг... Тæригъæд сты,— зæгъгæ, пæм йæ дыууæ цæсты дæр æрны- къуылдта. Схудтыстæм мах дæр. — Рахоиыи сæ хъæуы... Нæ полчъы командирæи уыдон зы- наргъ уазджытæ сты. Абондæргъы сын цæстæй хай нæ уыди, уæ автоматты хъæлæстæй сæм кастыстут. Иу дзы йæ сæр сдардта, æмæ йæ мæнæ...—сержант æрбакасти мæнырдæм...— Хъазын хъазып у, фæлæ бынтон куы æрталыпг уа, уæд нын атымычъе ласдзысты... Нæ цæф сырдтæ нæ фындзы бынæй куы алидзой... Мемæ уæ чи цæуы уазджытæ æрбахонынмæ? — æвиппайды ууыл фæци йæ даргъ ныхас. Мах уыдыстæм аст. Не ’ппæт дæр «æз», «æз» скодтам. — Нæ, афтæ нæ. Ам, пулеметты цур искæйты баззайын хъæ- уы...—Сержант, не ’ппаггыл дæр йæ цæст ахаста, стæй загъта:— Пулеметты цур баззайдзысты Страшеико æмæ Пономарь. Ин- нæтæ — мемæ! Виктор сыстади. Фестадыстæм мах дæр. Нæхи æрбарæв- 262
дзытæ, кодтам æмæ æмхъæлмæ кастыстæм сержантмæ. Уый ма Страшенко æмæ Пономарæн цыдæртæ амыдта: — Цалынмæ уынат, уæдмæ сæ уæ цæст ма сисут. Уæдмæ «сæм мах дæр хæццæ кæпдзыстæм... Комы фæпдаджы был пыхсбынмæ куы æрхæццæ стæм, уæд лæ баурæдта. — Таймураз, мæиæ æртæйæ цæугæут фыццаг танкмæ... Хъахъхъæпут, уыдон сæхи цæттæ кæндзысты талынджы али- дзыпмæ. Æвиппайды сæм бахъæр кæндзыстут... Куыддæр рады- гай уæлæмæ хизой люкæй, афтæ сæ бæттут... Иу дæр дзы æд гæрзтæ куыннæ схиза, афтæ. Бамбæрстай мæ? Цы бамбарын мын æй хъуыди. Уыцы пыхæсты фæстæ сержант йæ сæрæй ацамыдта йæ дыууæ æмбалæн. Æртæ лæджы пыхсæй æмбæрзт æрхы фæми- дæг сты. Ныр бæстæ пыссабыр. Æрмæст хъуысти комы доиы сæр- сæр. Мæргътæ дæр, æвæццæгæн, хæсты гæрæхтæй фæтарстысты а?мæ атахтысты æндæр ранмæ. Æз араст дæн ме ’мбæлттимæ. Комы дæлæрдыгæй зынди фæндаджы уадздзаг, иугай бæ- лæстæ йæ былтыл. Фæндаджы фæле æнгуз бæлæсты атагъа ныттар, бамбæхста йæ æхсæпты цæугæдоны. Хæлд танк та фæндаджы былæй зынди, хохæй коммæ цы къæдзæхы фарк ратулы, ахæм дуры фаркау. Æз мæ дыууæ æмбалимæ цыдтæп пыхсбынты дæлæмæ. Кæм гуыбыр-гуыбырæй, хъуызгæ, кæм фазыл быргæ. Доны сæр-сæр хъыг дардта уынæртæм хъусыи. Мæнæ æрхащиæ стæм танчы æрбакомкоммæ. Танк лæууы фæндагæн йæ фаллаг фарс. Уымæй мах астæу уыдаид иу 14— 15 метры, æиæпыхс фæз æмæ фæндаджы хъæбæр. Нæ фазыл бабырыдыстæм фæндаджы былмæ. Хъусæм. Иурæстæг танчы сæрмæ фæзыпдн ’цыдæр сау тымбыл, Тæккæ уыцы минут нын- нæрыди ком... Уæле ие ’мбæлттæ ауыдтой, танчы люк фегом, уый æмæ йыл рауагътой нæмгуыты хал. Танчы фарсыл нæм- гуыты къæрцц-къæрцц ссыди. «Нæ хъуыддаг ныи фехæлд- тон!» — загътон мæхииымæры. Фæстæмæ фæцæйбырыдыстæм, фæлæ люк фæстæмæ куы æртъæпп ласта, уæд æз фестадтæн -æмæ, цæмæй мæ иæхионтæ дæр фехъусон, мауал фехсой, уый тыххæй ныхъхъæр кодтон: — Эй, фрицы, вылезайте! Сдавайтесь! — æртæйæ дæр тан- чы алфамбылай алæууыдыстæм. Автоматтæ сарæзтам люкмæ. Æнхъæлмæ кастыстæм, фæлæ таикæй ницы уынæр хъуысти. Уæд æз автоматы бырынкъæй бахостон танчы æндон фарс, æмæ ныхъхъæр кодтон: «Æддæмæ рахъуытты ут, науæд уæ гра- натæй халæм!.. «Мæхæдæг мæ хъус авæрдтон танчы уазал фар- 263
сыл. Мидæгæй ссыди цыдæр уынæр. Стæй фæцыди люкы хъыр- рыст. Ме ’мбæлттæ автоматты хъæлæстæй кæсыиц уæлæмæ. Люк сыгом, æмæ йæ сæр сдардта иу танкист. — Дæ къухтæ! — фæхъæр ыл кодтоп. Лæг сдардта йæ къух- тæ. Сбырыди. Мах чысыл æддæдæр алæууыдыстæм. Танкист æргæпп ласта. Дыууæйæ йæм февнæлдтам. Æртыккаг автомат дардта люкмæ. Танкистæи уайтагъд роиæй фидар æрбастам йæ къухтæ. Дыккаг танкистæп дæр афтæ. — Æртыккаг кæм и? — фæрсын танкисты. Уыдоп дыууæйæ- дæр иумæ загътой «Капут». Уæддæр сыл нæ баууæндыдыстæм. — Горячев! Нысхой гранат!.. Цæстыфæныкъуылдмæ Горячев нысхуыста гом лючы гра- нат. Айхъуысти æмыр гуыпп. Фæздæг мæкъуылæй срæмыгъта люкæй. — Айда!—зæгъгæ, скъамаиды кодтоп. Дыууæ танкисты нæ разæй, афтæмæй рараст стæм. Чысыл фæстæдæр схæццæ сержант дæр æртæ уацайрагимæ. Уыцы æхсæв мах, æхсæзæй, нæ батальоиы штабмæ схæццæ- кодтам фопдз хæрзхаст æмæ бур бецыкджыи танкисты, фондз/ «æвзаджы». Батальопæй сæ бахæццæ кодтам полчъы штабмæ. Нæ полчъы къамандир нын арфæтæ фæкодта. Фæстæмæ цæугæйæ комы фæндагыл федтам бирæ машииæ- тæ, сармадзантæ, «катюшæтæ». Бирæ æфсæддонтæ семæ архайд- той, æмбæхстой сæ комы рæбып пыхсыты, къардиуты рæбын- ты. Машниæтæй æддæмæ истой асыччытæ. Алы рæтты къахтой хæцæн бынæттæ, блиндажтæ. Æнæуæлдайныхасæй, æнæхъæр,. æнæсыппæй цæттæ кодтой сæхи æнæхуынд уазджытæн «салам» раттынмæ. Мах фæстæмæ куы æрхæццæ стæм, уæд иæ хæцæн быпаты ныккалдтам хус сыфтæртæ, кæрдæг. Æрытыдтам сыл нæ плащ- палаткæтæ æмæ æрхуыссыдыстæм хъæлдзæгæй, æфсæстæй... Нæ- иутæ фынæй кодтой, иннæтæ хъахъхъæнгæ. * * * Дыккаг бон райсомæй, хур дæр иæма скасти, афтæ уæллоз- ты æрбатахти иу рамæ-хæдтæхæг — «фокке-вульф», сгарæг хæдтæхæг. Уый дæрдтыл æрзылди æмæ фæстæмæ атахт. Иæ хæдуæлвæд нæ сæрты æрбасыффыт ластой зпаджы уæлдæфон кæлмытæ — «мессертæ». Уыдон дæр фыццаг тахтысты бæр- зæидты, фæлæ нæхи хæдтæхджытæ куы пæ зындысты, бынæй та сæ æхсæг куы нæ уыди, уæд сæхи æруагътой ныллæг æмæ*. 264
цæргæс хæмпæлты мыстытæ куы агура, афтæ пæ агуырдтой сау хьæды. Фæстæдæр сæ фæдыл æрбахуыдтой стыр «юнкерсты» бал. «Юнкерстæ» нæ сæрты батахтысты, стæй фæстæмæ разылды- сты. Нæ тæккæ сæрмæ сæхи фæуырдыг кодтой. Сæ бомбæтæ •æркалдтой махæй дæлдæр... Сæхи хæлд танкты алфамбылай. Стæй ма ноджыдæр, ноджыдæр... «юикерстæ»... «хейикельтæ». , Куыдфæстæмæ уылæнтæй тæхын райдыдтой. Æгас комыл «иту æвæрдтой». Нæ амоидæн, нæ къуыбырæп йæ хуссарырдыгæй дæр æма* цæгатырдыгæй дæр уыди æрхытæ. Бомбæтæ фылдæр хаудысты уырдæм. Се схъистæ-ну сцагътой йæ сæрмæ бæлæсты къалиуты. Мах нæ акъоппыты ныддæлгом стæм. Æрмæст сыфтæртæ згъæлдысты пæ фæсонтыл. Нæ иу пулемет цы ставд тулдз бæласы бын уыди, уымæн йæ сæрыл фехæлдн бомбæ. Иæ цъупи ын фæйиæрдæм фæхаста. Махæн ницы уыди. Æрмæст цыбыр рæстæгмæ нæ хъустæ гуыр- гуыр кодтой. Ноджы нæ тæккæ размæ фахсыл æрхауди стыр бомбæ, фæлæ, пæ амондæн, нæ фехæлди. Хъæдбын æлыджы арф афардæг. Æвæдза уый фехæлди, уæд пе ’ппæты дæр удæ- тæстæй баныгæдтаид. Уыцы хæдтæхджытæ бæстæ сæмтъеры кодтой. Бомбæты фæздæг, зæххы рыг сæмхæццæ сты. Райхъуысти, чи фæцæф, ахæм салдæтты æрдиаг. Махæп иæ дæпдæгтæ къæс-къæс кодтой уыцы ныллæг, тæ* хæг «мессерты» фехсыиы мондагæй, фæлæ нын æхсæн иæ уыди* Уымæй размæ нын батальоны командир загъта: «Ма-иу фехсут, хæдтæхджытæм уæхи ма раргом кæнут». Стæй нæ пулеметтæ хæрдмæ æхсыпмæ иæ арæхстысты. Иурæстæджы хæдтæхджытæ нал зындысты. Бæстæ куыддæр зеиæпхъæлæджы фæсабыр. Æз сыстадтæн мæ бадæнæй. Мæ цæст ахастои мæ алыварс. Чысыл раздæр нæ алфамбылай хъæд уыди рæсугъд, цардхуыз. Бæлæстæ сæ алыхуызон дарæ- сты лæууыдысты хъæлдзæг хъазты фæсивæдау. Хъæд царди йæхи сабыр цардæй. Ныр ыл цыма мæтыхы бал ацыди, цыма йæ хохыйас танктæ ассæстой, афтæ дæрæн (фестади. Уыцы ссæст хъæды æхсæн сапитартæ згъордтой куы иуыр- дæм, куы иннæрдæм. Хастой, чи фæцæф и, уыцы æфсæддоиты. Немыцы æфсады къамандыгæнджытæ, æвæццæгæн, æнхъæл уыдысты, уæдæ уæлдæфæй «иту æвæрды» фæстæ уыцы комы пæ ныхмæ бирæ чи фæлæууа, ахæм æфсæдтæ пал ис, чи ма дзы ис, уыдонæи та сæ туг фæлидзын кæнæм пæ хæцæнгæрзты уыидæй, æмæ ныл æрбаскъæрдтой сæ танктæ. Ацы хатт дыууæ нæ, фæлæ æнæхъæн дзуг! 265
* * * Бирæ танктæ кæй æрбабырсы, уый, куы нæма æрбазынды- сты, уæддæр базыдтам. Комæй æрбайхъуысти сæ уыпæр. Чы-' сыл фæстæдæр фæзындысты. Цыдысты хæццæ-мæццæтæй, сæ* иутæ хъæды хæд рæбынты, тæссарыл ныкъкъул сты^афтæмæй^. инпæтæ фæндаджы хъæбæрыл, доиы фалеты атагъайыл. Пыхс„ лыстæг бæлæстæ сæ быны ссæпдгæйæ. Бæстæ байдзаг сæ моторты гуыр-гуырæй, сæ цæлхыты хъыс- хъыс, æмæ бæлæсты къæс-къæсæй. Афтæ зынди, цыма уалдзы- гон æрсдон раивылди комы дæлæмæ нæ, фæлæ мидæмæ æмæ- цыма ныххафдзæни комы тар хъæд иууылдæр. Хæсты ахæм нывтæ чи нæ федта, ахæм хъаймæты фыдызду- хæнты чи нæ фæци, уыцы лæг загътаид: ахæм æндон фидæрт- ты пыхмæ иичи фæлæудзæи, пичи сæ бауромдзæн, хæхты дæр ассæнддзысты. Ахæм уавæры «нæ фæтæрсин» чи зæгъы, уый хиппæлой гæды лæг у. Раст куы зæгъон, уæд æз дæр æдас иæ* уыдтæн. Бакастæи нæ сержаптмæ. Уый бадти пулеметы раз. Йæ артау судзгæ цæстытæ ныддардта танктæм. Фыццаг машинæтæ сæхи хæлд танктæм куы æрбахæццæ сты, уæд сæ сармадзантæ, сæ пулеметтæ иыннæрыдысты. Æх- стой алырдæм дæр, æхстой уайгæ-уайыны, ома иып нæ туг фæтæрсыи кæной!.. , Æрбахæстæг сты мах къуыбырмæ. Сержант цæхгæр фæзыл- ди мæнырдæм, фæхъæр кодта: — Гранаттæ сцæттæ кæпут! — Йæхæдæг, йæ дыууæ къухы, грапатты бæстытæ, афтæмæй фестади. Фестадыстæм мах дæр... Фæлæ уыцы рæстæджы... Райсомæй сихормæ немыцы «фоккетæ», «мессертæ», «юн- керстæ» æмæ «хейнкельтæ» «иту» цы хъæд æмæ хæхтыл фе- вæрдтон, уыдоп райхъал сты. Цыма алы къуыпп, алы рагъ, алы тигъ, алы бæлас æмæ алы къудзи дæр сармадзантæ феста- дысты, уыйау арвы иæрды хуызæн иумæ пыннæрыдысты. Бæс- тæ сармадзаиты гыбар-гыбур æмæ богъ-богъ сси. Зæхх змæ- лыди, хъæд ризæгæй рыпчынау рызти. Топпыхосы фæздæгæй æмæ рыгæй ком ныттар и. Немыцаг танктæ æхстой æиæмысан уыигæйæ, уайгæ-уа- йыны. Мах сармадзантæ, минометтæ, ставдхæтæл пулемсттæ, танкхалæн топпытæ æхстой сæ бынæттæй сæ мысанты — танк- ты. Разæй цы дыууæ танчы уыд, уыдон фесты иæ къуыбыры ау- уон.< Баирвæзтысты мидæгдæр. Æнхъæлдтам, фыдбылызтæ скæн- дзысты, фæлæ фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй уыдон та бахаудтой, дысон нæхиоптæ пыхсыты кæй æмбæхстой, уыцы 266
дардмæ æхсæи стыр сармадзапты хъæлæсмæ. Уыдои сæ аууо- лгæй комкоммæ ныппырх кодтой. \ Сахатæй фылдæр нæ ахаста уыцы хæст. Уыцы бон комы тшллон калгæ баззадысты дыууадæс танчы. \ Махæн, ома пулеметчиктæн дæр дзы чысыл куыст нæ уыди. лæлд танктæй танкисттæ уæлæмæ куыд гæппытæ кодтой, мах’ лæр сæ афтæ æхстам пулеметтæй, автоматтæй, топпытæй... Фæ- лве, куыд сбæрæг и, афтæмæй се ’ппæт акъуыр’ын иæ къухы иæ бафтыди. Танкты, æвæццæгæн, бадт снайпертæ дæр. Уыдо- :лæй къорд аирвæзти. Нæ хæцæп быпат ныи чи федта, ахæмтæ. ] Дыууæ боны дæргъы знæгтæ æргомæй нал æрбауæпды- дысты. Фæлæ дæлæмæ дæр нæ уагътой. Куыд базы’дтам, афтæ- -мæй иæ разведчиктæй дыууæ къорды нал æрбаздæхтысты. Не- мыц æрбахъуызыдысты, фæлæ бынтон хæстæг пал уæндынц. .Æрфидар сты чысыл дæлдæр. Щалынмæ не ’фсад комы дæлæмæ абырсыимæ цæттæ кодта, .уæдмæ пе ’мбæлттæй иу фæмард. Фæмард сты дыууæ артилле- риаты дæр. мЕмæ хæсты мæрдтæй фылдæр цы вæййы. Хæст хæст уымæн у, æмæ, цæрыпæн ,чи райгуыры, уыдон дзы кæрæдзи фæмарынц. 'Фæпæ пс ^мбалæи цыдæр æнахуыр сусæг иæмыг сæмбæлди йæ тæккæ иыхыл. Дзæгъæл гæрах уыдаид? Нæ. Ахæм «дзæгъæл» 11аЦыгæй ма фæмард сты дыууæ артиллеристы дæр. I * :;: ^ Мыцы æнамонд хабар та рауади афтæ. Немыцы тапктæ нæ жъæппæджы цы бон бахаудтой, уымæн йæ дыккаг бон нæ сер- жаит^мæ фæсидтысты батальоны штабмæ. Æз дæр ацыдтæн йе- мæ. ’Комы мидæмæ куы фæцæйцыдыстæм, уæд пæ фæстæ æр-' «байхъуысти иу гæрах. Сабыр рæстæджы дзæгъæл гæрæхтæ кæнæп нæ уыдп, къамандиртæ уый тьГххæй тынг æфхæрдтой. Уыцы гæрахмæ сержант фæлæууыди. Фæстæмæ ракасти æмæ >фæрсы: —’ Уыцы гæрах махоптырдыгæй фехъуысти? — Æнхъæлдæн,— дзуапп ын радтон. —I Æмæ дзæгъæл гæрæхты тыххæй... Цу ды фæстæмæ. Кæд та уыцы хулигап Бражников уыди, миййаг... Комбат æй куы Æазона, уæд не ’ппæты дæр бафхæрдзæн. Æз æрдæгфæндагæй раздæхтæн. Цæуын æнцадгай хъуыды- тæгæнгæ. Салдат Бражников уыди хъæбатыр лæппу, фæлæ фыдуаг. .Искуы доиы былмæ бафтыди, уæд малтæм гæрæхтæ кæпын — Дæ уд æмæ йæ дзæцц!.. Цыф’æиды приказ дæр æм нæ хъардта 267
ахæм ран.. Автоматæй-иу æнæхъæп диск аскъæрдта мальг. Нæ хæцæн бынатмæ къуыбырыл куы сцæйуадтæн, уæд кæ- сын — Бражииков мæм йæ къух тилы, амоны мын, тигъыл ма цу, аууæтты цу, зæгъгæ. Æз фæзылдтæн æрхырдæм. Тагъд-тагъд/ цæуын тæссарыл, пыхсыты æхсæиты, стæй цæхгæр фæхæрд коду топ æмæ гуыбыр-гуыбыр суадтæн нæ хæцæпмæ. Кæсып мё ’мбæлттæм. Лæууыпц æнкъардæй. Салдат Пономарь хуыссы акъоппы мардæй. / — Цы кодта?..— фæрсын ме ’мбæлтты. / — Кæцæйдæр æхсы спайпер,— загъта Бражников. I — Кæцæй? [ — Æмæ-гъа... Кæцæйдæр фæцыди гæрах. Кæцæйдæр 1 æ æхсыпц, уый бæлвырд у,— фæци йæ ныхас Бражников. / Цы гæнæн ма уыди. Нæ блиндажæй чысыл уæлдæр дыууæ бæласы æхсæп ипгæп скъахтам æмæ баныгæдтам ие ’мбальк Уæдмæ фæстæмæ æрыздæхти нæ сержант дæр. Хабар к^уьг базыдта, уæд бæласы рæбын æрбадти æмæ ныхъхъуыды кодга. Ныропг карз хæстыты фæхъахъхъæдта йе ’мбæлтты. Ныр мæнæ, хæст куы фæсабыр и, уæд заммапай лæппу фесæфти хуыцауы ницæуыл... Дыууæ саукапеччы аргъ пæу, йæ салдæтты æнæхъуаджы мæлæтæй чи нæ хъахъхъæны, ахæм къамандир. Федта Виктор дыууæ хатты ахæмты. Уыдои æдылыдзинады, кæпæ та дурзæр- дæдзинады тыххæй æппыи ницæуыл фесæфтысты бирæ салдæт- тæ... Йæ дæндæгты къæс-къæс сæм цыди фырмæстæй, фæлæ сып цы йæ боп уыди... «Салдæттæ сывæллæттæй уæлдай не сты. Сæ цард, сæ служ- бæ вæййы сæ къамаидиры къухы. Уый зондджын, зæрдæджын куы уа, уæд сæ цард, сæ хæст дæр цæудзæи уæлахизы фæндæг- тыл. Ахæм къамапдирæн ратдзысты сæ удтæ дæр. Знаджы пæ- мыг æм куы ’рбацæйтæха, уæд æй бамбæрздзысты сæ риу- тæн»... Афтæ хъуыдытæ кодта Виктор, стæй нæм ракасти æмæ фæрсы: — Гæрах кæцырдыгæй фæцыди? Исдугмæ йын дзуапп ничи лæвæрдта. Гæр’ах куы фæцыди, Попомарь куьг фæмард, уæд хæцæиы уыдысты Страшеико æмæ Бражников. Страшеико бадти пуле- меты цур. Бражников акъоппы цыдæртæ архайдта. Хистæр сер- жант бакасти Бражниковмæ. — Пономарь куы фæмард, уæд ды хæцæны уыдтæ? — О. — Уæдæ гæрах кæцырдыгæй фæцыди, уый нæ бафии- пайдтай? 268
— Æз акъоппы бадтæн... мæ батинкæйы зæгæлтæ хостои, — Дæ хъустæй? 1 — Цы?.. Нæ дæ бамбæрстон? \ — Дæ хъустæ, зæгъын, хизынмæ уыдысты? I — Йæ тæккæ цур уыди Страшспко... Уый йæ зондзæи. I Васили Страшенко æмæ Сергей Попомарь уыдысты хæлæрт- то. Иу хæдон дæр сын æгæр уæрæх уыдаид. Сæ дыууæйыл дæр цыди иудæсгай азтæ, сæ дыууæ дæр — фæскомцæдисоитæ. Ввсили Страшенко уыди Л1иллеровæй, Сергей Пономарь — Аст- раханæй. Василн — æрыгои, рæсугъд лæппу, чызгау æфсæрмы- гаэдаг, худаг, фæлмæизæрдæ. Пономарь — мадзура, къабаз- джындæр, бæрзонддæр. Фыццаг хатт фембæлдысты Ростовы дæше хæсты, уæдæй фæстæмæ кæрæдзиуыл æрхъæцмæ пæ лæу- уьщысты. Карз хæстыты æбуалгъы фыдвæндæгтæ сæ баиу код- тои. Æиæ кæрæдзи дон дæр иæ нызтой. \Ныр Страшеико бадти йæ хæлары ипгæпы цур сæргуыбы- рæи. Бражников йæ кой куы скодта, уæд сыстади. Р1æ уымæл цæйтытæ ныссæрфта йæ хидæйдзаг гимнастеркæйы дысæй æмæ башяди сержанты цурмæ. Æрлæууыди, салдат йæ къамапдиры раз|куыд фæлæууы, афтæ. Йæхи фидæрттæ кодта, фæлæ уæд- дæп нæ цæссыгтæ йæ рустыл дæлæмæ згъордтой. Скасти йæм Внкгор. Фæтæригъæд ын кодта. 4- Сбад, Вася... дæ цæссыгтæ пыссæрф... æмæ тызмæгдæр- у, тызмæг заман тызмæг лæгтæй фидауы... Салдатæп кæуыи нæ фидауы... Сергейы туг мах райсдзыстæм... 4- Æмбал хистæр сержант, бар мып ратт...— цыдæр зæгъи- наг \/ъщи Васили, йæ кæуын йæ былалгъыл тыххæй урæдта. —^ О, о, хорз, ратдзынæн дын бар... Фæлæ-ма мыи зæгъ, гæрак кæцырдыгæй фæцыди, уый иæ бафиппайдтай? —п Æз пулеметы цур бадтæн,— фæсабырдæр, афтæмæй дзырдта Васили.— Сергсй блиндажæй куы суади... акъоппы былыл куы алæууыди, æргæпп кæныимæ, уæд фæцыди гæрах... Мæнмæ гæсгæ, уæртæ уыцырдыгæй æрбахстой,—бацамыдта Ва- сили цæгатырдæм. — Цом-ма хæцæимæ,— фестади Виктор. Сæхи фæгуыбыр кодтой Василиимæ æмæ акъопмæ бахъуызыдысты. Сæ фæдыл бацыдыстæм мах дæр. * * * Акъоппæн уæлæмæ сæр сдарæн нал уыди. Сержант æрбадти пулеметы цур. Уый æмбæрста, хæстæг кæмдæр иемыцаг снай- пертæ бамбæхстысты, стæй иу нæ, фæлæ цалдæр. Уыдон артил- леристты дæр æхсыпц, мах дæр. Кæм æмбæхсынц, уый базо- иын хъæуы... фæлæ куыдæй? Акæсæи куы нæ ис... 269
Сержант афтæ æнцад абадти хъуыдытæгæнгæ, стæй махмæ ракасти æмæ дзуры: — Мачи уæ сдарæд йæ сæр,— йæхæдæг æрхæцыди пулеме- ты хæцæитыл æмæ нæ базмæлыи кодта, фæзылдта йæ нуыр- дæм, иннæрдæм. Йæ размæ йыи цы сыфтæрджын къалиута ныссагътам, уыдои дæр базмæлыдысты. Уæд æрбайхъуысти гæ\ рах. Нæмыджы къæрцц фæцыдм пулеметы æндоп фæйнæгьцу Виктор бации кодта. — А-гъа! Ныр сар кæны уæ сæр! Таймураз! Æз бахъуызыдтæн йæ цурмæ. — Хъусын, æмбал... — Райс даргъ лæдзæг... О, о, даргъ лæдзæг... Æз фæджих дæп: цæмæн æй хъæуы цымæ лæдзæг? — Хъусыс мæ? — Хъусып, хъусыи... — Лæдзæгыл стухут хæмпæлтæ... Æркæнут ыл уæле... дæЛæ плащпалаткæ атымбылтæ кæиут æмæ йыл уый æрбæттут, худы хуызæп куыд уа, афтæ... Дæлæ йæ акъоппы кæронæй. сдардзы- цæ... Æз дын куы зæгъон, уæд. " ’ I Мах Бражниковимæ фæлмæн къалнутæ, хæмпæлтæ ратыд- там. Страшепко плащпалаткæ лæдзæджы кæроиыл атыхта æмæ уайтагъд «лæг» ацæттæ кодтам. Æз æй айстоп, ахъуызыдуæн акъоппы дæллаг кæропмæ. ( I Виктор æнцад касти пулеметы æндон фæйиæджы чысыл хуыпкъæй ыæ дæле фæпдагæй доны æхсæн пыхсæй æмбаёрзт къуыбырмæ. Йæ зæрдæ, æвæццæгæи, уырдæм тыпгдæр æхсайд- та. Стæн мæм дзуры: ; — Гъер æй сдар! — йæхæдæг та йæ цæстытæ фæсагъта пу- леметы. Æз æицадгай сдардтоп мæ «салдаты». Уыцы мииут фæцыди гæрах. Нæмыг сæмбæлди мæ «салдаты» тæккæ «ны- хыл». Æз æй æрæппæрстои. Фæлæ сержанты цæст ацахста къуыбырыл сыфтæрты змæлд. Пулемет сгæртт-гæртт кодта. Нæмгуыты кæри ныккалди уыцы пыхсæй æмбæрзт къуыбырыл. Иæ зæххыл, æвæццæгæн, армытъæпæныйас гæбаз нал баззади, иæмыг кæм нæ сæмбæлд. Стæй фæуагъта пулемет, акъопиы фæстаг къулыл банпой кодта æмæ загъта хъæрæй: — Салют Сергей Пономары рухсагæп! Уый фæстæ ма цалдæр хатты сдардтам нæ «салдаты», фæ- лæ йæ гæрахгæнæг нал уыди. * * * З^аджы таиктæ нал уæндыдысты мидæмæ, фæлæ сæ дард- мæ æхсæп сармадзантимæ лæууыдысты комы, махæй иу кпло- 270
метр æмæ æрдæг дæлдæр. Уырдыгæй æхстой. Сармадзаны нæм- \гуытæ нæ сæрты æхситгæнгæ тахтысты. Сæ хæдтæхджытæ та рынтон сналат сты. Нæхи хæдтæхджытæ нæ зындысты, уæлдæ- \ры сæ хъыгдарæг нæ уыди æмæ не ’ккой сбадтысты. Ныллæ- джыты тæхын байдыдтой, æппæрстой ныл бомбæтæ, æхстой нæ* Аулеметтæй. \ Поиомарь ныи куы фæмард и, уымæн йæ дыккаг изæр иу «иессер» æвиппайды фæзынди. Нæ сæрты ныллæг æрбатахт æмæ ныл пулеметæй ралæууыди. Махæш блиндажмæ нылли- д|ын нæ къухы нал бафтыд. Акъоппы пыттымбылтæ стæм. Нрмгуытæ нæ тæккæ сæрты æруист-уист кодтой. Æркалдтой ныл бæлæсты сыфтæртæ. Хæдтæхæг куыд æнæнхъæлæджы фæ- зьрд, афтæ æвиппайды атахти. Æвæццæгæн, загъта: кæфты цфъд сын ныккодтон. Махæй та цъæррæмыгъд дæр пичи фæ- щп Хæсты алы нæмыг дæр лæг куы марид, уæд зæххыл цъиу- змæлæг дæр нал баззадаид. [Виктор æнæнстысдзургæйæ фæкасти хæдтæхæджы фæдыл. Барсти пулеметмæ дæр. Ныхъхъуыды кодта, стæй мæнырдæм разылд æмæ дзуры: I— Таймураз, æрæджы батальоны штабмæ куы фæцæйцы- дыогæм, уæд фæидаджы был саст уæрдои иæ федтай? (— Федтон. Цымæ йæ цæлхытæ цы фесты? Йæ уæлæ уыдзысты. Цы хъуамæ фæуой, кæй хъæуынц... Марадз-ма, уæдæ, Бражниковимæ суайут æмæ йын йæ иу Цалх æд сæмæп ардæм рахæссут. ~:з фæджих дæи. Иу цалх? Цымæ нæ цæмæн хъæуы иу цал^? Ам ма дæ?.. Цæуыл ныджджих дæ?! — комкоммæ мæм, ныкйасти. -|- Цалх иæ цæмæи хъæуы, ууыл хъуыды кæнын. -+ Цæмæи хъæуы, уый фæстæдæр базондзынæ. Ныр та — прикрз приказ у æмæ йæ æххæст кæнын хъæуы. Срржантимæ-иу хъазæн, худæн ныхас дæр кодтам, хæргæ дæр, хатгай нуазгæ дæр, фæлæ хъуыддаджы тыххæй исты ба- фæдзæхста, уæд æй æххæст кæн æнæфæстæмæ фæкæсгæйæ, æнæуæлдайпыхасæй. Мах ацыдыстæм Бражниковимæ. Ссардтам саст уæрдон. Чидæр æй æрхмæ цæппæрста. Иæ гуыффæ бынтои мур, йæ рæ- тæиæгъдтæ йæ уæлæ иал уыдысты. Р1æ иу цалх быитон сæсты- тæ, иæ чъил дæр цыдæр фæци. Аззади ма дзы уызыиы хуызæн къуыдыр. Иннæ цалхæн йæ дыууæ дæндаджы уыдысты схънс саст,' фæла; ма йæ чънл уыди йæ къуыдырыл. Рафтыдтам цалх æмæ сæмæн. Хицæптæй сæ схастам æрхæй фæидаджы былмæ. 271
Фаг сыл’атухи кодтам. Æрхы доиы мæ батннкæтæ ныххуылыдз сты. ( , Сæмæны къубалыл фæстæмæ бакодтам цалх, иниæ къубаЛ лыл æз хæцыдтæн, афтæмæй йæ æмбисæхсæвмæ бынатмæ æр/ хæццæ кодтам. Сержант пæм æпхъæлмæ касти. Тынг фæлла! стæм, уый æмбæрста æмæ нæ ауагъта блипдажмæ хуыссынма. Йæхæдæг ие ’пиæ æмбæлттимæ архайын байдыдта цалх æм/е сæмæныл. Цы сын кодта, уый æз цæмæй зыдтон. Æрæджи/у дæр ма йæ къупп-къупп цыди уæлбылæй. / Суапг ма блиндажы дæр, лыстæныл хуысгæйæ, хъуыдыгæ кодтон, цæмæп бахъуыди иæ сержанты иунæг цалх æиæ гуьй>- фæ, æнæ рæтæиагъд, æнæ бæхæй, зæгъгæ. Афтæ дзæгъæлта- гæпгæ бафынæй дæн. 4 , I Райсомæй раджы фестадтæп, рауадтæн иæ уымæл блипда- жæй. Акастæн мæ алфамбылай. Ком уыди сыгъдæг, сабыр. Арв—цъæх-цъæхид. Хъæд йæ дари дарæстæй хъазыди. Мæпгъ- тæ уасыдысты алыхуызон хъæлæстæй, ратæх-батæх коягой щ бæласæй иннæмæ. Бæстæ уыди бæрæгбонхуыз, цыма хæсгæи йæ кой дæр нæй, афтæ сабыр, рæсугъд. Скастæн1 нæ хæцяны уæлбылмæ æмæ джихæй баззадтæн. Иæ акъоппы сæрмæ, .тчлдз бæласы фарсмæ, сагъд уыди хъæды лыггаг. Лыггагыл телгæй фидар баст — сæмæпы кæрон. Иæ уæллаг къубалыл -4 нæ цалх... Раджы заманты ма-иу фæсивæд куадзæиы бонмæ херы скодтой ахæм цалхæй. I Пулемет йæ, гыццыл цæлхытæй ист æмæ уæле стыр цалхыл ауыгъд, йæ хæтæл цалхы дæндæгты æмæ бæласы сыфтæрдгжып къабузты æхсæнты уæлæмæ арæзт... Æрхъуыдымæ алæмæты дæсны Виктор дысон-бонмæ уый арæзта. Ныр фæлладæй хуыс- сыди бæлæсты рæбын. Уыди фыпæй. Страшеико пулеметы цур- мæ хаста гнлдзытæ. Пулеметыл æрзæбул и гилдзыты хъарара. Хур нæма æркасти коммæ. Мах къордæй бæлæсты бын кæрдæгыл æрæвæрдтам пæ хус хæринæгтæ, америкаг копОервы къоппыты æнад дзидза, дзул. Хордтам æмæ цайы бæсты хуып- пытæ кодтам уазал дон. Уымæй размæ-иу хæргæ-хæрыиы не ’хсæпæй хъуысти х^дын, .хъæлдзæг ныхас, фæлæ ацы хатт худын никæмæ цыди. Нæ фа- ле не ’мбал, Пономары ннгæны обау нып сбаста не ’вз’æгтæ, нæ судзгæ мастыл нын бафтыдта ноджы уыраугæ пиллои арт. Бадгæ дæр кодтам цъæттыл бадæгау. Зыдтам — иыртæккæ та фæзыпдзысты зиаджы хæдтæхджытæ. Æмæ æцæгæй, хæрд нæ- ма фестæм, афтæ дæллозæй æрбайхъуысти уыпæр, стæй ^арвы цъæхыл ферттывта хæдтæхæг «фокке-вульф». ) Фестадыстæм. Уайтагъд нæ алчи уыди йæ хæцæн бынатьь Страшенко алæууыди ауыгъд пулеметы бын. Бавиæлдта йын 272
уйæ хæцæитæм. Уæдмæ фехъал сержант. Фестад, йæ цæстытæ \сæрфгæ дыууæ гæппæн алæууыд Василнйы цур. \ — Васили!.. \ — Æмбал хистæр сержант,—ракасти йæм лæппу лæгъстæ- Аепæджы цæстæй,— æз дæ куырдтон бар... Сергейы тыххæй... 1 — Куырдтай, нæ мæ ферох, фæла^ куы æхсай, уæд дæ нæм- гуытæ хъуамæ нысаиыл æмбæлои... Ныр та цы акъуырдзы- нæ?.. Кæс-ма, уæлæ кæуылты фæтæхы,— дзырдта йын Виктор уæлæрвтæм кæсгæйæ. - \ Хæдтæхæг баивгъуы’дта мидæмæ уæллозты. Чысыл фæстæ- дæр æрбатахтысты «мессертæ» дыууæйæ. Фыццаг сæхи байстой мидæмæ, стæй, æвæццæгæн, цыдæр æхсипаг ауыдтой æмæ та фæртæмæ разылдысты махырдæм. Сержапт кæсы Василимæ. Лааппуйæн йæ къухтæ ризынц. Ныр дыууæ хæдтæхæджы æрба- хæкцæ кæныиц. Уæд хистæр сержапт асхуыста Страшенкойы, фæлæбурдта пулемсты хæцæнтæм æмæ лæугæйæ хæдтæхæджы гуырыныл суагъта æнæхъæи хъатара. Цалх æнцопæй зылди «мсссеры» фæдыл. Пулемет дзæхст-дзæхст кодта. Раззаг хæд- тæхæг, тарст бæхау, фыццаг хæрдмæ йæхи фехста, стæй йæ фæзрæг скалди. Тæссар-тæссар ма æрцæйзылди, фæлæ комы фаллаг фарс æпгуз бæлæстыл йæхи ахаста æмæ ныгуыпп ласта хъæпы астæу. Йннæ «мессер» бæрзоидмæ йæхи ’систа æмæ рагтля фæстæ фæаууон. Ограшенкойæи фыццаг, сержапт æй пулсметæй куы аиуварс кодтЬ, уый тынг хъыг уыди. Хæдтæхæгмæ пал, фæлæ уымæ туджджыны цæстæй ныккомкоммæ, фæлæ хæдтæхæг куы æр- хауд! уæд бахудтп... -Д Гъеуый дæр ма дын Сергейы тыххæй, Васили!..— ракас- ти нæм хистæр сержант...— Куы аирвæза, уымæй фæтарстæн... Æхсгæйæ хъуамæ дæ къухтæ ма ризой... Цæй, Васили, ныхха- тыр иæн... Гъа ныр дæ пулемет,—суагъта сержант пулеметы хæцæитсЕ æмæ ракъахдзæф кодта. Æз фæдæи йæ размæ. — (Гъер бамбæрстай, Таймураз, цалх мæ цæмæн хъуыди, уый? 4- фæрсы мæ худгæйæ. — рамбæрстоп, æмбал хистæр сержапт... Чц æрхауди, уыцы хæдтæхæгмæ згъордтой, фаллаг фарс цы æфсæддонтæ уыди, уыдон. Чысыл фæстæдæр æрхæццæ нæ ком- бат 'Д^р. Викторы ауыгъд пулемет куы федта, уæд фырхудæ- гæй иæ гуыбыныл иыххæцыди. Акъоппы былыл сбадти æмæ кæл-кЬсл кодта... Æртæ боны фæстæ пæм фæсидтысты полчъы штабмæ. Хис- тæр сержант Викторæн радтой Фыдыбæстæйы Хæсты фыццаг къæпхæны орден, мæнæн та Сырх Стъалыйы орден. Цæй тых- хæй? Фæрсут ма мæ? 18 Хæхти 273
УÆЗЗАУ ХАБА^' Æ. ,рæджы иæ хъæуы амарди мæ хорз зонгæ лæг. Æз уым уыдтæн мардмæ. Уынджы, зианджынты кæрлгы, уыди бирæ адæм, бирæ фæсивæд. Зиапы хъуыддæгтæ код|гой- уыцы фæсивæд. 1 ’ Фæссихор марды рахастой кæртмæ. Дыууæ зæронд лæджы: бацыдысты адæмы æхсæпты, æрлæууыдысты марды уæлх|ьус. Хистæрæн агуывзæ йæ къухы. Ныххæлар кодта мардæн! нæ зæххон цард. Рухсаг, фæндараст загъта, чи ахицæн, уымæи йæ- ахæрæты фæндагыл æмæ дыууæ хистæры иуварс алæууыдьгсты. Фæсивæд сæ фидар уæхсчытæм систой чырын æмæ йæ рахас- той. Адæм раивылдысты сæ фæдыл. , Æз дæр рацыдтæн. Уынгæй фæстæмæ раздæхтам зæЬопд лæгты. Мæрддзыгой араст уынгты уæлæмæ. ч ( Æз цыдтæн æнкъардæй адæмы æхсæн. Мæ фарсмæ фæци æндæр хъæуæй æрцæугæ лæг. Уыдаид ме ’мгар. Æпæрихи, къæсхуыр æмæ чысыл къуылыхгомау. Иæ уæлæ уыдн адаргæ* доихуыз плащ, денджызы хъуынахуыз сæрдыгон шляпæ! æмæ- сау батинкæтæ. Лæг размæ касти, фæсивæд кæрæдзи ийгæйæ- марды уæлмæрдмæ куыд хастой, уымæ æмæ йæ мидбылты худ- ти. Æз æй бафиппайдтои. Раст куы зæгъон, уæд мын хъыг уыди, мæ фарсмæ цæуæг судзаджы зианы фæдыл худга^ кæйг цыди, уый. — Хорз лæг... Чи амарди, уæлмæрдмæ кæй хæссæм, !уыцы лæджы зыдтай, — бафарстон æй тызмæгæй. I — Зыдтон, — дзуапп мын радта уыцы мидбылты худгæйæ., — Знаг дыи уыди, миййаг? Исты фыдми дын ракодта? — Никуы, ницыхуызы... Рухсаг уæд... фæлæ мæ уымæй цæ~ мæи фæрсыс? — Мæнмæ гæсгæ, марды фæстæ худгæйæ цæуын аив нæу,— 274
рауайдзæф ын кодтон. Лæг фæджих, фæрсæджы каст мæм æр- ■шакодта. 1 — Худгæйæ?.. Ау, худгæ кодтон?..— лæгæн худæнбылы фæд ,д|æр нал аззадп йæ цæсгомыл. Фефсæрмы, стæй та загъта: \ — Бахатыр кæи... Уый мæ цæсгомы конд афтæ у... ныббар... |Æз,æм ницыуал дзырдтон. Цæуæм дарддæр уæхски-уæхск. Хъæугæропы чысыл доиы сæрты ахызтыстæм. Чырын фæсивæ- дь1 сæрты аленк кодта рахизырдæм, кауы рæбынты азылдыс- тæм йæ фæдыл. Лæг кæсып байдыдта размæ нал, фæлæ йæ’ къаехты бынмæ. Æз æм зулаивæй дардтон мæ цæст. Къæмдзæ- стыгхуыз уыди йæ цæсгом, уый æмбæрстон, цыдæртæ йæ зæ- гъыи фæнды йæхи срастæи. Æрбацыд та мæм хæстæг-хæстæг. Æрракасти мæ цæсгоммæ. 4- Бахатыр кæн; хорз лæг,— сабырæй сдзырдта лæг.—Æз худгæ нæ кодтоп... Нæ фæсивæдмæ кæсын мын æхсызгон у... Кæд уыцы æхсызгопдзинады’ хуыз абадти мæ цæсгомыл?... 4- Мардхæссæг фæсивæдмæ кæсын дын у æхсызгон? — бап- лæрстон та пæм уайдза^фы хуызы. 4- Ныббар... Афтæ зæгъынмæ нæ хъавыдтæн. Ома, æнæ кæстеертæй цæрыи мардæй судзагдæр мардæрцыд у... Æз æй федтон... бавзæрстои æй мæхæдæг... -\- Цы федтай, цы бавзæрстай? -т Æнæ кæстæрæй цард куыд у, уый... Уæвгæ, ныхас йæ сæрæй куы иæ ракæнай, уа^д зыи бамбарæн у. Хъæуæй ахицæн стæм. Мæрддзыгойы адæм ахал сты хъæ- дырдæм фæидагыл. Адæм ныхас кæнын байдыдтой. Ранæй- рæттА нæ сæрмæ фæзыпди тамакойы фæздæг. Уæлмæрд ма уыди![дард. Уыцы фæндагыл мын мæ фарсмæ цæуæг лæг йæхи сраст кæнынæн радзырдта мæнæ ацы уæззау хабар... «Уыди 1944 азы кæронмæ æввахс. Хæст йæ кæронмæ фæ- цæйхаёццæ кодта, фæлæ ма уæддæр йæ сау пиллоны уылæнтæ æнхъæвзтой æгас бæстыл. Æз уæззау цæфтæй сæфтыдтæн нæхи горæты госпитальмæ. Уым мын дохтыртæ мæ уæхскæй æмæ мæ агъды фарсæй слас- той гермайнаг бомбæйы къæрттытæ. Уыцы операцийæ къорд боны фæстæдæр мæм схæццæ мæ фыд. Фæцинтæ, фердиаг мыл кодта. Мæллæг, фæллад, фæлах- сæй мæ раласта иæхи хъæумæ. Нæхимæ йæм зылд хуыздæр уыдзæн, æнцондæр ын уыдзæн, зæгъгæ, уыцы зæрдæйæ. Æмæ, æцæг, къуыримæ ме уæхсчы хъæдгом æрбалвæста. Тынг мæ иал хъыг дардта, фæлæ ме ’пнæ хъæдгом, мæ агъды фарс нæ дзæбæх кодта. Кæмдæр ма дзы, æвæццæгæн, схъис "баззад. Уыцы хъæдгом мæ фезмæлыи нæ уагъта. Цæуын дзы 275
мæ бон нæ уыди. Æрмæст лæдзджыты æицæйтты стыр зынтæй иугай къахдзæфтæ кæныиыл фæлтæрдтон. I Мæ хъæдгæмттæ мыи баста мæ фыд йæхæдæг. Æрхы бы4 лæй æрбахаста цъахгæры уидæгтæ... Цъахгæр циу, уый зо/ пыс? — афарста мæ цæугæ-цæуын. / .— Зонын,— радтон ын иу дзырдæй дзуапп. / — Уидæгтæ-иу кардæй ныххафта,— дзырдта дарддæр м/е сыхаг,— æмæ-иу уыцы хафæнтæ хуылыдз • фæскъауты хуызæ-; пæй æвæрдта мæ хъæдгомыл. • / Раджы кæддæр, хæхты ма рæгъаугæс куы уыди, уæд ну фосы стæгсаст хъæдгæмттæ уыцы дидинæджы уидæгтæй дзæ- бæх кодта. «Æвдадзы хос у стæгхъæдгомæп ацы уидаг»!— дзырдта-иу мæ цæфтæ бæтгæйæ. Æвæццæгæн, æцæг æвдадзы хо& у хъæдгомæн уыцы уидаг. Уымæн тагъд æрбалвæста|ме уæхсчы хъæдгом. Стæй мæм хорз зылд уыдн. Мæхицæн мад рагæй пал уыд, фæлæ мæм зылдысты мæ фыд, мæ сыхæгты устытæ, чызджытæ. / Кæд уæззау хæсты рæстæг уыди, кæд сæхи зæрдæтæ фыдо- хы сау катай кодтой сæ хæстоп хъæбултыл, се ’фсымæртыл,' кæд сæхæдæг алцæмæй дæр хъуаг æййæфтой, уæддæр-иу сæхи дæр иыууагътой æххормагæй, фæлæ мæнæн хастой куы уæли- бæхтæ, куы карчы фыд, куы æхсыр, куьг мисын. Ницы ?Мын хæлæг кодтой, сæ къухты цы уыди, уымæй. Æппындæр сæм-иу куы иицы уыди, уæддæр мын се ’рбакъахдзæф, сæ дзыхы иы- хас, сæ бахудт уыдысты æвдадзы хосау. Мæ уаты æртæ рудзынгæй "иу уыди пæ сыхæгты кæртырдæм, иниæ дыууæ — уыпджырдæм. Мæ сынтæг — сыхæгтырдæм ру- дзынджы цур. ( Мæ базтæ уыдысты бæрзоид æвæрд. Æз-иу арæх кастæн иæ сыхæгты кæртмæ. Сæ бæлæсты уынд, сæ кæрчыты хъуыдатт, се ’ртæ фысы уаст, сæ мила куыдзы рæйд мæиæн хæсты быды- ры хъаймæты бонты фæстæ уыдысты рухс царды диссаджы фæндырмæ хъусæгау. Сыхæгтæн сæ зæронд ус Косерхап æддæ- мæ нæ зынди. Кæрты йæ куы пæ уыдтои, уæд бафарстон, кæм и, зæгъгæ, æмæ мып уæд сæ чызг загъта: «Нана уæззау рын- чын у». Æз мадау уарзтон уыцы зæронд усы. Кæддæр, мæ са- бийы бонты, æпæмад, сидзæрæй куы баззадтæн, уæд мæ мадау уый барæвдыдта. Нæхимæ куы æрхуыссыдтæп, уымæй рацыдаид дыууæ къуы- римæ æввахс, уæд æрцыди ацы хабар...» Мæрддзыгой схæццæ уæлмæрдмæ фæхæрдгæнæн тæссар фæндагмæ. Мардхæсджытæ азылдысты уыцы тæссар фæндагыл, адæм дæр сæ фæдыл, фæлæ рахизырдæм суади лыстæг къах- вæндаг. 27(»
Мæнæ ауылты цом, зæгъгæ, мын ацамыдта ме ’мбал йæ къу- хæй. Æз фæраст дæн къахвæпдагыл. Уый — мæ фæдыл. Нæ фæхицæи уыдаии мæрддзыгойы халæй, аив иæу афтæ, фæлæ м!æм адæмы гуыв-гуывæй йæ пыхæстæ хорз иæ хъуыстысты. Мæн та фæндыди йæ иыхасмæ байхъусын. \ «Уыди æрæгвæззæг,— дзырдта дарддæр ме ’мбал, чысыл кнуыбырæй куы фæуæле стæм, уæд.— Арв æврæгътæй нал сыгъдæг кодта. Кæрæдзи фæдыл иыххал сты хъуынтъыз, æп- къард фæззыгон боитæ. Зæгъ уыцы лыстæгæй уарыд æмæ уа- рыд. Зæхх слæхъир. Уынгтæ сцъыф сты, фæлæ зæронд лæгтæ, устытæ/ сабитæ’уæддæр æфснайдтой сæ цæхæрадæтты, сæ бы- дыроп зæххы гæппæлты картоф æмæ нартхоры муртæ, фадхъул- тæм цъыфы сæ ластой лæгуæрдæтты. Хъæдæй суг хастой æк- койæ. Сæ тæригъæдæй мæ зæрдæ æвдылди туджы. Иу ахæм изæр сыхæгтæй райхъуыст æмыр кæуын. Стæй кæртыл уынджырдæм кæугæ-кæугæ азгъордта, мæнмæ-иу арæх цы цыппæрдæсаздзыд чызг æрбауади, уый. Цы бамбарын ма мыи æй хъуыди, зæронд ус кæй ахицæп. Уайтагъд æрбауадысты сыхы устытæ. Фæстæдæр, уæззау къахдзæфтæгæнгæ, кæртмæ бараст сты зæронд лæгтæ. Æз фæкатай кодтои. Ахæм рæстæг зианджын, æпæлæг хæ- дзармæ фæкæсын хъуыди, фæлæ цы мæ боп уыди... Уæдмæ æрталынг. Кæрты ма змæлыдысты адæм, зæронд лæгтæ, устытæ. Хъæуы ма рæвдз фезмæлыпхъом чи уыди, ахæм цалдæр ацæргæ нæлгоймаджы сара афсиайдтой, кæрты цъы- фыл калдтой хъæмп... Дыккаг бон дæр хур пæ ракаст, фæлæ уаргæ нæ кодта. Райсомæй фæстæмæ устытæ архайдтой хæдзары, лæгтæ — кæр- ты. Хъуысти мæм сæ фæрæтты къупп-къупп, сæ хырхыты хыртт- хыртт. Уыдон хус фæйпæджытæй арæзтой чырын, хъæды лыг- гæгтæй — цырт, ингæны къодæхтæ. Цалдæр лæджы архайдтой кусæрттимæ. Сарайæ скалди фæздæг. Зæронд лæгтæ бадтысты кæрты, мæ рудзынгмæ хæстæг. Кастысты адæммæ... Адæм... зæроид лæгтæ, зæронд устытæ, æпахъом • сабитæ... Фезмæлынхъом ма чи уыди хъæуы, уыцы ацæргæ лæгтæ та ацыдысты уæлмæрдтæм ипгæн къахынмæ. Бадтысты зæрæдтæ æмæ сæ алчидæр йæхимидæг сау марой кодта. «Мæрдты зындоиарты фæсудзæнт, донхæссæи хæрджытæ фестæпт, махæн иæ кæстæртæ хæстмæ кæй тыххæй ацыдысты, уыцы хæст ракъахджытæ...* Хъуысти мæм сæ уæззау ныхас. Кæртмæ цыдысты ноджы æндæр адæм, зианджып хæдзарæй дæрддзæфдæр чи царди, æндæр хъæутæй чи æрбацыди — зæ- ронд лæгтæ, зæроид устытæ. Бирæтæ иыдысты кæугæ... Æмæ, 277
дæума? гæсгæ, цæуыл куыдтой? Зæронд ус фæцарди бирæ, йаа дзæвгар а_зты уæзæй ие стæг схæрог, йæ буар, хус каердойау/ бахус. Æнцадæи иæхи хæдзары амард. Ууыл куыдтаиккой?^НМ алчи куыдта йæхи судзгæ мардыл. Куыдтой, хæсты быдырæй йæ ахсджиаг хъæбулты сæфты тыххæй хъæргæнæджы сау гæхт !хæттытæ ч’и райста, йæ судзгæ знантæ кæм иыгæд сты, уый чи нæ зыдта, уыдон. Уыдон та уыдысты бирæ... Фæлæ мæ ны- хас ’æгæр адаргъ и,— загъта лæг æмæ мæм тæссармæ æрбама- сти.— Кæд дæ сфæлмæцын кодтон мæ даргъ ныхасæй?,— афар- ста та мæ ме ’мцæуат. I — Нæ, нæ, дзур. Суайып ма пæ хъæуы... пыхасимæ цыбшр- дæр кæны фæидаг.— Нæ’дыууæ’ дæр раластам нæ плащтæ, æруагътам сæ нæ ’галиу цæпгтыл, афтæмæГг цыдыстæм къах- вæндагыл. Стæй та баиу стæм( мæрддзыгонмæ. Фæцæйхæццæ кодтам уæлмæрдты бæлæсты къохмæ. — Уæдмæ æрци фæссихор,— йæ ныхас дарддæр кодта ме ’мцæуæг.— Къорд сылгоймаджы уатæй рахастой марды чырыи. Æрæвæрдтой йæ кæрты астæу, адæмы æхсæн. Лæгтæ иууыл- дæр сыстадысты. Чидæр рахаста арахъхъы агуывзæ. Хъæуы хистæр, урс-урсид зачъе зæронд лæг, йæ рахиз къухæй лæдзæг райста галиумæ. Бацыди хæстæг чырыпмæ. Иæ къухы иуазæн зыр-зыр кодта, йæ былтæй калди, афтæмæй дзырдта: — Рухсаг у, Косерхан... Нæ хъæубæсты дæ базæропдмæ фæцардтæ кадджыпæй, æгъдауджыиæй, æиæзæрдæхудтæй... Бæркадкъух æфсип уыдтæ, адæмæн дæ цæхх, дæ кæрдзыи фæ- лæвæрдтай рæдауæн, цæстуарзонæй æмæ дыл абои дæ уарзон хъæубæстæ цы цæссыгтæ æркалдтой, уыдон дын хæлар уæпт... Абон цæуыс де ’цæг дупемæ дæ ахæрæты фæндагыл... Фæнда- раст у... Мæрдты дзæиæты хорздзппæдтæн хайджыи у... Рухсаг у, рухсаг, Косерхап..; Зæроид лæг фæци йæ ныхас. Афæлгæсыд йæ алфамбылай. Мардæп уыди сисып æмæ ахæссын^ афон, фæлæ хистæр йæ алфамбылай уыдта æрмæст йæхи хуызæн митау урсз^ачъе, лæ- дзæгджып зæроид лæгты, зæропд устыты. Уыдои дæр кастысты ^жихæй. Чырып йæ фидар уæхсчытæм чн систаид, чи йæ раха- стаид, ахæм кæстæртыл не ’рхæцыди хистæры цæст. Уæд зæ- ронд лæгæн йæ къухæй æрхауди агуывзæ. Лæдзæгæй йæ сæр ныххоста æмæ нырдиаг кодта: — Е-уæууæй, гъе, куыд бабын стæм!.. Не ’нхъæлцау фæси- вæд!.. Æнæ сымах бынтоп куы сæфæм... Чи ма нын ахæсдзæн уæлмæрдмæ нæ зæропд стджытæ!.. , Адæм ныббогъ-богъ кодтой... 1 Æз кастæи рудзынгæй... Урсзачъе зæропд лæгтæ сæ лæдз- джытæ аппæрстой, уæззаугай чырынмæ куы фæцæйцыдысты. ^78
I уæд мæ зæрдæ иыккæрзыдта, мæ цæссыгтæ æрызгъæлдысты сæ тæригъæдæй... Мæхи нал баурæдтои. Февиæлдтон мæ лæдз- джытæм, фестои, фæкæсон, зæгъгæ... Ферох кодтон, цæуынæн мын зæигтæ кæй нæма ис... Мæ лæдзджыты гыбар-гыбур ссыдл нъолыл... Мæхæдæг ахаудтæн... Мæ хъæдгæмтты хъаймæты ри- сæй мæ цæстытæ атар сты. Цы фбедæн, уый нал базыдтон. Изæры, адæм уæлмæрдтæй куы æрыздæхтысты, уæд мæ мæ фыд æрбаййæфта марды хуызæнæй пъолыл. Цы мыл æрцыди, уый йын нæ загътои...» Бахæццæ стæм уæлмæрдмæ. Ме ’мбал иал дзырдта. Касти та фæсивæдмæ. Уыдон се уæхсчытæй сындæг æристой чырын^ æрæвæрдтой йæ ингæны цур. Инпæ лæппутæ белтимæ лæууы- дысты хæстæг. — Ныр мæнæ кæсыс нæ фæсивæдмæ,— сдзырдта та мæм ме ’иæзонгæ æмбал.— Мæ зæрдæ сæ уыпдæй ныррухс... Нæ ба- бынстæм, нæ фесæфтыстæм... Нæ цард та йæ гаччы абадти... Æз уыдоныл цин кодтои... Уыцы циндзипады хуыз, æвæццæ- гæн, абадти мæ цæсгомыл... Зиаи рухсаг уæд... Рухсаг уæнт, нæ фæсивæдæй хæсты быдырæй чи иал раздæхт, уыдон дæр... Ды та мып, хорз лæг, ныххатыр кæн, зиапы фæдыл цæугæйæ мæ цæсгомыл æхсызгондзинады хуыз кæй федтай, уый тых- хæй... Хъыг æмæ цин фæрсæй-фæрстæм цæуынц. Ууыл ,фæци йæ ныхас ме ’пæнхъæлæджы æмбæлццон. Æмæ- раст уыди. Уый уыди æцæг уæззау хабар. Дунейы фари пьш макуыуал æруадзæд ахæм уæззау хабар.
ИУНÆГ САХАТ СТЫР ЛÆДЖЫ ЦАРДÆЙ .гСрæгвæззæг... Бон æнкъард у абадгæ рæсугъд чызгау... Цъæх-цъæхид арвыл ленк кæнынц урс æврæгъты рог къуымбилтæ. Сæ быны цъитисæр хæхтæ æрттивынц фæззыгон ^идннджытау. Арвы йæ урс пæлæзæй наша æрæмбæрзта æиустæм фыиæй лæгау ху^ья^сæт^охъ^ Арвыкомæи дымы хрустал’ау сатæг уадымс. Дзæуджыхъæуы уынгты бæлæстæн сæ бур-бурид сыфтæртæ зилгæ-зилгæ дæлæ- мæ хауынц æмæ сæ рог дымгæ хæссы хæдзæртты рæбынтæм, фæсвæдтæм. У фæссихор. Дыццæджы базары дæле уа^рæх уынгыл уæллаг хидырдæм æнцадгай цæуы иу ирон лæг. Лæгæн йæ уæлæ — адаргæ дон- хуыз цухъхъа, пыллæгхъуын сау уæлдзармхуд. Иæ астæуыл уæгъдгомау баст æвзнстæй арæзт роп æмæ хъама. Йæ къæхтыл рог сау цырыхъхъытæ. Лæг цæуы лæдзæджы æнцæйтты нуиæгæй, у къуылых. Йæ къæсхуыр цæсгомыл сау зачъетæ æмæ цуркæлвыд боцъотыл фæзыпди халас. Стыр, æнæбын цадау, арф сау цæстытæ сты чысыл фæдисхуыз. Кæпыпц зыд каст. Лæг у æнкъард, фæлмæцыд. Йæ былтæ змæлыиц зыиа-нæ- зыиа. Иæхинымæры цыдæртæ дзуры, Иæ рæзты тып нывæндæ- гау дыууæрдæм кæиынц адæм,— пæлгоймæгтæ, сылгоймæгтæ алыхуызон дарæсты, фæлæ лæдзæгджып никæмæ кæсы, йæ каст у размæ, цыма утæппæт адæмæй никæй уыны. Чи йыл æмбæлы, уыдонæй йып чидæртæ сæ сæртæй акувынц. Уый дæр с^ш йæ сæр фæкъул кæны æмæ цæуы дарддæр. Æмбæлджытæ йæ фæдыл акæсыиц, сæ сæртæ батилынц. Уынджы дыууæрдæм цæуыпц æфсæнцалх бæхуæрдæттæ, 280
хъæдынцалх, хъинцгæнаг галуæрдæттæ, сосайы дуртыл къыбар- къыбургæпаг бричкæтæ, линейкæтæ. Рæстæггай мыр-мырæгтæй дзыгъал-мыгъулгæнгæ æрбацæйтæхы сау файтон. Иутæ цæуынц хндырдæм, иннæтæ — хидырдыгæй фаллаг фарсмæ. Лæг хъусы уыцы цæлхыты гуыр-гуыр, уæрдæтты хъипц- хъинц, сосайы дуртыл бæхты цæфхæдты къæрцц-къæрцц, фай- тоны бæхты мыр-мырæгты дзыгъал-мыгъул. Кæд сæм кæсгæ нæ кæны, уæддæр зоны, чи цæуы уыцы уæрдæтты, бричкæты, фай- тонты. «Уый у мæгуыр хæххон лæг. Иæ сабитæн галуæрдоны фæласы иартхоры голлаг, ноджы йæ бæгънæг биионтæн стыр базары æлхæд зæроид дзаумайы хæррæгътæ... Кæд бахæццæ уыдзæн Зæрæмæгмæ?.. Сындзысæрмæ?.. Уым æм æихъæлмæ кæсынц йæ бæгъпæг, йе ’ххормаг сабтæ... Уый та у къардой- наг зæхджын бухъзæрдæ хъазахъхъаг. Р1æ къыбар-къыбургæ- наг бричкæйы къориау нард бæхтыл базармæ уæймæ сласта мæпæуы, нартхоры, æхсынæнты голджытæ æмæ здæхы йæ фæр- ныг хæдзармæ дзæкъулы дзаг æхцатимæ... Уыцы файтоиы та, æвæццæгæп, иæ бынхор æлдæрттæ фæцæуыиц боиджын къупец- мæ хуынды, кæнæ хъалсæр, æрттиваг пъагоиджыи афнцертæ’ лекка кæнынц рог сылгонмæгтимяе^ сæ зæрдæйы дзæбæхæн...» 0, куыд хорз’сæ зоны ацы фæллад æмæ хицæуттимæ то^сы фæлмæцыд къуылых лæг! Лæдзæгджын бахæццæ хидмæ. Ныллæууыд. Лæдзæг райста йæ галиу къухмæ. Рахиз къух æруагъта уазал чуп^хæцæитыл. Банцой сыл кодта. Ие стыр сау цæстытæ ах%ста хæхтыл. О, иæй зыд каст сæм кæны!.. Æвæццæгæн сæ рагæй нал федта... Мæнæ йæ роиæй систа урс-урсид къухтыкæлмæрзæн... Сæрфы йæ цæстытæ... Бынæй Терк уайы сыгъдæгæй, кæны йæ сабыр зарджытæ. Æрæджы дæр ма йæ лакъоп уылæптæ æрсыты æрдоигау кæрæ- дзи ссæндгæйæ лæбурдтой хиды фидар могортæм, æхсыдтой сæ былгæрæтты ставд бæлæсты сырх уидæгтæ, сдæрдтой стыр къæ- дзæх дурты сæртæ, сæ быны кæрæдзиуыл хостой уираг тымбыл дуртæ, ’ластой сыфтæрджын къалиутæ, æдуидаг бæлæстæ, стыр къодæхтæ... Иæ тызмæг гыбар-гыбур хъуысти суанг фаллаг уыпгтæм дæр. Ныр ныссабыр, ныггыццыл мæсчъыдоиау, нал хъуысы йæ тызмæг зарæг. Иæ бынæй зыиынц суанг лыстæг хуыртæ дæр. «О, куы’д ныссабыр дæ, мæнæ домбай дон! Фæлтау æдзухæй дæр æррайæ куы абухис дæ былгæрæтты къæдзæхдуртимæ, ставд бæлæсты уидæгтимæ... Нæ дыл фидауы афтæ æдых, })едзæллагæй цæуын...» — дзуры йæхинымæры дзурæгау лæг æмæ та лæдзæг райсы йæ рахиз къухмæ. Ацæуы дарддæр. Мæнæ бахæццæ хидæп йæ фаллаг кæронмæ. Иæ зæрды ис 281
иннæрдæм бахизын. Йæ хъустыл ауади цæйдæр дзинг-дзинг,: Лæг ракасти фæстæмæ. Мæнæ йæ пукарæзт рельсытыл хæр-хæр æмæ хъист-хъистгæнгæ æрбацæуы айчы буры хуызæн ахуырст чысыл конкæ. Лæг пыллæууыди. Радта йын фæидаг. Чысыл коикæ хъист-хъист æмæ дзппг-дзингæнгæ араст йæ рæзты. Лæ-' дзæгджын бацыди хидæн йæ ^лдаг^д^эсмæ. Азылди г^иущ- дзеэд æмæ Терчы былты ставд бæлæсты æ>сс&нты къахвæндагыл араст д^æдщц^æы. Иæ цырыхъхъыты бын сыбар-сыбур кæнынц хус сыфтæртæ. Мæнæ рахизырдыгæй Багратионы дыууæуæла- дзыгон хæдзар... Йæ дæле та — сомихы аргъуан... Чысыл дæл- дæр — ныллæг хæдзæртты сæрты кæсы агуыридурæй амад бæр- зонд урс хæдзар... Лæг йæ цыд фæцырддæр кодта... , Кæдæм ’хæссынц цымæ ацы лæджы йæ рыст зæрдæ, йæ^ фæллад къæхтæ? Цæмæн фæтагъддæр кодта йæ цыд?.. Дыууæуæладзыгои урс хæдзары ракомкоммæ, Тсрчы был бæрзонд бæлæсты астæу лæууы кæрдæгхуыз ахуырст даргъ баидои. Уырдæм тагъд-тагъд йæхи байста лæг. Æрбадти, Тер- чырдæм йе ’ргом, афта.*мæй, фæлæ уайтагъд фæстæмæ разылди/ Иæ рахиз цонг æруагъта баидоны фæстаг фæйнæгыл æмæ джи- хæй ныккасти хæдзары уæрæх балкъоимæ, уæллаг дыууæ ру- дзынгмæ. «О, Аннæ, Аннæ! — ныуулæфыди суанг йæ къæхты бынæй. Стæй, цыма хъæрзгæ ныккодта, афтæ та сирвæзти йæ дзыхæй: — О, цы хъал уыдтæн уыцы рæстæджы!» Лæг бады æмæ кæсы джихæй балкъонмæ, рудзгуытæм. Аны- гъуылди арф хъуыдыты. Цымæ афтæ арф цæуыл иыхъхъуыды кодта ацы лæг? Кæд цыртæккæ йæ рæзты хъинц-хъинцгæнгæ галуæрдоныл нартхоры голлаг чи фæласы, уыцы мæгуыр хæххоп лæджы хъысмæтыл? Æмæ уый иунæг куы нæ у. Минтæ куы сты уыцы мæгуыр хæх- хоп лæгтæ!.. (Кæд уыцы лæгты барты сæрыл паддзахы хицауа- димæ иунæгæй кæй тох кодта, ууыл аныгъуылди сагъæсты? Æви йæм кæддæр, йæ лæппуйы бонты, уæлæ уыцы рудзгуы- тæй цы рæсугъд чызг кастп, ацы баидоныл бадгæйæ-иу йæхæ- дæг кæмæ худтн, уыцы хъæздыг хæдзары хъал чызгыл?.. Уæдæ цæмæн æрæнцади йæ къæсхуыр цæсгомыл æнæкæрон, æнæбып уæззау æнкъарддзииады хуыз? Кæддæр уæртæ уыцы нарæг кæрты дуарыл рацыди æхгæд -сау къарет. Къареты чысыл рудзынгæй ма фæстаг хатт ауыдта йæ уарзон чызджы цæсгом æнкъардæй. Йæ фæстæ ма азгъорд- •та, «Аннæ!.. Кæдæм?!» — зæгъгæ, ма ныхъхъæр кодта йæ фæ- дыл. Фæлæ сау къареты иннæ рудзынгæй разындысты тызмæг лæджы гуыбырфындз æмæ схъæл рихитæ. Къарет йæ бæхты мыр-мырæгтæй дзыгъал-мыгъулгæнгæ азгъордта хидыл, стæй *82
фæзылди Калачырдæм фæндагмæ. Йемæ ахаста лæппуйы бæл- лицты базыртæ... Хур æрхæццæ хæхтæм. Арвыкомæй дымы рог уазал дымгæ. Згъæлыпц бæлæсты бур-бурид сыфтæртæ зæхмæ, баидонмæ, æрбадытысты лæджы уæхсчытыл. Бæлæсты аууæттæ адаргъ. сты фæндагыл. Бахæццæ сты урс хæдзары къулмæ. Се ’хсæн слæууыди къаддæр аууон. Даргъ аууæттæ баззадысты хæдзары къулыл. Къаддæр аууон ахицæн се ’хсæнæй. Ахызти къулæй.. Лæг къуылых-къуылых араст проспектырдæм.
ШÆНДЫР А^/^^/азы иу фæззыгон бон мæ службæйы хъуыддæгты фæ- дыл бафтыдтæи Грознамæ. Мæ цæцæйнаг æмæ мæхъ- хъæлон лымæнты куы абæрæг кæиин, зæгъгæ, бауадтæп Цæ- цæн æмæ Мæхъхъæлы фысджыты Цæдисмæ. Асинтыл мæ раз- мæ фесты къорд лæджы. Базыдтои дзы мæ хæлар цæцæйнаг фыссæг Арысханты Хадзыбечыры. Базыдта мæ уый дæр. Ба- цинтæ кодтам кæрæдзиуыл. Фæлæ уыдон кæдæмдæр балцы цæуыны арæзт уыдысты, æмæ Хадзыбечырмæ мæн афтæ фæуа- дзын, æвæццæгæп, аив иæ фæкасти. Баздæхтн, йæ фæдыл цы дыууæ кæстæры цыди, уыдонæй иумæ æмæ йын цæцæйнагау цыдæртæ загъта. Лæппу бахудти æмæ йын дзуапп радта йæ сæрæй. Уæд Хадзыбечыр мæнмæ дзуры: — Хъазджерн нæ æрыгон æмæ курдиатджындæр фысджы- тæй у. Æрæджы ус ракуырдта æмæ нæ ныр йæ кайыстæм хо- пы. Немæ куы рацæуис, уæд дæ тынг бузныг уаиккам. Æз хъуыдытыл фæдæи. Иуæй мып рæстæг нæ уыди, иннæ- мæй та æиæнхъæлæджы æнæзонгæ, æнахуыр хъæумæ уазæгуа- ты ацу, уый мæм аив нæ касти. Кьуылымпы кæнын, уый куы бамбæрста Хадзыбечыр, уæд ма йæ ныхæстылбафтыдта: — Зоныс, Будзи, Хъазджери цы чызджы ракуырдта, уымæп йæ мад æмæ йæ фыд ирои сты. Раджы кæддæр æрбафтыдысты мæхъхъæлмæ æмæ уым цæргæйæ баззадысты. Æвæццæгæн, ис- ты бæллæхты фæстæ. Ау, куыннæ дæ бафæиддзæн ирон мæхъ- хъæлæтты фенын! Цæуæм? Сразы дæн æз. Изæрдалынгты бахæццæ стæм иу хæххон стыр хъæумæ. На- рæг уынджы уæлæмæ суадыстæм æмæ машинæ ныллæууыди агуыридурæй амад æрдæгуæладзыг хæдзары цур. Рудзгуытæй калди рухс. Хъуысти мæхъхъæлон фæндырдзагъд. Æвæццæгæн 284
нæм æихъæлмæ кастысты. Машинæйæ рахызтыстæм. Уæдмæ кæртæй нæ размæ рацыдысты дыууæ лæппулæджы æмæ нæ ба- хуыдтой. Кæстæртæ сиахсы фæмидæг кодтой хицæн уаты. Æз Хадзыбечыримæ бацыдтæн хæдзармæ. Уæрæх æмæ электрон цырагъæй рухс хæдзары баййæфтам дыууæ ацæргæ сылгоймаджы. Иу дзы уыди къæсхуырдæр, ар- хайдта лецы цур. Иннæ ус уыди ацæргæдæр, асæй рæстæмбис, фæлæ ’хæрзхуыз, гуырджын. Стыр сау цæстытæ ноджы саудæр зыпдысты урс дзыккуты бын. Кæддæр, йæ чызджы заманты тынг рæсугъд чи уыди, ахæм. Хæрзхуыз ус рацыди нæ размæ. — Де ’зæр хорз æмæ дæм фарны уазджытæ фæцæуæд, За- ретæ! — мæхъхъæлонау ын раарфæ кодта Хадзыбечыр. Æз мæхъхъæлонау нæ зонын, уырыссагау та кæд æфсин нæ зопы, зæгъгæ, усæи йæ къух исгæйæ загътоп иронау: — Уе ’зæртæ хорз æмæ фарн ацы хæдзары уæд. Æфсин фыццаг фæджих, Хадзыбечырмæ бакасти, стæй ба- худти æмæ мын сыгъдæг иропау загъта: I — Фæрнæйдзаг у, æмæ нæм алыбон æгас цæут. — Заретæ, кæсыс, æз дын канд де сиахсы нæ, фæлæ ма дæхи бæстаг уазæджы дæр æрбахуыдтон,— худгæйæ дзырдта Хадзыбечыр. — Гъемæ иыи дæ цæрæпбоп бирæ уæд, мæ хур Хадзыбе- чыр. Æгайтма хæларæй цæрут. — О, Заретæ, канд хæларæй нæ, фæлæ æфсымæрты цард кæнæм. — Мæ уд дæр ма уæ фæхъхъау фод,— загъта æфсии æмæ та ’мæм иронау дзуры: — Адоп хорз адæм сты. Æз сæ куынæма зыдтон, кæддæр, чызгæй, уæд сын фыдадæм æнхъæл уыдтæн. Ноджы-иу нæм искæй, «мæхъхъæлон лæджы амæттаг дæ хуыцау фæкæнæд», зæгъгæ, куы æлгъыстой, уæд мæм афтæ касти, цыма иууылдæр лæгмарджытæ сты. Фæлæ мæ уд сæ рын ахæрæд, зын замаи сæм æрбафтыдыстæм æмæ ыæ бахъахъхъæдтой, суазæг нæ код- той. Мæнæ иыр дæр кæсыс, нæ уазджытæ æрбацæуынц, зæгъ- гæ, сыхбæсты фæсивæд æрбамбырд сты. Уыцы пыхæстæ куыд кодтам, афтæ къæсæрыл бахызти бæр- зондгомау, фидæрттæарæзт лæг. Йæ сау рихитæ тынг фæхалас сты, фæлæ ма бæзджын æрфгуытæ уыдысты сатæгсау. — Уый та дын махон,— загъта æфсин æмæ йе ’мбалмæ . аздæхти. — А-а-а, Хадзыбечыр, алыбон æгас нæм цу дæ уазджыти- мæ,— загъта лæг мæхъхъæлонау æмæ ныи айста нæ къухтæ. — Арфæгонд у æмæ дæм махæй ноджы амондджындæр уаз- 285
джытæ цæуæд,— дзуапп ын ’радтон иронау. Лæг мæм комком- мæ ныккасти. — Кæсыс, нæ лæг, Хадзыбечыр нын цы уазæг æрбакодта,— загьта та æфсии йæ хæринæгтимæ архайгæйæ. — Асæбе, дæ ироп æвзаг куы ферох кæпай мæхъхъæлы æх- сæп, зæгъгæ, дын уымæй фæтарстæн æмæ дын ирон лæг æрба- хуыдтон. — О, ахæм зынаргъ уазджыты тыххæй дæуæн, Хадзыбечыр,. сæрмагопд кусарт æмбæлы,— бахудти лæг æмæ пын ацамыдта хæдзары даргъ баидонмæ.— Сбадут, сбадут уазджытæ, лæугæ цæмæн кæиут. Мах сбадтыстæм. Уатæй хъуысти тыхджын фæндырдзагъд, æмдзæгъд. Уæдмæ фыигтæ æрæвæрдтой æмæ суанг æмбисæх- сæвтæм фæбадтыстæм. Фæснвæд ацыдысты. Фæсæмбисæхсæв уыдаид, афтæ нын хуыссæнтæ бакодтой. Æз ракуырдтон, цæмæй мын бауат кæной хæдзары, лæг кæм" хуыссыди, уым. Даргъ бандоныл хуысгæйæ æз фæфарстон Асæбейы йæ цар- ды хабæрттæй, кæд æмæ цæмæп æрбафтыдн ардæм, цæмæн баззади мæхъхъæлы бæсты цæргæйæ. Асæбе арф ныуулæфыди, стæй загъта: , — О, мæ зыпаргъ уазæг, уыдои бирæ дзурипаг сты. Фæлæ дæ кæд афтæ æхсызгон хъæуынц мæ царды хабæрттæ, уæд. хъус. Æмæ мын радзырдта йæ лæппуйы бонты хабæрттæй. Æз- сæ ныффыстон, мæ цæстытыл куыдæй ауадысты, куыд сæм арæхстæн, афтæ. * # # Хынцæг уыди Дæргъæвсы комы чысыл хъæутæй иу. Пæ алыварс бæрзопд фæцыдысты хæхтæ, æмæ хъæумæ рапсомæй хур никуы æрбакаст нæдæр сæрдыгоп, пæдæр зымæгон. Æр- мæст-иу сихорыл æрбазыпди Чызджыты хохы сыпæгæй æмæ-ну фæссихор аныгъуылди пннæ чысыл хъæу Хуссар Ламардоиы сæрмæ Хæтоиы рагъыл. Афтæ æнæ хурæфсæстæй цардысты хынцæггæгтæ. Ныр хъæу баззади зæрæстонæй. Царæг дзы иал ис. Фæлге- йын уæддæр йæ пом арæх æрымысынц Дæргъæвсы комы. — Цæй тыххæп, цавæр сгуыхтдзииæдты фæдыл? — куы ба- фæрса исчи. Йæ рæсугъд чызджыты руаджы! !Хынцæджы чызджыты ’рæсугъды коп апхъуысти дардыл.. Дидинæгджын уыгæрдæнмæ сæрды мæйты мыдыбыидзытæ бал-- 286
тай куыд фæтæхынц, афтæ тахтысты Хынцæгмæ усгуртæ альт \кæмттæй, алы хъæутæй. - Цыдысты суанг Кæсæгæй æмæ Мæхъ- хъæлæй дæр. Æгас хъæуы чызджытæй уæлдай рæсугъддæр уыдысты Цн- цылаты Рæмæты чызджытæ. Гæмæты уæладзыг хæдзар лæууыди тæккæ Стырдоны сæр- .мæ къуыбырыл. - Йæ æртæ уаты рудзгуытæ, фиййауы цæсты- тау, доны сæрты кастысты фаллаг фарсмæ, æмæ Дæргъæвсы комы фæндагыл мидæмæ дæр, дæлæмæ дæр цыдæриддæр цæ- уæг уыди, уыдон сæм зындысты се ’ппæт дæр — уæрдонæй, ба- рæгæй æмæ суанг фистæг бæлццопæй. Гæмæты æхгæд стыр кæрты дуармæ сагъд уыди бирæкъа- ’базджып . бæхбæттæи. Уыцы бæхбæттæны къабæзтæ кæддæр уыдыстц ставд, фæлæ сæ рæстæг æмæ уазджыты бæхтæ слы- «стæг кодтой. Гæмæт йæ цыппар чызгæй хистæры арвыста Ерастъийы ды- турмæ, уый кæстæры Куырттаты коммæ, æртыккаджы Кæсæг- мæ. Баззади ма йыи адæмæн æмбнсонды рæсугъд Заретæ. Заретæйы хæдхистæр хо Верины Кæсæгмæ чыидзы куы ар- выстой, ууыл мæй дæр нæма рацыди, афтæ æцæг æмбисонды калд ныккодтой усгуртæ Гæмæты хæдзармæ. Фæлæ Гæмæт тагъд нæ кодта йæ кæстæр чызджы моймæ раттыныл. Стæй Заретæйæн афон дæр нæма уыди. Æвддæс азы йедтæмæ йыл кæма цыди. — Мæ хистæр чызджытæй пæ зæгъдзынæн, уыдопæй, чи зоны, искæй зæрдæхудты дæр бацыдтæн, кæмæ сæ нæ фæндыд, ахæм курджытæн сæ радтон. Гъе, лæгмæ гæсгæ пæ, фæлæ хæ- .дзармæ гæсгæ. Фæлæ мæ кæстæр чызджы зæрдæхудты нæ ба- цæудзынæн, афон ып пæма у,— дзырдта Гæмæт усгурты бирæ минæвæрттæи. Кусаг, тыхджын æмæ къабазджын, фæлæ тызмæг лæгæй зыдтсш Гæмæты. Йæ иу дзырдыл дыккаг зæгъын ничи уæндыд биноитæй. Фæлæ кæд цыфæнды карз лæг уыдн, уæддæр йæ цыппар чызгæй æмæ йæ студент лæппуйæ Заретæйæ фылдæр никæй уарзта æмæ иикæмæн барста. Хæрзæрæджы дæр ма йæ йæ дæлфæдтæм хуыссын кодта. Иичи уыди йæ зæнæгæй Заре- тæйæ хæрзарæхстдæр æмæ æнæзивæгдæр. Мад æмæ фыдæн кæстæриуæг æмæ цумамæ чи баййæфтаид Заретæйы. Уæдæ-иу хъæдмæ дæр ауади йæ фыдимæ, фиййау дæр цыдис сæ фысты къорды фæдыл. Хос ссивыны рæстæг мæкъуылтæ амайгæйæ чи алæууыдаид мæкъуылы сæр Заретæйы хуызæн! Хистæр хоты Заретæйы хуызæн арæх ничи федтаид ахæм куыстыты. Хур сæ нæ сыгъта, дымгæ сын нæ даудта сæ уадул- тæ æмæ уыдысты фæлурс рæсугъд. Рахастой сæ мадау бæр- 287
зонд æмæ карæгастæу. Заретæ пе сырæзыди уыдоныйас, фæлæ уæигты коидæй уыди къабазджындæр. Кусгæ бирæ кæй кодта, æвæццæгæи, уый тыххæй. Иæ уадултæ та уыдысты, мæнæ уы- гæрдæны ауæдзыл цы уагъылыты бæлас фæзайы, уый хурæф- сæст дидинæджы сыфы хуызæи. Стыр сау цæстытæ, зæрватыч* чы базырау, даргъ æмæ сау æрфгуытæ, бæзджыи æмæ къæбæл- .дзыг сау дзыккутæ. Иуныхасæй, йæ мадæй дæлвæд-уæлва\д ницы ныууагъта. Æмæ уæд йæ бахудт та? Сылгоймаджы уын- ’дæй арвы талынгты чи лидзы, ахæм лæджы зæрдæ дæр пæ фæлæууыдаид Заретæйы бахудтмæ æнæ ныуулæфгæ. Æрдз йæ æппæт хæрзиуджытæ æнæвгъауæй ныккалдта Гæмæты кæс- тæр чызгыл, зæгъгæ-иу арæх дзырдтой хыицæггæгтæ нæлгойма- гæй, сылгоймагæй. Дунетыл амопдджыпдæр уыдзæни, Гæмæты кæстæр чызг кæй хай фæуа, уыцы адæймаг, зæгъгæ, иу хатт æмæ дыууæ хатты иæ бахæлæг кодтой, чи-иу æй федта хъæук- кагæй дæр æмæ фæрссагæй дæр,'уыдоп. Æрмæст ма-иу устытæ сæ тæхудыйы ныхæстыл бафтыдтой: «Дзырдуæпдон æмæ къæй- пых куы нæ уаид, уæд ахæм уæларвæй æрхаугæ хæзнæйæ дæр иикуы и с». Заретæ йæ сыгъдæг зæрдæйæ æргомдзырд кæй уыди, нæл- гоймаджы куыстытæм дæр хорз кæй арæхсти, уый тыххæй пæ хуыдтой къæйных. Æмæ къæйных пæ, фæлæ дзыхарæхст æцæг уыди Заретæ, йæ хистæр хотæй дæр æмæ хъæуы чызджытæй дæр ныфсджындæр, тыхджыидæр æмæ дзырдарæхстдæр. Хæхты уæгъдибар æхсииæгау цы фосхизæны рындзæй, цы уыгæрдæны, цы хуымы астæуæй æмæ къæдзæхы тигъæй нæ ра- каст, ахæм ран иал баззад Хынцæджы бæстыл. Æвæццæгæн ып арвмæ чи фæцыди, уыцы бæрзонд хæхтæ радтой сæ сæр~ бæрзонддзнпад, цы зараг суадæттæй позта, кæй зарæгмæ хъуы- ста, уыдои — сæ мæлгъæвзаг, цы уæлхох хпзæпты æмæ уыгæр- дæнты уыди, уыдон — сæ дидипджыты рæсугъддзинад, цы нвылд дæттæм касти, цы уад-иу æй æрæпйæфта, цы тымыгъ æмæ къæвда, уыдоп та йын радтой сæ тых æмæ сæ иыфс. Гъе, хъæуы иннæ чызджыты хуызæп кæй нæ уыди, сусæг дам дæр ыл уымæп ацыди хъæуы. Уыцы дам пæма бахæццæ Гæмæтмæ, йæ бинопта^м, уыййедтæмæ Гæмæт æбуалгъы митæ бакодтаид канд Заретæйæи нæ, фæлæ йыл дам кæмæй ацыди, уыцы лæппуйæн дæр. * * * Цæвиттон, Гæмæты сыхæгтæ Æлбегатæм царди сæ хæрæ- фырт Асæбе, дæргъæвсаг лæппу. Асæбейыл æхсæз азы недтæ- мæ нæма цыди, афтæмæй амарди йæ фыд. Иæ мад лæппупæп 2^8
фæбадтй афæдз, стæй йæ йс ’фсымæртæ акодтой æмæ йæ дык- каг хатт радтой моймæ дард хъæумæ. Асæбейæн йæ фыдæй баззади дыууæ галы, иу хъуг, къорд фысы æмæ тъæпæнсæр хæдзар. Цы мыууагътаид рæсугъд æмæ фæндырдзæгъдаг мад та йæ авдаздзыд сабийæн йæ зæрдæ æмæ йæ фæндырæй дарддæр. Р1æ цæссыгтæй йæхи æхсгæйæ, æвæн- доиæй ацыди дыккаг хатт моймæ. Фыццаг афæдз æмæ æрдæджы бæрц* цалынмæ йæ мад мой ие скодта, уæдмæ Асæбе æдзухдæр уыди йæ мадырвадæлтæм. Стæй йæм иубоп æрцыди йæ фыдыфсымæр æмæ йæ акодта сæ- химæ. Нæ зыдта сыва\члон, цæмæн æй кæнынц, уый. Æрмæст дыууæ къуырийы фæстæ, йæ фыдыфсымæры сусæгæй, йæ ма- дырвадæлтæм куы æрыздæхт æмæ йæ мады куынæуал ^æрæй- пæфта, уæд бамбæрста, цы стыр бæллæх ыл æрцыди, уый. Райсомæй зæронд ус лæппуйы цæмæйдæрты барæвдыдта, æмæ Асæбе састзæрдæ, уымæл цæстытимæ фæстæмæ фистæгæй. араст Дæргъæвсмæ. * * * Фыдыфсымæры хæдзары адаргъ сты Асæбейыл йæ сгвдз’æры’ царды уæззау азтæ. Царди йæхи хæдзары æнæ рæвдыдæй, æх- хуырсты цардæй. Æнæ фыд, æнæ мад, æнæ хо, æнæ æфсымæ- рæй. Кæй риуыл бакъул кодтаид йæ сидзæры иунæг сæр. Нæ цыди лæппутимæ хъазынмæ дæр, Æнæскаст кæм иæ вæййы æмгæртты æхсæн дæр æвæгæсæг сидзæр. Стæй йæ хъазынмæ дæр не ’вдæлдн. Уæлыгæсæй, фиййауæй, уалдзæг хуымгæигæйæ галтæн сæрыл хæцæгæй, рады хъомгæсæй цæуынæй, хæдзары фосмæ зильшæй,— æмæ цы иæ куыст кодта Асæбе.. Изæр-иу куыстæй куы феуæгъд, уæд хæргæ дæр пæма бакодтаид, афтæ- иу бацыди уатмæ, къамоды сæрæй-иу райста йæ мады фæндыр æмæ йæ иунæджы хъарджытæ кодта. Цал æмæ цал хатты: æрызгъæлдысты йæ цæссыгтæ фæпдыры тæнтыл... Асæбе йæ фыдыфсымæримæ цæргæйæ куыд стырдæр кодта’, афтæ йæм хæдзары куыстытæй хауди ноджы фылдæр. Фæлæ цас фылдæр куыста, уыйас та йæ’зæрдæ æнкъарддæр кодтау æмæ уæд арæхдæр цæуын байдыдта Хынцæгмæ йæ мадырва- дæлтæм. Уым дæр куыста. Арæхдæр та цыди фиййау. Афтæмæй лæппу балæг ис дыууæ хæдзары æхсæи фыдæбæтты. Мæгуыры уæныг тагъд гал кæны. , Асæбейыл рацыди æстдæс азы. Йæ мады хистæр æфсымæры ус ын бахуыдта хуымæтæджы цъæх фæсмынæй цухъхъа, зæн- гæйттæ æмæ сæрак дзабыртæ. Æмæ кæд хуымæтæджы дарæс уыдысты, уæддæр ыл хорз фидыдтой. Нарæг астæу æмæ фæтæн риу’ы цухъхъа æрбалвæста, сатæгсау цæстыты сæрмæ сау æрф- I 9 Хæхты 289
гуытæ бæрзопд пыхыл фæйиæрдæм фæцыдысты. Хъазты кæрон- иу куы балæууыди, уæд æм-иу хъæуы чызджытæ се ’рфгуыты быпты сусæгæй кастысты. Фæлæ Асæбейæн нæ уыди бирæ хъа- зæн рæстæг. 'Иубон та Асæбе уыди фиййау. Райсомæй фосы сæхи бар ауагъта, йæхæдæг æицадгай цыди сæ фæстæ. Фыстæ сæгъты фæдыл сфардæг сты уæллоз хæхтæм.]Сихорафон Асæбе сæ раз- мæ ссыди æмæ сæ баздæхта аууонмæ:; Фыстæ куы æрривæд кодтой, уæд бацыди дыууæ къæдзæ5п5Г~астæу нарæг комы хъæ- .лæсмæ æмæ уым йæхи иадта. Уыцы рæстæджы Хынцæджы чызджытæ фондзæй мæцкъуы- дзуан кæнгæйæ бафтыдысты уыцы комырдæм. Уыди æнтæф бон, чызджытæ сдойиы сты. Дон баназыны мондагæй комы рæ- бынмæ бакастысты æмæ джихæй баззадысты. Дон хауди тынг уæллозæй, дыууæ къæдзæхы æхсæн куыройы нукау нарæг лæи- кæп æмæ чысыл дæлдæр къæдзæхы сынæгыл йæхи хоста. Уыр- дыгæй ихты цæмау лæбурдта байбын айнæджы сæрты дæлæмæ, суанг комы рæбынмæ. Ком байдзаг йæ сæр-сæр æмæ йæ гыбар- гыбурæй. Доны лыстæг пырхæнтæ фæлмау бадтысты уæлдæфы ;æмæ æрттывтой æвзист хæрдгæйы рыгау. Чызджытæм хæццæ :кодта се ’хсызгон уазал. Уыдон сфæпд кодтой допхауæпмæ ба- цæуын, сæ дойны суадзын æмæ уазал донæй сæхи цæхсын. Куыддæр былæй фæуырдыг кодтой, афтæ фæстейы чи цыди, уый йæ цæсгом амбæрзта æмæ йæ дзыхæй сирвæзти æмыр цъæхахст. — Мæ хæдзар айхæлд, кæсут-ма!.. Чызджытæ сагъдау лæугæйæ баззадысты. — Уæртæ дзы чидæр йæхи найы! — загъта дыккаг чызг. Заретæ куыддæр фæци, дзыхълæуд фæкодта æмæ комма* ныккасти. Ныккастысты иннæ чызджытæ дæр. Ком уыди хаугæ доны пырхæнты фæлмæй æмбæрзт. Раст хызы быиæй цыма фæ- зынди, афтæ факсти чызджытæм Асæбе. Лæппу йæ фæтæн риу сарæзта ставд цыхцырæгмæ æмæ дон фæйнæрдæм тахти, куы- ройы цъилы фæрчытæй фæйнæрдæм куыд фæтæхы, афтæ. Ба- зыдтой йæ чызджытæ. Сæхицæй фефсæрмы сты æмæ сæ сæртæ ныггуыбыр кодтой, афтæмæй ралыгъдысты кæрæдзи сæрты хау- гæйæ. Фсрох сæ ис сæ дойны’дæр. :•: ♦ * Асæбе изæрæй йæ фос куы æрыскъæрдта, уæд та рацыди ’фæндыримæ уæлхæдзармæ æмæ цагъта. Фæидырæй чызджытæ дæр цагътой, фæлæ Асæбейы цагъд æндæр уыди, æидæр фæндæгтыл хызти зæрдæмæ. Уыцы цагъды чызджыты зæрдæтæ ахстой зарæджы ныхæстæ æмæ йын хъыр- :290
пыдтой сæхинымæр. Хъырныдтой йын стыр хæхтæ æмæ комы дæттæ ,ред^Асæбе-иу &адаи^урьгл"æто-æч1у- ферох кодта йæхи дæр, адæмы дæр, рæсугъд фæсивæды дæр. Æрмæст сыл-иу стæм хатт ахаста йæ цæст æмæ афтæмæй цалдæр хатты ба- фиппайдта Заретæйы йæхимæ кæсгæйæ. Чызг æмæ лæппу арæхдæр кæсын байдыдтой кæрæдзимæ. Цыма кæрæдзи агуырдтой. Æмæ, чи зоиы, уымæн сæмбæлды- сты рæхджы кæрæдзиуыл хибарæй. - * # ,* Уыди сæрды фæстаг бонтæй иу. Гæмæт æмæ Заретæ сæ хортæ ластой дард хуымтæй. Æрластой иу мæкъуыл. Дыккаг цыдæи дæр багалæг уæрдоны самадтой хоры мæкъуыл æмæ йæ æрбæттынмæ куы хъавыдысты, уæд агурынц бæндæнтæ, фæлæ иæй æмæ нæй. — Уæдæ цы фесты бæндæнтæ? Кæд сæ мусы ферох кодтай, миййаг? — фæрсы Гæмæт чызджы. — Нæ, баба, сæвæрдтон сæ. — Ау, уæдæ кæм æрбадæлдзæх сты? Уæд та сæ фидар- иæл бабастай æмæ фæндагыл ахаудтой. Заретæ хорз пал хъуды кодта, сæрхъæдыл сæ бабаста, æви^ сæ гуыффæйы цæвæрдта. Фæстæг рæстæджы цыдæр рохгæиаг кæиыи байдыдта. Аджих-иу ис æмæ-иу кæдæмдæр каст, фæлæ< цæстæй цы уыдта, ууыл нæ уыдысты йæ хъуыдытæ. Иæ цæсты-- тыл уад Асæбе куы комы дыууæ къæдзæхы æхсæи хаугæ доны; бын йæхи найгæ, куы та хъазты кæроп дурыл бадгæ æмæ фæп- дырæй цæгъдгæйæ... — Æвæццæгæи сæ хорз иæ бабастай æмæ кæмдæр фæнда- гыл ахаудтой,— загъта та фыд.— Згъоргæ æмæ сæ ссар, кæп- нод кæсыс, бон хæлы. Тагъд, кæд ма иу цыд ныккæииккам. — Хорз, дада,— загъта Заретæ æмæ, цы фæндагыл’ ссыды- сты, ууыл дæлæмæ азгъордта. * * ъ Уыцы бон Асæбе уыди фиййау. Райсомæй арвыл къæм дæр пæ зынди. Фæлæ фæсаходæпы пыгуылæнырдыгæй æрбахгæдта, тыхджын дымгæ сыстади, æмæ йæ разæй хæхтырдæм згъорын байдыдтой дзалайы æрттиваг уылæнтæ. Асæбе бамбæрста, къæвда кæй рацæудзæп, уый æмæ йæ фысты къорды раздæхта. Сæ разæй цыди, афтæмæй æрхæццæ хос æмæ хорласджыты фæндагмæ. Уæларвæй хауын байдыдтой уарыны ставд æртæх- тæ æмæ-иу фæпдаджы рыг сфæйлыдтой. Асæбе йæ уæлæ æр- кодта йæ иымæт. Куыдфæстæмæ уарын тынгæй-тынгдæр кодта. Арв гыбар-гыбур сси. Бæстæ ныттар. Тыхджын дымгæ уарыни- 29 Ь
мæ йæхи хоста гæмæх саппытыл. Фыстæ стыр саппы рæбынмæ лыгъдысты къордтæ-къордтæй. Ныртæккæ дæр ма тæвд фæныкау рыг цы фæндаг уыди, уый чысыл рæстæгмæ лæхъир цъыф фестади. Асæбейæн йæ дзабыртæ бынтон баудæстысты. Фæндаджы был дурыл æр- ■бадт. Иæ æрчъиаг дзабыртæ фелвæста, йæ фæсрон сæ æрсагъ- та æмæ фыстырдæм азгъордта. Иуран фæндагыл йæ къах '•скъуырдта бæндæны тыхтоныл. Кæйдæр бæндæн ахауди, бафс- найын æй хъæуы, зæгъгæ, фелвæста тыхтон æмæ йæ фæндаджы был стыр дуры сæрмæ баппæрста. Искуы къæдзæхы аууон уæддæр куы æрбадин, зæгъгæ, фæйыæрдæм акасти. Фæлæ ницы .зындй. Уарыи къæртайæ калæгау кодта. Уалыимæ уарыны сæх-сæх æмæ дымгæйы футтыты æхсæнты йæ хъустыл ауади цæйдæр цъæпп-цъæпп. Фæстæмæ ракасти. Уæле æрцæйзгъордта .цавæрдæр сылгоймаг бæгъæввадæй, йæ дзабыртæ йæ рахнз къухы, йæ галиу къухæй уæлæмæ хæцы йæ фæдджийыл. Р1æ дзыккуты бецыччытæ йæ цæсгомыл æрхаудтой. Нæлгоймаджы куы ауыдта, уæд йæ фæдджитæ æрæппæрста æмæ дзыхълæуд фæкодта. Базыдта йæ Асæбе. Базыдта Заретæ дæр Асæбейы. — Заретæ... Ацы хъаймæты фыдбон... Кæдæм? — Асæбе ^базгъордта йæ размæ, йæ нымæты къабаз фегом кодта. — Заретæ, тагъд, нымæты бынмæ... 'Фæлæ чызг цавддурау лæууыди, тарст цæстытæй касти лæп- пумæ. «Мæнæ кæуыл фембæлдтæн ацы хуызæнæй»,— загъта йæхинымæр æмæ иу къахдзæф фæстæмæ акодта. — Заретæ... куы баудæстæ... Рацу иымæты бынмæ... ма тæрс... — Нæ... æз.,. нæ бæидæнтæ фесæфтысты æмæ уыдон...— тыхулæфт кæнгæйæ сдзырдта чызг. — Ма тыхс... Æз сæ ссардтон,— загъта та Асæбе æмæ йæ- хæдæг цæр цавддурау лæугæйæ баззади. Чызгæи баххуыс кæ- нын хъæуы, уый æмбæрста, фæлæ ницæмæуал арæхсти. Иæ ны- мæт-худы былтæй доны лыстæг цыхцырджытæ дæлæмæ згъорд- той урс цыллæ кæлмæрзæпы хаутау. Заретæ уыди .бынтон .хуылыдз, йæ урс кофтæ йæ буарыл баныхæст. Бæрæг дардтой йæ тыхджын къабæзтæ, йæ æххæст риутæ, æмæ æфсæрмæй цы ’фæуыдаид, уый нал зыдта. Ныр уарын йæ кæнон кæны, йæ сæх-сæхæй пе ’нцайы. Арв дæхæр калы æмæ йæ гыбар-гыбурæй хъустæ къуырма кæны. -«Мæнæ куыд лæууын мæхæдæг пымæты бын, чызг та мæ цуры къæвдамæ удæсы», — загъта уæд Асæбе æмæ йæ нымæты хЪуырбæттæн халыпмæ февнæлдта. Фæлæ уыцы минут цыма арв афасти æмæ йæ хуылфæй цъæх арт ракалди, уыйау бæстæ ныррухс, стæй ахæм гæрæхтæ нылласта кæмдæр хæстæг, æмæ 292
чцыма раст хæхтæ рафæлдæхтысты. Чызг фæтарст. Йæхи бап- иæрста Асæбейы хъæбысмæ. Асæбе йæ æрæмбæрзта нымæтæй. Чызджы хуылыдз буар лæппуйыл куы бапдзæвыди, уæд Асæбе ссыгъди æмæ йæ къухтæ æрхаста Заретæйы фæсонтыл. Чызг фестъæлфыд, базыр-зыр кодта, цыма лæппуйы къухтæ йæ фæсонтæй аппарьшмæ хъавыди, афтæ базмæлыд, стæй куыд- дæр æрлæмæгъ. Р1æ къухтæй æрхаудтой йæ дзабыртæ æмæ йæ- хи4 æруагъта. «Фыртарстæй бауадзыг, æвæццæгæн»,— загъта йæхинымæр лæппу æмæ фæтарсти. Фæхæцыди йыи йæ дæлæрт- тыл æмæ йæ цъыф фæндагæй кæрдæгмæ байста. Иæ рæсугъд уæрджытæ йын æрæмбæрзта, стæйлшн ныккасти йæ цæсгоммæ. Заретæйы цæсгомыл нæ федта, уадзыг.чи бавæййы, ахæм чыз- джы фæлурс хуыз. Иæ зæрдæ кодта гуыпп-гуыпп. Уæд ын йæ хуылыдз бецыкк айста йæ ныхæй æмæ дыууæ адæймаджы был- тæ кæрæдзиуыл сæмбæлдысты. Лæппуйы тугдадзинты ссыгъди -арт... Тыгъдызæй фенцади. Арв йе стыр хæст ахаста дарддæр ,æмæ ма кæмдæр фæсхæхтæй цыди йæ гыбар-гыбур. Æврæгътæ фескъуыдысты æмæ фæзынди арвы цъæх. Заретæ йæхи’æрæмбæрста. Ракастн, æмæ йæ тæккæ цæсты- ты комкоммæ нæлгоймаджы цæсгом куы федта, уæд фестъæл- фыди. Иæхи атыдта Асæбейы хъæбысæй.ГФестади. Фестади Асæбе дæр æмæ кæрæдзимæ фемдзаст ст"ы/г ^ — Хорз фадат дын фæци, йæппуГ— маесты худт бакодта Заретæ, йæ кофтæйы æгънæджытæ æвæргæйæ. — Æвæццæгæн, арв æмæ зæхх мæ амондæн сабухтой... Фæ- л’æ нæ сæмбæлд хуымæтæджы хъуамæ ма уа... Заретæ...— ба- къахдзæф æм кодта Асæбе, зæгъинаг уыди йæ уарзондзинад, йæ фæнд, фæлæ йæ Заретæ ныр æнæ ныхæстæй дæр æмбæрста. — Мауал мæм цу хæстæг!.. Æз дын уæздандæр æнхъæл уыдтæн... — Мæ уæздандзинадыл гуырысхо ма кæн. Куы нæ дæ баф- хæрдтон... — О, бузныг, уыцы уæздапдзинад дæм разынди... Ацу стæ, Ма уал мæм кæс,— загъта Зарстæ æмæ аздæхт фæпдаджыр- дæм, стæй фæстæмæ фæзылди. — Мæ бæндæнтæ цы фесты? — Уæлæ,— уыцы-иу гæпп аласта Асæбе, дуры сæрæй рас- къæфта бæндæнты тыхтон.— Мæнæ сты!.. Заретæ... Æз... — О, ды... Удхæссæг дæ айса! Уæздандæр ма дзы лæппу цы уа!.. — Къæвда æз нæ расайдтоп, арв æмæ зæхх кæрæдзи мæн тыххæй нæ хостой. — Дæ амондæн, æвæццæгæн... 293
— Чи зоны. Мæгуыр уæрццæн уад æрхæссы,— бахудти Асæбе. — Уад ыи æрхæсдзæн, уымæ æнхъæлмæ чи кæсы, уын цæй лæг у...— загъта ма Заретæ, Асæбейы къухтæй раскъæфта бæц- дæиы тыхтои æмæ лидзынмæ фæци. Лæппу ма бирæ фæкасти йæ фæдыл. Йæ зæрдæ уыди рухс, фæлæ куыддæр Заретæ фæ- аууон, афтæ фенкъард. Куыд иицы дзуапп ын радта?.. Фæлæ цæмæн загъта, уад ын æрхæсдзæн, уымæ æнхъæлмæ чи кæсы, уый лæг иæу, зæгъгæ? Цы зæгъынмæ’хъавыди? Куыд æн бам- бæрстæуа? Æрæджиау æм афтæ кæсын байдыдта, цыма чы- сыл раздæр æрцахста дзæмæты цъиу, фæлæ йæм нæ сарæхст, пыппæррæст ын кодта æмæ атахти. Кæдæм? Кæм æрбаддзæни,, кæй къухы бахаудзæни, чи зоны? * * * Арв асыгъдæг æврæгътæй. Уарыны дон хæхты æмæ уæлдæ- фы рыг æрæхсадта æмæ ныр Дæргъæвсы ком кæрæй-кæронмæ- зынди сыгъдæгæй. Хур Тыбауы рагъы чъылдымæй касти Чыз- джыты хохы бæрзондмæ æмæ йын йæ цъупп сахуырста сызгъæ- рин допы. Лæнчытæй, лыстæг кæмттæй æмæ, æрхытæй нал. хъуысти уарыньцдоны хæл-хæл. Заретæ згъордта^йæ^фыдмæ. Цыма йыл базыртæ уыдп, аф- тæ тахти иу лæнкæй иинæмæ, иу æрхæй иннæмæ. Цыдæр æиа- хуыр æхсызгондзинады рухс сыгъди йæ зæрдæйы, цыдæр, зæ- гъæн дæр кæмæн нæ уыди, ахæм æфсарм ын сыгъта йæ цæсгом.. Йæ былтæ, йæ буар адджын дыс^; кодтой. Лæйкæй-иу уæлбыл- мæ куы суади, уæд та-иу фæстæмæ ракасти. Иæ цæстытæ сæ- хæдæг агуырдтой Асæбейы, фæлæ уый пал зынАи. Йæ фосимæ баззади рагъы фале кæмдæр. Гæмæт рацыди ТТæ’’Чызджы размæ. Мæт кодта, уæд,æ ацы æбуалгъ къæвдайы цы фæуыдзæни, зæгъгæ. Куыддæр фыццаг ададжы уæлбылмæ схæццæ, афтæ уым хæрхæмбæлд фестц. За- ретæ фестъæлфти. Бæндæпы тыхтоп радта йæ фыдмæ, ик(нæр- дæм азылд, æргуыбыр кодта æмæ йæ бæгънæг къæхтæ сæ^рфы- ныл фæци. Гæмæт æй куы фарста, кæм æй ссардтай, зæпъгæ,, уæддæр æм не скасти, афтæмæй йып дзуапп радта. Нæ уæгдды- ди Заретæ йæ фыдмæ йæ цæсгом равдисын. Афтæ йæм касти, цыма йын Гæмæт йæ былтыл, йæ буарыл фендзæн кæйдæр лæппуйы пъатæ æмæ къухты фæд. * * * Фæскъæвда рæсугъд изæры та фæсивæд рацыдысты ф^ес- хъæумæ. Зарыдысты, кафыдысты.} Заретæ йæ фыдимæ хуымтжй. 294
,æрцыд, ^рцэт^æ^эцæ^ Ныр багалæг уæрдоны куыристьг сæр лæууы æмæ сæ дæлæмæ æппары, Гæмæт та хуылыдз куыристæ мусы .пырх кæны. Уырдæм хъуысти фæси- вæды зарыи æмæ фæндырдзагъд. Ацы хатт диссагдæр æмæ ба- зырджындæрæй тахти Асæбейы зарæг. Уайтагъддæр æй ацахста Заретæйы хъус. Хъырнджыты бæзджын хъæлæсты æхсæн бæ- рæг дардтой Асæбейы ныхæстæ: Лæппын цæргæс й’ ахсточы сидзæрæй баззад... Уæд пубон йæ фыртыхстæн амондгу.р ратахт, Раст ахæм нæргæ бон, куы хостой кæрæдзи Уæларв æмæ дойны зæхх, Цæргæс фæцæф и... Заретæ уæрдоны сæрæй йæ фыдмæ куыристæ æппары æмæ зарæгмæ хъусы. Хаттæй-хатт аджих вæййы, æрбайрох кæиы, фыд æм бынæй æнхъæлмæ кæсы, уый. — Раппар цæй, цæуыл джихтæ кæныс,— дзуры йæм Гæмæт. Заретæ февиалы, æрæппары куырис æмæ та йæ зарæджы ны- .хæстæ асайынц сæхимæ. ...Фæцæф и йæ базыр. Уæд æхсинæг ратахт Æмæ йын æвдадзы хос радта йæ цæфæн. Æлутоны суадонæй банозта й’ амоид... 0, уыцы суадонæн байсысæн ма уæд!.. , Æмбары Заретæ, цæй цæфы, цæй æвдадзы хосы æмæ амои- ды суадоны кой кæны Асæбе йæ зарæджы... «Æдзæсгом... Нæ, налат... Нæ, налат дæр нæ... Къулбадæг!.. Цæй ныхæстæ кæны... Исчи йæ куы бамбара, уæд сæфты худинаг»,— хъуыдытæ кæпы йæхимидæг Заретæ, фæлæ та зарæг дзуры: ...Иæ базыр сдзæбæх нæ цæргæсæн, бангас, Фæлæ дын йæ риуы æндæр бæллæх райгас: Уæлхохаг æхсннæгмæ баззад йæ зæрдæ, Куыд æмæ кæдæм тæха цæргæс пæ фæсгæ? Заретæ йæ мидбылты бахудтп... Дынджыр дыууæ куырисы иумæ раппæрста æмæ Гæмæты сæрыл æрхаудысты. — Гъей, чызг! Дзæгъæлтæ кæныс æви дыл цы æрцыдис? Куы пугай куыристæ дæр нал феппарыс, куы та мын мæ сæрыл дыгай куыристæ калыс,— схъуыр-хъуыр кодта Гæмæт. — Бахатыр кæн, дада, æрталынг ис æмæ дæ пæ федтои,— æрдзырдта Заретæ æиæхудгæйæ... Йæ хъуыдытæ, йæ зæрдæ та уыдысты зарæгимæ. 295
Фырмæтæй цы катай, цы бæллæхы бафтыд, Уæ фыдгулы цæргæсыл ахæм низ бафтæд! Зæгъут-ма, лæппутæ, мæ зæрдæ куыд райсон, Кæдæм æй хæсдзысты йæ базыртæ райсом?.. «Дæ зæрдæ мæ къухты ис,— зæгъы йæхинымæры Заретæ.— Кæдæм æй хæсдзынæн, уый мæхæдæг дæр нæ зонын...» * * * Уыцы боиæй рацыд æртæ къуырийы, афтæ фæсивæд изæры- гон бадтысты Гæмæты хæдзары дæллаг стыр уæгъдагъуыстьь Уыди æнцой бон/æмæ сæхи ирхæфстой хъазæи æмæ худæн ны- хæстыл. Асæбе дæр уыди уым. Иурæстæг æдде ссыди бирæ бæхты къæхты уынæр. Чыз- джытæ рудзынгæй ракастысты æмæ джихæй баззадысты. — Барджытæ æрлæууыдысты уæ дуармæ, Заретæ! — загъта чызджытæй иу. — Сыгъдæгæй та Заретæйы усгуртæ уыдзысты,— загъта лæппутæй чидæр. Фæсивæд иууылдæр рудзгуытыл аныхæстой. сæ цæстытæ. Фондз барæджы сæ бæхтæй æрхызтысты, ндæттæ^бæхбæттæ- ^щл у^ябяр.чтыл б^пр^рстой æмæ иуран адзыгуыр сты. Цæуыл- дæр аныхæстæ кодтой, стæй сæ хистæр æрбараст кæртырдæм. Тæккæ уыцы рæстæджы бæхты уынæрмæ хæдзарæй рацæйцыди Гæмæт. — Уазджытæ нæ уадзыс, Гæмæт? — худгæйæ загъта бар- джыты хистæр. — Уазæг хуыцауы уазæг. Табуафси. Мидæмæ,— райста Гæ- мæт уазæджы къух, ацы хицоны цыд чи æрбакодта мæ хæдзар- мæ, уый чи уа, зæгъгæ, хъуыдыгæнгæйæ. — Мемæ æмбæлттæ ис,— загъта та уазæг æмæ фæстæмæ- ракасти. — Ау, æмæ сæ уынджы къæйыл цæмæп ныууагътай? Фаеси- вæд, цы фестут? Уазджытæм фæкæсут! — æрбахъæр кодта Гæ- мæт мидæмæ. Уатæй ракалдысты лæппутæ æмæ чызджытæ. Асæбс базза- ди иунæгæй стыр агъуысты. Нæ йæ фæндыд, Гæмæтимæ фæ- комкоммæ уа, уый. Фæстаг бонты йæм цыдæр тызмæг цæстæн- гас дары зæронд. Исты йæ хъустыл æрцыди æви?.. Нæ фæлæу- уыди уæддæр, ракасти та рудзынгæй æмæ цавддурау джихæй баззади. Кæртмæ кæрæдзи фæдыл дыгæйттæй бахызтыст’ы уаз- джытæ. Лярппуфя^яшяр г&м чьтзпжытяр бяуадысты, сæ хъæздыг арæзт нымæттæ æмæ басылыхъхъытæ сь1Н-_рдйШ^щæ^ 296
Цæй хæрзарæзт сты уазджытæ. Хистæрыл ^онхуыз сгæллад цухъхъа, æмæхгæд хъама æмæ рон, æвзист бæрцытæ, сау уæл- дзармхуд, æрттиваг цырыхъхъытæ. Иннæ æртæ уазæджы цæс- ’ гомæй кæстæр, фæлæ уыдон дæр арæзт. Алыхуызон цухъхъаты. Фæстаг уазæг, хистæры кæрмæ æввахс, гуырæй нарæгдæр, гуы- бынæй ставддæр сырхбæрзæй лæг, радта йæ нымæт Заретæмæ .æмæ йæм кæны зыд кæстытæ. Барæй æнцадгай исы йæ басы- лыхъхъ æмæ йæ цæстытæ ныссагъта чызджы. Заретæ ахаста ны- мæт æмæ басылыхъхъ, уæддæр ма уый йæ фæдыл кæсы, гæды фиумæ куы кæса, уый каст. Стæй араст и дурын асинтыл уæ- лæмæ. Ияэ æрттиваг цырыхъхъытæ зыхъ-зыхъ кæнынц. Йæ мо- рæ цухъхъайыл æрзæбултæ сты алы æрттиваг æвзæгтæ æмæ сызгъæрин бæрцыты лыстæг рæхыстæ бæрцагъудтыл. Æмæ йыл цы нæ уыди — ливоры босæй, сахаты босæй æмæхгæд сызгъæ- рии рон æмæ хъамайæ. Ногбоны æлæмау зæу-зæу кодта алы хæзнатæй. Иæ нарст цæсгомыл зынди йæ хъал зæрдæйы буц царды хуыз. Уæладзыг уатæй æрыхъуысти уазджыты хъæлдзæг ныхас .æмæ сæ цырыхъхъыты хъыс-хъыс... Асæбе лæууыди рудзынджы цур. Касти кæртмæ уазджыты -бæхтæм. Хъал бæхтæ иог ссывд хос хæрынц, хуыррыттытæ кæ- нынц, се ’гъдынцæйтты дзыгъал-мыгъул цæуы. Асæбе касти нь[Л121Схæ1æй—ярярзт гя^ргът^м, ярпчирт—ндярттдрм, сызгъæрнн ■мæргъгартя^м ярмяр пигы бттчн Кæцæй цæуынц ахæм хъæздыг- дзипæдтæ кæмæдæрты? Сæ иу бæхыл цы хæзнатæ ис, ме ’ппæт .хæдзары уый куы нæ ис. Æмбары Асæбе, ацы хъæздыг уаз- джытæ Заретæйы курынмæ кæй æрбацыдысты. Æмбары, Гæ- мæт сып цы дзуапп ратдзæи, уый дæр. Мæнæ ныр дæр æгас биноитæ, сыхы^чш^жытæ_æмæ лæппутæ ^язджьпътл фулфу_кæ- уынц^уый та ам, стыр уæгъдагъуысты, иунæгæй рохуаты баз- зад..". Хуры тынтæ ахызтысты Чызджыты хохы цъуппæй. Ком æр- талынг. Сау мæйдар æхсæвау баталынг Асæбейы зæрдæ дæр. Цæуын афон ын у, уый æмбары, фæлæ ма уæддæр кæсы цæ- мæдæр. «Æрмæст чи сты, уый ма базонон»,— зæгъы йæхины- (мæр. V Кæрты зымæгон хæдзарæй графинтимæ рацæуынц Заретæ жмæ йæ мад. Зул каст фæкодта Заретæ бинаг уаты рудзгуы- тæм. Йæ мидбылты бахудти æмæ йæ мады фæдыл ссыди асин- тыл. О, цæй зыд цæстытæ ныццавта Асæбе ^ар^тæй^^ф^ео^ т.^тл дыууæ ставд дзыккумæ! Цæй катайæ ныххоста йæ зæрдæ иæхи къултыл! Цæй хæстæг æм уыди тæккæ абон дæр Заретæ .æмæ ныр цæй дард аци! Иæ ныронджы адджын æхсызгондзи- пад пыр сæмхæццæ маст æмæ катаимæ. Цæмæн бахудти мæ- 297
нырдæм Заретæ? Цы зæгъынмæ хъавыди йæ бахудтæй? Кæд афтæ зæгъы: «Кæсыс, лæппу, цы курджытæ мæм æрбалæууыди.- Ды та фæсмын зæнгæйтты кæимæ дугъ кæныс?..» Хъæлдзæгæй мæ цурты фæцæуы йæ хъазздыг курджытæм. Æз та ма ам цы бадын... Уæладзыг уатæй иал хъуысы цырыхъхъыты хъыс-хъыс. Нал хъуысынц сæ ныхæстæ. Æвæццæгæн, фынгтыл æрбадтысты. «Цы ма ис ам мæнæн?» Цон, зæгъгæ, куыд загъта, афтæ йæ* къæрцхъустæ ацахстой асиптыл къæхты уыпæр æмæ иыхæстæ. Уæладзыгæй дæлæмæ ныхасгæнгæ æрцыдысты уазджыты хис- тæр æмæ Гæмæт. Ныллæууыдысты, раст Асæбе цы уаты бадти, уый рудзыиджы цур. Гæмæт нæ зыдта, уаты ма исчи ис, уый. — Бауырнæд дæ, Гæмæт, æндæр искæмæн нæ рацыдаин мииæварæй дæ хæдзармæ, фæлæ дып Зыгъуытатæ хæстæг ак- каг кæй сты, уымæ гæсгæ дæм æрбахастон мæ ныфс,— дзырдта уазæг. — Зыгъуытатæй дын ницы зæгъын. Уæдæ Куытайы дæр зопьш, тынг хъæздыг кæй у, уый дæр зоиып, фæлæ мæ чызг нырма сывæллон у. А лæг чи у... Лæппу нал у... Чызджы зæр- дæмæ дæр нæ фæцæудзæп..., — Дæхæдæг зоныс, Гæмæт, æрыгон чызгæн цас асдæр уа. йæ мой, уыйас сæ цард æнцаддæр æмæ бындурондæр вæййы, уæлдæйдар та горæты, стæй Зыгъуытаты стыр хæдзары... — Æз дып, Абысал, хæдзары тыххæй ницы зæгъын, фæлæ а усгур... Иудадзыг сæрджынтæй мæм нæ кæсы. — 0, Гæмæт, тобæ зæгъ, тобæ зæгъ. Тæригъæд ныхас ма кæн. Ау, Куытайы иунæг лæппу, йæ ’бирæ бынтæ кæмæн ныу- уадздзæн, уый! Уыдои æфсæнттæ сты, Гæмæт. Цы дзуапп мын зæгъыс? Ахæм хæдзар хæстæгæп... — Цы дзуапп дын зæгъон... Афæрсын хъæуы... Мах дæр мыггаг стæм... Хистæртæ, кæстæртæ дзы ис. — Æмæ гъеуый дæр дзуапп у. Фæлæ нын æмгъуыд куы зæгъис. — Къуырийы фæстæ. Ипнæ абон-иу фæзыпут... ГАды ныхæстæ сæ сæрæй сæ кæроимæ фехъуыста Асæбе/. Дыууæ ’лæджы фæстæмæ ссыдысты уæладзыгмæ. Сæ ныхæстæй асастой лæппуйы зæрдæ. Базыдта иыр Асæбе, усгур Ирыстоны хъæздгуытæн, бонджынтæп сæ тæккæ зынгæдæртæй кæй у. Ахæмимæ дугъ кæнæн ис!?.. Бафæллади лæппу йæ хъуыдытæ æмæ йæ зæрдæйы_катайæ. Раст цыма дыууæ цæдæй Къæхтысæрыл суг фæласта| Цæуын- мæ рахъавыди, фæлæ фæкомкоммæ фæндырмæ. Айхъуыстысты æнкъард зарджытæ- æмæ-хъарджытæ кæрт- мæ. \Фæндыры хъæлæс куы ныллæг æрцæуы æмæ хъуысгæ дæр 298
нал фæкæны, куы та мæсты цæргæсау сисы йæ базыртæ æмæ дзы уæд райхъуысынц маст æмæ додойы æртхъирæнтæ, судзгæ мæты сагъæстæ. ^Уæладзыджы фыпгыл бадджытæ кæд сидт сидты фæдыл .уагътой, уæддæр сæм хæццæ кодтой уыцы фæндыры зарджытæ. ^Æрмæст цæуыл куыдта æмæ додой кодта уыцы фæндыр, уый гæ ничи зыдта. Ничи æмбæрста уыцы фæндыры æвзаг Заре- .} гæйы йæдтæмæ. Заретæ лæууыди чызджытимæ уазджыты уæлхъус. Æн- 1ъардæй касти кæдæмдæр. Йæ сæры магъзы иннæрдæм уады- с^ы фæндыры зæлтæ, йæ зæрдæмæ йыи хастой судзгæ стъæл- *нтæ. Мæнæ та фæсабыр фæидыр æмæ йæ бæзджын хъæлæ- сЛæй райхъуыстиЛ ...Йæ хъал бæхы кафтмæ, йæ ехсы къæрццытæм Дæ зæрдæ кæд кафы, Хыицæджы рæсугъддæр. Нæ морæ цухъхъайыл сызгъæрин бæрцытæм Дæ зæрдæ кæд барухс, нæ комы рæсугьддæр... Сьусы Заретæ фæндырмæ æмæ джихтæ кæны. Хъуамæ ам, уазЬжыты уæлхъус ма лæууид, алндзид, фæлæ йæм Гæмæт ба- додрй кодта, макуыдæм ацу, зæгъгæ, æмæ лæууы. Хаттæй-хатт бакæсы уыцы сырхбæрзæй нард лæгмæ æмæ йæ зæрдæ бакатай кæ\щ. >æндыр та систа йæ додой сагъæс: Сырх дари къаба дын дæ уæнгтæ куы судза, Сызгъæрин камари дын д’ астæу куы ’лхъива, Æмæ дæм фæсмонæй дæ зæрдæ куы сдзура... Дæ сырх уадултæ дын фæлурсæй куы сива... I Цæгъды Асæбе. Кæсгæ дæр иикуыдæм кæны... йæ зæрдæ баиу; фæндыримæ. «Кæд пæ амонд иæу иумæ? Кæд йæхицæп дуыздæр уыдзæни хъæздыг хæдзары?» — хъуыдытæ кæны æмæ уыцы’ хъуыдытыл фæндыр æфтауы базыртæ æмæ сæ хæссы уæладзыгмаё: »Кæд д’ амоид у йемæ, уæд м’ амонд дæр «ахæсс... /Мæ зараг фæндыр æз пыссæтдзынæн хохыл. / Мæ катай, мæ мæт-иу дæ зæрдæмæ ма хæсс. / Мæ судзгæ зæрдæйæн хæцдзынæн иæ рохыл. Фæпдыры хъæлæс æрхызти ноджы иыллæгдæр æмæ та кæ- уæгау дзуры: 299
’ ,Мæ фæсмын цъæх цухъхъа, мæ фиййау нымæты Фæцæудзынæн авд комæй, авд хохæй дарддæр. Цæр-иу уæд æнæ мæн уæлæуыл дзæнæты. Дæ амонд, дæ цардæн нывонд у мæ цард дæр. Фæстагмæ, цыма фæндыр йæ базыртæ сисын нал фæразы^ афтæ уæззауæй ма дзы райхъуысти сау сагъæс: Фæлæ ма фæстаг хатт мæ зæрдæмæ байхъус: Фæсмонгонд куы фæуай, куы ’лъгнтай дæ бонтæ,. Уæд ма-иу кæугæйæ дæ нывонды ’рбаймыс...; Мæ дуне, мæ уарзон, хæрзбон у... Хæрзбонтæ!.. Фæндыры хъæлæс æвиппайды фескъуыди. Йæ фæдыл уæла- дзыгмæ сыхъуысти дуары гуыпп. Заретæ фестъæлфыди. Ска- тай. Стæй хъуыды дæр ницыуал акодта, афтæмæй чызджьтты фæстæты аивæй рахызти æмæ йæ фæдыл дуар сындæг рахг&д- та. Куыддæр тыргъмæ рахæццæ, афтæ асинтыл дæлæмæ тæ>хæ- гау æрызгъордта. Фæтарсти Заретæ: йæ/нæхуыссæг æхсæдхьь йæ рухс сæнтты кæй уыдта, йæ_зæрдæйы буц ныхæстæ. кæмæн кодта, _йæхииымæр-иу мидбылты худгæйæ буц нæмтт^екæу^л^ æвæрдта^ йæ былтыл кæй пъатæ сыгъдысты, уыцы зыиаргъ ^^^^^^^^^^3^^<^ уиттæн кæиы мыггагмæ^.. — Асæбе! — сусæг хъæлæсæй зæгъынмæ хъавыди, фæлæ йын æгæр хъæрæй сирвæзти. Уыцы минут Асæбе ахæццæ кæр- ты дуармæ. Хъуамæ йыл йæ къахæй ахæцыдаид æмæ йæ зæр- дæйыл хæцгæйæ лыгъдаид суанг Дæргъæвсмæ. Фæлæ базыдта Заретæйы. Иæ размæ æрбагæпп кодта. — Заретæ! — æидæр зæгъыи ницы сфæрæзта. — Асæбе! — чызг ыл йæхи баппæрста æмæ ма дзырдта: — Асæбе... Асæбе... Ма мæ ныууадз... Ма мæ иыууадз, Асæбе... Асæбе æрбалвæста Заретæйы йæ хъæбысы. Фелвæста йæ, кæрты дуар йæ къахæй асхуыста æмæ уазджыты бæхты цурты комырдæм фæзылди. Хъуыды дæр нал акодта, кæдæм цæуы, ууыл. Фæлæ душ^/æрæх у, лæппулæгæн та царды фу_гм^^ЙÆ^ у^л^п^^^’^оыи^ ныххызти къæдзæхдуртьГ^ехсæнты æмæ Стырдоны ауади фаллаг фарсмæ, йæ уарзон чызджы йæ хъæ- бысы хæсгæйæ. Дыууæ адæймаджы æхсæвы мæйдары аны- гъуылдысты...
НОГ АЗАУ А, рвыл нæ зыны æврагъы къуымбил. Уæлдæф у сыгъ- дæг, бæстæ рæсугъд. Разæй хæхты цъуппытæ сфар- дæг огы уæлаервтæм. Хур хъазы, æрттивы Арвыкомы сæрмæ. ДиЬсаджы сызгъæрин фæззыгон бон! Капачырдæм, Арвыкомы стыр фæндагыл, дыууæрдæм тын иывæщæгау кæиыиц машииæтæ. Иутæ быдырмæ, инна^тæ— комы мидæмæ. Хъæдæй æмбæрзт ком æрæджы дæр ма уыди кæрдæгхуыз цъæх. |Ныр йæ цъæх дарæс ивы хъулоп-мулопæй. Бæлæстæ, хъазтьв чызджытау, ралæууыдысты фæндаджы былгæрæтты. Машинæтæ, машинæтæ! Сæ маторты гуыв-гуыв, сæ цæлхыты сыф-сыю фæлтæрынц фæндаджы сæрмæ къæдзæхтыл. Афтæ зы- иы æмæ хъуысы, цыма ацы къæдзæхтæ æдзухдæр заргæ кæ- цынц. Æмæ, æцæг, заргæ кæнынц, хъусын сæм чи зопы, æрмæст уыдонааи. Утæрпæт алыхуызон машинæты æхсæн згъоры чысыл рæ- сугъд автобус дæр. Уый дæр уайы къæдзтæ-мæдзтæ, зултæ- мултæ 1фæпдагыл комы мидæмæ, Калачырдæм. Автобусæй хъуысы \зарын. Чындзхонджытæ уой? Нæ, уым бадынц сылгой- мæгтæ, ^нæлгоймæгтæ, кæстæртæ, хистæртæ. Уыдоп цæуынц. ирон адæмы культурæйы суадæттæй иуы райдиап бабæрæг кæ- нынмæ. Ганисы хъæумæ, стыр ирон фыссæджы æппæтуыпаг цæстытæ фыццагдæр дуиемæ кæм ракастысты, уыцы Ганисьг хъæумæ. , Æмæ цæуынц чысыл автобусы бæлццæттæ уыцы стыр лæ- гæн йæ райгуырæн хъæуы ногæй йæ ном æрымысынмæ, йæ са- бийы бонтæ цы доны былты, цы къæйтыл, цы хæхты рæбынты арвыста, уыдоп фенынмæ. Автобусы раззаг бынæттæй иуы бады æмæ рудзынгæй æддæ- 301'
мæ кæсы къæсхуыргомау ацæргæ лæг. Иæ фæстæ бадынц сæ кæстæртæ. Уыдон сындæг зарынц. Ацæргæ лæг кæсгæ кæиь^ рудзыигæй æддæмæ, хъусгæ та кæны зарæгмæ. Иæ цæсгом куы вæййы сагъæсхуыз, куы та барухс вæййы. Уый йæхиш/- мæры, хъæдур æвзарæгау, æвзары зарæджы ныхæстæ æмæ хъуыды кæны. Чи зоны, цæуыл... / Фæлæ та мæнæ йæ цæсгом барухс. Фæцæуы йæ райгуыр/си хъæу Къобы рæзты. Уыны уæртæ Къобы фæз, Къобы дæтгæ, Къобы рæгътæ, йæ сабийы бонты бæгъæввадæй кæмыты хъæы- ди. Йæ цæстытыл уайынц пæ сабибоиты царды пывтæ. / — Уæртæ уыцы хохы рæбып ис нарзаны суадоп,— амрны ацæргæ лæг хохы рæбынмæ.— Мах-иу гыццыл лæппутæй уыр- дыгæй хастам уазал суар бæлццæттæн. Уыдон ныи-иу лæкэерд- той кæпеччытæ,— дзуры, цыма йæхииымæр, афтæ, сабырæй. Уыцыхабар раджы уыди. Лæг пыр у стыр ахуыргонд. Йæ пом айхъуысти æгас дунейыл. I Чи зоны, гыццыл лæппу уæвгæйæ, цæстуарзон æмæ хæлар- зæрдæнæ уазал суары нуазæн-иу цы фæллад бæлццæттæн слæ- вæрдта, уыдонæй йын исчи зæрднаг арфæтæ ракодта «стыр лæг ауы», зæгъгæ, æмæ йыл æрцыд уыцы арфæ. Сси стыр лæг. Иппæрдыгæй бады æмæ кæсы размæ ирдцъар, сауцæср сыл- гоймаг. Гом рудзыпгæй æрбатæхы комы уадымсы уылæн. Сфæйлауы йып йæ аив æфснайд дзыккутæ. Цæгтæй æрхауыиц йæ къæбæлдзыг бецыктæ йæ арф сау цæстытыл. Фæстæмæ сæ сæппары йæ рахиз къухæй. Уый дæр кæд кæсгæ размæ кæны, уæддæр йæ хъус дары Акимы зарæгмæ. Йæ рæсугъд цæ^гомыл хъазы цавæрдæр æпахуыр фæлмæи æхсызгопдзипад. Æхсыз- гондзинад тауы йæ алфамбылай дæр. Машипæ уайы комы арфæй-арфдæр, уæлдæрæй-уæлдæр. Фæ- 'Стейы аззайыпц адæгтæ, тигътæ, ауыгъд къæдзæхтæ, р>æутæ а\мæ хидтæ. Ком кæпы парæгæй-нарæгдæр. Уæлейы урссæр хæх- ты цъуппыты æхсæнæй æрттивы цъæх-цъæхид арвы уадздзаг. Бынæй комы иарæджы уыры дуртыл æмæ къæдзæхтыл йæхи хойы Терчы дон. Куы сыхъуысы йæ сабыр зарæг, куы та, ахст домбайы хъуырдухæиау, йе ’рдиаг, йæ гуыр-гуыр æмæ1 йæ уы- пæргъын. Кæсыиц бæлццæттæ автобусы рудзыпгæй алырдæм æмæ сæ алчидæр дзуры йæхинымæр: о, цæй рæсугъд дæ, цæй адджын, цæй фæрпджын дæ нæ фыдæлты бæстæ! Чысыл автобус уайы комы арфæй-арфдæр, уæлдæрæй-уæл- дæр. Тыидзы хæхты бæрзæндтæм. Иæ гæидзæхтæ тоны уæлæрв- тæм. Гъæй тæхуды, базырджын куы фестид!.. Фæлæ мæпæ схæццæ æфцæджы уæлвæзмæ. Уæлвæзæй зы- 302
Чшиц æрдхæрæиы рæсугъддзииæдтæ. Хæхтæ, хæхтæ, кæмттæР \ Ныллæууыди автобус фæидаггæрои. Рахызтысты бæлццæт- т\е. Рахызти Азау дæр... \ — Азау?! \Ацы урссæр хæхтыл æмæ арф кæмттыл рагæй нæры Азауьг пом. Байхъусут ма ныр дæр. 1\зау... Азау... Азау-у!.. Нæрынц хæхтæ. уыцы рагон, æнамондтæй æнамонддæр Азау раджы ныу- уагуга йæ уæззау ном ацы хæхтыл æмæ кæмттыл фæлтæры- нæн\ Æрмæст йæ ном. Йæхæдæг йæ адджып барæвзæрсты къай ТайЬуразимæ ацыди сау зæхмæ. Уæд ма цавæр Азау? -V Æпдæр дуджы, æидæр заманы амопдджындæртæй амонд- джыядæр Азау! Ног Азау лæууы æфцæгыл. Кæсут-ма йæм. Фæззыгон зæридау уыгæрдæны дидинджыты æхсæн лæууы ди- дипæдау. Кæсы хæхтæ^ æмæ худы йæ мидбылты. Стыр ахуыр- гонд уæвгæйæ йæ нæ фендзыиæ хъал æмæ къленцæй. Иæ дзы- хæй нр схаудзæн уæлдай ныхас, нæ йæм бафиппайдзынæ уæл- дай фЬзмæлд. Иæ алы уæиджы — алы ’гъдау, йæ алы фезмæл- ды — Ьлы аивдзинад, йæ алы сныхасы — алы зонд, алы фарп... Чырыл автобус лæууы æфцæджы рагъыл, фæндаджы был- гæрон]Бæлццæттæ кæсыпц, арвмæ цы цъитисæр хæхтæ сфардæг сты, уыдонмæ. Уыдонæй сæ цæстæигас æрхæссыиц сæ къæхты бын апф коммæ. Тынг арф у Хъуды ком. Афтæ арф у, æмæ лæг æфцæджы былæй! ахауди, уæд айпæджы æмбисмæ дæр нæма ныххæццæ уаид, а|фтæ рыг фестид. Бынæй комы нарæджы, хæрдгæ синагау, æрттивы таурæгъты æмæ з^рджытьГхаст Арагуыйы дон. Нæхъуысы бæрзонд æфцæг- мæ йæ рыпæр, йæ зарæг. Фæлæ уæртæ, Арагуыйы доны фаллагфарс, къæдзæхы фахсыя уый та| цавæр гæнæхты хæлдтытæ сты? Æви хохæй рахаугæ къæдзафдуры цæпдтæ сты? Хæлд гæнæхтæ æви цæндтæ уой? Нæ, уый рагоп Ганисы хъæу у. Гæдиаты Секъайы райгуы- рæн хъæу, Азау æмæ Таймуразы райгуырæн хъæу. О, амæлæи дын ма( уа зæронд Секъа, ацы чысыл хъæуы пом æгас Иры бæстыл чи айхъуысып кодта. Ды ам куы иæ райгуырдаис, ды дæ диссаджы таурæгътæ ам куы нæ ракодтаис, уæд чи зыдтаид ацы чысыл хъæуы ном? Мæнæ Арагуыйы дон хæстæгмæ. Дыууæ тымбыл хъæдæй хид. йæ сæрты амоны фæндаг Гаписы хъæумæ. Бацæуынц ыл бæлц- цæттæ. Мæнæ Гаписы хъæу. Иæ сæрмæ уæзæгыл лæууы зæронд. сывылдз бæлас... Лæууы уыцы сывылдз бæлас къæдзæхыл. Лæууы рагон хæх- , 303:
осон хъæу Ганисы сæрмæ. Чи зоиы, цал æмæ цал æнусы йьи рацыди, цал фæлтæры раивта зæронд хъæуы цæрджытæй. Лæууы зæронд бæлас. Æнæхатыр рæстæджы ницæмæ дарь Йе ’здыхт ундæгтæ арф ауагъта айнæг къæдзæхы. Бахсыстыс]ъ1 айпæгимæ... Азау æмæ Таймуразы тæригъæддаг судзгæ зæр/ ты цæхæры. Уыцы сывылдз бæласы хоныпц Азау æмæ Таймуразы æÆæ- .мæлгæ цырт. Уый, дам, никуы базæронд уыдзæни, никуы аф/ел- дæхдзæни. Бæласы рæбыи лæууы ног дуджы Азау. Ахуыргопд, хæЬза- рæзт, хæрзуынд, хæрзконд. Рагои Азауæй мин хатты амрнд- джыпдæр... Æрбадти ингæны хъуына дурыл ног Азау. Ныхъхъ^ыды кодта... Дæлейы комы згъоры Арагуыйы дон. Иæхи хойы дуЬтыл, къæдзæхтыл æмæ йæ иугæндзон зарæджы хæссы рагон Ганисы дарды хабæрттæ. Ног Азауæп йæ цæстытыл уайынц Секъайы Азау æмæ Таймурзы царды нывтæ... [ Уазал зымæгон æхсæв. Арф комыл суанг цъититы рæбынæй рабырсы æвирхъауы тымыгъ. Ныффуттытæ, ныкъкъуыззиптытæ кæиы. Ганисы цæрджыты тъæпæисæр хæдзæрттыл бакалы дæр- зæг миты фæлдзæгъдæптæ. Лæбуры сисы хуынчъытæй, ёрдоты луынчъытæй хæдзæрттæм. I Лæбуры уæлдæр. Йæхи хойы сывылдз бæласыл. [Ныкъ- къуыззитт, ныффуттытæ йыл кæны. Ныхъхъæрзы, ныюькъæс- къæскæны къæдзæхы тигъыл иунæгбæлас. Æртасынцйаа бæгъ- нæг къалиутæ. Дæллоз æркъул вæййынц йæ лыстæг къабуз- тæ.( Æркалынц сæ бынмæ миты тъыфылтæ æмæ та сæхи си- сыпц. / Нæ-æ, ницы йæ бон у æвирхъауы карз тымыгъæн Азйу æмæ Таймуразы бæлас афæлдахынæн. Уый айнæг къæдзæхимæ æн- „донæхсыст у зæххыл тыхджындæр, æхсызгондæр æмæ анджып- дæр цы ис — дыууæ адæймаджы æхсидгæ уарзондзинады фар- нæй. I Кæсы пог заманы амопдджып Азау уарзæтты барласмæ. Ставд сывылдз бæлас йæ бындзарæй уæлæмæ у саджил, сфар- дæг и дыууæ бæласæй. Иу — Таймуразы цырт, иннæ-уАзауы. Кæсы ног Азау хъæуы сæрмæ хæхтæм дæр. Уæлæ уыцы фæх- стыл стынг ис хæст скъæфджытæ æмæ фæдисæтты æхсæн. Уæр- тæ уыцы рагъыл Таймураз цæфтæй ахызти Урс Туалтæм, йæ мадырвадæлтæм. Цы къæдзæхтыл, цы зæйтыл, цы къахыртыл >фæцыди йæ тугвæд уадзгæйæ... Уæлæ хохы рæбын зыиы иу сау лæгæт. Æвæццæгæн, уыцы .лæгæты æмбæхсти рагон Азау фæдисæттæй тæрсгæ-ризгæйæ. 304
Уырдыгæй рацыди саумæйдар, æхсæв æмæ тарстæй,. æххор^ма-. гæй, дзойтæгæнгæ фæцыди Ганисмæ. Дæлæ хъæугæрои сисы кæлдтытæ... Уым уыди мæгуыр Дысайы хæдзар. Æмбисæхсæв чырдæм бахоста дуар Азау... \ — О мæгуыр Азау, мæгуыр ме ’мном! Цæй саухъаймæты дуджы райгуырдтæ æмæ цардтæ! Цæй зындоны удхарæй ацард- та дæ цыбыр чызгои бонты, цæй æбуалгъы сæфт фæкодтай! Æмæ цæй тыххæй? Дæ сыгъдæг, дæ рæсугъд уарзондзинады тыххæй?.. Вары Арагуыйы дои. Ласы тымбыл уираг дуртæ æмæ сæ хойы кæрæдзиуыл. Йæ уырдыг уайæнты былтæм лæбуры, сдæ- ры кæ, æхсыны сæ, фæлæ йæ айнæг къæдзæх асхойы йæхицæй æмæ\та уæд йæ фынккалгæ лæбуры иннæрдыгæй къæдзæхтæм. Квесы пог дуджы амондджын Аза.у ингæны къæймæ æмæ дзурш йæхииымæр: «Азау, Азау!.. Тæхуды, мæ заманы куы цар- даис.1 О мæ мæгуыр, ме ’намоид хистæр хо, ме ’мпом Азау, мæхæпæг дæ дæ уарзон Таймуразимæ бахуыдтаид фæскомцæ- дисмæ. Иичи дæ бафхæрдтаид дæ уарзондзннады тыххæй... Цы ис адæймаджы царды рæсугъддæр æмæ æхсызгондæр — адæмы ■æхсаЦ дæ сыгъдæг æмæ рухс развæндаг, арф æмæ рæсугъд уарзондзииад! — Ь æмбал -кæмæн нæй, уыцы уарзондзинады тых, æнæ- мæлгæ! царды суадои, ды адæймаджы зæрдæйы дæхицæн быпат куынæуал арай, уæд цардмæ царды хъару нал ис! — Рагон Азау æмæ Таймураз! Сымахæн уæ хъаймæты за- ман ас&ъуыдта уæ рæсугъд уарзопдзипады тугдадзин. Сымах уæхицæн цард иал бацагуырдтат. Рухсаг ут, рухсаг!.. Ног! дуджы Азауы дыууæ сау цæстæй æрхаудтой дыууæ цæссыд/кы æртахы æмæ ингæпы къæйыл апырх сты. — Рухсаг у ды дæр, нæ зонынджын хистæр, нæ алцыппæт- уынаг таурæгъгæнæг Секъа! Ды нын ныууагътай нæ фыдæл- ты царды нывтæ. Дæ иом дын сыгъдæгæй хæсдзыстæм нæ зæр- дæйы. Цырт дæхæдæг самадтай дæхицæн, мыггагæй-мыггагмæ, æнустæй-æпустæм цырт. Комæй, хъал дугъонау, рахъазыди фæссихоры уадымс. Баз- мæлын кодта зæроид бæласы къалиутæ. Æрызгъæлдысты ног Азауы сæрыл йæ бур сыфтæртæ. Æриста сæ йæ къухмæ æмæ :хæрдмæ скасти. Хур ныгуылæпырдыгæй хæхтæм фæхæстæг. Азау акасти зи- лæнтæ фæндаджырдæм. Чысыл автобус æнхъæлмæ кæсы. Уæд бахудти нæ дуджы ацондджын Азау. Иæ фырыхъулы хуызæн дыууæ хъæбулы йæ зæрдыл æрбалæууыдысты, йæхи Таймураз .æм Дзæуджыхъæуы æнхъæлмæ кæсы... 20 Хæхты 205
Скасти та сывылдз бæласмæ æмæ зæгъы: — Хæлар уын уæд мæ цæссыджы хай. йæ рæсугъд уарзон-^ дзинады фæдыл æдзардæй чи фесæфти, уыцы Азау æмæ Тайу мураз! Ацы сывылдз бæлас уыи цыртæи лæууæд æнустæй æпу/ стæм. Фæлæ куы афæлдæха, миййаг, уæд йæ уидæгтыл сса/- уæнт æнæхаугæ сызгъæрин талатæ! / Бæласы бур сыфтæртæ йæ къухы, афтæмæй æрызгъордта амоидджын Азау. Йе ’мбæлттимæ сбадти автобусы æмæ мвд- былты худгæнæ ацыди Дзæуджыхъæумæ. Уым æм æпхъæлмæ- кæсынц йæ дыууæ хъæбулы æмæ йæ уарзоп Таймураз.
АЛЦÆМÆН ДÆР РАД ÆМÆ ÆГЪДАУ Оынтон æиæнхъæлæджы æрцыди ацы стыр бæллæх Хъуыдæберды хæдзары. Стæй цавæр бои! Га1нахаты Хъуыдæберд æгас комы адæмæи иымад лæг, афæд^ы размæ йæ хистæр чызг Дунетханы радта моймæ бы- дырмæ, зилгæйаг Æхсараты Хъазыбеджы фыртæн. Ома, афæ- дзы размæ фидаугæ бакодтой, йæ ахæссынæн та сын æмгъуыд скодта^ гъе, кæй кой кæнæм, уыцы боимæ. Æрлæццæ уыцы бои. Уымæй размæ, дыууæ къуырийы дæргъы, стыр хæххон хъæ- уы кæройпаг хæдзары, стыр гæнахы рæбыи бирæ бипонтæ сæхи цæттæ :кодтой чызг æрвитынмæ. Чыидзхæсджыты æрбацыдмæ. Бæгæиыйы гæрзтæй, арахъхъы боцкъатæй, ссады голджытæй, царвæй, цыхтæй æмæ >æндæр алцы бæркадæй къах бавæрæн нал уыди къæбицмæ. Кусæрттæгтæ — йе схъазын афои кæмæп уыдн, ахæм дыгæрдыг, æртæ нард фысы та сæрвæтмæ нал ауагътой уыцы бон. Райсомæй арв уыди айдæнау сыгъдæг. Хъæуы алфамбылай бæрзонд хæхтæ æрттывтой хурмæ, фæлæ сихорафонтæ куы фæ- ци, уæд арвыл фæзынди тар æврæгъты къуымбилтæ. Тас уыди, бон куы фехæла, уымæй. Æрбацæуын афон уыди чындзхæсджытæн. Сихорæй раздæр хъуамæ æрбацыдаиккой. Куы пæ зыидысты, уæд кæстæртæ уæлхæдзарæй акæс-акæс байдыдтой комы фæндагмæ. Мидæгæй хæдзары æфсиптæ цæттæ уыдысты уазджытæн фыццаг фыпгтæ .æрæвæрынмæ. Сæ цæттæ хæринæгтæ уазал кодтой. Кæртмæ, суанг уынгмæ æнхъæвзта физонджыты, сойыфыхты тæф. Хъуыдæберд, асæй бæрзопд æмæ æлвæст лæг, йæ донхуыз цухъхъа йыл уæгъд конд, рон æлвæст уыди цухъхъайы мидæ- гæй сау куырæтыл, афтæмæй, йæ сыхаг Гæлæуимæ лæууыди «кæрты дуармæ. Уый дæр æихъæлмæ касти уазджытæм. Куыд- 307
дæр комыхъæлæсæй æрбазыной, афтæ зæгъдзæн Гæлæуæн, кæс^ тæртæн аемæ уыдон бавналдзысты кусæрттæ кæнынмæ. Гæлæуь/ фарсыл ауыгъд уыди кусартгæнæн кард. Фæлæ ма ХъуыдæберÆ æнхъæлмæ касти йæ хистæр фырт Зауырмæ дæр. /? Зауыр дыууæ боны размæ йæ дыууæ æмбалимæ ацыди, к6~: мы сæрмæ цъæх-цъæхид арвы чи сныхсти, уыцы Зæриуы хæх- тæм дзæбидырдзуаны. Нæ йæ уагъта Хъуыдæберд, фæлæ фь/рт йæхи фæнд атардта. Нæ буц уазджытæн ма сæ фынгтыл уæлг/ дай буцæн дзæбидыры фыд дæр æрæвæрæм, зæгъгæ, уый шзс-; дыл. Уымæй ма Зауыр æлхæдта йæ фыд æмæ йæ уарзоьгхо’ Дупетханы зæрдæтæ дæр. Фæлæ пыр дыууæ боны æмæ дыууæ* æхсæвы нæ зыны хæдзармæ. / Зауыр-иу уыди цуапы. Баззади-иу æддæ иугай, дыгай/бон-' тæ æмæ æхсæвтæ куы лæгæтты, куы та йæ æрдхорды хæдзарьг уæллаг сыхы. Бинонтæ йыл сахуыр сты æмæ йын иал тфсты- сты. Фæлæ ныр, уазджыты æрбацыдмæ уый хъуамæ уыдаид. хæдзары. Ныр Хъуыдæберд тыхсти, канд уазджытæ æрæгмæ^ зынынц, ууыл нæ, фæлæ ма Зауыр афойиадыл хæдзарьгл кæй’ не ’мбæлы, ууыл дæр. «Уый йæ цуанон æмбæлттимæ рæадздæр».. фæкæсид уазджытæм, хорз сæ бахъæлдзæг кæниккой». ;Хъуы- дытæ кæиы Хъуыдæберд комы фæндагмæ йæ цæст даргæнæ. • — Æрбазындысты!.. — Æрбацæуынц чындзхæсджытæ!—хъыллистытæгæнгæ уæл- хæдзарæй асинтыл æрызгъордтой Дунетханы кæстæр ^хо Мису- рæт æмæ сыхæгты чызг. Уыцы хъæрмæ хæдзарæй, уæттæй ра- калдысты бпнонты кæстæртæ, сыхбæсты фæсивæдæй уазджы- тæм фæкæсыиы тыххæй чи æрбауад, уыдон. Чи дзы асинтыл уæлхæдзармæ хызти, чи кæртæй æддæмæ згъордта быднраг уазджытæм акæсынмæ, чи фæци кæрт æфспайыиыл. Дуæртты гуыппытæ, хъиицытæ, хъæртæ, цъæхахст, худын, кæл-кæл. Бæс- тæ сдзолгъо-молгъо фæсивæды змæлд æмæ уынæрæй. Дыууæ сыхаг чызджы Дунетхапы раскъæфтой йæ къабæзтæй æмæ йæ балæууыи кодтой къуымы сыхы, цæмæй йæ чындзхæсджытæ- хæдзары ма æрбаййафой. Хъуыдæберд æмæ Гæлæу кастысты фæндагмæ. Чындзхæс-' джытæ хъуамæ уыдаиккой бирæ, бæхтыл, бричкæты, хъуамæ- цыдаиккой заргæ, гæрæхтæгæигæ. Фæндагыл та æрбацæйцы- дысты фистæг лæгтæ чысыл дзыгуырæй. Цыдæр уæззау хастой се уæхсчытыл. — Гæлæу, акæс-ма, дæ хорзæхæй... Кæд мæ, мæ цæстытæ- сайыиц, миййаг...— саст хъæлæсæй баздæхт Хъуыдæберд Гæ- лæумæ æмæ та йæ дыууæ къухы авæрдта йæ бæзджын æрфгуы- ты сæрмæ. — Нæ, Хъуыдæберд... Æз дæр сæм кæсын... Уыдон чындз- 303
хяесджытæ не сты... Къорд лæджы- цыдæр æрбахæссьшц,— дзуаип ын радта Гæлæу æмæ та лæмбынæгдæрæй кæсын бай- дьгдта. Фæсивæдæй уæлхæдзарæй, кæрты дуарæй чи касти, уы- дой пыр лæууыдысты æгуыппæгæй, æдзынæгæй кастысты фæн- дагмæ. «Кæд цуанæттæ дзæбидыры мард æрбахæссынц»,—загъ- та йæхинымæры Хъуыдæберд, фæлæ мæнæ бæлццæттæ æрбахæ- стæп сты. Сæ размæ лæппутæй рауади чидæртæ, фæлæ уыдон дæр тарстхуызæй, джихæй семæ раздæхтысты. Цкппар лæппуйы бæрз талатæй копд сынтыл се уæхсчытыл хастой нымæтæй æмбæрзт лæджы. Ныккæрзыдта йæ зæрдæ Хъуыдæбердæн. Йе уæнгтæ азгъæлдысты. Стыр бæллæх ыл æрцы’дк уый бамбæрста, фæлæ лæууыди. Цыппар лæппуйы пын йæ рæзты бахастой сынт. Æрæвæрдтой йæ кæрты астæу, сæхæдæг иуварс алæууыдысты. Сæ фæдыл цы дыууæ цуаион лæппуйф цыдысты, уыдон Хъуыдæберды куы ауыдтой, уæд тымбылкъухтæй сæ сæртæ ныххостой, иырдиаг кодтой. Кæрты сынты алфамбылай амбырд сты тарст биыонтæ, сы- хы фæсивæд. Сæ цæсгæмттыл асалди хъаймæты тасы хуыз. Ни- чи уæндыди иымæт схъил кæнын. Уæд уæззау къахдзæфтæй бацыди Хъуыдæберд. Схæцыди иымæты къабазыл... Фыддæр фыдызнаг ныккæсæд йæ хъæбулмæ уыцы хуызы!.. Зауыр хохы сыиæгыл дзæбидырмæ хъуызгæйæ фæбырыди фæсалыл.-' Рахауди къæдзæхæй коммæ. Йе ’мбæлттæ уыдысты уæлдæр. Нæ йæ базыдтой, афтæмæй Зауыр æхсæвы баззад ко- мы. Амарди. Хот^е фæлæбурдтой сæ рустæм. Дыууæ кæстæр æфсымæры пыббогътæ кодтой, ныккуыдтой сыхы фæсивæд. Зæрдæтæ су- дзаг цъæхахст айъуысти кæртæй. Хъуыдæбердæн Гæлæу ахæцыд йæ цонгыл. Акодта йæ æд- дæдæр. Уалынмæ мад ракасти хæдзары къæсæрæй. Фыццаг нæ бам- бæрста, цы хабар у, уый. Фæлæ, ныртæккæ дæр ма йæ худын, йæ кæл-кæлæй гæнахы къултæ каемæп арыдтой, уыцы кæстæр- ты саумаройгæнгæ, сæ дзыккутæ тонгæ куы ауыдта, уæд йе уæнгтæ барызтысты, йæ зæрдæ цыма æрхаудта, афтæ фæци. — Мæ хæдзар айхæлди... Цы кодтам?! — йæ сæрыхъуынтæм фæлæбурдта æмæ разгъордта. Ипнæ æфсинтæ рауадысты йæ фæдыл. Мад сау нымæтæй æмбæрзт сынтмæ куы ныккаст, уæд йæ зæнгтæ фæтасыдысты. Бæстæ зилгæдымгæпау пыззылди йæ цæстыты раз. Ницыуал бамбæрста. Æрхауди сау нымæтыл. Хъуыдæберд цавддурау лæууыди чысыл æддæдæр. Иæ цæс- сыгтæ йæ фæлахс уадултыл уадысты дæлæмæ æмæ халас бо- цъотæй æртах æртахы фæдыл згъæлдысты зæхмæ. Тæккæ уыцы рæстæджы дардæй æрбайхъуысти гæрæхтæ, 309
бирæ адæмы тыхджын зард. Комы къæсæрæй æрбазындыс+ы бирæ барджытæ... ’ / , — Уазджытæ æрбацæуыиц... Æз сын сæ размæ искæй ар’вц! тои... Аздаха сæ фæстæмæ,— загъта Гæлæу æмæ рацæйцшдИф — Фæлæуу, фæлæуу... дæ хорзæхæй,— баурæдта йæ Хъуьь дæберд. Стæй зæхмæ ныккасти, ныхъхъуыды кодта, акасти æр- диаггæнæг бинонтæм... Иæ сæр пыттылдта, йæ цæстытæ/ныс- сæрфта тымбылкъухæй æмæ йып йæ кармæ гæсгæ куыд иал æмбæлди, афтæ цæрдæгæй рауади Гæлæуы рæзты. Кæрты дуар æрбахгæдта, фæстæмæ разылд, йæхиуыл схæцыди, цæф цæргæ- сау йæ цæст ахаста хæдзарыл æмæ фидарæй загъта: — Вæ, нæ, Гæлæу... Ма сæ аздах... Уазджытæ уазджытæ сты... уыдОн пæм æрбацæуынц ципы фæндагыл... Махыл цы æрцыди, уый æрцы- ди... Нæхи , аххосæй. Нал æй райгас кæндзыстæм... Хъыг æмæ цин фæрсæй-фæрстæм цæуынц... рауадз сæ...— Уыцы ныхæсти- мæ цæхгæр фæзылди марды уæлхъус æрдиаггæиæг бипонтæм, сыхæгтæм æмæ> тыхджын хъæлæсæй «дыууæ» зæгъæн кæуыл кал вæййы, ахæм æлвæст дзыхы уагæй загъта хъæрæй: — Лæппутæ! — йæ уыцы иу дзырд, сармадзаиы гæрахау,' пыннæрыд гæнахы къултыл. Тарст адæм фестъæлфыдысты, фе- гуыппæг сты. Ракастысты йæм.— Ахæссут лæппуйы... Йæ уат- мæ... Дуар ыл сæхгæнут...— загъта фæлмæндæрæй, стæй йæ хъæлæс фæтызмæгдæр.— Ничи уæ ницы федта!.. Ницы бæллæх пыл æрцыди!.. Уыцы усы дæр ахæссут... сыхæгтæм... Фæкæсут æм... Мæ бинонтæ!.. Сыхæгтæ!.. Фæсивæд!.. Уазджытæ æрбацæ- уыпц... Хъыпп-сыпп дæр уæ чи скæна!.. Цы стыр бæллæх иыл æрцыди, уый йæ былалгъæп, йæ цæстызулæй дæр уазджытæм чи равдиса... Уымæн сар йæ къопа! — Стæй та фæныллæгдæр кодта йæ хъæлæс. Бакасти æфсиптæм.— Нæ сыхаг æфсинтæ... Хатыр уæ курын. Уæ хорзæхæй, къæбиц — уæ къухты... Кæм цы ис, зопут... Уазджытæн — буц уазджыты уыид... Хæрдæй, нозтæй... Хъæлдзæгдзинадæй... Нæ хæдзары цы судзгæ зиан ис, уый уазджытæн сæ фæсонæрхæджы дæр мачи бафтауæд... Зиап мах зиан у... Уазджытæ ницы аххосджын сты... Куы ацæуой, уæд кæндзыстæм пæ зиапы хъуыддаг... Ам чи ис, уыдоиæй дарддæр хъæубæстæй дæр куыннпчи базона хабар!.. Бамбæр- стат мæ?! Хъуыдæбсрды ныхæстæ уæззау нæмгуытау хаудысты тарст бинонтыл, сыхæгтыл. Афтæ сæм фæкасти, цыма сæм къæдзæ- хау лæууæг зæропд гæнах дзуры... Кæрты уæвджытæ иууыл- дæр пыхъхъус сты, сым-сым дæр пичиуал уæндыди. Уæд та лæг загъта: — Уæ цæссыгтæ ныссæрфут!.. Цы загътоп æз?! Рæвдз! — топпы гæрæхтау нæрыдысты йæ дзырдтæ. 310
Æнæдзургæ, æнæ хъыпп-сыппæй лæппутæ систой мардьк рахастои’йæ кæройнаг уатмæ. Сæхгæдтой йыл уаты рудзгуытæ, дуар. Сылгоймæгтæ систой уадзыг мады. Тагъд-тагъд æй аха- стой сыхæгтæм. УæдМæ чыидзхæсджыты зард æмæ сæ бричкæйы цæлхыты къыбар-къыбур æрбайхъуыстысты хæстæгæй. Хъуыдæберд та Лае «тызмæг цæст ахаста кæртыл. Фæкомкоммæ æхгæд уаты дуармаГ æмырæй кæуæг лæппумæ, Зауыры æрдхордмæ. Фæ- хъæр’’йл.кодта: —>Шæппу!..— Стæй йæм бакъахдзæф кодта æмæ фæлмæн- дæрæй|загъта: — Готтор... Æрдхорд æфсымæр дын нал ис... Фæлæ^цæссыгтæ— фæстæдæр... Хабæрттæ уыйфæстæ... Цæссыг нæ фиДауы лæджы цæсгомыл!.. Уазджытæм фæкæс, куыд æм- бæлы,'Д#*фтæ!.. Хъæлдзæгæй!.. Семæ — æмзард... Æмкафт, æм- хъæлдз^г куыд уай, афтæ... Равдис лæгдзинад!.. Ныр цу, кæр- ты дуæ'|)т|гæ уæрæх байгом кæн уазджытæн... Кæ’рты чидæриддæр уыди, сыхагæй, хионæй, чызгæй, лæп- пуйæ, æиæдзургæйæ цæрдæг æххæст кодтой, хистæр сæ цы домдта, уыдон. Хæдзар чысыл раздæр куыд бæрæгбонхуыз уы- ди, афтæ та фестади æдде бакæсгæйæ. Готтор йæ сау маройы хурхыл ныххæцыди, кæрты дуæрттæ байтыгъта. Æрбауадысты иннæ сыхæгтæ, лæппутæ, чызджытæ хъæлдзæгæй. Æрбахæццæ сты чыидзхæсджытæ дæр. Дыууиссæдз барæджы хæдзары аком- коммæ æрхызтысты сæ бæхтæй, æнхъæлмæ кастысты, хæдзар- мæ бацæуæны бар сын чи ахæсса, ахæм, лæгтæм. — Гæлæу,— баздæхтп Хъуыдæберд сыхагмæ,— уæртæ ис- кæйты айс демæ... акæс уазджытæм... зæгъ сын еблагъуæ... ратт сын фæндаг хæдзармæ... Готтор,— фæдзырдта лæппумæ дæр,— хистæртимæ акæс уазджытæм... Хъæлдзæгæй!.. Чысыл фæстæдæр, заргæ, фæндырдзагъдимæ судзгæ зиаи- джыи бинопты кæртмæ бараст сты чындзхæсджытæ. Кæрты базмæлæп нал уыди хъæлдзæг адæмæй. * * * Фæссихор арв ноджы тынгдæр хъулæттæ кæнып байдыдта. Æврæгътæ тыхстысты хæхты цъуппытыл. Хур-иу куы сæ аууон фæци, куы та-иу се ’хсæнты йæ тæссар тынтæ æриывæста ком- мæ. Фæлæ уарынæй тас нæ уыди. • Хъуыдæберд йæ уазджытæп фыпгтæ саразын кодта кæрты. Дæргъæй-дæргъмæ фынгтыл рабадтысты уазджыты æмæ фы- сымты хистæртæ. Бацахстой стыр кæрт. Кæстæртæн, лæппутæ æмæ чызг уазджытæн, хъазт ахастой хæдзары акомкоммæ, йæ кæрдæг кæмæн бахус, уыцы уæлмусмæ. Уырдыгæй ныйилæлæй 311
кодта фæндыр уазæг чызджы къухты. Хус фæйнæгыл кæстаер’ лæппуты тыхджын æмдзæгъд æмæ фæндыры хъæлæстæ ныннд^ рыдысты хъæуы бæрзонд мæсгуытæ’ æмæ гæиæхтыл. Кæртаей райхъуысти зарæг. Хъуыдæберд лæууыди кæрты дуармæ дыууæ сыхаг лæгимае. Иæ цæст дардта хпстафты фыигтæм, кæстæрты хъазтмæ. Тынг- дæр та хъахъхъæдта, хæдзары уæззау хабар чи зыдта, уыдон^г, ноджы йæ дыууæ чызджы, йæ дыууæ лæппуйы. Искæй цæсго-' мыл сæ-иу æнкъарддзинады æууæлтæ куы ауыдта, уæд сыл-иу, судзгæ æхсидæвтау, сæмбæлдысты йæ тызмæг цæстыты цæхæр- тæ. Бинонтæ йæ æмбæрстой йæ цæстызулæй дæр æмæ сæхи дардтой хъæлдзæг. «Цы баци ие ’фспн та цымæ?.. Уазджытæ йæ куы агурой/ уæд сын цы дзуапп рардæуыдзæн?..» — хъуыды кæны лæг...; Æмæ цалырдæм нæ хъуыды кæиы пыртæккæ Хъуыдæберд.:., Цалырдæм иæ саджнлтæ кæны йæ зæрдæ. Æдде бакæсгæйæ та’; афтæ зыны, цыма æппындæр ницæуыл мæт кæиы. Цыма йæ зæрдæ рухс у ацыппæт циндзинадæй. Йæхп ныддур кодта фи-, дар лæг æмæ нæ кæсы æхгæд уатырдæм. Æрмæст æрфгуыты, быиæй акæсы, уыцы уатырдæм чи фæцæйцæуы, уый * фæдыл. Лæууы Хъуыдæберд æнцад, хæцы йæ сауарæзт хъамайы урс сæрыл æмæ йæ бæзджын æрфгуыты бынæй, дыууæхстон топпы хæтæлтау, алырдæм дæр кæсынц йæ дыууæ сау цæсты. Рæстæггай адауы йæ халас рихитæ. Хистæртæ йæм куы фæси- дынц арфæтæ ракæнынмæ, уæд хъæлдзæгхуызæй æрлæууы сæ цуры, цыма йыл æппындаф ницы бæллæх æрцыди, афтæ. Зæр- дæрухсхуызæй æгъдау дæтты уазджытæн дæр æмæ йæ хъæу- , бæстæн дæр. Хистæртæм йæ зæрдæ уыйбæрц не ’хсайы. Уыдонæн сæ уæ- ле бады йæ хорз сыхаг, Гæлæу, æмæ дзы æгъдау уыдзæн, уый зоны, фæлæ хъазты кæстæртæ, йæхи цот сæхи куы нæ бауро- мой, истæмæй куы раргом кæной хæдзары стыр бæллæхы ха- бар... Уазджытæн сæ циндзипад куы фехалой... Иæ чызг Мисурæт нæ куымдта хъазтмæ, уæддæр æй акод- той. Хъазтмæ кæсæг лæппу, хабар чи нæ зыдта, уый йæм фæн- дыр куы бахаста, уазæг чызг бафæллади, ды ацæгъд, зæгъгæ, уæд 7^1исурæт йæхи нал баурæдта. Ныккуыдта. Хъазт фегуып- пæг. Уайтагъд чызгыл амбырд стьгхионтæ. Уазджытæ та кæрæ- дзимæ бакастысты. Хъазты фæндырдзагъд æмæ æмдзæгъд куынæуал хъуысты- сты, уæд Хъуыдæберд цæхгæр фæзылди уыцырдæм. Чызджыты .дзыгуырæй куы ауыдта, уæд балæууыди сæ цуры. — Гъæй, фæсивæд,— хъæлдзæгæй сæм бадзырдта,— уый 312
КуЬ*Д"•$> уый?! Цæуылнæ зыланг кæны уæ фæндыр?.. Цæмæц ^аурæдтат хъазт?.. Хабар куы бамбæрста, уæд баздæхти йæ, чызгмæ: -^- Мисурæт... мæ чызг!.. Ау, дæ хойы йедтæмæ чындзы ничи ацыд^.;Цы йыл кæуыс?.. Яызг æм ахæм цæстытæй скасти... Ахызти фыды зæрдæйы уьтьг^цæстæнгас... Фæтæригъæд ыи кодта. Чысыл ма бахъæуа, йæхæдæг дæр ныккæуа. Фæлæ та фæлтæрд лæг ныффидар код- та йæхи. Иæ кæуыи худынмæ сирвæзти æмæ та загъта: -^|Мæиæ дыи дæхи куы æрвитæм... уæд-иу ку æмæ ку, цас дæфæнда, уыйас... Ныртæккæ та...— лæг йæ чызджы цæстытæм ныкка&ти. Уыцы ныккасты уыди уайдзæф, иыййарæджы уаГь дзэ^ф^ома, пыххæц уал дæхиуыл, бафæраз... мæнæн дæр æицои нæу^Чи зоны, зындæр... Ма мæ фæкъæмдзæстыг кæп атæппæт дзыллæты раз. . ~|Райс, райс^ мæ чызг, фæндыр... Схъæлдзæг кæиæм нæ- уаз’джыты... Дæ.хойыл ма ку... Уый йæ амопд ссардта... Мæ ныхæстæ нал хъуыды кæныс? — дзырдта фыд фæлмæнæй, фæ- лæ-уыцы фæлмæн ныхасы Мисурæт бамбæрста фыды додой.... Æи’æбары бахудти, йæ цæсСыгтæ пыссæрфта æмæ райста фæн- дыр^ Афтæ, гъе, мæ чызг,— загъта та Хъуыдæберд æмæ лæп- шут’æм ракасти.— Готтор!.. Рахиз-ма... Уазæг чызгимæ куыд ка^ фыс... феноп, бакæсæм дæм... Ныззыланг та кодта фæндыр, пынпæрыди æмдзæгъд. Лæп-. путы æхсæнæй рахызти Готтор. Уый, Хъуыдæберд ын куыд загъта афтæ, уазджытæ куы æрбиноныг сты, уæд суади сæхи- мæ. Йæ цуаны дзауматы ранвта бæрæгбопы дарæсæй æмæ фæ- стæмæ æрхæццæ морæ цухъхъайы æлвæст лæппуйæ. Æрмæст æнæдастæй. Рахызти уазæг чызг дæр. Пæр-пæргæпгæ дари разгом къа- байы æхсинæгау лæппуйы разæй тахти зилгæйаг саурæсугъд. Хъуыдæберд баздæхти, кæимæ лæууыд, уыдонмæ. Уырды- гæй йæ цæст дардта дыууæрдæм дæр. Фылдæр — хъазтмæ. Æнкъард уыди Готтор, уæзбын кафт кодта уазæг чызгимæ. Уый чызджы зæрдæмæ нæ фæцыди. Цæмæй зыдта хъæлдзæг уазæг чызг, лæппу æнæбары кæй кафы. Иæ зæрдæ пыртæккæ кафыныл кæй пæу. Готторы фæндыди, цæмæй уазæг, чысыл акафты фæстæ, пыллæууа, фæлæ хъæлдзæг чызджы йæ зæрдæ ахаста быцæуы кафтмæ, уæззау хохаг лæппуйц фæкъæмдзæс- тыг кæныпмæ. Быдираг хъал чызг сфæнд кодта хохаг лæппуйы кафтæй амбулыи. Стæй цы боп, цы уавæры! Чызг куы нæ лæууыди, уæд æй бамбæрста Мисурæт дæр. Хъыг ып уыдис. Уый куыинæ зыдта Готтор æнæбары кæй ка- фы, йæхæдæг дæр æнæбары цагъта фæпдырæй, Куынпæ зонц 31 а,
Мисурæт: йæ кæнгæ æфсымæр Готтор æмæ йæхи æфсымаер Зауырæй кафагдæр нæ уыди æгас комы фæснвæдæй... «Ады хъал чызг мыи ме ’фсымæрты фæхудинаг кæна... Нæ, уый нге уыдзæии»,— загъта йæхинымæры Мисурæт. Иæ зæрдæйы катац аивылди ерысы фæндагыл, йæ фæндыры хъæлæстæ стахтысты уæллоз. Бамбæрста йæ Готтор. Чысыл рæстæгмæ йæ цæстытæ’ ферттывтой уымæн дæр. Раст ыл цыма цæргæсы базыртæ асагъ- ди, афтæ ныззылди чызджы алыварс... «Райхъал кодтон ацы хохаг арсы, ныр пыллæууон»,— зæгъы йæхипымæры уазæг чызг, фæлæ ма кæм. Бафæллади чызг. Фæлæ кæстæр лæппутæ фæндырмæ гæсгæ æмдзæгъд уæллоз систой. Уæд чызг кафгæ-кафыпы цæстæй амо- пы не ’мбæлттæм, ома, аивут мæ, зæгъгæ. Бамбæрстой йæ хъæ-' уы фæспвæд, ныххудтысты. Иу фæзилæны та, лæнпу йын йæ размæ къахыфыпдзтæ куы æрсагъта, уæд уазæг йæхи баппæрста не ’мбæлттæм. Готторы разæй фæцп æндæр уазæг чызг... Чызджы фæстæ — æндæр лæппу. Афтæ хъазт пæрыди дарддæр. Уазджытæ æмæ хъæубæстæй хуыид адæм Хъуыдæберды хæдзары иу сихорæй инпæ сихормæ бадтысты дзаг фынгты уæлхъус, мппас кодтой, худтысты, хъазыдысты, зарыдысты. Иу сихорæй иннæ сихормæ хæхты рæбын хъæуы бæрзонд мæсгуытæ æмæ гæнæхтæ арыдтой чыидзхæсджыты æмæ хъæуы фæспвæды хъазты уыиæрæй. Дыккаг бон сихорыл сыхы чызджытæ астæуыккаг уаты Ду- нстхапыл кодтой чындзы дзауматæ. Чызг уыди хъæлдзæг, фæ- лæ иу рæстæггай аджих. Устыты æхсæн пæ уыдта йæ мады, фæснвæды æхсæп — йе ’фсымæры. Суанг ма хызы быиæй дæр, йæ фарсмæ чи лæууыдн, уыцы чызджыты афæрс-афæрс кодта: — Дзыцца кæм и? Кæм и Дзыцца? — Фыркуыстæп, знлæитæ кæиынæй бафæллади... Иæ сæр срыстп æмæ йæ æрхуыссып кодтам дæллаг уаты,— радтой йыи дзуапп чызджытæ. — Ме ’фсымæр та кæм и? Кæм п Зауыр? Куыинæ мæм æр- бауайы?.. Мæ уарзон æфсымæр мын фæндараст куыннæ зæ- гъы?.. — Зауыр цуапæй нæма æрыздæхти,— раттыпц та йып дзуапп. Фæссихор къуыхылхæцæг æмæ æмдзуарджын сæ хойы ра- кодтой хæдзармæ зард æмæ фæпдырдзагъдæй илæлæйгæнгæйæ. Кæугæ бацыди Дупетхап æфсинты цурмæ. Афтæ æмбæлди чыидзы цæуæг чызгæн. 1 Хæдзар уыди талынггомау, фæлæ Дунетхаиы цæстытæ ахуыр 314
уыдырты алы къуымыл .дæр. Хызы бынæй касти æфсинтæм. ЗæрД^йæ агуырдта йæ мады. Устыты æхсæп æй куы нæ федта, уæД ныккуыдта хæкъуырццæй. Скуыдтой устытæ дæр. Исдуг- м# хæдзарæй райхъуысти æрдиаг. Æфсинтæ цæуыл куыдтой, уый нæ бамбæрстой æрбацæуджытæ. Нæ йæ зыдта Дупетхан дæр/Ахæм боп æфсинтæ чындзы цæуæгæн хъазæн иыхæстæ, арфæтæ фæкæпынц, ам та — кæугæ... -^■’ДГъæй, гъæй, хорз æфсинтæ!.. Сымах та цæуыл кæут!.. Уæ чызджы уын зындонмæ куы нæ хæссæм, миййаг,— загъта къу- хылхæцæг. Устытæ фæсабыр сты, æвæццæгæи, уымæн æмæ Хъуыдæберд æрбакасти дуарæй. Уæд æфсинтæ, мады хъарм хъæбысты бæсты, уазал, æпкъард хъæбыстæ акодтой Дунет- ханæн, «амонды фæндаг дын æй хуыцау фæкæнæд» ын загътой, æм’æГ^уыл æфсымæртæ сæ хойы ракодтой кæртмæ. Хæдзары, гæнахы къултæ та пыццарыдтой чындзхæсджыты зард^æмæ фæндырдзагъдæй., Къухылхæцæг æмæ æмдзуарджын Дунетханы сæргъæвтой бричкæмæ, кæугæ-кæуын æй сбадын кодтрй чызджыты æхсæн. Бричкæ араст и кæртæй уынгмæ. Чындзхæсджытæ абадтысты сæ бæхтыл. Æркафыдысты брич- кæйы’ рæзты. Зард, худт, фæпдырдзагъд, гæрæхтæ ныннæрыды- сты ’хъæуы сæрмæ къæдзæхтыл. Уазджыты фæдыл кæртæй рацыдысты бирæ чызджытæ æмæ лæппутæ фæндараст зæгъынмæ. Кастысты сæ фæдыл. Хъæуæй рахицæн сты уазджытæ. Ничи сæ базыд^а зиапы хабар. Нæ базыдта Дунетхан дæр, йæ уарзои æфсымæры мар- ды уæлхъусæй чындзы кæй рацыди, уый. Иууылдæр ацыдысты буцæй, рæвдыдæй, хъæлдзæгæй. Æрмæст уазджыты хистæрты сæрæй нæ хпцæн кодта иу хъуыды. Дыууæ ацæргæ лæджы,— пу сиахсы хистæр æфсымæр, иннæ сæ мадыфсымæр, — барджыты æхсæн цыдысты фæр- сæй-фæрстæм. Уыдоп дыууæйæ дæр фарои Хъуыдæберды хæ- дзары цалдæр хатты уыдысты мипæвар. Зыдтой сæ чындзæп йæ мадыдæр, йе ’фсымæры дæр. — Диссаг дæм нæ кæсы, Солтан, мад нæ фæзынди æппын- дæр хæдзары,— загъта сæ иу. — Мæнмæ дæр диссаг кæсы...— Суанг йæ чызгæп фæнда- раст зæгъынмæ дæр нæ фæзыпд,— бафтыдта йæм дыккаг. — Æниу йе ’фсымæр та... Дæ цæст ыл искуы æрхæцыди? — Нæ йæ федтон... Стæй се ’ппæт дæр куыддæр æлхъывд цин кодтой... Диссаг нæу?.. Хъуыдæберд йæ сыхæгтимæ, йæ хъæуккаг лæгтимæ лæууы- ди кæрты дуары æдде, касти уазджыты фæдыл æмæ хъуыды кодта: «Мæ хъæубæстæ мын мæ уазджыты сбуц кодтой... уыдон руаджы сæ буцæй, хъæлдзæгæн арвыстоп... Ныр уыдон иæ зо- 315
пыпц, мæ хæдзары цы судзгæ сау бæллæх ис, уый. Куыд сьщ .æй загъдæуа?.. Цы бакæнои?» Лæг уыцы сагъæстæ куыд кодта, афтæ хæдзарæй райхъуыс-' ти хоты æрдиаг æмæ æфсымæрты богътæ. Уыдон пыронг сæхц’ тыххæй урæдтой, сæ фыдæй тæрсгæйæ, уазджыты æфсæрмæй., Ныр уазджытæ рагъæй куы фæаууон сты, уæд сæхи пал бау- рæдтой. Дуар байгом кодтой æмæ сæ мард æфсымæрыл ныд-» дæлгом сты. Кæрты, стæй ма æдде дæр цы бирæ адæм лæууьь/ ди, уыдон джихæй баззадысты. Кæрæдзимæ бакæс-бакæс *6айт дыдтой. Уæд Хъуыдæберд баздæхти Гæлæумæ: ’; — Гæлæу... мæ зынаргъ сыхаг... Стыр бузныг... Мæ уазджыг{ ты мын сбуц кодтат... Мах пæхп иыддур, пыффидар кодт’ам... .| Нæ судзгæ зиапы уæлхъус... Ацы адæм, нæ хъæубæстæиæ зо-\> ныиц... мæ хæдзары цы сау бæллæхы хабар ис... Ныр та кæнæм ’ пæ зианы хъуыддæгтæ,., V Хъуыдæбсрд Гæлæуæн уыцы иыхæстæ куы кодта, тæккæ > уыцы рæстæджы сыхæгты хæдзары тнгъæй æрбазыпдп йе ’фсин йæ уæрджытæ хойгæ, йæ дзыккутæ тонгæ... Дыууæ усы йыи .хæцыдысты йæ цæпгтыл, афтæмæй йæ лæгты æхсæнты бакод-' той кæртмæ сау маройгæнгæйæ. Уæд Гæлæу, цавддуртау, лæу- уæг адæмæи бамбарыи кодта хабар. Лæгтæ æрлæууыдысты Хъуыдæберды раз къулсæртæй. Æрвадæлтæ, хæстæджытæ, къа- бæзтæ тымбыл къухтæй сæ сæртæ хойгæ бацыдысты, ныртæккæ дæр ма заргæ æмæ худгæ цы кæрты кодтой, уырдæм сау æр-' диаггæнгæ. Хæдзарæп, кæройнаг уатæй райхъуысти зæрдæхалæг хъарæг. > Хъуыдæберд лæууыдн æнцад, стæй адæмæн арфæтæ ракод- '■ та, уазджыты кæй сбуц кодтой, уыйфæдыл, ракуырдта сæ ха- тыр, хъæлдзæгдзииадæй сæ æнкъард хъуыддагмæ кæй хоны, 1 уый тыххæй. Къорд лæджы Хъуыдæбердпмæ бауынаффæтæ кодтой. Ар- выстой хъæргæпджытæ комы иинæ хъæутæм, хæстæджытæм, ? зопгæтæм, хæлæрттæм. Дыккаг бон æрæмбырд сты бирæ дзыллæтæ æмæ бафспайд- той судзаджы зиапы.
ÆНÆ АРТÆЙ ФÆЗДÆГ ДÆР ВÆЙЙЫ ^Оæрды мæйты мæхи айсын Дæргъæвсы коммæ. Вæй- ^ йын фиййæуттæм. Дæргъæвсы ком мын, цы йæ сусæг хæион, цыфæнды курортæй дæр зынаргъдæр æмæ адджындæр у.’Уым цы фосхизæн сæрвæттæ, цы уыгæрдæитæ ис, уыдон алы афоиты сæхи цы алыхуызон кæрдæг æмæ дидинæгæй сфæлын- дынц, уый никæцы фыссæг, пикæцы нывгæиæг бафæраздзæн равдисын. Фæлæ ныртæккæ мæ ныхас ууыл нæу. Дæргъæвсы комы сæрмæ, Чызджыты хохы рæбын ис иу дис- саджы рæсугъд фосхизæн бынат. Раджы кæддæр дзы дæргъæв- саг фосдарджытæн уыди уæтæртæ. Ныр та дзы фæхизынц бы- дираг колхозты фосы дзугтæ. Æз та айфыццаг уым уыдтæн æмæ дзы сæййæфтон æхсæз фиййауы дыууæ дзугимæ. Иу сыгъдæг изæр, фос дзыгуыртæ-дзыгуыртæй куы нысса- быр сты, кæстæр фиййæуттæ та ма фосы алфамбылай æрзи- лынмæ куы ацыдысты, уæд сæ хистæр Елберд уæтæрæй рахас- та йæ нымæт, æмæ нæхи райстам уæтæрæй иуварс. Уым Рами- ны рындзы ныллæг кæрдæгыл Елберд æрытыдта йæ нымæт æмæ йын йе ’рдæгыл йæхи æруагъта. — Æруадз ды дæр дæхи, нæ уазæг, нæ дыууæйы фаг дæр у,— сдзырдта мæм хæрдмæ, стæй йе ’ргом аздæхта комырдæм. Æз дæр æрбадтæп нымæты къабазыл. Хур раджы аныгуылди. Ком фæталынг. Æрмæст ма арв ныгуылæнырдыгæй чысыл рухс дардта, æмæ уыцы рухсмæ Стыр дон зынди къæдзтæ-мæдзтæ арвы рæхысау. Дæргъæвсы хæ- дзæрттæй иуæй-иуты фæзыиди цырагъы рухс. — Ацы рындзыл абадын æмæ коммæ кæсын бирæ уарзын,— загъта та Елберд.— Амы цæрджытæ бирæ æмбисæндтæ æмæ таурæгътæ зонынц. 317
— Æвæццæгæи,— загътои æз дæр æмæ æихъæлмæ кастæн,. уæдæ мыи дзы кæд исты радзурид, зæгъгæ. Фæлæ Елберд ницы дзырдта. Куы касти коммæ, куы тар уæйыгхæхтæм, куы — Чыз- джыты хохмæ. Уæдмæ æрбацыдысты иииæ фиййæуттæ дæр. Æртæйæ æрбадтысты нæ цуры, дыууæйæ лæугæйæ баззадысты сæ лæдзджыты æицæйтты. Нæ ныхас куы нæ бадтн, уæд фиййæуттæй иу æпцадгай базарыди Залихапы зарæг. Иннæ фиййæуттæ йын сыпдæг ба- хъырныдтой. Бахъырпыдта Елберд дæр/Зарæг куы фæци, уæд загъта: — Диссæгтæ уыди, æвæдза, фыццаг заманы. Залиханы тых- хæй зæгъын. — Цæмæн зæгъыс, Елберд? — афарста йæ зарæг лæппу. — Ома, Залихан æмæ Залихапы хуызæтты тыххæй. Чыз- гыл дам абадæд, уыййедтæмæ-иу кæд зæдæй сыгъдæгДæр уы- ди, уæддæр ыл-иу худинаджы зарæг акодтой чъизи ныхæстимæ. — Нæ-æ, Елберд, зæды хуызæн иæ уыдысты, æвæццæгæп. Худинаджы зарæг, уый аккаг чи уыди, ахæмтыл зарыдысты. Æнæ артæй фæздæг нæ вæййы. — Гъæ, кæииод уый чи загъта, уымæп цы загъдæуа... — Вæййы, вæййы, Тепсыр, уæллæгъи хаттæй-хатт-иу æнæ- артæй, æнæ стъæлфæнæй ахæм фæздæг суагътой, ахæм, æмæ... Уæздаи, æфсымæрджын чызгыл-иу ахæм зарæг куы айхъуысти, уæд-иу кæнæ, кæй пæ уарзта, ахæм лæгмæ моймæ ацыди, кæ- пæ та-иу йæхи доны баппæрста. Уый фæдыл пын Елберд радзырдта мæнæ ацы хабар, æмæ- уæд, æнæзынг, æнæартæй фæздæг дæр кæй вæййы, уый мæ бауырныдта. Уыцы хабар цæмæндæр мæ ’зæрдыл бадардтои. «Æнахъом лæппу ма уыдтæн, уæд нæ хъæуы чызджытæн сæ тæккæ рæсугъддæр, уæздандæр æмæ æгъдауджындæр чызг- Залпханыл ацыди дау. Ома, дам, сæ сыхæгтæм цы ахуыргæ- ’ нæг лæппу царди, уыимæ фæлымæн. Чызг, дам, нал у. Уыцы даммæ, хохæй рахаугæ дурæн йæ фæдыл инпæ дуртæ куыд ракæлыиц, афтæ ракалдысты æндæр дам-думтæ æмæ ацыдысты дзыхæй-дзыхмæ, хæдзарæн-хæдзармæ, сыхæй-сыхмæ,. хъæуæй-хъæумæ. Цыбыр рæстæгмæ æгас комы хъæутыл аивыл- ди æбуалгъ дам-думты зæй æнæ аххос, æфсармджыи чызджы сæрыл. Уыцы дам-думтæ æрцыдысты чызджы æфсымæрты хъус- тыл дæр. Уыдон марынмæ агуырдтой æназым ахуыргæнæджы. Уалыпмæ æнæуаг æмæ къуыдипп лæппутæ хъæуы сæрмæ къуыбырæй разарыдысты Залиханы зарæг. Æфсымæртæ йæ сæ^ицæн худинагыл бапымадтой, сæ маст рафыхти æмæ балæ- бурдтой сыхæгтæм, ахуыргæнæджы марынмæ. Лæппу горæтмæ 318
алыгъди, уый куы базыдтой, уæд та фездæхтысты сæ хойы ма- рынмæ. Мад бамбæхста йæ чызджы. Цалдæр боиы йæ хъахъхъæдта æфсымæртæй. Ахуыргæнæг лæппу дæр æмбæрста, æфсымæртæ сæ хойы .æвыдæй кæй нæ ныууадздзысты. Тæригъæд кодта æнæазым чызгæп æмæ горæтæй хъæумæ барвыста сылгоймаг дохтырты. Фæлæ уыдои нал баййæфтой чызджы удæгасæй. Хъæуы фи- дауц, рæсугъд æмæ æгъдауджын Залихаи йæ къух йæхимæ систа. Сылгоймаг дохтыртæ йæ федтой æмæ разынди бынтон -æназым чызг... Гъеуый та уын, лæппутæ, æнæарт, æнæзынгæй фæздæг». Мах джихæй баззадыстæм. Нæ цæстытыл ауади рæсугъд Залихаиы сурæт. Иæ зарæг ыи æз кæддæр мæхæдæг дæр фе- хъуыстон. Хъыг мын уыдысты йæ чъизи ныхæстæ, фæлæ мæм уæддæр раст кастысты. Афтæ æнхъæлдтон, зарæджы куыд сты, .æцæгæй дæр афтæ уыди. — Æмæ уыцы дам-думтæ чи ауагъта, стæй цæй тыххæй, уый не сбæрæг? — бафарста, зарæг чп акодта, уыцы фиййау. — Куыннæ рабæрæг! Иу фыдæвзаг цъаммар лæг Салам- джери. Уый æпæрынцойæ минæвæрттæ æрвыста Залиханмæ, куырдта йæ, фæлæ йыи чызг нæ бакуымдта. Уæд ыл ауагъта дам-думтæ, æрымысыди йыл ахуыргæнæджы, иухатт сæ уын- джы иумæ лæугæ кæй федта, уый тыххæй. Фæлæ дзы йæхæдæг дæр райгонд пæ фæци. Комы "фæидагыл æй чцдæр багæрах кодта. Нæмыг йæ тæккæ дыууæ цæсты астæу сæмбæлди æмæ дзыхъмард фæци, — Æвæццæгæн, чызджы æфсцмæртæ,— загъта, лæугæ чи кодта, уыцы кæстæр фиййæуттæй иу. — Æвæццæгæн, афтæ уыдаид. — ,3алиханы тæригъæд æй басыгъта... Мæй Чызджыты хохы тигъæй скасти æмæ æрытыдта йæ тæиæг рухсы тыитæ хохæй-хохмæ. Фæталынгдæр ком, фæрухс- дæр сты рахизырдыгæй хæхтæ. Мах кастыстæм уыцырдæм. Ни- чи нæ ницы дзырдта. Æрмæст нæ цæстытыл уади мæгуыр цард- хъуг Залиханы æнкъард, тæригъæддаг сурæт æмæ хъуыды кодтам адæймаджы æгъатырдзинадыл. — Уæдæ фыдæлты æмбисæидтыл мауал æууæндæм? Раст не сты? — æрæджиау бафарста Елберды, чи зарыди, уыцы фий- йау. — Фыдæлты æмбисæндтæ иууылдæр галиу сты, æз уый нæ загътон. Бирæтæ дзы раст сты. Тыпг раст. Фæлæ се ’хсæн ис, хьусын кæмæ нал æмбæлы, æууæндыл кæуыл нал хъæуы, ахæм- тæ дæр. Цы хабар уып ракодтон, уый уыи æвдисæн. 319
ТЕПСЫРЫ ТОХЪХЪЫЛ Щлмæрза ныр горæты цæры. Иу стыр дуканийы æхсæв- гæс вæййы. Дынджыр кæрц йæ уæлæ, афтæмæй арс йæ фæстаг къæхтыл куы цæуа, уыйау дукапийы цурты куы иуырдæм азилы, куы иннæрдæм, стæй та къулы рæбын асык- кыл сбады æмæ, цæмæй ма бафынæй уа, уый тыххæй æнцад зары йæхицæн. \ Æрæджы мæ дард хъæутæй иумæ цæуын хъуыди, æхсызгон хъуыддаджы фæдыл. Мæхимæ машннæ иæй. Елмæрзайы дука- нийы хнцау мæ зонгæ у. Уый уыцы хъæумæ товартæ ласинаг уыди æмæ йемæ баныхас кодтон^ æз дæр демæ цæуын, зæгъгæ. — Æмæ цы кæиы, хъуыддаджы тыххæй искæй фæсарц аба- дыи дæр хорз у, фæлæ мах тынг раджы цæудзыстæм æмæ хуыррытгæнгæ куы баззайай, уæд-иу мæи аххос ма уæд,— за- гъта мын хъазгæмхасæн. Райсомæй, бон цъæхтæ дæр ’пæма кодта, афтæ фсстадтæн æмæ бацыдтæн дуканийы цурмæ. Кæсын æмæ дып Елмæрза къуымы рæбын асыккыл бады. Зæронд цæргæс саппыл бад- гæйæ йæ базыртæ куыд æруадзы, афтæ зæхмæ æруагъта йæ кæрцы фæдджитæ. Æнæ сыбырттæй бацыдтæи йæ цурмæ æмæ йын айхъуыстои йæ зарæджы ныхæстæй цалдæр. ...Бæдæлæджы куыроймæ ма уадзут, Ой, ма уадзут, гъей! х Уым æм лæппутæ фæхъуыздзысты, Он, фæхъуыздзысты, гъей... Раджы кæддæр ма фехъуыстон уыцы худæджы зарæг æмæ йæм ныр ныппыррыкк кодтон. Елмæрза мæм ракасти. — Чи дæ, чи? 320
— Æз дæн, Сæхмæрза,— бацамыдтои ын мæхи. — Æмæ дæ цы иблистæ рахастой æмбисæхсæв? — Дæ хицауимæ балцы цæуын. Нæма фæзынди? — Йæ машинæ кæрты саргъæвæрдæй цъæх арт уадзы. — Æмæ йæхæдæг кæм ис? — Йæхæдæг афоимæ хуыссы йæ Дзæнæты хъæбысы. — Дзæнæты хъæбысы? Ома? Йæ ус Дзæнæтхап хуины. Мах ын йæ «хаи» ачъепп ластам æмæ дзы Дзæнæт рауади. — Ахæм рæсугъд у? — Дзæиæт йæ цуры — мугæйы цъар... Ус иæ, фæлæ æлæм, æлæм! Мæ цурты куы ’рбацæйцæуы... Охх!..—Елмæрза ныуулæ- фыди, йæ урс рихитæ адаудта æмæ йæхиуыл схæцыд. Зæронд лæгæй ахæм ныхæстæ хъусыи мæм куыддæр аив нæ фæкаст æмæ иыхас æидæр фæпдагыл аздахыпы фæнд скод- тои. — Сæумæдæвдæгæй-иу рацу, зæгъгæ, мын загъта дæ хи- цау... — Уый дæуæн загъта, йæхæдæг та аходæпæй раздæр не ’рбацæудзæн. Ахæм Дзæнæт дзы ис... Сбад уал, дæ къæхты уаргъ æрæвæр. Тепсыры фырт, мæ хур, йæ удæн зын иæ кæны. Зæронд лæг фалдæр бабадти. Асыччы кæроп мын суæгъд. кодта. Нмхасгæнæг æмбал ын кæй фæци, уый йын æхсызгон уыди, куыд æй æмбæрстон, афтæмæй. Æрбадтæи йæ фарсмæ.. Бон цъæхтæ кæпын райдыдта. Сыхæгты кæртæй райхъуы-- сти лæплын уасæджы хъихъхъ. Стыр уыпгæй цыди трамвайьп дзипг-дзипг, фæлæ уыпгты цæуæг нæма зыпд. Æз тыхстæн., — Диссаг нæу, сæумæдæвдæгæй мæ æрбацæуын кодта, ныр йæхæдæг раст цыма зæронд лæг у,— загътои мæхицæн дзурæ- гау. — Лæппу дæр нал у. — Цал азы йыл цæудзæн? — Къаддæр-уæддæр дыууиссæдзы. —. Нæ, пæ бакастмæ гæсгæ йыл уыйас нæ цæудзæн. — Мæ хъæуккаджы мæпæп амоиыс! Раст ыи йæ фыд Теп- сырыл зарæг куы кодтам, уæд райгуырди. — Йæ фыд исты хъæбатырдзинæдтæ равдыста? — О, куыннæ! Хъæбатыр! Сау æндæрджы къудзп хуыдта. Чызджыты хсхы та — мæлдзыджыты губакк! — Уæдæ йыл цæп тыххæн скодтат зарæг? — Мæсты йæм уыдыстæм, стæй нæм тохъхъылы фыд хæрын цыди æмæ уый тыххæй. — Æз куы никуы фехъуыстон ахæм зарæг. — Уымæн æмæ æхсæвæй райсоммæ йедтæмæ нæ фæцарди. 21 Хихти 321
— Гъы, гъы, радзур-ма йæ, дæ хорзæхæй, уæддæр дзæгъæл бадт кæнæм. Æмæ мын Елмæрза сæумæрайсом радзырдта ацы худæджы -хабар. * * # — Уæд дьш иуизæр бадæм хъæдтыл æмæ нæ ривад рæстæг æрвнтæм алы иыхæстыл... Хъæдтыл бадæм, зæгъгæ, афтæ ма банхъæл, æмæ маймулитау бæлæстыл бадтыстæм. Нæ, уæд ма пог хæдзаргæнджытæ уыдыстæм. Хæхтæй куы ралыгъдыстæм диссаджы саумæр быдырмæ, уæд дзы æххæст агъуыстытæ дæр куы æрæвæриккам, зæгъгæ, нæ йæхиуыл пичиуал ауæрста — æз хуыздæр хæдзар саразон кодтам. Гъæйттæй фæлæбурдтам хъæдæй хъæдæрмæг ласынмæ. Нæ каукъул, хъæмпсæр хаэдзæртты размæ уынджы æрцарæзтам хырхæйфадæн хъæдтæ, цыма нæ алчи йæ комкоммæ сыхаджы хæдзармæ сармадзаптæ сарæзта, уыйау. Гъемæ дыи, мæ хур акæиай, иу ахæм изæр бадæм уыцы лъæдтыл. Уыди сæрд йæ тыигыл. Мæнæутæ æмæ иннæ сæрды- гон хуымтæ æфснайд куы фæвæнйынц, фæззыгон куыстытæм ^бавиалынæн та афон куынæма вæййы, раст уыцы рæстæг. Бадæм, иыхас кæиæм, уæдæ цы уыдаид. Уалынмæ дын нæ -ныхасы фарн нæ цурты рауагъта Тепсыры. Дынджыр тохъхъыл, йæ сивырыйас дымæг уæззау раппар-баппаргæнгæйæ, цæуы йæ фæдыл. Теисыр ма уæд æнæзæнæг уыди. Йæ бинонтæ — дæлæмæ дæр æмæ уæлæмæ дæр йæ ус æмæ йæхæдæг, йе ’ртæ хойы та цардысты йæ кæстæр æфсымæр æмæ мадпмæ. Афтæмæй та уыдп мæрддзæст, бафсис ницæмæй зыдта. Ног æрлидзæг адæ- лмыл налогтæ дæр бирæ нæма æвæрдтой, æмæ Тепсыр схъæздыг. •Ноджы сарæзта цыппарфыдон долапи куырой нæ хъæугæрон. Куырой та нын арæзта, æххормаг азты йæм цы уырыссаг къуырма лæг æрцард, уый. Р1æ хæдзары куыстытæ йын уый кодта. Къухæй хуымæтæджы дæсны уыди. Гъе, уыцы долапи куырой йын кусын куы райдыдта, æцæг хъæздыг та уæд сси. Кæмæй къусы дзаг мæиæу, кæмæй кæ- фойы дзаг нартхор, кæмæй æргомæй, кæмæй сусæгæй давта .æмæ ма уымæй хъалдæр кæм уыдаид. Иæ къутутæ, йæ гонтæ .хорæй фæйнæрдæм тыдтой. Уæддæр ма йæ куыройы цур арæз- ■та сара, ноджы стырдæр гонтæ йын кæм уыдаид, ахæм. Фæлæ Л1ын сарайы сæр æмбæрзт нæма уыди. Хъуыди ма йæ бирæ хъæддзаума — хъайвантæ, стъарапилтæ, рекæтæ. Уыдонæи бал- .хæпæн уыди æхцайæ, фæлæ-æхца хæлæг кодта. 322
Г.ъемæ дыи хуыцау хорз ракæиа, и& цурмæ æрхæццæ æмæ нын уæллоз сæрæй салам загъта. Мах дæр ын дзуапп радтам, уæдæ цы уыдаид, æмæ Тепсыр араст дарддæр. Иæ нард тохъ- хъыл дæр та йæ къутуйыас дымæг рауз-баузгæпгæ араст йæ фæдыл. Мах кастыстæм йæ фæстæ, ома, Тепсыры фæстæ иæ, фæлæ тохъхъылы фæстæ. Иичиуал пицы дзырдта, цалынмæ Тепсыр йæ тохъхъылимæ тигъы аууон фæци, уæдмæ. Хæдзаргæнæгæй, дам, калм йæ хуынкъмæ лидзы. Мах дæр, хæдзаргæнджытæ, дзидзайæ æфсæст кæм уыдаиккам æмæ уы- цы тохъхъылы уындмæ нæ комыдæттæ æруадысты. Æпæдзур- тæйæ иæ алчидæр ныуулæфыди. — Хæринаг у! — æвиппайды сриуыгъта Къæру. Мах иых- худтыстæм. Мæрдты рухсæг уæд, мæгуыр, Батъиаты Къæру, иыххатыр мып æй кæиæд, фæлæ хæраг лæг уыди, æнтыды цым- гæйæ-иу дыууæ стыр кæхцы ныххафта, уæддæр ма-иу агмæ бакæс-бакæс кодта. — Хæрииаг у, уый мах дæр бæргæ зонæм, фæлæ куыд^ Тепсыры хæдзарæй куыдз стæг куы нæ рахæсдзæн. — Хæринаг у,— зæгъгæ, та сриуыгъта Къæру, куыд æмæ- цы мадзалæй, уымæн йæхæдæг дæр иицыма зыдта, афтæмæй æмæ сыстади хъæдæй. Сыстадыстæм мах дæр æмæ нæ алчи йæ: лæдзармæ араст. * * * Уыцы изæрæй рацыдаид иу къуырийæ фылдæр, афтаг мæмг Къæру асидти хибармæ æмæ мын афтæ зæгъы: — Тохъхъылы фыд хæрыс? Æз фæджих дæн. — Уый та дын цы ныхас у. Кæм и? — Ныртæккæ пæ. Мемæ цæуыс? — Кæдæм? — Цæуыс æви нæ, уый уал мыи зæгъ. • — Кæд мæ давыпмæ кæпыс, уæд дын мæиæй æмбал пæй. — «Давыпмæ»,— сфæзмыдта мæ.— Искуы мæ давгæ фсд- тай? Цæуыс æви нæ? — Тепсыры хæдзармæ? Æмæ йын куыд бахæрыимæ хъавыс йæ тохъхъыл, кæд æй давгæ нæ кæныс, уæд? Исты ме ’иæзон- гæ у Тепсыр] — Йæхпцæн ып æй аргæвдыи кæндзыстæм. Иæхæдæг ма нын (Ьизонджытæ нæ, фæлæ.суанг турæ дæр скæндзæи. с— Ау, куыд ып æн аргæвдып кæндзыиæ? — Цæй къодах лæг дæ! Тепсыр кад уарзаг лæг у. Æз æй бацырен. кодтоп. Дæ куыройы сарайæн, зæгъын, хъæуы хъай- 32*
ваптæ, стъарапилтæ, æмæ, зæгъын, æз ссардтои æнæхæрд хъæд. Иæ сывылдз, йæ тæрс, йæ сусхъæд, зæгъын, арвыл æмбæлыиц, гуыпп кæц æмæ лас. Сразы ис. Къæру мæсты уыди Тепсырмæ. Иæ бирæ биноптæн æй араче ласын хъуыди мæнæу æмæ нартхор Тепсыры куыроймæ. Уый та йын дзы давгæ кодта æрыссæггагæй бирæ фылдæр. Иухатт ма уыйфæдыл хыл дæр фесты. Æз уый нæ зыдтон æмæ та пæ афарстон: — Омæ, Къæру, хъайваи хъайвап у, тохъхъыл та тохъхъыл у. Кæрæдзийæн цы бавæййынц? — Уый мæт дæ ма уæд. Æз дыи куыд амонон, афтæ-иу кæн. — Хорз.— Сразы дæн. * * # Дыккаг боп цыппарæй, фæндзæм — Тепсыр, фьгццаг кæркуа- ’сæпты бæхуæрдæтты араст стæм хъæдмæ. Уæд ма фæндæгтыл арæх уыдысты давджытæ. Ахондæитæм бахæццæ стæм къодахджыиы комы рæбынмæ. Суагътам пæ бæхтæ фæндагæй чысыл æддæдæр. Мах тагъд- тагъд æрхыты нæхн систам уæлæмæ, нæ фæрæттæ нæ фæсрæт- ты тъыст, нæ берданкæтæ не ’ккæйтты, афтæмæй. Тепсыр уым «аззади. Мах æй зыдтам — йæ бæхæп тæрсдзæн æмæ нæ иунæ- гæй иæ ныууадздзæн. Сфардæг стæм хъæды рагъмæ æмæ нæ фæрæттæй къупп- къупп кодтам. Тепсыр дæр нæ фæдыл иучысыл су.ади, аракæс- бакæс кодта, фæлæ цæй сывылдз æмæ цæй æндæр. Кæддæр нæ сыхаг хъæуæн делаикæ кæм уыдп æмæ кæй ныццагътой, ахæм ран. Æгæр-мæгуыр дзы стъарапилæи бæзгæ бæлас дæр нæ уы- ди. Гæлнртæ фатхъæд, тæрсы кæлдымтæ æмæ-пыхс, æндæр ма дзы цы баззадаид! Тепсыр бардиаг кодта æмæ фæстæмæ раздæхти Къæ-уйæн алывыд калгæйæ. Р1æ уæрдоп байдзаг кодта сугтæй æмæ нæм æнхъæлмæ к^’сти. Мах пыффæстиат стæм уæллоз хъæды, стæй хур куы фæ- цæйныгуылди, уæд æрцыдыстæм. Цыма маст æмæ фæсмонæй цæхæртæ калæм, афтæ скодтам пæхи. Алывыдтæ дзурæм Къæруйæн. Тепсыры æрæййæфтам мæстæн æхсидæвтæ калгæ. — Халоны фæдыл ацу æмæ дæ фаджысы рагъмæбахона! — хъуыр-хъуыр кодта йæ бæх ифтындзгæйæ.— Гъи, Къæру, кæм нс дæ æнæхæрд хъæд? — Арæппын æллæх, æз цы аххосджын дæн. Æхсæвыгон æр- 324
бафтыдтæн ардæм æмæ мæм ацы талатæ диссаджы ставд æмæ раст фæкастысты,— йæхи рæстытæ кодта Къæру. Нæ уæрдæтты цыдæр хус къæцæлтæ бакалдтам æмæ рараст стæм. Мах Къæруимæ разæй, Тепсыр нæ’ фæстæ, уый фæстæ та нæ ппнæ дыууæ æмбалы. Далынмæ комы æвзæр фæпдæгтыл цыдыстæм, уæдмæ æрта- лыиг. Хæдзармæ, дам, æгас мыст ма æрхæсс, уыййедтæмæ алцы- дæр хорз. Теисыр пæ уæрдоп алы къодахæй хъæмпамад скодта <æмæ йæ бæх тыххæй ласта. Махæн нæ бæхтæ рог цыд кодтой. Быдыры лæгъз фæндагмæ куы рахæццæ стæм, уæд басхуы- стам нæ бæхты æмæ уайтагъд æрдзæхст ластам Æрхоны доны- йыл стыр обауы цурмæ. Уым æрурæдтам, нæ уæрдæттæ баздæх- там обауы чъылдыммал,. Бæхтæ астæумæ кæрдæджы хизым бай- дыдтон, пæхæдæг раздæхтыстæм фæидаджы былмæ... Æрталыпг быитоидæр, мæйы скасты размæ куыд æрта- лынг пæййы, афтæ. Фæпдаджы фæйиæфарс партхоры хуымтæ уыдысты тархъæдау. Ныр. дзырд куыд уыдыстæм, уымæ гæсгæ, Тепсыримæ фæсте чи баззад, уыцы дыууæ æмбалы, нæ лымæн- ты абæрæг кæиæм, зæгъгæ, Кьардоны иу цæхгæрмæ уынджы фæзылдысты æмæ кæмдæр сæхи бафæстиат кодтой. Тспсыр сæ йæхинымæр фелгъыста, фæлæ ма йын цы гæнæн уыди. Рараст нунæгæн. Йæ зæрдæ æхсайдта йæ хæдзармæ. Ноджы тынгдæр та йæ куыронмæ. Фæстаг рæстæджы иал æууæндыди йæ къуыр- ма Антъоиыл. Цавхердæр сылгоймаг æм фæцагъуыди æмæ ссад хаста йæхнцæн. Куыд ризгæ фæцыдн Тепсыр Къардоиæй стыр обауы цурмæ, хæйрæг йæ зопæг, фæлæ иæм йæ уæрдоны цæлхыты уынæр куы æрыхъуысти, уæд мах Къæруимæ нартхормæ нæхи байстам. Къæру дæлæрдыгæй баззади, æз фæндаджы былтыл уæл- дæр ссыдтæн, Тепсыр ие хсæн куыд фæцадапд, афтæ... Æрхæццæ Тспсыр. Æз æм кæсын фæндаггæрои иартхæртты æхсæнæй. Цæуы хъавгæйæ йæ бæхы фарсмæ. Галиу къухæй йып хæцы йæ дзыларыл, рахизæй йæм февзиды æмæ уыгау йæ сæр фæйнæрдæм разил-базил кæны. Ныр хъæрæй «по» кæнын иал уæиды. Цæлхытæ æгæр куы сгыбар-гыбур кæнынц, уæд та бæхы бырыпкъыл фæстæмæ рахæцы, фæйиæрдæм акæстытæ кæ’иы. Иæ алфамбылай нартхорæй у тархъæдау. Æрмæст ра- зæй æрттывта фæндаджы нарæг уадздзаг. Цы фыдбылыз мæм кæсы ацы тархъæды, зæгъгæ, хъуыды кæпы, æвæццæгæн. Мæнæй чысыл куы фæдæлдæр, уæд æз фæндаджы былмæ рацыдтæн æмæ ныхъхъæр кодтон: «Гъей, хъæддзау! Дæ гæрзтæ æрæвæр æмæ дæ бæх суадз!» Мæхæдæг топпы сампал базмæ- лып кодтон. 32*
Ацы стыр дуканийы фарнæй дын ард хæрын, мæ митæй мæхæдæг дæр фæтарстæн. Дæлæмæ æруадтæн иучысыл йæ фæ- дыл, нартхæртты сыфтæй сыбар-сыбургæнгæйæ, раст дзы цыма* I æнæхъæн абырджыты бал’ змæлы, уыйау. Тепсыр исдугмæ лидзынвæнд скодта. Йæ уæрдон фæуагъта. æмæ дын дæлæ фæндагыл дæлæмæ ныййарц и., Иу-æхсæз сардзины бæрц’ куы азгъордта, уæд ыл дæлейæ’ Къæру ныббогъ ласта: «Гъæйтт, налат, дæ бæх суадз дыи куы загьтам!» Тепсыр ахаудта фæндагыл, стæй йæ цыппæртыл фæстæмæ- лидзынмæ фæцн. Тыхамалтæй схæццæ йæ уæрдонмæ, йæ бын- мæбасыффытт ласта æмæ, æвæццæгæн улæфгæ дæр нал кодта.. Æз та хъæр кæныи «мæсты» хъæлæсæй, дæ гæрзтæ анпар æмæ дæ бæх суадз, кæшюд дæ марын, зæгъгæ. Абабау!, Хъыпп-сыпп нал хъуысти уæрдопы быпæп. Фæллад бæх пыллæууыди, йæ хъустæ сгæмæл кодта æмæ- хуыррыттытæгæнгæ ракæс-бакæсыл ссис. Бауырнæд дæ, Тепсырæн йæ уынæр куыпæуал цыди, уæд ын фæтарстæи, йæ зæрдæ кæд атъæпп ласта, зæгъгæ. Уалынмæ фæстейæ уæрдæтты гыбар-гыбур æрыхъуысти. Д" амопд д ’аууонау дæ фæдыл цæуы, зæгъгæ, та йæм бахъæр кодтон, нæхæдæг Къæруимæ нартхæртты æхсæнты сыбар-сы-' бургæнгæ балæгæрстам, стæй сабыргай фæстæмæ ’рахъуызыды- стæм фæпдаджы былмæ. " Кæсæм, æмæ дын Тепсыр уæрдоны быиæй йæ сæр радардта. Акæстытæ кодта, ахъахъхъæдта æмæ, нартхорæй уынæр куы- иæуал цыди, уæрдæттæ та йæм хæстæгдæр куы æрнсты, уæд. рабырыди, уæрдоиы сæрæй раскъæфта гæрчъыздухæи æмæ’ хъæрахст спста. Гæрчъыздухæнæй куы иуырдæм нырриуыгъы уæлдæф, куы иннæрдæм. Æлгъиты. Мад, фыд мæрдтæ, æгæстæ,. зæдтæ, хуыцæуттæ — иу дæр дзы иал пыууагъта, иууылдæр сæ- ракалдта хурмæ. Богътæ кæны, лæбуры, фæлæ нартхормæ хæс- тæг нæ уæнды. Мах Къæруимæ бадæм фæндаггæрон нартхоры æмæ худæгæй уæлгоммæ афæлдæхтыстæм. Не ’мбæлттæ йæм куы ’рхæццæ сты, уæд сæ уæрдæттæй рагæппытæ кодтой æмæ^ хъæр кæнынц: — Гъе, чи дæ, цы хабар у? — Абырджытæ!.. Стигъджытæ!.. Марджытæ!.. Мæ бæх мыи истой! — хъæр æмæ ахст кæпы Тепсыр. Не ’мбæлттæ æцæг- хуызæй февнæлдтой сæ гæрзтæм, скъæр-къæр кодтой сампалтæ. — Ау?! Æмæ цы фесты, æвыдæй аирвæзтысты? ^- Гъы, мæиæй дын æвыдæй ма аирвæзой! Æртæйы дзьь æрфæлдæхтоп мæиæ ацы хъилæй. Цыппæрæммæ куыд фæзылд- 326
тæн, æррнуыгъон æй, зæгъгæ, афтæ иннæтæ фæлæбурдтой мæрд- тæм æмæ сæ нартхоръ1 хуымты ахастой. — Æмæ кæй асырдтай, уый та? — Уый дæр нартхормæ баирвæзти. — Æмæ дæ берданкæ та кæм и? — Бердаикæйыл ма чи уыди... Алырдыгæй мæм нартхорæй топпытæ радардтой... .Мæ размæ дзы чи фæци, уыдонæй цыппа- ры æрфæлдæхтон... Хуыцау хорз æмæ мæ æрæййæфтат... Мах худæгæй сулæфынхъом иал уыдыстæм. Къæру зæххыл ныддæлгом æмæ хуылфхæлд кодта, стæй сыстади: — Цом, нæ куыст бакодтам. Ныр уал æй не ’мбæлтты бар уадзæм. , Хъæумæ æрхæццæ стæм æхсæвæрафон. Махæй дзæвгар фæстæдæр æрцыдысты Тепсыритæ. Уыдон И’ыдысты æнцаддæр. Тепсыр сын дзырдта йæ «хъæбатырдзнна- ды», йæ «фесгуыхты» хабæрттæ. Цалынмæ хъæумæ хæццæ код- ,той, уæдмæ гæрчъыздухæнæй «мæрдтæ» авд баисты... - Дыккаг бон хабар айхъуысти æгас хъæубæстыл. Иæ хæдза- ры цурты-иу чи фæцæйцыди, уый-иу æм æнæбадзургæ нæ <фæци: — Гъей, Тепсыр! Æнæ фыдбылызæй дæ хуыцау уадзæд! — Лæджы ми сын бакодтай, лæджы ми! — Дæ пом айхъуысын кодтай Тлаттаты Чермепы иомау. Кад скодтай иæ хъæубæстæн дæр. — Къæру æмæ дыл Елмæрза гадзырахатæй рацыдысты æмæ сып хуыцау ма ныббарæд. ’— Цы сæ домут уыдонæй та? — хъал сæрæй дзырдта Теп- сыр,— уыдон мæллæг удтæ сты æмæ... — Фæлæ дæ, Тепсыр, тынг бузныг сты, тыпг дæ æппæлыиц. Изæры йæм барвыстам, Тепсыр, зарæг дыл кæнæм æмæ дæ куыд фæнды, зæгъгæ. Тепсыр чысыл фыриымд митæ акодта, стæй загъта: бар уæхи. Уæд мах, ацыдыстæм цыппарæй, иоджы немæайстам дыууæ лæппуйы. Иуæн дзы йæ хъæлæс уыди иауы гудоккау, бæзджын, иннæ та, гæдыйы уаст чи кодта, ахæм. Æрбадтыстæм Терчы был æмæ райдыдтам зарын. Май- рæмыхъуаты Дзабойы зарæгæй райдыдтам æмæ кæй зарæг нæ акодтам—Дзампаты Бекызæйы, Слонаты Софяйы, Дзиуаты Залиханы æмæ ахæццæ стæм суанг Бæдæлæджы зарæгмæ. Уалынмæ кæсæм, æмæ хъæуæй рацæуынц дыууæ сылгой- маджы æмæ иу лæппу. Тепсыры æрвадæлтæ, сылгоймæгтæй иу — Тепсыры хо. Æз Къæруйы басхуыстон, кæс-ма, зæгъын^ уæртæ. Уый дын, гæдыйы уаст чи кодта, уымæ дзуры: — Гъæй, лæппу, ныйилæлæй кæп. — Æмæ кæй зарæг ныккæнон? 327
— Кæй дæ фæнды, уый! Лæппу нытътъæлланг ласта йæ цъæхснаг хъæлæсæй. Иннæ- лæппу ныббогъ ласта йæ къамбецы хъæлæсæй. Мах дæр ба- хъыриыдтам, уæдæ цы уыдаид. Цас пæм хуыпдзæуттæ хæстæгдæр кодтой, уыйас æй фыццаг лæппу ноджы лыстæгдæрæй ауагъта: Ой, æмæ, дам, мæнæ тохы бон... Заманхъулы уыгæрдæн тихалæгау, 0, æмæ, дам, уæд хъæбатыр Тепсыр бадзуры, Мæныл, дам, ныккодта стыр хъаймæты бон. Абырджыты нæмгуытæ, дам, мыл Куы иыккалдысты хур бон их уарæгау. Сæмхæццæ кодтой лæппутæ алы зарджыты иыхæстæ. Теп- сыры ном дæр дзы фæтъыстой, фæлæ сæ чи зыдта! Сылгоймæг- тæ та зарæгæн цы ’мбарынц. Раарфæтæ кодтам хуындзаутæн æ’мæ сæ арвыстам, ма пæ хъыг дарут, ахсджиаг куыст кæнæм, зæгъгæ. Æркастыстæм хуынмæ: четверт арахъхъ, æртæ хæбизджыны, къуыдырвых фысы фыд... Тохъхъыл гогыз бур-бурид физонæгæй... Æнæхъæн къуыри фæбадтыстæм мах, зарæг кæнæм, зæгъгæ. Æпæхъæн къуыри мипас кодтам Тепсыры хардзæй. Уæдмæ Тепсыр аргæвста дыууæ фысы, фæлæ уæддæр, мах цæмæ хъавыдыстæм, уый къухы иæма æфтыди. Не ’ргæвста хуыцауы æлгъыст Тепсыр йæ тохъхъылы. Мах дæр фæстæмæ- фæстæмæ тардтам зарæджы бон. Фæлæ йыл уæддæр фæуæла- хиз сты пæ хъузæттæ. — Ау, Тепсыр, адæмæи æмбисонды кад æмæ намысы зарæг дыл чи кæпы, уыдонæн сæхицæп мацы аргъ скæн... Тохъхъыл: сын ма аргæвд... — Адæм дып кад куы кæной, уæд сын ды дæр... — Уæллæй, Тепсыр, дæ зарæджы ахæм ныхæстæ ис, ахæм æмæ... — Бæтæйы фыртты зарæг дæ зарæджы раз мурдæр ннцы у. — Дæ иом баззайдзæн Кодзырты Таймуразы номау. — Чермены номау... Теисыр ныхъхъуыды кодта. Ивгъуыд замантæй йæм разын- дысты, сæ намысы зарджытæ ныр дæр ма нæ хæхтыл кæмæн пæрынц, уыцы хъæбатыр лæгтæ. Тлаттаты Чермеп, Кодзырты Таймураз, Берозты Тотрадз, Майрæмыхъуаты Дзабо æмæ æп- дæртæ... «Мæ ном уыдон нæмттимæ баззайдзæн зарæджы? Æмæ уыдон æцæг хъæбатыртæ уыдысты, æз та... Уæвгæ йæ чи. зоны? Ничи. Уадз æмæ мæ ном дæр айхъуыса, джигул мæм. куы ничи кæны миййаг». 328
— Зарæг цæттæ у? — афарста иубои Тепсыр. —; Цæттæ у,— дзуапп ыи радтой фæснвæд.— Дæумæ у каст. Кæд сæ æрбахонæм? — Абои майрæмбон... Райсом сабат... Хуыцауæхсæв-иу ра- дæут. Æргæвдын уып.мæ тохъхъыл. * ■ * * Нæ бацыдмæ кæрт адæмæй уыди йедзаг. Куыддæр дуарæй «бакастыстæм, афтæ физонæджы тæф пæ былтыл сæмбæлд. Къæру мæм фæстæмæ ракаст, йæ цæст æрныкъуылдта æмæ «бацыди нæ разæй, хоиджыты фæдыл. Кæрты лæууæг адæм нын фæндаг радтой, фæйнæрдæм алæу- уыдысты, æмæ мах се ’хсæнты бараст стæм хæдзармæ. Раст дын куы зæгъон, мæ лымæп, уæд æз тæрсыи дæр бай-, .дыдтон. Атæппæт адæмы æхсæн зарæг кæныныл æрбад æмæ мацы ныззар... Махæи та нæ фæсоиæрхæджы дæр нæ уыди зарæг аразын. Æниу цæуыл? Зарæг-иу кодтой хъæбатыр лæг- тыл, сæ пом, сæ кад, адæмы æхсæи цæмæй баззайой, фæсивæ- дæи фæзмннаг цæмæй уой, уый тыххæй. Тепсырыл та цæй тых- хæй хъуамæ скодтаиккам зарæг? Иæ тæппуддзинадыл? Адæ- мы.хортæ кæй давта, уый тыххæй? Фæлæ утæппæт адæмы æмбырдæй куы федтам, уæд куыд- дæр фæоцани дæн. Се ’ппæт цæмæй зыдтой, мах Тепсырæй хынджылæг кодтам, адæмы мæстытæ дзы истам, уый. Зыдтам: æй мах цыппарæй, æндæр æй пикæмæн схъæр кодтам. Хæдзары дæргъæй-дæргъмæ фынгтæ уыдысты цæттæ. Æр- ’бадтыстæм, уæдæ цы уыдапд. Нæ уæле — зæронд лæг, зарын- ъ\æ хуыцауы æлгъыст Тели. Йæ дæле — Къæру. Хæдзармæ чи æрбацыди, уыдоны се ’ппæты дæр æрбадын кодтой. Тепсыр нæма уыди хæдзары. Хистæр загъта, мидæмæ йæ ракæиут, зæгъгæ. Тепсырмæ куы ацыдысты, уæд Кьæру йæхи бакъул кодта Тслимæ æмæ йып йæ хъусы фæдзырдта бирæ дыдæртæ. Æз сæм мæ цæст дардтон. Телийæн раздæр йæ цæс- гом фæтар. Йæ хъуынджын æрфгуытæ æруагъта, фæмæсты æмæ сыстынмæ хъавыди, фæлæ фæстæмæ æрбадти. Йе ’рфгуытыл та схæцыди æмæ йæ урс рихнты быпæй йæ бур дæндæгтæ ферт- тывтой. Æвæццæгæп, уын дæр йæ зæрдыл исты маст дардта Тепсырæй. Уалыимæ лæгтæ æрбакодтой Тепсыры, мæнæ чындзы хæ- дзармæ куыд фæкæпынц, афтæ. — Хæстæгдæр-ма рацу, хæстæгдæр, нæ хъæбатыр лæг, нæ 329
номхæссæн Тепсыр,—райдыдта Тели мидбылты худгæйæ æмæ бгегæпыйы стыр кæхц райста уырдыглæууæгæй... Адæм æрбадтысты минасыл. Æз кастæн Къæрумæ, фæлæ- йæ нал базыдтоп... Дыууæ-æртæ кæхцы-иу цымгæ, кæнæ хам- бохъ чи смарзта, уый фынгмæ не ’внæлдта. Чысыл, комдзаг-иу акодта сидты фæдыл æмæ та-иу æнцад бадти. Æрхæццæ ис иæ хъуыддаджы ахсджиагдæр хай — пызза- рыи. Атæппæт мииæстæ, иыхæстæ æмæ куывдтытæ цæй фæдыл уыдысты, уый хъуамæ фехъусын кодтаиккам адæмæи. Уымæ æнхъæлмæ кæсы Тенсы’р дæр. Тели йæ йæ дæллаг фарс сбадып кодта æмæ йыл нæ бацауæрста нозтæй. Фæлæ уæддæр лæг æнхъæлмæ касти зарæгмæ. Æз катай кодтон, цы ныззардзыстæм, зæгъгæ. Къæруйы дæр, æвæццæгæн, уыцы мæт æхсыдта æмæ йæм хæрын дæр нал’ цыди. Æгæр фæстиат кодтам; Иугай ныхæстæ хауын байдыдтой,. ома, фехъусын кæпут, цы" зарæг скодтат? Уæд Къæру дзуры кæстæртæм. — Цæйут-ма, лæппутæ. Гæдыйыуастгæиаг сыстади. Слæууыд, къамбецы хъæлæс кæ~. мæн уыди, уый дæр. Иииæ лæппутæ сæ алфамбылай амбырд сты. Ныйилæлæй ласта цъæхспаг хъæлæсæй кæстæр лæнпу, пыб- богъ ласта иннæ. Ныгтуыв-гуыв кодтой хъырнджыты хъæлæс- тæ. Æз хъусын... О хуыцау дьш ма пыббара, цы лæппу дæ, кæд. ныккодта БеСаты Мæхæмæты зарæг! Ой, æмæ, дам, Æрджынарæджы Елхоты гæмæхтæ... Æмæ, дам, Тепсыр бадзуры. Мæныл, дам, тохы зарæг ч’и ныккæны, Ой, уымæн, дам, ратдзынæн мæ хоты дзæбæхдæры... Тепсыры хотæй фыдуынддæр æмæ фыдконддæр сылгоймаг,, æвæццæгæи, зæххыл иæ равзæрди. Мæхи ма цы фæкодтаин. Хуыцау хорз, æмæ уыцы зарæг Тели йедтæмæ ничима зыдта. Тели бадти уæле æмæ арсы каст кодта. Зарæджы пыхæстæ, уæлдайдæр хоты дзæбæхдæры кой куы айхъуыста, уæд йæ сæр- æргуыбыр кодта æмæ худыпыл сси. Æз загътои, уæдæ исты амалæй мæхи æддæмæ куы айсин, фæлæ та уæдмæ лæппу нытътъæлланг ласта, иннæ лæппу ныб- богъ ласта. Ацы хатт сын ахызти Майрæмыхъуаты Дзабойы зарæгмæ, уый фæстæ Дзампаты Бекызæйы зарæгмæ, стæйта ларсаг Хъуыдайиаты, Софяйы, Залиханы зарджытæм... Æмае дзы кæй зарæджы гæбаз пæ фæтъыста. 330
Иуныхасæй дзы- арвистон рауад. Заргæ-зарыи-иу лæппу Тепсыры ном фæтъыста, кæй зарæг кодта, уый номы бæсты. Тепсыр нозтджын уыди æмæ хохыцъупмæ кæсæгау касти хæрдмæ. Йæзæрдæ атахти уæлæрвтæм. Зæххон адæм йæ хæ- дзары цы ми кодтой, уый бамбарыимæ йæ нал æвдæлди. Уæд дын иуахæмы мæ чъылдыммæ лæууæг кæстæртæй кæй- дæр ныхæстæ ацахстоц мæ хъустæ. — Ай циу, ай, цытæ зарыиц? Æви хынджылæг скъæ- рыпц? Æз æм разылдтæи æмæ йæм сусæгæй дзурыи: ’ — Цы Дæ хъæуы, лæппу? — Зарæг, зарæг, Тепсыры зарæг, кæйдæр зарджытæ нæ <рæлæ. Чермены, Аслæнбеджы зарæджы хуызæи. — Æмæ Тепсыр удæгас у, уый пæ уыныс? Уыдон та мæрд- тæ сты. Удæгас адæймагыл ахæм зарджытæ пнчи фæкæпы: Уæ- дæмæ дзндза хæр æмæ дæ дзых æвдæлон ма уа. Стæй хъæрдæ- рæй хъырн, мысты цъист-цъист ма кæн!.. Лæппу ныхъхъус и. ’ ’ ’ Суанг æмбисæхсæвмæ фæминас кодтам, фæзарыдыстæм алы .зарджытæ, суанг Бæдæлæджы зарæджы уонг. Нæ хæдзæрттæм цыдыстæм чи гуырысхо рафæрс-бафæрсгæнгæ, чи пыррыччытæ- гæнгæ. Тепсыр лæууыд кæрты иозтджынæй. Иæ сæр бæрзонд систа, йæхицæй иыббузныг, адæм ’ын арфæтæ куы кодтой, уæд. * * * Тепсыр уыцы æхсæв бафынæй æви нæ, чи зоны, фæлæ рай- ’сомæй раджы рацыди уынгмæ бæрæгбонарæзтæй. Йæ уæлæ уыди игæрхуыз дари куырæт, йæ астæуыл — бирæвзагджып æв- зист рон, сызгъæриндонытылд хъама. Р1æ къæхтыл дзыхъ- хьынпог æрттиваг цырыхъхъытæ. Уымæй размæ йыл сæ никуы 4>едтам. Кæрты дуарæй куыддæр рахызти, афтæ фыццаджыдæр йæ ■сыхæгты хæдзæртты сæрты акасти, стæй йæ цæстытæ атахты- сты бæрзонд гæдыбæлæсты сæрты уæллоз кæдæмдæр. Иæ бу- хархуд ма чысыл хæцыди йæ гæмæх къæбутыл. Йе схъæл 4>ыпдз арвыл æмбæлдн. Фæлæ уыдопæй диссагдæр та уыдысты йæрихитæ. Уымæй размæ йын сæ адæм зыдтой зæбулæй^ иыр сæ федтой схъæлæй. Æцæццæгæн сæ æхсæв тæвд доны фæдардта, стæй куы хуыссы- ди, уæд сын сæ кæрæттæ йæ фæсхъустæм бабаста, æмæ йын райсоммæ сысхъæл сты. Уæдæ куыд, хъæбатыр адæймагæн йæ рихитæ хъуамæ схъæл ой, Будеиныйы рихитау! Иудзæвгар алæууыди йæ кæрты дуармæ. Куы-ну иуырдæм 331
азылди, куы иннæрДæм, раст мæнæ мæлхъ йæ къæдзил куы ныппæлæхсар кæны, уæд куыд разил-базил байдайы, афтæ. Иæ буц зæрдæйæ æнхъæлмæ касти, кæд1 йæ зарæг искуыцæй рай- хъуыснд, зæгъгæ. Æппын куы нпкуыцæй хъуысти зарæг, уæд араст хъæугæ- ронырдæм. Иæ куыроймæ. Гуырысхо бахызти йæ зæрдæмæ. Æвæццæгæн, йæ сæры магъзы дысоны нозты мигъы бынæй зынын байдыдтой цыдæр хъазæи митæ æмæ иыхæстæ. Йæ зæрдылдарæи къуымты агуырдта йæ зарæджы пыхæстæй исты, фæлæ дзы иицы ардта. «Елхоты гæмæхтæ...», «Йæ хоты дзæбæхтæ...», «Заманхъулы ти- халджытæ...», «Чызджыты куырæйттæм ма уадзут...». Фæлæ уыдон уыдысты æнæбаст, æнæхъола, хæццæ пыхæстæ, кæйдæр зарджыты ныхæстæ. «Фæхыиджылæг мæ кодтой, æнхъæлдæи!» Кæройнаг уынг- мæ цыди уæздап цыдæй. Ног цырыхъхъыты куыддæр здухгæ- ист кодта йæ къæхтæ, цыма зæвæттæй зæххы лæсгæрджыи зæ- гæлтæ сагъта, уыиау. Кæройнаг уынгæй куы ахызти, уæд згъорæгау акодта. Афтæ йæм кæсын байдыдта, цыма адæм йæ фæдыл пыррыччытæ кæ- ныиц, цыма сыи чидæр радзырдта йæ тæппуддзинады хабæртта^ æмæ йыл хуылфхæлдтæ кæнынц. Р1æ куыройы смидæг Тепсыр. Ныуулæфтытæ кодта æмæ æр- бадти. Куырой къæр-къæр кодта æмæ дзы дзырд дæр нæ хъуысти,. зарæг дæр. Афтæ ривад куыройы къæр-къæры хуызæн æм фæ- касти йæ дысоны зарæг дæр. — Фæхынджылæг мæ кодтой!.. Бахордтой мын мæ тохъ- хъыл, фæмипас кодтой мæ хардзæй æнæхъæн дыууæ къуы- рийы! Æпиу мæ цæй зарæг хъуыди?! — Йæ цæстытыл ауады- сты йæ «хъæбатырдзинады» хабæрттæ æмæ куыройы къутуйыл йæ сæр ныххоста. «Фæлæуут! Æз уыи ацы куыройæ уæ царм бастигъдзы- нæн!..» Уымæй изæрмæ йæ хæдзармæ нал æрбазыпди. Уынгты цæ- уып нал уæпдыд. Æрмæст талынджы кауты рæбыпты хъуызгæ- æрбацыд. Йæ хæдзары баййæфта æнахуыр хабар. Иæ ус иыййардта авдмæйдзыд сывæллоп... Уæртæ æрбацæуы,— загъта Елмæрза æмæ базмæлыди. Боп дзæбæх æрбарухс. Уынгты фæзынди бирæ цæуджытæ. Æрбацæйхæстæг кодта Тепсыры фырт дæр. Æз ма афарстон Елмæрзайы: — Гъы-гъы, æмæ уын бастыгъта уæ царм йæ куыроиæ? 332
, — Дыууæ азы ма фестыгъта, стæй йын æй байстой,— загъ- та ма Елмæрза.— А-мæ хицау йæ фыдæй хиидæр æмæ кæлæн- дæр у. Амæн ничи бахæрид йæ тохъхъыл. Иæхæдæг бахæрдзæи кæйдæриддæр тохъхъыл, уæлдайдæр та паддзахады тохъхъыл. Цæй, иал дзурын, куы мæ фехъуса...— Елмæрза сыстади. Æрбахæццæ Тепсыры фырт. Сбадтыстæм машинæйы æмæ араст стæм балцы. Фæпдагыл дæр ма мæ цæстытыл уадысты, Елмæрза мып цы худæджы хабар радзырдта, уый иывтæ. * «Кадмæ куы бæллай, уæд дзы хъæбатырдзинад равдисын хъæуы, науæд дæм быитои æгаддзинад кæсы»,— хъуыды кодтон мæхинымæр.
ÆШСИНТÆ ÆМÆ ЧЫНДЗЫТÆ йДарциаты Быдзыгойы цур чи фæбады кæнæ фæлæууы, йе та йæ фарсмæ чи фæкусы, уыдон йæ хъазæи иы- хас æмæ фæзмæджы митæм хуылфхæлдтæ фæвæййыиц худæ- гæй. Иæ кой йын рагæй хъуыстоп. Æрæджы йыл сæмбæлдтæн бынтон æнæнхъæлæджы. Алагирæй мæ цæуын хъуыдис горæт- мæ. Изæрдалынгты ныххæццæ дæн вазгалмæ. Поезд лæууыди арастæввонгæй. Разæй паровоз футт-футт кодта. Схызтæн вагоимæ. Мыпæг рухсы мæм афтæ фæкасти, цыма вагоиы ничи ис. Уалынмæ дын раззаг купейæ рдйхъуысти худын. Фыццаг пу- гай хи-хнтæ, стæй цыма æнæхъæн ротæ ныххудти, афтæ вагон ныпнæрыди. Сыстадтæн, хæстæгдæр бацыдтæн худджытæм. Кæ- сын æмæ дын иу купейы адæм иыдздзыгуыр сты, дыууæ фæл- тæрæй кæрæдзи сæрты кæсыиц цæмæдæр. Ай, зæгъып, цирчы клоуи се ’хсæн ис æви цæуыл худынц. Бацыдтæн хæстæгдæр. Кæсын æмæ дыи астæуæй бады ну иыллæггомау, къурткæджып ■схъæлфындз лæг. Уый æнæхудгæйæ цыдæртæ дзуры, йæ цæс- гом æнахъинон гæлиртæ кæпы, къухтæй цыдæртæ- амоны, кæй- дæр фæзмы. Иæ алфамбылай бадæг æмæ лæууæг адæм сæ гуыбыптыл хæцгæ размæ-фæстæмæ реуа кæнынц худæгæй. Æз дæр æм зæрдиагдæрæй хъусып, байдыдтон. Лæг æнæ худгæйæ дзырдта: — Ницы дзы ис диссагæй дæр æмæ худæгæй дæр. Кæуинаг хабар, уæвгæ дзы кæуинагæй дæр... Лæг тымбылкъухæй йæ уæраджы хъæбæртæ цæуыл ныххойа, йе та, сылгоймаг йæ ру- сты царм цæуыл æртона, ахæмæй дæр ницы ис... нæ, фæлæ мæиæ худгæ-худыиы цæуыл фæкæуыиц кæнæ та кæугæ-кæуыны цæуыл фæхудынц, ахæм хабар у, Æмæ мæ кæд нал уадзут, уæд уын æй радзурдзыпæн, нæ фæндаг цæмæй цыбырдæр уа, уый 3)4
тыххæй. Йæ кæуын йæ былалгъыл чи дары, уый æнæ мæ хабар дæр кæудзæни. Мæн та мæ мадыхо æмæ ме ’мхæрæфырты мæт ис. Агуыбейы мæт. Ныр ыл дæс æмæ ссæдз азы сæххæст, фæлæ йын уæддæр йæ мад, ома, мæ мадыхо Уæлинка йæ уарзон чызджы курын иæ уадзы. Лæппу æрæджы пæхимæ уыди. Ба- тади æнæ усæй...— Быдзыгойæн йæ рæбынырдыгæй цы æртæ сылгоймаджы бадти, уыдои иыххудтысты. — Сымахæн худæг у, фæлæ лæппу бахус æнæ усæй. Стæй ма йыл мæ мад дæр ныккалдта: «Куы иыззæронд дæ, дæ сæ- рыл халас куы æрбадти, уæд ма зæрондæй курдзынæ ус! Ма? иунæг хойы мын цæуыл удхарæй марыс». — Омæ, Надигка (Надигка та мæ мад у), мæн аххос нæу. Уæртæ дæ хойы бафæрс, цæуылиæ мын уадзы, кæй уарзын,. уый курыи. — Куыинæ дыи уадзы? Хæдзары йæхæдæг иунæгæй куьг !баихсыдн. Кæстæр фæкæсæг æм куы пæ ис. — Гъемæ йæ уæдæ бафæрс дæхæдæг,— загъта Агуыбе æмæ* 1æстæйдзагæй рацыд. Ныр ыл къуыри цæудзæни. Абонрайсом мын мæ мад афтæ зæгъы: æицойбон у, бабæ- рæг кæп дæ мадыхойы æмæ, дам, уыцы лæппуйæн исты хъуыд- даг бакæнут. Гъемæ абон æрбацыдтæн. Фæсаходæны бахостон мæ мадыхойы кæрты дуар. Ничи мæм ракаст. Бахостон та но- джыдæр, фæлæ та ничи ракаст. Уæдæ, зæгъын, цы таппызай- раг баисты мадыхойæ, æмхæрæфыртæй. «Кусынмæ уаиккой æмæ ма, зæгъын, æпцойбоп та æдылытæ йедтæмæ кусгæ чи кæны»,— загътон мæхинымæр æмæ та бахостон дуар. — Цы хабар у, цы гыбар-гыбур кæныс? Сæ дуæрттæ уый- тыххæй нæ сарæзтой, æмæ сæ ды, афæлдахай... Ам уынгты лск- ка кæныпц алы басяччытæ, дуæрттæ хойынц æмæ сæ цъиах- цъиахæй бæстæ сæ сæрыл сисынц, сывæллæтты хуыссын нæ уадзынц...— даргъ пулеметы рæнхъау мыл раскъæрдæуыди ацы иыхæстæ сыхæгты хæдзарæй. Сылгоймаг мæм нæ зынди пысы- ратæй æмбæрзт кауæй. Æнæгæдыныхæсæй, фæуоцаии дæн. Æмæ чи пæ фæуоцани уаид, дæ фыны дæр кæй никуы федтай,. уыцы сылгоймаг дыл йæ гæпдзæхтæ куы сцæгъда, басяччытæ, халæттæ, зæгъгæ, дыл пысыраты аууонæй куы ралæхура, уæд.— Бахатыр, зæгъын, кæн, хорз ус, фæлæ, зæгъып, а бинонтæ кæм }0й? — бадзырдтоп æм пысыраты къудзимæ. —Æмæ сын æз цы зонын! Кæдæм ахъыримаг сты, уый ад- ристæ мын нæ радтой. Исчи сын сæ дуæрттæ сæтдзæн, бæстæ йæ сыкъатыл сисдзæи, уый куы зыдтаин, уæд, кæдæм цæуынц, уый сыи ралæхурын коАтаин,— зæгъгæ, мыл, ну улæфтæй ра- царгъуыдта, стæй ма йæ ныхасыл афтыдта: — Сæ лæппу чын- дзæхсæвы йедтæмæ кæм уыдзæн ахæм бон. Уым æй агурут..» 3?5
— Бузпыг, хорз ус,— зæгъгæ, ма йæм бадзырдтои æмæ кæр- ты дуарæй лидзæгау ракодтон. Уынджы уæлæмæ фæраст дæн, чындзæхсæв кæм уыди, уырдæм. Сусхъæд бæлæсгы быиты мæхи систон кæрты дуармæ, фæ- лæ мидæмæ бацæуып кæм уæндын. Хæрзаг ма исчи зæгъа, мæ- нæ иæм æнæхуынд бæрæгъуинаг уазæг фæзынд. Уалынмæ дын кæртæй рауади пу пыллæггомау лæг, раст мæхи хуызæи. Куы мæ ауыдта, уæд фæлæууыд æмæ афтæ зæгъы: — Ау, уазæг, æдде цæмæн лæууыс, ай хæдзар куы у, чып- дзæхсæв нæм куы ис! (Уый уыди хæдзары хицау. Иæ кæстæр .æфсымæрæн ус æрхаста.) Æгас цу,— зæгъгæ, мын мæ къух айста. — Амондджын хъуыддæгтæ, хайыры хъуыддæгтæ кæнут,— зæгъгæ, йын раарфæ кодтон,—фæлæ, зæгъын, ме 'мхæрæфырт| Агуыбе, æвæццæгæн, ам пс, æмæ (мын æм куы бадзурис. ] — Нæ, нæ, мидæмæ рацу,— зæгъгæ, мыи мæ къабазыл фæ-/ хæцыд æмæ мæ бадавта. I Стыр сараны фыигты уæлхъус бадтысты адæм. Кæрты уæ( рæх хъазты симдтой фæсивæд. Æз мæ цæст ахастон симджы- тыл. Кæсып æмæ дын мæпæ Агуыбе лыстæгæй луаргæ фæснмы иу бурдзыкку, хæрзхуыз чызгимæ. Лæппу симдта æфсæрмхуьь зæй, зæхмæ кæсгæйæ. Чызджы цонгыл æнгом хæцыди. Чызг ныфсхастæй касти размæ æмæ худгæйæ цыдæртæ дзырдта. Афтæ мæм фæкасти, цыма чызг æмæ лæппу сæ быиæттæ баивтой, аныгъуылдысты сæхи мидæг хъуыдыты æмæ сæ цуры сарма- дзапты гæрæхтæ куы фæцыдаид, уæддæр æй нæ фехъуыстаик- кой. Нæ бафиппайдта ме ’рбацыд дæр Агуыбе. Мæн хæдзары хицау фынгтыл бадджытæм бакодта, фæлæ сын бадын нæ бакуымдтон. «Нæ мæ æвдæлы, иæ мæ æвдæлы» кæнгæйæ, æхсæз нуазæны лæугæ-лæууын анызтон. Дыууæ хъусы æмæ æвзаг цæххы тылдæй ахордтон æмæ хъазты чегъ- рейæи загътон, Агуыбе мæ хъæуы, бауром-ма йæ, зæгъгæ. Чегъ- ре, снмджытæ та рæнхъ куы æрлæууыдысты, уæд лæппутæй иуы бакодта. Агуыбейы цур æрлæууыдысты. Агуыбе скасти, йæ цæсгом фæтар кодта, ома мæн йсдтæмæ кæй аивай уый дзы нæй, фæлæ йын чегъре ацамыдта мæнырдæм, уазæг дæм дзуры, зæгъгæ. Чызгæи дæр цыма æхсызгоп нæ уыди Агуыбейы раи- вын, афтæ мæм фæкастн. Инпæрдæм аздæхта йæ цæсгом. Тынг æвæндонæй кæй фæхицæп сты, уый бæрæг уыди. Рацыдыстæм кæртæй. Агуыбе ма фæстæмæ фæкæс-фæкæс кодта. Æз æхсæз нуазæны фæстæ фæривад дæн æмæ пыхæстæ кæнын, фæлæ Агуыбейы дзыхæй хъыпп-сыпп нæ хауы. Нæ фæ- дыл’ ма хъуысти фæидыры илæлæй, æмдзæгъды къæрцц-къæрцц. 336
Лæппу кæд мæ фарсмæ цыди, уæддæр йæ зæрдæ, æвæццæгæн, уыди бурхил чызгимæ. — Де ’взаг аныхъуырдтай, Агуыбе, æви цæуылнæ исты дзу- рыс? \ — Дæ хорзæхæй, Быдзыго, цы даелнмонтæ дæ бахастой ууырдæм? Гæдыйы йæ къæдзилæй куы ласай, уый ласт мæ цы Ьакодтай хъазтæй. Федтай, цы чызгимæ симдтон, уый? \ — А-а-а, уæдæ, зæгъын, уыцы чызг у дæ уарзон? Уый дып жæ уадзы курын Уæлинка? \ — Уæллæ-гън, ме ’мхæрæфырт, цы дзы иыссагъта йæ ных- тк дæ мадыхо, нæ зонын. Зæды хуызæн чызг нæу? , 1 — Æз зæд никуыма федтон, фæлæ йын ницы у. Демæ цыдаф ныхæстæ кодта, ды та цыма, йæ цуры азымджын уыдтæ, уыйау дæ сæр фысы сæрау ныллæг æруагътай. Цытæ дын дзырдта? I— Нымæтып ехсæн мæ надта. \— Æмæ уарзопдзииады пыхæстæ кæиыи пæ зоны? |— Нæ уарзондзипады ныхæстæ фесты. Ныр æртæ азы... — Омæ йæ цæуылиæ курыс? — Уымæй дæ мадыхойы бафæрс, нæ йæ уадзы курын. — Цæуылпæ? — Налат, дам, уыдзæни. Бурхилтæ, дам, палат вæййыпц. — Омæ уымæи дæ сæр пицы ахсы? — Цы, цы, зæгъ-ма, бацамон мыи исты хостæ. — Æндæры ракур. — Æндæр мæ нæ хъæуы. — Уæд та йып йæ сæр сахорын кæп. Ахуырстæй йæ бавдис дæ мадмæ. Писпйы хуызæн сатæгсауæй йæ куы фена, уæд æй >бауарздзæн. — Бынтон сауты дæр нæ уарзы. Уыдон та, дам, бынтон на- лат сты. — Омæ йæ сахор, цы хуызæи æй фæнды, ахæм: цъæх, бур, морæ,,кæрдæгхуыз, æрвхуыз... Ахорæнтæ бирæ... — Загътон ын уый дæр. Нæ комы... Мæ ахуырст, дам, куы ссæуа, уæд та, дам, цы фæуыдзынæн. Æнæ ахуырстæй дæр, дам, мæ фыды уæларт нæ баззайдзыиæи.— Агуыбе пыуулæфы- ди æмæ йæ къух ауыгъта. — Уыцы бæллæхтæ мыл иууылдæр нæ сыхаг чындзы •судзагæй цæуыпц. Уæлинка уыцы чындзы цъæхахст куы ай- хьусы, уæд арвы талынгты стъæлфы... Афтæ ныхæстæ кæпгæ æрцæйхæццæ кодтам Агуыбейы хæ- дзармæ, фæлæ та мæ хъустыл ауади, чысыл раздæр мыл пы- сыраты къудзийы аууонæй пулеметы къæр-къæр чи ракодта, уыцы усы хъæлæс. 22 Хæхты 337
— Кæсыс, ме ’мхæрæфырт, ай мæ бабын кодта, амæй на-г латдæр æмæ æдзæсгомдæр сылгоймаг хæдзары къæсæрæй нæма*, бакасти! — Чызгæй та куыд уыди? — О-о, зæд ннкуы федтай, зæд, бæлон, æхсинæг! Замма- найы лæппуйы асайдта, æртымычъи ласта сабыр бинонты хæ- дзармæ. Мæй дæр ыл нæма рацыди, афтæмæй цыргъ хъамайау! йс ’взаг фелвæста æмæ цъыччытæ кæнын байдыдта. Хойæ, æф-1 сымæрæй, иуцыбырныхасæй, йæ сæр бафснайынхъом чи уыди/ уыдон фæлыгъдысты фæйиæрдæм. Зæронд мад, мæгуыр, кæ7 дæм алыгъдаид æмæ йæ цыппар азы æхсыпы...— Дзырдта мыи Агуыбе йæ сыхаг чындзы тыххæй. Ацы иыхæстæм мæ зæрдыл æрбалæууыди иуаргъау æмæуынæй цыбырæй’ радзурон.—Ска- сти Быдзыго йæ алфамбылай бадæг æмæ лæууæг адæммæ: — Фæнды уæ? Уæддæр нæ нырма бирæ цæуын хъæуы. | — Фæнды, фæпды, радзур. Нырма Даргъ-Къохмæ дæр нæ- ма схæццæ стæм,— загътой бадджытæ æмæ лæуджытæ. ( — Хъусут уæдæ. Уæд, дам, иу хуыцауы сконд сабыр лкзг йæ налат усæй сфæлмæцыди. Нал дзы фæрæзта. Уæд та, дам, иубои йемæ хъæбысхæсты фæцис. Цы чысыл хъару ма йæм уыди, уымæй усы, фæстæмæ-фæстæмæ атардта, зæропд цъайы цурмæ, стæй йæ уым иысхуыста. Налат усæн хъуына цъайы быпæй йæ цæллахъхъ куы сыхъуысти, уæд, хуыцауæй бузныг, мæ фыдбылызæй фервæзтæн. зæгъгæ, хæдзармæ бацыди, хъæ- бæр тъахтиныл; йæхи ауагъта æмæ ции кæны, фæлæ йæ иин бирæ нæ ахаста,- Уайтагъд кæртæн байхъуысти диссаджы æх- ситт. Лæг фестади, разгъордта кæртмæ, кæсы æмæ, дам, цъайæ. сбыры дынджыр сау калм., , — Цы хабар у, цæмæ сбырыдтæ, цæуыл æхситт кæиыс? — фæрсы лæг калмы. — Адæмы фыдбылыз дæ хай фæуæд, кæд мæ цæуыл фесæф- тай,— дзуапп ып радта калм.— Куыниæ æхситт кæпон, ацал- ауал азы ацы цъайы фæцардтæи, хъыгдарæг мæ нæ уыди, ныр мæм ныссæррæтт ласта дæ ус æмæ мын мае цард фехæлдта, йæ хъæр, йæ цъæхахстæн нал фæразып. Уæд, дам, лæг быптон смæсты. Кауæй срæмыгъта мих, калмыл ралæууыди. Амардта йæ, стæй цъайыл ныффæлдæхта дыпджыр къæй æмæ алыгъди. Афонмæ дæр ма, лидзы... Гъе, уыцы аргъау мып æрлæууын кодта мæ зæрдыл, Агуыбе йæ сыхæгты чындзæй цы радзырдта, уый. . — Кæс-ма, дзыцца та ралидзы пæ хæдзарæй,— загъта Агуы- бё. Мæ мадыхо, æцæг, кæрты дуарыл рауади, уæлæмæ иу каст* фæкодта, стæй йæ сæр ныттылдта, йæ хъустыл ныххæцыд æмæ дæлæрдæм фæзылди тарст сæгуытау. 333
Æвæццæгæн иæ нæ базыдта. — Уæлинка! Уæлипка! — хъæр ма кодтам йæ фæдыл, фæлæ пæм кæсгæ дæр нал ракодта. Ацыди уынджы дæлæмæ, Сыхаг 1\æдзарæй хъуысти алы какола æлгъыст. \ — Цы мын уынаффæтæ кæпыс, зæронд чъебре? Ныммæлын ж|)Он дын у æмæ ныммæл! Кæд уæлмæрдты къуыбырыл дæ Ауызæттæ нæ уа, уæд-иу фæстæмæ раздæх... ардæм нал, фæлæ дæлæ, дæ сæрылхæцæг, чызгмæ! Æз дæ уынаффæтæ хъуаг иæ жещ зæроид хæлынбыттыр! — хъуысти чындзы хъæлæс. 1 — 0, сабырдæр у, худипаг у адæмæй,— райхъуысти æфси- нш с’абыр ныхас. I — Кæуыпмæ дæм фæцæуæнт адæм, пиуынмæ, æрдиаг кæ- льдпмæ, дæ быныхъæрмæ, кæд дæ цы хъуыддаг ис мæ хъæлæ- ■сь^уагимæ! Мауал мæм дзур, кæннод дын мæнæ æхсæнты ведра ,да* сæрыл асæххæтт ласдзынæн! , )— Хорз, хорз, фæлæ дæ, гормои, мæхицæи куы ницы агу- ры^. Куыстмæ-иу ауай. Адæмы æхсæн дыи æнцондæр уыдзæи. Сывæллоиы мæ бар уадз, цы йын хъæуы рæвдауыны йедтæ- мæ! — Мæ хъæбулы дæумæ ныууадзон'.. Атъæпп мын уа дæ •зæропд сæр! Æмæ ды та цы æмбарыс сывæллон хъомылгæны- .нæн! Зæронд гæккуыри... Цæуыл мынсахуыр кæндзынæ мæ сывæллоиы! — Уайых æрбауай, чыидз, фараст дзы куы схъомыл кодтон. Иу дæр дзы цæстхъуаг, къуххъуаг куы нæ фæци, уæд да> сы-' вæллонмæ иал сарæхсдзынæи... —.Ахъуытты у, мауал мæ къах! Нæ цæуын æз куыстмæ. Кæд дæ хъомылгонд хабедзен фырт мæн фæдарынхъом пæу, уæд æй æнæ ус кургæ пнчи уагъта! — 1^уыст иудадзыг дарыныл нæу... Ног чыпдзæй æз дæр куыстон... — Ды хæрæджы куысты аккаг уыдтæ æмæ йæ кодтай, фæ- лæ мæнæн мæ замап æндæр у, æз цацилизмы заман цæрыи... Уæвгæ ды та каманизмтæ æмæ космостæн цы ’мбарыс... Фос дæ æмæ фос! — Дæ дзыхыуаджы нывæп су. Адæмæн æмбисоиды куысты замап ныр куы у. Акæс-ма уæртæ иннæ сылгоймæгтæм-... Мах заман цыфæнды стыр куыст дæр пикæмæ зынди, ныр та, карчы цъпутæ чи схъомыл кæны, уый дæр газетты куы рауадзынц... — Нал мæ ныууадздзыпæ, уæртæ зæронд хæрæг!.. — рай- хъуысти сау æмбисондæн хæссинаг цъæхæлгъысты какола,стæн цыдæр æфсæйиаг мигæнæиы дзыгъал-мыгъул. Уый фæстæ сы- вæллоны цъæхахст... Агуыбе иытту кодта фæндаджы хъæбæрыл Æмае загъта мæстæй: 339
— Гъер, ахæм чындзы дзыхыуаг æмæ митæм цы мад бай- хъуса æмæ бакæса, уый ма йæ лæппуйæи ус курын уадзы.... Ахæм дзуары хуызæн сабыр æмæ зондджын æфсинимæ цæрын ма зон!.. Бонсауизæрмæ хæдзары бады, пæ иупæг сывæллоны бытъу-бытъу кæны... Иæ лæг æмæ йе ’фсин та кусыпмæ вæй- йынц. Зæронд усæн йæ цард сæнад кодта, сургæ йæ кæны: \ — Кæдæм? I — Дæ чызгмæ, дам, ацу, ныууадз, дам, мæ мæ лæгимæ цæУ рын... А Сацце дæр лæг нæу, лæг, уыййедтæмæ йын дæ уæь рагæй йæ уæлдымæг сриуыгъ æмæ йæ фæдуарæдде кæн! Ай т дзы арвы талынгты лидзы. Тфу! — нытту та кодта, æмæ бацы- дыстæм кæртмæ. Уырдæм д&р хъуысти уыцы чыпдзы туаг хъæ-, лæс. Йс ’фсин цæхæрадоиы арфдæр ранмæ ацыди æмæ уым къанауы был йæхиуыл æрдиаг кодта. . | Агуыбс бацыди уатмæ, дивапыл ныддæлгом. Æз, уæдæ уый цавæр чындзы мыггаг у, уый куы нæ фепоп, уæд иæ уыдзæн, зæгъгæ, дыууæ кæрты æхсæи кауы цурмæ баздæхтæи. Куыддæр бахæццæ дæн æмæ мæ сæр схъил кодтон, афтæ дын тыргъæй цыдæр расæххæтт чындæуыди. Кауы хуынчъытæй бур æртæхтæ мæ урс хæдоныл апырх сты. Æз рагæпп ластои, фæлæ та фæс- тæмæ бауадтæн, дзæгъыпдзæг хъулон-мулон мæ зæгъын, куы скæна, уæддæр уыцы дæлимон сылгоймагæн æпæ фенгæ нæй. Уалынмæ тыргъæй ратахти æрхуы тас æмэё йæ дзыгъал-мыгъу- лæй *мæ хъустæ акъуырма сты, стæй уыйфæстæ тыргъæй ра- сæррæтт ласта иу тæнæгæфсæр, бурхил, хæмпæлсæр сылгоймаг^. халаты. Кæрты хæлиу алæууыди æмæ цæхæрадонырдæм, зæ- роид усы фæдыл сау æмбисонды какола æлгъыстытæй ахæм залп радта, ахæм залп, æмæ... къамбецдзармæй гæххæтт дæр< кæй нæ бауромдзæи!.. Цæхæрадонæй нæ райхъуысти хъыпп- сыпп дæр. Зæронд ус, æвæццæгæн, къапауы сæрты бахызти сы- хæгты цæхæрадоныл æмæ фæлыгъди йæ фырты хæдзарæй... Р1æ* чызгмæ. Фаллаг сыхмæ алыгъди. Хæст фæци. Чындз фæуæ^ла- хиз æфсиныл. Æз дæр раздæхтæп сæргуыбырæй. Бакастæн уатмæ, æмæ дын Агуыбе диваныл хуыссы дæлгоммæ, йæ хъустæ нылвæста йæ армытъæпæнтæй. Цы йын загътаин, æрбадтæн йæ цуры æмæ хъуыдытыл фæдæц. Цымæ цы гуыбыннйз лæмары ацы чыпдзы, цы йын нæ фаг кæны? Зæды хуызæи зæронд усимæ цæуылнæ фидауы? Иæ сы- вæллонмæ нып куы кæсид, хæринаг сып-иу куы цæттæ кæнид... Хæдзары куыстытæм нырма хорз куы арæхсы. «Хи хъæбулы хуызæн мын уыдзæпи» куы загъта, уæд ыл ныр цы мæгуыры бои бакодта, йæхи хъæбулы хуызæн уарзинаг æмæ дарипаг 340
кæй уыди, уыцы чыпдз дзы ныр йæхицæн цæстысындз куы скодта æмæ йæ сургæ куы кæпы. О, мæгуыр зæронд ус, уæззау царды гуыргъахъхъ фæндæг- тыл куы схæццæ дæ урс дадалитæм. Цæрып æй куы фæиды йæ лæппуимæ, йæ чыпдзимæ, йæ цоты цотимæ хæларæй. Уæд та мад куы у, мад, уæд ын цæмæн сынад кодта, цы чысыл цæрæн- бонтæ ма йын баззади, уыдои? О, цæй дурзæрдæ æмæ тæнæг- сæр(чындз фæдæ! Цы хорз фæуыдзæп ахæм чыпдз искæмæн дæр æмæ йæхицæн дæр! Йæхи дæр зæрондмæ куы хъæуы. Кæртæй æлгъысты цъæхахст пал хъуысти. Агуыбе йæ хъус- тæ суагъта, уæлгоммæ сфаелдæхт æмæ цары фæйнæджытæм джихæй касти. Æз йæ цуры бадын, уый пæ бафиппайдта. Цы- мæ цæуыл хъуыды кодта, цармæ уыцы джихæй кæсгæйæ Агуы- бе? /Æвæццæгæн, чындзæхсæвы хъазты кæимæ симдта, кæй фæлмæп цонгыл хæцыди, зулмæ-иу æхсгæ каст кæй æрвхуыз цæстытæм бакодта, йæ комы тæфæй сулæфыпмæ кæмæн бæл- лыди, уыцы хæрзхуыз æмæ рæсугъд Сакипæтыл? Цал æмæ цал азы уарзы хæрзæгъдау æмæ уæздан лæппу- лæг, стыр совхозы кусæг Агуыбе хъæлдзæг æмæ рæсугъд, фæ- лæ Агуыбейы мад кæй пæ уарзы, ахæм ^бурдзыккуджын Саки- нæты. Цал æмæ цал усгуры аздæхта æиæ дзуаппæй Сакинæт, ,йæ уарзон лæппу Агуыбемæ æнхъæлмæ кæсгæйæ. Бæргæ ба- хъынцъым кæны йæ мады цур Агуыбе, бæргæ йын фæзæгъы хъазæиæмхасæнæй; дзыцца, иупæгæй кæдмæ тухæнтæ кæпдзы- нæ? Цæй-ма, Сакинæты æрхæссæм. Уæлинка дæр бæргæ батæ- худы кæны,- фæлæ та уæллаг кæртæй уыцы бурхалатджын, бур- хил чындзы, гъæйтт-гъæйтт куы айхъусы, уæд та бакатай кæ- пы, бардиаг кæпы æмæ уæд фæзæгъы: — Дæ рын бахæрон, пæ лæппу, скæс, дæ хорзæхæй, нæ сы- хæгты цардмæ, куы уыныс мæгуыр Залхапы цард. Уый ма цæр- гæ кæны? Ма мын æрхæсс уыцы бурхил чызджы... Науæд та фæлæуу, мæнæ æз куы амæлон, уæд-иу, цы дæ фæнда, уый кæн. — Омæ, дзыцца, бурхил чындз мæиæ иæ дæле дæр куы фæзынди æмæ ахæм куы пæ у. Бурдзыкку кæмæн ис, уыдок пууылдæр... — Фæлæуу, уый пырма ног чындз у, иог цъылын мæрзаг вæййы. Йе ’фсæртæ пæма суагъта. — Цæй пог чыпдз ма у, сывæллон ып куы ис... Ныр афæдз. æмæ æрдæг... Ахæм ныхæстæ рауайы мад æмæ лæппуйы æхсæн. Зоны Уæ- липка, Агуыбе Сакннæты тыпг бирæ кæй уарзы, уый. Зопы,, Сакинæт дæр Агуыбемæ гæсгæ мой кæй нæ кæиы, æнхъæлмæ йæм кæн кæсы. Æрхопид æй, скæнид ып хорз чыидзæхсæв, фæ- лæ та уыцы сыхаг чындзы æвзагмæ куы байхъусы, йе ’нæуаг ’ 341.
æмæ налат митæм ып куы бакæсы, йæ сыхаг зæронд Залханы цард зындонау куыд сси, уый йæ цæстытыл куы ауайы, уæд та’ пырдиаг кæны æмæ та алидзы дæлæсыхмæ. Иудзæвгар афтæ уæлгоммæ хуысгæйæ цармæ фæкасти Агуыбе. Æз дæр æм ницы дзырдтон, стæй йæ басхуыстон: ;! — Гъе, Агуыбе! • ,' Лæг фестъæлфти æмæ фæгæпп. кодта. . - / — Бахатыр кæп, Быдзыго... Хъуыдытыл фæдæн... — Гъы, æмæ исты æрхъуыды кодт&й? — Æрхъуыды кодтон. — Цы? — Ацы сыхæй лидзын хъæуы, а фыдбылызы чыпдзæн йæ^ хъæлæс нæ, фæлæ йæ кой дæр кæдæм нæ хæццæ кæна, ахæм1 раимæ... Æз кæсын æмæ дыи кæрты дуарыл хъуызгæ-хъуызгæ, уæл-' .лаг кæртмæ кæсгæ æрбацæуы мæ мадыхо Уæлинка. Æрбацыди уатмæ æмæ мыл пыццинтæ кодта, аныхæстæ кодтам, стæй пæ ^бафарстон: ; — Уæлинка, кæдмæ æнæ кæстæрæй цæрдзынæ, кæд ракурт дзынæ ме ’мхæрæфыртæи ус? ’ \ — О, бæргæ йын ракурин, мæ хур Быдзыго, фæлæ цы кæ-1 •нон? Мæпæ нæ уæле цы чындз ис, каконсындзыл фæцæуа, уы- мæ куы скæсып, уæд мæ зæрдæ бауазал вæййы, мæ дæле цы чындз ис, уый куы фепын, уæд та мæ чындз æрхæссын бафæн- ды. А уæллаг, йе ’фсины тæригъæдæй цард макуы феиа æма> цы хæдзарæй рацыди, уый хæрзбын бауа, æдзух ам бады, би^ -рæгъау лæбуры, къæнп-къæпп кæиы алкæмæ дæр. Йæ марг æв- .заг марг тауы сыхыл. Сæ уæле чи цæры, уыдон ус Елмысхан мып афтæ зæгъы, нæ хæдзар, дам, ивгæ кæпæм, лидзгæ, дам, •кæнæм а сыхаг чындзæй. — Дзыцца, мах дæр алидзæм,— загъта Агуыбе. — Æмæ ныл цы мæгуыры бон бакодта, кæм фæцардыстæм, кæм базæроид стæм, уыцы хæдзарæй куыд фæлидзæм, иу налат чыидзы тыххæй? Æнæхъæн сыхбæстæн дæр цæстысыпдз куы ссис, сыхы фарн дæр ма фæсырдта... — Уæд та, дзыцца, иæ дæллаг сис райхалæм æмæ йын йар дуртæй бæрзоид быру самайæм нæ уæллаг сыхæгтæй иæхи æх- ^сæн. Кæд нæм уыцы дæлимопты судзгæ цъæхахст нал хъуы- оид... Фæлæ, дзыцца, Быдзыгойы иыхæстыл цы дарæм. Йеуæ- ма! Истытæ иын ацæттæ кæн. — Хорз, хорз, мæ къона, пыртæккæ. • Уæлипка сыстади, уатæй рацæйцыди, фæлæ тыргъы фем- бæлди иу хæрзхуызгомау, бурхнл сылгоймагыл. Нæ хъустыл ауади сабыр ныхас. .342
— Уæлинка, нана мæ дæумæ ,рарвыста, мæнæ, дам, æртæ чъирийы скодтон, æмæ, дам, сæ акувæм. Дæхойы лæппуйыдæр,' дам, ракæн. — Уый нæ дæллаг сыхæгты чындз у,—дзуры мæм Агуы- бе. - — Мæ уд дæ рынтæ ахæрæд,— байхъуысти Уæлинкайы ны- хас—Бауай уатмæ, уæртæ нæ лæппуимæ бадынц, æмæ сын дæ- хæдæг зæгъ. Къæсæрæй æрбахызти сылгоймаг. Æрбакасти иæм комком- мæ æмæ загъта: — Уæ бонтæ хорз! \. — Æгас цу æмæ амондджынæй фæцæр,— сыстадыстæм нæ дыууæ дæр. . — Сбадут, цæмæн сыстадыстут.— Æрбакъахдзæф пæм код- та &мæ пын нæ къухтæ райста. — Сбадут, сбадут, уæ хорзæхæй.— • Комкоммæ мæм æрба- каст.Æз дæр æм кастæн комкоммæ. Йæ цæсгом уыди æргом../ æргом хъуыдыйæ зæгъын. Ис, æргом чн нæ у, ахæм цæсгæмттæ, ’нæ хъуыды æмбæхстæй чи дары, ахæмтæ, фæлæ уыцы сылгой- магæп уыди сыгъдæг æмæ хæларзæрдæ æвдисæг, дидинæгхуыз цъæх цæстытæ. — Бечырби уæхимæ пæй? — афарста йæ Агуыбе. — Нæхимæ ис. Æнхъæлмæ уæм кæсы. Мæи сымахмæ рар- выстой... Хонæг нæм цы сылгоймаг æрбацыди дæллаг сыхæгтæй, уый дæр уыди чыпдз, Надя, уымæи дæр уыди бур дзыккутæ, фæлæ йыи уæллаг чыидзау нæ уыдысты хæмпæл æмæфист. Уыдыст;ы йын хæрзæфснайд, йæ цæстæнгас, йæ дзаумайы, аивдзинад, йæ къахайст, йе ’сныхас, йæ алы фæзылды дæр уыди æгъдау. Чи- дæриддæр æй фенид, уый зæгъид: «Тæхуды, ахæм чындз кæй къæсæрæй бахизы». ! ч- Мах рацыдыстæм сыхæгтæм. Нæ фæдзурдзынæн, цы уыдн иæ фыпгыл. Уым дæр цас диссаг уыдзæии. Мæнмæ диссаг æмæ бæллиццаг фæкастысты ’ацы чысыл бииоиты хæлар цард, сс ’гъдау, сæ уагтæ, сæ ал- цыппæт дæр. Раст цыма сæ кæрæдзп хъуыдытæ æнæдзургæйæ дæр æмбæрстой, мæпæ диссаджы «зондджын» машинæйæи йæ алы хай дæр куыд фæкусы æнæкъуылымпыйæ, афтæ уыдысты ацы бинонтæ. Мад дзырдта йæ чындзмæ: «О, мæ хъæбул», чындз та: «О, нана». Фынг куы сцæттæ, уæд не ’ппæт дæр сбад- тыстæм. Чындз не ’ппæтæй кæстæр уыди æмæ бадти æппæты дæле. Фидыдта йыл, тыиг ыл фидыдта иемæ бадын. Чындз æф- синæи æмбæрста йæ алы фæзылд дæр, йæ цæстæнгас. Нæ фыи- гыл уыди алы хæрд, алы нозт, фæлæ-иу уæддæр мад истæмæ- 343
куы ацамыдта, уæд-ну фестадн. Сывæллои та уыди æфсины^ хъæбысы æмæ карчы базыг æхсыдта. * Æз бадтæи æмæ хъуыды кодтон, уæдæ, зæгъып, ацы чындз1 иппæрдæм куы ахæцид, йе ’фсннимæ бииопты, хæдзары бирæг • лыстæг æмæ ставд хъуыддæгты æмвæпд æмæ æмзонд куы нæ) уаид, алчи сæ йæхи фæнд, йæхи зопдыл куы ацæуид, уæд цымæ’*: ахæм хæлар бнпопты рæсугъд цард иæ фехæлид? Цалынмæ фынджы уæлхъус ие ’рбадтыстæм, уæдмæ дæр мæ- цæст ахастон. Нæ сæм бафиппайдтои къæбиц æхгæд. I Надя кусы афтсччы, йæ лæг Бечырбн та кусы колхозы шо- фырæй. Сæ дыууæ дæр сæ мызд æрбахæссынц æмæ сæ раттынц/ æфспнмæ. Мад сæ сæвæры скъаппы иу авджып къоппы. Нæ ’ сæ æхгæиы, пæ сæ бамбæхсы. Чыидз истытæ æлхæнынмæ куы/ фæцæуы, уæддæр фæзæгъы. «Наиа, мæнæ ахæм æмæ ахæм .дзаума куы балхæпиккам, уæд дæм куыд кæсы?» «Хорз, мæ’, къопа, хорз. Снс къоппæй, цасы аргъ у, уыйас æмæ йæ бал- хæн». Чыидз цы балхæны, уый æрбахæссы æмæ йæ равдисы мад- мæ. «Кæс-ма, нана, дæ зæрдæмæ пæ цæуы?» Кæд мадæн йæ.; зæрдæмæ фæцæуы дзаума, уæд ыл зæрдиагæй бации кæны., Зопды къуыбылой дæ, зонды, зæгъгæ, дзы раппæлы. Йæ зæр-\ дæмæ куы нæ фæцæуы дзаума, уæддæр ын уайдзæф нæ ракæ-| ны, фæлæ фæзæгъы: «Æмæ цы кæпы, уый дæр бæззы. Хæдзарьг алы дзаума дæр хорз у». Афтæ куы фæдзуры, уæд ууыл фæ- хъуыды кæны: «Дзаума æлхæд фæци. Æвæццæгæп, йæ зæрдæ- мæ цæуы, цæмæп ын æй æпад кæнои. Уæддæр ын фæстæмæ ахæссæн нал пс. Уадз, æмæ йæ аджынæн дара». Ацы иыхæстæ кодта Быдзыго4 сабырæп, æнæ худгæйæ. Йæ къухтæ дæр нæ тылдта, худæджы пыхæстæ кæигæйæ куыд фæ- кæны, афтæ. Мах æм хъуыстам æнæсыбырттæй. Йæ цуры цы сылгоймæгтæ бадти, уыдоп та йæм хъуыстой, дпссаджы аргъау- мæ сывæллæттæ куыд фæхъусынц, афтæ. — Абадтыстæм сыхæгты фыпгыл иудзæвгар,— дзырдта та дарддæр Быдзыго,— стæн уæд æрбацыди Уæлпнка дæр. Чыидз фестади, уатмæ бауадп, бандои рахаста æмæ йæ æрæвæрдта йе ’фсины цур. — Сбад, Уæлипка. Мæнæ папайы фарсмæ абад. — Бузиыг, мæ къопа, бузныг, мæ уд дæ рынтæ ахæрæд,т- загъта иын Уæлипка æмæ, йæхи хъæбулмæ дæр цы уарзон цæс- тæй иæ бакæсы мад, ахæм цæстæй йæм бакасти. Сбадти чындз дæр. Сывæллон бафыпæй зæронд усы хъæбысы, уый йæ систа æ^æ йæ сынтæгыл æрæвæрдта. Дзæвгар ма фæбадтыстæм, фæмппас кодтам, стæй сыхæг- ^ тæн раарфæтæ кодтам æмæ рацыдыстæм. 344
— Гъы, мæ мадыхо, куыд дæм фæкасти уыцы бурхил- чындз? — къахæгау афарстои Уæлинкайы. ,— Мæ уд йæ рынтæ ахæрæд æмæ, иу бои цы ацæра, уый фæхъхъау ын фод уæлæ уыцы усбирæгъ,— ацамыдта йæ къу- хæй уæллаг сыхæгтæм Уæлиика. — Уæдæ бурдзыккуджынтæ иууылдæр- налат кæй пе сты,. уый дæ уыриæд. ’— Ацы чыпдзмæ куы бакæсыи, йæ дзыхы ныхас ын куы фехъусын, уæд мæ фæуырны. Æй, тæхудиаг, ахæм чыидз кæй хæдзары балæууы... • — Уæдæ пæ чындзаджы... — Фæлæ, дæдæдæй, уæлæ пæ уæллаг сыхаджы туаг хъæ- лæсы тъæн’г-тъæнг мæ хъустыл куы ауайы, уæд та мс уæнгтæ азгъæлыпц. — Фæлæуу, фæлæуу, Уæлинка, æз дæ уæллаг чындзæй пæ фæрсын. Уæллаг авд дæлдæры фод, фæлæ а мс ’мхæрæфыртæи Сакииæты курæм æви нæ? ’ — Курæм, уæдæ цы кæнæм., — Хорз! Мæнæ, дын мæ уд, мæ сæр! Цæмæпдæриддæр дæ хъæуыи, табуафси,— йæ ныхас ацахстон мæ мадыхойæн. — Цæй, хорз, æцæг абоп иæ. Æртæ бопы фæстæ-иу фæзын. Мах чызджы хæдзармæ дæр фехъусын кæндзыстæм, стæй де- мæ чи хъуамæ ссæуа, уыдонæп дæр зæгъдзыстæм хабар, мииæ- ьаруæ æрвитæм, зæгъгæ, æмæ сæхи бацæтт^ кæной. — Разы ууыл дæр. Æртæ боны фæстæ æз ам уыдзынæи,— загътон ып æмæ сыстадтæи. Агуыбе йæ мады фелвæста йæ хъæбысы æмæ йæ ныззылдта фырцииæй. Æз кæртмæ рацыдтæн. ’ Хур аиыгуылди. Куы фæизæрмилтæ ис, уæд сæ кæрты дуа- рæй рахызтæн. Куыддæр бæлæсты бынмæ рахæццæ дæн, афтæ та уæллаг кæртæй рауагъдæуыди даргъ пулеметы рæнхьау пыхæсты залп. Уæлинка фестъæлфт. Æз æм пал фæкастæн, уæдæ та йæ фæнд куы аива уыцы æлгъыст чыпдзмæ хъусгæйæ, зæгъгæ. Уæлинка дæр йæ хъустыл фæхæцыди æмæ мидæмæ ба- лыгъди. Æз мæнæ гъер цæуын нæхимæ. Инпæбоп, арв æмæ зæхх кæрæдзи куы ныссæндæг кæной, уæддæр мын фæстæмæ æнæ цæугæ нæй ардæм. Ме ’мхæрæфыртæи ус курыимæ. Поезд æрлæууыд, Мах рахызтыстæм вагонæй, раарфæ код- там Быдзыгойæп æмæ нæ алчи йæхирдæм аздæхтп. Быдзыго дæр, хайыр уыи уæд, хайыр, зæгъгæ, загъта æмæ араст слабод- кæмæ.
КÆЙ УÆРДОНЫ БАДАЙ,: УЫЙ ЗАРÆГ МА КÆН 1 асойы йæ куыстæй систой! Æииу куыст дæр’куысты1 хуызæп уыдис? Дзæнæт! Сусæпы мæйы судзгæ-’урау- гæ бонты йæ быДыры партхор рувын кæнæ æхсырфæй мæнæу, кæрдын пæ хъуыди. ’ , , Уæдæ завод «Электроцннчы» здытайæн пецы раз йæ фыи- дзыхъæлæн йæ сур хид калгæ нæлæууыди. Нæ куыста хæдзæрт-, тæ аразджытпма* дæр... Нæ-æ! , Тасой уыди стыр тресты дзаджджын къæбицы хицау. Бадти къанторы. Кæй уæрдоны бадти, уый зарæг кодта. Ома, тресты хицауы зарæг, царв æмæ мыд хордта æмæ нæл гæдыйы цардæй царди. Тресты хицауы галиу къахы-иу цы бафæидыди, уый-иу Тасой йæ рахиз къухæй ацæттæ кодта. Р1æ мызд æм гыццыл кæсын байдыдта æмæ уæд хицауы галиу къах æмæ йæхи рахиз къух цы нард хæйттæ уæрстой, уыдонæй йæхимæ дæр æрбассывта. Хаудпс æм дзы, куыннæ! Цыппар азмæ бæрзоид уæладзыг цъæхсæртæ аскъæрдта. Фæндзæм аз æрæлхæдта «Волгæ»... Фæлæ мæнæ ныр гуыбырæй бады. «Волгæ»-йы нæ, фæлæ Терчы был. I Цымæ цæуыл сты йæ мæт, йæ сагъæстæ? Йæ цъæхсæр галуантæ йып байстой. Р1æ «Волгæ» — донау хиды бынты афардæг!.. Хæрзæрæджы дæр ма бухъзæрдæйæ царди Тасой. Айфыц- цаг, йæ тæккæ хъал æмæ хъæздыгæй ма куы уыди, уæд иумæ бадтыстæм. Ныхæстæ кодтам. — Ма кæн, Тасой, байхъус мæм. Бахаудзынæ дзы,— дзырд- тон ын. — Мæнæн дзы тас нæу. Мæ хицау мæ хауын нæ бауадз- дзæн. Æз йæ рахиз кьабаз дæн. Гæрах чи фæкæны, уый сæр- 346
мæ фæхъавы. Сæр та мæ хицау у... Æ.з уый уæрдоны бадын. — Бар дæхи, фæлæ кæй уæрдоиы бадай, уый зарæг . ма кæн. — Цæмæн фæфæлдæхтай, Хасæхъо, къæсса фæфæлдахæгау, ацы æмбисонд зыгъуыммæ?—бауайдзæф мын кодта. — Зæгъ-ма, Тасой, кæй уæрдоиы фæбадыс, æдзухдæр уый. зарæг фæкæныс? — Æдзухдæр. — Гъы, æмæ куыд? — Ницы мыи у. Дзидза хæрыи. н- Гъсуæдæ ды дзидза хæр. ’ Дæуæи, æвæццæгæп, бæззы,. кæй уæрдоны фæбадыс, уыдон зарæг кæпып, фæлæ мæнæн пал бæззы. — Цæуылнæ? Дæуæн ма уæлдай гуцъа ис? ’ — Уымæн æмæ дзы цалдæр хатты сусæпы мæй ихы къæйыл аззадтæи. — Нæ дæ æмбарын. — Цы ’мбарыи æн хъæуы. Дæуæн, æвæццæгæи, искæй уæр- допы бадып æмæ йæ зарæг кæныпæй, иоджы дзидза хæрдæй ’ дæ сæрыкъуыдыр фæдæгъды хæтæлы хуызæп лудæг сси, иу фæзилæн дæр дзы нал ис. Дæхи хъæлæс дæр дын нал ис. — Хъых-хы, хъых-хы... Æгæр дардыл ахæцыдтæ,— бахуы- фыди’ Тасой,— ахызтæ дæ ньгхасы фæндагæй. Цæмæй дæ фарс- тон, ууыл дзур. ’ — Æз дæр ууыл дзурып. Æидæраз кæм куыстон, уый ма зоиыс, æви иал? — Зопып. Спъиртт уадзæп заводы директоры хæдивæгæй. — Гъсмæ дæ хъуыддаг раст, фæлæ нып фарои нæ дирек- тор Куприсвы йæ куыстæй фелвæстой... Стæй та мæп. — Дæу та цæмæи? — Уый, дам, давгæ кодта, гæртамхор уыди. — Омæ давгæ уый кодта, гæртамхор уый уыди, ды та цы кодтай? — Ды дæр, дам, йæ хъузон уыдтæ. Р1æ уæрдоны, дам, бад- тæ æмæ, дам, ыи йæ зарæг кодтай. Гъемæ кæсыс, спъиртт нал ис, гæртам нал ис, физонджытæ хомæй баззадысты, грелкæтæ бахус сты. Ныр мæпæ бады Тасой сæргуыбыр-уæнтæхъилæй Терчы был. Иæ-фындз æруагъта æмæ, йæ дæндæгтæ хъыррыстгæнгæ, йæхи- нымæр кæйдæр æлгъиты. Йæ былтæ гæлиртæ кæньшц, æхсит- гæнæджы былтау. Цымæ кæй æлгъиты? Р1æ хицауы! Иæ сæр кæп хуыдта, уыцы хицауы. Кæй аууон 317
гцарди, уыцы хицауы. Ау, æмæ йыл цы æрбамбæлдн? Дзуармæ .кувæгау æм куы куывта? ОБХСС уæларвæй ныггæрах ласта. Хицаумæ хъавыди, ома сæрмæ, фæлæ сæр йæхи фæсайдта. Цæф æрцыди рахиз къаба- зыл, Тасойыл. — Гъы, куыд, Тасой? — бадзырдтоп æм. Уый фестъæлфыди/ Йæ цæстытæ йæ ныхы къæймæ сгæпп ластой. — Ма тæрс, зæ- гъын, ОБХСС нæ дæн, басабыр æй кодтон, стæй йæ бафарстон:' — Ныр дæр мæ иæма бамбæрстай? Тасой ницы сдзырдта. Æз ын загътон: — Уæдæ афтæ. Кæй уæрдоны бадай, æдзух уый зарæг ма .кæн. Мæнæн мæхи дæр бирæ хæттыты басыгъта йæ азар. Æмæ йып радзырдтон мæнæ ацы хабар. Ацы бæллæхы хабар мыл æрцыди, студент ма куы уыдтæн, уæд. Кæй уæрдоны бадтæн, уый зарæг кæй ныккодтон, уыйтых- хæй... Хъуыддаг рауади афтæ. Ахуыр кодтон Дзæуджыхъæуы æмæ мæ каникулты хæдзармæ цæуып бахъуыд хъæумæ, Фæссихор сбадтæн поезды æмæ балæууыдтæи Беслæиы- хъæуы. Станцæйы мæ фæдджптæ æрбацыбыр ’ кодтон æмæ асæпп ластон Къостайыхъæуырдæм фач1дагыл. Бахæццæ дæн Терчы былмæ. Кæсын æмæ Терк фырпвылдæй æрра бирæгъты æрдонг фестадп. Лæбуры йæ былгæрæттæм, Æрлæууыдтæн допы был. Фæлгæсыи. Хъуыды кæнын, фал- ,лаг фарсмæ куыд баирвæзон, ууыл. Талынг кæнып байдыдта. Уалынмæ æддозæй мæ хъустыл ауади цæлхыты къыбар-къыбур. Фæкастæн фæстæмæ. Изæры ’фæлмы мæм æрбазынди саустъæлф. Æввахсæй-æввахсдæр кæ- ны. Æрбахæстæг мæм ис. Дыпджыр сау бæх сæпп-сæпп кæны. Кæсын æмæ дын уæрдоны бады урс нымæтхудджын лæг. Доп- хуыз кæттаг куырæт йæ уæлæ. Дæргъæй-дæргъмæ рихитæ хæц- цæ кæнынц суанг йе уæхсчытæм. Иæ фыидз цæргæсы бырын- къау æрзæбул æмæ ма йæ гыццыл хъæуы схъæл роцъойыл æрынцайынмæ. Се ’хсæн сау рихитæ куы пæ уаид, уæд фындз æмæ роцъо’кæрæдзиуыл сæмбæликкой. — Дыууæхстоп топпау цы сысхъæл дæ Терчы был? — æрба- дзырдта мæм лæг. Баурæдтауæрдон. — Мæпæ катап кæиып, кæуылты ауайон, зæгъгæ,— дзуапп ын радтон æмæ æпхъæлмæ кæсын, сбадын мæ кæидзæи йæ уæрдоны æви нæ, уымæ. ’ — Æмæ ленк кæнынмæ та куыд дæ? — афарста та мæ худ- .гæйæ. Иæ бахудтмæ с!ау рихиты æхсæнæй ферттывта урс-урсид :348
дæидæгты рæнхъ барæджы иымæты бынæй урс бæрцытæ куыд ферттивынц, афтæ. — Ленк кæнынмæ пут гирæй æмбисонддæр дæн,— дзуапп ыи радтон æз дæр хъазгæйæ. — Сбад уæдæ, æз дæ фæфале кæиоп,— загъта лæг æмæ йæ бæхы базмæлын кодта, н-нуа, тъыфылхъус, зæгъгæ. Æз уæр- донмæ сгæпп ластоп фæсте. Слæууыдтæп лæджы чъылдыммæ. Уый мæм нал ракасти. Иæ уæхсчы сæрты ма мæ афарста, кæ- цон дæи, уымæй. — Къостайыхъæуккаг,— радтоп ыи дзуапп. Бæхæн йæ хъустæ фæгæмæл сты, хъолойы сыфтау. Ныххуыр- рыттытæ ласта, йæ къæхтæ радыгай фелвас-фелвас кæны, ивылд доимæ бацæуын нæ уæпды. Фæлæ цъæхснаг бæрз уис йæ сипы сæрмæ куы фехситт кодта, уæд дзы балæгæрста. Уай- -тагъд дзы нæ гуыбыимæ аныгъуылди. Пъæра уылæнтæ сæхи лшццавтой уæрдопы фæрстыл. Гуыффæмæ кæлыи байдыдтой. — Галиуырдыгæй слæуу, кæд уæззаудæр уаид... Уæвгæ дæ цæй уæз ис, мæллæг цæукъайы хуызæн,— дзуры мæм лæг йе уæхсчы сæрты, йæхæдæг йæ къæхтæ авæрдта сæрхъæдты сæр .æмæ хæлиуæй бады. Бæхы сарæзта уырдыг-уырдыг. Мæ зæронд ’батпикæтæ хъуывгъаптау донæй байдзаг сты. Афтæ мæм кæсып •байдыдта, цыма мæнæ-мæнæ тыхджыи уылæн галиу цалхы сриуыгъдзæн, уæрдоп фæфæлдæхдзæн æмæ уæд... Фæлæ мæпæ доп ахæл-хæл кодта гуыффæйæ. Бахæццæ стæм тæиæгдæр раимæ. Мæнæн мæ зæрдæ фæрухсдæр. Фæхъæлдзæг- дæр дæн æмæ фырцинæй куыддæр æнæихъæлæджы базарыдтæн, .хъæуы ма куы цардтæп, уæд цы ног зарæг фехъуыстоп, уый: Ой, æмæ, дам, лæппутæ куы баййафынц, Куы баййафынц. Ой, æмæ, дам, Дзалаты Хæмæты, Дзалаты Хæмæты. Ом, æмæ, дам, йæ усы хоимæ, Иæ усы хоймæ. Ой, æмæ, дам, дзаладжын лæгæты, Дзаладжын лæгæты... Лæгыл, .дам, йæ хуыцау куы рахæты, уæд йæ фыдбылыз йæ къахы бынæй дæр сгæпп ласы. Кæцæй æмæ цы фыдбылызæн абадти мæ дзыхы уыцы зарæг иннæ бирæ зарджытæй уæлдай! Æниу мæ цы гуыбыппиз лæмæрста зарыимæ, адæмæн æмбисон- ды зараг дын куынæ уыдтæн, миййаг. Мæ уæрдоны хицау йæ къæхтæ сæрхъæдтæй æрæппæрста гуыффæмæ. Тпъфру, зæгъгæ, фæхъæр кодта. Бæх ныллæууыди доиы астæу. Лæг фесгади фæйпæгæй. Цæхгæр мæм фæзылди. 31*
Йæ цæстытæ, бирæгъы цæстытау, ферттывтой. Галиу рихи фес^ хъæл, дæндæгтæ фæзыхъхъыр сты, гæды йæ хæрипагæн куьда фæтæрсы, уæд уымæн, куыд фæзыхъхъыр вæййынц, афтæ. Лæг/: йæ дзых фæстæмæ ахгæдта æмæ йæ дæидæгты хъыррыст фæ^ цыди. Фыидзы кæрон æмæ роцъо баиу сты. Рпхитæ фæдих сгы^ — Куыдзы цæфхад! — Æрмæст уыцы дыууæ дзырды схау-|; дысты йæ дзыхæй. Лæг та размæ фæзылди. Лæугæйæ цъæхсиапу уисæй бæхы рагъ æрдзæхст ласта. Фæцарæзта йæ, ивылд доиьг’ -уылæнтæ кæм абухтой, уыцырдæм. Мæ сæрыхъуыптæ арц слæууыдысты. Цы кодта ацы лæг,_ цæуыл рафыхти? Æвн æрра фæци! Цы æрæфтыди нæ зæрды?..; Фæднсонты тахт кæпыпц мæ хъуыдытæ мæ сæры магъзы; къуымты, фæлæ цы æрцыди лæгыл, уый бамбарын иæу мæ боп. Уæдмæ та нæ гуыффæ айдзаг и донæй. Тæккæ арфдæрмæ куьг- бахæццæ стæм, уæд лæг цæхгæр фæзылди мæнырдæм. Иæ дæн- дæгтæ та фæзыхъхъыр сты. Иæ галиу рихп та фесхъæл æмæ- мыл фæтъæлланг ласта: ’ — К-куыдзы хъ-хъæвдын! Тагъд ахиз, к-кæпнод дæ марын! Æз афтæ фæтарстæи æмæ дзурынмæ дæр пал арæхстæн. — Цы кодтоп?.. Цæмæн мæ... доп мæ аласдзæн...— зæгъгæ, ма цыдæртæ схъæрзыдтон. — Тагъд! — иытътъæллаиг .та ласта лæг æмæ хъамамæ æрæвнæлдта. Æз асæррæтт ластон уæрдонæй. Уылæитæ мæ,сæ быны афсæрстой. Уайтагъд мæ хъæлæс айдзаг. Афтид ахсæн - атыппыр. «Гъæйтт, мæлыи»,— загътон мæхипымæры æмæ мæ къабæзтæ тилын. Хъуырдухæн кæнып, мæлæтимæ хъæбысхæсты бацыдтæп. Æрра донæй мæхи уæлæмæ сæппарып, фæлæ та мæ - уæззау уылæи æртъæпп кæны æмæ та йæ быпы фæвæййыи. Цыбырныхасæй, мæлыны къахыл ныллæуыдтæн. Иу тъæпп - ма мæ куы æркодтаиккой уылæнтæ, уæд... Фæлæ мæ амопд уыд,.1 а\мæ мæ зæроид цъылыны хуызæн тæпæгдæрмæ раппæрстой. Иу стыр дурыл мæхи скъуырдтоп, уый ма бамбæрстои. Цы хъаруйы муртæ ма мæм уыди, уыдонæй йæм фæлæбурдтон.. Ныффидар ыл дæн. ТыхамæлттæГг ма йæм сбырдыдтæн æмæ йыл ’ мæ гуыбып æруагътон. Мæ хъæлæсæй дон -ныпъпъæгъ- гъæст ласта. Мæ дзых змисæй не ’дзаг, дæидæгты æхсæн хъыр- , рыст кæиы. Фæстагмæ дурмæ сбырыдтæн æмæ акастæн. Мæ алыварс— иичи. Афардæг уыцы рихнджын. Кæцæйдæр ма мæм дардæн хъуысти йæ уæрдоны цæлхыты хъæр. Æз чысыл куы фæсæрæндæр дæп, уæд рахылдтæп доны/.1 былмæ æмæ расыг лæгау цудтытæгæнгæ араст дæн хъæумæ.. Нæ кæрты фæмидæг дæи. Схызтæн тыргъмæ. Цырагъы ручс- - мæ> мæ ауыдта мæ хо. Тарстæй мæ размæ разгъордта. 350
— Мæ хæдзар айхорзи, цы кодтай, Хасæхъо? Кæм уыдтæ? Кæм дæ фæласта дон? Ницы йæм сдзырдтоп. Бацыдтæи уатмæ. Хо радавта хус .дзаумæттæ. — Гъа, тагъд дæ дзауматæ аив! Чысыл фæстæдæр къæсæрæй æрбахызт мæ хистæр æфсы- мæр. — Цы дыл æрцыди уый? Уыцы ивылд Терчы дын æнæ уай- гæ нæ’уыди. Йс дзы æппып уæрдон цæуæгмæ фæлæууæн нæ .уыди? — Уæрдоиы бадтæн, бæргæ... ’,— Æмæ фæлдæхг.æакодта? — Цæй фæлдæхгæ! Йæ хицау мæ доны астæу ныууагъта... Уæдмæ æрбацыди мæ фыд дæр. — Цы дыл æрцыди уый, лæппу? Дон дæ ма фæласæд? Æз мэё фыдæи дзуапп раттынмæ пæма сарæхстæн, афтæмæй -та мæ хистæр æфсымæрафарста: — Фæлæуу, фæлæуу... Уæрдоны бадтæн, куы зæгъыс,'доны ^астæу мæ ныууагъта, зæгъгæ. Чи уыди? Æз сын радзырдтон хабар. Загътон сын зарæджы >тыххæй дæр. Æфсымæр та мæ фæрсы: — Æмæ лæг та цы хуызæп уыди? Загътон ып — ахæм æмæ ахæм, дыиджыр фындзджын, даргъ рихиджын... Нал мæм хъуыста æфсымæр. Диваиыл æрхауд, йæ гуыбы- ныл ныххæцыд æмæ худæгæй йæ бон сулæфын нал уыди. — Бирæгъæн сæгъы мехъ — худын!—загъта тызмæгæй >фыд.— Цæуыл худыс? Æфсымæр рабадти, йæ худæг нæ уромгæйæ, æмæ загъта: — Уый чи уыди, уый зопут? Дзалаты Хæмæт!.. Ай та йын .йæ уæрдоиы бадгæйæ йæ номхæссыны зарæг кодта...— Æмæ та дйваныл атылди. Хорз фæкæл-кæл кодта, стæй та ракасти æмæ мыи, йæ худæг тыххæй уромгæйæ, загъта: — Кæй уæрдоны бадай, уый зарæг ма кæн.
СÆРГÆНДТÆ Катя З’- Тасолтаны балц ■ 132' Сослан 164 Ног сæрдар 173. Адæмы фыдæх , . . 194-- Æнгуз бæлас 209 Оксанæ 219 Зæронд хæирæг . . ’ 234- Æртæйæ 236; Сырх Стъалы 258 Уа>ззау хабар 274 Иунæг сахат стыр лæджы цардæй , 280 Фæпдыр 284 Ног Азау ’ 301 Алцачмæн дæр рад æмæ æгъдау 307 Æнæ артæй фæздæг дæр вæййы 317 Тепсыры тохъхъыл 320 Æфсиитæ æмæ чыидзытæ 334 Кæп уæрдоны бадай, уып зарæг ма кæн < 346 АШАХ ИНУСОВИЧ ТОКАЕВ В горах Повести и рассказы на осетинском языке Редактор И. А. Б у д а е в а Художник Г. 3. Ч е д ж с м о в Художественпыи редактор У. К. К а н у к о в Техническип редактор Ж. Г. Дзасохова Коррсктор А. Г. Ц а р а к т и ИБ № 707 Сдано п набор 17.12.80. Поднисапо к псчатн 08.05 81. ПП О.»^0. Фсрмаг бумагп 60x841/,6. Бум. тпп. № 3. Гарп. шрифта литературная. Псчать пысокая. Усл. п. л. 20,46. Учетно-изд. листов 20,12. Тираж 2000 экз. Заказ Лг° 14161. Цепа 1 руб. 50 коп. Издательстио «Ир» Уиравлсння по дслам нздатсльств. полиграфин п кни/кпон тс^^гоплн Совста Мннистров СО АССР, 362040, г. Орджоникндзе, ул. Днмнтрова, 2. К^ижная типография Управления по дслам нздатсльств, полнграфии н кннжной гсрговли Совста Министров СО ЛССР, 362011, г. Орджоннкидзс, ул. Тсльмаиа, 10.