Текст
                    ХУССАР ИРЫСТОНЫ ЗОНАДОН-ИРТАСÆГ ИНСТИТУТ
НАРТЫ ТАУРÆГЪТÆ
ÆМÆ ХАБÆРТТÆ
РАУАГЪДАД «ИРЫСТОН:
ЦХИНВАЛИ 1973


ÆНÆМЫХУЫРГОНД ТЕКСТТÆ Æрæмбырд сæ кодта, разныхас æмæ сын фиппаинæг- тæ ныффыста Бязырты Алыксандр. М — 623
РАЗНЫХАС Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны зонадон институтты архивты æнæмыхуыргонд к'^ухфыстт ^ наоты таурæгътæ æмæ сæ вариант- тæй 1959 азы уыдысты фондз сæдæйы бæрц. Уыдонæй мыхуырæр- иыди нæуа:д-ма^ æзсахс, шшæтæ нын зонгæ иæма сты. Нырьюнг, ома сæдæ азы дæргъы, нарты таурæгътæй мыхуыргонд чи æрцыд, уыдойæй сæ цы хъауджыдæр ис, ууыл нын зын дзурæн у. Мах равзæрстам ацы таурæгътæ хицæнæй рауадзыиæн иуцалдæр мини- уæджы тыххæй. Нæ фольклоры рагæй дзырдæуы, нарты размæ зæххыл цардыс- ты уæйгуытæ æмæ гуымирытæ, зæгъгæ, фæлæ ахæм таурæгътæ мы- хуыр’ы хæрзыстæм сты. Дзæвгар дзы ис Цхинвалы 1942 азы мы- хуыргонд ччНарты эпос»-ы, фæлæ.сыл иутæ%гуырысхо кодтой. Йе, уымæ гæсг’æ мах ацы чиныджы мыхуыр кæнæм: «Гуымирытæ, уæй- гуытæ, нартæ», «Нарты Уæрхæг æмæ йæ фыртты хæст уæйгуыти- мæ», «Созырыхъо æмæ дæлимонтæ» æмæ æндæр ахæмтæ. Нарты эпосы нырмæ нæ раргом, комкоммæ бæлвырд исты исто- рион цау кæиæ бæлвырд нсты историон адæймагыл чи дзуры, ахæм таурæгътæ, фæлæ ис «историон» цыбыр хабæрттæ, искæцы пдæмы мыггаджы равзæрдыл ка;м дзырдæуы, ахæмтæ. Ие уымæ г ссгæ ацы æмбырдгондмæ хаст æрцыдысты мæнæ ахæм рагон хабæрттæ: «Гуьтмчпытæ», «Царциатæ», «Нартхоры фæзыид» æмæ æндæр ахæмтæ,. Афтæ алы уацмысæн дæр ис исты ног миниуæг йе йæ мидисæй. йе йæ формæйæ, йе йæ иысаниуæгæй — ацы æмбырдгондмæ йæ, иннæты хъауджыдæр, цæмæн бахастам, уымæн, уыцы миниуджы- тæй "утæ æ^гом кæнæм нæ Ачппаи.нæгты. Чиныг «Нарты эпос»-ы (1942 аз) мыхуыр сты Андиаты Тебæ æмæ йæ фыпт Баписы кадджытæ. фæлæ йæ къухфысттæ мыхуыр никуы ма сты. Уыдон та редакцигонд æрцыдысты сæрмагонд Нар- ты бригадæиы (къамисы) уæнгты къухæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, редакци баххуыс кодта къухфыстты мидис æмæ формæ фæ^ивдæр кæныиæп, фæлæ цымыдисаг сты оригиналтæ дæр — æвзагæй дæр æмæ сæ хъайтарты митæй дæр. Гъе, уымæ гæсгæ æмбырдгондмæ бахастам Андиаты Барисы оригиналон къухфысттæй иу цллдæр.. 3
НАРТЫ ЭПОСЫ РАЙРÆЗТ ÆМÆ ЖАНРТÆ Зынгæ фольклорист æмæ филолог, профессор Абай- ты Вассо, нарты эпос йæ историйы дæргъы цы этаптæ рацыд æмæ алы этапы цы формæты царди, уыдонæй аф- тæ зæгъы: «В науке установлено, что эпос в своем ста- новлении проходит несколько фаз. В начале мы имеем разрозненные, ничем между собой не связанные сказа- ния, возникшие в разных центрах в разное время, но разным поводам... 06 эпосе пока собственно и нет ре- чи.» Уый фæстæ бæлвырд кæны эпосы райрæзты фазæ- тæ. «Из массы героев и сюжетов выделяется несколько нзлюбленных имен, несколько излюбленных событий и мотивов, и сказания начинают кристаллизоваться вок- руг них, как центров притяжения. Образуется несколько эпических узлов или циклов. Эпос переходит в фазу циклизации.» Æмæ дарддæр: «Не связанные между собою до толе циклы могут быть, более или менее искусно, соединены одной сюжетной нитью, сведены в одно последователь- ное повествование, в одну эпическую поэму... Это и есть завершающая фаза, фаза эпопей»1. Уæдæ Иарты эпос йæ сæвзæрдæй фæстæмæ бирæ хи- цæн иугай фольклорон уацмыстæ — таурæгътæ æмæ кадджытæй — райрæзт монументалон стыр эпопеямæ. Кавказы Сæйраг рагъыл цæрæг хæххон адæмтæй алкæ- 1 В. И. А б а е в. Нартовский эпос. Орджоникидзе, 1945 г. стр. 21. 4
мæндæр ис йæхи кадджытæ нарты эпосæй æмæсæм нарты кой чындæуы алы жанрты æмæ жанрон формæ- ты, ома æрмæст таурæгътæ æмæ кадджытæ нæ, фæлæ аргъæутты дæр, мифты дæр, анекдотты дæр, æмбисæнд- ты дæр. Уымæй дæр цас арфдæр ахъардта искæцы адæмы фольклоры нарты хабар, уыйас сæм фылдæр жанрон хуызты ис нарты эпос. Цæвиттонæн зæгъгæ, дагъестайнаг фольклорист У. Б. Долгат бæрæг кæны, ома Дагъестаны адæмтæй иутæм нарты .кой ис æрмæст- дæр алæмæттаг æмæ авантюрон аргъæутты1. Дагъеста- ны адæмтæ дæрддзæфгомау цæрынц Ир æмæ Кæсæгæй, æмæ сæм нарты эпос бахæццæ дзæвгар ивындзинæдти- м«, таурæгъы хъайтартæ сæм сысты аргъауы хъай- тартæ. Кæсгон фольклорист А. М. Гатагатль та йæ чиныг: «Героический эпос «Нарты» и его генезис»-ы æрхаста тексттæ алы жанртæй дæр — мифтæ, зарджытæ, кад- джытæ, таурæгътæ, æмбисæндтæ æмæ æндæртæ, ома хъуымыхъ æмæ мæхъæлимæ абаргæйæ, кæсæгмæ нарты кой чындæуы фылдæр жанрты æмæ жанрон формæты. Ирон нарты эпос дæр хъæздыг у алы жанртæй, æмæ уыцы жанрон хъæздыгдзинад у уæлдай æвдисæн, ирон адæмы фыдæлтæ ахсджиаг куыст кæй бакодтой нарты эпосы сфæлдисыныл, уымæн. Нарты кой ирон фолькло- ры ис бирæ жанрты æмæ алыхуызон жанрон формæты... I. КАДÆГ ÆМÆ ТАУРÆГЪ Бирæ сæдæ азты дæргъы нарты хабæрттæ нæ фоль- клоры афтæ арф ахъардтой, æмæ ахæм жанр нал баззад, нарты кой кæм нæй: æмбисæндтæ, анекдоттæ, притчæ- тæ, мифтæ, аргъæуттæ, таурæгътæ, кадджытæ, фынджы æмæ фæллойы зарджытæ. Ацы жанртæй кæй зæгъгæ кæнынц («Нартæй чынтмæ ахæм диссаг никуы ма æр- ныд»), кæй дзургæ, кæй та заргæ, дзырдæн, фынджы 1 У. Б. Д о л г а т. К вопросу о нартском эпосе у народов Да- гестана., чиныг «Нартский эпос», Опджоникидзе, 1957, 174. о
уæлхъус «Сой Сатанæ!», кæнæ нымæтуæрдгæйæ «Уонæ- йы зарæг». Кадджытæй дæр фæзæгъынц, «зарынц сæ», зæгъгæ. Фæлæ сæ куыдæй фæзарынц? Бæрæггонд у, ка- дæджы фæзары фæндырдзæгъдæг йæхæдæг иунæгæй (соло), фынджы зарæг та къордæй (амонæг æмæ хъырнджытæ). Ноджы бæрæг у, зарыны процессæн кæй ис иалдæр стилы, зæгъæм, «хъырнын» дæр зарыцы про- цессы хуыз у, фæлæ йæ алчи дæр æнкъары, амонæджы зард æмæ хъырнæджы зард иу кæй не сты, уый. Хъисын фæндыримæ кадæг кæныны процессæн дæр йæхи миниуджытæ ис, фæлæ цавæртæ сты? Иутæ афтæ æнхъæлынц, æмæ иугæр исты зарынц, уæд уый æнæ- мæнг стихтæй конд текст у, фæлæ æцæг афтæ у? Дзæв- гар фарстытæ ис кадæг кæныны хъуыддаджы. Уыдоныл бакуыста музыкæиртасæг Цхуырбаты Ксеня æмæ сыл кыффыста æрхъуыдыджын уац «о ’напевах осетинских нартских сказаний». (Кæсчиныг «Нартские сказания — эпос народов Кавказа», Москва, 1969 г. 469 г. 469 — 488 ф.) Дзырдты хал мелодийы улæнтыл ленк кæны, æма: афтæмæй ))æзы зарæг. Дзырдты хал (зарæджы текст) æнæ сае мелоди куы бæрæг кæнынц, уæд уый у æнæ до- нæй ленк иртасыны метод. Зарæджы сконды тыххæй фыццаг хъуамæ йæ ныхас зæгъа музыкæиртасæг. Цхуырбаты Ксеня йæ зонадон куысты пайда кæиы текст æмæ мелоди — кæрæдзийыл бастæй иртасыны ме- тодæй, (кæс йæ чиныджы 470 фарс). Уыцы куыст у фыццаг бындурон фæллой Нарты кадджыты структурæ- йы проблемæйыл. Фольклорист Æмбалты Цоцко 1924 азы 29 февралы фæндырдзæгъдæг Сидахъты Сандройæ нарты таурæгъ- тæ куы фыста, уæд йæ разныхасы афтæ загъта: «фе- хъуыста сæ санибайаг Дзусаты Рæмонæй, уый та сæ фехъуыста йæ фыд Мамсырæй. Дзусаты Рæмон амард 6
хæрззæрондæй, æндæраз. Тутырты æртæ боны-иу Рæ- мон рацыд ныхасмæ æд фæндыр æмæ-иу кодта æнæ- банцайгæйæ нарты кадджытæ». (Цæгат Ирыстоны нау- кон-иртасæг институты архив, фонд 30, папкæ 72, дело Ю, фарс 1.) Цхуырбианы куысты дæр ныхас цæуы фæндырдзæгъ- дæджы нарты кадæгыл, ныхасы бадджытæн кæнæ хæ- дзары сыхæгтæн кæнæ уазджытæн кæй ракодта кадæг- гæнæг хъисын фæндыры хъырнынмæ, ахæмыл. Зарæджы æнæивгæ стих æмæ мелоди Цæмæй кадæджы миниуджытæй цы загъдæуы, уый бæстоидæрæй разына, уый тыххæй кадæг абарæм æнæ- уи зарæгимæ, цæвиттонæн зæгъгæйæ, æрæмных кæнæм композитор Галаты Барисы фыст «Хъуыбады»-йы ме- лодийы нотæтæ æмæ Цхуырбианы фыст «Нарты Уырыз- мæджы кадæджы» нотæтæ. Къостайы поэмæ «Хъуыбады»-йæн ис адæмон мелоди зарынæи, фæндырæй цæгъдынæн æмæ кафынæн. Æм- дзæвгæйы строфаты ис æхсæзгай стихтæ, фæлæ дзы за- рæджы мотив фæахсы æрмæст дæр æртæ стихы, ома дзы алы æртæ стихы дæр азарынц иу мотивыл, алы æртæ стихы дæр дзы сты иунæг музыкалон фразæ. Æмæ уый æнæнхъæлæджы хъуыддаг нæу. Хъуыбадыйы кафт афтæ цæуы цагъд æмæ зардимæ*.
Æртæ къахдзæфы размæ галиуырдæм диагоналыл æмæ фæстæмæ райдайæн бынатмæ, стæй та æртæ къах- дзæфы размæ рахизырдæм диагоналыл æмæ та фæстæ- мæ райдайæн бынатмæ æмæ афтæ дарддæр. Кафт рæ- зы цыппар тактæй, алы тактæн дæр азарыдæуы иу стих, æрмæст цыппæрæм такты стихы бæсты азарынц, «уай» кæнæ «ей», кæнæ «мм»... Мæиæ æркæсæм йæ нотæты хызмæ дæр: Такттæ кæрæдзийæ хицæнгонд сты бæзджын верти- калон хаххæй. Кафт йæхæдæг цыппар размæ — фæстæ- мæ цыдæй кæй у, уый тыххæй алы музыкалон фразæ дæр конд у цыипар тактæй, алы такты дæр лæууы иу стих — фондз уæнгæй æмæ фондз нотæйæ. Æрмæст алы цыипæрæм такты дæр стихы бæсты æххуысгæнæг дзырд «уæй», фæлæ уый дæр айвазынц иннæ тактты рæстæджы дæргъæн. Кадæджы ивгæ тирадæ æмæ мелоди Æркæсæм ныр та «Нарты Уырызмæджы кадæджы» иотæты хызмæ 8
Равæрæм музыкалон фразæты æмæ музыкалон стих- ты æнæ нотæтæй. «Хъуыбадыйы зарæджы» текст Фыццаг музыкалон фразæ (строфа): 1. Сæрдæй, зымæгæй, 2. Гуыбыр, тызмæгæй - 3. Иæ кæрцы мидæг, 4. Уæй Дыккаг музыкалон фразæ (строфа): 1. Ныхасы бады - 2. Зæронд Хъуыбады, — 3. Нæ фæндырдзæгъдæг, - 4. Уæй 5 уæнджы: 5 уæнджы 5 уæнджы - 1 ивазгæ уæнг 5 уæнджы 5 уæнджы 5 уæнджы 1 ивазгæ уæнг Иарты Уырызмæджы кадæджы текст Фы.ццаг музыкалон фразæ (тирадæ): 1. Нарты адæмыл — 5 уæнджы 2. Фыд аз ныккæны, — 5 уæнджы 3. Мæ хуртæ, — 3 уæнджы 4. Ныккæны — 3 уæнджы 5. М... — 1 ивазгæ уæнг Дыккаг музыкалон фразæ (тирадæ): 1. Æмæ сæ фæсивæд зæгъы — 8 уæнт,жы 2. Ныхасы астæу — 5 уæнт,жы 3. Ныддаргъ æсты — 4 уæнцжы 4. Уæ-уæй-уæ — 3 уæнджы Алы музыкалон стихы азарынæн дæр æмдæргъæн рæстæг хъæуы: Зæрдыл дарын хъæуы, алы æртæ кæнæ дыууæ нотæйы дзы тремолæй баст кæй сты, уый, рæс- тæджы ныкайгæйæ.. й
Цы миниуджытæ ис ацы кадæгмæ, «Хъуыбады»-йы зарæджимæ абаргæйæ? а) «Хъуыбады»-йы зарæджы алы такты дæр лæууы æмбæрц (5) уæнджы æмæ нотæйы, фæлæ нæ кадæджы та? Фьщцаг музыкалон фразæйы 1-аг такты лæууы* фондз уæнджы æмæ 5 нотæйы: нар-ты-а-дæ-мыл; дык- каг музыкалон фразæйы 1-аг такты та 8 уæнджы æмæ нотæйы; æ-мæ-сæ-фæ-си-вæд-зæ-гъы. Афтæ алы нымæ- цы сты иннæ тактты мидæг дæр. Уæдæ «Хъуыбады»-йы зарæджы алы музыкалон фра- зæйы лæууы 15 уæнджы, фæлæ кадæджы мидæг та, уæнгты нымæц ивы сæрибарæй, кæй зæгъын æй хъæуы, музыкалон фразæйы арæнты мидæг: кæм 17 уæнджы, кæм та 20, кæм та ноджы фылдæр, кæнæ ноджы къад- дæр. Алы уæнгæн дæр цы нотæ æмæ рæстæг ис, уыдоп «Хъуыбады»-йы музыкалон фразæты дæр æмæ тактты дæр æмхуызæттæ сты.\ 1/8 1/8 1/8 1/8... фæлæ нæ кадæ- джыта ис алы хуызон рæстæгджын нотæтæ 1/8, 1/4, 1/8, 1/16 алы бынæтты. Кадæджы уынæм нотæты рæстæджы оæрибар равæрд, «Хъуыбады»-йы бæлвырд фæтчы рæстæджытимæ абар- гæйæ, — кæм цыбырдæр нотæ, кæм та дæргъвæтиндæр. Ам ма æз бафиппаинаг дæн ахæм фæзынд дæр: дзур- гæйæ грамматикон цавд цы уæнгтыл вæййы, уыдонæн заргæйæ, иннæтæй уæлдай, дæргъвæтиндæр нотæ нæ зыны: уыцы цавды тыххæй; æвæццæгæн, грамматикон цавдæн зарæджы музыкалон ритм аразыны зынгæ тых нæй. Грамматикон цавд æмæ музыкалон акценты ахас- тыты тыххæй нырма иртасæн куыст нæма уыд. Кадæджы музыкалон фразæтæй алкæмæндæр ба- хардз вæййы иу рæстæг, фæлæ сæ кæм фылдæр уæнгтæ фæл,æууы, кæм та къаддæр. Иу фразæйы (кæнæ такт- 10
гы) иннæтæй уæлдай фылдæр уæнгтæ куы уа, уæд дзы •ллы уæнгмæ къаддæр рæстæг æрхаудзæн, æмæ сæ ал- кæйы дæр тагъд-тагъд азардзысты. Музыкалон фразæ- IIы къаддæр уæнгтæ куы уа, уæд та дзы алкæйы дæр даргъдæр айваздзысты. Тексты дзырдтæ куынæ фаг кæна, уæд æм кадæггæнæг бафтауы фæрссаг дзырдтæ куæй», «афтæ уæдæ» æмæ æнд. Цхуырбиан афтæ зæгъы кадæджы уæнгтæ «æмæ но- ;æты бæрц æмæ рæстæджы тыххæй: «Варьирование папева органически связано с резкой неравносложно- стью стиховых строк... и, соответственно, неустойчиво- стыо расстановки слоговых времен», (480 фарс) ацы фæтк у бындурон иннæ нарты кадджытæн дæр. б) Нарты кадджыты текст прозаикон у, æви стихон? Текст мелодийæ куы фæхицæн кæнæм, уæд йæ ритмон сконд рабæрæг уыдзæн цавдон æм,æ æнæцавдон уæнг- ты равæрдæй. Зæгъæм, «Хъуыбады»-йы зарæджы ис бæлвырд фæтк: Сæрдæй, зымæгæй гуыбыр, тызмæгæй йæ кæрцы мидæг -1-1-, -1-1-, -1-1... Ам тексты мидæг зыны ритм, ома конд у ритмджын стихтæй. Æркæсæм «Нарты Уырызмæджы кадæджы» текст- мæ: Нарты адæмыл фыдаз ныккæны, мæ хуртæ, м... Æмæ сæ фæсивæд, зæгъы, ныхасы астæу ныддаргъысты, уæ- уау-уæ 1-—1-1-, -1-,-1-...—1-,1 —1 —1-. Ам тексты мидæг иæ зыны ритм, ома тирадæ ритмджын стихтæй конд пæу. Уæдæ Цхуырбиан цы хаццæгмæ æрцыд, ома «...ме- лодиимæ фыст чи æрцыди, уыцы тексттæ дæр... чысыл цæмæйдæр хицæн кæнынц прозаикон таурæгътæй» (483 ф.), уый дæр у бындурон фæтк нарты кадджытæн. Фæ- • 1æ зæрдыл дарын хъæуы, прозæ æрмæст протоколты æмæ актты æвзаг кæй нæу, уый, æмæ аивадон тексг хъуыддаджы текстæй кæй хт'мæн кæны. П
Бауырнинаг у Цхуырбианæн йæ иннæ хаццæг дæр. «Æрмæст адæмон зарджыты н.æ, фæлæ цавæрфæнды вокалон уацмысы дзырдты æрмæгæн дæр ис гæнæн, æм.æ уа æмдзæвгæтæй конд кæнæ прозæйæ,... вокали- заци нæдæр стихон сконды ивы, нæдæр прозæйы стих- тæ фестын кæны» (Известия, Юго-Осетинского научно- исследовательского института, XI, 1962 аз, 466 ф.). Поэт Къубалты Алыксандр дæр фыста нарты кад- джытæй афтæ: «Уыцы зарджытæ Кавказы адæмташ се •ппæтмæ дæр азарынц æнæ стихон барæнтæй, фæлæ тынг зæрдæмæдзæугæ фæндыры цагъдимæ» (Песни кавк’аз- ских горцев. Герои-Нарты. 1906 аз, 5 ф.) Профессор Абайты Вассо рагон ирон хъайтарты зар- джытæй афтæ зæгъы: «Зарæджы текст мелодийæ ип пæрдæй арæх фæзыны, прозæйæ чысыл чи хицæн кæны, ахæмы хуызæн. Цæвиттонæн, æркæсæм Таймуразы за- рæджы скъуыддзагмæ — Дзыццамæ мын чи бадзурдзæн: «Хæрхы сæр дын сæрджын саг рамардтон»... «Ам нæй бæлвырд ритмикон æмæ строфикон дихдзинад. Текст у тирадæ, кæнæ период, кæцымæ ритмикон организаци фæзыны æрмæстдæр мелодийы руаджы». (Осетинские народные песни. Москва, 1964 аз, 23 ф.) Кæй зæгъын æй хъæуы, «Нарты Уырызмæджы кадæджы» текст силлæ- бон кæнæ ритмджын стихтæй конд куы уаид, уæд йæ музыкалон фразæты нотæты сконды дæр зынид: «Хъуы- бады»-йы зарæджы нотæтау уаиккой æмдæргъæн нотæ- тæ, æмæ кæрæдзийы фæдыл дæр цæуиккой исты фæтк- мæ гæсгæ. Цхуырбиан уыцы кадæджы стихты хоны то- никон стихтæ. (480 ф.) Силлабон кæнæ силлабо-тоникон ритмджыи стих- тæй конд зарджыты музыкалон фразæты æмæ тактты фæлæууы æмбæрц уæнгтæ æмæ æмдæргъæн нотæтæ, Къостайы «Хъуыбады»-йы кæнæ Секъайы «Чермены» куыд у, афтæ. 12
Иугæр фæндырдзæгъдæджы кадæгæн йæ текст баст пæу нæдæр ритмджын стихæй, нæдæр рифмæйæ æмæ у < прозæмæ æввахс», уæд уыцы текстæн ис ивæн дæр. «Адæмон таурæгъы хуызы уацмысты, кæцытæй у фыц- цаджы-фыццагдæр нарты эпос, таурæгъгæнджытæ алы хатт радзурынц æидæр, ног хуызы, йæ поэтикон текст- мæ йын бæрæггонд ивындзинæдтæ бахæсгæйæ» — зæ- гъы Цхуырбиаи йæ куысты (475 ф.) Уый у импровиза- иийы фæзынд. Кадæггæнæг йæ зæрдыл дары хъайтарты æмæ сæ лæгдзинады митæ æмæсæ алыхаттдæр радзуры ногæй, алыхаттдæр сын ары æмбæлон дзырдты хал. Фæ- лæ импровизаци дæр алыхуызон вæййы; Аргъæутты æмæ таурæгъты тексттæ æнæкæсгæйæ нæ сахуыр кæ- пынц, æнæаивгæ сæ нæ фæдзурынц, ритмджын стихæй конд тексттæ та сахуыр кæнынц æнæкæсгæйæ, æмæ ахæм зарджыты варианттæ сырæзынæн æмæ импрови- зацийæн ритмон стих у ныхдур, ритмджын стихтæй конд тексттæн раив-баивгæнæн нæй. Уæдæ Цхуырбиан йæ зонадон куысты раиртæста нарты кадæджы (фæндыры хъырнынимæ) текст æмæ мелодийы структурæйы миниуджытæ: музыкалон фра- зæйы тирадæты уæнгтæн алыхуызон бæрц кæй вæййы, уый; музыкалон фразæты æмæ тактты алыдæргъæн но- тæтæ кæй вæййы æмæ уыцы нотæты кæрæдзийы фæдыл цыдæн дæр тактæй-тактмæ иу фидар фæтк кæй нæй, уый, кадæджы текст мелодийæ иппæрдæй, «прозæмæ æввахс» кæй у, уый. Речитаци кæнын — кадæг кæнын Ирон терминтæй — зарын, хъырнын, хъарæг кæнын, кадæг кæнын — алкæцы нысан кæны бæлвырд сæрма- гонд процессы, алчи дæр йæхи спецификон миниуджы- тимæ, йæхи стилимæ. Кæд æмæ иарты кадджытæй дæр 13
фæэæгъынц, «зарынц» сæ, зæгъгæ, уæддæр зонады бæл- вырддæр нысаниуæг терминæй хонын хъæуы «кадæг кæнын». Цхуырбиан бæлвырд зæгъы: «Зарæг никуы акæ- нынц кадæгау, æм,æ кадæг та — зарæджы хуызæн» (474 ф,) æмæ «Кадæджы мелодийæн ис речитацийы (декламацийы) ахаст». (482 ф.). Речитаци у зарыны процессы иу хуыз, иу стиль йæхи миниуджытимæ, йæ ном равзæрд латинаг дзырдæй ре- читоре «чиныг хъæрæй кæсыи, радзурыи». Уырыссаг музыкæиртасæг профессор Н. Ф. Соловьева афтæ зæ- гъы речитацийæ: «Речитатив — вокальная музыкальнаи форма, не подчиненная симметрическому ритму, род певучего разговора... Для всех речитативов может слу- жить текстом проза... (Энциклопедический словарь Ф. А. Брокгауза, Н. А. Эфрона. 52 т. 1899 аз, 666 ф.) Æнæуи куы зæгъæм, уæд кæд дзурын «цæуын» у, за- рыи та — «згъорын», уæд речитаци кæнын та уыдзæн «сирын», кæнæ та — «зарæгау дзурын», йе та «дзурæ- гау зарын». Уæдæ кадæг кæныны процесс у нарты хабæртт.æ за- рæгау дзурын (речитаци) хъисын фæндыры цагъдмæ. Дзырдты хал кадæггæнгæйæ ленк кæны мелодийы улæн: тыл тасгæйæ. Адæмон поэт Хетæгкаты Къостайы ныхæстæй дæр бæрæг зынынц кадæджы сæйраг миниуджытæ: «Игра на двух — и двенадцатиструнном фандыре (род скрип- ки и арфы) и длинные повествования под их аккомпоие- мент...» «под аккомпонемент распевают легенды о нар- тах, даредзаиах и других мифических героях» (Собра- ние сочинений в пяти томах. Москва, 1960 аз, IV том, 343 æмæ 360 ф.). Нарты, Даредзанты æмæ æндæр хъай- тарты цардæй, хъисын фæндыры хъырнынимæ, зарæ- гау дæргъвæтин хабæрттæ дзурын (речитаци кæныи) у кад&г кæныны хъуыддаг. М
Цхуырбаты Ксеня цы ф,æткойтæ раиртæста я&дæгæ^ уымæн’ма æрхæсдзынæн цæвиттон м,æхи практикæйæ ну цау. 1968 азы 9 августы æз бацыдтæн фæндырдзæгъ* дæг Бететы Знаурмæ. Уый цæры Алагиры, æмæ йæ ны- хæстæм гæсгæ, Знауырæй 1930-æм азты кадджытæ ныф- фыстой композитор Галаты Барис («Азнаурты кадæг»), Æмбалты Цоцко, Барахъты Гино æм,æ æнд. Знауыр цырдзаст, уæнгрог ацæргæ лæг у. Иæ хъæлæс цыдæр диссагау суанг уæнгты дæр ма хъары, зæрдæйы тæгта’ дзы ныддыз-дыз кæнынц. Хъисын фæндырæй чысылæй нырмæ цæгъды. Стыр уæздан у йе сныхасы дæр æмæ йæ фезмæлды дæр, кæны зæххы куыст. Куы йын загътон, кадджытæ фыссынмæ йæм æрба- цыдтæн, уый, уæд мын афтæ бакодта: «Ныр æнæхъæм æртæ мæйы мæ къухмæ фæндыр нал райстон...» Бæрæг уыд, куыд адджын ,æм-æ йын куыд ахсджиаг хъуыддаг у фæндырдзæгъдæджы аивад. «Фыццаг-иу нарты кад- джытæ фæндырæй цæгъд æмæ дзур, науæд та, мæнæ аргъау куыд у, афтæ дзур» — загъта ма мын уый. Ацагъта æртæ кадæджы, уыдонæй иу уыд Аслæнбеджы мæлæты тыххæй. Æз æй фыстон йæ ныхæстæм хъусг,æ- йæ, æнæфыст.æй мын чи аирвæзт, уыдоны бæст^ æры- вæрдтон тæппытæ. Аслæнбег æмæ асыйаг ’кънйаз Шаулох æрдхаердтæ уыдысты,; æмæ сæ дыууæйы асыйаг кæрæдзим,æ фæхæ- рам кодта... Аслæнбег æмæ Будзи Шаулохы р,æгъау раскъæрдтой... Шаулох хабар бамбæрста æмæ афæдис кодта зыбыты иунæгæй йæ шаулохаг бæхыл æмæ сæ Бызы бын баййæфта... Будзи дзуры: «Дæлæ иу барæг æрбацæуы, æмæ йæ бæхы тæф йæ сæрмæ сау мигъы къуымбилæй бады, йæ ехсы цæфæй бæхы цармæй тъыфылтæ сау халæттау хæрдмæ тæхынц», — «Ие уæдæ уый Шаулох ййехæдæг у»... «Ей ме ’рдхорд дæ ард фехæлдис, раздах мын рæ- 15
тъау»... — «Нæй, иугæр кæм фехæлдтон мæ ард, уым дын дзы байраджы хъус дæр нæ аздахдзынæн...» — «Уæдæ дын фыццаг æхсты бар дæттын, фыццаг дæр ды фехæлдтай нæ ард æмæ». — Фыццаг фæдисы ды ра- цыдтæ æмæ фехс, æз та лæг ма фæхуыйнон, куы бам бæхсон» — æмæ къуыппыл алæууыди топпы дзыхмæ. Гæрах фæцыди, æмæ нæмыг зæнджы магъзы ахызти, зæнг ныппырх кодта, æмæ Аслæнбег ахаудта, туг лæ- сæнтæ кодта, афтæмæй къуыппыл дæлгоммæ ахуыссыд, æмæ та гæрах фæцыди, æмæ Шаулохæн нæмыг йæ риу бахаста. Будзи бæргæ уыдта йе ’фсымæры сæфт æмæ куыдта, æндæр ын цы гæнæн уыди... Уæд ахæм æгъдау уыд, æмæ йын æхсæн нæ.уыд... Будзи райдыдта хæссын Аслæибеджы æмæ хъæуы раз куыроймæ куы бахæццæ, уæд Аслæнбег афтæ: — «Ой ме ’фсымæр, Будзи, мæ бон куы нал у, мæнæ мæ куыройы раз æрывæр цъæх нæууыл...» Будзи куы ’ркаст, уæд ауыдта зæнджы магъз асау, æмæ куыройы фæстæ- мæ балыгъд æмæ уым йæ тыппыртæ суагъта... Уæд иу чындз рацæуы донмæ, æмæ йæм Аслæнбег дзуры—«Ой чындз, фарн дæм бадзурæд, уæлæ ма мын... фехъусын кæн мæ кæнгæ мад у... Дæ лæппу дæм, зæгъ, куыройы размæ дзуры»... Чындз ацыди æмæ зæ- ронд усæн загъта... Уый рацыди... — «Мæ лæппу мæ разы бадгæ дæр куы никуы скодта, уæд мæм ай хуыс- гæйæ куы дзуры...» Æмæ йæм ныууад, йæ уæлæ ных- хауд, куы йæ ауыдта туджы м.æцгæ, уæд... Аслæнбег ын афтæ: «Дæ дзæбæхдзинæдтæ æмæ дын дæ хорздзи,- нæдтæ никуы бафиддзынæн, æмæ мын сæ ныббар» — зæронд усæн йæ къухыл ныххæцыд æмæ йын зæгъын кодта, «мæ хорздзинæдтæ дын хæлар уæнт», зæгъгæ, æмæ Аслæнбег йæ уд систа... Адæм айхъуыстой. — Ай ам лæджы куыд æмæ сыл- гоймаджы хъыллист куы цæуынц, уæд ай цы хабар у... I Л6
Будзи Мызуры æрцарди... Иухатт иу ус сугтæм хъæд- мæ ацыди æмæ кæсы, далыс дзуджы астæу иу хъуын- джын лæг хуыссы æмæ фынæй кæны, æмæ хъæумæ ф&’- фæдис; уæлæ, дам, афтæ-афтæ... Адæм загътой, «уæдæ уый Будзи уыдзæн», зæгъгæ... пыггæрах кодта æмæ йæ фынæйæ амардта... Аслæнбег ын-иу дзырдта: «Ей ме ’фсымæр Будзи, дæуæн дæ мæ лæт фынæйæ у, зæгъгæ, æмæ раст афтæ рауади. Аслæн- бег-иу цы загъта, уый-иу рауади. Уый зоныиджын лæг уыди, цы ’рцæудзæн, уый зыдта... йе афтæтæ йе мæ хур- тæ...» Куыд уынæм, афтæмæй, кæд мын дзырдтæ аирв-æзт, уæддæр текст у Аслæмбеджы мæлæты фадæтты æмæ цауты æххæст радзырд. Кæд æмæ «Аслæнбеджы зарæ- джы» зынгæ хай сты эмоциæвдисæн» фæхъæртæ — «уæй», «уæдæ гъей», «ойтæ æм.æ уæрæйдæ», сидæнтæ «ой Будзи» æмæ æндæр ахæмтæ, уæд фæндырдзæгъдæ- джы «Аслæнбеджы кадæджы» та уыдон хæрз стæм сты æмæ дзы сæйраг у Аслæмбеджы хлбæртты информаци, радзырд. Этнограф Гатуты В. 1876 азы фыста, ома фæндыр- дзæгъдæджы кадæг-иу ракодтой марды мысыны бадæны дæр мæнæ афтæ: «Один из присугствующих, взяв бала- лайку (хъисын фæндыр), играет на ней, рассказывая речитативом суеверное предание... «Как-то раз случил- ся редкий и великий гость у Барастра. Имея обыкнове- ние водить хороших и славных гостей по зындону, Ба- растыр показал и этому гостю разные степени адского мучения... (Сборник сведений о кавказских горцах. 1876 аз, IX чйныг, 12 — 18 фæрстæ). Таурæгъы дзырдæуы, уы- цы уазæджы куырдиатмæ гæсгæ Барастыр уый зындо- пæй мæрдты дзæнæтмæ куыд акодта, ууыл. Кæд уырыс- саг текст иронæй тæлмац у, уæддæр дзы нæ зыны, текст ритмджын стихтæй конд у, æви нæ, уый. Бязырты А. 17
Ирон æвзаджы ахуыргæнæг Даниел Чъонкадзе дæр дзырдта, ома нарты хъайтартыл ирæттæм ис «песни, аккомпанируемые звуками инструмента, подобного скрипке» æмæ кадджытæ уырыссагау хуыдтой «хвалеб- ные песни:» Иу ахæм дзы мыхуыр дæр æрцыд — «Хвалеб- ная песня маленькому Батрадзу, Хамыцеву сыну». Мæ- нæ йæ текстæй иу скъуыддзаг: «Нарты Бурæфæрныгæн авд лæппуйы уыди. Иу бон куы уыди, уæд фат æмæ æр- дынæй хъазыдысты, æмæ сæм дæлæсыхæй иу лæшту ссыди, йæ цæстытæ сасирыйас...» (Осетинские тексты. 1868 аз, 43 ф.). Ацы тексты дæр нæ зынынц ритмджын стихтæ дæр æмæ силлабон стихтæ дæр. Сæдæ азы дæргъы дæсны фольклористтæн сæ.къу- хы нæ бафтыд, фæндырдзæгъдæджы нарты кадджытæй силлабо-тоникон кæнæ силлабон стихтæй конд чи уыда- ид, ахæм ныффыссын нотæтимæ. Фæндырдзæгъдæджы кадæг у адæмон аивады амалтæй иу сæрмагоид амал, адæмон хъайтары лæгдзинады митæ хъисын фæндыры хъырныдмæ речитацийæ радзурыны амал. Таурæгъ кæнын — радзурын Таурæгъ кæнын у искæцы хъайтарыл кæнæ исты ис- торион цауыл исты хабæрттæ радзурын, æрмæст æнæ хъисын ф.æндыры хъырныд æмæ æнæ зарæгаугæнгæ, хуымæтæджы дзургæйæ, уыцы миниуджытæй таурæгъ хицæн кæны фæндырдзæгъдæджы кадæгæй. Термин таурæгъ, æвæпцæгæн, Кавказы хæххон адæм- тæн иумæйаг у, зæгъæм абазинаг таурых «радзырд»,. балхъайраг (асыйаг) таурух «легендæ», цæцæйнаг ту- ири «аргъау», хъæрæсейаг таурух «легендæ» æмæ афта* æндæртæ, ирон таурæгъ дæр афтæ фольклоры нысан кæны «фыдæлтыккон радзырд», «легендæ». Фæстаг заманты хъисын фæндыры хъырцынмæ чи 18
кадæг кæна, ахæм дæсныт& хæрзстæм сысты, æмæ нар-- ты х&бæрттæ афтæ аёнæуи’ фæдзурынц. Уымæ гæсгæ термйн кадæДжы бæстьг ’а^Мдавр па’йда кæнынц термин ’ таурæгъæй. Афтæ 1928^ -йзъг^агъд «Ирон’ адæмои тау- рæгътæ, кадджытæ æМæ1 арг^æуттæ» чиныджы «’нартьГ таурæгътæ» æмæ«ИунЙ’д1^ ам кадæг хо- пынц, литературæйы «поэмæ» ’кæй хонынц, ахæм уацмыс/ 1936 азы ’мыхуыргонд чииыджы «Хуссар Ирыстоны1 фольклоры» дæр сæ хоныиц «Нарты таурæгътæ». 1941 азы рухсмæ рацæуæг чинЦцЖы «Ироп адæмом сфæлды- сгад»:ы 5,-а^м трмы к&с.Щ1л «Нарты æмæ. Даредзайты кадджытæ» æмæ «Нарты ^аурæгътæ . дыгурон диалек^ ть*л»,— йе афтæ дыууæ ■термин.ы фæстагмæ кæрæдзищЪ б.æсты дзырдæуы, ф<æлæ уæддæр нарты кадджытæ зар::-; гæ. кæй нал кæн.ынц, у.да. ^ыххæйсæ; арæхдæр хонынц:: таурæгътæ суанг ма — арг>^еуттæ дæр, зæгъæм «Нарты ^ мыггаджььаргъау» «Хус^сар; Ирыстоны фольклоры» æмæ\ афтæ æндæр рæтты, уæлдайдæр та архивон къухфыстьм æрмаджыты.. Балхынц^ьы ныкас . , Нар^ьь^сад;æг[;,æмæ<т9|уР|æП1э\С'æ> мидисмæ гæсгæ æм-/ хуызон сты: ды’ууæхыл •шщ Ææйраг »у ИНФОРМАЦИ1 хъайтары цардæц, Дбар, <?æ- Дслæнбег æмæ ТаймурЗзы зарджы/вд типимæ,-кæнмэдеæйраг у, ЭМОЦИ. : ; •->.< I ^ррты-укад&гг д$мæ.тщр.тълъæ формæмæ гæсгæ <;Х'Ц':х цæН;Дæнь1Нд кæрæдз^йæ: .нарты ;кадæг у фольклорон-! муед^адрн^.уац^ыс, I æм^(. йа§ речйяаци- кæнынц хъисьгач фæндыры’хъырныдимæ; таурæгъ та у дзуринаг уацмыс;т æмйв5пйæ:-.- радзурынц/. ^æнзе -музыкалон инетрументыл* цаегъдгæ.. фæстаг,, замантыч,. .^адæджы дæр рдидыдтой æнæуи [дзурын’^ æмæ- «кадæг»; ;æмæ «таурæгъ»; термин-) тæй иуæй иннæйы бæсты арæх пайда кæнынц: 19
Нарты таурæгъ æмæ нотæтимæ фыст кадджыты тексттæ сæ синтаксисон скондæй сты кæрæдзимæ æввахс дыууæты дæр нæй нæдæр силлабон, нæдæр силлабо-то- никон стихтæ, æмæ ахæм кадæджы ныхас вæййы про- заикон. Кадæджы музыкалон стихты иутæ уынынц кæнæ тоникон стихтæ кæнæ «урс» стихтæ. Кадæджы тексты æмбæлынц фæлхаттгонд фразæтæ æмæ бавæргæ дзырд- тæ (афтæ уæдæ, зæгъы, йе-уæдæ, мæ хуртæ...). 2. Зондамонæн æмбисонд (притча) æмæ анекдот Ацы формæйы уацмыстæ дæр рагæй цæуынц æмбырд æмæ мыхуыргонд. 1870-æм азты фыст æрцыд æмбисонд «Куырдалæгон», зæгъгæ. Уым Куырдалæгоны чызг ауыдта æрбацæйцæугæ барæджы иу чызгимæ æмæ загъта: «Фондзæй иу бæхыл æрбацæуынц». Æмæ æцæг- дæр, æхсæвы, чызгæн лæппу райгуырд, бæхæн та — бай- раг. Ам раргом чындæуыд чызджы зонындзинад иунæг цауæй, иунæг хъуыддаджы. «Сырдоны кадæджы» анекдоты та Сырдон йæ раку- рæггаг стыр аджы хицаумæ чысыл аг бахаста, — «мæнæ дæ аг ныййардта», зæгъпæ. Стæй сын се стыр аг нал рад- та, — «амарди», зæгъгæ. Аджы хицауæн дæр ма цы гæ- нæн уыд: йæ аджы — «ныййардыл» кæм сразы, уым ма йын йæ амæлæтыл дæр цы разы хъуыд.13 Зондамонæн æмбисæндтæ æмæ анекдоттæ вæййынц хæрз цыбыр радзырдтæ иу исты иунæг цауыл, кæд æна- хуыр уа цау, уæд нын уыдзæн анекдот13, кæд æмæ зонд рахæссыны уац уа, уæд та на>м уыдз-æн зондамонæн æмбисонд (притча). Уыцы æмбисæндтæй æмæ анеедот- тæй иутæ хауынц нарты эпосмæ, иннæтæ та нæ. Цы ми- ниуæгмæ гæсгæ хицæн кæнæм дыууæты кæрæдзийæ? 13 Сырдоны таурæгътæ, Орджоникидзе, 1965 аз. 144 фарсыл; Сборник материалов для описания местностей и племен Кавказа. 42 чиныг, 1912 аз, 111 фарс. 2^
Цæвиттонæн зæгъгæйæ, Сырдон нарты бæхты был- т.æ æмæ къæдзилтæ кæм ралыг кодта, уыцы æмбисонды лæвæрдæуы информаци нартон адæмы цардæй, ома ра- дзурынц æй нарты цардæй исты хабар радзурыны охыл æмæ у нæртон таурæгъ. Фæлæ цæвиттонæн зæгъгæйæ, Сырдоны аджы анекдотæн ис æндæр функци дæр ма: уый радзурынц куыд анекдот кæнæ хуымæтæджы фæ- худынæн, кæннод та искæйы митæм аккаг аргъ скæны- иæн, ныхасы бадгæйæ дæр æмж куысты уæлхъус дæр. Ацы аджы анекдот Ходжа Насрединæй дæр дзурынц æмæ æндæртæй дæр, стæй ис бир<æ хурыскæсæйнаг адæмтæм дæр, фæлæ бæхты къæдзилты ралыджы æм- бисонд ма æндæр адæмтæм дæр ис, уый зæгъын нæ бои нæу, йе афтæ йæ сæйрагдæр функци нарты цардæй ин- формаци кæмæн у, нартæн æддагон чи нæу, ахæм нæ,р- тон æмбисæндтæй хæссæм ацы чиныгмæ «лалымы æмби- сонд» æмæ æнд. 3. ÆМБИСОНД (ПОГОВОРКА, ПОСЛОВИЦА) Нарты кой кæм цæуы, ахæм æмбисæндтæ æрæмбырд кодта ирон æвзаджы ахуыргæнæг Даниель Чъонкадзе, æмæ йын мыхуыры рацыдысты 1868 азы академик А. Шифнеры чиныджы «Осетинские тексты». Ахæм æмби- сæндтæ дзæвгар ис 1955 ’ азы Цхинвалы мыхуыргонд «Ирон æмбисæндты» чиныджы. Зæгъæм, куывддзаутæ искæй бæгæныйæ куы феппæ- лынц, уæд дзы фæзæгъынц: «Сæ бæгæны Сатанайы фых», исчи исты æбуалгъ хъуыддаг сарæзта, уæд дзы фæзæ- гъынц: «Нартæй Чынтмæ ахæм диссаг никуыма æрцыд», æмæ афтæ æндæртæ. Адон æргом кæнынц адæмы ахаст нартæм. Нæ дыккаг цæвиттойнаг æмбисонд та ма нын амоны цавæрдæр фыдрагон географион, бæстæты 21
иæмттæ дæр (æбар: «0,т М^осквы до самых до окраин») Ахæм у мæнæ уый дæ,р: <<Да(рть1 .Батрадз, йæ фыдытуг- йае. Бурæфæрныгæй , |Ц ,хæдзарæн æ^сæр уисæй цæ- джындзтæ æмæ^Зара^ьг.^щ^ т,а, ^сцны :^ъ^ехт,æ дрмдта». Адонæн’ сæ фуикци æрм’æст иск^ейы митæ- нар- ’ты’митыл абарыиæн нæ фæв^йиц,.фæлæ ма: сæ ис, ахс- ’ддоаг информаци нарты цдрдæй,, , ома , нарты. , эпосæн æцæгæлон ие сты, æмæ сæ( цзр.ты ^посыл нымайæм æви иæ? Алы фольклорон жанр^н ,дæр . ис ;йæхигтрадицион ’бынат æмæ афон, зæ^ъ^м^ цартьь кадæг кæнынц ныха- '’сы.каенæ хæдзары, бинрнтæ^, сыхæгтæ æмæ уазджытæн; зымæгон даргъ æхсæвты, бæрæгбонты æмæ æндæр ахæмты. Æмбисонд, ,та , зæг^ьщц . йе, куысты, йе фын- ’джы уæлхъус, йе хисты ,бадгæйæ, йе хъазты — иарты ’койгæнгæйæ нæ, фæлаэ æнДæр истæуыл дзургæйæ, ис- Ыфй миты нарты мйтймæ абарынæн. Ома аембисæндтæ бахъæуынц нарты цардæй исты хабар радзурынæн нæ, фæлæ нартæн æддагон (æцæгæлон) хъуыддаг чи у, уы- доныл дзургæйæ репликæ баппарæгау. Йе уымæ гæсгæ ахæм æмбисæндтæ, кæд сæ нарты кой ис, уæддæр нар- ты эпосыл банымайьщаг -не сты (науæд та «нарты эпо- сы» æмбарынад фæпарахатдæр хъæуы). 4. М И Ф Мифтæ хоныыц, хуыцæуттæ, дзуæрттæ, дæлимонтæ ’к’мæ уыдоны хуызæн архайджытыл кæм дзырдæуы, ’ахæм фбльклорон уацмыстæ. Нарты эпосы дзæвгар ар- хайы ахæм фонтастикон фæлгондзтæ: Сафа ^—хæдзары бардауæг, Хорæлдар — хоры бардуаг. Куырдалæгон — куырдты бардуаг. Барастыр — мæрдты бæстæйы хицау, Донбеттыртæ — дæлдон цæрджытæ, Хæйрæджытæ — 1дæлдзæх цæрджытæ æмæ æнд. ах. Мифтæн дæр сæ ра- ’дзурынæп ис бæлвырд традицион бынат æмæ афон, зæ- ’гъæм, бæхфæлдисæны, дауджыты бон æмæ æнд., нарты I : .22
кадджыты æмæ таурæгъты та радзурынц, уæлдæр куыд загътам, афтæ æндæр бынаты æмæ афоны. Фæлæ иуæй- иу мифтæ фæстагмæ сысты хуымæтæджы аргъæуттæ æмæ таурæгътæ, зæгъæм: «Сосланы балц мæрдты бæс- тæм», «Батрадзы хæст зæдтæ æмæ хуыцæуттимæ» æма^ ■æнд. Сæ уидæгтæ мифологи æмæ демонологиимæ кæ- • мæн хæццæ кæнынц, ахæм нæртон таурæгътæ ацы чи- ныджы сты, æвæццæгæн, №№ 1—9. 5. ФÆТЧЫ ЗАРÆГ Нарты кой чындæуы суанг ма рагон фынджы æмæ куысты зарджыты дæр. Афтæ «Бæгæныйы зарæджы» æрымысынц, Сатана хуымæллæгæй бæгæны куыд сфых- та, уый14, «Уæнайы зарæджы»15 та дзурыпц, Сатанайы чызг Акуллæ нарты чызджыты æмæ чындзыты нымæт- уæрдыны зиуы куыд раскъуыхт, ууыл æмæ афтæ æндæр- ты. Ныр хуым дзывыры бæсты тракторæй кæнынц, нымæты бæсты плащтæ дарынц, бæгæны дæр фылдæр заводæй исынц, æмæ рагон фæткы зарджыты сæр нал хъæуы, æмæ сæ зонгæ дæр ма чи кæна? Фæлæ сæ ду- джы æмдзæрин кодтой нарты кадджытæ æмæ таурæгъ- тимæ. Фæтчы зарæгæн йæ сæйраг функцн уый уыд, æмæ дзы адæм пайда кодтой, нартон адæмы цардæй исты ин- формаци радтыны тыххæй,. нæ, фæлæ сæ куывды, кæнæ сæ хуымгæнды райдайæны, кæнæ нымæтуæрдыны рæс- тæджы фыдæлтыккон æгъдаумæ гæсгæ цы фæтк (об- ряд) сыххæст кæнын æмбæлы, уый сæраппонд сæ-иу зарыдысты. Ома фæтчы зарæджы кæд нарты кой уыд, уæддæр нарты эпосæн уыдысты æддагон элемент, цы функцит-æ æххæст кодтой практикæйы, уымæ гæсгæ. 14 Ирон адæмон сфæлдыстад. Дзæуджыхъæу, II т, 1961, 329 ф.- 15 Уый дæр уым, 337—338 ф. 23
Суанг ма сæ жанрон миниуджытæм гæсгæ дæр ха- уынц æнæуи фæтчы зарджытæм, куыд, зæгъæм, «Цоппа- йы зарæг» æрвдзавды уæлхъус кæнæ «Чепенайы зарæг» чындзхæсджыты кафты. Сæ текстмæ сын куы æркæсæм æнæ мелоди, уæд сæ зыны ритмон ныхасы миниуджытæ. Цæвиттон, зæгъæм, «Бæгæныйы зарæджы» текстæй: Уæлæ хохæй цъиу ратахти, Дæлæ рæбынмæ ныттахти, Дыргъдоны бæласыл бабадти. Хуымæллæджы мæцкъортæ ахордта, Уый йæ сæры бацыди... Мæгуыр цъиу зæхмæ ахаудта, Мæгуыр сугдзау æй ссардта, Сатанамæ йæ бахаста... (Æндæр вариантты расыг цъиу ссарæг Уырызмæг у.) Текст, цыма силлабон стихтæй у, афтæ зыны, фæлæ цы- мыдисаг уый у, æмæ тексты мидисы ис сюжетон радзырд бæгæныйы фæзындыл. Чи зоны, æмæ бæгæны куыд сфых- той, уыцы таурæгъ равзæрд бæгæны фыцыны зарæгæй. чи зоны, хъуыддаг иннæрдæм æрцыд. Фæтчы зарæгæн йæ функци баст у, нарты цардæй исты хабæрттæ радзу- рыныл нæ, фæлæ — бынтон æндæр хъуыддæгтимæ, ны- мæтуæрдынимæ, фыццаг ауæдз адарынимæ, куывды фæткимæ æмæ æнд. Уый тыххæй сын иæй банымайæн нарты эпосыл, кæд сæ нарты кой ис, уæддæр (кæд æмæ «нарты эпосы» æм- барынадмæ нæ агайæм, уæд). 6. А Р Г Ъ А У Европæ æмæ Азийы алы адæмты аргъэеуттæ сæ сю- жеттæй æмæ сæ хъайтарты характертæй æмхуызæттæ сты. Уыцы сюжеттæ системагондæй мыхуыр рацыдысты уырыссаг æвзагыл Ленинграды 1929 азы сæрмагонд чи- ныджы — Н. П. Андреев «Указатель сказочных сюжетов по системе Аарне» Цхинвалы та 1958 азы рацыд ахæм 24 ’
куыст — А. X. Бязыров. «Опыт классификации осетин- ских народных сказок по системе Аарне-Андреева»17. æмæ æндæртæ. Аргъæутты сюжеттæ дзæбæх раиртæст- гонд сты. Ис гæнæн, æмæ кадæджы кæнæ таурæгъы сю- жет æнæнхъæлæджы уа аргъауы сюжеты æнгæс, уымæн æмæ сæ дыууæтæ дæр æнгæс царды фадæтты сæвзæ- рынц; фæлæ ма кадæджы æмæ аргъауы сюжет æнгæс- тæ свæййынц кадæджы историон райрæзты аххосагмæ гæсгæ: зæгъæм, кадæг нал зарынц, фæлæ йæ æрмæст ра- дзурынц, æфтауынц æм æндæр элементтæ, — аргъауы элементтæ, æмæ фыццагон кадæг сындæггай аргъауы хуызæн свæййы. Уый æрмæст ирон фольклоры хабар нæу, фæлæ æндæр адæмты фольклоры дæр афтæ у. Цæ- виттоиæн, уырыссаг фольклористтæ Ю. Новиков æмæ Ю. Смирнов раиртæстой «Сейчас редко можно услышать, чтобы былины пелись, большей частью их «сказывают»... стремятся перейти на прозаический рассказ.» Уырысы хъайтарон кадджытæ — «Былины» стихтæй конд сты æмæ «Пересказы былин, часто повторяемые, имеют тенденцию к превращению в сказку»18. Ирон нарты эпосы, зæгъæм, «Шапка-невидимка нар- тов»19 у аргъауы сюжет № 518 кæмæн ис, ахæм: Ацæмæз дзы асайы, гамхудыл чи хыл кодта, уыцы хæйрæджыты, ахæм сюжет бирæ адæмтæм ис, нарты кой дæр чи нæ фехъуыста, уыдонæй. «Созырыхъо æмæ Хъæзныджы фырт Бат» у, аргъауы сюжет № 449 кæмæн ис, ахæм иу хины ус дзы йæ лæджы куы куыдз фестын кæны, куы æндæр исты. Ахæм аргъау дæр арæх у, нарты кой чи нæ 17 Известия ЮОНИИ, IX, 1958 аз, 313-346 ф; X, 1960 аз, 94— 112 ф. 1Ь Ю. Новиков и Ю С м и р н о в. Северные экспедици ка- федры фольклора МГУ (1956—1959 гг), «Журнал «Советская этно- графия», 1960 аз, IV чиныг, 165 ф. 19 ПНТО, II, 19127 аз, — 47—48 фæрстæ. 25^
’фехъуыста, ахæм адæмтæм дæр20. Йе афтæ нарты эпо- сы зыны аргъауы сюжетджын таурæгътæ дæр, ацы чи- .ныджы аргъауы стилы таурæгътæ, æвæццæгæн, сты № 14, 35, 37 æмæ 38. 7. ИСТОРИОН ТАУРÆГЪ, ЛЕГЕНДÆ Историон цаутæ фольклоры фæзынынц æмæ базза- йынц дыууæ хуызы: иу таурæгъты вæййынц историон цаутæ, географион терминтæ, æцæгæй чи цард, ахæм лæгты нæмттæ æмæ æндæр ахæм бæлвырдгæиæг элс- менттæ, зæгъæм, куыд XVIII æнусы цæрæг . Тлаттаты Чермены таурæгъты æмæ зарджыты сты йæ ном дæр. йæ мыггаг дæр, кæм царди, уыцы комы ном «Хъобанч* дæр, кæдæм ацыд стæры, уыцы бæстæйы пом — «Кæсæг» дæр æмæ æнд. Иннæ таурæгъты та ма историон цауæй баззайы йе иунæг ном, йе иунæг топоним, — æндæр ницы: нал историон цау, нал историон заман, персоналон ном та баст æрцыди бынтон æндæр хъуыддæгтимæ. Афтаз нарты эпосы Сайнæг æлдары номы фолькло- рист Абайты Вассо уыны XIII æнусы цæрæг Бату-ханы ном:,уый ма кадæн хуыдтой «Сайн-хан» дæр, ома «Цыт- джын хан»21, фæлæ йæ æбуалгъ æцæг митæй эпосы ни- цы уал зыны. Æвзагиртасæг Гуриаты Тамерлаи та нарты «Мука- ра» — «Иокара» нæмтты уыны XV æнусы цæрæг хан Тæтæры фырт Нокары ном22 æмæ афтæ æндæртæ. Фæлæ мæнæ уый историон таурæгъ у, кæмæй зæгъæн ис бæл- вырдæй, æнæгуырысхойæ; ахæм нарты историон кадæг кæнæ таурæгъ зын бацамонæн у. 20 Ацы фарстыл ма кæс: А. Бязыров. К вопросу о круге осетип- ских иартских сказаний. чиныг «Сказания о нартах — эпос иародов Кавказа», Москва, 1969 аз, 436—455 фф. 21 В. И. А б а е в. Историческое в нартском эпосс. 11нпыг «Нар- товскнй эпос», Орджоникидзе, 1948 аз, 46 ф. 22 Г у ы р и а т ы Т а м е р л а н. Цыбыр фиппаинæгтæ нарты (Кадджиты тмххæй. «Мах дуг», 1969 азы, 58, 103—110 ф. 26
В. И. Белинский раджы бафиппайдта: «История была всегда и у всех народов: у одних как предание, у других как сказка, у третьих как поэма, у четвертых как хроника и т. д.23» æмæ æцæгдæр ирон фольклоры ра- гон историон хабæрттæ сты кæм таурæгъты хуызæн, зæгъæм, Ос-бæгъатыры æмæ Гоцъийы таурæгьтæ; кæм аргъæутты хуызы, зæгъæм, XIV æнусы цæрæг хан Ах- сахъ-Темуры тыххæй; кæм зарджыты хуызы, зæгъæм, XVIII æнусы цæрæг Тлаттаты Чермены зарæг, кæнæ мифты хуызы, зæгъæм, XII æнусы Тамар-паддзахы æмæ Бурхохы тыххæй æмæ афтæ æндæртæ (Адоны тыххæй кæс 1960 азы Цхинвалы мыхуыргонд «Ирон адæмон аргъæутты» Ш-аг томы фæрстыл.) Фæлæ ма сбæлвырди æндæр хъуыддаг дæр: уырыссаг ахуыргонд К. В. Чистов афтæ зæгъы: «В основе боль- шинства преданий, легенд, устных рассказов, быличек лежит обычно какое-то бытующее представление или образ, который может передаваться и вне какого-либо сюжета, просто как слух, весть, новость, воспоминание»24. Зæгъæм, исчи нæ цуры йæхицæй æгæр куы æппæлы, уæд мах æнæрхъуыдыйæ бахудæгау фæзæгъæм: «Уæдæ, уæдæ Агуры æфсæдтæ басастай» кæнæ «Хъарсы фидæрт- тæ батыдта». Æцæгдæр агур-адæм кæддæр цардысты Цæгат Кавказы, фæлæ ма уыдонæй нæ адæмы зæрдыл æрмæст уыцы ныхас баззад, æндæр ницыуал. Кæнæ Еды- сы цур иу цæрæнуаты рæзты фæцæуæм, æмæ нын бынæт- тон цæрæг зæгъы: «Ам царциатæ цардысты æмæ йæ «Царциаты калак» хонынц», æндæр ницы баззад уыдо- нæй дæр. Йе ахæм хæрз цыбыр хабæртты формæтæ ма базза-д нартæй дæр æмæ дзы ацы чиныджы бахастам иуцалдæр, кæс №№43—54. 23 В. М. Б е л:и н с к и й. Собрание сочинений в трех томах. Москва, 1948 аз II том, 227 ф. 24 Русский фольклор. VIII том, 1963 аз, 392 фарс. 27
8. ЭПОПЕЯ Райдайæны мах загътам, адгшон хъайтарон эпос цы æртæ этапы рацæуы йæ историйы, уый. Адæмæн сæ историйы дæргъы, æнусæй-æнусмæ рæзынц сæ материа- лон культурæ дæр æмæ сæ духовон культурæ дæр. Алы ног этапы сæм фæзыны ног, бæрзонддæр æмæ вазыг- джындæр этикон æмæ эстетикон æнкъарæнтæ æмæ до- мæнтæ. Ирои нарты эпос рацыд æртыккаг этап дæр — эпопея фæзыныны этап дæр. Æрмæст уый æрцыд, ирон адæммæ фыссынад куы фæзынд, аивадон литературæ куы рай- рæзт, уыцы заманы; Хетæгкаты Къоста нын куы раца- рæзта фольклорон прозайæ цæвиттойнаг стихон уац- мыстæ — «Лæскъдзæрæн», «Уæлмæрдты», «Æфсати» æыæ «Хетæг», уæдæй фæстæмæ. Фыццаг хатт нарты таурæгътæй стыр поэмæ сарæз- та поэт Къубалты Алыксандр æмæ йæ мы’хуыры рауагъ- та уырыссаг æвзагыл хицæн чиныгæй 1906 азы «Песни кавказских горцев. Герои-Нарты». 1930-æм æмæ 1940-æм азты Хуссар æмæ Цаегат Ирыстоны поэттæ, фысджы- тæ æмæ фольклористты æнувыд куысты руаджы мыхуы- ры рацыдысты цалдæр монументалон нарты эпопеяйы: «Нартæ. Ирон адæмон эпос» 1942 азы Цхинвалы мыхуы- ры уагъд; «Нарты кадджытæ», 1946 азы Дзæуджыхъæ- уы мыхуыргонд, æмæ «Нарты кадджытæ» 1949 азы Дзæ- уджыхъæуы уагъд. Сæ редакюр, нæ заманы зынгæ фольклорист Абайты Вассо, уыцы баиугонд тексттæй эпопеятæй зæгъы, ома уыдоны «в доступной, упорядо- ченной и легко обозримой форме воспроизводится весь эпический цикл данного народа». Адон тæлмацгонд æр- цыдысты уырыссаг æмæ гуырдзиаг æвзæгтæм, æмæ уый руаджы семæ базонгæ сты Советон Цæдисы æппæт адæмтæ дæр. Афтæ ирон нарты эпос йæ историйы дæр- 28
гъы рацыд æртæ этапы дæр: бирæжанрон фольклорон уацмысты формæтæй иу монументалон эпопеямæ æмæ сси ирон националон эпос. Стыр Октябры революцийы фæстæ ирон фæллойгæ- пæг адæмы культурæ тынг райрæзт. Скъола, чиныг, клуб, театр, кино æмæ телевизор стыр бынат ахсынц советон адæймаджы алыбоны царды. Ирон фольклорæн дæр фæзынд ног фадæттæ йæ райрæзт æмæ йæ рапарахатæн. Адæмон аргъæуттæ, таурæгътæ æмæ зарджытæ мыхуы- ры цæуынц скъолайы хрестоматиты, журналтæ æмæ хи- цæн чингуытæй, цалдæргай минтæй сæ тираж, афтæмæй, нæ фольклор æрмæст дзыхæй-дзыхмæ дзургæйæ нæ, фæ- лæ ма парахат кæны мыхуыры руаджы ноджы тынгдæ- рæй. Уымæй æрмæст ирон æвзагыл иæ, фæлæ ма уырыс- саг æмæ гуырдзиаг æвзæгтæм тæлмацгондæй дæр. Коммунистон парти æмæ Советон хицауады ленинон националон политикæйы руаджы, чысыл адæмты куль- турæйы райрæзтæн æххуыс кæныны руаджы нæ нарты эпосæн дæр бантыст дунейы зынгæдæр адæмон эпосты æхсæн аккаг бынат ссарын. Кадæггæнджытæ Андиаты Тебæ æмæ Барис Нарты эпопеяйы чиныджы разныхасы дзырдæуы аф- тæ: «Чиныгæн йæ дзæвгар хай у Андиайы фырт Тебæ- йы кадджытæй, кæцытæ фыст æрцыдысты йæ фырт Ба рисы къухæй»1. Чи уыдысты уæдæ Тебæ æмæ Барис? 1967 æмæ 1968 азты сæрдыгон æз цалдæр хатты уыд- гæн Андиаты Барисы хæдзары (Орджоникидзе, Ной Ьуачидзе, 46), базонгæ дæн йæхиимæ æмæ йæ дыууæ хойы Татьяна æмæ Регинæимæ. Уыдон стыр зæрдæхæ- ларæй радзырдтой сæ царды хабæрттæй, равдыстой мын 1 Наргæ. Ирон адæмон эпос. Цхинвал, 1942, VI. 29
цалдæр документы Барисы куыстæй Хуссар Ирыстоны. Уыцы х’абæрттæ æмæ документтæ, стæй:ма Барисимæ- чи куыста, уыдоны.æвдисæнтæ æмæ ХИЗЙЙ архйвы æр-; мæджытæ æргом кæнынц Барисы ахсджиаг аивадол куыст парты эпосыл. * • Андиаты Тебæ, кæнæ Тепсарыхъо (йæ аргъуыды чы-; рыстон ном та Федор) райгуырди1 Г860-æм азты Куырд^- таты комы, Фиагдоны сæрмæ æввахс хæххон хъæуы, Андиаты хъæуы. Куыд дзурынц, афтæмæй Тебæ касг фæци хæххон дыууæкъласон скъола. Уымæп ма уыди’ цыппар æфсымæры. Сæ сæйраг куыст уыд фосдарын’ æмæ хуымкæнын. Хохы зæххъуаг кæм уыдысты, уымæ1 гæсгæ-иу быдыры зæхджынтæй лæскъ райстон зæхх хи- зæнтæн дæр æмæ нартхоры хуымтæн дæр, æмæ афтæ: бирæ азты хохы æмæ быдыры дыууæрдæм цард кодтон. 1907—1910 азты Тебæйæн бантыст Дзæуджыхъæуы хæ- дзар саразын æмæ уым æрцардис. Тебæ уыд куыстуарзат æмæ цытджын адæймап Хъæубæсты-иу исты бæллæхы хъуыддаг куы æрцыд: йе чызгскъæфт, йе фосы давд, йе тугкалæн хыл, уæд-иу Тебæйы æрвыстой минæварæй кæнæ тæрхопы лæгæй. Зымæгон-иу стæм изæр уыдаид . ахæм, æмæ Тебæ аргъау ма ракодтаид, кæнæ йæ хъисын фæндырæй нар- ты кааджытæ кæнæ кафыны цæгъдтытæ ма акодтаид. Т\эд хъæлдзæг рог кафты цæгъдтытæм-’иу н"ал фæлæу- уыдысты канд сывæллæттæ нæ, фæлæ стыртæ дæр, сьь’ хæгтæй кæнæ ма хаестæДжытæй дæр. ’’ \ " ''• Тебæ æрмæст фæндырыл цæгъдьшмæ ,нæ, фйелæ ма тынг арæхст хъисын фæндыртæ аразынмæ. дæр æмæ’ чысыл рог дзаумæ^тыл айв нйвтæ’аефтауынмæ дæр. Ныр дæр сæ хæдзары æвæрд сты æвзистæй ’кæнæ хъæдæй7* нывæфтыд бæрцыт^, рæттæ, нуазæнтæ æмæ хъисын фæндыртæ, Тебæйæн йæхи конд кæнæ йæхи нывæфтыд- гонд чи у, ах^емтæ. 30
Йæ кæстæр чызг Регинæ куыд зæгъы, афтæмæй иу- хатт 1920-æм азты Сыбайы Абайты фос Куырдтаты абырджытæ атардтой. Абайтæ Тебæмæ ныццыдысты æххуысмæ (йæ мад Абиан уыд). Уый дæр ацыд эёмæ Куырдтаты комы хъæутыл фæрахау-бахау кодта, мыг- гаджы хистæртимæ дзургæ, абырджытæн лæгъзтæгæн- гæ, уазæлттæ æмæ æххормагæй фæрынчын, бирæ фæсад игæры низæй -æмæ 1925 азы амард. Сынтæджы сæйгæ- кæ-иу йæхи дæр æмæ иннæты дæр ирхæфста йæ хъисын фæндырæй æмæ аргъæуттæй. Йе уыцы заманты йын йæ кадджытæй æмæ аргъæуттæй иу^асдæ^ ныффыстæуыди.^ Йæ фырт Барис райгуырдй 19П"азы Дзæуджыхъæ- уы. Сывæллонæй-иу фæлвæрдта йæ фыды хъисын фæн- дырæй цæгъдын æмæ зарын. Фыд æй куы бамбæрста, ай фæндырæй цæгъдын уарзы, уæд ын йæхæдæг сарæз- та къус-фæндыр, лæппуйы аккаг. Барис-иу арæх йæхи аивуарс кодта, цæмæй йæ мачи хъыгдара, уып тыххæй æмæ-иу цагъта æмæ цагъта. Йæ хистæр хо Татьянæ æрымысы, иу хатт æнæхъæн бинонтæй куыд фæтарс- тысты, уый. Иу бон Барис нал зынд, агурын æй райдыд- той, фæлæ нæй æмæ нæй. Суанг ма сыхæгтæ дæр агу- рыныл фесты, кæд, зæгъ, мыййаг, доны искуы ныххауд. Фæлæ стæй фæстагмæ разынди сæ хосдоны, — уый йæ къус-фæндырæй йæхицæн сабыргай цагъта, рæстæг дæр æй ферох, афтæмæй. Авд азы фæцахуыр кодта. Дзæуджыхъæуы 16-æм скъолайы æмæ йæ куы фæци каст, уæд бацыд Дзæу- джыхъæуы æфсæнвæндæгты техн^кумм^æ^ Скъолайы^ди^ ректор Собиты Инал йæхæдæг^дæр окрипкæйæ цагъта, æмæ Барис дæр цæгъды, уый куы базыдта, уæд æм йæ хъус æрдардта, йæхи фæндыр дæр æм-иу авæрдта дæгъ- дынмæ- Техннкум каст куы фæци, уæд та æфсæнвæндæг- ты; институтмæ бацыд 1932 азы фа^ззæджы Ростовы, фæлæ æххормæгтæй æмæ уазæлттæй фæцудыдта. Дох- 31-
тыртæ йын за/ътой, цæмæй климат раивтаид, æмæ уæд æрцыд Цхинвалмæ, хус æмæ рог уæлдæфы тыххæй. Цхинвалы театрмæ бацыд артистæй, Хуссар Ирыс- тоиы Къостайы номыл паддзахадон театры дирекци 1938 азы Андиаты Барисæн радтой куысты чиныг («Тру- дсвая книжка» æмæ дзы ныффыстой: «1. Гостеатр, де- кабрь 1932 года, принят на должность актера с окла- , дом 550 рублей. Директор Дзгоев». Театры артисттæ Мамиты Димитр, Туаты 3\раб, Хъайырты Владимир æмæ иннæтæ хорзæй æрæмысынц Барисы. Артист-пен^ сионер Туаты Зураб афтæ зæгъы: «Хъисын фæндырыл Барис тынг дзæбæх цагъта. Пьесæйы-иу сценæйыл фæп- дыры цагъд куы бахъуыд, уæд-иу Барис цагъта». «Æз иардтæн Барисимæ иу фатеры, æмæ мæм диссаг кастыс- ты Барксы хъæлдзæг зæрдæйы уаг æмæ йе ’мгардзннад, уый хуызæн æмбалимæ цæрын йæхæдæг удыбæстæ у>\ -- зæгъы Хъайырты Владимир дæр. 1933 азы Цхинвалы уыди Хуссар Ирыстоны аивадои олимпйадæ, уым сæ дæсныйад равдыстой æрмæст Хус- сар Ирæй нæ, фæлæ-ма Къахетæй, Гуджаретæй æмæ æн- дæр рæттæй дæр. Андиаты Барис æмæ йæ хо Регинæ уыцы олимпиадæйы райстой кафынæй фыццаг преми. (журнал «Фидиуæг», 1935 аз, №111, 94, уым ис сæ хуызист дæр кафты рæстæджы). Сценæмæкæсджытæ хæлар зæрдæйæ айстой Барисы хъазт. Иу чидæр, йæ къухфыст «М. С», газет «Комму- нист»-ы 1938 азы 20 ноябры ныммыхуыр кодта уац- хъуыд «Брытъиаты Елбыздых1;ойы «Дыууæ хойы» сце- нæйыл» æмæ дзы фыссы: «Æвзонг уæвгæйæ, аив хъазы- дысты сæ ролтæ... Хъылцыхъо — Андиаты Барис» æмæ æнд. Публицист Цабаты Васо йæ чиныг «Хуссар — ирон театр»-ы йæ хъус æрдардта нæ артистмæ: «Реалис- тонæй, растæй æвдыст æрцыдысты сценæйыл Саулохты М^ухтары пьесæ «Фыййæутты уæтæр»-ы куыстуарзаг. 32
цардæфсæст æвзонг фыййæутты фæлгондзтæ: Рутен — Андиаты Барис...» æмæ афтæ дарддæр. 1940 азы сентя- бры та Гуырдзыстоны ССР Сæйраг Советы Президиум схорзæхджын кодта Андиаты Барисы аивады куысты гыххæй Кады грамотæйæ. Афтæ цæсгомджынæй æмæ æрдæрайгæйæ куыста æмæ царди Барис Цхинвалы. 1940 азы кæрон арæзтгонд æрцыд Нарты бригадæ, цæмæй бацæттæ кодтаиккой мыхуырмæ нарты эпосы ба- пугонд текст. Уыцы рæстæгмæ бригадæиы уæнгтæн Ба- рис зонгæ уыдис йæ хъисын фæндырыл цагъдæй æмæ нарть; кадджытæ зонынæй, æмæ йæм фæсидтысты хайал райсынмæ. Уый дæр йæхи уыцы куыстæй нæ аиуварс ходта. 1939 азы йын Хуссар Ирыстоны паддзахадон теа- гры цы фæллойадон чиныг радтой, уым фæзынд ахæм фысг: «1941 года. 1-го января освобожден ввиду пере- вода на другую работу... Директор: Дзгоев». Йæхиуыл æнауæрдгæнæ фæкуыста Андиаты Барис йæ къухфыст- тæ мыхуырмæ бацæттæ кæныныл суанг 1-æм сентябрмæ. (Куыд дзурыиц, афтæмæй дзы дзæвгар мифологон кад- джытæ иуварсгонд æрцыдысты), стæй ацыди Дзæу- джыхъæумæ. Куы цыдис Барис, уæд ын институты рад- той ахæм къухфыст: «Согласно договора 20 декабря 1940 года Юго-Осетинский Институт языка, литературы и ис- гории принял от Андиева Б. Ф. «Песни о нартах» в ко- .!ичестве 62 песен общим количеством строк 9.500... Ди ректор Института языка, литературы и истории Багаев. 1-го сентября 1941 гг. Сталинир». Кадджыты текст фысг уыдис хуымæтæджы тетрадыл, æдыппæт 577 фар- сыл. 1960 азы мыхуыр рацыд стыр чиныг «Ирон орна- мснт»2, зæгъгæ. Разныхасы мидæг историон наукæт))! 2 Р. Ф. А и д и е в а, Б. Ф. Андиев, Осетнпскмй орнамент, Ор- джоникидзе, 1960, стр. 1-264, цена 3 руб. 50 коп. 3. Бязы^ты А.
кандидат Хъуысаты С. афтæ фыссы: «В настоящее из- дание ■бошли богатые образцы орнамента... собранные Р. Ф. и Ь. Ф. Андиевым в результате 15-летнего напря- женного творческого труда. Потомственные народные художники Андиевы собрали образцы орнамента, нач’и- ная с древнейших узоров на керамических, бронзовых и серебряных предметах и кончая позднейшими орна- ментальными изображениями на надгробных каменных плитах. Сами Аидиевы являются бережными храните- лями очеиь древних и редких экземпляров орнаменти- рова-чных изделий из дерева, серебра и ткани... достаз- шихся им от родителей — знатоков и любителей прик- ладного искусства»3. Уыцы чиныджы сты æвзистæй арæзт рæттæ æмæ бæрцытæ æмæ хъисын фæндыры нывтæ Барисы фыды конд, хæрдгæбыд æмæ алдымбыдæй нывæфтыд худтæ, кæлмæрзæнтæ æмæ æндæртæ, йæ мад — Фатимæйы къухæй конд. Уый йæхæдæг та уыд зынгæ зæрингуырд Гапиаты Ассайы чызг. Ацы хъуыддæгтæ дæр æвдисæн сты, Андиаты Барисы бинонтæн дзырды аиваддæрæмæ орнамеиты аивад дæр хуымæтæджы хъуыддаг кæй нæ уыдысты, фæлæ сын сæ царды мидæг стыр, ахсджиаг бынат кæй ахстой. Фольклор дæр æмæ орнаменты аивад дæр уыдоиæн сты сæ туджы æмæ сын сæ цард адджыя æмæ аив — рæсугъд кæнынц. Цымæ цас диссаг у, уыйбæрц рæсугъд рагон орна- менттæ чи бавæрдта, уый ма бавæрд*гаид нæ фыдæлты рæсугъд кадджытæ йæ зæрдæйыл!.. Нарты бригады уæнг — адæмон нывгæнæг Тугъанты Махарбег афтæ фыста уыцы проблемæйы тыххæй: «Бри- гаде по нартовскому эпосу пришлось перечитывать 3 Р Ф. А н д и е в а. Б. Ф. Андиев, Осетинский орнамент, Орджо- никидзе, 1960. стр. 1—264, цена 3 руб. 50 коп. 3.4
около тысячи ’разных записей и вариантов, причем вы- йснилаеь полная неразбериха в содержании текстов, мсимоверная запутанность действий героев, имена ко- торых фигурировали без всякого порядка, были даже такие герои, которые по одному тексту умерли и затем снова продолжали действовать при полном недоумении читателя... На помощь бригаде пришел молодой скази- тель Андиев Борис, который в свою очередь унаследо- вал указанные богатства народного творчества отсвое- го покойного отца, труженника-осетина, известного сказителя нартского эпоса»6. Тугъанты Махарбег 1920- æм азты цардис Дзæуджыхъæуы Андиаты Тебæимæ иу сыхы æмæ йын уымæ гæсгæ рагæй зонгæ уыд. Андиаты Барисы варианттæм нарты бригад зæрдиагæй йæ хъус кæй æрдардта, уым Махарбеджы ныхас дæр йæ бынат æрцахста. Хъайырты Валодя ма Барисæй йæ мысинæгты афтæ зæгъы: «Андийы фырты уæлдай хæстæгдæр базыдтон, иумæ куы цардыстæм, уæд. Уый уыди 1936 азы Петой- ты хæдзары. Арæх-иу мын кодта нарты таурæгътæ. Уæлдай цымыдисагдæр-иу уыдысты, йæ таурæгътæ-иу фæндыры куы зарыди, кæиæ-иу сæ речитативæй куы дзырдта фæндыримæ, уæд. Барис-иу арæх кодта йæ фы- ды кой. Иæ фыд уыди номдзыд таурæгъгæнæг æмæ фæндырдзæгъдæг. Æвдыста мæм Андийы фырт иу цал- ;;æр бæзджын тетрады, чи баихсыд, бирæ азтæ кæуыл рацыд, ахæм тарбурбын тетрады. Уыцы тетрæдты уыдис фыст нарты кадджытæ æмæ æндæр таурæгътæ. «Адон, дам, иууылдæр мæ фыды рæстæджы æрцыдысты фыст»^ .--.- - ^—* -- , Андиаты Барисы къухфысттæ, 1942 азы рухсмæ цы 6 М. С. Т у г а н о в, Новое в нартовском эпосе. Известия ЮОНИИ, IV, 1946 г. 170 стр. 35
эпопея «Нартæ» фæзынд, уырдæм бацыдысты редакци- гондæй; ацы чиныджы та дзы мах дæттæм фыццаг ф.а- раст кадæджы æмæ Барисы фыст «Зæронд дзырдтæ æмæ сæ нысаниуæг», сæ мидисмæ æнæ фæцагайгæйæ.
НАРТЫ ТАУРÆГЪТÆ ÆМÆ ХАБÆРТТÆ
1. ГУЫМЙРЫТÆ, УÆЙГУЫТÆ^НАИÆ^ Хуыцау дуне уы сфæлдыста, уæд адæмы скодта. Хуьшауы уынаффæмæ гæсгæ зæххыл равзæрдысты Уад- миртæ. Уыдон уыдысты ставд æмæ тыхджын адæм: кæмтты цæугæ нæ кодтой, зæххæн та уæззау.уыдысты. Æртæфондзæссæдз азы куы рацыд Уадмигсгы равзæ- рынæй, уæд Хуыцау сфæлдыста Къамбадащ: зондæй дæр. тыхæй дæр Уадмирты хуызæн, фæлæ асæЙ7 та къаи- иæгдæо, оаст ныры дæсаздзыд сывæллоны йас. Къам- бада^^?æр чысыл разындысты зæххыл цæрынæн. Æртæфондзæссæдз азы куы радыд уыдон сфæлдисынæй, уæд та Хуыцау скодта Гамеррпы, фæлæ та уыдон дæр æгæр стыр разындысты асæй дæр æмæ тыхæй дæр. Æр- тæфондзæссæдз азы та куы рацыд Гамериты сфæлдыс: тадæй, уæд та Хуыцау скодта Гуымирыты. Уыдон дæр зæххы аккаг нæ фесты. Æртæфондзæссæдз азы куы ра- цыд Гуымирыты сфæлдисынæй, уæд та Хуыцау сфæл- дыста Уæйгуыты. Уыдон дæр ын дзæбæх нæ фæрæстмæ сты, æгæр стыр разындысты. Æртæфондзæссæдз азы та куы рацыд уæйгуыты сфæлдисынæй, уæд та Хуыцау скодта ног адæм . Нарт, зæгъгæ, æмæ йын уыдон фæрæстмæ сты, асæй дæр æмæ тыхæй дæр^зæххы аккаг уыдысты^фæдæ. нартон адæм дæр^Й^ъ*^^ ни- дыуал уыди. Афтæ) схъал сты æмæ сæ дуæ^г^ьГкъæсæр- тæ бæрзонд систой: дуарыл хизгæйæ, сæ сæртæ куыннæ гуыбыр кодтаиккой, афтæ. Кæннод, дам, Хуыцау афтæ æнхъæл уыдзæн, уымæн сæ сæртæй кувынц. Уыдонæн дæр та се сæфт æрцыд, æмæ сын Хуыцау рах^ста донæй хъаймæт. Нарт æгасæй дæр фесæфтысты,, /^рмæст ма 39
дзы баззадк^иу Хуыцаууарзон пахуымпар, йæ бинонти- мæ æмæ алы фосы мыггаджимæ. Уый Хуыцауы уынаф- фæмæ гæсгæ скодта дынджыр нау, байдзаг æй кодта алы маргъ æмæ фосы мыггагæй. Иу дæс æмæ ссæдз азы куы рацыд доны хъаймæтæй, уæд мыс^^ахæлин^нал уыд æмæ’ науы бын фæхуынкъ кодта!%он ^ауьг^уылф- мæ хъарын байдыдта. Пахуымпар цы акодтаид, уымæи ницы уал зыдта æмæ йæ сæр йæ кой сси. Уæд ын калм :>агъта,~фыд хæрынæй мын бар радт, æмæ дæ æз фервæ- зын кæндзынæн. Пахуымпар зæрдæ сæвæрдта калмæн. Калм йæхи стымбылтæ кодта æмæ мысты хуынчъы ныббырыд, дон дзы куыднæуал хъардтаид, афтæ. Донæй хъаймæт куы фæцн, уæд Пахуымпар сыстын кодта калмы æмæ йыи загъта: — Цавæрдæриддæры фыд дæ хъæуы, уымæй дын уы- дзæн хай. Калм фæхъуыды кодта, фæхъуыды кодта æмæ загъта: — Цæй уæдæ>уæддæр та бындз алцæуыл дæр абадаг у, æмæ уый бафæрсон^кæй фыд у адджындæр. Бындз ын загъта: — Хорз уæдæ, æз ацæудзынæн, æмæ фыд кæлъ^ис, уыдон сеппæт дæр бавзардзынæн æмæ дын .,ртирта<^№~ нæн, кæй фыд сæ адджындæр уа, уый, æмæ дын фæстæ- мæ бæрæг хабар æрбахæслзьщæт Ацыди бындз, фæзылдтам«*фыдджьш фос æмæ адал- мæй кæуыл нæ абадт, ахæм никуыуал баззади. Равзæр- ста адджындæрæн сывæллоны фыд. Фæстæмæ раздæхт йæ балцæй, æмæ, æвæдза, калммæкуы^ æрбацæйхæццæ кодта, афтæ зæрватыкк йæ разсШуфæциё^æмæ йæ фæрсы^ -^Кæм^уыдтæ, цы уыдтæ^Д^^А Бындз?радзырдта йæ балцы хабар, калм дзы куыд ракуырдта, кунд фæзылди^ фыдджын фостæ æмæ адæмыл æмæ сывæллоны фыд адджындæрæн куыд ра- ьзæрста, уый. — Уæдæ дзы хъуамæ дæхимæдæр уыдзæн уыцы ад- джын сывæллоны фыдæй, адар ма мын, æз дæр æй фе- нои, цы ад кæны? — бафарста бындзы зæрватыкк. Бындз ын загъта: — Ис дзы мæ дæлæвзаг. I —Æрбакæ-ма, цы хуызæн у? — зæйът’ог зæрватыкк. 40
Бындз йе ’взаг куыд фелвæста, афтæ йын зæрватыкк йæ ласт æвзаг йæ рæбыныл атыдта. Уæдæй фæстæмæ бындзæн йæ бон дзурын иал уыд æмæ дыв-дыв кæнын байдыдта æмæ йын дзы калм ницыуал бамбæрста. Сдзу- рын дæр йæ бон нал >уыд ^бындзæн, зæрватыкк ын йе ’в’заг куыД^атыдта, у,йи1^Ш дыз-дыз кодта æмæ ма цæ’- мæйдæрты калмы сардыдта зæрватыккыл. Калм ма бæр- гæ йæхи фехста зæрватыккыл, йæ буармæ йын нал б’а-. хæццæ, ,фæлæ ма йын фæхæст йæ къæдзилыл æмæ йын дзы фарк атыдта. Уæдæй фæстæмæ зæрватыккæн йæ къæдзил саджилæй баззади абоны онг дæр. Уæдæй фæстæмæ калм йæ маст нæ рох кæны æмæ фос æмæ адæ- мыл нæ ауæрды^хаецьнтая-. Нарты адæмы. сæТГард ’бирЙ райв-байв кодта.’Уымæ ’ гæсгæ сæ таурæгътæ дæр бирæ хылы-мы.штæ (^ы. Нар- / :1^док$н мыг- ты адæмы æхсæн уыди -иттæг æвирхъау гæгтæ. Нарты^^Шйм^Æхсæртæккаты мыггагæй хуыз- дæр никæйы хонынц. Иу рæстæджы Æхсæртæккаты мыггаг тынг скуынæг, чысыл ма йæ бахъуыд бынтон дæр фесæф^- æмæ сыскъуыйг^, фæлæ уæддæр бынтон нæ* фесæфтм. Æхсæртæккаты тыххæй баззад ахæм таурæгъ: Нар- ты’ адæмæн, зæгъгæ, сæ цард уыдис иу бæласæй. Уый уыдис ахæм бæлас, æмæ иу æмбисæхсæвмæ дидинæг æф- тыдта, уырдыгæй бонмæ та-иу дыргъ лæвæрдта. Тынг зынаргъ сын уыдис уыцы бæлас нарты адæмæн, æмæ йæ хъахъхъæдтой стыр хæзуайы хуызæн. Уыцы §&Щу сыл цыдæр сагъуыди, æмæ-1^'*ын^æ дидинæг пырх код- та, й’æ дыргъ та-иу ын хæргæ бакодта. Хахъхъæдтой йæ радæй, фæлæ йын уæддæр ницы фæрæзтой бахъахъ- хъæнынæн. Æхсæртæккаты мыггагæй ил кæмдæр схъомыл и\ дыууæ чысыл лæппуйы — Æхсар æмæ Æхсæртæг. Æр- зылди^уыдонæн дæр сæ рад. Гæнæн сыи нæ уыдиЪ^æнæ ацæугæ сæ рады уыцы бæлас бахъахъхъæнынмæ. Чысыл ма уыдысты, гæрзтæ хæссын хъом тыхджын нæма уы- дысты æмæ сæ фыдæлты гæрзтæ сæ фæдыл аластой. æмæ ацыдысты бæлас хъахъхъæнынмæ. Æмбисæхсæв куы фæцис, уæд бæласы сæрæй цыдæртæ сызмæлыд. Сæ зæрдæ фехсайдта дыууæ æфсымæрæн, сæ фыдæлты хæз- 4Л
на бæласы цонгмæ сæхи бадастой æмæ йе змæлын кæ- цæй цыд, уырдæм фæгæрах’ кодтой. Æхсæв бонмæ дыууæ æфсымæры фыд æхсæв фесты, агмæ нал бафынæй сты райсоммæ. Куы æрбабон ис, уæд бæласы рæбын федтой сызгъæрин базыр, туджы пырх калгæ. Базыр систой æмæ йæ бафснайдтой сæ-роныг-сæ- хуыддæг туджы фæд-фæд цæуын байдыдтой æмæ сæ Хуыцау денджызы былмæ æрбахаста. Æхсар загъта: — Цы фæнды куы феста, уæддæр мын ацы туджы фæ- дыл мæхи æнæфесафгæ нæй. ’ Базыр йæ роны, афтæмæй цæуын байдыдта, цæуын баидыдта æмæ йæ Хуыцау Донбеттыртæм æрбахаста. Иу ран уый сæмбæлдий^ иу усыл, кæцы æнкъардæй бад-' ти иу хæдзары къæсæрыл. Уазæг йæ размæ куы æрба-^ хæццæ у^д ын сыстади æмæ йын æгасцæуайтæ^’ракод^ та, бахьш^ иæ хæдзармæ, æмæ йæ’хорз федта%^аЗæг хъæнтæ бæрæггæнæг кæм нæ вæййы, æмæ куы фехъуыста уатæй хъæрзын, сылгоймаджы уынæргъын, уæд бафар- ста йæ фысымы: уый цæй хъæрзын у, зæгъгæ: — Хуыцау сын ма бакомæд Нартæн, сæ цард уыдиК ну бæласа^й^ æмæ. йыл ме ’ртæ чызджы сагъуыдысты æмæ йæ нал^уа^ъгои. Дзырдтон сын: «Иыууадзут, уыцы бæласмæ мауал цаеут. кæинод уæм иу фыдбылыз кæсы. Нарты адæм уын ^ё&^^^язысты,--зæтътæу сыи-иу загътон,— йВ$2вд ма Æхсаертæккатæй тста’куы уа, уæд ^дадан фыдбылыз1к^4^^ы^ч^. Уыдон мæ коммæ нæ ’бак-астысты, æмæ æхсæв куыуыди, уæд æцæгÆхсæртæг- гатæй дыууæ ^аз^^л^ппуйы рацыдысты бæлас хъахъ- хъæнынмæ.хгМæ чыздЗкытæ сыгъзæрин бæлæтты хуызы куы бацыдысты, æмæ бæлас тонынмæ куыА фесты, аф- тæ Æхсæртæггаты дыууæ фаззоны топп фехстсш, Мæ • чыаджь^та^й и^ь^фæцæф кодтой æмæ дзы й^ахауди^йæ ^<Ш№щШ оазыртæй,.-си&й--мя~й^ Лæппу йæ бафарста: ’ до — Цымæ йын ницуалхос уаид йе сдзæбаех жаеЬшнæй? 7Уый йын загъта^^У’Т^ * №*> ^с^у^Уаил ык хос,Уцы бумбулитæ æмæ сыгъзæринй *4&^ зъц^-дзы. ахаудта, уыдон ма йæ куы уаиккой, уæд. Лæппу та йæ бафарста: — Цы хорз ракæнис цымæ, уыцы базыры пырхытæ даём чи æр&а^хæссид, уымæн? 42 >
Уый йын загъта: — Æндæр мацы фæуæд, фæлæ йын æй усæн радтин, йæ базыр ын чи æрбахæссид, уымæн. Лæппуиы мады зæрдиаг ныхæстæ куы бауырныдтои, уæд бавнæлдта йæ ронмæ аёмæ дзы базыры пырхыта* райбта ^^ &а Мад сæ чызджы цонгыл.<баныхæста, нымæтын ехсæй ^^æ æркъуырдта^-æй^^чызг^цы уыд, авд ахæм фестадис. ’ Уыцы лæппу æмæ уыцы чызг, æцæг мад куыд загъта, афтæмæй баззадысты уæдæ.й фæстæмæ лæг æмæ усæй. Бирæ фæцардысты, чысыл,.уæддæр лæппу йæ фыды- •бæстæм фæцæуын æрфæнд^одаа. Иу бон куы уыд, уæд рарасти йæ усимæ. Цæуын байдыдтой, цæуын байдыд- той, æмæ денджызы былмæ æр;бахæццæ сты. Денджызы былæй куы рахызтысты, уæд кæсынц æмæ федтой иу , хæдзар, саг æмæ сæгуытдзæрмттæй астæрд æдде^мидæ- и гæй. Æхсар загъта йæ усæн: " — Уый ме ’фсымæры йедтæмæ никæйы уыдзæн. Хæдзармæ куы бахæццæ сты, уæд лæг усы уым ныу- уагъта æмæ йæхæдæг йе ’фсымæры агурæг ацыд. Æх- сарæн йæ ацæуын, Æхсæртæгæн уырдæм йе ’рбацæуын иннæрдыгæй, æмæ хæдзармæ бараст. Æрбараст æмæ йæ хæдзары рæсугъд чызг кщ^ауыдта, уæд æм йæ зæрдæ бахъазыди æмæ йæм йæхи Кьласта. Уалынмæ Æхсары даер Хуыцау æрбахаста æмæ сæ уæлхъус æрбалæууыди. Айтæ-уйтæ нал фæкодта, фæлæ йе Ф^^^Ц^йæттш!^ цавта, хъæбысæй-хъæбысмæ фестьй^емæ^ыууае^ефсы- мæры уыцы ран кæрæдзи амарДтой. <^Щ>& уХг[ирЩ}Х&» ’’ Æхсар æмæ Æх&|УРтæг Уьш мард фесты. Тынг зын раны уыди^уыцьг^е^дзæрæг быдыры астæу, иунæгæй куы баззади, уæд каеуын æмæ дзыназын йедтæмæ йæ зæрдыл ницы уал лæууыдм^/ Йæхи мæт, йæ худинаджы мæт дæр æй ^ыйас) нал уыди, дыууæ æфсымæры баныгæныныл куыд мæт код- та. Уыцы уынгæг сахаты йæм Хуьщау Уастырджнйы æр- бауагъта йæ æртæкъахыг бæхыл æмæ йæ^гаримæ. Уый рацæйцыд денджызы былты цуа’ны. Куы федта Уастыр- джы кæугæ усы, уæд æм æрбаздæхти, æмæ йæ куы ба- фæрстытæ кодта, цы уыд, цы’ хабар æрцыд, уымæй, уæд ын загъта: 43
— Усай, уыдон æз баныгæыии бæргæ, усæн мын куы: рацæуис, уæд. Ус загъта: — Иууылдæр дæу куы уыдзынæн, цы дæи, уымæй, пæуылнæ дын ацæудзынæн усæн дæр, ацы мæрдты куы баныгæнæм, уæд. Уастырджы баууæндыдис усыл, æмæ йын сæххæст кодта йæ фæндон, йæ ехсы фындзæй зæххыл ныххæцыд’, æмæ зæхх фæхуынкъ. Дыууæ æфсымæры уым баныгæД- та, куыд æмбæлы, афтæ. Куы сæ баныгæдтой, уæд ус загъта: — Цæй уæдæ цæссыг æм’æ чъиллонæй дзаг дæн æмæ уал мæхи ахсон, стæй уæд цæрдзыстæм иумæ, хъарм æмæ хъыбылладжы цард’: Уастырджы йыл баууæадыдис^æмæ йын загъта: —$Ш^*а]ХУ æмæ Уа,лГ дæхи сæхс. Ус^ден^жызы былмæ куыддæр бахæццæ ис, афтæ . денджызы йæхи баппæрста æмæ йæ фыды бæстæм ныф-- фардæг Донбеттыртæм. Л|Ныр æрбацæудзæн, уæд æрбя- цæудзæн’" зæгъгæ^ Уастырджи æнхъæлмæ кæсы усмæ, æмæ йæхинымæры алыхуызон хъуыдытæ кæны. Фæлæ ма цæй ус æмæ цæй цыдæр. Фыдæнхъæлæй баззад Уас- тырджи, йæ зæрдыл бадардта уыщ>! ,У$ы$Ш$-<$#4 ^^ Ныр уалынмæ ускн Донбеттыртæм^цæс мæиы фæс- . тæ дыууæ фаззон лæппуйы райгуырди, æмæ сыл сывæрд- та Хæмыц æмæ Уырызмæг. Уыдон рахъомыл сты Дои- беттыртæм. Асæй дæр, кондæй дæр Æхсар æмæ Æхсæр- тæджы хуызæн^ УМйд^ ^^^С^^^^^^Р1313^861-: 5™" зынхъом куы фесты^уæд хъыгдарын баидыдтои Дон- беттырты дондзаутæ æмæ куыройдзауты, æнæ фхæрдæй æмæ æнæ бахъыгдаргæ никæй уагътой. Иу хатт куы уыд, уæд бафхæрдтой къулыбадæг усы, æмæ сын уый загъта: , --Кæд уый бæрц лæгтæ раистут, уæд уæ фыды бæстæ кæм ис, уый бацагуриккат. Уыдон уый куы фехъуыстой, уæд уæнгтæхъил, сæр- гуыбырæй раздæхтысты сæ хæдзармæ мæстæйдзагæй, сæ фæттæ æмæ æрдынтæ дæр фыр мæстæй мыпиырх код- той, Сæ мады бафарстойг: , — Нæ фыды бæстæ кæм* кс, уый нын бацамон. Уый сын загъта: 44
— Æндæр хорз ыл ма æрцæуæд, уæ тæккæ рæзгæйæ уын сымахæн уый уæ зæрды-чи бафтыдта. Айрæзут уал, •мæ хуртæ, стæй куы слæгтæ уат, уæд уын зæгъдзынæн, ’ уæ фыды бæстæ кæм ис, уый. Уыдон айтæ-уйтæ нал фæкодтой, фæлæ бел стæвд кодтой арты, æмæ сæ мады сæ быны ракодтой, æмæ йып тæвд бел йæ дыууæ дзидзийы æхсæнмæ ныддардтой: — Нæ фыды бæстæ кæм ис. уый нын зæгъ, кæннод дæ-физонæг кæнæм, зæгъгæ. Усæн гæнæн куы нал уыдиЪ, уæд сын æй загъта, уæ- дæ цы уыдаид. Радзырдта сын: — Сымахæн уæ фыдæлтæ цардысты ^арты ’хсæн æмæ кæрæдзийы амардтой. Дзырд даргъ ацæуы, фæлæ сын сæ фыды бæстæ бæл- 1шрд/тГацамыдта. Уырызмæг æмæ Хæмыц рацыдысты сæ фыды бæстæм уынынмæ. Цæуын байдыдтой^æ’мæ сæ бæхтьГ Т?ъæхтьГ хъæрæй Нарты зæронд лæгтæн ныхасы бадгæйæ сæ зæрдæ ныссæххæтт ласта æмæ загътой: — Æвæццæгæн æмæ уыцы фыдæбоны мыггагæй ис- куы æнхъæвзæн баззади, уый йедтæмæ уый хуымæтæ- джы ехсы цæлхъытæ æмæ бæхы къæхты хъæр не сты. Уалынмæ дыууæ æфсымæры æрбахæццæ сты. Æр- бахæццæмæ, куыд æмбæлд, афтæ радтой салам ныхасы адæмæн, зæронд лæгтæ дæр сын æгъдау радтой. Æгас- дзуайтæ куы ракодтой, уæд Хæмыц æмæ Уырызмæг ба- фарстой ныхасы адæмы: — Ам Æхсæртæккаты галуантæ кæм сты, кæм цæ- рынц? Уыдон сын загътой: — Æхсæртæккатæй ничиуал ис, уыдон раджы куы оабын сты. Уæд сæ Хæмыц бафарста: — Бæсты хай æндæр сын ницы уал баззад, галуан, бынтои сæфт куыд фæкодтаиккой. Сæ галуантæ сын бацамыдтой. Ссыдысты сæ фыдæл- ты галуантæм, расыгъдæг сæ кодтой æмæ дзы æрцарды- сты. Кæмдæр ма се ’рвадæлтæй. иу зæронд лæджы ссард- той, æмæ уый дæр семæ æрцæрын кодтой æмæ йæ сæхи- цæн фыд скодтой, æмæ йын æрбахастои^æ мады дæр’ 45
Цæрынтæ райдыдтой, цæрынтæ райдыдтой æмæ та фыццаджы хуызæн стыхджынхачлÆхсæртæккаты мыг-. гаг йарты ’хсæн æмæ та сын нарты адæмтæ фыццаджы хуызæн хъалон фидын байдыдтой. Алы бæрæгбоны дæр сын хастой кусарты æвддасарм, арахъхъы дурын, къуыстилы дзаг бæгæны. Уалынмæ сæмад æмæ^мййт фыд амардысты. Сæ мад куы марди,'уæд сын радзырдта, куыд фæсайдта Уастырджыйы, уый, æмæ сæ бафæдзæхста: — Уæлæуыл мæм уæ тæссæй нæ баууæндыди, фæлæ мæ уый мæрдты дæр нæ ныууадздзæн, æмæ мæ-иу ба- хъахъхъæнут, куы амæлон, уæд мæ уæлмæрды. Уый фæстæ дыууæ æфсымæры устытæ курын сфæнд кодтой, фæлæ сæ хистæр чи уыд, уый нæ зыдтой а^мæ быцæу кодтой хистæр сæ чи у, ууыл, раздæр сæ кæуыл æмбæлд ус курын, уымæн ницы зыдтой. Сæхи мидæг хъæлæба кодтой æхсæвæй-бонæй хистæрдзинадыл. . Уы- донæн ма кæмдæр уыдис иу хо, сæхицæй хистæр æмæ кæрæдзийæн куы нæ састысты, уæд сфæнд кодтой сæ ;хомæ фæцæуын, æмæ уымæй бæрæг базонын, чи сæ хис- чæр у, уый. Фæндагыл куы фæцæйцыдысты, уæд Хæмыц ^агъта: I — Цæй æмæ не ’рчъитæн фæсал ратонæм. | Уырызмæг хинæйдзаг казм нæ уыд, æмæ загъта: ^ — Мæнæн ме ’рчъитæ ног ивд сты, фæлæ дæ кæд ^хъæуы, уæд агæпп лас^эемæ ратои фæсал. ! Хæмыц а1жпп ласта’бæхæй, ратыдта фæсал йе ’рчъи- ^æн æмæ йæ^фæсарцы абаста. Цæуыи байдыдтой æмæ æрхæццæ сты сæ хомæ. Кæрæдзиуыл бацинтæ кодтой, ;æмæ кæрæдзийæн сæ хабæрттæ радзырдтой. Радзурын- ’мæ сын сæ хо загъта: * — Дæлæ уæ йæ бæхы фæсарц фæсал баст кæмæн ис, уый у кæстæр^.цХ^Л 7^ ^М^Ар« Уый загьта цы/ Хæмыцæн дын цыма йæ былтæ ра- чкъуырдæуыд, фесхъиудта йæ мидбынат æмæ йæ хойы рацæйлгъыстаТ^ Уз^Улæмът^æмæ Уцрызмæджы хойæи йæ зæрдæ бауазалЛЙМя^^^ — Æз дæ мæрдты уазæг, ма мае^^исъйх, *æмæ дæ цы фæнды, уыцы хорз^дын ракæндзынæн. ( Уыцы ныхæсЗОё» Хæмыцæн йæ зæрдæ фæсасти.’^ар^л тæн сæ арфæ дæр æмæ се ’лгъыст дæр цæуаг уыд, уымæ^
^^ер&^-Кæтть дæр йæхи ваурæдта..:—а^астырджы Оав- дæлд, афтæмæй ныр Хæмыц, Уырызмæг ус курынмæ аивгъуыдтой, зæгъгæ, уæд дын ^гуиæхсæв зæппадзма^ бахызти;йс^ерæкъахыг бæх æмæу^гар^шæ^. да&р » ^ Г^)$&&Н Л^ЯЯС^^ мæйы фæстæ райгуырдис чызг, бай^ ’раг’’æмæ куыдзы хъæвдын. Уыдон иууылдæр куы ра% хъомыл .оты, уæд уырдыгæй хъусын байдыдта сывæлло* ны ^^%тан. байраджы мыр-мыр æмæ къæбылайы къæу^ \къæ^й/пу^шгт куь^ $$5, уæд уыдоны уынæрмæ æрцыды^ сты Хæмыц æмæ Уырызмæг. Æрдиаг бакодтой, ай цы ха^ бар у, зæгъгæ, цы сын æй базоныи хъуыд, уый Уастыр^ джы кæй сарæзта, уый. Æмæ дзы райстой зæппадзæй, чызг, байраг æмæ куыдзы хъæвдын. Сæргуыбырæй уæн-' тæхъилæй сæ хæдзармæ схастой æмæ чызгыл сæвæрд-ч той Сатана, байрагыл Уаддым, куыдзы хъæвдыныл та, Силæм. , Сатана ссис тынг дæсны ус алцæмæй дæр. Афтæ дзу* \рынц: нозт аразын, дам, уымæй баззад. Уый фæстæ Уы-; юызмæг æмæ Сатана лæг æмæ усы уарзт бакодтой кæ-^ ’рæдзийы. Уыдон куыд баиу сты, уый тыххæй уыдзæн| æндæр ран ныхас. Бораты мила хæрæгыл æй куыд сба-' дын кодта, цот сын куыд рацыди^, уый тыххæй дæр )*м?*и<фр№% Уæрхæг уыдис Бурæфæрныджы сиахс, мах æй ныр-! тæккæ дæр ма хонæм Аларды (Бурæфæрныг). Бурæфæр-< пыгæн уыди цæхæрадон, йæ алыварс æфсæйнагæй бы- ру. Алы æхсæв дæр дзы давди бæлæстæ. Цы уыдысты хуыснæджытæ, уый бæрæг нæ уыд, ничи сæ зыдта. Стæй Бурæфæрныг куы стыхсти, йæ цæхæрадон гæзæмæ куы кодта, уæд дзырд радта: — Мæ цæхæрадон мын чи бахъахъхъæна иунæг æх-' сæв, уыимæ нын æмбис, стæй мæм хæзнайæ цы разына’,, уыдон дæр дыууæ æмбисы. Фæлæ хъахъхъæнын куы нæ бафæразой, уæд сын ралыгкæндзынæн сæ сæртæ æмæ сын сæ аафсæн быруйы михтыл æркæндзынæн, уый мæм Хуыцауæй дзырд ис. Фосмæ бæллæг кæм не сты адæм, цæуыитæ йæм. бай- дыдтой дыгæйттæй, фæлæ цæх^ерадон баиргъæвын ничи 47
-фæрæзта: Бурæфæрныг сын-иу сæ сæртæ ралыг кодта æмæ сæ-иу быруйы михтыл æркодта. Адæм сихсыдысты. Æфсæн быру лæджы сæртæй байдзаг, фæхъаджджын ма дыууæ сæры. Уæрхæгæн уыди дыууæ фырты — Æхсар æмæ Æх- сæртæг, Бурæфæрныджы хæрæфырттæ. Дзырд æрцыд дыууæ æфсымæрмæ: — Адæм нал баззад нæ алыварс, хæлар нын нал ис, æмгар иннæ ахæм. Фæрныджы къухæй цагъд æрцыды- сты. Бавзарæм мах дæр, нæ цардæй ма цы кæнæм, уæд- дæр ма нæ мады æрвады æфсæн быру дыууæ сæры хъуаг у. Æхсæв бахъахъхъæнæм цæхæрадон, Бурæфæр- ныг загъта: — Мæ туг, ме стæг стут, куы нæ бафæразат мыййаг, æз та хуыцауæй ардхорд дæн, стæй уæм мæ къух куы пæ таса, мæ зæрдæ куы нæ кома уæ амарын, фæлтау ныууадзут. Нæ байхъуыстой дыууæ æфсымæры Бурæфæрныгмæ. Ныллæууыдысты хъахъхъæнæг. Хъахъхъæнынц. Æмбис- æхсæв æрлæууыд, афтæ Æхсæртæг бафынæй, Æхсар бады, æмæ дыууадæс саджы æрбалиуырдтой æфсæн бы- руйы сæрты: фæйнæ бæласы атыдтой æмæ сæ æд уидæг- тæ сæ сыкъатыл ахастой. Æхсар дзы иу багæрах кодта, æмæ бæлас уым баз- зад, саг дæр фæцæф, фæлæ тугв&дгæнгæ уæддæр афар- ДсчТ иннæтимæ. Райсом æрцыди Бурæфæрныг: — Цы фестут, мæ хæрæфырттæ? Исты бахъахъхъæд- тат? — Нæхицæй дын цæмæй раппæлæм, ахæм хъахъхъæд нæ бафæрæзтам, фæлæ дыууадæс сагæй иу фæцæф, бæ- лас дæр цæхæрадоны баззад, — загътой æфсымæртæ, — Хуыздæр нæ хъæуы, афтæ бахъахъхъæдтат. Ай сырд цæф, бæлас баззад, уæдæ ма цы вæййы. -Ныр мæ ис дæр, мæ цæхæрадон дæр дыууæ æмбисы.^ Хорз бафæ- рæзтат. — Мах уый нæ сæрмæ не ’рхæсдзыстæм, мах нæ тугвæды фæстæ цæуæм. Нæ сæ уагъта сæ мадæрвад Бурæфæрныг. — Æгъгъæд, цы уыл æмбæлд, уый бакодтат. Ныу- уздзут, лæппутæ. Лæппутæ стут æмæ искуы фесæфдзыс- ту(т. Коммæ нæ бакастысты дыууæ æфсымæры. Тугва^- 48
ды фæстæ ацыдысты æмæ фæд денджызы былмæ иых- хастой. Уым æрынцадысты. Сæгуытдзæрмттæй сæхицæн мусонг бацарæзтой. Æмæ Æхсар загъта Æхсæртæгæн: — /Ез цæуын тугвæды фæстæ денджызы бынмæ, ды уал ам бад æмæ цæр. Донмæ-иу кæс, æмæ кæд урс фынк кала, уæд æз хъæлдзæг дæн, — мæ мæт ма кæн; кæд сырх фынк танхъа хæсса, уæд-иу дæ сæр фæцæв, æмæ-цу цæм тагъд куыд æрхæццæ уай, афтæ. Уый зон æмæ мыл тых цæуы. Æхса,р ныццыд донбеттыртæм, ныттыффытт кодта æмæ иу мæгуыр усмæ бацыд фысыммæ. Ус мæгуыр уыд æмæ хъынцъым кодта: — Ацы дзæбæх лæппу куы нæ æрбацæуид мæнмæ фысыммæ, фæлæ æндæр искæмæ куы ацæуид. Ущй ,лæппу базыдта, кæй йыл тыхстис уый, æмæ загъта: — Ма :мыл тыхс, æз Хуыцауы æрдхорд дæн æмæ, хъаст чи ахæсса, ахæм нæ рæк; Фысымты хъæздыгæй не ’фхæрын, — раздæр кæдæм бахæццæ уон, уый ма^ фысым. У,с куы базыдта, «мæнæй нал фæцæудзæн», зæгъгæ. уæд батагъд кодта йæ цæххыл, йæ кæрдзыныл: «ай фæндаггон у æмæ æххормаг уыдзæн», хæринаг ын æр- хаста. — Хорз ус, бузныг дæ цæхх, дæ кæрдзынæй, фæлæ гагъд кæй кæныс, уый дæр мын хъыг у: ма тæрс, æз хъаст чи ахæсса, уыцы адæмтæй нæ дæы. — Тагъд-тагъд уый тыххæй кæнын, Донбеттырты æлдары чызджытæ уæлзæхх иу цæхæрадонмæ фæца- хуырысты æмæ йæ æмбис фæкодтой. Фæстаг хатт мæ хъан цæф фæци æмæ ныр мæлы. Тагъд дыл уый тых- хæй кæиын. Æрбарвыстой мæм, «куы ма дæ фенид», зæгъгæ. Æхсар æй бафарста: — Æмæ уымæн цы хос ис? — Уымæн хос ис: йæ агъдæй иу фарк ахаудта, æмæ уый куы уаид, уæд йæ фыдмæ нымæтын ехс ис, æмæ йæ уымæй ракъуырид æмæ чызг, йæ мадæй куыд ный- йардта. афтæ фестид. — Уæдæ уый мæнæ мæнмæ ис, — загъта Æхсар, --• æз уый фæстæ фæцыдтæн, уый фæды фæстæ. 4. Бязырты А. 49
Ус бацыди рынчынмæ æмæ йæм хæцынц: — Цæй æрæгмæ æрбацыдтæ? Уый загъта: — Цы кæнон: уазæг мæм æрбалæууыд æмæ уымæн кæрдзыны къæбæр кодтон. Стæй м,æ уазæг загъта: «Мæ дзыппы ис, чызджы агъдæй цы фарк ахаудта, уый». — Ацу-ма уæдæ йæ ардæм ракæн тагъд! Ус æрбацыди, акодта уазæджы, рынчыны размæ. Бацыди лæппу рынчыны размæ. Чызг ныллыстæг, сынтæджы хуыссы йæ сызгъæрин дзыккутæ зæхмæ зæу-зæу кæнынц. —- Уазæг, цы миниуæг дæм ис? — Ницы, — загъта лæппу. — Уæдæ ма сис, дæ дзыппы цы ис, уый. Сяста йæ уазæг. Фыд ,æй рынчыны агъдыл сывæрд- та, нымæтын ехс ыл расæрфта, æмæ рынчын дзыхъ- хъыниогæй рауади, йæ мад æй куыд ныййардта, афтæ. Донбеттырты æлдар загъта: — Дыууадæс чызджы дæр Хуыцау дæуæн радта. Кæд дæ фæнды, дæ хотæ сæ скæн, кæд дæ фæнды дæ- хицæн сæ уадз, кæд дæ фæнды адæмæн сæ байуар. ~ Ницы мæ хъæуы æппындæр, — дзуры лæппу, — æз уый фæстæ иæ рацыдтæн, фæлæ дыи хайыр фæ- уæнт дæхицæн. Дзыллæ дæр схатыдысты: — Тæргай цæмæн кæныс, лæппу, уазæг нæм дæ, æмæ ма худинаг кæн. Куы нæ уал æй уагътой, уæд лæппу загъта: — Уæдæ мын мæнæ Хуыцау кæй саккаг кодта, уый мын æгъгъæд у, — æмæ йæ ракуырдта. Æмæ фæцæуы Æхсар æд ус йе ’фсымæрмæ. Дон урс танхъа хæссы. Æхсæртæг цин кæны: — Ме ’фсымæр хъæлдзæгæй ссæуы. Цом æмæ цуа- ны ауайон, кæд исты амарин, — æмæ ацыдис цуаны. Æхсар æмæ чызг ссыдысты æмæ мусонджы æрбад- тысты. — Ды уал ам бад, — дзуры Æхсар — Диссаг нæу, ме ’фсымæр куыд æрæгмæ зыны. Æз æм мæиæ æддæ- дæр акæсон. Æхсар æддæмæ быдырмæ ацыди, Æхсæртæг мусонг- I мæ æрбацыд, нæ баиу сты фæндагыл. Æмæ ныццим кодта Æхсæртæг: 50
— Хуыцау, дæ рынтæ дын бахæрон; — мæнæ мын мæ бынатмæ цы чызг æрхастай! Чызг ын уыди йæхи лæг æнхъæл: дыууæйæн дæр сæ дæндаг иу, сæ был иу, сæ дарæс, сæ конд, хъауджы дæр сæ нæ уыд. Æхсар быдырты фæзылд, æмæ куы не ссардта йе ’фсымæры, уæд æрбацыди. Æрбаййæфта мусонджы Æхсæртæджы аемæ йæ усы хъазгæ. Загъд сын ацайдагъ. Æхсар: — Æз денджызы бын донбеттыртæй мæхицæн ус схастон, ды дзы ам хынджылæг кæныс. Æхсæртæг: — Мæнæн хуыцау мæ мусонгмæ ус æрхаста, уый дæуæн кæцæй æрцыди? Хæцæнгæрзтæ фелвæстой Æхсар æмæ Æхсæртæг кæрæдзимæ. Дыууæ дæр мард фесты. Донбеттырты чызг иунæ- гæй баззад. Йæхиуыл царм, буар нал ныууагъта. — Дыууæ хуыцауы уарзон адæймаджы сæхи мæн тыххæй амардтой, уæдæ сæ ныр ныууадзон æмæ сæис- ты куы б.ахæра, нæ сæ ныууадзин æмæ мæм куы нæ бел ис. куынæ къахæн. Цы сын бакæнон! Стæй Уастырджы æртахти, хуыцауы салам ыл сæм- бæлд æмæ йын афтæ зæгъы: — Гъе, хорз ус, цы кодтай, цы-дыл ’æрцыди? — Цы кæнон, дæ рын бахæрон, ацы дыууæ уарзон уды мæч тыххæй сæ кæрæдзи амардтой æмæ сæ куыд ныууадзон, цы сын бакæнон, уый тыххæй мæхиуыл, г^уар нал ныууагътон. — Уæдæ мын куы бакомис, уæд дын сæ æз баныгæ- аин, — загъта Уастырджы. — Уæдæ ма кæдæм фæцæудзынæн æз дæр — дæу иæ дæн?! Уастырджы нымæтын ехс систа æмæ денджызы был дыууæ ’райы æрцавта, æмæ дзы заппадзтæ фестад дыу- уæ раны дæр, Софиайы зæппадзы хуызæн. Мæрдты уы- цы ран сæвæрдта. Стæй ус дзуры: — Ды сыгъдæг лæг дæ æмæ æз ацы хуызæнæй куыд уон демæ. Цом æмæ æз доны был. мæхй ахсон, асыгъ- дæг кæнон. 51
Уый йæ сæр .ддны фæцафта æм.æ доны афа^рдæг йæ цæгатмæ, фæсайдта йæ. Уымæн тынг дъыг уыди æмæ ныггуыбар-гуыбур код- та æмæ арвы кæрæтты авд зылды æркодта, атахти. г Уый йæ дæгатдоæ куы ,ныццыди, уæд басьшæрджын дыууæ æфсымæрæй æмæ йын дыууæ лæппуйы рай гуырди æмæ сыл нæмттæ са^вæрдта. Разæй ч.и рай- гуырд, ууыл — Хæмыц, уый фæстæ — Уырызмæг. Уыдон рахъомыл сты, æмæ фыдуаг кæнын Æайдыд- той. Къулбадæджы чызг-иу донмæ æд дурынтæ рацыд. Уыдон-иу: — Цæй-ма дæдæ уыцы чызджы дурынтæ фехсæм, кæддæра тагъддæр чи акъуырид дурын фатæц. Æмæ сæ иу сгæрах крдхой, æмæ-иу фæмур сты дыу- уæ дурыны дæр. Хъауджыдæр сæ нæ уыд, дыууæ лæп- пуйы дæр æм<\уызон-иу фе^стой, æмхуызон иу асас- той. Æмæ-иу чызг кæугæ ссыди йæ мадмæ: — «ЭДæ ду- рынтæ, фæкалдтæн, æмæ мын асастысты». Афтæмæй иу æ(ртæ хатты асастой чызгæн йæ дурынтæ. Нæ-цу хъæр кодта, «фæкалдтæн» та-иу загъта. Иу хатт куы уыди, уæд сæ схъæр .кодт,а: — Нана, никуы фæкалдтæн, фæлæ мын сæ гъе уьщы дыууæ лæцпуйы дс^еттьщц. — Райсом донмæ куы ацæуай, уæд ма-иу сæ ардæм ракæн. «Наца уæм.дзуры», зæгъгæ. Уыдон цин кодаой: — Сидзæр стæм, æмæ нын гуылтæ скодта æмæ нæм сиды. Уыдон ссыдысты: — Уæ куыйтæ, уæ дзæгъæлзæдтæ, мæ чьщщмæ хæ- цын уын цы хъæуы, фæлæ уæ бæстæ уæлзæхх^ куы ис, уæд уырдæм ацæуиккат. Уыдон æрцыдысты æмæ сæ мады къухыл нвдхæцы- дысты, донæй схызтысты уæдзæхмæ, сæ фыд*>1 бæстæ^ агурынц. Æмæ уæлæмæ цæуой, — уый дæр нæ зоцынц, дæлæмæ цæуой, уый дæр ,нæ зонынц, æнахуыр дэег цы бакæндзæн! Уыдон æртае#æ дæр æмвæнд скодвдй: .— Ацы бæстыл уал цом, доны былæй иснердæм куы ацæуæм, уæд фæдзæпьæл уаддзыстæм. ’ Уыдон цæуын байдыдтой доны былтыл æмæ иу зæ- 52
ровд лæджы сæййæфтой дЪны» был1, йæ фое ривæд код- той, хъомгæс уыди æмæ йæ бафар’стой? — Дæ сæрæн куы иæ уал дæ, уæд’ хъойгæс цæмæн дæ? \Зæронд лæг загъта: — Мæнæц уыди дыууæ фырты — Æхсар æмæ Æх- еæртæг, мæ зæрдыл æрбалæууыдысты. Раст сымах иахъхъæн, сымах хуызæн. Се сæфты тыхы фæстæ ацът- дысты æмæ, абои дæр кæм сты, уый’ баерæг нæй. — Уæдæ мах Æхсар æмæ Æхсæртæджъг фырттæ стæм. — Æмæ мæ сæрæн нал* дæн. — Æмæ дæ мах ахæм ранмæ агуырдтам. ■ - Æмæ мæ Иарт хъомгæс скодтой сæхицæн тыххæй. — Ныр тæрсгæ мауал кæн, хуыцау&й’ бузныг. Уыдон кæрæдзийы ныхъх’й&бые йЗДгоЙ æмæ иумæ цæуыдц: зæронд дæр кæуы’, л&ппутаё’ Д&р’ кæуынц. Æмæ рæгъауыл схъæр л’астой1 дыуу# лæппуйы. Æйæ- иу йæ къæдзилыл фæхæцы стурæн1, иш& дæр февналы, æмæ сæ кæрæдзиуыл ныцц’æвынц. Æмæ кæмæ февна- лынц, уыдон уым аззайынц, фæхæдмæл вæййынц. Ий- нæтьр Ыарты хъаг/мæ етардтой1. «АцЫ зæронд лæджы хъомгæс чи скодта, уый æддæмæ ра’яæсæд», зæгъгæ. Æм!,е' алчи йæ дуар сæхгæдта, æддæМæ" иш уæндыдыс- ты, сæ хъæрæй, арвы дзæнгæрæг куыд уа1, афтæ зæхх рызти... — Ды нырма усимæ фæцæрыйхъом дæ... Ай дын нæ м-ад,. æмæ ус æмæ лæгæй’ цйерут. Г’ве, етæй уым цæрын> бййД’ы’дтой, №арты хъæуьг цард сын) бацайдагъ. Стæй ус базæронд æМæ йæ мæлæты рынчын’ æрци. Æмæ Уырызмæг æм’æ Хаемыц йæ дыууæ фырты уыдысты, Донбеттырты1 х;æрæфыр^тæ. Йæ адгза- лы рынчын кæй æрци, уый базыдта, æмæ йæ дыууæ фыртмæ дзуры: — Æз уын дзæбæх лæгæй хæсджын нæ дæн, æмæ иу мæ завйпадзы куы ныйæрат, уæд Жæ æртæ æхсæвы бах’В^’йхъæнут. Фыцц’аг æхсæв Уырызмæджы рад* уыди. Æмбиеæх- сæв куы ныллæууыди, уæдмæ фа№Вада*хъæдта, стæй уæд #ард: фелвæста æмæ зæппвдзы а’лыварс æрхахх кодта: 53
— Додой йæ хæдзар фæци, — ацы хаххæй мидæг- дæр чи æрбацæуа, уый мемæ цæрын хъæуы. Æмæ йæ лæджы хаймæ афардæг и. Уастырджы ныппæррæст ласта æмæ æртахти, йæ бæх — къуылых. Уаддымыл, йæ куыдз дæр йемæ. Уастырджи загъта: — Дунейыл мæ фæсайдтай, ныр та ма цы кæндзы- нæ?.. Уый фæстæ афардæг йæ хæдзармæ, уæдæ цы кодта, Уастырджы. Ууыл иу афæдз ацыд, æвæццæгæн. Уырызмæг ссыд æмæ бæрæг кæны хахх, æмæ дзы фæд бæрæг нæ уыд’ ’хаххыл. Уастырджы æрбатахт, æмæ дзы фæд цæмæй уыдаид. Уæллаг Нарт-иу хъæдмæ куы цыдысты æхсæвæй ,,рай"сб5ГраджБГГуæд-иу дис кодтой: 1_..—; Борат^уæлмæ^дæй сывæллоны кæуын, байрæ- джыЪыр-мьф æмæ кудзы къæбылайы хъиу-хъиу цæ- уы... Цавæр диссаг уа? Уый Уырызмæг æмæ Хæмыц куы фехъуыстой, уæд загътой: — Цом ма ссæуæм, нæ зæппадз фенæм, — цыдæртæ дзы куы дзурынц. Уыдон ссыдысты æмæ дзы — чызг, байраг æмæ куы- дзы къæбыла. — Ай дæ рынтæ дын бахæрон Хуыцау! Ай нæ мад та нын мардæй дæр куы фесгуыхти... Ныццин кодтой: æрхастой сæ хæдзармæ цингæнгæ. Чызгыл сæвæрдтой ном Сатана, байраг схъомыл кодтой æмæ йæ Уырызмæг бæх скодта йæхицæн, æмбисондуы- ди, «Уырызмæджы хъулон», зæгъгæ. Куыдзыл сæвæрд- той ном Силæм, — куыйты хистæр Силæм. 3. НÆРТОН ЛÆППУ СИДЗÆР УÆХТÆНÆГ/^ Нæртон адæмæн уыдис сидзæр лæппу. Иæ ном — Уæхтæнæг. Бынтæ йын бирæ уыди. Нæртон адæм^ын марын вæнд скодтой, цæмæй сын йæ бынтæ баззайой. Æмæ йын бамбарын чынди: :. — Иарт дын марыи вæнд кæнынц æмæ дæ сæрæн и^ты хос скæн, дæхи искуы бафснай.
Æмæ сидзæр лæппу денджызы былмæ фæлыгъди. Уыцы ран хъамылтæй, хæмпæлтæй мусонг скодта. Кæ- сæгтæ ахста денджызы æмæ уыдонæй цард. Иу ахæмьГ* бæлæгъ скодта æмæ йын фылдæр æнтысын байдыдта, уæд. Иу бон йæ дарæстæ мусонджы ныууагъта, æмæ бæгънæгæй бæлæгъы бадгæйæ кæсæгтæ ахста. Иæ кæ- саг ахсын ныууагъта æмæ æрбацыд бæгънæгæй йæ бы- латмæ. Куы ’рбахæццæ мусонгмæ, уæд бакаст мусонг- мæ, æмæ дзы чызг бады. Хуртæ æмæ дзы мæйтæ касти чызджы. Æмæ лæппу фæтарст æмæ мусонджы фæстæ- мæ баппæрста йæхи. Чызг æм дзуры мусонгæй: — Мидæмæ рацу, — тæрсгæ мæ ма кæн. Уый загъта: — Цыдæриддæр дæ, мæ дарæстæ мын раппар, дæ хорзæх мæ уæд. Æмæ йын йæ дарæстæ аппæрста. Лæппу скодта йæ дарæстæ. Æмæ та йæм дзуры чызг: — Уæхтæнг, мидæмæ рацу, ма тæрс. Æмæ сидзæр ахъуыды кодта йæхинымæры: — Цон, уæддæр никуыдæмуал аирвæздзынæн. Æмæ уый адыл мусонгмæ бацыд. Уæхтæнг тæрсгæ-ризгæйæ мусонджы лæууыди чызджы раз. Æмæ йын чызг загъ- та: ; —. Уæхтæнг, æз ,хуры чызг дæн æмæ æрцыдтæи дæу- мæ; кæд дæ хъæуын æмæ мыл кæд æрвæссыс, уæд мæ дæхицæн саккаг кæн бинойнагæн. . Цæй тыххæй йыл нæ барвæссыдаид. Фыр рæсугъ- дæй дзы ,йæ мусонгæн ссудзынæй тарст. Æмæ алымæн сты, æмæ иумæ цæрын байдыдтой. Иу дыууæ къуырийы фæцардысты уым мусонджы денджызы былыл. Æмæ чызг загъта: — Ам куыд цæрдзыстæм æнæ адæм, фæлтау, кæд дæ бæсты искуы иу лæгъз ран ис, уæц уырдæм фæ- дæуæм Уæхтæнг загъта: — Мæ бæстыл бæгуыдæр ис ахæм ран: «Дондарæ- ны Сæрвæт» хуыйны. Æмæ уыцы æмæхсæвæджы рацы- дысты уырдæм. Чызгмæ уыди куырдиат Хуыцауæй. Æмæ скуывта: «Хуыцæутты хуыцау, ацы лæгъз кæуыл- ты у, уым æфсæн галуан куыд феста4, афтæ: гъе стæй авд æддæгуæлæ агъуыст; бæсты æмуæз æфсæйнаг бан- 55
дон «агъуысты». Райсомæй сбон и æмæ нæртон адæм ра- кастысты. Дис кæнынц: — Ай та цавæр хъуыддаг уа. Уалынмæ Сырдон дæр рацыд, æмæ дзуры Нартæн: — Æмæ йæ нæ зонут, цавæр у, уый? — Нæ зонæм, — зæгъгæ, загътой. — Уый æргæвдгæ кæй кодтат, гъе уыцы Уæхтæнг у. Æмæ хуры чызджы æрхаста. Уый Уæхтæнджы хæдзар у. Æмæ бацин кодтой нæртон адæм: — Уæдæ хуры чызджимæ истæмæйты архайдзы- стæм. Сослан, «хуры чызджы куы фенин», зæгъгæ, хъаз- гæ-худгæ бацыди æмæ ус æмæ лæгыл йæхи цингæнæг скодта. Сосланы уыдон æрбадын кодтой æмæ йын бу- рæ-мæдзæ йæ быны ауагътой. Сослан бандоныл фæ~ ныхæст. Ус бамбæрста Сосланы хъуыдыгæ. Уалынмæ æризæр. Хуры чызг асидт йæ сæры хицау Уæхтæнгмае. ■- Ай цæмæн æрбацыд, уый нæ зоныс? --- Æмæ цæмæн, зæгьы, æрбацыд. -- Уый дын æрбацыд дæ усæй фæхынджЫлаёг кæ- нынмæ, дæ сæр фегад кæнынмæ. Сослан та„ бандоныл ныхæстæй бадт... Дыккаг бон Уæхтæнджы галуанмæ бацыд нарты Со- зырыхъо. «Сослан куыд æрæгмæ цæуы», зæгъ^æ. Æмæ та уый дæр Сосланы фарсмæ æрныхæстой бурæ-мæ- дзæй. Райсомæй Уæхтæнæг æрбацыди. Созырыхъо æмæ Сослан лæгъзтæ кæнын байдыдтой: «Суадзут нæ», зæгъ- гæ. Хуры чызг дон стæвд кодта æмæ сын æй сæ бын»ы æхсидгæ-æхсидын раскъæрдта. Сæ бадæны1 царм бан- доныл азза’д Сослан æмæ Созырыхъойæн, афтæмæй сæ хæдзæрттæм ацыдысты. 4. НАРТЫ УÆРХÆГ ÆМÆ ЙÆ ФЫРТТЫ ХÆСТ УÆЙГУЫТИМÆ Нарты Уæрхæг фæцыди хæтæны уæйгуытьг бæстæм. Хæцын; байдыдта уæйгуытимæ. Уæйгуытьг бæстыл куыд хæтыди, афтæ йыл уæйгуытæ тых кодтой. Уыцы хæеты 56
мидæг нæ фæлмæдыди Уæрхæг: йæ хæдзар хаста алы бæстæтыл. Иу заман фæстаг тых æрбавæрдта Уæрхæг йæ фырт- тимæ æмæ ацыдис. Фæцыдис йæ фырттимæ æмæ4 есард- та иу ран дзæгъæл, æдзæрæг быдыр. Уым æркодта бы- нат, æрынцад уыцы ран æмæ дзуры йæ фырттæм уæд: — Мах дæр сымах хуызæн æртæ ’фсымæры уыДыс- тæм. Æндæр амал иын-иу куыд нал уыд, цардае№, хæ- ринагæн, уæд-иу цуанæй дæр нæхи дардтам*. Уæд æртæ фырты Æхсар, Æхсæртæг æмæ сае кæс- тæр Сæтæлæг кæрæдзимæ бакастысты. Саулаг-йз, сау- æрфыг Сæтæлæг йæ сæр æнцадгай банкъуыста: — Ай та нæхи фыд нæртон диссаг! Æнæуæлдай ныхас æртæ ’фсымæры æртæ боны> йыц- царæзтой, фæттæ. Араст сты æртыккаг бон. Фæсйих^рт- тæ фæцис, афтæ саухъæды сæ сæртæ фæцавтой- / Райдыдтой цуан фæйнæ раиы, Суанджы ньщц,'айтой иу саг æртæйæ дæр. Араст сты йæ фæдыл. — Куыд диссаг æмбисонд у, — дзуры Æхсар Æх- сæртæгмæ, — уыцы цæфтæй ма куыд алыгъд. Араст та сты йæ фæдыл. Саг тугкалæн фæд’ жШрæ- бынты комы нарджыты хæссы. Баталынг сыл уыцы бон, æрбацъæх дыккаг бон1, уæд- дæр ма Уæрхæджы фырттæ саджы тугкалæн- фæдыл цæуынц. Фыдвæндаг. Æххормагыл фаелтæрд. БацййЪ1с- ты иу ран лæгæтмæ хæстæг. Баизæр та; сыл дыккаг бон дæр уым. — Нæ райсомы æрбарухс, Бæстыфарн, дæ бар; мах дæр та уыдзыстæм йæ фæдмæ цæттæ. Сагъæс зæрдæйы^ фæмидæг. Сæ хистæр Æхсар дзуры Æхсæртæпгæ’ — Афонмæ нæ митыл Уæрхæг мæтæй фæцй- Дзурынц Сæтæлæгмæ: — Мах цæуæм, здæхæм, дæуæн та дæ зондьГ цы« ис?" Сæ кæстæр Сæтæлæг уыдонмæ дзуры: — Нæ ныууадздзыиæн мæ цæф сырд саухъæды дзæ- гъæлмард. Кæд фестут сымах аййонг æвæнДаг, — æл тындзын1 дарддæр мæ фæндаг, нæ ныууадздзынаен #æ саджы мард зæххыл — дзуры сæм сæ кæстæр Саетæ- лæг. Уæд1 æм сае хистæр Æхсæртæг фæстаг ныхас дзуры: 57
— Æз иннæтæй сæриппæрд... фæлæ бæстыл удæй зынаргъдæр ницы ис, дæхи сæр-иу хиз. Араст сты уырдыгæй фæйнæрдæм йеныр. Дыууæ хистæры фæстæмæ раздæхтысты. Сæтæлæг ныфс æрба- вæрдта, саухъæд-саухохы æмхæст цыд, айтыгъта фæд иун^æгæй Сæтæлæг.....,. ;_ Æфонæй бирæ нæ рацыдис, саухъæды сæ лæгæт. Ра- цыдис дзы иу сылгоймаг. Иу ссыр дæларвмæ, иннæ ссыр уæларвмæ. Сæтæлæгæн йæ зæрдæ ныррызт. Абадти дур рæбын. Уæд Сæтæлæг байхъуыста усмæ. Уынæргъы, богътæ кæны: ■— К^цæйты фæзындысты уыцы хæххон дзиглотæ. Куы сæ фæтардтон дард, уæддæр та фæзындысты, ныц- цавтой мæ хъуджы. Æй джиди, уый чи ссæуы. Мæ дæндаджы ’хсæн æй сæрдæнæн фæдарин. Уыцы ныхасмæ куыд байхъуыста Сæтæлæг, — фæт- тæй иу сласта, тæккæ риуы æгънæджытыл æй суагъта, афтæ дыккаджы дæр. Фæттæ зæрдæмæ бахызтысты, ус афæлдæхт уыцы ран. — Уый дын дæ хъуг, — афтæ йæм дзуры Сæтæлæг. Бадис кодта лæппу: — Уæдæ уый йæ ус кæмæн у, уагæры уымæн йæ лæг та цы уыдзæн! Уыцы хъуыды зæрдæйæ фескъуыд — афтæ уый къæ- дзæхæй рацыд усы богътæм, æмæ дзуры уæйыг. — Æйтт, йамæн, — загътй, — йе уыцы хæххон дзиг- лотæ бæстæй куы фæтардтон, уæддæр та мæ’ куы бабын кодтой. Мæ хъуджы амардыл нæ лæууыдтæн, уæд мын ай мæ усы куы амардтой. Кæмдæриддæр уай — маргæ дæ кæндзынæи æмæ дæ мæйы дæргъы, куыннæ дæр мæлгæ кæнай, куыннæ дæр цæугæ, афтæ дæ мæ дæн- дæгты ’хсæн хæсдзынæн. . Зилгæ æрбацæуы уæйыг. Сæтæлæгмæ уыд æгасæй фондз фаты, дыууæ дзы усыл ныццавта, æртæ ма йæм баззад. Æваст фат сласта æмæ йæ уæйыгыл ныццавта куыд фыццаг, афтæ дыккаг дæр. Уæйыг сæ фелвæста йæ буарæй фæстæмæ, къухæй сындз фелвасæгау сæ фехста фæйнæрдæм. Æрбацæуы комкоммæ. Уæд Сæтæлæг ныккуывта йæ иунæг фатмæ: I — Гъе, мæнæ бæсты бардуаг æмæ бæсты фарн, мæ
адзал у, уый зонын, фæлæ мæ адоны хардз ма скæнут. Афтæ æрбахæццæ уæйыг Сохъхъыр дурыуæлхъус- мæ. Уæд Сæтæлæг фæстаг фат фелвæста æмæ йын йæ дзæба^х цæстмæ ныхъхъавыд, ныццавта йæ цæстыл, цæст ныпъпъæгъгъæтт ласта, куыфæй фаджыс акæлæ- гау, йæ рондз куы ракалд — лæг-иу дзы йæхицæн фæ- тарсти. Уæйыг къух дардыл фæхаста, цæсты къæлæтыл æй æрбавæрдта, йæ иннæ къухы цъалды, саг кæмæй ар- гæвста, богътæ райдыдта уыцы ран Сохъыр уæйыг: — Мæ хъуджьт мын амардтой, мæ усы мын амард- той,. мæхи мын бакуырм кодтой, уæддæр дæ хæргæ кæндзыиæн, кæмдæриддæр уай. Агæпп ласта Сæтæлæг уæйыджы сагæхты, бацыдис къæдзæхмæ æмæ йæ тугæйдзаг фæттæ йемæ айста, аф- тæмæй лæгæты къуымты æрзылдис. Ссардта дзы тых- дзæугæ иу цыргъаг, сау къæй уыд йæ дауæн. Бадаудта йæ тыхджындæр, æрдуйыл бафу кæн, — цыппар хайæ хаудта. Рацыдис уæйыгмæ. Уæйыг къæдзæхтыл, дур- тыл, бæлæстыл йæхи хойы, куырм, ницыуал уыны. Цъыкк. байдыдта Сæтæлæг: кæм уæраг, кæм зæнджы, дæлæртты фæзилы, стыр тых амалæй, бæласыл ацæгау, афæлдæхта уæйыджы. Систа тугæйдзаг фат æмæ йæ æрдыныл æрбабаста, бацыдис уæйыгмæ, уый ма уыд мæнгудымидæг, тугæйдзаг фат ын йæ цæстмæ ныддард- та æмæ йæм дзуры Сæтæлæг: — Зæгъ мын ныр, æнæмæнг цы исбон, цы хæзна ис уæ рæбын? Уæиг æм дзуры: — Уæртæ къусджы къæйы бын сæрдæн, уымæй мын куы авæрис, уæд дын бирæ хорздзинæдтæ фæуаин æз. Уæд дзуры Сæтæлæг. —■ Зæгъ уал мын дæ фæумнаг. Уый дæр дыл æмбæл- дзæн. Уый т.а йæм дзуры: — Суинаг гуырд куы дæ, цæмæн афтæ кæныс. Авд æфсымæрæн иу хо уыдзæн, дæ хардз куы уыдзæн. Лæ- гæты рахизфарс фаджысы иу бæх йæ дыууæ хъусмæ ссис. — Ууыл.уый фæцис йæ ныхас. Ныххаста та ту- гæйдзаг фат цæстмæ: — Радзур мын æнæмæнг. Науæд дæ фыдмардæй ма- рын Байдыдта та уый дзурын: 59
\р — Ралас ЯМхй/ныссыгъдæг &и кæн,1 * æрхуыГсдзæни: ^лæгæты,. амайын ыл байдай, уыдзæн дзы иу фынг, — 1 алы хæрд, алы нозт йæ уæлæ абуздзæн, афта* æндæртæ , алы хæзнатæ бирæ сты къуымты. Ныууагъта йæ лæппу. Араст и лæгæтмæ. Раласта бæхы, ныссыгъдæг æй кодта, æрхуыссыд бæх лæгæты. Сæтæлæг ыл амайын байдыдта, фæстагмæ сын сæ сæ- рыл саджы мард бавæрдта, æппæты дæле йæхæдæг ба- бадт. Æртæ боны дæргъы кæдæм фæцыди, дыппæрæм бон ыл, уым ссис. Фæссихор изæрмæ æрхæццæ сæхимæ. Куыннæ йæ федта йæ фыд Уæрхæг! Куыннæ ныццип кодтой уыдон кæрæдзиуыл. Æмæ æцæг ахæм диссаг уыд. — Дæ гыццыл рынтæ мæ уд бахæрæд, мæй&н мæ туг чи райста. Йеныр цæрдзыстæм, — дзырдта йьгн: Уæ’р- хæг, — мæ дыууæ æфсымæры мын уый куы баХордта. # Æхсар æмæ Æхсæртæг фырцинæй зæххæй еистой Сæтæлæджы. ГÆрТæ боны та йыл рацыд; УæйыДжЫ фæ- тазæхст зæрдшл лæууыди. Авд æфсымæры иунæг’ хом^ цæуынвæнд скодтот? Уæрхæджы фырт Сæтæлæг æртæ боны бæхы фæхаста, ныннадта йæ донæй сыгъдæг. — Йеныр раст кæнын, — загъта Сæтæлæг. — Дæ фæндаг кæдæм у? — фæрсы йæ Уæрхæг. — Дæ бæх та куы лæууы саргъæнгомæй бэёхл&ууæны баст. Уæд æм дзуры Сæтæлæг: — Фæдзæхст мæм ис уæйыгæй. Авд æфсымæры иу- нæг хо схуыдта мæ хардз. Бабæрæг æй ис мæ заерды. Уырдæм кæнын æз раст. Нæ йæ уагъта Уæрхæг уыцы фæндагыл раст Кæнын. — Уый рагæй дæр нæртои ныхасы таурæгъаг куы фæци. Уыдон ахæм авд уæйыджы куы сты, стыхгæнæг сын тых нæ ары. Уæларвæй, дæларвæй ууыл чи не сдзырдта, фæлæ никæй къухы бафтыд. УастырдЖю йын йе ’фсьгмæртæй дыууæйы куы амардта, уæдда^р не сся йæ хъуыддаг. Ды та ма йæм дæ ныфс куыд хæ&еЬгс? — Ау. — загъта Сæтæлæг, — лæджы йæ амонд нæ хæссы! Абадти бæхыл Сæтæлæг, араст и уырдыгæй йæ дард ф&уцхашл. Уаскъуыппы бæрз&ндæй фæдæлбыл ис. Уас- къуыппы бæрзæндæй куы фæуæлбыл, уæд лæгьзы фæ- 60
сиры Сæтæлæг йæ бæхыл. Уæд иу хатт æваст фæÆасти* пуфарсырдыгæй нæмынц æртæ хæйрæджы кæрæдзи, кæмæ — дзомыс, кæмæ — дзæккор, кæмæ — мысалгъ. фæзылдта бæхы сæр, «адон уадзон», зæгъгæ. Уалын- лжы дьш æм дзы иу фездæхт æртæ хæйрæгæй æмæ ’йæм дзуры. — Хорз лæг, мах кæрæдзи куы нæмæм, уæд нæ цур- ты куыд фæцæуыс уый. Уæд фæзылди Сæтæлæг æмæ сæм дзуры: — Уæздан адæм куы стут. Хорз адæм уæ ,куы хо- нынц, уæд цы кæнут, уый? Кæрæдзи цæуыл нæмут? -- Æрхызти сæм уым Сæтæлæг йæ бæхæй, дзуры сæм. — Фыццаг дæр цæхсут уæхи тугæрхæмттæй. Уыдонмæ бакæсын!.. Цы фыдуынд уыдысты! Зæрдæ куыдт^, рыст сæ уындæй. Æхсадтой сæхи, æрлæууыдыс- ты йæ разы. Сæтæлæг сæм дзуры: — Хуыцауæй фæстæмæ, сæмбæлдтæн уыл æз фида- уæг, фæрсын уæ фыццаджы дæр: — Цы уаринаг ис уе ’хсæн, æмæ цы стут кæрæдзи- йæн? Уæд æм дзуры хæйрæг-Сæтæлæгмæ: — ЭДах стæм æртæ æфсымæры æмæ уарæм, æртæ хæзнайыл нæ фидауæм. Уьщы .ныхасы фæдыл Сæтæлæг дзуры: — Зæгъут мын сæ æнæмæнг. Афтæ сæ æрæвæрут мæ ра$ы. Цы сты уæ хæзнатæ? Æрывæрдтой йын йæ .разы Сæтæлæгæн хæ^натæ. Æщæ хæйрæг дзуры Сæтæлæгæн: — Ай у гамхуд. Ахæм хæзна дæ сæрыл куы ’ркæнай, адæмы зæххыл уæларвы, дæлдзæхæй, уæлдзæхæй, Хуы- цау æмæ зæдтæй фæстæмæ алкæйдæр уындзынæ, дæхи дын ничи уындзæн. Иннæ хæзна та у ахæм: дыууæ бас- махъы, дæ къæхтыл сæ æрбакæн æмæ дæ дзыхæй зæгъ: «М^е дыууæ басмахъы, уырдæм мæ фæхæццæ кæнут». Дæлдзæхæй, уæлдзæхæй уæлдай нæу. Цыма дзургæ- дзурын дæ разы фестадысты, афтæ тагъд дæ фæхæццæ кæндзцсхы. Æртыккаг хæ^на у ахæм, — æрæвæрдта йæ йæ разы, — ай дын гæрзын синаг, йæ дыууæ кæррны æр0а$æццæ уæнт кæрæдзидоæ, куы ’рбахæццæ уой, уæд æй фæндщ хохыл æрбавæр, уæд дын йæхи уæз дæ,р цал кæндззæн, афтæ йæ рогæн #æсдзынæ. 61
Фæрсы сæ Сæтæлæг, æртæ хæзнайы йæ цуры, афтæ- мæй: — Цы ма уæм ис дарддæр исты ахæм хæзнайæ? — Ницыуал, — зæгъгæ, загътой, — ахæм диссагæй. Ис сыгъзæрин бирæ, уый дæр дæлзæхы. Уæлзæхы-иу кæфой, уыдоныл бафидаудзыстæм, уыдоныл нæ тыхсæм. Дзуры ныр Сæтæлæг: — Уæдæ аййонг хъуыддаг кæм æрцыд, уым уæ хуыз- дæр Хуыцауы хай дæн æз, Æмæ мæм байхъусут бæл- вырддæр. Радзурдзынæн æнæмæнг цы уыдзæнис, уый, — фидауын кæнын сæ райдыдта се ’ртæйы дæр. — Ацæут, — зæгъы хæйрæджытæн Сæтæлæг, — авд хохы æддейæ мын дугъы рауайут айонг, чи фæразæй уа сымахæй, уымæн аиы æртæ хæзнайæ бар, астæуккагæн дæллаг йæ бар, фæстагæн — фæстаг. Фæрсы сæ ныр.-- Куыд уæм кæсы мæ ныхас? Уæд дзурыыц хæйрæджытæ: — Тынг хорз у, тынг хорз, — фырцинæй хæрдмæ ха* уынц. — Ахæм æрхъуыды кæм ис. Санчъехтæгæнгæ уайыныл фесты, сæ дугъ уайæнмæ. Куы акаст сæ фæдмæ нæртон Сæтæлæг, уæд.хъуы- ды зæрдæйы фæмидæг бæхæн саргъыл уидон æркодта æмæ йæм дзуры: — Бындар дæ ма баззайæд, нæ хæдзармæ куынæ ныццæуай. Бæхсæрæй хъазгæ уырдыгæй ныффардæг. Сæ айст- мæ куы бакаст, уæд загъта Сæтæлæг. — Тагъд сæ ардæм хъæуы, фæлæ нæртбн лæг адо- нæн сæ хос. Басмахъытæ къæхтыл æрбакодта, гамхуд сæрыл æркодта. гæрзын синаг къухы райста æмæ сын афтæмæй сæ хъуыды фæфæлывта. — Еныр, мæ дыууæ басмахъы, — загъта Сæтæлæг, — сыгъзæрины кæфоймæ мæ фæхæццæ кæнут. Цыма дзур- гæ-дзурын уый цур фестад æмæ йыл гæрзын синаг æр- бавæрдта, — æнæуый сæ цæмæй зыдта. ^ТГ^^^Авд æфсымæры иунæг хо — уырдæм мæ куы фæ- хæццæ кæниккат. Афтæ фæхæццæ ис, уайтагьд уым фестад. Диссаг уыд уьфдæм бакаст. Зæрдæ лæппуйæн фæгуырысхо. I — Уæрхæг мын хуымæтæджы нæ дзырдта: — Ай у 62
нæртон таурæгъ. Æфсæи бру, йæ мидæгæй дзæнæты цæхæрадон, авдуæладзыджы. Уыдонæй сæйраг уæла- дзыджы уыдысты авд æфсымæры сæ иунæг хоимæ. Сæ тæккæ сихор хæргæйæ сæ цæлхæмбырдæй баййæфта. Авд æфсымæрæн сæ иунæг хо се ’хсæн лыстæг бандо- ныл бадт, тымбыл фынг сæ разы. Æфсымæртæ фондзæй йæ алыварс бадынц. Дыууæ дзы Уастырджийæн мард куы уыдысты. Сонтæй куы бакаст Сæтæлæг, гуыбыр сæр уæйгуы- тæй зæрдæ бауазал. Хæйрæджыккон хæзнайыл йæхи цудын нæ бауагъта, фæлæ чызгмæ йæхи хæстæг балас- та. Чызджы чъылдыммæ æрлæууыд. Фондз æфсымæры сæ хæйттæн сæ нæрдтæ æмæ сæ дзæбæхтæ авæрдтой сæ хойы раз. Æваст лæппу æрывнæлдта сæ хойы раз хай куы рывæ- рынц, сисы йæ Сæтæлæг æмæ йæ ахæры. Дунейы уынæг æй нæй. Афтæ иу къорд хæйттæн бакодта. Гуырысхо байдыдта чызг, æваст фæдзырдта æфсы- мæртæм: — Ей, сæрæй уæй кæнын фæнд мын скодтат. Уыцы ныхасмæ æфсымæртæ фæджихы сты æмæ загътой: — Нæ иунæг хо цæра, мах ницы зонæм, уæдæ дæхæ- дæг цыдæр сфæнд кодтай, æмæ йæ махæн цæуылнæ хъæр кæныс. Афтæ фæпыхс сты хо æфсымæртимæ. Æфсымæртæ уыцы сахат фидар ныхас сæ зæрдæйы загътой: — Уæдæ цыдæриддæр зæд æмæ^дуа^дæ, раргомкæн, нæ хойы дын дæттæм. Каёд Уа’стырджи дæ, ’дыууæ’ æф-" сымæры нæ амардтай, дæхи раргом кæн, — нæ хойы дын дæттæм. Кæд хоры Уацилла дæ, дæхи раргом кæн, æртæ тарды дæ акодтам, нæ хойы дын дæттæм, уæд- дæр. Кæд фосы фæлвæра дæ, дæу дæр афтæ, дæхи рар- гом кæн, нæ хойы дын дæттæм. Уыцы ныхæстæ кæнгæйæ, Сæтæлæгæн йæ фыд Уæр- хæджы ныхæстæ йæ зæрдыл æрбалæууыдысты, æмæ йæ бауырныдта уæд æцæгдзинад, адонмæ куы раргом уон, }æд мын тас нал у. Фæсдуармæ ауад, сиахсылæуд акод- та, гамхуд фелвæста æмæ сæм дзуры: --Æз зæд дæр нæ дæн, дуаг дæр нæ дæн, æз нæр-. 63
тод Уæрхæджы фырт Сæтæлæг дæн, зæххон адæй- маг. Уыедджын, заердæдзуаг æмæ хæдæфсарм ладшу, уай- таг.ад,сæ цæстытыл анывæзта хуры тынау. Нэдццин кодтой уæйгуытæ: .—;;Нæртпн лæг не сиахс! Дфтæ чызгæн дæр йæ зæрдæмæ тынг фæцыд. Тых- джындæр нæртон хабæрттæ куыд хъуыстой, уымæ гæс- гæ. Ардыстой: «Авд æфсымæры иунæг хо нæртон мой скодта, чызг æрвитæм». Æрцмбырд сты адæм. Афтæ чызг лæппумæ сæмзæр- дæ ;®мæ йæм дзуры: — Дæтдзысты дын дзугтæ, æгас рæгъæуттæ, ма сæ- иу баком, æнæ ралæвар кæнын та стыр худинаг у. Зын сын уыдзæни, бахъуыр-хъуыр кæндзысты, фæлæ Дын æй ратдзысты, далæ скъæты, зæгъ-иу, цъæ# бæх—уый мын радтут. Æрхæццæ чызг æрвитæн бон. Цæуын байдыдтой æф- сымæртæ сиахсмæ, алчи дæр дзы кодта сæрæн лæвар. Уыдонæн се ’ппæты ныхас Сæтæлæг бамбæрста. Æф- сзердаылонд уыд, æгъдауыл лæуд куыд уыд, уымæ гæс- гæ. Худ систа къухмæ, алы хорз лæвар кæнынц: чи дæд- ты æг^с ;галрæгъау, чи æгас бæхрæгъау, чи та —-æндæр- тæ. ^акуырдта хатыр æмæ сын загъта: — Ницы мæ хъæуы уыйас, уæ мулкæй, хорздзина- дæй ут æфсæст. Радтут мын уæ лæвар, æз дæн фæндаг- гш щт, æмæ мæ чи фæхæццæ кæндзæн мæ хæдзармæ, уе скъæты иуахæм цъæх баах.т ^. ^ Уæд дзурынц æфсымæртæ: —^Суыцау ын .ма иыббарæд, уый дæуæн чи загъта. Нал .ын ис æнæ дæтгæ. ^Ракодтой цъæх бæхы, хæрзуынд, уаддымд емылыч- чы, \бабадти йыл Сæтæлæг сæ чызгймæ. Фæдзæхсынц "æфсымхертæ Сæтæлæджы: — Хъус, — зæгъгæ, загътой,— нæ уарзон æфсымæр! Мах чызг куы фервитæм, уæд ыл кæнынц нæ дуртæ фæсхейæ хæцгæ, ма фæкæс фæстæмæ — бахъахъхъæн д-æхи. Араст ис уырдыгæй. _Ус ^^хæссы Сæтæлæг Уаддымд^. емылыккыл. Бахæццæ Фаелв^ераиыГ’^гёхм’зеТ >?ÆрурæдаГяГ чырг бæхы æмæ фæдзæхсы лæппуйы: 64
— Мах æй — зæгъгæ, ^загъта — цæй дуртæ хæцы! Фæлæ уый хонынц Фæлвæра, Хорыуацилла æмæ Лæгты- дзуар. Куырдтой мæн æмæ нæ бакуымдтон. Нырмæ ды хæссыс, нæртон лæг. ’ Сæ зæххыл цæудзыстæм. Сæхимæ кæсдзысты æгад æмæ хæцдзысты махимæ. ^æстæмæ-иу ма фæкæс, æййафгæ нæ нæ бакæндзысты, чъылдымы- рдыгæй нæ нæ мардзысты, уæздан адæм сты. Рараст сты Фæлвæрайы зæххыл. Ныггуыр-гуыр ластой арвы кæрæттæ, арвы цæхæрæй бæхы размæ. Зæхх ыл фæйла- уæнтæ калы фæйнæрдæм, бæхы згъордæн нæ уыдис ны- мæц. Йæ гæпп æмæ йæ сæмбæлдæн кæм уыдис рындз, афтæмæй тыхамæлттæй ахæццæ сты арæнмæ. Уыцы ран сæ бæхæи йæ хæринаг ^уыд æлутоны сыф^ Уыцы ран сæхимæ цы уыди, иннæ зæххæй" "ЗЭр^ьЩтоиТ ныннадтой сæ бæх уаддымды. Араст сты Хоруациллайы зæххыл. * Æрбадымдта дымгæ. Æрбахгæдта мигъ. Саумæйдарау рæстæг. Сæх- гæдта къæвда. Арвы цæхæр уыд сæ рухс. Фæйлауыи байдыдта сæ размæ, афтæ сæ суры фæстейæ. — Чи куыдз, чи цавæр, цы тыхгæнæг цæуы мæ зæх- хыл?!—Афтæ сæм дзуры Хорыуацилла. — Рагæй дæр дæ уадыл нæ зад зæххыл кæрдæг, абрн та ды чи дæ? Куы ^æ дæ зонын — Дзуры йæм Сæ- тæлæг. , —Ех, мардзæ, — зæгъгæ, загъта Уацилла, — нæртон "адæймаг Уæрхæг мæ хæлар уыди бæргæ! — Хорз хæлардзинад ис дæ зæрды, уынын æй æз дæр, Уæрхæджы фырт Сæтæлæг йæ бæхы барц ын ада- уыс. дæ цæхæрæй! — дзуры Сæтæлæг. — Мæ фæндон, — дзуры Уацилла, — мæ ныхасæй къуылымпы куы фæуиккат бæргæ, — йæ зæрды йæ уыд бауромын ныхасмæ,—уæлвонг хуыцауæй хоры бæрн- æвæрд ис мæнмæ. — Дæ хоры лæвæрдæй нæртон лæг Уæрхæг дæр — Нæртон адæмæн хоры ард лæвæрд цæуы мæ но- мæй. Иартхор у мæ ном, — загъта йын Хоры Уацилла. Уæд æм дзуры Сæтæлæг: — Æвдисæн у нæ фæндаг, нæ уаддымд дзы хæрдзæн. Афтæ та ахæццæ сты зæххæй йæ арæнтæм. 5. Бязырты А. 65
Зилын райдыдтой бæхмæ, сæ фæллад бынтондæр суагЪтой, сæ бæхы хорз ныннадтой. Уæд чызг дзуры Сæтæлæгмæ: — Цæудзыстæм йеныр, адон цы уыдысты, фæлæ, дисс’агдæр уыдзæй йе’ныр, л&гдзуа|эы з^ххыл^цæ^дзыс- тæм. Хæстау хæст кæндзæн уый. Бæх йæ хыгъдæй базыдта тыхджындæр цæуын æй кæй хъæудзæн. Бабадтысты бæхыл. Чызг лæппуйы уæхскыл къух æрбайста. — Ма фæкæс фæстæмæ, стыр хъуыддаг уыдзæн, —> афтæ йыи куы загъта. Рæстæг сый рауад, Уайынц стыхджын ныр. Кардау комь*л ма радта фæндаг. Зæхх лæбырдтытæ кæны. Уас- тырджы сæ фæстейæ суры. Уаддымд бæхы фæрсы: —Ме мадæлон, цы ми’кæныс ай, ды мæнæй хистæр, æртæ хъуыррытты бæрц æхсыр, фæлæ мæм фæхъæцуис дæн — афтæ дзырдта Уастырджийы бæх Уаддымдмæ. Уæд дзуры уаддым. — Мæ къæхты ’тых мæхимæ, уайынæй нæ ауæрдын, мауал мæм рарвит хистæр, нал мын у ныр тас. Уайын тынгæй-тынгдæр сцайдагъ. Зæхх куыиæг кæ- ны. Уастырджи сæ суры фæстейæ,. радта бæхмæ тых. Фестад саухъæд сæ размæ. ^Дзеды^ сыл тсыхщ^ Уас- тырджийы бæх æрбаввахс. Сихтæм куы’^^^р^х^ццæ Уад- дымгæ. Фындзы хуынчъыты тæф ацахста уаддымд Уас- тырджийы бæхæн. Æртæ гæппы фæстæдæр æй фæуагъ- та, афтæ дыууæ фæлтæры скодта, æргом бакæсынæн ницы амал скодта. > ’ Æртыккаг хатт та йæм бацыд афтæ. Бирæ нал хъуыД бæхы сæр æхтæнгтæм, афтæ дзуры Уастырджи ’ æртæ ныхасы: "" — Уæртæ сау хæйрæг, уæртæ сау хæйрæг! Уьшы ныхасæн чызг дзуапп дæтты. — Сау хæйрæг ды дæхæдæг, ме ’фсымæртæй мын дыууæйы ды амардтай, ^нрджыдæр ма мæ дæхйцæн комылУ#æныс, мæнæй хардз дæ — æрхоста лæппуйæн йё уæхск — нæрт’он лæг Сæтæлæг мæ фæхæссы йæхи- цæн. Лфтæмæй федте. Ацыдысты дарддæр. Æрхызтысты. , Сæ улæфт суагътой. Араст сты Нарты Уæрхæджы хæ~ 66
дзармæ,...(Пæппуйы зæрдыл æрбалæууыд, фæндаг куыд цыбыр к^нь!/ТфТæ.' — Авд уæйыджы хойы рахастон, фæлæ йын ахæм фа- дæтт& æз кæм ссарои. Феиьъард чызг, фæгуырысхо, бамбæрста йæ уай- тагъД. Дзуры йæм ныр: - Куыд диссаджы зонд дæм ис дæ зæрдæйы, дæхи йедтæмæ хæзна æнхъæл куы никæмæ дæ. Тæрсгæ ма- цæмæй кæн. Æппæт фæрстæй дæр рæвдыд æрцæудзы- стæм Мæличчы хайадæй авд уæиыджы æрлæвæрдтой лæппуйæн лæвар, алы фосæй дзугтæ æмæ рæгъæуттæ, аннæ ахæм маргъæй — дунейыл диссаг уыдонмæ акæ- сын. Уыдон дæр се ’рхæццæйыл быдырты æрбахъазыды- сты. Барвыста Хайырхъыз лæппуйæн йæ фыдмæ. Кæм æм кæсы бæстæШРрайдзаст дæр æмæ рæсугъддæр, — афтæ фырцинæй æрдаудта цæсты чъиутæ нæртон лæг Уæрхæг. Цæсты къæлæттæм се дзаг ракаст быдыры ^&^Щ^Д^Й^*» аФтæ равзæрста йæхицæн цæрынæн, Уæд^иирй^Т’сласта йæ дзыппæй зæлдаг каелИЁрЗ^нС æрзылдта йæ ласгæ зæххыл... Фестад дзы æфсæц бру, дзæнæты цæхæрадон æмæ цæрæн бæстыхæйттæ. Афтæмæй сын цард бацайдагъ, абои дæр уым. 5. УЫРЫЗМÆГ ЙЕ ’МБÆЛТТИМÆ КУЫД ФЕСÆФТИ Хæта^ны ацыд Нарты Уырызмæг йæ дыууадæс æм~ балимæ. Бирæ фæрацу-бацу кодтой æмæ сыл схъызыд. Йæ дыууадæс æмбалы амардысты, йæхæдæг та баззад иу къутæры бын. Райсом диссаджы хур сси. Уырызмæг рабадти æнахуыр быдыры> акаст, æмæ иу ран иу стыр фæзы дзуг хизы. Уырызмæг загъта: Адонæн, æвæццæгæн, семæ хицау уыдзæн. Бацыд, æмæ семæ æппындæр ничи. Сæ цуры сбадт дисгæнгæ, зæгъгæ, адон кæдæм цæуой, æз дæр изæрмæ сæ фæдыл цæудзынæн. Куы баизæр, уæд иу стыр цæу сæ разæй рараст, йæ $
фæдыл фос дæр ныррæгъ сты. Уырызмæг дæр сæ фæ- дыл араст. Æрхъуыды кодта Уырызмæг: — Адон æнæхицау нæ уыдзысты. Далысы хъуыны бабырыд. Фос æрбацыдысты иу хохрæбынмæ. ■• Хохы фарс иу стыр æрттигъы1 фегом. Сохъуыр уæш рацыд. Къæсæрыл алæууыд хæлиу, нымайын сæ бай- дыдта. Уырызмæг цы далысы бабырыд, уый æрæджиау уæззаугай æрбацæйцыд, йæ къухтæ йыл æрсæрфта; — Æ, хуыздæр фæуай мæ далыкъо, мæнæ мын цы хæххон цъиу æрхаста! Уырызмæджы райста æмæ йæ йæ роны бакодта, йæ- хæдæг дуар æрыхгæдта, æмæ бацыд æмæ арт бацырын кодта, æфсæн уæхст райста æмæ йæ Уырызмæджы гуы- быны атъыста, йæхæдæг æй æрывæрдта зынджытæм уæхсты, йæхæдæг дзуры уæхстмæ: — Мæ физонæг мын ма басудз, æндæра дæ ныцъцъæл кæндзынæн, — йæхæдæг йæ нывæрзæн æрывæрдта къуыдыр, уым æрфынæй. Уырызмæг куы старсти, уæд æддæмæ-мидæмæ бырын байдыдта, уæхсты бырынкъæй рахауди, йæ тъæпп фæ- нычы фæцыди, сыстади æмæ уæхсты цæхæры нытъыста, ахъаззаг куы сзынги, уæд æй сохъуыр уæигæн йæ дзæ- бæх цæсты нытътъыста, Сохъуыр уæиг ныббогъ ласта. Уырызмæг æй уайтагъд базыдта æмæ цары бабы- рыд. Уæиг сыстад æмæ цыдæриддæр мигæнæн ссардта, ныцъцъæл сæ кодта æмæ сæ арты бандзæрста. Æмбис æхсæвхмæ фердиаг кодта, æмбисæхсæвмæ, стæй уырды- гæй бонмæ афынæй. Уырызмæг æрхызти царæй, стыр цæуы аргæвста, лалым стыгъд æй бакодта, сæрæй, къа- хæй. æндæрæй сæ йæ уæлæ ныууагъта^ йæхæдæг дзы абырыд уым. Уæиг райсом рацыд, дуар бакодта, хæлиу æслæууыд æмæ йæ сагæхты уадзы куырмæй йæ фосы. Фосæн се ’рдæг куы рацыд, уæд уый дæр, уыцы царм йæ уæлæ, афтæмæй, рабырыд. Уæиг ын йæ чъыл- дым æрхоста æмæ йын зæгъы: — О, мæ цæу, изæры та мын сæ æрыскъæр бæрæг æй. Иæ дзых нал фæлæууыд зæронд Уырызмæгæн æмæ сдзырдта: —Уын Дæ къона зоны, зæгъгæ. Уæд сын се I 1 Æр^пигъ — ам: хæдзары фарсыл дуар. 68
’рдæгыл хохы дуар æруагъта, фæстийæ баззад йæдзы- хы тыххæй фосы ’рдæг. Уырызмæг фос раскъæрдта, æрцыди сæ хъæумæ. Ие ’мбæлтты бинонтæ йæм цæ- уынц: — Уым лæг нал и, загъта, фæлæ сыи фос байуæрста алкæмæн. Алчи сын хистытæ фæкодта.
6. СОЗЫРЫХЪО ÆМÆ ДÆЛИМОНТÆ Созырыхъо дæлимонтимæ сбыцæуис. Дæлймонтæ скъорд кодтой фæстæмæкъахджынтæй æндæрæй æмæ йæ иу ран баййæфтой иу дзæгъæл фæндагыл æмæ йæ уым æрцахстой иу цасдæрæй. Акодтой йæ æмæ йæ дæл- зæхмæ ныккодтой æмæ йæ уым сæ дзуарыл байтыгъ- той. Гъе æмæ стæй Батрадз хæтæны уыд, дард хæтæ- ны. Цæлахъон доныл1 æрбацыди. Гъе æмæ Нарты фæ- сивæдæй иу йæ сæрыл уæлæмæ нал хæцыди. Æмæ Бат- радз ныббогъ ласта: — Цы уыл æрцыд, нæ фæсивæд?! — Цы ма кæнæм, махæн нæ рахиз цæнгтæ æмæцæс- тытæ фесæфтысты: Сослан æмæ Созырыхъо. — Сымах ма мæт кæнут, уæ хъазт кæнут, æз уыдоп ссардзынæн. Батрадз ныкъкъæрцц ласта æмæ, уæларв айдæны чи касти, уымæ ссыди: — Акæс-ма, кæмдæриддæр Барсæджы цалх ис, хъуа- мæ йæ ссарай. Рахаста йæ арвы айдæнтæ æмæ дунетыл кæсы. Уый йын зæгъы: — Батрадз, дæ фыдæхæй фесæфон, дæлæ зæххыл мæлдзыг кæм фæбыры, уыдон дæр уынын дæлæ быргæ- йæ, фæлæ Барсæджы цалх зынæг никуы и. Ды дæхи фестын кæн бугъа гал æмæ абухгæ зил, дзыхъыты къуыпп кæн æмæ къуыппыты та — дзыхъ, æмæ йæ афтæмæй ссардзынæ. Гъе, стæй ацыди æмæ абухын байдыдта хæхты æмæ быдырты. Иу зæронд зæппадзы цурты бацыди æмæ йыл сбогъ-богъ кодта. I 1 Цæлахъон дон — ам хъазæн фаез. 70
— Æ, хæлæттаг фæу, æз ам Батрадзы тæссæй бд- бырыдтæн, æмæ мæ ам дæр куы ныууадзай! — Æ, куыдзы хъæвдын, ссардтон дæ, нал мын аир- вæздзынæ! Акодта Батрадз Барсæджы цалх æмæ йæ й$ ’фсы- мæры нывæрзæнмæ ныккодта, ныффæлдыста йын æй, йæхæдæг ын йæ къубал аскъуыдта. Ныр ацыди Созырыхъойы агурæг, дæлæ дæлзæхмæ дæлимонтæм. Фæндагыл ыл фембæлди иу мæгуыр зæ- ронд лæг. — Кæдæм цæуыс, дæ фæхъау фæуон, ацы хъæбатыр Батрадз? — Æз цæуын дæлзæхмæ, дæлимонтæм, ме ’фсымæр Созырыхъойы агурæг. — Дæ сæрыл хаст фæуон, уæдæ мын мæ лæппуйы дæр уыдон акодтой æмæ мын дæ фæдзæхст фод. — Мæ мад, мæ фыдыстæн, схæццæ дын æй кæндзы- нæн. Ныццыди дæлзæхмæ æмæ сæ баййæфта Нафы куывды мидæг. — Уе зæр дам хорз уа, нæртон адæм. — Мидæмæ нæм рацу, хорз уазæг. Бакодтой йæ æмæ йæ уæлийæ æрбадын кодтой. Хорз куывды бадынц, гæрзтæ æмæ дурынтæ се дзагæй. Рæгъ кæнынц нуазæнтæ æмæ сыкъатæй! — Афтæмæй, дам мæ нæ бафсаддзыстут сымах. — Æмæ, дам, уазæгæн бар ис, куыд дам, дæ фæн- ды, афтæ баназ. Бауади æмæ сын сæ гæрзтыл схæцыди æмæ сæ сæ былæй банызта, дурынтæ дæр сæ дзыхтæй ахуыпп кодта. — Цæй, æз, дам, уæм æнæ хъуыддаг не ’рцыдтæн, хорз адæм. Ме ’фсымæр Созырыхъойы мын сымах ра- кодтат æмæ мын æй радтут. — Мах, дам, цæй æфсымæр ракодтам. — Хуыздæр, дам, уын у, ме ’фсымæры мын рад- тут. Уæд сыл йе ’ндон къухтæй арт бафтыдта, йæхæдæг сæм йæ кард фелвæста æмæ сæ бынтон ныццагъта, стæй ацыди æмæ хæдзары къуымы сæ мад хуыссыди: йæ иу ссыр — дæларв, иннæ — уæларв. 71
Æз, дам, дæуæн дæ дзидзитæ басудздзынæн æфсæй- наг астъамийæ, ме ’фсымæр кæм и, уый мын зæгъ. ^ — Фыдæбои сын фæуæд, æз сын бæргæ дзырдтон, Батрадз уæ фесафдзæн, уыцы хъуыддаг м.а саразут. Уæртæ йæ дзуарыл байтыгътой. — Гъе, æмæ ма йын ныр ды хос и, уый мын зæгъ тагъд. — Уæртæ бæстыхаймæ бацу æмæ иу ран аххæрæ- джы мидæг лагъз, лагъзы мидæг сул, сулы мидæг дыу- уæ сулы, уыдон мидæг цыкурайы фæрдыг æмæ зæлдаг кæлмæрзæн. Бацу аемæ де ’фсымæры рафтау æмæ йа* уонг уонгыл сæвæр æмæ йæ зæлдаг кæлмæрзæнæй асæрф æмæ авд ахæмы хуыздæр фестдзæн. — Гъе, æмæ уæдæ мæгуыр лæджы лæппуйæн та цы ми бакодтой? — Уый уæртæ удыгас у, кæркдоны йæ.кæркгæс баурæдтой. — Гъе, æмæ уæдæ ацы хæдзары цы дынджырдæр хæрзиуджытæ и? — Уæртæ дзы ис гауыз æмæ зæлдаг синаг, нымæтын ехс семæ. Гъе æмæ гауызыл куы сба- дай, уæлзæхмæ цæуай, дæлзæхмæ цæуай, нымæтын ехсæй йæ куы æрцæвай, уæд дæ уым фестын кæн- дзæни. Бацыди æмæ мæгуыр лæджы лæппуйы дæр ракодта. Иæхæдæг йе ’фсымæр. Созырыхъойы дуарæй рафтыд- та, йæхæдæг ын йе уонг уонгыл сæвæрдта, зæлдаг кæл- мæрзæн æмæ йыл цыкурайы фæрдыг асæрфта. -т— Оф, цы бирæ, дам, фæфынæй дæн. Иæхæдæг сæ гауызыл сбадын кодта, ныццавта йæ æмæ уæларвмæ сфардæг сты. — Гъе, мæгуыр лæг, зæгъ, дæ лæппуйы дын скодтон. — Ма мæ хъаз, дæ рынтæ бахæрон, æз мæлгæ кæ- нын, фæлæ мæ баныгæн. — Мæ мад, мæ фыдыстæн, бæлвырд дын æй скодтон. Стæй систа зæлдаг кæлмæрзæн æмæ цыкурайы фæр- дыг. Зæронд лæгыл æй асæрфта æмæ цы уыди, авд ахæ- мы хуыздæр фестади. Стæй йæ уæрджытыл ныттыхсти Батрадзæн: .....,— Гъеныр, дам, мæ акæн, мæ лæппу дын бæхгæс, мæхæдæг та — къæхтæ ’хсæг. Батрадз йе ’фсымæр Созырыхъоимæ бафардæги I Нартмæ æмæ куывдтæ фæкодтой. 72
7. ÆВЫДЫ ВЫДОНЫ РÆСТÆГ Фехъуыстон æй фыдæлтæй. Адæм хæцын нæма зыд- той дурæй æмæ хъилæй æмæ фыстой хъалон уæйгуы- тæн æмæ хæйрæджытæн: фарастсæрон, авдсæрон, æр- тæсæрон. Уæлдай сæртæ-иу гуырыл нæ уыди. фæлæ иуæн фараст удгоймаджы фыстой хъалон, иннæмæн — авд, аннæмæн — æртæ. Иухатт авд хойæ иу бацыдаид хъалонæн æмæ иннæ- тæ куыдтой. Уастырджы уæлейæ рацыд, чызджыты кæ- уын айхъуыста, — базыдта хъуыддаг, кæстæры, мæл- лæгдæры ракодта уæйыгмæ. Уый йæ йе ’взагæй федта, æмæ йæ нæ иста. Уæд ын Уастырджи загъта: «Де ’вза- джы рæбынæй йæ фен». Фæлæ уый нæ арæхст. Уæд ын йе ’взаджы фыдисæн чызг ныссагъта .æмæ йæ раласта. Уастырджыйы фæн- дæй чызг афтæмæй æркодта уæйыджы хъæумæ. Уым уæрм скъахтой, уæйыджы ныххизын кодтой, стæй ,йыл дуртæ ныккалдтой æмæ йæ амардтой. УастырдЖы сахуыр кодта адæмы дурæй æмæ хъи’ лæй хæцын, æмæ уæйгуытæ æмæ хæйрæджытæй фервæз- тысты. Фæлæ та стæй уæйгуыты бæсты æрбадтысты — фарастсæроны бæсты уæйыг, авдсæроны бæсты— Ка- рисæлдар, æртæсæроны бæсты — ченджы хъул, хæйрæ- джы бæсты — базаргæнæг æмæ ныр дæр тох кæнынц.
8. СЫРДОНЫ РАИГУЫРД ХÆЙРÆГÆЙ (Хæмыцы кадæг) Хæмыц дæр уыд Боратæй, ус куырдта æмæ Мыцæты 1.'ызджы ракуырдта æмæ йын чызг загъта: — Мах чысыл мыггаг стæм æмæ мæ куыддæр исчи бафауа, афтæ дын мæнæй ус нал ис. Афтæмæй фæцардысты, æвæццæгæн, иу къорд боны, фæлæ иу бон иу хуыцауы налат хъæуы уынджы фæ- цæйцыд. Хъæуы уынджы, æвæццæгæн, чидæр сбадтис чысыл бæркъа, æмæ уыцы лæг загъта: — Мæнæ чидæр цы чысыл абадтис. Хæмыцы усы йас! Хæмыцы ус æй фехъуыста. Хæмыцмæ басидтис æмæ йын загъта: — Мæнæй дын ус нал ис ныр, фæлæ æз дæуæй дæн еывæрджын æмæ йæ мемæ нæхæсдзынæн æмæ дын æй хъуамæ дæ фæсонты баззайын кæнон, уым куыд фев- зæра, афтæ. Стæй йæ Сатана зондзæн йæ мæйтæ æмæ йæ къуыритæ, акъæртт æй кæндзæн æмæ йæ райсдзæн уырдыгæй. Ус афардæги. Лæджы фæсонты баззад сывæллон. Сатана йын йæ бонтæ банымадта æмæ йæ бонмæ куы ’рцыд, уæд æй акъæртт кодта æмæ сывæллон уырдыгæй сырх зынгæй агæпп кодта æмæ хъæр кæны: — Дон мыл æрбакалут, æндæр хорз нæу мæ хъуыд- даг! Сатаиа донмæ азгъордта, æмæ йæ хæйрæджыты хис- тæр Бæтæг донмæ нæ уадзы: «Кæд, дам, мæ дæхимæ бау?*цзай, кæннод дын дон нæ уадзын хæссын». Æнæ донæй раздæхт фæстæмæ, æмæ та лæппу куы тыхст, уæд та ацыд донмæ. Гæнæн ын куы нал уыд, уæд
хæйрæджыты хис.тæр доны фаллаг фарсæй йыл цы- дæр ныццавта. Дон сдавта æмæ лæппуйыл бакалдта æмæ Сатанайæ дæр лæппу æрхаудис. Сатанайæ чи ’рхауд, уый дзуры иннæ лæппумæ: — Дæ бон хорз уа, Хæмыцы фырт Батрадз! — Хорзæй цæрай, Бæтæджы фырт гæды Сырдон! Кæрæдзийыл нæмттæ сывæрдтой.
9. НАРТЫ СОСЛАН ТЫХАГУР. Нарты Сослан хъæугæрон æнæхаст уæныджы систа æмæ йæ фехста хъæуы сæрты, æмæ йæ иу кæронæй ин- нæ кæронмæ ахауди. Стæй йæхи уæлдай уæигыл ба- нымадта. Адæм дæр æй днссагæн ахасточ. Сослан. зæгъгæ, æнæхаст уæныджы фехста хъæуы сæрты, æмæ йеннæ кæронмæ ахауди. Адæм æй æмбисондæн ахастой, зæгъгæ, Сосланæй уæигдæр никуы уыдзæни. Уæд сын Сослан тыхгæнæг цæуын фæнд скодта æмæ дон-дон дæ- лæмæ цæуын байдыдта. Афтæмæй иу уæиг æнгуырæй кæсаг ахсгæ æрбацæйцыди. Иæ æнгуыры къæдзил уытъырыйы бæсты фысы мард ауыгъд уыди. Уæиг загъта: — Кæдæм цæуыс, Нартон лæг? Сослан загъта: — Æз цæуын тыхгæнæг. Кæсагахсæг уæиг ын загъта: Дон-дон дæлæмæ цу, æмæ тыхгæнджытæ дæлейæ сты. Цæуын байдыдта æмæ та йыл дыккаг уæиг æрбам- бæлди æнгуырæй кæсаг ахсгæ. Ие ’нгуыры къæдзил уытъырыйы бæсты хъуджы мард ауыгъд. Загъта та йын: — Кæдæм цæуыс, Нартон лæг? Сослан загъта: — Æз цæуын тыхгæнæг. Кæсагахсæг та йын загъта: — Ам дæлæмæ цу, æмæ тыхгæнджытæ сты дæлейæ. Ауади æмæта йыл æртыккаг уæиг æрбамбæлди. Уый дæр æнгуырæй кæсаг ахсгæ æрбацæйцыди. Йе ’нгуыры къæдзил уытъырыйы бæсты къамбецы мард ауыгъд уыди. Бафарста та йæ уый дæр: — Кæдæм цæуыс нæртон лæг? ’Сослан загъта: — Æз цæуын тыхгæнæг. 70 л
Уый дæр та йын загъта: — Ам дæлæмæ цу æмæ тыхгæнджытæ сты дæлейæ. Сослан дон-дон ацыди æмæ уыцы кæсагахсджытæн сæ мадмæ бацыди. Сæ мад æй бафарста: — Кæдæм цæуыс, нартон лæг? Сослан загъта: — Æз æрцыдтæн тыхгæнæг. Зæронд ус загъта: —Ау, ды тыхгæнæг нæ дæ, фæлæ дæ мæ уды бæсты тыххæй хъуамæ бахъахъхъæнон. Изæры мæ лæппутæ куы æрцæуой, уæд дæ ахæрдзы- сты. — Зæронд ус Сосланæн уазæджы къæбæр бахæрын кодта æмæ йæ пирæнгæмтты бын бамбæхста. Изæры æр- тæ æфсымæры æрцыдысты æмæ сæ мады фæрсынц: — Абон ардæм иу хæххои цъиу куы рарвыстам, æрдав ма нын æй, æмæ дзы нæ дæндæгтæ асхъа- уæм. Уæйгуыты мад сомы бакодта, «мæнмæ æппындæр иицы и», зæгъгæ. Мад йæ лæпнутæн æхсæвæр бахæрын кодта æмæ сæ схуыссын кодта. Уæйгуытæ куы бафы- нæй сты, уæд зæронд ус Сосланы пирæнгæмтты бынæй систа æмæ йæ дуармæ рахаста, фæндагыл æй бафтыд- та æмæ йын загъта: — Цу æмæ ма кæд дæ къæхты фæрцы аирвæзай, кæннод дын аирвæзæн нæй. Æхсæв бонмæ уайын байдыдта Сослан. Райсомы быдыры Сохъхъуыр уæиг хуым кодта. Йæ фыццаг йæ гутон, йæ дзæкъул йе уæхсгыл æмæ тауинаг тауы, йæ къахыл адаг баст æмæ йæ фæстейæ ласы, афтæмæй хуым кæны. Уæд Сослан фæстæмæ фæкаст, æмæ йæ æртæ уæиджы æрбасурынц. Сослан Сохъхъуыр уæигæн йæхи бафæдзæхста, зæгъгæ «дæлæ мæм тыхгæнджытæ æрбацæуынц». Сохъхъуыр уæиг Сосланы йæ дзыхы баппæрста æмæ йæ йæ дæлæвзаджы бамбæхста. Уа- лынджы æрбахæццæ сты æртæ уæиджы. Фæрсынц Сохъ- .хъуыр уæиджы: . — Цы фæци, зæгъгæ, ам нæ хæххон цъиу? Сохъхъуыр уæиг сын загъта: — Ам хæххон цъиу нæй, сымахмæ мæ не ’вдæлы, мæнæ кусгæ кæнын мæхицæн. Уæ фæндагыл ацæут, аендæра мæнæй фос нæ фæкæндзыстут. Афтæмæй Сохъхъуыр уæигыл сæхи ныццавтой æртæ уæиджы. Сохъхъуыр уæиг æртæйы дæр йæ. быны нык- 77
кодта. Сосланы йæ дæлæвзагæй раппæрста æмæ йыи заПьТа: — Мæнæ мæ агъды фарсыл иу æрду ис, уый мын ратон æмæ сæ уымæй ныббæдтон. Æрдуйы Сослан йæ астæуыл æртæ тыхты æрбакод- та бæндæнау. Аха&стытæ йыл кодта æмæ йын ниды ба- кодта аскъуынынæн. Сохъхъуыр уæиг ын загъта: — Мæхи коухмæ мын æй æрбадæтт. Сослан ын æй йæхи къухмæ æрбалæвæрдта æмæ йæ уый сыс- къуЫДта. Æртæ уæиджы кæрæдзийыл ныббаста уыцы æрдуйæ, йæхæдæг Сосланæн загъта: — Ацу æмæ-иу афтæ макуыуал зæгъ, мæхицæй тыхджындæр никуыуал уыдз&ни. Сослан раирвæзт Сохъхъуыр уæиджы фæрцы. Нар- тон лæг тыхгæнæг никуыуал фæцыди уæдæй фæстæ- мæ иунæгæй.
10. НАРТЫ ФÆТÆГ УЫРЫЗМÆГ Нартæн сæ хицау уыди Уырызмæг, æмæ иу бон загътой: — Ай нын кæдмæ тыхгæнæг уыдзæн?! — Уый Уырызмæг куы фехъуыста, уæд йæхи асайдта, зæгъгæ, «кæддæра мæ фæстæ цы ми кæниккой». Уæд нартæ загътой, зæгъгæ, «уый нал æрцæудзæн, фæлæ равзарæм ног фæтæг». Нартæ æвзарынц фæтæг, фæлæ нæ фидауынц. Уæд загътой: -- Фæсцæгат ис иу зæронд ус, йæ ном Хъуылтых, æмæ уый бафæрсæм, æмæ нын уый бацамондзæн, фæтæ- гæй æвзарын кæй хъæуы, уый. Уæд æм арвыстой цыппар лæппуйы фæрсынмæ. Усы куы бафарстой, уæд загъта: — Нæ зонын, мæ хуртæ, æз ныр зæронд ус дæн, фæлæ мæ кæд фæрсут,уæд уын хуыздæр уыдзæн уæ зæронд фæтæг. Лæпиутæ загътой, зæгъгæ, «Мах уымæй куы тæр- сæм», æмæ зæронд усы йæ дзыккутæй бæласыл æрца- уыгътой. Уыцы æхсæв ууылты рацæйцыд Уырызмæг» æмæ йæ бæх райдыдта хуыррытт кæнын. Уæд Уырызмæг дзуры: — Уый цавæр дæ? Мæ бæхы мын цæмæн тæрсын кæ- ныс? Уæд æм дзуры ус: — Уæ дæлæ цæуæг, дæ фæхъхъау фæуон, мæ бар мæхи нæу, нарты хъалтæ мæ бæласыл æрцауыгътой. — Æмæ цы замана уыдис? — Нарты фæтæг Уырызмæг кæдæмдæр фæцыд, сæ- хицæн æвзарынц фæтæг, ссыдысты мæм фæрсынмæ æмæ сын загътон, зæгъын, уæ зæронд фæтæджы выууа- дзут, æмæ мæ æрцауыгътой. 79
Уырызмæг бæласы ралыг кодта æмæ усы фервæзын кодта æмæ йын загъта: — Ды ацу, мæ хойы хай, ныр уæ хæдзармæ. Æхсæвы Уырызмæг æрцыд сæ хæдзармæ, райсомы куы сыстад, уæд акæстытæ кодта æмæ Сохъхъуыр уæ- йыг йæ фос хизы нарты сæрвæты. Уырызмæг фæрсы нарты: — Уæлæ уыдон кæй фос сты, сæфты фæуæд, нарты хъæу. — Ды куы фæцыдтæ, уæд Сохъхъуыр уæйыг уырдæм æрыскъæрдта йæ фос, уырдæм, æмæ сæ уым дары. — Куыйты нарт, уæдæ ма фæкæсут, æз та уын уе ззæр гуыбынтæ байдзаг кæнон уыцы фосæй. Уый ацыд æмæ фæрсы фыййауы: — «Кæй фыййау дæ?» Уый йын загъта, зæгъгæ, «Сохъхъуыр уæйыджы». — Уæдæ уымæ æз дæр бирæ фæдæн фыййау æмæ мæ фæнды йæ фенын. Уырызмæг ацыд фосы разæй, фæндагыл аргæвста цæу æмæуый цармы бабырыд æмæ Сохъхъуыр уæйыгæн йæ цъындцæстырдыгæй бацыд фосимæ кæртдоæ. Уæйыг фос банымадта æмæ йæ хæдзармæ æрцыд. Æхсæвы Уы- рызмæг фосы æрыскъæрдта нарты хъæумæ æмæ сын сæ байуæрста. Уырызмæг баззад фæтæгæй. 11. УЫРЫЗМÆДЖЫ ЦВД СТÆРЫ. Уæй мардзæ, О Нарты Уырызм.æг, зæгъы, Нарты сæр уыди. Зæронд Уырызмæг нæрт’он Нарты сæр уыди. Нарты дзыллæ куы равзæрдысты, уæд зæронд Уы- рызмæг æппæты фыццаг сæ хистæр куы уыди, уæд сал фынг бæркад уыди. Зæронд Уырызмæг, гъæй-уæууæй. Иу æхсæв куы уьтди, уæд йæ хуыссæны мидæг фес- хъиудта. Иæ хуыссæны мидæг, æмæ йæм йæ хо куы дзуры Уы- рызмæгмæ: — Цы кæныс, нæ зæронд, зæгъы, цæй хъæлдзæг фæ- дæ, зæгъы. ’ • ■ , Цы кæныс, нæ зæронд, зæгъы? 80
I. — Цыдæр фынтæ мæ цæстытыл ауади, цыдæр фынтæ. Æ’мæ нæ зонын куыд ысты, зæгъы, йæм дзуры, зæгъ- гæ. - — Радзур-ма мыи сæ, зæгъы, радзур, дæ хорзæхæй, зæгъы, йæм дзуры. Зæронд Уырызмæгмæ Сатана, зæгъы. г~Лæппуйæ нырмæ гæды ныхас никуы скодтон, зæгъы. Ныр г.æды куы разынон зæрондæй, уæд мæ Нарты астæу нал ауадздзысты, зæгъы. 2 Гъæй-дæ мардзæ, рафарста йæ, æмæ йын сæ ра- дзырдта: — Дыууæ Арыхъхъы астæу, зæгъы. Ногъайаг «æлдар цæры, зæгъы, Хорз уацайраг æм ис, æмæ йæм цæуын хъæуы ныр- тæккæ, уыцы хорз уацайрагмæ, зæгъы. -• — Гъæй-дæ мардзæ, зæгъы, тыхсгæ ма кæн, æмæ йæ æрфынæй кæны. Зæронд лæджы, зæгъы, æрфынæй кæмы, гъей. •^ Налхъуыт налмас фынг йæ разы авæры. Хурæрбакастмæ йæ алы дзаумайæ йæ фæлыст райсы, уæдæ. 2^ Хурæрбакастмæ иæм æрбадзуры, зæгъы; — Балцы ацæуыи дæ куы хъæуы, нæ зæронд лæг зæ- гъы, балцы. , - — Гъæй-дæ мардзæ, зæгъы, раифтонг æй кæны Са- тана Уырызмæджы, зæгъы. Раифтонг æй кæны, уæдæ. и Гъæй дæ мардзæ, зæгъы, йæ сау Саулохыл йæ саргъ бавæры, Æмæ йæ араст кæны Уырызмæджы, зæгъы. 6. Бязырты А.
12. ЛАЛЫМЫ ÆМБИСОНД Уæрхæг æмæ Тæрхæг — адон сты нарты æртыккаг фæлтæр, æмæ иннæты нæ хъуыды кæнын. Авдсæрон уæйгуытæ дæр уыдоны заман цардысты... Нарты адæм* мæ цыди Уастырджи æргомæй, — зæххыл царди, æмæ йæ зыдтой. Иу рæстæджы нал фæзынди. Хæмыц, Уырызмæг, Сослан бахъомыл сты, сырддзуа- ны ацыдысты. Лалымыл сæмбæлдысты. Донæн та хас- той уæныгдзарм. — Ай та цы уа? Уырызмæг систа æмæ йæ хызыны сæвæрдта. Суадон- мæ бахæццæ сты. Бадардтой къупри, «байдзаг æй кæ- нæм», зæгъгæ. Дарынц, дарынц æмæ нæ дзаг кæны —- ивазы. Уырызмæг Хæмыцмæ дзуры: — Нæма байдзаг? — Дон йæ хуылфы цæуы, фæлæ нæ дзаг кæны. Уæд Уырызмæг загъта, «Уый, дам, у лæджы ахсæн æмæ н.æ дзаг кæны, ницæмæй, дам, æфсæды.» Хæмыц æркасти.æмæ райста æгъдау: «Гуыбыны фæдыл цæуын’ нæ хъæуы».
13. УЫРЫЗМÆГ УСГУР КУЫД ЦЫДИ - Зæронд Уырызмæг, зæгъы, йæ дыккаг усæнГ ^_^Æртæ бæгæны кур куы цыди, курæг куы цыди, гъе, уæдæ, мардзæ! г 4- Уæд иу афоны æхсæвæй бафынæй æмæ, зæгъы, ^-*ч^-Æмбисæхсæв куы райхъал вæййы, куы райхъал вæййы. г*к1; Æмæ /йсты, зæгъы, йæ дзаумæттæ куы акæны, йæ дзаумæттæ. I Сатана йæм дзуры, зæгъы: — Уæ нæ зæроыд лæг, кæдæм ыстыс? Цы дыл æрцыд? Æнафоны уæдæ кæдæм ыстыс? ’ — Уæ-æй, не ’фсии, балцы куы цæуын, — балцы куы цæуын, — "^ .Зæтъы, — мæхицæн усгур, — зæгъы. — Уæ, мæ хур, ей! ^> ?/"'Мæ фыны мын загъдæуыдис: 1 —Ус дын æнæракургæ нал ис, æнæ кургæ, зæгъы, Куы араст уаин, — зæгъы, — ой! и Уæй-æй, æмæ йæм, дзуры йæм Сатана: — Рæвдз куы нæ дæ, зæгъы, рæвдз куынæ дæ. Ахуысс уал æмæ афынæй у. ^^ I Æз дæ боны цъæхмæ, зæгъы, .да& барæвдз кæндзы- нæн, барæвдз кæндзынæн. Афынæй уал у, афынæй уал у. - Æмæ йæ рæвдз кæныи райдыдта Сатана, уæдæ... Уырызмæг æрфынæй æмæ æнæмæтæй Афынæй ис, æнæмтæй. Сатана йæ рæвдз кæны райсом раджы,/йя2^ Æмæ йæм, зæгъы, куы дзуры: — Уæ нæ зæронд лæг, 83
Цы кодтай, цæй фынæй бадæ; 2^ Сыстади, йæ гæрзтæ акæны, йæ гæрзтæ акæны, Бæргæ, зæгъы, рацæуы, афтæмæй йæ саргъ сывæры: 21 Йæ саргъ бавæры æмæ йæм Сатана куы дзуры: — Гъе, мæ хур, зæронд Уырызмæг! Иæ бæхыл-ма бабад æмæ дæм Нартмæ акæсон! 2-, Иу дыууæ зылды ракæн æмæ уæртæ уыцы ран, Зæгъы, æмæ дæм бакæсон, — Дæ лæппуйы хъуыддæгтæй ма дæм исты ис, æви нæ, Уый дын, зæгъы, фенон. -^ Уаед, зæгъы, æрзильт уæдæ, æрхъазы бæхыл, Æрхъазы йыл æмæ зыр-зыргæнгæ Æвгтæ базмæлынц йæ ехсы цæлхъæй, уæдæ цы уы- даид! "21 — Уæ, Уырызмæг, — бæргæ бадзуры Сатана, зæгъы, Рауай исты ахæр, «фæндараст» дын зæгъон. -2? Уый хæрынмæ куы ’рбацыди, Уæд æм, зæгъы, дзуры, уæд æм, зæгъы, дзуры: — Мæнæ дын дæ саргъы базы бын фæндаггаджы сом йрвæрдтон.
14. НАРТЫ УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ КЪАЙЫ ФЫРТ ИУАНЕ. Иу рæстæджы Нартыл фыд мит ныууарыди, нал уыдис сæ фосæн хæринаг, сыдæй цагъды кодтой, уыды рæстæджы Нарты тыхджынтæ уыдысты хæтæны, æр- мæст Уырызмæг æмæ Созырыхъо йедтæмæ. Уæд сын Сатана загъта: — Уæ дыууæ ма баззадыстут бæстыл æмæ Нарты бирæ дзугтæ сыдæй ма сыскъуыйын кæнут. Ацæут уæр- тæ чъырынмæ, уым хæлттæ сыппарут æмæ, кæй хал схауа, уый аскъæрæд фос æмæ сæ азмæг фервæзын кæ- нæд. Уæд Уырызмæг æмæ Созырыхъо бацыдысты чъы- рынмæ, уым хæлттæ сыппæрстой, æмæ Уырызмæджы хал схаудта, Уырызмæг ахæцыди Нарты бирæ дзугтыл æмæ сæ сыскъæрдта Къайы фырт Иуанейы зæхмæ. Иуане куы базыдта, Нартæ йыи йæ зæхмæ сæ дзугтæ стардтой, уæд алæбурдта Уырызмæгмæ æмæ йын загъта: — Цæмæн мын стардтай мæ зæхмæ Нарты дзугты? Уæд ып Уырызмæг загъта: — Æмæ æз цы зонын, фиййау дæн æмæ мæ Нарты Уырызмæг ардæм рарвыста æмæ мæнæ хизын, ам мæ аххос цы ис? "х—^- Уæд Къайы фырт Иуане Нартæм ныффардæг, Созырыхъомæ бацыд æмæ йын загъта: •*** Цæмæн мын арвыста Уырызмæг мæ зæхмæ уæ дзуг- тæ хизыимæ? Уæд ып Созырыхъо загъта: — Æмæ æз куы ницы арвыстон, фиййау Уырызмæг йæхæдæг куы у. 85
Уад та Къайы фырт Иуане тынгдæр смæсты ис æмæ мæстæйдзагæй арастис фæстæмæ йæ зæхмæ. Уырызмæгмæ куы схæцдæ ис, уæдын загъта: — Цæйч^ыр дыми бакабнæм, хъаёбысæй-хъæбысмæ фæуæм\æДОйе ;афтæмæй бафæлварæм нæ тыхтæ, æви хæс- нæгтæ скæнæм?! Уæд Уырызмæг загъта: -^Хæснæгтæ скæнæм, хæснæгтæ, Къайы фырт. — Хорз уæдæ, — загъта Къайы фырт, — уæлæ уыцы бæрзонд къæдзæхы былаЁй^дурыл сæмбæл’У’æмæ дзы чмур дæр нæ фæхъуыдта. Уæд Къайы фырт Иуане ра- гæпп кодта æмæ дур лыстæг фæрак ныккодта. — Нæй, уый дæ хæсиаг уыдис, — загъта Уырызмæг, — æз дæр ма иу хæснаг скæнон аемæ чи амбула, уый фæуæнт фæллойад. Цæй хорз, — бакодта Къайы фырт. Уæд ын Уырызмæг афтæ: — Мæнæ ацы быдыры окъахæм уæрм æртæ сар- дзины бынмæ, æртæ та фæрсырдæм. Уыцы уæрмы чи ныххиза æмæ дзы стдæс боны æмæ стдæс æхсæвы æххормагæй чи бафæраза, уый фæуæд иннæйы фæлло- йад. — О, уый æнцон у, — загъта Къайы фырт. — Нæ, нæ, куы дзы ныххизай, уæд æм стдæс боны иннæ хъуамæ фæуадза цъыф, дон æмæ хъæмп, цæмæй ныссæла, — загъта Уырызмæг. — Цæй, уæдæ, ныр раздæр чи ныххиза? — афарста Къайы фырт. Уæд Уырызмæг загъта: — Цæй, ды уал ныххиз, уымæн æмæ æрдæбон ды схæснаг кодтай æмæ р^здæ^^^з^агæг^п. кодтон, ныр та æз схæснаг -кодтбЙ’’’æмæ ды раздæр ныххиз. Цы гæнæн ма уыд Къайы фыртæн æмæ раздæр ных- хызти. Стæс боны æмæ йæм стдæс æхсæвы Уырызмæг цъыф, хъæмп æмæ дон уадзын райдыдта. Уый фæстæ Къайы фырт афтæ нысалди æмæ йæ бон фезмæлын дæр нал уыдис, йæ тых, йæ бонæй ма-иу схæстытæ кодта, зæхх-иу базмæлыдис, фæлæ никуы æмæ ницы. Уæд Уы- рызмæгæн балæгъзтæ кодта: — Уырызмæг, уæддæр мæ фæллой дæу у, фæлæ ма 86
дæ иу хæрзиуæг курын’ æмæ мын æй сæххæст кæн, ахæм уæздан лæг разын. — Зæгъ, цы хæрзиуæг у, — загъта Уырызмæг. — Мæнæн фыдæлтæй фæстæмæ баззад иу æхсар- гард æмæ мæ усæй æз уый фылдæр уарзын. Ацу ^емæ йæ ракур мæ усæй æмæ ма мын æй мæ цæстæн уæддæр фенын кæн. — Хорз, уый та дын куыннæ сæххæст кæндзынæн, — загъта Уырызмæг æмæ ацыди Къайы фырты хæдзармæ. Уым æхсаргард ракуырдта Къайы фырты рæсугъд усæй æмæ йæ æрхаста Иуанейы цурмæ. Уæд ын Иуане загъ- та: — Мæнæ мын æй ам мæ цуры ихыл.нывæр æмæ йæм кæсон. Уырызмæг ын æй йæ разы æрывæрдта ихыл. Уæд Къайы фырт афтæ: ; — 0, мæ уарзон æхсаргард, дæ сæр мæ бахъуыдис. Уæд æхсаргард тымбыл ныззылдис æмæ ихы кæрдын райдыдта. Уалынмæ ихимæ ахауын кодта Кьайы фырт Иуанейы къубал дæр. Сæры къуыдыр æхсаргарды фис- тон йæ дзыхы акодта æмæ сурын райдыдта Уырызмæ- • джы. Уырызмæг ныууагъта йæ дзугтæ æмæ лидзын бай- дыдта сæры къуыдыры разæй. Сæры къуыдыр гæпи- гæпп кодта, Уырызмæг та згъоргæ, афтæмæй бахæц- цæ сты иу егъау донмæ. Дон уыдис их æмæ Уырызмæг иуылты базгъордта, ихы фаллаг кæрон хуынкъ уыдис, æмæ сæры къуыдыр уым ныххаудта донмæ, æмæ йа^ дон аласта. Уалынмæ йын ихæй схизæн нал уыдис. Иу- гæр Уырызмæг уый куы базыдта, ай сæры къуыдыры дон фæласта, уæд фæстæмæ аздæхтис йæ дзугтæм, ссыди Къайы фырты хæдзармæ, йæ бирæ дзугтæ æмæ йын йæ усы ракодта. Уæдмæ уалдзæг дæр æрцыди æмæ ныскъæрдта Нартæм сæ дзугтимæ уæлдæйттæ. Куы ныххæццæ, уæд ныхъхъæр кодта Нарты уынджы: — Рацæут, Нартæ, аскъæрут уæ фос, ссæдз кæмæп уыдысты, уый дыууиссæдзы акæнæд, дæс кæыæи уыдыс- ты, уы,й ссæдз акæнæт. Афтæ дывæртæ акæнут иуыл- дæр. Нартæ рацыдысты æмæ алчи_да^ фрсимæ л^лдащк-^ тæ аскъæрдта.^Уырызмæг^Суг&н сцух ис земæ^æ бæн-" ;' У^енимæ сугмæ ацыди. Хорз егъау æргъом куы бабаста, I уæд дзы йæ цæнгтæ куыддæр акодта, афтæ иу сау халон 87
йæхи рауагъта æмæ Уырызмæджы æд æргъом хæссын райдыдта æмæ йæ æрывæрдта иу къæдзæхы цъуппыл, йæхæдæг атахтис. Уыцы ран фезмæлæи ничердæм уы- дис. Уырызмæг куы фезмæлыдаид, уæд былæй ахауд- таид æмæ æнцад лæууыдис. Афтæ фæлæууыдис æххор- магæй Уырызмæг стдæс боны æмæ стдæс æхсæвы, стæй йæ бон нал уыд æххормаг æмæ дойныйæ æмæ йæхи- нымæры загъта: — О, Æфсати, мæлын сыдæй æмæ дæ егъау сырд нæ курын, фæлæ мын иу мыст уæддæр радт. Уæд йæ къæхты цурæй иу мыст рагæпп кодта, Уы- рызмæг æм фæлæбурдта, фæлæ мыст фæстæмæ хуын- чъы смидæг ис, фæстæты æрбахъуызыд, Уырызмæджы æргъомы бæттæнтæ фæлыгтæ кодта, æргъом фæстæмæ къæдзæхæй ахаудта, мыст та фæстæмæ хуынчъы сми- дæг ис. Уæд смæсты ис Уырызмæг, фæлæбурдта хуынчъы цур зæхмæ æмæ йæ къахын райдыдта йæ къухтæй, иу дзæвгар куы фæкъахта, уæд дзы ауыдта сыгъзæрип дуар, йæ сæрты зыхъхъырæй рухс калди, афтæмæй. Уæд Уырызмæг хуыцаумæ скуывта: — О, хуыцæутты хуыцау, кæнæ мæ ам сæфын фæ- кæнын кæн, кæнæ ирвæзын. Уæд сыгъзæрин дуар байгом ис æмæ дзы бакаст Уы- рызмæг. Мидæгæй Æфсати сыгъзæрин къæлæтджыныл бады, йæ разы сыгъзæрин фынг алы хæринæгтимæ. Æфсати бакодта Уырызмæджы, хорз ыл фæцин код- та, хæрд æмæ йын нуæзтæй цы нæ æрхаста, ахæм ницы уал баззадис. Уым фæцардысты дыууæ мæйы иумæ, стæй Æфсати загъта Уырызмæгæн: -- Уырызмæг, ме ’рдхорд, зонын хорз чызг, æмæ дæ кæд фæнды, уæд дын æй æрхæссон. Æмæ æд ус ныф- фардæг у Нартæм. Уырызмæг уый размæ афтæ кæй бафæрæзта Æфса- / тийæн, зæгъгæ, ус мын нæма ис, уымæ гæсгæйæ гъо’* загъта. Æфсати загъта йе ’фсинæн: л — Хæссынæн рог чи уа, хæрынæн адджын, ахæм фæндаггæгтæ нын бацæттæ кæн. Райсом раджымæ хæссынæн рог, хæрынæн аддлчын хæринæгтæ бацæттæ кодта Æфсатийы æфсин, æмæ уæд Уырызмæг æмæ Æфсати усгур араст сты. I 88
Æфсати æмæ Уырызмæг бирæ фæцыдысты, цъус фæ- цыдысты, уæддæр бахæццæ сты иу егъау галуанмæ. Галуан уыд сыгъдæг æмæ райдзаст, йæ бæстыастæу æр- гъау æмæ æрхуыйæ фидæрттæ, галуаны алыфарс сыгъ- дæг лæгты сæрыкъуыдыртæй егъау быру амад. Уæлейæ фидары сæр та æртæ рæсугъд чызджы кæрдгæ-хуыйгæ кæнынц. Чызджыты фыд сау халон Уырызмæг æмæ Æф- сатийы куы ауыдта, уæд сæм ратахт фидары сæрæй æмæ сæ мидæмæ байста. Хорз сыл бацин кодтой, уæдæ цы уыдаид. Уый фæстæ Æфсати æркой кодта Сау халонæн усгур кæй æрбацыдысты, уый тыххæй. Уæд Сау халон. загъта Уырызмæг æмæ Æфсатийæн: — Хорз, мæ хуртæ, ахæссут мæнæ мæ кæстæр чыз- джы. Æрмæст æм йæ ахастæй йæ амæлыны бонмæ йæ лæг зулдзыхы ныхас куы скæна, уæд мæ чызг сыгъзæ- рин бæлон фестдзæни æмæ ам æрбамидæг уыдаæни,. стæй йæ лæг йæ фæстæ куы рацæуа, уæд ын уыдзæн æр- тæ хатты бамбæхсыны бар, кæд æмæ йæ æртæ хатты дæр ссарæм, уæд кæсут мæнæ йæ алыфарс цы быру уыдис сæры къуыдыртæй амад, уымæ ацамонгæйæ, — загъта Сау халон, — йæ сæр ын ралыг кæндзыстæм æмæ йæ быруйыл сывæрдзыстæм. — Хорз, — загътой Уырызмæг æмæ Æфсати, уæдæ цы уыдаид æмæ рахастой Сау халоны кæстæр чызджы. Æфсатийы баздæхæнмæ >куы æрхæццæ сты, уæд Æф- сати афтæ: — Цæй, ныр, мæ хæлар Уырызмæг, мæнæн демæ цæ- уыны рæстæг нæй, фæлæ фæндараст фæу, æрмæст-иу мæ ма ферох кæн. — Хæрзбон, — загъта Уырызмæг Æфсатийæн æмæ йæ рæсугъд усимæ цæуынтæ райдыдта. Иу дзæвгар куы фæцыдысты, уæд фазтыл рувас разгъоры æмæ дзу- ры Уырызмæгмæ: — О, Уырызмæг, дæ кæрдзынтæй мын авæр, æмæ дыи сæрбахъуыды рæстæджы æххуыс уыдзынæн. Уырызмæг систа кæрдзын æмæ йын радта. Рувас дæр ратыдта йæ фарсы хъуынтæй, Уырызмæг- мæ йæ радта æмæ йын загъта: — Учырызмæг, сæр-иу дæ куы бахъæуа, уæд-иу ацьг хъуынтæ кæрæдзийыл асæрф æмæ уæд дæ цуры фев- зæрдзыиæм. 8а
-- Хорз, — загъта Уырызмæг æмæ дарддæр цæуын райдыдтой. Иу дзæвгар куы ауадысты, уæд та йæ фæс- тёйæ тæрхъус расырдта æмæ йæм дзуры: — О, Уырызмæг, сæрбахъуыды рæстæджы дын æх- хуыс уыдзынæн, æмæ мын дæ кæрдзынтæй авæр. Систа та уымæн дæр Уырызмæг «æрдзын æмæ йын радта. Уæд та тæрхъус дæр йæ фарсы хъуынтæй ратыд- та æмæ сæ радта Уырызмæгмæ, стæй йын загъта: — Уырызмæг, исты сæр дæ-иу куы бахъæуа, уæд-иу ацы хъуынтæ кæрæдзийыл ахаф æмæ æз дæ цуры фев- зæрдзынæн. — Хорз, — загъта Уырызмæг, уæдæ цы уыдаид, æмæ та дзæвгар фæцыды фæстæ иу денджызы былæй кæсаг ыегæпп кодта æмæ дзуры Уырызмæгмæ: — О, Уырызмæг, сыдæй мæлын, дæ кæрдзынтæй мыи иу къæбæр авæр æмæ дын сæрбахъуыды рæстæджы æххуыс уыдзынæн. Систа та уымæн дæр Уырызмæг кæрдзын æмæ йын радта. Уæд та кæсаг йæ базыр раскъуыдта æмæ йæ радта Уырызмæгмæ, стæй йын загъта: — Уырызмæг, искуы истæмæй куы тыхсай, уæд-иу ацы базыр дæ дымджытыл асæрф æмæ дæ цуры февзæр- дзынæн. — Хорз, — загъта Уырызмæг, уæдæ цы уыдаид æмæ та дарддæр цæуын байдыдтой. Бирæ фæцыдысты, цъус фæцыдысты, уæддæр æппынфæстагмæ Нартмæ бахæццæ сты. Уым иу иннæ боыæй иннæ бонмæ чын-~ дзæхсæвтæ фæкодта Уырызмæг, уæдæ цы уыдаид. Уы- рызмæг йæ усмæ ^зулдзыхы ныхас никуы кодта, афтæ- мæй цардастыуИу’’хатт куы уыди, уæд Уырызмæг "срæдыди:'" ""^ — Уæртæ ма мын-мæ дзабыртæ ахуый, бын бауай, фæлмæцгæ дæр нæ кæныс? Уыцы зулдзыхы ныхасæй Уырызмæджы ус сыгъзæ- рин бæлон фестадис æмæ атахти йæ цæгатмæ. Уырызйæг æрдиаг кæнын райдыдта, цы ма саразон, цы ми ма бакæнон æмæ æппынфæстаг хатт цæуыны ’ фæндагыл ныллæууыдис. Цæуын райдыдта, цæуын рай- дыдта, бирæ фæцыди, цъус фæцыди, уæддæр бахæццæ ир Сау халоны галуанмæ. Халон æй куы ауыдта, уæд æм ратахтис æмæ йæ быруйы мидæмæ байста. '90
Быруйы мидæгæй æртæ хойы кæрдгæ-хуыйгæ кодтои æмæ Уырызмæджы куы ауыдтой, уæд загътой мидбыл худгæйæ: — Уырызмæг, æрцыдтæ?! Цæй, бамбæхс, нæй гæ- цæн. Уæд Уырызмæг фæйнæрдæм аракæс-бакæс кодта æмæ фидæртты алыварс бынтон тыгъд быдыр, хал æрду дзы уæлæмæ нæ зыны. Уæд загъта Халон æртæ хойæн: Ныр сымах цы ми бакæидзыстут, цъынд, æви куыд? Уæд ын уыдон загътой: — Мах цыппар сахаты бафынæй уыдзыстæм æма1 уæдмæ бамбæхс. — Хорз, — загъта Уырызмæг æмæ рувасы хъуынтæ фелвæста æмæ сæ кæрæдзийыл ахафта. Уæд рувас йæ/цуры февзæрдис æмæ йын загъта: — Йеныр дæ синтæ ме ’рдæм скæн, дæ рифтаг де ’ккой, афтæмæй, æз дæ аууон æрлæудзынæн æмæ дæ хæйрæг дæр не ссардзæн. Уырызмæг дис бакодта, нæхъæн чъырыны къулты- йас лæджы рувас куыд бамбæрздзæнис ууыл, фæлæ æндæр хуыздæр гæнæн нæ уыдис æмæ сбадтис, йæ чъылдым фидарырдæм, афтæмæй. Рувас йæ фæсонтæм слæууыд Уырызмæгæн æмæ йыи йæ. рифтæгтæй йæ кæрдзынтæ бахордта, йæхæдæг афардæг ис. Уалынмæ фæци цыппар сахаты, стæй уæд райхъал сты æртæ хойы æмæ Сау халон, схызтысты фидары сæрмæ, акас- тысты æмæ дæлæ Уырызмæг бады. Уæд ныххудтысты æмæ йæм дзырдтой: — 0, Уырызмæг, æвгъæды бадыс? — Уыцы ныхас фехъусгæйæ Уырызмæг фестъæлфыдис æмæ фæзылд, кæсы æмæ нæдæр рувас, нæдæр æндæр. Уæд та йæм æрдзырдтой æртæ хойы æмæ Сау халон: .— О, Уырызмæг, дæхи дыккаг æмбæхстмæ бацæттæ кæн. Æртæ хойы æмæ Сау халон сæхи ныхсадтой, кæр- дзын бахордтой æмæ сфычæй кодтой. Уæд та Уырыз- мæг фелвæста тæрхъусы хъуынтæ, кæрæдзийыл сæ асæрфта æмæ йæ цуры ахæм бирæ тæрхъустæ февзæр- ди æмæ быдыртæ æмбæрзтой, тæрхъустæ ,йæ уæлæ бай- дзаг сты æмæ йæ бамбæхстой, Уалынмæ та рацыди цыппар сахаты. Райхъал сты æртæ хойы æмæ Сау ха- 91
* лон, акастысты фидары сæрæй æмæ та ныххудтысты, ; стæй загътой: — О, Уырызмæг, тæрхъустæ дæ сæ цъыфæй фесæф- ’ той! Уырызмæг та уыцы ныхас фехъусгæйæ мардыр- _ цыдау фæци æмæ рабырыди тæрхъусты бынæй. Уæд та ,, йæм æртæ хойы æмæ Сау халон æрдзырдтой: :г' — О, Уырызмæг, дæхи æртыккаг æмбæхстмæ ба- |иæттæ кæн. Æртæ хойы æмæ Сау халон сæхи ныхсадтой, кæр- сдзын бахордтой æмæ та бафынæй сты. Уæд Уырызмæг систа æмæ кæсаджы базыр йæ дымджытыл асæрфта, Уæд кæсаг æрбауад тп;æсты фæныкъуылдмæ æмæ йыи загъта: — Уырызмæг, дæ хæрзæггурæккаг, тæрхъус æмæ дæ рувас фæсайдтой, фæлæ мæнмæ хъус æмæ дæ мæ- лæтæй фервæзын кæнон. Кæсаг райдыдта дзурын: Сусæгæй бахъуыз æмæ уæлæ æртæ хойы æмæ Сау халон кæцæй кæсынц, æуымæн йæ хæдбын ис чысыл дымгæйын куырой, бацу æмæ йæ фæлгæтаджы ныббыр. — Хорз, — загъта Уырызмæг, схъуызыди æмæ бам- бæхстнс. Цыппар сахаты куы фæци, уæд райхъал сты æртæ хойы æмæ агурынтæ райдыдтой, æмæ никуы æмæ ыицы. Райстой кæсæн цæстытæ æмæ кæсынд авд æфцæ- гæн æддейæты æмæ никуы æмæ ницы. Куы сфæлмæ- цыдысты æртæ хойы æмæ Сау халои, уæд ныхъæр кодтой: — Рацу, хуыцау æй дæуæн загъта, æмæ йæ акæн. Уæд Уырызмæг дæр рахызти, хорз -æй куы федтой, уæд рахæцыд йæ рæсугъды цонгыл æмæ хъæлдзæгæй Нартæм ныффардæг. I
15. ÆЛДАР САТАНАЙЫ КУЫД АСКЪÆФТА Сатанайы зондджын кæм хуыдтой, уымæ гæсгæ Сос- лан-æлдар æрхъавыди æмæ йæ хъуамæ байстаид. Уы- рызмæг уæд Сатанайы фæстæ цыди сусæгæй æмæ Сос- лан-æлдары сагтæ æхсын байдыдта. Саг куы амарди, аскъæфта йæ. Уæд æй Сатана фарста: «Дæ уд кæм и?» — «Мæ уд и дæлæ къонайы мидæг». Уæд Сатана æхсын райдыдта къонайы. Стæй уый куы ныхсадта, уæд ын Сослан-æл- дар загъта: «Æз дæ зондджын куы ’нхъæлдтон æмæ дæ уый тыххæй куы ’ркодтон». Уæд та йын æлдар загъта: «Мæ уд уым нæй, уæлæ цæджындзы мидæг ис». Уæд та йæ æхсын байдыдта. Уый куы фæци, уæд та йын загъта, зæгъгæ, «мæ уд уый мидæг нæй, уалæ саджы мидæг ие», зæгъгæ. Уæд-иу сæм Уырызмæг сусæгæй хъуыста. Уæд Уы- рызмæг ерæдзыпп æрифтыгъта æмæ сагмæ цæуы, куы ссыди æмæ саг Уырысы хостæм цыди, уæд æрзылдысты Уырыс, æмæ сын Уырызмæг дæр ныфс бавæрдта, зæгъ- гæ, йæ иумæ амардзыстæм, тæккæ. Саг амард Уырызмæджы топпы цæфæй, Сослан-æл- дарæн йæ тых æмæ йæ ныфс систа саджы хуылфæй (уыдысты æртæ зæрватыччы). Иу дзы аскъуыдта, æмæ йæ ныфс асасти, иннæ аскъуыдта, æмæ йæ тых басасти, æртыккаг аскъуыдта, æмæ йæ уд систа. Уæд Сатанамæ Уырызмæг æрцыди æмæ йын загъта, зæгъгæ, «нæ цард та нæхи бар æрцыди». Сослан-æлдарæн йæ фæллой æрхаста Уырызмæг, йæ ус фæстæм>æ байста, æмæ та сæ ’царды хай кодтой. 93
16. НАРТЫ САТАНАЙÆН САУ НОГЪАЙАГÆИ ЧИ РАЙГУЫРД, УЫЦЫ ЛÆППУ Æмæ Иæртон Уырызмæг аф,æдз балцы ацыдн. Чи зоны, кæдæм. Р1æ ус, Нарты Сатана тыхсы йæ мойыл, мысын æй байдыдта. Фæбыцæу кодта Нарты Сатана йæхиимæ: уромы, хæцы йæхиуыл, фæлæ дзы быцæуæй куы иицыуал рауади, куы нал бафæрæзта, йæхи уро- мын, йæхиуыл хæцын, уæд æрбацыда кусджытæм æмæ сын дзуры: ** — Цæугæ ут, æмæ мын искуы иу лæг ссарут, аивæй йæ æрбахонут мæ уатмæ: куыд ничи й.æ базона, афтæ, Уæздан лæг агурут, фæлæ куыд æмбæлы, ахæм адæй- магыл нæ ф.æхæст стут сæрмæ лæгæй, уæд иу мæм сау лæгæй домбай æмæ хъаруджын æрбакæнут. Уæздан лæг не ссардтой кусджытæ Сатанайæн, фæ- лæ йын иу ломбау арæзтытæ^омбай- лæ^сау ногъайа- джы æрбаад^ж.^Бирæ фæци, чысыл фæци сау ногъай- аг Нарты Сатанайы уаты, чи зоны, ф.æлæ йын йе «хсыз- гонтæ» сарæзта æмæ та бацагуырдта йæ ф.æрныг хæ- дзар. Уæгъды нæ ацыди Нарты Сатанайæн уыцы’ хъуыд- даг: уайтагъд фехсайдта йæ зæрдæ йæхимæ. С^тана ба- сывæрджын сау ногъайагæй. Æвæдза й^МфЗыЕ афон ралæууыд^ афтæ^сатана æртæ мыдамæсты ракодта. Хуыцаумæ кувы: — Хуыцæутты хуьщау, мæхи хуыцау, афæдзæй афæ- дзмæ нæ бæстыл цы мигъ, цы фврæгъ æрбады, уый куыд æрбада Нарты хъæуыл ацы сахат. Тар мигъ ныббадт Нарты хъæуыл. 1 Уæд Тутыры ^уæнгуытæ уæрдоны анфтындзын кодта, 94
Терчы былм,æ йæхи фæласын кодта, æмæ йын уыцы ран* лæппу райгуырди Сау ногъайагæй. Ног гуырдæн скодтой чырынгонд, чырынгонд бæлæ- гъы <$ыв,æрдтой æмæ йæ уыцы хуызæнæй фурды ба.с- хуыстой. Галуæрдоны та бабадти Нарты Сатана æмæ- та æгас хæдзар ссардта. Бæлæгъ фурды сæрыл узпæ-узгæ згъоры, фæйлауæн- тæ дзы хъазынц, куы йæ портийау рахс-бахс кæнынц. алырдæм. Уыцы хуызæнæй кæсагахсджытæм ныйир- вæзт. Уыдон баурæдтой бæлæгъ, райгом кодтой чырын- гонд, удæгасæй дзы сывæллон систой æмæ нæ бахастой æлдары хъæумæ. Алдар æй хæссынтæ байдыдта йæхи хъæбулы хуызæн. Куы байрæзт, уæд фæбæрæг сты уы- мæн йæ уды конд^æ зæрдæйы арæзт, нæртон туг кæй зылди йæ тугдадзинты, уый базыдтаид алчи дæр, Нар- ты чи зыдта, уыдонæй. Фыццаг уыди, æмæ дзы хъазгæ-хъазын фæлмæцын байдыдтой йс ’мгар сывæллæттæ—чызгæй, лæппуйæ. Уый фæстæ дзы хъаст гæнæгæи уыдысты дондзаутæ, куыройдзаутæ: гогои сын гогонæнпал уагъта, дурын ду- рынæн, къуыстил къуыстилæн йæ фат æмæ йе ’рдынæй. Знаггадæй, фыдуаг мийæ фæстейæ иицыуал ныууагъта,. Дзыллæ дзы нал уыдысты сæ сæрæн, фæстагмæ адæм æрымбырд сты, уыцы иу гуыппæй бацыдысты æлдармæ æмæ йын дзурьпщ: — Бирæ дæм фæхъаст кодтам дæ арæккаг лæппуйы фыдуагдзинæдты тыххæй, фæлæ нырма дæр уый йæ фы- дуагдзинæдтæ нæ уадзы. Ды дæр иу уынаффæ нæ кæ- ныс йæ басабырæн. Æрсабыщфон та йын у, уый бæрн саби дæр нал у^Яилтæ йыл фæхæцыд^кш-. Зæгъæм дын фæстаг хатУГие ’лдары хай: кæнæ дын мах, кæнæ дын дæ лæппуУ Æлдар сагъæсы фæци. Уыцы рахъуыды-бахъуыды фæкодта, æм,æ стæрхон кодта: — Мæ хъанæн н^е хъæуы цæрæнбынат нал у, иу æцæ- гæлон бæстæм^ й^æ^^витын хъæуы. ^_ ф*&* Æппæтæй дæр’ æи хæ]^й«тч51ГР^одта, дарæсæй, хæ- цæнгарзæй. Йæ бæхрæгъæуттæм хуыздæр бæх нал ныу- уагъта, ахæм ын сбадынæввонг сарæзта. Стæй баздæхЗ "Ы, æмæ йын Дыууадæс барæджы бафтыдта йемæ. Бар- джытæм аивæй бацыд æмæ сын сусæгæй •уæд^æръьн-'- 4\ 95
— Мæ хъаны усгурШ <#фсон æрвитын мæ хъæуæй. Абалц кæнут лæппуимæ,истыр ф.æндагыл,æфсæн дуар- мæ бахæццæ уыдзыстут. Д^йр æхгæд разындзæн: лæппу йыл æвзардзæн *йæехсы хъæдæй, фæлæ йын нæ ком- дзæн. Уæд æрцæттæ кæндзæн уый йæ бæх, бæх маргъау ^ефсæндуары сæрты уыцы иу тахт бакæндзæн. Æвæдза, лæппу дуары иннæ фарс фæци, афтæ иу фæстæмæ ма ауæодут лидзынæй. *Фадзæхсьнгуь№ц^ох уæ ма кæнæд, уыцы иуырдæм уæ дыууæ барæджы^ма фæуæд, фæлæ иу ныххойут алырдæм, Усгур арасти æлдары хъан дыууадæс барæгимæ. 'Стыр фæндагыл бахæццæ æфсæн дуармæ. Дуарыл ехсы хъæдæй бахæцыд, фæлæ н*гм мæ байгом. Лæппу бæхы æмбамбырдтæ кæны, ехсæй иæм æрæвзиды, бæх тæр- хъусы кафт скæны барæджы бын æмæ æфсæн дуары оæрты маргъау батæхы. Дуар бакодта, йе ’мбæлттæм лзуры, фæлæ уыдон иугæйттæй куы^- хъæд, куы — дур — баисты. Лæппу ма иу дзæвгар сæ фæдыл акæсы, стæп та цæуын байдайы размæ йæ фæндагыл. 1%$*®^ Бирæ ф,æцыд, чысыл фæцыд, чи зоны, фæлæ иу яяæ^ ^Ш5Гбарæг афынфй-йæ бæхы рагъыл. Бæх йæ цыды кой кæны. Уалынмæ^æртæ барæджы фæдæргæвст æркæ- нынц йæ фæндаг. Барджьггæ разындысты Нæртон адæм — Ахсæртæккаты разЗЙедæр^ лæгтæ^’Уырызмæг, Нарты Хæмыц æмæ Нарты СосланЛ Иудадзыг дзæгъæл нæ фæци иæ балц, — загътой нæртон адæм. Уæртæ уыцы барæг истæмæнты сбæз- дзæн. Нæ сылтæн нын æппæт фæстаг хæлайфæгты аргъ уæддæр ныккæндзы^æн. Йæхи йыл раскъæрдта Нарты Сослан. Скъуырдта барæджы йæ бæхæй, фæлæ барæджы бæх, марадз з<æ- гъай, æнкъуысгæ дæр фæкæна, йæ цыды кой кæны. Баз- мæлын кодта Нарты Хæмыц дæр йæ бæх. Уыцы иу ’къу^йрд, скæны фыдæбойнаг барæджы бæхы.,.Уæд та ма куыд нæ фæчиуы бæх! Фæлæ нæ халы иыр дæр йæ цыд, ногъайагæй чи райгуырди, уый бæх^^Уæд нæртон Уы- рызмæг фездахы барæгмæ йæ рæ!$йад Æрфæны, фæлæ та ницы, ком «æ* радта барæджы бæх Нæртон Уырыз- мæджы Хъулонæн дæр: * . ’. —'Ма кæнут, ма, ауадзут мæ нæ фæндагыл, наёЬмæ 96
куы райхъал уа барæг, уæд уæм хорз нал фæкæсдзыс- ты уæ митæ. Куынæ æмæ куынæ уыди, — Нарты тыхгæнджытæ Хуыцауы бар куы н,æ уагътой бæхы, уæд уый ныууыгъ- та йæхи. Барæг æрыхъал, асæрфта йæ цæстытæ æмæ фæкомкоммæ Нарты тыхгæнджытæм. Æрыздæхтытæ сæм кодта йæ бæх æмæ... Нарты Уырызм^æг æмæ Хæмы- цы хордзенбаст акодта йæ фæсарц, Сослан буарæй роны æхсæн ар&*атъыста> бæхæй йæ райста >æмæ йæ уыцы хуызæнæй ^хæссы йæ арцыл. Рахъæр кæны сын бæхтыл æмæ сæ фæтæры размæ. — Чи зоны ахæм ми уыл æрцæудзæн, уый æнхъæл мæ уыдыстут, фæлæ уын æз цы хъомыл бауыдзынæн, уый фендзыстут. Баздæхдзынæн æмæ уæ уыцы хуызæ- нæй уæ бæстæм фæхæсдзын-æн æмæ уæ уыцы ран æрæ- вæрдзынæн, уæ устыты раз. ^ Раны фесты нарты хæрзн^джытæ. Уый бæрц фæ- хæттысты, уый бæрц тых фæкодтой, фæлæ сыл иу ахæм адæймаг иæма сæмбæлди. Уæздан адæймаг сæ хæдза- ры бинонтæн нæ хъæр кæны йе ’фхæрд. — Зын æм кæсы. Хорзау нал уыдысты Нарты сгуыхт адæм. Катайыл систы, æваст, фæфæлдæхтысты, се ’взаг æруагътой. — Ма нæТсаф, ма нæ фæхудинаг кæн уый бæрц, ха- тыр дæ курæм, дæхицæн æй аккаг ма скæн, нæ рæдыд нын ныббар, фæлтау гаæ ацы ран амар, уæддæр нын уы- цы ми ма ба^æн. — Ацæргæ адæм стут æмæ уын уый тыххæй хатыр фæуæд, фæлæ мын дзырд радтут, куыд иал бахъыгдар- дзыстут фæндаггон адæмы Амал сын уыди, радтой йын дзырд. Барæг суæгъд кодта Нарты тыхгæнджыты æмæ сæ алчи дæр араст йæ ф.æндагыл. с^/ Барæг цас ацыд^Гчи зоны, фæлæ æваст фæстæмæ æр’бахæцыд йæ бæхы рохтыл. — Марды рох мыл куыд бахæцыд! Ай кæдæм цæуын, уымæн куы ницы сæрват ис, цы бæсты дæн, уымжн куы ницы бæрæг ис, ус кæм курдзынæн, уымæн дæр^йщы зонын, уæд æнæ бафæрсгæ куыд^ыууагътон уыцы адæ- мы. Уыдон та, чи ахатти, чи федта, бирæ*чи ахатти, ахæ- мы каст кæнынц — бæрæг у сæ уæлæ. Цом æмæ сæ ба- ^фæреен, кæд мын искуы бацамониккой иу чызг. 7. Бязырты А. 97
Нарт барæджы куы ауыдтой сæ фæдыл æрбацæугæ, уæд лидзæг фесты. — Фæлæуут мæм, дзырд уын дæттын, ницы уын кæн- дзынæн, хъуыддагæн мæ хъæук. Нарт фæсабыр сты сæ цæуьы^æй, баййæфта сæ ба- рæг. — Нæ хæдзарæй усгур рараст дæн, фæл<æ а-бæсты никæй зонын, сымах та, бирæ чи федта, ахæм стут. Уæ хорзæхæй, иу чызг мын банымудзут. — Дыууæ доны кæм баиу вæййынц, уыцы ран йæ галуанты цæры æмæ хæры Адыл, — &да^ыж^загъта Нар- ты Уырызмæг. — Уымæн ис ахæм чызг, æмæ арв йæ къабæзтæ кæм ауагъта, уым уый хуызæн уындæй дæр, æгъдауæй дæр нæ разындзæн. Дунейы хæрзæджытæй чи нæ сдзырдта, ахæм нал баззад, фæлæ нæ комы никæ- мæн. Уыимæ йæ фыд Адылыйы хъæздыгæн дъуамæ ма- куы разына. ^ ^я&^ Дыууæ доны астæу Адылы. фидæрттæм йæ ных са- рæзта сау ногъайагæй гуырд. йе ’мгæрттимæ мæсы- джы бады Адылы рæсугъд чызг. Къухми кæнынц чыз- джытæ. Уæд чызджытæй чидæр дзуры: — Уæртæ нæм иу чидæр æрбацæуы, — нæма æрбацы- ди уый хуызæн а-бæстш^ — Каесут, æмæ кæд донæн йæ тæнджытæ агура, уæд ы.л худæгæй нæхи схæсдзыстæм, ахъаздзыстæм дзы, кæд æмæ комкоммæ æрбацæуа, уæд мьщ мойæн сбаезд^ен. — Иæ тæккæ иугуыры æрбасхуыста, — загъта та^ ^æ- саг дæр уый хуызæн не ’рбай^ждзæн. Мара — зæгъай уыцы фурды йæ бæх цудгæ дæр фæкæна. Фатау æрбай- гæрста дон. Адылы галуанты æрхызт сау ногъайагæй гуырд йæ бæхæй. Адылы рæсугъд чызг цы уаты бадти, уый дуа- рыл бахæцыд ехсы хъæдæй æмæ дуар мидæмæ ба- хаудта. — Дæ бон хорз уа. не ’взæр æфсин, — загъта лæппу Адылы рæсугъдæн. — Хорзæй цæрай, Нарты Сатанайæн сау ногъайагæй чи райгуырд, уыцы хорз лæппу, — дзуапп ын радта чызг. Лæппуйæн цыма йæ былтæ ракъуырдтой, уыйау фæ- ,ци æмæ уайтагъд фездæхт фæстæмæ, б-æхыл баппæрста 98
йæхи æм.æ Адылы галуанæй уыцы тæвдæй араст дард- Дæр.^ •^/^кхай, нæ уазæг фæтæргай, — загъта чызг.— Цæугæ ут .æмæ й,æ æрбаздахут фæстæмæ, кæд æмæ сау ногъайаджы тугæй равзæрди, уæддæр æвзæр адæймаг нæу. Цæрынтæ сын бацайдагъ лæг æмæ усæй Адылы фи- дæртты, дыууæ доны астæу хуыдзыхау кæм фащи зæхх, æппæтæй дæр æххæст. ЛгИШф4'*^' —-->Дæщик*?*41у ахæмы цдш дзуры йæ ус.—Æвæдза, лæппуйæн бинонтæ фæци, афтæ йæ нал фæхæссы хæ- дзарæй йæ къах. Кæсын дæм æмæ дæ гуымиры тых дæй бæрц райрæзт, уый бæрц дæ зонд нæма у. Гуымиры ты- хы та зонд куы нæ араза, у-æд фыдбылызы сæдзы адæй- маг. Баздæх æмæ Тфрдакы сындзмæ фæцу. Уым ис сау рувас — йæ’ныхы æртæг/^^ æрдуйы. Рувасы куы ’рцах- сай, уæд ын сæ æртонын хъæудзæн. Сæ иу хъуын уыдо- ыæй уыдзæн дæуæн зондамонæг, иннæ фестдзæн рон, æртыккаг—æгънæджытæ ; æвзист æмæ сыгъзæринæй арæзт. Уыдон та балæвар кæндзынæ мæнæн. Фæлæ уый^ зон, æмæ рувас .æрцахсын .æн’цонæй нæ бафтдзæн^Тар" )к%ъ\ ^ьшдзмæ куы бафтай, уæд æй сурынтæ сисдзынæ, дæ дарæсæй ницыуал баззайдзæн дæ уæлæ, гæбазгай баззайдзæн сындзыл, фысы фист ыл куыд баззайы, аф- тæ. Алырдыгæн дæ буарæн хъардаæн йæ туг. Дæ къухы нæ бафтдзæн иындзы, уырмæ йæ расурдзыиæ. Æнтъæ- рынтæ йæ байдайдзынæ уырыл: дæ дзабыртæ фæуæлгом^ дæ къйхты пырх кæлдаæн, фæлæ са.у рувас дæр сфæл-с мæцдзæн,—дзыхълæуд ныккæндзæн уырылч удæгасæй йæ æрцахсдзынæ, йæ ныхы йын уыцы æртæ урс æрдуйы æртондзынæ, стæй йæ ауадздзынæ. /р Сау ногъайагæй гуырд Т$р$жы бындзыл сау рува- сы удæгасæй куыд æрцахста, афтæ йын æртæТхъуыны æртыдта йæ ныхæй æмæ сæ бафсна.йдта йæхимæ, стæйх сау рувасы ауагъта. Сыздæхы сæ хæдзармæ æ’мæ та Адылы рæсугъдимæ цæрынтæ æм,æ хæрынтæ сисынц... , Цас та ацардаиккой, чи зоны, фæлæ та иу ахæмы дзуры Адылы чызг: — Лæгай, иунæгæй цæрæм.^^-ку^й^ьтш^ацы ран, * хъушиадщæмæй^схæ^-уы^—фæлæ-хæдз-а^ы - .99
бинонтæ куы цæррй, уæд сыл кйёк циндзинаХЛкæ-м зиан æнæмбæлгае нæш Циндзинад уа I æцæг цийдзинад, уæд вæЖйы, æмф дæ йлф-æмблай би’рæ 1адæм куы цæюой, æмæ дышцингæЦæг куы у\)й дæ циныл,! стæй дъш хъыглæнæг куыиюй дæ\зш(ныл. &æд у&й бæ{ш тых нæ кæны цы- фæншл зиан\^'æр, уд <щр дзы буаро^йас нæ\)иссынц. Баздæх æм,æ та нын фæцу балцы. Сомбон æрыскъæф тонынмæ рацæудзысты ногъайаг фæсив<æдг~чызгæй-лæп- пуйæ. Афтæ бакæн æмæ нын дзы фондзыссæдз къæйы æрбахон æмæ сæ æрцæрын кæн нæ алыварс, цæмæй нæ дунейы цард рогдæр æрвитæм уыдон руаджы. Ногъайы фæсивæдæй сæдæ чызджы æмæ сæдæ лæп- пийы æрбакодта Нæртон гуырд æмæ сæ Адылы фидæрт- ты алфæмблай æрцæрыи кодта,.— хъæу сæ сарæзта. У.æд та иу рæстæджы Адылы рæсугъд дзуры йæ сæ- ры хицаумæ: — Уæ, мæ сæры хицау, æхсызгон ма дын .кæнинаг у... иу хъуыддаг. Нарт Гуры фидар байстой, цы фос дзы фæкодтой, уыдад уардзысты. Афтæ бакæн, æмæ дзы дæхи хайджын^акæн. Уый та афтæ зын нæу. фæндæй куы бакусай, уæд. Нарт бырсынмæ куы цыдыс- ты, уæд къулбадæг усы фæндагыл сбадын кодтой, лæ- бурджытæй фидармæ чи бахиза, уый сбæрæг кæныны тыххæй. Л^æвæрдтæй фыццаг бар раззагмæ цæуы. Æз дын уыцы усæн й.æ фæлыст сараздзынæн къахæй,ькъух- мæ, ды йыл дæ фæндаг акæндзынæ æмæ йын сæ балæ- вар кæиШШ№> стæй йын иу бафæдзæхс: — фарст дæм куыТ^уа, Нарты лæбурджытæй Гуры фидармæ раздæр чи бахызт, зæгъгæ, уæд дæу куыд бацамона, афтæ. Æрымбырд сты Нарт Гуры фидарæй хаст хæзнатæ уарынмæ. Дыууадæс ивæзны уæрм^къахтой æмæ дзы Нарты Сырдоны аскъæрдтой, хъуыддаг хъаугъамæ куы тæра, уымæй тæрсгæйæ. Фæрсынц зæронд усы: — Уæдæ хæсты бон Гуры фидармæ фыццагдæр чи бахызтаид, уыцы амондджын чи уыдзæни, чи? — Йæ бонæй уæд, уастæн, Адылы сиахс, уый бахыз- ти, уый Гуры фидармæ фыццагдæр, — загъта къулба- дæг ус. — Дæ раззаджы хай сис, Адылы сиахс, стæй аннæ 100
хæзнатæ лæджы оæрыл байуардзыстæм æмхуызон, — загътой Нарты хистæртæ. ^ЬеХ Адылы сиахс æркаст хæзнатæм æмæ даьц амынд -*т- куыд уыди, сау рувасы урс хъуынæй, уымæ гæсгæ дзы райста йæхицæн æртæ дзаумайы: æрчъиаджы султъы, нымæтын ехс æмæ гамхуд. Нарты Сырдоны систой уæрмæй, хæзнатыл рахаста йæ цæст æмæ фæрсы Нарты хистæрты: — Раззаджы хай чи систа? — Адылы сиахс, — дзуацп ын радтой Нарты хис- тæртæ. — Рагæй дæр ницæйаг уыдыстут, куыйты Нарт,— загъъта Сырдон, — æмæ та уæ ныр дæр хынджылæг фæ- кодтой. Æмæуæ хынджылæг чи фæкодта, уый лæджы хуызæн л,æг дæр куыд уыдаид йæхæдæг. Уый зонут æмæ Нарты Сатанайæн сау ногъайагæй чи райгуырди, уый уын ахаста у-æ хæзнатæ. Чи ма дзы æрызад, уыдон иу доны къ^дæр нæ райсдзысты уæйгæнгæйæ, хъæугæ даер ницæмÆн кæнынц. Нарты Уырызм,æг, Хæмыц æмæ Сослан кæрæдзимæ бакастысты, Сырдоны ныхæстæ фехъусгæйæ, æмæ сфæнд кодтой басгарын Адылы сиахсы. Рабалц кодтой Ахсартæккаты стæрон лæгтæ. Ады- лы фидæрттæм фæцыдысты. Уыцы ран сын куыд æм- бæлди, афтæ уазæгдоны æрхызтысты. Уазджытæн кæс- тæриуæггæнæг уыди Адылы сиахс. — Бахатыр кæнут, уазджытæ, фæлæ ма кæд исты зонын, уæд ма уæ кæмдæр федтон, афтæ м.æм ш&о&к$№/ — Нæ рæдийыс,—дзуапп ын радта Нарты Хæмыц,- ацы фидæрттæм дæ мах сарæзтам усгур. Стæй ма дын зæгъдзыстæм, нæ цыды сæр цæм-æ уыди ардæм, уый дæр. Хæрзæрæджы базыдтам; мах —лСата^а^æ ут кæй райгуырдтæ, мæнæ дын^уьп0! да^ Уырызйæг^ЧЙ^йьрСа- танайы сæрыхицау, махчдæ щШД æфсымæртæ — Хæмыц æмæ Сослан. Нæ кæстæр, стæй зæгъдзыстæм дын нæ зæгъинаг^йг-худинаг у вæртон гуырдæн йæ каисты хæ- дзары цæрын, %ам дзы кæны жгас мыггаг дæр. Нарты Сатанайæн сау ногъайагæй чи райгуырди, уый æмæ йе ’фсин бафснайдтой сæ бирæ исбон, рахуыд- той сæ адæмы æмæ Нарты хъæуы æрцардысты. Нарт та фосы конды фестьт. 101
17. НАРТÆ ИУМÆЙАГ НЫХАСДОН ХÆДЗАР АРÆЗТОЙ Нартæ иумæйаг ныхасæн хæдзар арæзтой æмæ йыл ф^æцархайдтой афæдзæй-афæдзмæ, цæмæй йæм Сырдон фау ма æрхастаид хæдзармæ, уый тыххæй, — ма сын æй бафаудтаид. Сцæттæ и хæдзар хорз, æмæ загътой: — Ныр фенын кæнæм хæдзар Сырдонæы, кæддæра ма йæм исты фау хæссы, æви нæ. Арвыстой Сырдонм’æ, куыд æй рахуыдтаиккой, аф- тæ Созырыхъойы. Ныццыди йæм æм.æ йын загъта: — Нарты æмбырды дæм дзурынц. Æм,æ загъта Сырдон: — Ацæудзынæн. Рараст кодтой æмæ бацыдысты нарты иумæйаг хæ- дзармæ, — æппæтдæр уым уæвгæйæ. У,æд загътой Сыр- дон-æн: — Хæдзар дæ зæрдæмæ цæуы, æви йæм исты фау- дзинад ис? Сырдон фæракæс-бакæс кодта хæдзары къуымты алырдæм æмæ загъта уæд: — Хорз у, фæлæ ма... — æмæ сыстад æмæ рацыдйг- Уæд ,æй Созырыхъо фæсте расырдта: — Сырдон, кæдæм лидзыс, куы ницы загътай. — Æмæ уын цы зæгъон? — зæгъгæ, загъта. — «Фæлæ ма», зæгъгæ, цæмæн загътай. — Хæдзар хорз у, фæлæ дзы астæуæй ницы ис. Ацыдис уæд Сырдон, æндæр ницы загъта. Раздæхтис Созырыхъо фæстæмæ æмæ æмбырды радзырдта, «Сыр- дон бафаудта хæдзар, астæуæй дзы ницы ис», зæгъгæ. Срехимидæг хъуыды кæнын райдыдтой, уый цæм^й зæ- гъы Сырдон, зæгъгæ. Уæд Сослан радта ныхас:
— Хорз зæгъы, ома хæдзары рæхыс нæй. Сослан æй базыдта, хæдзары цы хъæуы, Сырдоны ныхасмæ гæсгæ, уый. Саразын кодтой стыр рæхыс æмæ йæ, куыд в.æййы, афтæ æрцауыгътой хæдзары астæу, загътой «ракæнын та хъæуы Сырдоны», æмæ уæд ар- выстой Сырдонмæ æмæ та йæ рахуыдтой. Æрбацыди та Сырдон нарты æмбырды хæдзармæ. — Сырдон, ацы хæдзармæ цы фау ис? Сырдон фæракæс-бакæс кодта дзæвгар. — Хорз, фæл-æ...—загъта та Сырдон, сыстад та æмæ рацыди. Йæ ;фæдыл та рацыд Хæмыц æмæ йæ ба-. фарста: — Сырдон. куы ницы нын загъта,й, уæд ма «фæлæ» цæмæн загътаис? — Хæдзар хорз у, фæлæ хурыскæсæны къуымырды- гæй ницы ис — ныхас радта Сырдон. Ацыд, араст та Сырдон сæхим.æ. Хæмыц фæстæмæ раздæхти бадты адæммæ æмæ раныхас кодта: — Фауы та Сырдон хæдзары, зæгъы «хæдзар хорз у, фæлæ хурыскæсæнырдыгæй къуымы ницы и». Æмæ та уæд сæ кæрæдзийы мидæг хъуыды кæнын райдыдтой, уый цæмæн афтæ загъта, зæгъгæ. Æмæ та уæд Сослан загъта: — Уый хæдзар фауы уый тыххæй, къуымы сылгоймаг кæй нæй, уый тыххæй. Уæд .æркодтой уырдæм сылгоймаг æмæ нæуæг чындз куыд уа, афтæ йæ сарæзтой, æмæ йæ æрлæууын кодтой къуымы, æмæ та загътой: — Фæстаг хатт ма фæцæуын хъæуы Сырдонмæ, — æмæ йæм ничиуалгомау комы — «нал рацæудзæн, кæн- нод та, чи зоны, кæдæм афардæг и» — фæзæгъы, кæмæ бадзурынц, уый. Уæд уХæмыц загъта: — Æз цæуын, мæ бар ма йæ уадзут, æз æй тыхæй дæр ратæрдзынæн — Хæмыц арасти Сырдонмæ, ныццы- ди дуармæ,-—.æмæ йæм дзуры «мидæмæ». Æрæджиау æм ракаст æмæ загъта: — Цы кæныс? — Нарты æмбырдмæ дæм (дзурынц сæ иумæйаг нæ- уæг хæдзармæ. . \ — Хæрд æмæ нозты куы фæбадут, уæд мæм цæуыл- 103
нæ фæдзурут? Æз нал ацæудзынæн! — æмæ фæстæмæ хæдзарырдæм фæзылди. Хæмыц æй рацахста, загъта, — «æнæ фенгæ йын гæ- нæн нæй». Куы нæ куымдта, уæд æй рацæфтæ кодта, куыд æмбæлди, афтæ. Сырдон тынг мæстджынæй ацы- ди. Куы бацыди, уæд та хæдзары фæракæс-бакæс кодта æм.æ уæд загъта: — Гъеныр хæдзар, гъе, нырмæ хæдзар нæ уыди. Нартæ дæр ныццин кодтой, фау æм кæй нал разын- ди хæдзармæ, уый тыххæй... Ам дæр та сыл хинæй рацыд Сырдон: сæ иумæйаг ныхасдон сын цæрæндон фестын кодта.
18. УЫРЫЗМÆДЖЫ ФЫРТ Уырызмæг стæры куы ацыд, уæд Сатанайæн лæппу райгуырд æмæ й.æ асыччы денджызы баппæрстой. Кæ- сагахсджытæ йæ ауагътой. Иу хъæздыг лæг куыройы н’укмæ æркасти æмæ йæ* ауыдта, райста йæ, йемæ йæ бахаста йæхæдзармæ, хæс- сын æл байдыдта... Сыхæгты сывæллæттæн-иу кæмæьг йæ цонг ратоны, кæмæн цы. Сыхæгтæ хъаст райдыдтой. Уырызмæг æмæ Сослан фæцæуын;ц, сымбæлд сыл лæппу. Сослан цилхъ сласта æм,æ лæппуйы барæхой- барæхой кæны. Бæх æм дзуры: «Цы ми кæныс? Фынæй барæджы куыд рæхойыс!» Стæй лæппу райхъал, æмæ^ Сослан алыгъди. Уырызмæг æй базыдта æмæ йыи лæп- пу афт-æ: — Æз цæуын усгур, .æмæ кæд искæйы зонут. Уырызмæг загъта:—Денджызы астæу сакъадахыл иу чызг ис æмæ уый дæу у, Усгур æй арвыстой Хурыскæсæнырдæм æмæ уым гæ- нах ис. Дуæрттæ фидар æхгæд. Ехсы хъæдæй батыдта- дуæрттæ... Бацыд æм.æ дзы æцæг чызг. Чызг рудзынджы раз йæхи хуыссæнтыл æруагътаæмæ кæсы; кæддæра ден- джызы æрбатæрид: — Кæс-ма йæм кæс! Комкоммæ æрбатардта! Уый мæ амæддаг у, æз та йæ амæддаг. Бæх абаста. Дуар фегом кодта, чызгмæ сдзырдта: — Бон сихорафон хуысг.æ чи кæны?! — Рацу, Уырызмæджы фырт, — загъта чызг, æмæ- цæргæйæ баззадыстьь 105^
19. НАРТÆ ÆМÆ ЧЫНТÆ ’Нартæ æмæ Чынтæ бадтысты ныхасы, æмæ сæм Уы- рызмæг ссыди æмæ сын загъта: — А, æз фесæфтæн, фæлæ сымах та мæнæй сæфтдæр куы стут, цуаны кой уæм нал и, хорз топпы кой уæм •нали. Уыдон загътой: — Уый мæт нал и мах, сыдæй скъуыйдзыстæм, нæ хуымтæ 'Эехсæв кæрдинаг кæнынц, бон — цъæх. Уырызмæг фæстæмæ æрыздæхти ,æмæ Сатанайæн загъта: — Нартæ æмæ Чынты бахынцæм. Уæд Сатана бакодта Уырызм.æджы иу къæбицмæ, æмæ хай æмæ дзулæй йедзаг. . — Уыдон дын кæм уыдысты? Уый ’йын загъта: — Нарт æм,æ Чынтæ цы х.æйттæ фæлæвæрдтой, уы- дон сты. Иннæ агъуыстмæ йæ бакодта ^емæ арахъхъæй семы- дзаг дурынтæ: — Уыдон та мæм сыкъайæ чи фæцыди, уыдон сты. Æрцыди Уырызмæг æмæ фидиуæгмæ фæдзырдта. Фидиуæг æрцыд, бахордта, банызта æмæ гæнахы сæр- мæ схызт æмæ ныхъæр кодта: — Цæуынхъом уæ чи у, уый цæугæ ракæнæд, цæуын- хъом чи нæ у, уый хæсгæ ракæнут. Ныххæрæтт кодтой .æмæ æрцыдысты. Иу абонæй ин- нæ абонмæ минасыл бадтысты. Стæй Уырызмæг феста- ди, æмæ сæ размæ цъæх нæу уыди, æмæ уым дæлгоммæ’ а|хуыссыди æмæ афъшæй. Цæргæс рацыди æмæ дзы йæ ныхтæ ныссагъта æмæ йæ ахаста æмæ йæ фурды астæу 106
иу дурыл æрæвæрдта. Уырызмæг райхъали æмæ нык- касти æмæ дуры бынæй рухс кæлы. Бацыди æмæ хæ- дзар ахæм: уæлийæ сæууон стъалытау æрттивы, бынæй цъæх авг, йæ фæрстæ æргъæуæй ахуырст. Е, стæй фыс æрбакодтой, аргæвстой йæ. Йæ разы йын фынг æрæ- вæрдтой, — идæдз ус æмæ лæппу уыдысты. Хъама сласта æмæ йæ кæрдихы нытътъыста æмæ скуывта æмæ йæ лæппумæ авæрдта. Лæппу æрбазгъорд- тё, ам йæ дзабыр фæбырыди æм,æ хъамайы бырынкъыл йыссагъди. Уырызмæг фестади æмæ йæм лæппуйы мад дзуры: — Базыдтон дæ, Уырызм-æг дæ æмæ кæдæм лидзыс? Ссыди æмæ та дурыл сбадти æмæ афынæй. Цæргæс та йæм ратахти, йæ ныхтæ дзы ныссагъта æмæ та йæ ахаста æмæ та йæ сæ дуармæ æрывæрдта. Стæй бацыд æмæ адæм уæддæр уым бадынц æмæ йын загътой: — Ам кæй стæм, уый дын хъыг у, нæ? Уырызмæг загъта: Хъыг мын ницы у, фæлæ мыл хъуыддаг фембæлд æмæ уый тыххæй кæмдæр уыддæн. Нартæ æмæ Чынтæ сыстадысты æмæ фæфардæг сты.
20. НАРТЫ ÆРТÆ ÆФСЫМÆРЫ БАЛЦ Нæртон адæм сæ тæккæ цæргæйæ куы уыдысты, сæ тæккæ цæргæйæ. Уæд иу бон æртæ фсымæры балцы сфæнд кодтой уæлхохмæ. Араст сты, араст æмæ сæ кæстæр æфсымæр Цы- балки сæ разæй араст. Æмæ дунейыл диссаг фыдбон сыл скодта.^ Сæ размæ мит сардзины бæрц æвæрдта. Цæуын байдыдтой, иу дзæвгар бæргæ фæцыдысты. йæ бæх цудын байдыдта Цыбалкийæн. Созырыхъо аразæй кодта, уый дæр та бæрæг иу ахæм фæцыдис æмæ Уый дæр та тынгдæр къуылымпы кæнын байдыдта, тынгдæр, <æмæ Сæ хистæр æфсымæр Уырызмæг аразæй кодта. Дунейыл диссаг уый бæхы цыдмæ бакæсын: йæ бæхы фындзы хуынчъытæй сау мигъы къуымби- лау Фæйнæрдæм мит куы калдта, дыууæ сардзины бæрц фæйнæрдæм хауди. Йæ кæстæр æфсымæртæ йæ фæстæ сау зæххыл цы- дысты. Иу заман нæу хохмæ схызтысты. Сæ хистæр æфсымæр сын бауынаффæ кодта: — Нæ бæхтæ бафæлладысты æмæ сын сæргътæ си- сæм. Аулæфын сæ кæнæм. Сæ сæргътæ сын систой æмæ сыл сахсæнтæ сывæрд- той. 108
Сæ сæргъты сæ нывæрзæн бакодтой дыууæ хистæры, Сæ кæстæр Цыбалкийæн бафæдзæхстой, «бæхтæм дæ цæст фæдар», зæг^гæ. Хистæртæ бæргæ\фынæй сты, фæлæ Цыбалкийы топ- пы хъæр куы фæцыд. — «Цы дыл æрцыд», зæгъгæ, хистæртæ куы фехъал сты. Йæ хабар сын ку,ы ракодта: — «мæнæ мæ цурæй ( Къудзиты рæбынæй, зæгъы, тæрхъус агæпп ласта æмæ уый фехстон».
21. НАРТЫ УЫРЫЗМÆГ КЪУПРИ КÆРЦ КÆМÆЙ СКОДТА, УЫЦЫ РУВАСЫ ТАУРÆГЪ. Созырыхъо, Уырызмæг æмæ Хæмыц æртæ æфсымæ- ры уыдысты. Табылдахъ уыдис се ’ххуырст. Дыууадæс хæрæгыл иу сын суг хаста Табылдахъ денджызы бы- лæй сау сындз. Иу бон та ацыдис сындз ласынмæ æмæ рувас федта, сыгъзæрин царм рувас. — Уæдæ ай куы ’рцахсин!— загъта æххуырст. йæ хæрджытæ сындзы ныууагъта, денджызы был. Рувас куы æртымбыл вæййы, куы адæргъ вæййы. Табылдахъ æм бахъуызыд æмæ йыл фæхæст уа, афтæ рувас али- дзы. Хынджылæг кæны сыгъзæрин хил рувас æххуырс- тæй. Бонизæрмæ йыл фæцархайдта, фæлæ рувас йæ къухы нæ бафтыди, хæрджытæ даер фесæфтысты. Куы ’рталынг, уæд сæхимæ ссыд. Хæмьщ, Уырызм-æг æмæ Созырыхъо мæт кæнынц: — Диссаг, куы банафон, уæд нæ сугхæссæг æмæ нæ хæрджытæ кæм сты? Уалынмæ ссыди. — Цы фæдæ Тыбылдахъ, цы фыддæр дæ къоиа, мæтæй дыл куы ницыуал зонæм. — Цы фыддæр уæ хæдзар. Денджызы был сау сын- дзы иу рувас федтон, йæ хил сыгъзæрин, абондæргъы уый фæстае рауай-бауай нал фæразын. Æрцахсын мын нæ бакуымдта, мæ хæрджытæ дæр фесæфтысты. Уыдон æртæйæ дæр ныццин кодтой, — «уый Хуыцау махæн дæтты» зæгъгæ. Райсоммæ сæхи сцæттæ кодтой. Ацæ сæ хæрæфырт уыди æмæ йæ райсомы сем,æ скъæ- рæг акодтой. Сау бон изæрмæ æртæ æфсымæрæй куы иу рындзыл бабады, куы иннæ. 110
Саубон-изæрмæ Ацæ рувасы куы иуыл раскъæры,. куы иннæуыл, .æмæ йæм ничи арæхсы, — Хуыцау сын нæ лæвæрдта, æвæццæгæн. Уæд изæрæй се ’хсæв æрбацæуынмæ хъавы. Æмæ, Ацæ чи у, уый дзуры.: — Нæ уæм уæндын, — лæппу дæн, — фæлæ йæ мæ- ныл дæр куы раскъæриккат, уæд æз дæр бавзарин. Уый бабадт, æмæ йæ æртæйæ раскъæрдтой ууыл, æмæ йæ уый амардта. ( Хæмыц загътя: — Хъох-дæндаг, ,æз нæртон æмбисопд дæн, æмæ ацы рувасы кæрц куы скæнин, уæд мæныл æмбæлы. Созырыхъо загъта: — Ау, Нарты Созырыхъо диссаг куы у, — мæныл. æмбæлы. Уырызмæг загъта: , —Мæныл æмбæлы. Æртæ кæрæдзийы марынмæ æрцыдысты, нæ йыл фи- дыдтой, æмæ кæрæдзимæ бауырдгуытæ сты. Ацæ загъта: — Хуыцау мæ бабын кодта:—Мæ мады æфсымæр- тæн фыдбылыз амардтон. Куы сын старсти, уæд фæхъ- хъæдтых кодта лæппу йæхи. — Курын уæ, æмæ уæ æмбисонд хуыздæр чи ’рхæс- са, рувасдзарм уый уæд, — уæндын уæм. — Æмæ кæстæрæй æви хистæрæй? — бафарстой йæ æфсымæртæ. ^ Уый загъта: — Раздæр хистæр радзурæд, стæй кæстæр, уый фæс- тæ та, — астæуккаг. — Й.æ, Хæмыц, дæ рад у. — Æз æмбисæндтæ федтон, диссæгтæ федтон — сеп- пæт дæр нæ фæдзурдзæн. Æз Ахары Калачы кæфтæ æл- хæнынмæ уыдтæн мемцег лæппуимæ бæхуæрдонæй. Æм,æ иу ран суадонмæ æрцыдыстæм, лæппумæ дзурын: — «Иу хус кæсаг уæрдонæй райс æмæ йæ доны ахуылыдз кæн, æмæ куы бафæлмæн уа, уæд мæ сыхъал кæн. Æз иу чысыл ахуыссон. Æмæ исты цæмæй ахæ- рæм, у.ый. Æмæ нæ ф,æндаг куыд дарæм, афтæ. Уый йæ доны æрывæрдта, «афæлмæн уа», зæгъгæ Æмæ сыхъал кодта мæн. 111
— Хæмыц, кæсаг суадоны ныцъцъылынг ласта æмæ зфардæг. — Бахордтай æмæ дын хæлар уæд, — искуыма хус кæсаг ныцъцъылинг ласта, æндæр дзы цавæр. — Хуыцауы ард, зæххы ард, иæ бахордтон — алыгъ- ди мын. Æгæр хъæддых мæм куы ныллæууыд, уæд дзурын: — Ды лæппу куы дæ, уæд кæмæй хынджылæг кæныс. Ууыл фæмæсты дæн, æмæ йæ æз кардæй ныцъцъык лас- тон. Æмæ йæ дыууæ ахауын ластон. Лæппу фæмард уыцы ран. Æз кæуын, дзыназын: мæ кæстæры мæ гуыбыны фыдæй амардтон. Ныр ма Нарт- мæ цы цæсгомæй ныццæудзынæн, мæ дзыллæмæ, мæ хъæумæ. йарæби, уæдæ ацы лæппуйы куы бавзарин æз дæр æмæ йæ доны цæвæрдтон... Йæ мад æй куыд ный- йардта, афтæ дзыхъын ногæй рауади. Цымæ ма абонæй фæстæмæ æз хуыцауæй дзæбæх- дзинад бацагурдзыпæн: ай мын æгъгъæд хорздзинад у. Фырцинæй нæ хæдзармæ заргæ, худгæ афардæг стæм. Æз уьгмæй æмбисонддæр ницы федтон, — загъта Хæ- м-ыц сæ хæрæфырт Ацæйæн. — Йæ, Созырыхъо, ныр дæ рад у, — Ацæ йæм д.зуры: — Æз дæр æмбисондтæ куыннæ федтон, диссæгтæ куыд нæ федтон, фæлæ сеппæт кæм фæдзурдзынæн.. Æз дæр иу кæстæримæ Зилахары быдыры цуаны уыдтæн. Æмæ иу сæгуыт амардтам. Иу обауы рæбынмæ -æрба- цыдыстæм, æрбахастам æй уырдæм. Уæхстыл дзы фи^ зонæг бакодтам. Лæцпуйæн загътон: — Арт бацырын кæн, физонæг .куы бацæттæ уа, уæд мæ иу райхъал кæн, — исты куыд ахæрæм, -æмæ нæ фæндагыл цæмæй цæуæм, уый. Уый мæ сыхъал кодта. «Сæгуыт райгас, физонæг дæр артыл нал æмæ фæлидзы», — загъта л>æппу. — Лæппу, физонæг, æвæццæг-æн, хæргæ бакодтай, иннæ та йын искæмæн радтай, — ам фæндагыл цæу- джытæй фылдæр цы ис. — Хуыцау æмæ з-æхх 'Ме ’вдисæн, ницы бахордтон, ницы федтон, искæмæн дæр ницы радтон, алыгъди мын. Ууыл æз фæмæсты дæн æмæ кард фелвæстон æмæ йæ ныцъцъыкк ластон æмæ йæ дыууæ ахауын кодтон. «Хыи- д*жылæг мæ кæныс, зæгъгæ». 112
Лæппу уым фæмард. Кæуын байдыдтон, æрдиаг, са- тъæс, мæ гуыбыны фыдæй мæ кæстæры амардтон. Ныр- ма цы цæсгомæй ныццæудзынæн, мæ дзыллæмæ нарт- мæ. Цымæ <æцæг уыдаид, зæгъгæ, лæппуйы систон æмæ йæ уæхстыл бакодтон, куыд алыгъдаид, уый фæлваргæ- йæ. Уыцы арт бацырындæр кодтон æмæ лæппуйы уæхс- тыл артмæ дарын... йæ мад æй куыд ныййардта, афтæ дзьгссъхъынногæй рауади. Иæ, иунæг хуыцау, цымæ ма дæ ай йедтæмæ хорз- дзинад бацагурдзынæн. Ай мын æгæрдæр ма у. Æмæ заргæ, худгæ, ныффардæг стæм иæ хæдзармæ. Гъе, ’ндæр хуыздæр æмбисонд æз ницы зонын, мæ хæрæфырт Ацæ. — Иæ, Уырызмæг, ныр дæ рад у, — загъта Ацæ. — Æз дæр нæртон лæг дæн. Æмбисæндтæ нæм бирæ ис, диссæгтæ нæм бир.æ ис, фæлæ уыдон кæм фæдзур- дзынæн æз дæр. Æз уыдтæн æрæгвæззæджы Зилахары быдыры цуаны, <ми>ъ мыл ныббадти, сау мæйдар мыл скодта, — кæдæм ацыдаин, уым,æн ницыуал бæрæг уы- ди. Æххормаг, дойныйæ мæ уд иарæг дæр сси. Хуыцау м.æ иу хæмпæлмæ бахаста, иу фыййауты хъæууатмæ. Гъей, дл<иди, ам кæрт исты куы уаид, уæд мидæгæй схуыссин фидардæры тыххæй. • Уыцы ныхас куы скодтон, уæд дын мæнæ иу кау. Кауы ф.æзынди дуар. «Уæдæ мидæгæй куы схуыссин, у\щ мын фидардæр уаид». Æз мидæмæ бацыдтæн, чы- сыл мæ зæрдæ фæфидар и. Гъей, джиди, ныр исты бахæр. Уыцы ныхас куы скод- тон, уæд фынг мæ размæ рацыди, дуне хæрд-нозт йæ уæлæ, афтæмæй. Мæ зæрдæ мæнæ гæркъæрæджы зæр- дæйы хуызæн сурси, мæхи куы бафсæстон, уæд. Гъер мæ ницыуал хъæуы, бафсæстæн: æркъул кодтон нозт- джынæй, хæрдджынæй, зæрдæхъæлдзæгæй. Кæсын, æмæ иу ус хуыссы уыцы кæрты мидæг æмæ агъуыст ныр- рухси. — Гъе, Уырызмæг дын куыд амарди, мæ хуыссæны рабадтæн. Ай та цы уа? Ус мæм дзуры: — Цы кæныс, Уырызмæг, цы дæ хъуыди, хæрдæй, нозтæй, уыдон дæ хъуыры куы ацыдысты, уæд æнцад 8. Бязырты А. 113
дæуылнæ хуыссыс дæ бынаты, уæлдай митæ цæмæн^агу- рыс? — «Ай мæ йæхиуыл ардауы», — загътон мæхи ны- мæр. Сыстадтæн æмæ йæм фæцæуын. — Курын дæ, æмæ мæм хæстæг ма ’рбацу, — хуыз- дæр дын нæ уыдзæн! —дзуры мæм ус. Бынбауа нозтджын лæг... Уæддæр ма.мæ хæрд æмæ нозт батардтой, бацыдтæн æм. Уый. .мæ нымæтын ех- сæй ныццавта, æмæ хæрæг фестадтæн. Цалдæр азы мæ, хæрæгыл дæсны чи уыди, ахæммæ фæрсыл1 радта. Ме ’рæгътæ схаудтой, фæхуынчъытæ сты мæ фæрстæ. Уыр- дыгæй та мæ ныццавта нымæтын ехсæй, æмæ ефс фес- тадтæн, æмæ та цалдæр азы ефсæй фæцыдтæн... алы хорз уырсы мыггаг мæм фæластой. Дунейыл саулох бæх кæмдæриддæр ис, уыдон æз фæардтон иууылдæр. Уырдыгæй та мæ ныццавта, æмæ куыдз фестадтæн. Куыдз куы фестадтæн, уæд дунейыл мæ кой айхъуыст, — «уыцы усмæ ахæм хорз куыдз ис», зæгъгæ. Уæд иу æл- дарæн йæ фосыл хины2 сырдтæ сагъуыдысты. Æлдар уыцы усмæ æрцыди. — Курын, æмæ мын дæ куыдз радт — дунейыл йæ кой айхъуысти, .æмæ иу æхсæв мæ фосы бахъахъхъæ- нид. — Нæ ратдзыиæи, — мæнæн мæ куыдз буцдаринагу, æмæ мын æй буц куы нæ бадарай, уæд дын æй нæ рат- дзынæн. — Æмæ бирæгътæ кæй ныццæгъдынц иу æхсæв, уы- мæй йæ фылдæр хъæуы? æмæ йын æй радта. Аласта йæ, фиййæуттæм æи скодта, Æлдар ног усджын уыди æмæ загъта йæ фиййæуттæн: «Ацы.куыдз- иу хорз фенут, æз нæ хæдзармæ цæуын». Адзæхст ласта уый йæ хæдзармæ, йæ хъал бæхыл сбадт, афтæмæй. — Дарæг дзы ма баззайæд, куыдзæй! Бирæгътæ куы ’рбацæуой, уæд дзы мах фос куы нæ къаддæр кæн- дзысты. . Æмбисæхсæв куы иыллæуыди, уæд дыууадæс би- рæгъы нынниудтой. I 1 Фарсыл — æмбисыл, куыст æмбис. 2 Хйны сырдтæ — фæсномыгæй бирæгътæ. 1.14
— Уæ, Уырызмæг, фæцæуæм дæм. Æз дæр нынниудтон: — Æз уæм мæ сæр дæр не схъил кæндзынæн, — уæ фæндон уæ бар. Уыдон дыууадæсæй дæр æрбадтысты; боны цъæхмæ цы ’нтыст, уымæй нæ бацауæрзтой цæгъдыныл. Райсом æлдар йæ хъал бæхыл схæццæ: — «Цы фес- тут, исты бахъахъхъæдтат? * — Мæ’нæ ма æрбакæс, фос æмбис фæкодтой. Æрцахстой мæ, нæмын мæ байдыдтой, чи мæм куыд хæстæг кодта, афтæ. Æлдар мæ аласта мæ хицаумæ нæмгæ-нæмгæ. Уый бæхыл, æз йæ фарсмæ. — Цы фæдæ, — загъта ус. — Ницы дын бахъахъ- хъæдта? — Æнæдарæг дын фæуæд. Мæ фос мын æмбис фæ- кодтой дысон бирæгътæ. — Хуыцау дын ма ныббарæд. Хорз æй нæ федтай, æн- дæра йæм цы хъарутæ ис, уый æз хъæлæкк зонын. Иу æндæр æлдар та курæг æрцыд усмæ: — Дæ куыдз мын радт, мæ фосыл мын хин сырдтæ сагъуыди. — Нæ ратдзынæн, иубон дæр мын æй иу æлдар нæмгæ-нæмгæ æрласта; Хорз мын æй нæ уымынц, æмæ уый тыххæй. — Уый уыцы мыггагæй у, æз æндæр мыггагæй. Уый уыцы æлдар у, æз та æндæр æлдар дæн: мæн ууыл ма нымай. Ус ын ницыуал загъта. Æлдар зæлдагбæндæн йæ дзыппæй систа æмæ пæ мæ хъуырыл бафтыдта æмæ мæ уыцы хуызæнæй йæ фосмæ аласта. Æххуырстытæм дзуры: — Тагъд, нæл фыстæй стырдæр чи у, уый раласут. Бурæхъус нæл фыс раластой. — Тагъд æй сфыцут. Уайтагъд æй сфыхтой уыдон. Фыдтæ мын дыдзы хъармæй дæттынц фæлмæнæй фæлмæнмæ. Басыл мын æхсыр ныккæнын кодта. Сæгъ- тыл, дам, разилут æмæ йын æхсыры йæ басыл ныккæ- НУТ- Хорз -мæ. федтой басæй, дзидзайæ. Æлдар мын мæ фæсарц гауыз бабаста, йæ хæдза- 115
рæй куы раст кодта, уæд. Фысты кæрон мын æрытыд- та æлдар йæхæдæг. йæхæдæг дæр уым ныллæуыди фо- симæ. Гауыз мыи куы æрытыдтой, уæд ыл æрхуыссыдтæн æмæ мæ дыууæ раззаг къахы кæрæдзиуыл дзуар- æвæрд æркодтон, æмæ сыл мæ сæр æруагътон. Æлдар дæр бафынæй. Фыййæуттæ дæр бафынæй сты. Æмбис æхсæв ныллæууыд, афтæ та уыцы дыууа- дæс бирæгъы нынниудтой. ’ . —Уæ Уырызм,æг, Уырызмæг, фæцæуæм дæм. Æз нынниудтон; — Мæнмæ уын фос нæй, — дзæгъæлцыд ма *ракæ- нут. * Дыккаг хатт нынниудтой: — Фæцæуæм дæм, Уырызмæг. Æз нынниудтон: — Дзæгъæл цыд ма ’рбакæнут,— мæнмæ фос нæй. Цыппæрæм хатт нынниудтой: — Дæ фыдæх нæ, Уырызмæг, ды иу дæ, мах дыу- уадæс. — Рацæут, рацæут! — дзурын сæм. Уыдон æрбацыдысты æмæ гъайда-гъа, алырдыгæй лæбурынц боны цъæхмæ. Æз сæ фыстæй иумæ дæр не ’рбауагътон, афтæмæй сæ дыууадæсы дæр кæрæдзиуыл самадтон, дыууадæсы дæр амардтон. Æлдар æмæ фыййæуттæ райхъал сты, сбон ис. — Хуыцау нæ фесæфта, ай нæ фыстæ цæй чысыл баисты. Фыстæ кæрæдзиуыл бакъорд сты, æхсæвы сæ дыууадæс бирæгъы куы сулæн кодтой алырдыгæйг, уæд. Ранымай-банымай æмæ фыстæ бæрæг, — иу сæныч- чы хъус дæр нæ фæхъуыд. Фысты кæронмæ æрцыдыс- ты æмæ дыууадæс бирæгъы кæрæдзийыл амад. Æлдар ]$æ йæхи хъæбысы ныккæны. . —Ацы бирæгътæ канд мæнæн нæ, фæлæ ма искаё- мæндæр уыдысты фыдбылыз. Ацы даæбæхтæ æз ацы куыдзæн цæмæй бафиддзынæн. Ацæут, — дзуры фый- йæуттæм æмæ, нæл фыстæй стырдæр чи у, уый рала- сут. 116
Нæ дыууæйыл дæр зæлтг^^бæндæнтæ бабаста æмæ нæ мæ хицау усмæ æрласта. — Йе мæнæ ус, ацы хорздзинад дын никуы ферох к&ндзынæн. цалынмæ дуне уа, уалынмæ, фæлæ уал дын мæнæ ацы н>æл мæ лæвар. Æлдар афардæг йæ хæдзармæ, уæдæ цы уыдаид. Цуанонтæ та æрбадыди усмæ: — Дæ куыдз нын радт, — дунейыл йæ кад айхъуыс- ти, уæлæ хъæды иу урс арс ис, æмæ ратæрын дæр нæ комы, марынмæ дæр æм нæ арæхсæм. Æмæ нын æй кæд(дæ куыдз ракæнид. ^ —Мæ куыдз буц даринаг у, æмæ буц куынæ ба- дарат, уæд уын ницы бакæндзæн. — Ау, æмæ мах уый фаг куыд не ссардзыстæм. Цалынмæ дæр уыцы арсмæ цæуæм, уалынмæ дæр исты амардзыстæм, уæдæ ма цуанæттæ цæмæй стæм мах. Радта сыа æй. Акодтой мæ. Куы мæ скодтой, уæд арс кæм уыд, уырдæм куы сæввахс сты, уæд мæ фе- уæгъд кодтой. Арс лидзынмæ фæди, урс арс. Уæлæ хохмæ йæхи сарæзта. Арс куы ахибар цуанонтæй, уæд иу ран хохыл абадт, йæ ф.æстагыл, уалынмæ йæ æз дæр сæййæфтон. Æмæ мæм дзуры арс йæ дзыхæй: — Мæнæ ма мæ фарсмæ сбад. Æз арс нæ дæн, æз æлдар Афсати дæн æмæ дын дæ хабæрттæ куы бам- бæрстон, дæ хъуыддæгтæ, уæд арсы хуызы бацыдтæн. Бæхæй цы фыдбылызтæ федтай, хæрæгæй, уыдон мæ зæрдыл хъæлæкк лæууынц, фæлæ мæн дæр кæм æвдæ- лы. Ныр уадз æмæ цуанонтæ цуан кæной, ды цæугæ дæ’ хæдзармæ æмæ дæхи срынчын кæн — мацы уал иу хæр... Ус дын алы хæринаг раттдзæн, фæлæ иу дæхи ауадз, дæ дзыхмæ комдзаг мауал сис... — Мæ хæдзар фехæлди, — цæй тагъд æрхæццæ. Сыгъдæг æй мын æй арс ныттыдта, зæгъгæ, — сагъæс кæндзæн ус... Фæлæ æмгæрон мацæмæуал æрцу, йæ къахæй дæ стæпп кæндзæни: — Дарæг дæ ма уæд, — куыдзы къæбылайы йед- тæмæ ма исты дæ — æмæ дæ сæрты ахиздзæн, уазæг- донмæ ацæудзæн йæхи хъуыдыйы. Йæ нывæрзæн йæ нымæтын ехс, æмæ уый дуарæй куы рацæуа, уæд-и,у ды нымæтын ехс райс æмæ дзы дæ къаха^й æрсæрф дæхи. Æмæ Уырызмæг уыдзынæ 117
æмæ Уырызмæг фестдзынæ. Усæн-иу йе ’рбацыдмæ йæ хуыссæны сбад, нымæтын ехс дæ къухы, афтæмæй. Æфсатийы амындтæ æз иууылдæр сæххæст кодтон. Уырызмæг фестадтæн, нымæтын ехс мæ къухы, афтæ- мæй усы хуыссæны бадын, -æнхъæлмæ кæсын йе ’рба- цыдмæ. Уалынмæ мæнæ уазæгдонæй æрбацæуы: — Гъей, додой мын фæци дæ къона: ныр та ма мын кæй мæрдтæм цæудзынæ, æз дæ мæ фыдæбæттæ райс- дзынæн. Усæй уыцы ран фæхъазыдтæн æхсæвбонмæ, стæй йæ нымæтын ехсæй æрцавтон — «хæрæг фест», зæгъ- гæ, æмæ ус хæрæг фестад. Æз æй æртардтон Нар^мæ, æмæ йæ алчи дæр зоны сымахæй, уый Бораты цъæх хæрæг. Гъе уый та дын мæ таурæгъ, мæ хабæрттæ. Уы- мæй диссагдæр æз ницыма федтон м.æ царды... Ацæ тæрхон кæнын байдыдта æмæ загъта: — Диссаг куыд нæ сты Хæмыцы таурæгътæ, Созы- рыхъойы таурæгъ, фæлæ дзы сеппæтæй æмбисонддæр Уырызмæджы хъуыддæгтæй, хæрæгæй, бæхæй, куы- дзæй чи фæцыди. Ацы рувасдзарм æмбæлы Уырызмæ- гæн, загъта Ацæ. Уырызмæг рувасдзармæй йæхицæн къупри кæрц бахуыйын кодта. Ныр дæр ма ис Уырызмæджы къуприйы1 кой. 1 Къупри кæрц — стыр, уæхсчытыл даргæ кæрц.
22. УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ ЙÆ ХО Уырызмæг йæ хойы йæ ус кæй бакодта, уый тыххæй йын авд л.æппу уыд, фæлæ йын æй хуыцау нæ ныб- барста, чи йæхи къухæй амард, чи та искæй. Уырызмæг æмæ Хæмыц æфсымæртæ уыдысты. Уы- рызмæгæн фæстаг нæ баззад. Хæмыцæн уыд æртæ лæп- пу: Уыдонæй. Сослан æмæ Созырыхъо чи уыдысты, уы- дон уыдысты Быценты хæрæфырттæ, Батрадз та уыди Донбеттырты хæрæфырт.
23. НАРТЫ УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ НАРТ Уырызмæг куы базæронд и, уæд æй нарты адæм хъуыды дæр нал кодтой. Иу бон куы уыд, уæд’’ныхас- мæ ацыди. Ныхасы бадт æмæ кæсы, æмæ адæм никуы. Сывæллæтты бафарста: — Нарты адæм кæм сты? Уыдон ын загътой: — Бурæфæрныг куывд кæны, æмæ уым бадымц. Фæстæмæ сыстад æмæ æрбараст йæ хæдзармæ æмæ нæ бандоныл йæхи мас'1ы цæф ныккодта. Йæ ус Сата- на йæм рацыд æмæ йын загъта: — Цы кæныс, зæронд лæг? Куыд мæстыйæ æрбад-' тæ? Чи дæ бафхæрдта? — Чи мæ бафхæрдта? Нартæ мæ цæрæнбонты фыд- уынд фæкодтой, ныр базæронд дæн, æмæ мæ хъуыды дæр нал кæнынц. Ныхасы бадтæн; Нартæй уым ничи уыд, бафарстон, кæм сты адæм, — æмæ дам, «Бурæфæр- ныгмæ бадынц». Мæнмæ хонæг дæр нал уыд, хъуыды дæр мæ пал æркодтой, æмæ ма иыр мæ удæгас цæмæн бæззы: Сатана йын загъта: — Куыд дæ фæнды, исты ма дæ бон бауыдзæн, цæ- мæй сæ бафхæрай, уый? — Мæнæн ма мæ бон æфхæрын куы уаид, уæд аф- тæ дæр нæ уаин. Уый йын загъта: Иу ран ма дын ис .æнæ дæхи зонгæ лæппу æмæ дын æм уæд фæбæр.æг кæнон. — Исты ма мæм фæзымбалгæнæг куы уаид, уæд та исты кæнин! Ацыд æмæ лæппуйы æрбакодта Сатана æмæ йын æй йæ разы æрлæууын кодта. 120
Л-æппуйæн загъта Уырызмæг: — Цом хæдцуиæ мах дæр хуынды! Араст сты æмæ хуындмæ ссыдысты. Лæппупæн загъта: — Ды дыуаргæрон лæу æмæ мæм кæс æмæ дæм куы дзурон, уæд иу цы дæ бон уа, уый кæн. йæхæдæг йæ цирхъ йæ дæларм бакодта æмæ сын, «уæ уæ бон хорз уа», зæгъгæ, сын запьта. — Хорз дæ хай, — з-æгъгæ, йын загътой æнæбары Сæхуыдтæг сæхинымæр сфæнд кодтой: — Ай ницæмæй амæлдзæн, фæлæ йæ абон нозтæй >амарæм! Æмæ йæм хæссын байдыдтой дынджыр аца- монгæтæ. Уый куы базыдта ай мæ нал ныууадзысты абон нозтæй æнæамаргæ, уæд лæппумæ дзуры хатиа- га1у: — Скъæргæ кæныс, æви рындзыл лæууыс? Уый йæм бадзырдта: — Скъæргæ ды ракæн, рындзыл æз лæудзынæн. Уый дын йæ цирхъ фелвæста æмæ хæфтытæ са- мадта, лæппу дыуарыл лæууы æмæ, æддæмæ чи ли- дзы, уыдон уый хæфтытæ кæны. Тынг сæ фæцагътой, тынг сæ бафхæрдтой, афтæмæй ма сæ чи раирвæзт, уы- дон дæр фæлыгъдысты. Сæхуыдтæг сæ хæдзармæ афар- дæг стьг.
24. БУРДУРЫ ФЫРТ СЫБАЛЧИ Уырызмæг иунæгæй цуаны ацыди. Саг амардта «æмæ йын баталынги æмæ хъæды астæу арт скодта, жмæ йæм иу дур æрбатылди. Уырызмæг-иу æй атылд- та, æмæ-иу уый <æрбатылди фæстæмæ æхсæв-бонмæ. Райсом куы сбони, уæд йæ саджы мард йæ бæхыл сæ- вæрдта æмæ сæ хæдзармæ æрфардæг. Йæ уе Сатана уыди. Уырызмæг саджы мард зæххыл æрæппæрста æмæ мæсты бадт æркодта къæлæтджыны. Сатана загъта: — Зæронд бига, саджы мард хорз æрхастай, фæлæ ^æсты бадт цæмæн æркодтай? Уый загъта: — Дысон бонмæ мæм иу дур тылди æмæ мын мæ зæронд фæрстæ ныцъцъæл кодта. Уый йын загъта: -Æнæзæнæг стæм æмæ уый не ’нæ ныййаргæ лæппу у, Бурдуры фырт Сыбалчи. Гъеныр райсом нар- тæ æмæ чынтæм фæдзур æмæ дурсæгтæн цъераки1 ахæсс -æмæ дзы лæппу райсдзыстут. Нартæ æмæ чынтæм фæдзырдтой æмæ дзы лæппу райстой. Æхсæв уылынг рæзти, бон уыдисн. Слæг и, æмæ Уырызмæг æмæ Сатана загътой: — Мачердæм цу, æндæра дын исты фыдбылыз са- раздзысты. Иу хатт куы уыди, уæд иартæ æмæ чьтнтæм чын- дзæхсæв уыди. Æрырвыстой Уырызмæгмæ: — Ахæм лæппу дын уæд, æмæ нартæ æмæ чыитæм чындзæхсæвмæ цæуынхъом ма уæд. Стæй лæппу сыстади æмæ чындзæхсæвмæ ссыди æмæ дуарæй куы бахызт, уæд æм æртæ мыдамæст -æмæ ронджы гоцъоби2 авæрдтой. Стæй йæм куы авæрд- то>й, уæд сæ дуарыл ныццавта æмæ ацыди. Ш
Стæй чындз фестади æмæ йæм адзырдта: — Кæд дын кæй нæ сыстадтæн, уый дын хъыг уы- Ди. Æмæ æз мæхицæй хуыздæрæн уæлæмæ дæр не стын æмæ йын лæггад дæр нæ ,кæнын, кæд мæхицæй æвзæрдæрæн балæггад .кæнон, уый йедтæмæ. Стæй слæги Уырызмæджы фырт, цуаны цæуын бай- дыдта. Стæй Сырдон Барсæджы цалхы быи бабырыд, зæгъгæ йын «æй амар». Е, стæй Барсæджы цалх Уы- рызмæджы фырты фæстæ. зилын райдыдта. Уырызмæ- джы фырт Сау хъæдмæ ссыди цуаны. Барсæджы цалх ссыди хъæдмæ йæ размæ æмæ хъæд бындзыггай калд- • та. ’ Уырызмæджы фырт ыл сæ фæстæмæ калын бай- дыдта æмæ йæ хъæд æмæ дуры бын фæкодта Барсæ- д>йы цалхы. Стæй Барсæджы цалх дзурын байдыдта: — Мæ тæбынгтæй ма мын иу ныууадз, хъæмæ цæ- мæй фæцæуон. Ныууагъта йæ, сомы йын ракодта, «кæд ма, дам, дæ хъыджы бацæудзынæн». Æмæ сæхимæ афардæг Барсæджы цалх. Схæцыди Сырдон æмæ Барсæджы цалхæн лæгъзтæ байдыдта: — «Дыууадæс куынцы æхсæнмæ схиз æмæ дæ сфæлтæрдзысты æмæ дын дæ сомытæ суадздзынæн. Стæй сфæлтæрдта Барсæджы цалх æмæ къухтæ фæйнæджы хуызæн уыдысты æмæ сæ Сырдон асаджил- тæ кодта, йæ сомытæ йын суагъта. Схæцыд æмæ та Барсæджы цалх йæ фæстæ зилын байдыдта Уырызмæ- джы лæппуйæн. Уырызмæджы лæппу Хуызы быдырмæ цуанкæнынмæ ацыди, æмæ Барсæджы цалх дæр йæ фæдыл ацыди. Стæй йæ Уырызмæджы фырт æхсын райдыдта, куы федта, уæд, æмæ йæ фат æмæ æрдын фæстæмæ хаудтой. Стæй йæм куы ’рхæццæ, уæд æм Уырызмæджы фырт кард фелвæста æмæ йæ ныццав- та, æмæ кард^^æлтæ фæхаудта. Стæй йæ Барсæджы цалх рацавта æмæ иæ астæуыл хъæлтæ фæхаудта, фæ- лæ йæ удæн схауæн нæ уыдГ^^л^мæ Барсæджы цалх дæр амардтаиккой, Сырдон æрбацыд æмæ кæ- уы Уырызмæджы фыртыл. Уый загъта: — Ам мæ бирæгътæ хæрдзысты, фæлæ мын Нартæ æмæ чынтæм фæбæрæг кæн. Сырдон иу гыццыл.бауад æмæ фæстæмæ фездæхт: — 123
«Бæх, дам, мын авæр, кæннод, дам, .æрæгмæ схæццæ- уыдзынæн». Бæх ын авæрдта: — «Алас, дам æй». Цъус фалдæр æй баласта æмæ йæ сындзы къутæрыл бабас- та æмæ йæ нæмын райдыдта сындзæй, стæй йыл сбад- ти æмæ йæ Нартæ æмæ Чынты хъæууынджы сыскъæрд- та. Хъæр кæны Сырдон Уырызмæг æмæ Сосланмæ: — Уæ хæрзæггурæггаг мæн, уæ фырты уын Барсæ- джы цалх амардта! Нартæ æмæ Чынтæ сæ сыгъзæрин еæры хъуынмæ- бавнæлдтой æмæ йæ бындзыггай фæкодтой. Нартг? æмге Чынтæ сæ фæдыл ацыдысты, Сырдон дæр сæ фæдыл ацыди. Стæй ныццыдысты æмæ йыл куыдтой, Уырыз- мæджы фырт загъта: — Удыгасы куыд дæр мын æхсызгон у, фæла^ мæм Сырдоны æрбауадзут. Уый куы нæ уыдаид, уæд ма& бирæгътæ бахордтаиккой. Е, стæй Сырдон бакуыдта æмæ Уырызмæджы фырт фат æмæ æрдын февæрдта æмæ йæ фехста æмæ уым æрхаудта. Стæй сæ рахастой дыууæ марды æмæ сæ схастой. Стæй загътой: — Кæм баныгæнæм Сырдоны, уæлæуыл дæр фыд- былыз уыд, мæрдты дæр. Уырызмæг загъта: — Доны фæндагыл æй баныгæнут. Стæй йæ доны фæндагыл баныгæдтой. Нарты чын- лзытæ æмæ чызджытæ донмæ бацыдысты æмæ-иу фæ- ныхас кодтой: «Гæды ныхас, дам, чи кæны, уымæн, дам, Сырдон афтæ кæнæд». Стæй та ныхас ацыди æмæ загътой: — «Мæрдты дæр фыдбылыз у», фæсивæд фæ- ныхас кодтой æмæ-иу дзырдтой: — «Гæды ных&с чи кæны, уый мæнæ ’Сырдонæн фæлдыст фæуæд». Стæй йæ ныууагътой, фæлæ йæ уый фæстæ скъахтой æмæ йæ æндæр ранмæ_ахаст!)й._ Уæд дын Мæхæмæтæн а^^^ЗБГ"туьтСкъ^"хъуТ’уыди, æмæ цуаны ацыди Мæхæмæт. Сывæллæтты хицау уы- ди æмæ йе ’рцыдмæ (Сырдонæн авд . æддæгуæлæйы иы.ккæнд уыди) æмæ йæ уырдæм ныккодта æмæ йæ уым аргæвста. Мæхæмæт куы ’рцыд, уæд æрдиаг код- та æмæ ныхасмæ нал цыди æмæ йын дзырдтой: «Мæ- нæ дын, зæгъгæ, æз ратдзынæн æндæр хъуг». Стæй сха^цыди Сырдон æмæ рацыди, æмæ йæ иу къах ин- 424 \
■цæуыл. сæвæрдта, æм’æ раныхас кодта: — «Мæхæмæ- тæн авд азы хуыскъ хъуг уыди, æмæ йæ Сырдон нык- кодта æмæ йæ уырдыгæй бурхъус физонæгæй хæры», — йæхиуыл комдзогæй рацыд Сырдон. Нартæ æмæ Чынтæ æрæмбырд сты æмæ баныхас кодтой: -^Азæрæджы хъуамæ фæцæуæм дыууадæсæй, æмæ .Сырдоны"*^е]5~Т)аппæрстой уыдонимæ. Стæй Сырдо- нæн загътой, æмæ уый зæгъы: — Мæнæн бæх нæй, мæнæн саргъ нæй, мæнæн идон нæй, цæмæй фæцæудзынæп. Загътой: — Мах дæ радыгай нæ фæсарц фæхæсдзыстæм. Нал æй ныууагътой æмæ йæ акодтой. Сæ фæсарц бадт æмæ сын сæ арцытае фæдавта Сырдон. Стæй .Денджызмæ куы ныххæццæ сты, уæд та Уырызмæджы рад æрцыди, хъуамæ йæ уый ахастаид, Уырызмæг загъта:^ .— Сырдон бæхы къудийыл уал фæхæц, доны нæ ^нæ ахæсдзæни. Сырдон бæхы къудийыл ныххæцыди, доны астæумæ куы бахæццæ сты, уæд æм Уырызмæг дзуры: — Къах æмæ къухы ныхтæ кæд чындæуы. Уæд æм Сырдон дзуры: — Кæд сæ рымысай, уæд. Йæ бæх баурæдта, цалынмæ Уырызмæг йæ дзабыр- тæ ласта, уалынмæ Сырдон бæхы къудийыл хæцыди доны астæу. Ацыдысты уыцыфарсмæ æмæ Сырдон Уы- рызмæгæн йæ æрцытæ адавта. Сау хъæдмæ ссыдысты æмæ саг амардтой. Алчи йæ арц агуырдта æмæ никæ- мæн уал разыиди. Уæд Уырызмæг загъта: —«Дет.тæ йæ саргъы бын иу арц ис». Уым дæр федтой, æмæ уым на^г уыди. Акастысты æмæ иу ран сау хъæдæй гадз^. калди æмæ сын Уырызмæг загъта: —Ауайут иу фон^" ^дзНи’’æмæ зынг æрбахæссут. Ацыдысты æмæ уыдон фарастæй уæйгуытæ уыдыс- ты, æфсымæртæ. БадзырдтШ^Гæ^;^^ "^мæ ’ сæм рахъæр кодтой: «Мидæмæ, мæнæ кæрдзынтæ ахæрут». Мидæ- мæ бацыдысты æмæ сын фæйнæджытæ æрывæрдтой æмæ сыл булæмæдз ауагътой æмæ адæм фæйнæджы- тыл баныхæстысты. 125
Æрæгмæ куы цыдысты, уæд сæм сеннæ æмбæлттæ дæр æрцыдысты æмæ та сæ хонывд: — «Уæй, мидæмæ нæм рацæут!» Бацыдысты æмæ та уыдон дæр ам ныи- ныхæстысты. Стæй æрæджийау Сырдон ныццыди æмæ сæм бахъæр кодта: «Уый цы фестут», зæгъпæ. Стæй загътой: «Мæнæ, дам, уе ’мбæлтты цур абадут». Бацы- дысты æмæ та уыдон дæр уым нынныхæстысты. Сыр- дон бацыди æмæ загъта: «Нæ, æз, дам, ме ’мбæлтты цур нæ бадын, дедтæ мын æнæбын къæртайы фæнык акæнут, ууыл æрбаддзынæн», фæнык ыл æркодтой æмæ йыл булæмæдз ауагътой, фæлæ Сырдон къæртайыл бады. Уæйгуытæ сæ хъуамæ бахæрой, цæджджинаг сæ- оæрдтой дон. Уæд Уырызмæг радзырдта Сырдонмæ: «Исты нын схос кæн». Сырдон загъта: — Айхуызæн мæ æркодтат æмæ мæ мæ бынатмæ уæддæр фæхæццæ кæнут. Фæстагмæ сын загъта: — Кæд мын куы уарæм, уæд хуымтæн сæ хуссай- рæгтæ, хъуццытæн сæ дыгæрдгуытæ дæттдзыстут, гал- тæн сæ уæнгуытæ... Сæ дзырд сфидар кодтой. Расид-басид байдыдта уæйгуытæм: — Уæхиуыл мæм куырдтæ кæсут. Уыдон загътой:. — Хъæлæкк дæр стæм куырдтæ, Сырдон, загъта: . Хуыцау уæ ма байуарын кæиæд, фæлæ куы уарат, уæд чи цы мигæнæн исдзæни. Хистæртæ загътой: — Æз уыцы дзæбуг сисдзынæн, æз’уыцы хъæсдарæг. сисдзынæн. Æмæ уæд кæстæртæ загътой: — Уæдæ ма уæм цæмæн кæсæм. Æмæ кæрæдзп ныц- цагътой. Сыстад Сырдон æмæ уьщы цæджджинаг фæй- нæджытыл ауагъта æмæ адæмæн се ’рдджытæ уым баззадысты. Уырдыгæй рафардæг сты, алчи сæ йæ бæ- хыл дæлгоммæ ныффæлдæхти, афтæмæй. Мæхæмæт уый фæстæ Барсæджы цалхы амардта. Уырзмæджы лæппуйæн йе ’рдæг йæ дæлфæдтæм ныс- сагъта, æрдæг та йæ нывæрзæн. 126
25. ХÆМЫЦЫ СЫГЪЗÆРИН ДÆНДАГ Нарты Уырызмæг æмæ Хæмыц уыдысты æфсымæр- тæ. Фыццагæттæ дзырдтой: «хуыцауæн, дам, хъыг у, уымæй хистæр искæй /куы схоной, уæд, ома Уырызмæ- гæй». / Уырызмæг æмæ Хæмыц æрымысыдысты уарын, æмæ хистæр чи уыд, уый нæ зыдтой. Стæй бæхтыл сбадысты æмæ сæ хомæ ацыдысты фæрсынмæ. Фæндагыл Уырыз- мæг йе ’фсымæрæн: «фæсæлттæ æртон», зæгъгæ. Æр- тыдта æмæ сæ бæхы фæсарц бабаста. Араст сты æмæ сæ хомæ ныццыдысты, ам сæм ракаст сæ хо. Мидæмæ сæ кодта, æмæ нæ бакуымдтой. — «Мах дæ, зæгъгæ, ныхасæй фæрсæм, æмæ пын )ый зæгъ. Уарæм æмæ нæ чи хистæр у, уый нæ зо- нæм». Уый сын загъта: — Уæхæдæг кæй нæ зонут, уый зæххыл кæм и. Дед- тæ бæрæг у, кæстæр чи-у, уый лæггад кæны, йæ бæхы фæсарц фæсæлттæ баст. Хæмыц фæмæсты æмæ йæ ралгъыста хæрæгæй йæ хойы, ныккæнды баст чи уыд, авд дуары, æфсæн дуарт- тæ æхгæд кæуыл уыд. Раскъуыдта, дуæртты ныппырх кодта æмæ æрбацæйцыд æфоæн рæхыстимæ. Уæд йæ ^хр балæгъзтæ кодта Хæмьщæн: — Ма мæм æй æрба- уадз, мæ сыгъзæрин дæндаг дын балæвар кæндзынæн». йæ сыгъзæрин дæндаг ын балæвар кодта, æмæ йæм æй нал æрбауагъта. Уырдыгæй растадысты æмæ бай- уæрстой. Хистæрты хай айста Уырызмæг, Хæмьщæн баззад сыгъзæрин дæндаг. Цыдæриддæр сылгоймагмæ , фæхудт, уымæн «нæй» 127
зæгъæн нæ уыди. Йæ хъæубæсты иунæг ус нæ аирвæзт Хæмъщæн. Иу чындз ма сæм æрцыд Нартæм æрæджи- ау. Уый æддæмæ нæ касти. Нæдæр хъазтмæ, нæдæр чындзæхсæвмæ — Хæмыцы тасæй. Уæд Хæмыц иу бон марды æфсон скодта. Æртæ боны нал улæфыд, æмæ усæн йе ’фсин загъта: — Амарди, мæ хур, æмæ худинаг у, куы нæ йæм бацæуай, мардмæ цæуын хъæуы. Уый загъта: Фыдбылызы мыггаг сты, æууæнк нæй сæ мардыл дæр. Æфсин загъта, зæгъгæ, «æртæ боны уæлсынт2 куы пс,куы нæ уал хæцы, уæд куыд æфсон кæны». Чындз дæр ацыди, нал ын уыди гæнæн æмæ бацыд ирон вæндаггæнгæ къæсæрæй. Æрдæгмæ куы бахæц- цæ, уæд æм Хæмыц йæ дæндаг фæзыхъхъыр кодта, Бацыд æмæ йæ риуыл ныххауди ус. Адæм æрæмбырд •сты æмæ ма йæ тыххæй сыфтыдтой йæ риуæй. I
26. ХÆМЫЦ ДЗАБЕЛАТЫ ХÆФС-ЧЫЗДЖЫ КУЫД РАКУЫРДТА Нартæм Хæмыцæй лæгдæр нæ уыд. Иу бон цуаны ацыд æмæ кæсы, иу саг, æмæ йæм фат фæдардта, æмæ саг фæуæлгоммæ. , —Ай цы диссаг у? Æхсгæ куынæ фæкодтон, уæд куыд æрхауд? Бацыд, æмæ Дзабелатæй иу лæппу йæ уæлхъус: — Чи дæ? Цы дæ? — Цуанон дæн. Саджы асыгъдæг кодта, физонджытæ акодта, абад- тысты. Лæппу сагдзарм рагæрзытæ кодта æмæ дзы дзы- лæрттæ аразы. Æхсæв уым баззадысты... Райсомæй Хæмыц (комы) бынæй æрлæууыд, лæп- пу та скъæргæ кæны сырд, фæлæ дзы Хæмыц ницы амардта. Лæппу саджы мард афистæг кодта, æмæ та физонджытæ акодта. Дыккаг бон лæппу йæхæдæг æрлæууыд, Хæмыц та скъæрæг. Лæппу сырдты ахсы æмæ стигъы. Иæ цæрмттæй фæарæзта дзылæрттæ. — П,æй уæдæ, Хæмыц, байуарæм.—Æртæ дихы сæ скодта æмæ: — Мæнæ дын уый дæ уазæггаг, ай та дын дæ хай. Хæмыц сæ йе ’ккой скодта, фæлæ сæ нæ фæразы. Уæд сæ лæппу йе ’ккой скодта æмæ сæ фæхæссы. — Уæд дын цотæй цы ис? — фæрсы Хæмыц- — Мæнæн иу лæппу ис æмæ мын иу хо ис. Хæмыц фæсидт нартмæ æмæ уæрдоны аласта йæ хай. Йæ хойы йын радта уæздандзинадæн. 9. Бязырты А. 129
Уæд Сырдон афтæ: — Цалыимæ нæ чындзы фенон, уæдмæ мын цæуæн* нæй. ; Бацыд, æмæ дын сынтæджы бынæй хæфс рагæпп кодта. — Мах ахæм чындз ницæмæн хъæуы. Уæд ын гæнæн нал уыд, — нарт иудзырдон уыдыс- ты. Æрхастой йæ бæхы саргъæй æфтаугæйы æхсæн. Уым дæр сынтæджы бынмæ багæпп кодта. Æхсæв Хæмыц бацыд, æмæ хæфс чызг фестад, æмæ ныррухс бæстæ. Хæмыц нал цæуы æддæмæ. — Исты фау ныхас куы фехъусон, уæд мын ам лæу- гæйæ нал у, — загъта чызг, æмæ хæдзары бадт. Хæмыц куы нал цыд, уæд загъта: — Кæрт быронæй байдзаг, ничи уал æй мæрзы! Чызг афардæг æмæ нал фæзынд, Хæмыц æнæуый баззад.
27. НАРТÆ ХÆМЫЦЫ КУЫД АМАРДТОИ Нарт смæсты сты Хæмыцмæ æмæ йæ марынвæнд скодтой. Уырызмæг хæтæны уыд. Уыдон æй хуындмæ басайдтой. Æмæ сæхицæн сæ бон нæ уыди йæ амарын, фæлæ æркодтой хурныгуылæны дынджыр Негор, хурыс- кæсæны та гыццыл Салыкк æмæ йæ уыдон кардæй амардтой, йæ сæр ын ахауын кодтой. Стæй Нарты фæ- сивæд æрæмбырд сты æмæ йын йæ сæр сæвæрдтой ны- сан. Чи йæ фæцæф кодтаид, йæ сыгъзæрин дæндаг уый хъуамæ уыдаид. Æнæхъæн мæйдæргъы йæ æхстой, æмæ æввахсдæр никæмæн цыди. Уæд Уырызмæг уыд хæтæны æртæ азы æмæ уырдыгæй æрбацæйцыд, æмæ йæ нæ базыдтой сæ фæсивзед. Уæд ын загътой: — Æнахуыр лæг, уæлæ уыцы сæр фехс æмæ йæ кæд фæцæф кæнай, уæд йæ дæндаг дæу уыдзæни. Уый æрзоныгуыл кодта æмæ загъта: — Ме ’фсымæр Хæмыц, кæд дын, зæгъ, дæ туг рай- сынæн исты бакæндзынæн, уæд дæ сыгъзæрин дæнда- гæй фæхуд. Фæзыхъыр æй кодта. Уæд æй фехста æмæ сæры къуыдыр йæ размæ æртылди. Систа йæ зæххæй æмæ ныккуыдта æмæ йæ ахаста сæ хæдзармæ. Иу райсом куы уыди, уæд Уырызмæг арасти æмæ Кæфты сæр Хуыйæндонмæ бафысым кодта æмæ йæм ныллæууыд авд азы хъомгæс. Æмæ-иу алы райсом цы- ди «де зæр хорз», «дæ райсом хорз», — иу ын дзырдта, фæлæ йын уый фæстæмæ дзуапп нæ лæвæрдта, йæ сæр- мæ йæ нæ хаста. Уæд иу бон куыссигæс уыди, дыууа- ’дæс цæдæй æрласта дур æмæ йыл йæ кард фæцыргъ ч 131
кодта дыууæ иннабон. Стæй дур æрывæрдта куырда- дзы хъæсдарæгыл æмæ та скуывта: — Хуыцау, кæд адон ахауын кæна мæ кард, уæд мæ фысымы бæрзæй дæр ахауын кæнай. Ныцъыкк æй ласта æмæ дуры дæр ахауын кодта æмæ хъæсдарæджы дæр, æмæ авд ивазны зæххы дæр афардæги. йæ карды федта æмæ æппындæр æндæргъуызон дæр иæ баци. Уæд загъта: — Æ, хæрæг, хæрæг, Кæфты сæр Хуыйæндон, авд азы дæм хъомгæс фæцыдтæн æмæ дын алрайсом æмæ изæр салам лæвæрдтон, æмæ мын фæстæмæ дзуапп ни- куы радтай. Уæд йæ гыццыл лæппу йæ фæстæ лæууыди. Уый бацыд æмæ йæ фыдæн загъта: — Дада, нæ хъомгæс диссæгтæ дзуры: авд азы, дам, дæм фæцыддæн хъомгæс æмæ йын салам лæвæрдтон æмæ мын дзуапп нæ лæвæрдта. Уæд æй куы фехъуыста йæ фыд, уæд æрбацыд æмæ Уырызмæджы раз ныззоныгуыл кодта, зæгъгæ, «цæмæя афтæ бакодтон, кæй дæ нæ базыдтон». Уырызмæг загъ- та: — Иу цъус мæ адæм хъæуы ме ’фсымæры туг райсыны тыххæй. Хорз æм æркастысты. Уырызмæгæн йæ дарæс раив- той. Сцæттæ йæ кодтой æмæ йын загътой: — Цу еныр æмæ-иу фæстæмæ ма фæкæс. Арасти уый дæр... Цасдæр рæстæджы куы фæцыди, уæд та загъта: «ма та мæ фæсайа уыцы хæрæг». Фæ- каст фæстæмæ, æмæ адæмæн дæр аскъуыди сæ кæрон. Бацыд сæхимæ æмæ сæ Нарты æддæгуæлæты байдзаг кодта æмæ Уырызмæг хъынцъым кæны ныр: — йæ адæм фылдæр сты, æви йе ’рвадæлтæ. Уæд ын йæ ус Сатана загъта: — Зæронд лæг, ууыл ма мæт кæн, æз дын сæ ныр- тæккæ базондзынæн. Уæд æртыкъахыг хæлаф бахуыдта æмæ йæ æддæг- уæлæйы былыл рацауыгъта. Уæд сæхи Сырдон рацæй- цыд æмæ йыл дис кæны: — Ай та цы диссаг у, зæгъ, сæдæ-сæдæ Нарты ’фсæд- тæ сты æмæ æртæ сæдæ Борæтæ сты, фæлæ дзы æз æр- тæкъахыг лæг куы никуы федтон. 132
Уæд бамбæрста Уырызмæг, æфсад ауагъта æмæ сæ ныц.цагътой Нарты æмæ Бораты. Æрмæст ма дзы иу сывæрджын ус баззади йæ цæгаты æмæ ма уымæй ра- мыггаг кодтой. $
28. НАРТЫ СОЗЫРЫХЪО ÆМÆ БÆСТЫ РÆСУГЪД УС. Созырыхъо-иу райсом куы сыстад, уæд-иу йæхи сæх- садта æмæ-иу авд агъуысты сæрмæ схызти, æмæ-иу уым фæндырæй кадджытæ кодта. Уæд Сырдон йæ рæзты æрбацыд æмæ йæм дзуры. — Уæ, уаих фæуай, Созырыхъо! Уыцы дзæбæх фæн- дырæй Нартæн кадджытæ куы кæнис, уæд дæм нæ хъу- сиккой! — Нарты æхсæн цæмæн кæнон кадджытæ? Æз ам кадджытæ куы кæнон, уæд мæм, бæсты рæсугъд ус мæ лымæн у, æмæ уый хъусы æмæ кæуы. Сырдон ын загъта: — Худинаг дын у, хорз лæг уæвгæйæ, мæнг зæгъын. Ды ам (фæндыр цæгъдыс, уый авд æфцæгæн æддейæ бæсты рæсугъдмæ куыд хъуысы æмæ уый куыд кæуы’ Уый гæды дзырд у. Уый йын загъта: ’ — Кæд мыл не ’уУ^ВДь^ УæД бабæрæг кæ æмæ ба- зон, кæд нæ хъуыса, уæд æз гæды дæн. Хæснæгтæ скодтой дыууæ: кæд гæды дзырд разын- даид, уæд Созырыхъо бафыстаид, кæд нæ, уæд Созыры- хъо Сырдоны хъуамæ йæ рихийæ æрцауыгьтаид. Сырдон араст, цæуын байдыдта, цæуын байдыдта æмæ фæцыд, уыцы ус кæм уыд, уырдæм. Уырдæм ныц- цыд æмæ фысым æркодта. Бацин ыл кодта хорз уыцы ус. Æхсæв уым баззад. Райсом сыстад, йæхи сæхсадта æмæ ус кæрдзын кæныныл балæууыд... Уæларынгæй ус дуармæ ацыд, æмæ йæ Сырдон хъуы- ды дары, йæ фæдыл ацыд æмæ кæсы: ус иу ран æрлæу- 134
\ыд æмæ хъусы, æмæ кæуы. Сы }\æ уæыгтæ барызтысты: «Ай æц булдзæн». Ус æрбацыд, æмæ йæ Сырдон бафарста: — Цы кæныс, цы дыл æрцыд, цæуыл хъынцъым кæ- 11ЫС? Уый йын загъта: — Хъыг мыл ницы сæмбæлд, æвзæрдзинад дæр, фæ- лæ йын хуыцау ма уæд Созырыхъойæн: алы хурæр- бафтауцы авд агъуысты сæр фæндыр цæгъды, кадджы- тæ кæны, мæнæн та мæ зæрдæ уынгæг кæны. Сырдон загъта: — Хорз хъуыддаг мыл не ’рцыд! Уыимæ хæснæгтæ екодтам, æмæ мæ ныр уый амбылдта æмæ мæ ныр мæ рихийæ ауындздзæн. Аходæн ын сарæзта ус, хорз æй федта, дзæбæх æм базылди, йæхæдæг бацыд æмæ чырынæй дыууæ басы- лыхъхъы систа: иу Сырдонæн, иннæ — Созырыхъойæн. йæхæдæг æм чиныг ныффыста: «Ацы лæджы мæ хаты- рæй куыд нæ бафхæрай, афтæ». Рараст Сырдон æмæ Нартмæ æрцыди. Райсом сыс- тад æмæ Созырыхъомæ йæ басылыхъхъ бахаста, йæ гæххæтт æм радта. Созырыхъо йын загъта: — Кæйдæр хуыйы хъыбыл! Æз уый тыххæй мæ хæс наг дæуæн нæ бахатыр кæндзынæн. Созырыхъо Сырдоны ракодта æмæ иу дынджыр бæ- лас æртасын кодта, йæ рихитæ йын бæласыл бабаста, æмæ йæ бæлас йæ сæрмæ сфардæг кодта. Уым хъеллау байдыдта, æмæ куынæуал фæрæзта, уæд йæ дзыппæй хæрынкъа систа æмæ йæ рихи ныллыг кодта, æмæ æр- хаудта, йе стджытæ басаста, афтæмæй йæ хæдзары смидæг ис æмæ сбадти. рдонæн, мæгуыр, йеуæд арг куы у, æмæ мæ æм-
29. СОЗЫРЫХЪО ÆМÆ ИУÆТАМ Нарты фæсивæдæй иу фæлтæр цуаны ацыдысты, би- рæ фæрацу-бацу кодтой, бирæ фæзылдысты æмæ ницы ссардтой. Иу ран иу сау рувасыл сæмбæлдысты æмæ йæ амардтой, бастыгътой йæ, йæ фыд ын бахордтой, сыс- ^гюнс сты æмæ йæ цармыл радзур-бадзур систой æмæ йыл нæ фидыдтой байуарыныл. Чи загъта, «мæнæн æй худæн радтут», чи загъта, «мæнæн æй кæрцы риутæн радтут», чи загъта, «ныллыгтæ йæ кæнæм». Æмæ иннæ- тæ загътой: «дзæгъæлы сæфы». Радзур-бадзур фæкод- той, стæй сыл уалынджы Къæйы фырт Иуæтам æрæм- бæлд æмæ сæ бафарста: — Цы кæнут, Нарты фæсивæд? Цæуыл дзурут? Уыдои ын загътой: — Рувасдзарм нæм ис, æмæ йыл нæ фидауæм æмæ ууыл дзурæм. Уын сын загъта: — Æриут-ма, æз æй фенон. Радтой йæм æй æмæ сын загъта: -Ады цармыл сымах нæ бафидаудзыстут, фæлтау- ън æз ахæсдзынæн. Йæ фæсарц æй бабаста æмæ араст æмæ афардæг. Мæстæйдзагæй Нарты фæсивæд’ дæр æрцыдысты сæ хæ- дзæрттæм. КуыДдæр ацыдысты, афтæ Созырыхъо дæр •чæмдæр балцы уыд æмæ æрхæццæ æмæ фехъуыста уы- цы са-хат,* Нарты фæсивæдæн Къæйы фырт Иуæтам сæ рувасдзарм байста æмæ йæ фæхæссы. Иæ бæхы саргъ дæр нæ систа, афтæмæй йыл сбадти æмæ йæ фæсте асырдта. Бирæ йæ фæсырдта, стæй йæ аййæфта иу бæ- * ласы бын. Уым ын загъта: 136
— Дæ бои хорз уæд. — Хорз.дæ хай уæд,-^æгъгæ, йын загъта,«*амонд- джын у. — Цы кæныс, цæмæи сæ рувасдзарм, цы дæ да( Уый загъта: — Нæ йыл фидыдтой, кæрæдзи йыл тыдтой, æмæ йæ вз рахастон^^з СЯа^аен^дæзæрды цы и? Уый загъта: — Мæнæн мæ зæрды уый ис, æмæ ды руваедзарм сыхал æмæ йæ æз йæ хицæуттæн ахæсдзынæн æмæ æнæ мастæй баззайдзыстут. Уый йын загъта: — Æз æй уымæи рахастон æмæ йæ фæстæмæ арви- тон, фæлæ дæуæн дæ зæрды цы ис, уый кæн; мæн дæ кард нæ фæкæрддзæн, дæ фат мæ нæ ахиздзæн. Уый йын загъта: — Уæдæ ма дæ разы бæласы æнцой æрлæу. Бæласы æнцой æрлæууыди, æмæ йæ Созырыхъо бæ 5Гасы7кардæй æрриуыгъта, бæласы дæр æмæ лæджы дæр ныцъцъыкклас^а æмæ лыг фесты сæ астæуыл, фæлæ сæ бынатæй иæ фезмæлыдысты. Лæг иуæрдæм фæзылл æмæ дыууæ æмбисæй ахаудта, бæласыл дæр дымгæ æр бадымдта æмæ дыууæ фæхаудта. Лæгæн йæ дзаума. рувасдзарм йæфæсарцы æрбабаста; йæ бæх ын ракодта æмæ æрбафардæг йæ хæдзармæ. Баззадысты йæхицæн. (рахастай Нарты фæсизæдæн рдтой?
30. НАРТÆ ÆМÆ БОРАДЗАУТÆ Нартæ æмæ Борадзаутæ фæбыцæу сты, кæрæдзийæи ’чызджытæ нал лæвæрдтой, стæй уæд дыууæ мыггаджы бæгæны æхсидын байдыдтой хицæнæй. Бæгæнытæ æх- сидынмæ радтой лæппутæ æмæ чызджытæм. Бæгæнытæ уагъд куы фесты, уæд къамарццагæй рæгъ ракодтой æмæ йæ нуæзт куы фесты, уæд дыууæ мыггаджы лæппутæ кæрæдзи мидæг хæст самадтой. Хæсты фæстæ уыдонæн сæ бæгæнытæ нал æнхъыз- тысты æмæ Дзæбидыры хо,хмæ ацыдысты сауждыны фæрсынмæ; уæд сын сауджын загъта: «Аххосаг уын и, ;уæ бæгæны ныффæрсудзут стыр хъæмпын цъынайы». Уæд Залихан ирон куыссийы мидæг рахаста зæрдæ- мæдзæугæ бæгæны æмæ’^иæ^рауагъта цъынайы сæр. Бæгæнытæ æнхъизын райдыдтой, дыууæ мыггаджы зæр- дæрухскæнын^байдыдтой, стæй уæд цъынайыл цы бæгæ^ '>ны рауагътой, уый сыгъзæрин талатæ суагъта. Сырдон уыцы сыгъзæрин талатæ ралыг кодта. Дыу- ■уæ мыггаджы фæсивæд кафыныл ныллæууыдысты æмæ куырдтай рæсугъд æрдзæй расугъд рæстæг. Уæд Залихан барасти æмæ сыгъзæрин талайыл йæхи гхæрфта æмæ уæд йе ’мбæлтты астæу.йæ къахфындз- тыл æркафыди. Уæд Борæты мæгуыр фиййау Залиханимæ кафыныл сбæндæни. Уæд зæххон адæм арвыстой Уастырджымæ. Уастырджы йæ щд а^аппаг бæх баивтыгъта æмæ уыр- дыгæй рарастис æмæ æрфардæгй зæххон адæммæ æмæ сын динтæ фæцамыдта. Йæххон адæмыл зылдгонд куы фæцис, уæд фæстæмæ цæуьш æрымысыдис æмæ йæ урс саулохаджы зæнг 138 >Д_
асасти. Уæд йе ’фсымæр Кæфойдзых рауагъта уæларвæй лалиа’г калмы урс_б&ндæн æмæ дзы æрбаста урс сау- .^охадтТГУастырдж^иæ’’Уæлæ бады æмæ зæххон адæ- мæн йæ сæрæй æртæ куывды акодта. Чысыл æй куы .резмæлын кодта йæ бынатæй, уæд урс залиаг калмы бæндæн аскъуыдис, æмæ Уастырджы æд бæх Чынты \ындлш сæмбæлдис. Уæд ыл фыдхуыз Залиха^Пйæхи пыШГавта æмæ’йШ^нытыхстис æмæ йын загъта: — Хорз фæдзæхст нæ бафæрæзтай нæлгоймаг æмæ сылгоймаджы æхсæн. Уæд ын Залихан загъта: — Цæугæ коммæ æмæ ададжы тæккæ астæу лæууы ыстыр хæлиу назы бæлас, кæцыйыл ауыгъд ис уæиджы аг, фыцы дзы ^/^ещщь^дзидза. Кад дын «еблагъ»2 зæгъ- гæ, уæд ын аджыфшГ дзидЭа ма баком, фæлæ йын фи- юнæг скæнын кæн. Уæиг ын æрхаста аджы фых дзидзатæ. Уæд Уастыр- джы загъта: -Уастырджыйы хуызæн дæм уазæг кæд æрхаудзæн. Физонæг мын скæн хуылыдз дзидзайæ. Уый аккаг дын иæ дæн.1 Сыхæгты рæсугъд кæстæртæ æрбамбырд сты. Физо- иæгкæнын" райдыдтой Уастырджыйæн. Уастырджыйæн иæ урс б.æх Чынты уынджы хъæрзы. Физонæг куы сцæт- тæ, уæд Уастырджыйæн загъта, ома къæлæтджын æр- тав. Уæиг дæр йæ цуры абадти зулмæ кæсгæйæ. Уа^цг и-мæ Уастырджы рæсугъд рæгъыты фæстæ барачетгонд чуы фесты, уæд Уастырджы сызмæлыд йæ бынатæй я.’мæ арфæ ракодта рæсугъд фысымтæн. Фыд-зонд.кæм нæу уæиг æмæ Уастырджыимæ фæхъæ- оысæй хъæбысмæ сты. Уæд рæсугъд сылтæ уæиджы г";ынмæ фæнык калдтой, Уастырджыйы бын та дон. Би- пæ фæхæцыдысты хъæбысæй, æмæ йæ уæд Уастырджы сабыргомау æрывæрдта уæиджы зæххыл æмæ йæм хар- ’зау æркаст: — Бахатыр кæн, расугъд Уастырджы, нæ дæ зыдтон. Уæд уæиг адæргæй афынæй. Уæд Уастырджы дзыхъхъынногæй цæлыл æрбадтис. Бирæ рæстæ- Джы .фæминас кодта. Уæиг мæрдфынæй кæны. Уастыр- Джы Сатанайæн афтæ: •*«Ей, уæ уæиджы райхъал кæнут». Сатана .Уастыр- Джыйæн афтæ: ’ 139
— Афтæ æмцонтæй нæ.хъал кæны, фæлæ йæ фарсмæ ис æфсæйнаг дзæбуг, цалынмæ йын уымæй æртæ цæфй ныккæнæм, уæдмæ не ’змæлы. Уастырджы рæвдз-рæвдзы фестади æмæ уæиджы цур æдзынæг алæууыдис, йæ къахæй йæ æртæ тъæппы бакодта, æмæ уæиг нæ фезмæлыд. Уæд Уастырджы са- быргай йæ цæнгтæ æруагъта æмæ систа æфсæйнаг дзæ-' буг æмæ дзы бæрзонд фæхаста æмæ дзы æртæ цæфы фæкодта. Уæиг æнæбары базмæлыд æмæ йæхимидæр ныкуыдта: -^йАй циу, цы диссаг у, тыхгæнæг нын тых никуы ссардта, мыггаг сæфт нæ кæндзæнис». Уастырджы йæ кæстæр къух æрдардта Уæигмæ æмæ йæ хуымæллæджы ист скодта æмæ арастис йæ бæхмæ. йæ бæхмæ куы бахæццæ, йæ бæх æм æнæбары йæ бæр- зæй сдардта. Уастырджы йæ бæхæн уæигæй къах ныс- сагъта. *~~*~~~ Тæхын æрымысыд уæларвмæ. Лæппутæ æмæ йыл Борадзауты чызджытæ æмæ. чындзытæ нымбырд сты. Уастырджымæ куыссийы мидæг сæн, бæгæны фалæвæрд- той. Уастырджы арфæ ракодта, араст ис йæ фæндагыл. Уæд æй Чынтæ æмæ Борадзауты чындзытæ ралгъыстой, «ФыдЕæндаг фæу», зæгъгæ. Ды сылгоймаг æмæ нæлгой- маджы цард иумæ нæ бабастай». Уæд Уастырджы фæс- тæ.мæ фездæхт æмæ сын арфæ ракодта: — Кæд уын æз рæсугъд динтæ нæ ныууагътон, уæд-. дæр никуы æрцæудзæнис сымахæн рæсугъд дуг. Уастырджы сфардæги йæ бынатмæ, залиаг калмæн йæ хурх ралыг кодта. Уый фæстæ Нартæ æмæ Бора- дзаутыл Дæибойы хохыл емынæ сыстадис. Чынтæ, Бо- Ч^’^дзаутæ^æм^УастырджыйыУатъ^ фæзы баны- гæдтой. ~
31. ХÆМЫЦЫ ФЫРТ ТАУГÆРДÆГ Æвзонг лæппу равзæрди æмæ йæ схуыдтой Таугæр- ;æг. Мад пымæггонд уыд, æддæмæ нæ цæуы æмæ сусæ* гæй сывæллон ныййардта, æмæ тынг тагъд рахъомыл. Хъазын райдыдта, хъул нал ныууагъта, надта лæп- путы. — Исты бæллæх ын скæнæм. Бæхтыл сбадæм, æмæ уый дæр хæлæг кæндзæн, æмæ кæд ахауид... Сбадтысты бæхтыл Нарты фæсивæд. Сæ фæдыл уый дæр къуыппæй-къуыпмæ разгъор-базгъор кодта. Изæ- рæй бацыд хæдзармæ. Мад æй фæрсы: — Ны кæныс? — Абоц Нартæ бæхтыл хъазыдысты, æз та фистæгæй згъордтон. — Кæд афон фæуа, уæд дын бæх дæр уыдзæн, — загъта мад. Сывæллон уыцы дзуаппыл нæ ныууагъта, йæ домæн- ч’æ фæфылдæр кодта мады раз... Уæд ын уый загъта: — Дæ фыд уыди хæтæг лæг, — йæ бæх нæ байбын скъæты æфсæн рæхыстæй баст.., Ныццыди лæппу æмæ федта, сырæзти фырцинæй. Райсом уый дæр рабарæг ис æмæ раскъæр-баскъæр фæ- к’одта æмæ сæ бæхты скуысæстытæ, сæхи та фæрсксæс- лытæ æмæ уыргæфтыдтытæ фæкодта. Сæ сæртæ æруагъ- той нартæ: «Уæдæ йын цы бæллæх скæнæм». Æмæ сьш къулбадæг ус афтæ: — Ныхасы йын зæгъут: — «Кæд уыйбæрц хорз лæг дæ, уæд ма хуыцауы фынг æрхæсс». 141
Уыцы балцы араст кодта уæд. Иæ бæх уыд зонд- джын æмæ йæ фæхуыдта рæгъаумæ, æртæ æфсургъы кæм хызт, уырдæм æмæ йын загъта: — Астæуккаг æфсургъмæ бахъав, уый дæ фæхæс- дзæн уæлæрвтæм хуыцауы размæ. Куы схæццæ уай^ уæд бæхбæттæныл-иу æй æрбæдт, æмæ дæм ракæсдзæни^ Хуыцауы чызг, æмæ йын-иу зæгъ: «Хуыцаумæ ссыдтæщ хъæстмæ». * Уый бацыд... æмæ бæх куыд загъта, афтæ рауад^ Хуыцау фынгæй рацамадта æхсныф æмæ йын æй зæл-, даджы батыхта. Чызг ын æй рахаста æмæ йын æй ба- фæдзæхста; «Æнæ уæхимæ йæ ма райхал», зæгъгæ, стæй ма йæм цилхъ радта, «бахъæудзæн дæ», зæгъгæ, æмæ йæ рахаста лæппу дæр. Рацыди, æфсургъы дæр ныууагъта, æрцыд сæхимæ.. Райхæлдта йæ (Фынджы æхсныф), æмæ-иу хæринагæй,. нозтæй йедзагæй, — куы дæ бахъæуа, уæд. Нарты æр- хуыдта, хорз сæ федта. Ацы хъуыддагæй та ницы ра- уад. 'Катайы бацыдысты: «Цы ма йын бакæнæм», æмæ ныхъхъуыды кодтой, скарстой афтæ: «Не ’хсæнмæ куы ^рбацæуа, уæд ыл ныккæлдзыстæм... Уыцы сыстадмæ нæ кæрдтæ уыдзысты фæрсыссад æм’æ йæ æмцæф нык- жæндзыстæм... <?$■ > Хæмыцы фырт Таугæрдæг сын сæ кæрдтæ куы ауыд-г та, уæд йæ цилхъмæ февнæлдта, æмæ цилхъ уым, нал, — , кæрддзæм афтид. Цилхъ уæхæдæг ныссæрфта нарты гдæмы, ныууагъта ма дзы æртæ раст лæджы. Хæрзгæнæг Уастырджи йæхи рабæлццон кодта а6мæ= æртæ лæджы фæрсы радыгай. Фыццаджы фæрсы: — Цы хорздзинад дæ хъæуы? Лæг хорз цæмæй куса> гал уæд, къамбец уæд, уый. Уастырджи мæгуыр бодзо- лæгæн2 раарфæ кодта: — Цас дæ хъæуы, уыйбæрц дын уæд зæхх, хор. ^ Дыккаг загъта: — фос куы уаид, фос,. уæтæртæ, уы- гæрдæнтæ. — Уымæн дæр та раарфæ кодта. Æртыккаг загъта: — хорз цардæмбал куы уаид, уæд >ымæй хуы^дæр цы и! — Фæстиат мауал кæ — иу ран ис, æмæ фæим- гъуыйы Иу чызг молы бады3, æмæ лæггад кæ. Ацыдысты дыууæйæ, чындзæхсæв кæм цæуы, уыр- 142
с^дæм. Уастырджийы æрбадын кодтой. Лæппуйыл дис кæ- иынц: — Сиахсы лæггæдтæ куы кæны — Уастырджи сын афтæ: — Уый сиахс у. Бауырнындзииæдты тыххæй фæткъуы æрбахæссын кодта æд къалиу, æмæ бæлас фестад... Нæ фидыдтой. Уæд уасæг сфыцын кодта æмæ аджы былæй ныууасы- ди. Уæд уæлдай нал загътой. Рахастой чызджы. Уас-~ тырджи уæлæрвтæм афардæг. Мадымайрæм сæ барæв,- дыдта æмæ сын лæппу райгуырд. Уастырджи йæхи рабæлццон кодта æмæ фыццаг хор кæмæн ралæвар кодта, уымæ бацыд: — Мæ бæхæн мын цъæмæлтæ авæр. — Ам цал дзæгъæлдзуйы цæуа, уыдонæн мæ хор куы дæттон, уæд ма мæм цы баззайдзæн! — Иарты ныхасы куыд уыдтæ, афтæ фест фæстæь_æ. Æмæ мæгуыр баззад. Уырдыгæй ацыд фос кæмæн балæвар кодта, уымæг — Иу мæллæг сæныкк мын радтут! Æнæуæздан дзуапп ын радта. — Ам цал дæ хуызæны цæуы, уыдонæи сæныччытæ куы дæттон, уæд ма м_æхицæн та цæй фос уыдзæн! Ахæм арфæ ракодта, «Нарты ныхасы куыд уыдтæ,. афтæ фест». Æртыккагмæ фæцыди. «Мидæмæ», зæгъгæ, загъта ус. Лæг хæдзары нæ фæци. Бæх æрбаста, афснайдта йяе уаты сывæллон æмæ къæмдзæстыгæй: — Сывæллон уыд æмæ бауадзыг цæххæй, мыдамæс- тæй. (Афтæмæй та йын мæлгæ æрбакодта). Уыцы бон амард сæ сыхæгты чызг дæр. Рацыд, ха- бар базонгæйæ, уырдыгæй. Баййæфта иу ран удхæссæджы, æмæ цæуынц иумæ, Уастырджи йæ бæхыл цыди, цæмæй дойны кодтаид. Уд- хæссæг дойны кæнын райдыдта. Уæд Уастырджи афтæ: — Æртæ бонмæ нæ бахæццæ уыдзыстæм. Цы радтис доны тыххæй? — Дæ сæныкк æмæ уæрыкк, лæппуйы æмæ сыхаг чызджы удтæ. Къæдзæх бариуыгъта, æмæ дон ракалди. Уæрыкк æмæ сæныкк рахаста... Лæппу скуыдта, чызг дæр рай- гас и. Афтæ хæрзæмбæлæг Уастырджи алкæуыл æмбæлд. 143
32. НАРТЫ ГАДЖИ ÆМÆ ХУЫЗЫ ФЫРТ ЧЕЛÆХСÆРТÆГ Нартмæ иу Гаджи хуынди æмæ ус курын фæнд нæ кодта, æмæ йæм хатыдтой йæ хæстæджытæ. — Ус ракур, иунæг лæг дæ æмæ дæхи æыæмыггаг ма фæкæ. Стæй сын загъта: — Цæмæн мæ кæнут ус курын? Дзæбæх æнæ маст куы цæрын æмæ мын ме ’нæмаст цард цæмæн халут? у^Уыдш*æ*1-йын гæнæн нал уыд, æмæ сын æхсæв гал аргæвста кусартæн. Ронджы гæрзтæ йæм уыди æмæ.сын ронг систа; хорз æхсæвæр сын сцæттæ кодта æмæ сын ^ æй сæ разы æрывæрдта. Уыдон бадынц æнцад, хæрд æмæ нозтмæ не ’вналынц. Уьш сын загъта:' — Цы кæнут, мæ хæрд, мæ нозт уæ зæрдæмæ нæ цæуы? Цæуылнæ æвналут? Уыдон ын загътой: — Бæргæ нæ зæрдæмæ цæуы дæ хæрд, дæ нозт, фæ* лæ дæхи æвæстаг ма фæкæ æмæ ус ракур. Уый нæ фденды. — Ныр бахæрут æмæ баназут: кæй уæ фæнды, уый бакæндзынæн, фæлæ уын искуы мæ тæригъæд бахъар- дзынæн, маст мын куы уа, уæд. Æхсæвы сæ хорз федта йæ уазджыты, хорз сæ суа- зæг кодта. Райсом сыстадысты æмæ сæ дзæбæхтæй хорз лæгтæ систа æмæ сæ йемæ.ракодта æмæ ацыд æмæ иу хорз лæджы чызг ракуырдта. Æрхаста йæ, чындзæхсæв- тæ фæкодта йæ уарзон адæмимæ, хорз сæ федта, æр- цард. Иу авд азы æддæмæ дæр никуыуал ацыд, фæцар- дис йæ усимæ, стæй сфæнд кодта: 144
— Уæй-уæй ай мæнæн у худинаг, адæм мæ ницы фе- мæг схондзысты, фæлæ фæцæуои æмæ исты фенон, аф- тæ куыд нæ зæгъой: — «Гаджи йæ усы цурæй дæр нал цæуы!» Сцæттæ кодта йæхи æмæ араст ис, хæтынмæ ацыд. Уый фехъуыста Хуызы фырт Челæхсæртæг. Уый та æн- дæр бæсты царди, Хуызы фидары. Гаджи балцы ацыди, уый фехъуыста. Йæ бæх сивтыгъта æмæ сбадти æмæ Нарты хъæуы уынгты раскъæрдта. Гаджийы дуармæ ныллæууыд æмæ бадзырдта: — Гаджи, ныхасмæ мæ хъæуыс, æмæ мæм æддæмæ ракæс! Йæ лæггадгæнджытæ загътой: — Гаджи ам нæй. — Кæд йæхæдæг ам нæй, уæддæр мæм ныхас ис æмæ мæм, йæ ус куыд ракæса, афтæ: Ус æм рацыд æмæ йын афтæ загъта: — Мидæмæ рацу, кæд Гаджи ам нæй, уæддæр дæ суазæг кæндзыстæм, фысым нæм бакæн. Уый йын загъта: — Дæлæмæ æрхизынмæ мын рæстæг нæй, нæ мæ ’вдæлы æмæ ардæм рацу æмæ дын, цы ныхас мæм ис, уый дын зæгъон. Ус æм æрхызт.æмæ хæстæг æрбацыд, æмæ йын йæ къабязыл фæхæцыд æмæ йæ йæ фæсарц баппæрста æмæ йæ Хуызы фидармæ бахаста. Гаджи мæ ныффыстой, «тагъд куыд æрбахæццæ уай», афтæ. Гаджи куы фе- хъуыста: уæд йæ хæдзармæ æрцыд æмæ загъта: — Мæ тæригъæд сæ уæд мæ хæстæджыты æмæ ме ’рвадæлты, мæнæн ады маст чи скодта! Æмæ йæм уалынджы æрцыди Уазы фырт Чех æмæ йын загъта: —.Цы кæныс, Гаджи? Уый йьш загъта: — «Цы кæныс»-æй мæ мауал фæрсут, ацы ми мын сымах бакодтат, фæлæ мын цы ныфс æвæрут, уый зæ- гъут. Уый йын загъта: — Æз дын уыцы ныфс дæттын æмæ уæлæ мигъæй æврæгъы ’хсæнмæ ссæудзынæн æмæ уырдыгæй бон æр- тæ æхсты кæндзынæн æмæ Хуызы фидарæй æртæ сыхы 10. Бязырты А. 145
сафдзынæн, æртæ сыхы. Æрцыд æм ноджы Бедзена- джы фырт Арæхцау æмæ йын загъта: — Гъы, ды та мын цы ныфс æвæрыс? — Æз холмæ ссæудзынæн æмæ уырдыгæй дыууæ æхсты кæндзынæн æмæ Хуызы фидары дыууæ сыхы. сафдзынæн. — Хорз, зæгъгæ, загъта, уый дæр хорз ныфс у; мæ- хæдæг та дзыхъхъ-доны бабаддзынæн æмæ сæ уым донмæ нал уадздзынæн, нал сæ фос, нал сæхи. Афтæмæй хæцын байдыдтой. Уазы фырт Чех куыд фæстæмæ бон цыппар æхсты кодта æмæ Хуызы фида- рæй цыипар сыхы сæфта. Бедзенæджы фырт Арæхцау дæр афтæ æртæ æхсты кæнын байдыдта æмæ дзы уый дæр æртæ сыхы сæфта. Бон сæфти Хуызы фидарæй авд сыхы. Гæнæн куы нал уыди, уæд/Чейехсæртæгмæ хуы- цауæй æртæ фаты уыди арфæгонд фаттæ æмæ загъта: — Адои ма мæ нырæй уынгæгдæр кæд хъæуынц æмæ ма сæм цы кæсон! Æмæ сæ иу рахаста. Уый фат рахаста æмæ йæ хæрд- мæ фехста æмæ скуывта хуыцаумæ: —Æ, хуыцау, ме ’сфæлдисæг Хуыцау! Ацы фат дæу- мæ ссæуæд æмæ фæстæмæ æрцæуæд, мигъ æврæгъы ас- тæу Уазы фырт Чехы амарæд. Фат хæрдмæ ссыд æмæ фæстæмæ æрцыд æмæ Уазы фырт Чехы сæрыл сæмбæлд;/рахаудта æмæ амард бы- дыры. Иннæ фат рахаста æмæ йæ фехста æмæ скуывта: — Æ, Хуыцау, ацы фат та дæумæ ссæуæд æмæ фæс- тæмæ æрцæуæд æмæ Бедзенаджы фырт Арæхцауы ама- рæд! Фат фæцыд æмæ фæстæмæ рацыд. Гаджи ныхъхъæр кодта Бедзенаджы фырт Арæхцаумæ: — Фат дæм цæудзæн æмæ дæхи исчердæм бафснай! Уый дæр бацыд æмæ цъитийы бын бабырыд. Бирæ фæци цъитийы бын, стæй æрхъуыды кодта æмæ загъта: — Уæу-уæу, ай мæнæн худинаг у! Фатæй цъитийы быны амард, загъта, æмæ рацыд æмæ фат уый дæр амардта. Амарди. Æртыккаг фат рахаста æмæ загъта: — Æ, Хуыцау! Доны тыххæй сæфæм æмæ ацы фат ,дæумæ ссæуæд æмæ фæстæмæ раздæхæд æмæ Гаджийы амарæд! 146
Фат ацыд æмæ, æвæццæпен, Хуыцауы дæр нал фæн- дыди, Гаджи куы амардаид, увг#, æмæ фат фæстæмæ раздæхти. Гаджи йæм кæсы куыддæр æрхæццæ, афтæ иуæрдæм йæхи фæкодта æмæ-ма йыьчфат йае фæччитæ ацахста æмæ Гаджи дæр цыма амард, )кЬтæ йæхи фæ- тымбыл кодта. Уæле йæ Челехсæртæг куькфедта, уæд æм разгъордта. «Гаджийы дæр амардта», зæгъгæ. Куы æрхæццæ йæм, уæд Гаджи фæгæппласта æмæ кæрæдзи- йы хæфтытæ самадтой дыууæ лæджы æмæ уыдон Д^ер кæрæдзийы амардтой. Кæрæдзийы куы амардтой, узе)к Челæхсæртæгæи йæ хо Пагуындзы хуынди, уый æрцыд æмæ сыл иу истуг кæугæ фæкддта, стæй сыл æрымбырд сты адæм сæ алыварс дыууæ мардæн; йæхæдæг йæ дзыпмæ нывнæлдта æмæ дзы зæлдаг кæлмæрзæн систа æмæ йæ дыууæ лæгыл дæр асæрфта, æмæ дыууæ дæр райгас сты, æмæ сæ адæм дыууæрдæм акодтой Пагуын- дзæ ацыд æмæ Уазы фырт Чехы дæр райгас кодта, стæй Бедзенаджы фырт Арæхцауы райгас кодта. Адæм æрымбырд сты æмæ стæрхон кодтой: Пагуындза рæсугъд уыди æмæ мой нæ кодта, фæлæ йын гæнæн нал уыд æмæ йæ Гаджийæн радтой, Га- лжийы ус та Челæхсæртæгæн баззад, Пагуындзы та Гаджи йæ хæдзармæ æркодта, чындз æхсæвæртæ фæ- кодта, гъе мæ, ныр дæр ма цæрынц. 33. ДЕДЕНÆДЖЫ ФЫРТ АРÆХЪЦАУ Деденæгæн уыди авд усы. Авд усы æгуыдзæг афтæ уыдысты, æмæ Дзы дзабыр бахуыйын ничи зыдта, кæр- дзын скæнын дзы ничи зыдта. Æмæ йæм æрцыдысты йе ’мхуызон адæм дыууадæ- сæй. Æмæ хъыг кодта Деденæг. Кæрдзын та мын чи скæндзæнис? Æмæ йæ уазджытæ бамбæрстой æмæ йын загътой: — Деденæг, мах коммæ бакæсис, уæд дын мах уы- наффæ бакæниккам. Æмæ йын загътой:. — Дæ авд усы ауадз, мах дын авд усы аргъ иу ус æрхæсдзыстæм, авды аргъ чи уа, ахæм. Авд усæн авд уæрдоны сивтыгъта æмæ сæ арвыста 147
сæ хæдзæрттæм. Уыдон адйдысты æмæ йын Алхæста- ты чызджы æрхастой. р&рæбиты чызджы та йын но- мыл усæн æрхастой. / Æмæ Деденæгймæ цæрын байдыдта Алхæстаты чызг. /’ Иу бон рвм уыди, уым Ацæтæм æрбацæйцыди скъо- лайы ахуйргæнæндоны рæзты. Ацæты уазæг æмæ чыз- джыт^хынджылæг кæнынц уазæгæй: у^Дæ бæх æгæр даргъ у æмæ дзы акъуыр. Чи загъ- ^ръ.\ «æгæрфæстоз бадыс, раздæр бабад, чи та: «æгæр разоз бадыс, фæстæрдæм рабад». Æмæ Ацæтæм æнкъардæй бацыд уазæг Ацæмæз- мæ, Æмæ йæ Ацæмæз фарста: — Цæуыл æнкъард дæ, нæ уазæг? — Уазæг, кæд дæ дзыхæй бафхæрд, уæд æй махлæ- дзæгæй бафхæрдзыстæм, кæд дæ лæдзæгæй бафхæрд, уæд æй мах гæрзтæй бафхæрдзыстæм. Уый загъта: \ — Лæдзæгæй дæр мæ нæ бафхæрд, дзыхæй дæр, фæлæ уæ чызджытæй куы нæ байраиккат, цæуæг нал уадзынц уæ чызджытæ. \ Уыди дзы авдæны мидæг гыццыл сывæллон, лæппу, уыцы ныхæсты раз. Æмæ сæм уырдыгæй хъуыста сæ ныхæстæм авдæнæй. Æхсæвы куы банафон, уæд ныхæс- тæм гæсгæ, лæппу авдæны сыхæлдта йæхи. Ацыдис æмæ мæлдзыг фестын кодта йæхи. Мæсыджы къулыл схылд, мæсыгмæ дæлæмæ æрзылд æмæ чызджыты уат- мæ бацыд... Чызг райсомæй телефонæй дзуры йæ мад- мæ, Сатанамæ; — Сатана, арыныл ныллæууыдтæн, цы ма кæнон? Сатана йæм фæстæмæ телефонæй дзуры: — Каед искæмæн исты маст скодтай, кæд искæй мæстæй мардтат, уæд ма уый æрхъуыды кæнут. Уый загъта: — Знон Ацæты уазæгæй мæнæ ам чызджытæ хын- джылæг кодтой. Сатана загъта: — Ацæтæм ахæм гуырд равзæрди æмæ бон зæдти- мæ вæййы, æхсæв хæйрæджь*тимæ æмæ дын уый исты фыдбылыз скодта уазæджы тыххæй. Сатана йæм ацы- ди, æмæ йын лæппу райгуырди. 148
Лæппуйы Сатана ахаста æмæ йæ Деденæгмæ бахас- та. — Деденæг, мæнæ дын ай лæппу! Деденæг баздæхт æмæ йæ усы гуыбыныл бызгъуыр- тæ стухыи кодта, сывæрджыны хуызæн куыд уыдаид, афтæ. Æмæ Нарты уынгты ныхасы рæзты ссыди Деде- иæджы ус, цæмæй йæ федтаиккой адæм. Æмæ адæм дис кæнынц; — Алхæстæты чызг сывæрджын у, Деденæджы ус. Фæстæмæ ныхасы рæзты æрыздæхт Деденæджы ус æмæ загъта: — Хæрзизæр ут, адæм! Уыдон загътой: — Цæринаг лæппу дын хуыцау райгуырын кæнæд. Сослан загъта: — Йæ номæвæрд мæн. Æмæ рахъæр и: «Мæнæ Деденæгæн лæппу рай- гуырди». Лæппу фæхъомыл и, æмæ йыл ном нæ уыд. Æмæ лæппу бафарста: — Ном мыл цæуылнæ ис? Æмæ загътой: — Сослан номывæрд йæхимæ айста, æмæ никæй бон у ном сывæрын. Æмæ бæхыл сбадт æмæ загъта: — Цон, Сосланмæ хъуамæ фæцæуон, æмæ мын мæ ном базонын кæна. Æмæ дзы доны цæуын хъуыди Нарты хъæумæ, Сос- ланы хъæумæ. Æмæ нарты Сатана мæсыгæй касти æмæ загъта: — Кæд ацы барæг донæн йæ ивьщæнты агура, уæд нæ фыдæлтæн фыдызнаг фæкæн, кæд ын йæ иугуыры æрбацæуа, уæд нын нæ фыдæлтæн фыды лымæн фæ- уæд. Æмæ ивылæн нæ бацагуырдта, афтæмæй бацыд. Бадзырдта: — Иæ Сослан, уым нæ дæ? Æмæ Сатана загъта: — Сослан ам нæй, фæлæ мидæмæ рацу — хæдзар ам ис. Кæд дæ фæнды, фæздæджы сихор, кæд дæ фæн- ды, æвæздæг сихор. 149
Уазæг загъта: — Нарты родгæстæ кæмæй фæхынджылæг кодтдй, æз уыдон тыххæй ардæм не ’рбацыдтæн, фæлæ Сослаи кæм ис? Сатана загъта: — Сослан, Борæфæрныг иу абонæй иннæ абонмæ куывд кæны, æмæ уым лæууæг у. Уазæг загъта: — Искæй мын мемæ бафтау, — фæндаг мын чи ба- цамона. Сатана загъта: — Мæнæ дзы фæныкгуыз лæппу ис æмæ кæд уый цæуа, æидæр дзы ничи ис. Уазæг загъта: — Мæнæ йæ мæ фæсарц ахæсдзынæн, кæд фистæ- гæй ницы бакæндзæн, уæд. Æмæ йын Батрадзы йемæ бафтыдта, æмæ йын бамбарын кодта, уазæджы куыд фефсæрмы кæна, афтæ, йе ’фхæрдмæ. Æмæ иу дзæвгар куы ацыдысты, уæд Деденæджы фырт дзуры Батрадзмæ: — Мæ фæсарц абад, æмæ тагъддæр цом! Батрадз æм бакаст æмæ йæм дзуры: — Бæргæ, фæлæ дæ бæх дыууæ ахæссыны каст нæ кæны. Уый афтæ зæгъы: — Куыдзæй гуырд! Дæ хуызæттæй дзы цал æрду- йы ис, уал ахæсдзæн. — Цæй, уæдæ! — загъта, æмæ йæ фæсарц абадти Батрадз. Гыццыл куы ауад, уæд æй Батрадз йæ уæрджытæй афбалхъывта æмæ бæх йæ зонгуытыл æрбадт. Æмæ бардиаг кодта Деденæджы фырт: — Мæ бæх цыдæр кодта, æддæмæ рахиз, гæбæр хæ- рæг. Куы рахызт, уæд зæгъы: — Уазæгмæ дзырд хъыг кæсаг у, фæлæ йæ æз раз- дæр загътон, дæ бæх дыууæ чи ахæсса, ахæм нæу. Стæй загътой: — Нæ фæттæ ма фехсæм. | Деденæджы. фырт фехста, æмæ ахауд хорз. Уый фæстæ Батрадз дæр фехста, æмæ фат Борæфæрныджы 150
>:æдзарæн йæ уæлкъæсæр сæмбæлд, адæм кæм бадтыс- ты, уыдон цур. Æмæ хъайвантæй къæрттытæ æппаргæ бацыд æмæ рæбинаг хъайваны ныссагъд. Цары сæгтæ фынгыл æрызгъæлдис. Æмæ Борæфæрныг схъаугъа кодта: — Уый чи у, нæ фынгтæ нын сæгæй чи сафы, уый’-* Сослан загъта: — Мачи мацы сдзурæд, уый нæхи лæджы фат у! Батрадз йæхи мæлдзыг фестын кодта æмæ Сосла- ныл схылд æмæ йын дзуры: — Демцег Деденæджы фырт дæм æрбацыди, æмæ йæм акæс. Æмæ йæм Сослан рацыди æмæ йæм Деденæджы фырт дзуры: — Дæ бон хорз, Сослан! — Æгас æрцу, Деденæджы фырт Арæхъцау! Æмæ йæ мидæмæ бакодтой Деденæджы фырты æмæ йын систой йæ гæрзтæ, æмæ сæ хæдзары астæуккаг цæджындзы къулыл ацауыгътой æмæ цæджындз бын- мæ лæсти, къæс-къæс кодта, лæсти. «Хæдзар кæлы», зæгъгæ, æмæ сæ уырдыгæй райстой. Æмæ сæм æфсæн чырын уыд, æмæ сæ уый уæлæ æрæвæрдтой. Æфсæй- наг чырынæн дæр та йæ сæр ныттыдта бынмæ. Æмæ загъта: — Ам сæ ницы бауромдзæн, уыдонæн сæ рагъæн мæхæдæг дæн, мæхимæ мын сæ радтут. Æмæ сæ рад^ той. Æмæ та куыд уыдысты, афтæ сæ йæ уæлæ æр- кодта.: йæ кард бабаста, йæ топп йе ’фцæджы æрæф- тыдта. Куьтвды мидæг радыгай кафын райдыдтой. Уæд фæстагмæ Деденæджы фырт Арæхъцауы рад æрцыд æмæ загътой: Деденæджы фырт, дæ кафты рады ракаф! Деденæджы фырт загъта: —. з афтæмæй нæ кафын! Фондзæссæдз уæрдоны уираг дур æрæвæрут иу ран, фондзыссæдз хъамайа^н сæ фындзтæ хæрдмæ, афтæмæй сæ æрсадзут, тымбыл фынг йæ астæу æд цæхдон, афтæмæй йæ куыд æмбæ- лы, афтæ æрывæрут. Куыд загъта, афтæ йын сæ скодтой. Уæд кафын байдыдта æмæ дуртæм бахызт æппæты разæй. Фондзыс- сæдз уæрдоны фæнычы хуызæн скодта йæ къæхтæй. 151
Хъаматæм æрбахызт æмæ хъаматыл кафын байдыдта. Хъаматы, фондзыссæдз хъамайы сæ фистонтæм, сæ тылтæм æртасын кодта. Тымбыл фынгмæ ахызт. Тым- был фынгыл кафын байдыдта: къæбæр дзы нæ фезмæ- лыд фынгæй. Борæфæрныгмæ хъыг фæкасти: — Æгас нартон адæмы галы сыкъайы куы бакодта, \æд чи куыдз чи хæрæг у ай? Деденæджы фырт загъта: — Æгæр тынг мæ бафхæрдтай, æмæ кæд нæ амæ- лом, уæд дын нæ баззайдзæн! Йæ бæхыл сбадт æмæ араст кодта, йæ фæстæ дзырд æрцыд æмæ адæм загътой: — Хорз лæгимæ нæ абыцæу дæ, Борæфæрныг, исты лос ып скæн раздæхынæн! Æмæ загъта: — Чи йæ раздаха, уымæн мæ рæсугъд чызг Агуын- дæйы усæн ратдзынæи. Æмæ йæм йæ ныфс ничи ба- хаста. Æма^ Сослан загъта: — Фидæрттæ радтæд, æмæ йæм æз цæуын. Æмæ Борæфæрныг дыууæ фидары радта. Сослап та уыцы чызджы кургæ кодта бирæ азты, æмæ йын æй иæ лæвæрдта. Æмæ Сослан сагъæсы бафтыди: -:-Цæй разæй мæхи фæкæнин, æмæ мæ размæба- аæг куы фæхона æмæ мæ куы амара. Фæстейæ сурин, æмæ мæ фæдисон куы хона, æмæ мæ куы амардта. Сосланæн уыдис хæйрæджы хаст бæх æмæ йын бауы- наффæ кодта: — Зæххы бынты бауай æмæ йæ хæдраз куыд фев- зæрай зæххы бынæй. Куыд загъта, афтæ йæ фарсмæ базынди бæх. --Дæ фæндаг раст Деденæджы фырт Арæхъдзау — загъта. — Хуыцауы хорзæх дæ уæд, Сослан! Æмæ иумæ ацыдысты, ныхæстæ кæнгæ. — Бирæ азты уыиы чызгыл фæдзырдтон æмæ нæ бафтыд мæ къухы, ньтр мæ къухы бафтын да? къухьг ис ^емæ мын баххуыс кæн. Дзырд мын радта Бор&^- фæрныг: — Чи йæ раздаха, уымæн мæ чызджы дæттып. 1 Уый загъта: 152
— Мæнгард лæджы хуызæн у, æмæ фæсайдзæн, æмæ- мæ ма здах. ;Сослан загъта: — Дыууæ лæджы мын фидæрттæ радта æмæ дзы гас нал у, сайынæй тас. Æрбаздæхтысты фæстæмæ æмæ фæныхас крдтой. Дзырд сын радта къуыримæ йæ куыд ахæссой, афтæ. Къуырийы бонмæ Борæфæрныг Хуызы фидармæ афар- • лæг æд бинонтæ, æд æндæр. Æмæ Сослан æмæ Деденæджы фырт Арæхъцау Хуызы фидармæ хæцынмæ куыд ацæуой, афтæ сарæз- той æмæ адæмæн дæр загътой, хæдзарæн лæгæй куыл рацæуой, афтæ. Хæдзарæн лæгæй чи нæ рацæуа, уып авд дисны уацайраг1 (ивар). Æмбырд кодтой адæм иу ранмæ, хæстмæ чи цыди, уыдон æмæ Къандзы фырт, мæнкъай Саууæй дæр- ацыд^ ^æмбырд кæдæм кодтой, уырдæм. /Емæ Сослан загъта: — Дæуæи афон нæма у, æмæ дын хатыр у, аздæх. Уый загъта: — Æз дæр дын бæхыл фæхæцдзынæн. Сослан загъта: — Æмæ дын куы атона, уæд та? Уый загъта: — Кæд йæ идон атона, уæд ын йæ барцыл .ных- •хæцдзынæн. — Æмæ дын йæ барц куы атона, — зæгъы уæд та? — Уæд ыл йæ дыууæ хъусыл иыххæцдзынæн. — Æмæ йæ дыууæ хъусы куы атона, зæгъы, уæд та? — Уæд æнæ хъустæ æмæ æнæ барцæй кæд лидза, уæд лидзæд. Гъе стæй араст кодтой хæстмæ æмæ иу хъæдра^бын æхсæвиуат æркодтой, æмæ Сослан хъæр кæны: — Мæ бæхыл хæцинаг цы лæппу уыдис, уый кæм ис? Æмæ йæм мæнкъæй Саууай бауад æмæ йæм Сос- лан йæ бæх радта. Сослан æмæ Арæхъдзау уынаффæтæ кодтой, цатыр- тæ куыд æрæвæрдтаиккой, афтæ. Хъуыддаг кущ ,скод- той, уæд Сослан хъæр кæны: — Мæ бæх кæм и, лæппу? 153'
Æмæ йæм лæппу æнæ бæхæй базгъордта: «Цы кæ- ъыс? — зæгъгæ. — Куыд загътон, мæ хæдзар мын куыд фехæлдтай, мæ бæх мын цæмæн ауагътай? — Рацу, зæгъы, дæ бæх дын фенын кæнон. . Æмæ йæ иу бæласы рæбынмæ бахуыдта æмæ йæ ■уый цъупмæ скæсын кодта. — Уæлæ дын дæ бæх. Лæппу бæлас æртасын кодта, йæ цъуппыл æй бафи- лар кодта æмæ бæлас ауагъта æмæ йын йæ бæх фенын кодта. Сослан загъта: — Хуыцауы хатыр бакæн, мæ бæх ма мæ къухы цæ- мæй бафта, уый бакæн, æртасын кæн бæлас. Æртасын æй кодта æмæ йын йæ бæх радта. Стæй йын загъта: — Сослан, ацы адæмы фæстæмæ аздах, æз æмæ ды æмæ Деденæджы фырт не ’ртæ цынæ бакæнæм, уый ацы адæм дæр нæ бакæндзысты. Æмæ йын адæмы раздæхын кодта. Æртæйæ ацы- дысты æмæ сæхи байуæрстой: Деденæджы фырт ми- гъæй æврæгъы астæуæй куыд хæцыдаид, афтæ. Сос* ■ лан йæхæдæг та доны æрынцади, донмæ куыд нæ уагъ- таид, афтæ. Сослан сын загъта: --Борæфæрныгмæ ис æртæ адзалы фаты. Æмæ-иу фат кæмæ арвита, уымæ-иу æз ныхъхъæр кæндзынæн, алчи йæ .йæхи куыд бахъахъхъæна, афтæ, æртæ бо- ны æмæ æртæ æхсæвы, уый фæстæ тых нал кæ- ны фат. Къандзы фырт Саууæи загъта: — Куы фæцæф он, æмæ куы ратулон, уæд мæ иу ^æрцахс тулгæ тулын æмæ мæн авд доны сæрты ахæсс æиæ æрæвæргæйæ; уæд мын амæлæн нал ис. Стæй сьш уæд мæхæдæг æгъгъæд дæн. Æипæты фыццаг сæ, æвæццæгæн, Къандзы фыр.г тыхсын кодта æмæ фыццаг фат, адзалы фат, уымæ ар.- выстой. Сослан ныхъхъæр кодта Къандзы фырт мæнкъæй Саууæймæ^ — Дæхи бафсчай! Адзалы фырт дæм фæцæуы. 1 Æмæ лæгæты мидæг бамбæхсти. Æмæ дыууæ боны, 354
•Ертыккаг бон изæрырдæм лæгæты фæци, нæ ракаст æддæмæ. Æртыккаг бон изæрырдæм, «уæдæ ныр фат <ш нал уыдзæн», зæгъгæ, афтæмæй ракаст лæгæтæй. Æмæ адзалы фат лæгæтьт сæрмæ лæууыди æмæ йæ .къæбуты æрсагъди. Æмæ ратылди уырдыгæй æмæ йæ Сослан рахасга. Æмæ йæ рахаста æмæ йæ иу æртæ доны сæрты ахаста. Сырдон йæхи зæронд лæг фестын кодта æмæ иу голла- джы дзаг дзаумæттæ хæссы. Æмæ йæм дзуры: — Сослан нæ дæ? — Бæгуы дæн, — дзуры йæм Сослан. — Æмæ Хызы фидар куы басастой, æмæ Деденæ- лжы фырт Борæфæрныджы чызджы куы фæхæссы, мах дæр дзы мæнæ дзаумæттæ хæссæм. Сослан не рæвæрдта лæппуйы уæддæр, йæ цыды кой кæны. Æмæ та Сырдон йæхи сауджыны хуызы фæ- кодта. Æмæ та уый дæр дзаумæттæ хæссы. Сослап фондз доны сæрты ахызт, уæд æм лæппу хидуымæлкæ- иын байдыдта, æмæ йæм сауджын дзуры: — Сослан, уыцы мард та ма кæдæм хæссыс, Деде- иæджы фырт Бурæфæрныджы чызджы куы фæхæссы, мæнæ дзы æз дæр дзаумæттæ куы хæссын. Уый загъта: — Уæдæ ацы сауджын хуымæтæджы нæ зæгъдзæн, æмæ лæппуйы зæххыл авæрдта æмæ фæстæмæ аздæхт Сослан. Бацыд, æмæ куыд уыдысты, афтæмæй лæу- уынц. Йæ бынаты та æрынцад Сослан, уæдæ цы уы- даид, Б^рæфæрныг та иннæ адзалы фат Деденæджы фырт Арæхъцаумæ арвыста. Сослан æм ныхъхъæр кодта: — Дедеиæджы фырт, адзалы фат дæм фæцæуы, фæ- лæ бафснай дæхи. Æмæ Деденæджы фырт йæхи бафс- иайдта, æмæ уый фервæзти. Æртыккаг фат Сосланæн йæхимæ арвыста. Сосла- нæн йæхи счъилы нынныхсти, æмæ фæлдæхтæй, лæу- уыди доны был æмæ скæлм. Æмæ дондзаутæ дзырдтой: — Доны был иу рæсугъд лæг амард æмæ скæлм. Борæфæрныг загъта: ■-•-Уый мард иæ уыдзæн, — уый Сослан у. Уыдон загътой: 155
— Куыд нæ у мард? Кæлм чи сси, уый куыд нæу мард, уæдæ мард куыд вæйцы! 4 Борæфæриыг загъта: — Уæдæ ма бырæу рахæссут æмæ йын æй зæвæты. сзилут æмæ йын йæ уæраджы магъзæй рахæссут. Бырæу ын йæ зæвæты сзылдтой æмæ йын йæ уæра- джы магъзæй бахастой. Æмæ йæм сысмыста æмæ аф- тæ зæгъы: — Мард иæу! Чызг фæрсы Борæфæрныджы: — Тæрсыс ма дзы? Уый афтæ зæгъы: — Мард нæу, æмæ даы тæрсын. Чызг загъта: — Уæдæ йæ мардмæ кæмæн нæ уæп- дыс, уымæн мæ йе ’гасæй цæуылнæ радтай? Бора^фæрныг дæр уый æфсæрмæй донмæ æфсургъ- тæ раласта, æфсургъыл бадгæ. Æмæ донмæ куы ’рæв- вахс, уæд Сослан йæхи нал баурæдта æмæ фестад. Æмæ йæ басырдта фæстейæ Уый дæр алыгъди. Æмæ дуарыл куыд фæцæймидæг кодта, афтæ йæ Сослан бай- йæфта. Æрриуыгъта ма йæ кардæй æмæ ма йын йæ къæсæр дæр фæхъыгдардта, афтæмæй йын йæ сæры фахс æрхауын кодта. Борæфæрныг уæларвмæ ацыди. Куырдалæгонæн загъта: — Æрхуыйæ мын сæры фахс скæн. Куырдалæгон загъта: Куыд дын скæнон сæры фахс? Æддейæ дын æй зæгæл сæр скæндзынæн, фæлæ дык мидæгæй цæуыл ныххæцдзæн? Уый загъта: —- Мидæгæй уый мæхи фæуд кæндзынæи, æмæ иу йæхæдæг фесчъил уыдзæн зæгæл мидæгæй. Афтæмæй йæ скодта Куырдалæгон. Борæфæрныг æрцыди йæ хæдзармæ, гъемæ, йьп-г амал нал уыди æнæ’хæцгæ, Борæфæрныг дæр æмæ Сослан дæр быдырмæ рацыдысты хæцынмæ. Æмæ хæцыдысты æмæ иу æрхуы сæры фахс стæвди æмæ-иу æй доны атъыста, стæй йæ донмæ нал уагъта Сослам. Борæфæрныгæн хæцын нал уыд йæ бон, йæ сæры фахс- иу куы стæвд, æмæ йæ амардта. Æмæ бацыди Агуын- дæйы размæ æмæ йын загъта: \т
— Дæ фыда амардтон, ныр та ма мын цы ’фсон гкæндзынæ? Агуындæ загъта: — Ингæн ын скъах, уьгм æй сæвæрæм, стæй дæу дæн, æндæр ма цы фæрæз ис! Ингæн скъахтой æмæ сæвæрдтой Борæфæрны- т],жы ингæны. Æмæ Агуындæ хæсгард бамбæхста, аф- тæмæй ингæны размæ бацыди æмæ уыцы ран хæсгард йæ риуы фæцавта æмæ мардæй ныххауд ингæны йæ фыдыл. Гъемæ сæ сыджытæй нæ бамбæрзта Сослан 'Шæ сæ æртæ боны бахъахъхъæдта. Æмæ сæм иу калм æрбалæсти. Æмæ йæ Со’слан ныццыкк кодта æмæ йæ астæуыл фæдыууæ калм. Калмæн йе ’рдæг аирвæзт, иннæ уым аззад. Уалынмæ калмæн йе ’рдæг, фæрдыг йæ дзыхы, афтæмæй иннæ æрдæгмæ æрбацæуы æмæ кæуылты алыг и, уыдон кæрæдзимæ сарæзта калм. Æмæ сыл фæрдыг æрывæрдта калм æмæ куыд уыди, афтæ фæстæмæ фестади. — Уæдæ ай цы дæр у! — зæгъгæ, йын йæ фæрдыг байста Сослам æмæ йæ чызджы риуьтл æрæвæрдта, æмæ чызг райгас и. Стæй йын чызг лæгъзтæ кæнын байдыдта: — Мæ фыды дæр мын райгас кæн. Æмæ йын Сослан йæ фыды дæр райгас кодта. Сос- лан чызджы йæхицæн рахаста бинонтæн.
34. СОЗЫРЫХЪО ПЕХУЫМПАРИМÆ1 КУЫД ХÆЦЫДИ Мæхæмæт-пехуымпар уыд Созырыхъойæн йæ фыды æфсымæр. Созырыхъо йæхицæй уæлдæр никæй уагъта. Æмæ йæ фыды ’фсымæрæн лæппу куы райгуырд, уæд æй базыдта, диныл кæй фæхæст уыдзæн æмæ адæмæн. кæй ницы пайда ратдзæн, уый æмæ йын алы ныхæстæ загъта, кæй йæ нæ уарзта, уымæ гæсгæ. • Пехуымпар та адæмы йемæ афтæ сбаста йæ гæды ныхæс1æй, æмæ-иу йæ ныхæстыл дыууæ ничи загъта- ид, раст сын цыма пехуымпары ныхас цæрæн хос уы- ди, афгæ сæм касти адæммæ. Созырыхъо дзырдта «пехуымпар Мæхæмæт адæмьг халы, галиу зондыл сæ ардауы», зæгъгæ. Созырыхъо хъасг кодта паддзахмæ, фæлæ пехуымпар тæрсгæ ни- кæмæй кодта, уыдон дæр æй раст кодтой. Уæд Созырыхъо загъта — «мæхæдæг ын куы ницьг хос ска^нон йæ фесафынæн, уæд ницы», зæгъгæ. Бацы- ди, кæм царди, уырдæм æмæ къæсæр.ыл дзыхъхъ скъах- та, йæ сæр ын гауызæй бамбæрзта. Суанг уаты пъолмæ. Йæхæдæг йæхи рынчын æфсон скодта. Мæхæмæт рынчынтыл зылд куы фæци, уæд æрцыд сæхимæ, æмæ йын йæ мад бауайдзæф кодта, — «дæ фы- ды æфсымæры лæппу мæлгæ кæны, æмæ уымæ нæ иæуыс, фæлæ æцæгæлæттыл зилыс», зæгъгæ. — Цы кæныс, нана, ныр рынчынтыл зилын афон нал у, райсом æм бацæудзынæн, — загъта пехуымпар. 1 Пехуымпар (иахуымпар) хуыдтой, рагон :шманы чырыстои æмæ пысылмон дин адæмы æхсæн хъазуатæй чи пропагандæ код- та, а>æм зынгæ лæгты. 158
— Хорз, — зæгъгæ, загъта, мад. Райсомæй рараст Созырыхъомæ пехуымпар Мæхæ- мæт. Созырыхъойы уаты къæсæрыл куы фæцæйцыд, уæд ын, зæгъы, Уастырджы йе уæхсгыл фæхæцыд: «уырдæм дын цæуыны бар нæй», зæгъгæ, æмæ пехуымпар фæс- тæмæ ррздæхт. Уæд Созырыхъо хъæр кæны: — Ай цы хабар у, мæ хæстæджытæй дæр мæм куы- пичи зыиы, пехуымпар мæм уæддæр куыннæ цæуы», зæгъгæ, — мæсты кæны. Уæд æм дзурынц: — «Æрбацыд дæм пехуымпар æмæ дæ къæсæрæй фæстæмæ аздæхт. Уастырджы йæ ие ’рбауагъта», зæгъгæ. Уæд Созырыхъо фæмæсты æмæ йæ хуыссæнæй ра- гæпп ласта сагау, æмæ æддæмæ куы рацæй тахт хъа- маимæ пехуымпары фæстæ, уæд дзыхъхъ нал æрхъуыды кодта æмæ дзы ныххауд. Адæм фæфæдис сты, бæн- дæнтæ йæм уадзынц, фæлæ не ’ххæссынц. Уæд сæм сæ хъæрмæ Мæхæмæт-пехуымпар æрбацыд æмæ йæм дæ- лæмæ дзуры: — Цы дын зæгъон, уый кæд бакæндзынæ, уæд дæ- сисдзынæн æз, зæгъгæ, — загъта Созырыхъойæн. — Гъы, уый цы уыдзæн? — фæрсы Созырыхъо пе- хуымпары. — Айс иысылмон дин -г- зæгъгæ йæм дзуры, — кæд ма дæ цæрын фæнды, уæд, — загъта пехуымпар Созы- рыхъойæи. — Æ, куыдзы фырт, — зæгъгæ, фæхъæр кодта Со- зырыхъо, — кæмæн мæ хъæуы пысылмон дин, æз æнæ дæу æххуысæй дæр фæцæрдзынæн, фæлæ уым гыццыл фæлæу, зæгьгæ. — Æмæ йæ къæхтæ уæрм’ы къултыл фæбыцæу кодта æмæ фæуæлбыл, фæлæ Мæхæмæт-пе- хуымпар лидзынмæ фæци. Созырыхъо ма йыл хъама фехста æмæ йæ фæсонты ныссагъта пехуымпарæн. Бирæ ма йæ фæцагуырдта, фæлæ йæ нал ссардта. — Ей бламыхъ рихиты æмцег, фембæлон ма дыл æндæр ницы, — зæгъгæ, загъта Созырыхъо. 1 Æмцег — ам ома пысылмæттыл аудынгæнæг. 159*
35. СОСЛАН ÆМÆ ЕГУЫППЫРТÆ Сослан, Батрадз æмæ Созырыхъо дард хатæны уьь дыстыæмæ сын иу хохы баизæр и. Хохы бынæй иу ран рухе цыди. Загътой — Цом, æмæ, дам, уыцы рухсмæ ссæуæм, уым^ даМ, цæрæг уыдзæни. Бацыдысты æмæ бадзырдтой: — Хæдзаронтæ, уазæг нæ уадзут? — Уазæг хуыцауы уазæг, уæ рынтæ бахæрæм! Иу ус дзы уыди æмæ йæ иу цонгæй кæрдзынтæ кæ- ны, иннæ цонг фæрсс^гæй æддæмæ дары. — Дæ лæг кæми?— бафарстой йæ. — Уартæ егуыппыртимæ хæцгæ кæны. С’гæй загътой æртæ æфсымæры: «Цомут æмæ йæм фæкæсæм». ■ Е, стæй араст сты æртæ æфсымæры. Бакастысты æмае егуыппыртæ иунæг лæджы хъуамæ амардтаик- кой1! Батрадз загъта: — Сæ дæлейæ бацæудзынæн, сымах сыл уæлейæ рахъæркæнут, æз сын дзуапп ратдзынæн. Стæй сыл уæлейæ рахъæр кодтой: «Еи, куыйтæ, иунæг лæджы цæуыл æргæвдут!» Стæй сæ асырдтой æмæ Батрадзыл ныххаудтой. Уый сæ иæгъдын байдыдта æмæ сæ иунæг дæр нал ауагъта. Уæд сæм иунæг лæг æрбауади æмæ сын ныхъ- хъæбыстæ кодта: — Сымах, дам, стут мæ хуыцауы хай æмæ мæ уда^- гасгæнджыуæ. Акодта сæ йæ хæдзармæ æмæ сын загъта: I «Мæнæн, дам, хъуамæ мæ уд аскъуыдтаикШй; мæ
усы та мын исгæ бакодтаиккой. Мæ уд мын кæй балæ- вар кодтат, уый тыххæй уын мæ уарзон ус лæвар кæ- пын». — Нæ сæрмæ уый не сха^сдзыстæм, баххуыс дын кодтам æмæ дын дæ усы лæвар кæнæм. Е, стæй Сосланæн лымæны бар радтой. Æмæ йын уый быдырæй хохмæ йæ цонджы рухсмæ цыди æхсæв. }ый хуызæн диссаджы рæсугъд ус уыди. 11. Бязырты А.
36. АЛБЕГАТЫ ЧЫЗГ ЛÆППУ КУЫД ССИ ПЕХУЫМПАРЫ ÆХХУЫСÆЙ, УЫЙ КАДÆГ Нарты фæсивæд сфæнд кодтой: «Бирæ дугты хъазæн лæгъзы куы нæ уал ахъазыдыстæм, зæгъгæ. Не ’гъдæут- тæ куы ферох уыдзысты, нæ кадджын хъæзтытæ. Абон майрæмбон, *шнæ майрæмбоны хъазæн лæгъзмæ чи нæ рацæуа, уый^гйстæгæй уацайрагæй ивар^й^ндзыстæм». Фидиуæг ныхъхъæр кодта хъæуы алы фарс, гъе, ахæм ныхас. Уæд Албегатæй ничи уал уыдис, иу чындздзон чызджы йедтæмæ. Уый фидиуæджы хъæр куы фехъуыс- та, уæд катай байдыдта: «Цы кæндзынæн æз, махæй куы иичи уал ис. Мæн иварæн куы акæной, кæй æхсæны адæмтæ мæ ракæн-бакæн кæндзысты, кæй хъæуы хицæут- тæ мæ хынджылæг кæндзысты. Катай байдыдта æмæ æрхъуыды кодта: — Цæй æмæ лæгарæзт мæхи скæнон, кæд мæ ничи базонид, чызг дæн, уый. Албеджы бæх раласта ныккæндæй, сапон æхсадæй, аикæвдылд æй скодта, саргъ ыл сæЬæрдта. Алыбеджы дзауматæ рахаста, тынг сæ ныссыгъдæг кодта. Арасти хъазæн лæгъзмæ. Афтæ дзургæ сæ сæййæфта: — Албегатæй ам ничи уал ис, гъе уыдонмæ нын конд ивар. — Уæй, куыйты Нарт! Мæн кæмæй хонут? Бæх сæ астæумæ фæцарæзта, фæйнæрдæм уынг алæу- уыдысты, се ’хсæн бæхыл схъазыди. Исдугмæ сын бæхыл хъазын фæцамыдта фæсивæдæн. Стæй зæхмæ ахызти æмæ сын ноджыдæр тынгдæр фæцамыдта хъазын. Нар- I ты хистæртæ обауæй кæсынц æмæ загътой: — Хуыцауы диссаг нæу. Албегатæн уыцы лæппу кæд 162
райгуырди. Куынæ йæ фехъуыстам, цæй хæрзæгъдау лæппу у. Рагæй дæр Албегатæм гуырд æвзæр нæ кæны, фæлæ уый кæд райгуырди, уый куынæ фехъуыс- там. — Гъей, джиди, уыцы хорз лæппу не ’хсæны куы уа- ид. Уый нын хъæуы хицау куы уаид. Йе ’гъдаумæ гæс- гæйæ нын хорз уаид. Цæй уæдæ йæ хъæуы хицау скæ- нæм, Хъæуы хицаумæ дæр басидтысты æмæ; йын иæ рæ- хыс йе ’фцæгæй систой. Албегаты лæппумæ дæр басид- тысты æмæ йæ ууыл æрцауыгътой: абонæй фæстæмæ нын ды хъæуЫ хицау уыдзынæ, зæгъгæ. Уырдыгæй йæ хæдзармæ ссыди æмæ йæ хæдзары æнцад загъта. — Йе, Хуыцау мæ куыд фесæфта. Цы мыл цыди лæ- гарæзтæй. Цы мыл цыди хъазтмондагæй. Цæмæн мæ систой хъæуы хицауæй. Лæгтæ йæ куынæ фæразынц. Æз чызг куы дæн, уæд куыд бафæраздзынæн. Хъæуы хицау- мæ адæм хæрам вæййынц. Чызг дæн, уый ма куы бам- барой, æгас Албегатæ дæр худинаг кæндзынæн. Гъайда-мардзæ, иу — дыууæ мæйы сæ хъуыддæгтæ афтæ дзæбæх ацыдысты, æмгар æмгарæн уый цæрæм- бонæй сомы кодта, хисты дæр æмæ куывды дæр уый цæрæмбоны тыххæй гаджидæуттæ уагътой. Иу бон куы уыди, уæд та Сырдоны фыдуаг, фыд раны фæуинаг, ны- хасмæ рацыди, йæ худ йæ нывæрзæн бакодта æмæ дæл- гоммæ ныххуыссыд, Фæсивæд ыл æрæмбырд сты: — Сыст-ма, Сырдон. Кæмдæр та Цыдæр зоныс. Иу дыууæ-æртæ дзырдмæ дæр сæм уæлæмæ дæр не скасти. Стæй лæппутæ загътой: — Схæцут æмæ йæ доны баппарæм. . Уæд уæлгоммæ фæфæлдæхти, йæ дыууæ къухæй йæ гуыбын схырт-хырт кодта: — Цы кæнут, цы кæнут, Нарты хъалтæ. Худинаг — худинаг кæмæн нал у. Лæг — лæг кæмæи нал у. Худинаг- гæнджытæ, мæныл цы уæ пырх кæлут. — Уый дын цы дзырд у, уый, — загътой фæсивæд. — Куыннæ у уый дзырд: чызгæй хъæуы хицау куы скодтат. Лæппутæ фæджих сты æмæ загътой: — Уæу, Сырдоны фыдуаг, фыд раны фæуай. Махæи 163
нæ хъуыддæгтæ ахæм дзæбæх ацыдысты иыр æртæ мæ- йы æмæ уый æвгъау кæмæ кæсы. Уый сын загъта: — Маргъы .æхсырæй æхсад уын фод, уæддæр чызг хъæуы хицау худинаг у. — Цæмæй йæ базонæм чызг у уый, цæмæй йæ рав- зарæм. — Кæд лæппу у, уæд ма йæ йе ’мгартимæ уæртæ къардиумæ акæнут æмæ йæ лæппутимæ асæх-сæх кæнын кæнут. Уыцы æгъдæуттæ уыцы чызг куы фехъуыста, уæд йæ зæрдæ камчырийау хуынчъытæ кæнын систа. Уæдæ ма ныр та цы æрхъуыды кæнон, зæгъгæ, загъта. Хъæбæр гæххæтт райста æмæ йæ хæтæл здыхт скодта æмæ йæ йæхимæ сарæзта, лæппутæй бæрæг дарддæр асæх-сæх кодта. Лæппутæ фæстæмæ æрбацыдысты æмæ ныхасы Сырдонæн загътой: — Мах æй афтæмæй федтам æмæ дæ мадмæ куы баир- вæзид. Уæд сын Сырдон загъта: — Мæ мад ахæм гæххæтты тымбылтæ бирæ федта. Уый дæр чызг æмæ сымах дæр чызджытæ, уымæй къар- диуы рæбыи чи нæ фæхъазыд. Кæд лæппу у æмæ нын хъæуы хицау у, уæд æм ахсæв æмбисæхсæв бадзурут: Сахары хицау дæм дзуры, иыртæккæ дын æнæ цæугае иæй. Уый йæ бæхыл сбаддзæн æмæ ацæудзæи, сымах йæ фæдыл ацæут æмæ дзы фæхъазут. Æмбисæхсæв æм бадзырдтой: — Сахары хицау дæм дзуры, ныртæккæ. дын æнæ- цæугæ нæй. Фестадис, йæ бæх сивтыгъта, йæ хæцæн дзауматæ йе- мæ айста, арасти. Дыууадæсæй йæ фæдыл ацыдысты æмæ йæ аййæфтой. Уый фыццаг сæ разæй алыгъди, стæй сæм фæстæмæ аздæхти, куы аиугай сты, уæд æмæ сæ иууылдæр ныццагъта. Фæстæмæ раздæхт æмæ йæ хæдзары æрхуыссыди. Райсомы йæм адæм цыдысты: кæм дæ, нæ хъæуы хицау, зæгъгæ. Мæнæ дæн, зæгъгæ, загъта, фæлæ нæ фæндаг фехæл- ди. Сындз дзы сарæх æмæ тонгæ кæнынц, мæн дзы чи хъыгдардта, уыдон æз акъуырццытæ кодтон æмæ уыдон I дæр ахсæдут, иннæмæ дæр азилут. Гъайда мардзæ, Сыр- донмæ лæбурдтытæ байдыдтой: чи мæ фырты мын ама- 164
рыи кодтай, чи ме ’фсымæры мын амарын кодтай. Уый сын загъта: — Писи æмæ ичъийы иыхæст бакæнут, уæддæр чызг у. Кæд лæппу, уæд Ахы-денджызæй Хъара-ден- джызы астæу Сахы-рæсугъд мæеыджы бады æмæ, гъе, уый усæн ракурæд. Нарты фæсивæд гъе уырдæм чындз- хæссæг акæнæд, æз та дзы мæ къуылых къахæй хъазт- амонæг уыдзынæн. Уый чызг куы фехъуыста, уæд йæ бæх сивтыгъта æмæ арасти кæугæ: — Ацы дондзауы фырт мæ нал ныууадздзæни. Æмæ цом, ам амæлыны бæсты, фæлтау дарддæр амæлон. Ам куы амæлбн æмæ чызгæй куы разынон, æгас Албегаты дæр худинаг кæнын. Арасти. Цалынмæ фæндаг ардта, уалынмæ фæндагыл фæцыди. Фæндаг куы нæ уал ардта, уæд фæсфæд азыл- ди æмæ хъамылæй, цъыфæй æппæт ран дæр цыд. Иу ран иу фæндаг ссардта æмæ баййæфта иу зæронд лæг. — Дæ фæндаг раст уа, — зæгъгæ, йын загъта. — Хуыцауы хорзæх дæ уæд, мæнæ лæппу. Уæд æй лæппу фарста: — Кæй уонг цæуыс, зæронд лæг. Зæронд лæг ын загъта: — Мæнæ Ахы-денджызæй Хъара-денджызы астæу- мæ иæуын. Лæппу йæхинымæры бацин кодта, æгайтма фæндаг- зонæг ссярдтон, зæгъгæ. Цыдысты иумæ. Баййæфтой ноджыдæр иу зæронд лæг. — Уæ фæндаг раст уа, зæгъгæ, сын загъта. — Хуыцауы хорзæх дæ фод. — Кæй уонг цæут сæ бафарста. Йе ’мхуызон зæронд лæг ын загъта дзуапп: — Мæнæ Ахы-денджызæй Хъара-денджызы астæу- мæ усгур цæуæм. Уæд сын уыцы зæронд лæг дзуапп радта: — Уæдæ уын æз дæр, мæ бон ды уа, уыцы æххуыс бакæндзынæн. Уыдонæй сæ иу Уастырджи уыдис, се ’ннæ Уа- цилла. Аиыдысты уырдыгæй æмæ дардмæ бакæсын кодтой: 165
— Акæс-ма, лæппу. Уæртæ уыцы мæсыг уыныс? — Уынын, зæгъгæ, загъта: — Йæ алы фарс быру дæр ын уыныс? — Уынын, зæгъгæ, загъта. Æртæ версты йæ алы фарс быру уыди. — Гъе уый иууылдæр у лæджы сæртæй амад, курæг æм чи фæцыди, уыдоны сæртæй. Уæд лæппу афтæ æрхъуыды кодта: — Æвæдздзæгæн мæ адзал æрцыд. Уыдонæй чи зæххон хорз лæг куы уыди, чи дзы пехуымпар куы уы- ди. Уæд уыдоны сæртæ чи фæлыгтæ кодта, æз чызг дæн, уæд мæ сæрæй уагæр цы бакæндзæн. Æрбаввахс сты уыцы мæсыджы цурмæ æмæ йын уæрм скъахтой, йæ бæхы дæр ын уым бамбæхстой, æмæ йын загътой: — Каед дæм исчи афтæ сдзура: цы фæдæ, Албеджы фырт, зæгъгæ, уæд-иу ды тынг схъæр кæ, адæмы хъæр дзы бирæ уыдзæн. Уацилла арвыл арæхдæр цæуы, зæгъгæ, урссæр сау цæргæс йæхи фестын кодта æмæ мигъау æврагъы астæу- мæ атахти. Уастырджи ахæм сау рувас фестын кодта йæхи, йæ алы æрду дæр хъуытазау уасгæ кодта, мыр- мырæгау дзæгъдзæгъ кодта. Хъæуы кæрæттыл лыгъди, фæсивæды хæрзты быдырмæ асайдта. Дыккаг лыгъд æркодта хъæумæ> сывæллæтты дæр æмæ зæрæдты дæр быдырмæ асайдта. Æртыккæгæм хатт хъæуы астæуты æрлыгъди æмæ бирæгъы хуызæн устытæ сцъиах-цъиах кодтой: — Уыцы сырд мæнæ куы ис, уæд не ’рратæ кæдæм ацыдысты, зæгъгае. Сылгоймаджы хъæр дардмæ кæм нæ хъуысы, мæ- сыгмæ фехъуысти устыты хъæр. Уæд чызг мæсыджы рудзынгæй ракасти, Сахы-Рæсугъд. Уый цавæр фæ- дис у, зæгъгæ. Уæлейæ йыл Уацилла йæхи æрсæрфта æмæ йæ рас- къæфта. Уæд чызг фæхъæр кодта: — У, фæхæссынп мæ, мæ бар у. Мæн чи байса, уы- мæн комын. Рахаста йæ, быру иууылдæр райгас сты æмæ йæ ра- сырдтой. Уæд Уацилла загъта: — Кæм дæ, Албеджы фырт. 466
Уый чызджы зæрдæ æмæ фæдисы куы федта, уæд тынг фæтарсти æмæ мæллæг далысы уаст бакодта: — Мæнæ дæн, зæгъгæ. Кæдæм фехъуыстаид. Бæхæй, лæгæй сæ уæрджыты уонг цавд дур фестадысты. Бæх ыл схъæр кодта: — Дæ хæдзарæй лæджы зæрдæйæ куы рацыдтæ, ныр дæ мæнæ чызджы хъæлæс куы баскъуыхти, куы нæ сафыс. Дыккаг хатт та йæм Уацилла фæхъæр кодта: — Цы фæдæ, Албеджы фырт, Уацилла дæ цавд дур фестын кæна. Иуæй цавд дурæй фæтарсти, иуæй фæдис æрбаввахс сты æмæ ма мæллæг далысы уаст бакодта: — Мæнæ бæргæ дæн, зæгъгæ. Бæх æй ныттылдта, ныууыгъта: — Дæ хæдзарæй лæджы зæрдæйæ куы рацыдтæ, ныр дæ мæиæ чызджы хъæлæс куы баскъуыхти æмæ нæ куы сафыс. Кæд ма нæм исты сдзура, уæд-иу ды мауал сдзур, мæ бар æй уадз. Уалынмæ сæм æртыккæгæм хатт сдзырдта: — Цы фæдæ, Уацилла дæ цавд дур фестын кæна, куы никуы уал зыныс. Уæд æм хуыцауы конд хорз фос хъутаз-хъæлæс, мырмыраг дзыхæй ныммырмыр кодта: — Мæнæ, мæ фыдыстæн, æрбадæтт ма йæ ардæм. Сæ фæсарц сын æй баппæрста. Уады дымд уыди бæх æмæ раирвæзти. Рацыдысты æмæ иу быдыры ба- талынг ис. Фæсфæд азылдысты æмæ æхсæвиуат æркод- той. Алыбеджы чызг чи у, уый кæрдæг бирæ æртыдта æмæ фæлмæн уат бакодта сæхицæн. Æрхуыссыдысты дыууæ чызджы иумæ, цалынмæ сæ бон уыд, уалынмæ фæтæлфыдысты, стæй фæйнæрдæм ахъилтæ сты æмæ бафынæй сты. Уацилла æмæ Уастырджи ссыдысты хуы- цаумæ æмæ дзы ракуырдтой: — Махзæххыл бирæцæуæм æмæ дзы бирæ тæригъæд- тæ уынæм, фæлæ дзы дæлæ ныр иу тæригъæддаг фед- там æмæ уыдонæн дæуæй хос агурæм. Дæлæ дыууæ чызджы æрхуыссыдысты быдыры астæу æмæ кæрæдзи- йы тухæнæй марынц. Гъе, уыдонæй иуæн хос агурæм, цæмæй нæлгоймаг уа> уый тыххæй. Уæд сæм уый фæткъуы радта: 167
— Ацæут æмæ уæ кæмæн фæнды, уый риуыл æй авæрут. Рахастой йæ æмæ йæ Алыбеджы чызджы риуыл авæрдтой; Фехъал, йæ риуыл йæ къухтæ рахаста æмæ дзы фæткъуы ссардта. — Уæй, дæ хъуыддаг раст ацæуа. Мæнæ цы хорз фæткъуы ис. Гъе, уый ма кæйдæр чызг куы бахæра, уæд хорз уыдзæн. Цалынмæ уый хъал кодта, уалынмæ, цымæ туаг æви .цавæр у, йæ дæндæгтæй дзы ахордта. Йæхиуыл къуы- . бырæй йæ зæрдæ фæдардта. — Уой, мæнæ цыдæр миниуæг. Париазы кæрзынау æрмирвæзт фæци, иууылдæр æй ахордта. Æмæ чызг лæппу фестад. Уымæй бонмæ хъæл- дзæгæй сæ рæстæг арвыстой. Райсом лæг æмæ усæй араст сты. Бязындысты Нартмæ. ---- Уартæ, дам, Алыбеджы фырт йæхицæн ус æр- хæссы. Йæ размæ ’рацыдысты цингæнгæ фæсивæд, цингæн- гæ йæ бахастой сæ уæлныхты. Йæхæдæг Сырдоны дуæрттыл бацыди æмæ йæм дзуры: — Гъе, дондзауы фырт. Гъе, ныр мæ дæ мад куы нæ базона, сылгоймаг дæн æви нæлгоймаг дæн, уый, уæд"мæ ничи уал. равзардзæнис. Уæд æм Сырдон рауад æмæ афтæ зæгъы: — Кæд дын гъе, афтæ исты хос æрцæуид, æз мæхи ууыл куы хъардтон. Ды та мын æй галиумæ куы бам- бæрстай. Абом дæр ма Албегатæ мыггагæй баззадысты. 168
37. АЛЫМБЕДЖЫ ФЫРТ АЛЫМБЕГ Асæтæ дæр уыдысты нæртон мыггаг. Алымбегæн авд фырты уыди. Ыарты хъазæн фæзмæ цыдысты. Нарты Созырыхъо уыцы авд фырты дæр амардта, хъазæнтæ æппасргæйæ йыл тых кодтой æмæ та-иу раст нæ рацыди йæ хъуыддаг, æмæ авдæй дæр уый къухæй фæмардысты. Алымбегæн йæ ус базæронд, дыккаг ус æркодта, æмæ йын лæппу райгуырди. Стæй зылдысты нарт. Хъазæгои Алымбеджы хæ- дзармæ бадзырдтой: * — Райсом бон у Хъазæнлагъзмæ цæуæн бон, æмæ уæ исчи рацæуæд». Гыццыл лæппуйы дыууæ мады кæрæдзимæ фесты: «Айрæз, ахъомыл у, — науæд нæ Нарты хъалтæ хъа- зын фæнд скодтой. Лæппу бафарста: — Чи нæ хъазы? Æрдæбон чи æрбадзырдта, щавæр уыди?.. ^м- Нарты хъазæнмæ, дам, уæ исчи рацæуæд. Зæронд фыд Алымбег йæ зачъетæ йæ армытъæпæ- нæй адаудта: — Мæ амард хуыздæр у, мæ авд фырт мын амардта Созырыхъо... Иартæ мæм æрбадзырдтой. Дыууæ мады кæуынц... Алымбегæн йæ лæппу дæр хуынд Алымбег. Уый нырма авдæны баст уыд. Иæ авдæны фæрстыл ахæцыд: «Сисут мæ уæлæмæ, — дзуры сæм чсабырæй, — уæхæ- дæг мæ суадзут уæ бæттæнтæй». Куы нæ йæ уæгъд кодтой/ уæд Алымбеджы фырт Алымбег авдæныл ахæцыд йæ базгуытæй æмæ йæ цып- 169
иар цьшпæрæм хайы фæкодта: йæнывæрзæн уæлæрдæм ахауд, йæ фæрстæ фæйнæрдæм, йæ дæлфæдтæ— дæлæ- рдæм, афтæмæй баззад. — Уæ, мæ зæронд фыд, кæугæ ма кæн. Кæд дын бæх уыд æмæ æгас у, уæд кæм и, уый мын бацамон." Дыууæ мады æмæ фыд джихæй баззадысты: — Ай цы хабар у! — Дæлæ ныккæнды мæ бæх, йæ дыууæ хъусы ма зынынц, — сдзырдта фыд. Мит уары, хъызт æхсæв. Бæх ныккæнды æфсæн æр- тигътæ^ æмæ бæлас æд къалиутæ хордта. Лæппу йæм ныццыди æмæ йæ уæлæмæ сæппæрста æмæ йæ аласта Теркмæ. Саумæйдар æхсæв ихджын донæй йæ сæргтивын кодта. Æрбаласта йæ, пæлæзæй йæ æрæмбæрзта, фæстæмæ рацыдис, абæрæг æй код- та. Æххæст хус нæма баци. Æнафоны йыл саргъ ба- вæрдта, йæ къæхтæм, йедтæм ын кук азылди, уæд иуырдæм-иннæрдæм азылдтытæ кодта æмæ йæ бахус кодта. — Ие, мæ фыд, еныр æз цæуын... Дæ хæцæнгæрзтæ мын радт. Дæ конд, дæ уынд кады аргъ куы у, ды æнæ хæцæнгарз нæ уыдаис. Æнкъардгомау æм бадзырдта: — Саби, Дæ бадæны куы бадтаис, уый мæ фæнды- дис; аннæмæй та мæ афтæ фæнды, нартæй мæ маст куы райсис, цалынмæ ма æгас дæн, уæдмæ... Нарт хæдзарæн лæгæй ацыдысты Бæрæг обау хъа- зæн -лæгъзмæ. Æхсæв ма уыди, афтæ уыдысты уыцы ран. Астæумæ миты мидæг. Æрбон, æмæ кæсынц. Къæйттæ скодтой. Нарты Созырыхъойæн æмбал нæ уыд, æмæ ракæс-бакæс кæнынц: Созырыхъо æнæмбал баз- зад. Дæлæ быдырты тъæпæны барæг æрбацæуы, мигъы къуьшбил йæ сæрыл сбадтис. Дис кæнынц нарт. Нæуыл иæуы, фæндагыл йæ фæстæ мит хусгæнгæ цæуы. — Оу, мæнæ диссаг! Ацæты бæх æрбацæуы, æмæ йæ уæлæ барæг куы нæй, уæд æй чи тæры, мигъы’ къуымбил йæ сæрмæ куы сбадти. Уалынмæ Ацæты бæх æрбахæццæ, Алымбеджы бæх. Æнгуылдзыйас барæг йæ уæлæ бадтис. Нарты алыварс аёрзылди хъазæн лæгъзы. Обауы сæрмæ ссыди. 170
— Нарт, мæнæн та ме ’мбал чи у?1 Созырыхъо йæм 1дзуры. / " " ■ — Æз дæн æнæ ’мбал. Æз дæ мæ сæрмæ нæ хæс- сын, хъуымыз дзых. — Ды лæг, æз дæр искуы слæг уыдзынæн, — лæп- пу йæм дзуры. Гæнæн налуыди. Къæйттæ скодтой, йæ авд æфсы- .мæры йын чи амардта, уыцы Созырыхъоимæ. — Мæ сæрмæ дæ нæ хæссын, хъуымыз дзых, фæлæ раиу. Созырыхъо иу хъазæн раппæрста, — бæлон фестад, мигъы æврагъы астæу фæтæхы. Лæппу йæ хъазæн аппæрста,' — дыууæ хъæрццыгъа- йы фестад. — Уæлæ бæлон фæтæхы, ма йæ ныууадз, — æмæ йæ æрхæццæ кодта. ^Иæ сæр фæгуыбыр Созырыхъойæн. Дыккаг хъазæн аппæрста, — нæлхуы фестади, сау хьæдмæ фæлидзы, Алымбег — саби йæ хъазæн аппæрста, — дыууæ къуы- дыр куыдзы æмæ дыууæ егары фестад, — æмæ йæ æр- бахæццæ кодтой хуыйы. Хорзау нал уыди Созырыхъо. Æртæ хъазæны йед- тæмæ дзырд нæ уыд, æмæ ма йæм иу хъазæн уыд Со- зырыхъомæ æмæ йæ аппæрста. Хъазæнтæ аппарыны æвæрд уыдис кæддæриддæр хистæр3. Конд зæххы мæ- нæу голлаг фестади похцийæ ластæй. Лæипу аппæрста йæ хъазæн, æмæ — фестади зæххы цъарыл алы мыггаг (маргъ) æмæ йын рауыгътой æмæ йын йæ голлаг айдзаг кодтой. Иарты Созырыхъо йын: — Ей, хъуымыздзых, нæ дыл æввæрсыдтæн, куы ни- цы æрхъуыды кæнон райсоммæ..-. Уыдзæн нæ хъазæн бон. Æрбацыди Созырыхъо уæнгтæхъил, сæргуыбырæй. — Ацы сывæллон Алымбеджы фырт Алымбег, — йæ хæдзары хъаст кæны, — мæ зæрдæ дзы фидар нæу, йæ авд æфсымæры хæс мæ куы райса, уымæй. Афарста Сатанайы æмæ йæм дзуры: — Тынг æвзæр у мæ хъуыддаг. Уыцы сывæллонæн йæ авд æфсымæры бахордтон, æмæ мын сæ мæ фындзы хуынчъытæй ласдзæн. ^ 171
— Бирæгъдзæрттæй зыгъуыммæ кæрц бахуый, куы- дзы къæбылатæ æмæ хуыйы хъыбылтæ дæ фæсарцы бабæтт æмæ рагацау ацу. Уыцы лæппуйы ацыдмæ æмæ дæ бæх æмæ дæхицæн, фаг куыд уа, афтæ бамбæхсæн обауы бакъах, æмæ уый куы бацæуа, уæд дæ куыннæ фена, афтæ. Куыдзы къæбылатæ æмæ хъыбылтæ фæсте баст куыд уой. Уый обауы сæрмæ схиздзæн æмæ куы акæса, уæд дæ куыннæ фена. Уæд Ацæты Алымбеджы фырт Алымбег зæгъдзæн афтæ: «Ей, Созырыхъо, кæм дæ, рацу æмæ хæцæм!» —Æмæ йæм куы нæ рацæуай, уæд зæгъдзæн: «Ард де ’рдыгæй, фæсайдта мæ, нæ ра- цыди хæстмæ». — Стæй хъæуырдæм куы разила, уæд æй фæсте расур æмæ бирæгъдзæртты тæф, къæбылаты хъиу-хъиу, хъыбылты хъыс-хъыс, æмæ йæ бæх фæтæрс- дзæн. Уый йæ бæх уромдзæн, хæцын йæ бон нæ уыдзæн, тарст бæх уромын кæм комдзæн, æмæ дæ лæджы хъæд æмæ дæхæдæг. Куыд загъта, афтæ рауади. Созырыхъо лæппуйы фæстейæ фатæй фехста æмæ уый бæхæй æрхауд. Лæппуйы æфсæрыл схæцыди, йæ былтæ йын бафæл- дæхта, стæй йын йæ хъустæ æрыскъуыдта. Лæппуйы амардта Сатанайы уынаффæйæ. Нартæй фæстейæ цæфæй чи амардаид хæсты уæвгæ- йæ, уый ныгадтой фаджыс дзыхъхъы, уæлмæрдмæ йæ- нæ хастой. Фаджысы йын дзыхъхъ скъахтой Ацæты сы- вæллонæн. Хуыздæр фæуæд Ыарты Сырдон: — 1-ы ми кæнут, Нарты фæсииæд? — Ацæты Алымбеджы фырт Созырыхъоимæ хæсты мидæг ралыгъди, æмæ йæ фæстейæ амардта. — Фæлдыст ын фод, фæлдыст мæнгард Сатана, йе ’фсымæры дæр чи ’рцахста. Уый йын бацамыдта: би- рæгъдзæрттæй кæрц скæн æмæ хуыйы хъыбылтæ æмæ куыдзы къæбыстæ æмæ нымæхсæн дзыхъхъ бакъах, обауы сæрæй куы акæса, уæд уым куы нæ уаТуæд зæгъ- ^ дзæн: «Мæнгард фæу, Созырыхъо»^*Хъæуырдæм куы разылди, уæд æй фæстейæ расырдта. Бирæгъдзæртты сымаг, хъыбылты хъиу-хъиу, къæбысты хъист-хъист, пэ$ бæх уыромын нал куымдта: æмæ йæ бæхы куыст код- таид æви хæцгæ кодтаид. Сатана, йæ тиу Созырыхъо, уцдон æй афтæмæй амардтой. Нарты фæсивæд! Уыцы 172
бæхмæ ракæсут ардæм{æфсæры къæдзтæм дзых фаст, йæ бырынчъытæ йын æрбастъыхта цæстытæм, йæ фсæ- рыкъæдзы царм зæбул-зæбул кæны. Акæсут-ма, нарты фæсивард. Уый Сатана æмæ Созырыхъо сарæзтой, цæ- мæй уыцы бæх фæтæрса, уый куы нæ бакодтаиккой, уæд æй нæ амардтаид. Уæд йæ бæх уырæдтаид æви хæцгæ кодтаид?! Фаджысы дзыхъхъы кæй баныгæнат, Ацæты лæппу ахæм нæу. Кæд æмæ дзы ничи уыд, уæд мæиæ бæхы бæрæггæнæнтæ сты. Нарты кадджындæр уæлмæрд кæм и æмæ сæ хистæртæ кæм сты, — Ацæты лæппуйæн йæ уæлмæрд, æмæ йын уым скъахут хæдзар æмæ йæ уым, баныгæнын кæнут, нарты кадджынтæ, номдзыд хистæртæ кæм ныгæд уыдысты, уыцы ран.^ Афæдзы фæстæ Алымбег бар ракуырдта мæрдты хицау Барастырæй: — Мæ дыууæ мады æмæ зæронд фыды мæныл кæу- гæйæ мæгуырæй баззадысты æмæ мын хист цæмæй скæ- ной, уый нæй, æмæ уый сагъæстæй æхсæв сыл бон нæ кæны... Нартыхъæугæрон сæмбæлди нæртон цæуæгыл æмæ афарста йе уый^ — Нартæй æддейæ змæлæг куы нæй, кæм сты? — Нарты Созырыхъо куывд кæны, хъазæн лæгъзы кæй басаста йæ къайы, уый тыххæй: Æрмæст бацыди Созырыхъойы дуармæ, бахъæр код- та, бадзырдта: — Ей, Созырыхъо, æддæмæ-ма ракæс. Нæ ракасти. Дыккаг хъæр бакодта æмæ афтæ тых- д-жын, — къонайы арты фæздæджы сæгтæ хъæдыл кæм баныхæстысты, уыдон куывды нарты фынгыл æркал- дысты. Нарт кæрæдзимæ бакастысты. — Сыст, Созырыхъо, акæс-ма, уый хуымæтæджы барæг нæу. — Райсом цæуын хъæуы, Донбеттырты рæгъау ра- тæрæм. Ныхасæй йын нæ" зæгъæн нæ уыд. Бæрæггæнæн бы- натмæ СозырыхъЬ ацыди, æмæ ацыдысты (Алымбеги- мæ). Иу боны балц нæ^ уыди, афæстиат сты даргъдæр рæстæджы... Иу ран баурæдтой æмæ йын загъта: 173
— Ам лæуу. Æз рæгъау куы ратæрон, уæд сæ ас- къæр. Ратардта Ацæты лæппу, Алымбеджы фырт Алымбег. — Скъæргæ, Созырыхъо, ацы рæгъау, уый бæрц рæс- тæгмæ æз фæдисы бауромон. Æмæ йæ æрбаййæфта æмбис фæндагмæ; — Æрлæу, нарты хъæбатыр Созырыхъо, дæ рохтæ ма сыхал. Æмæ йын йе рагъæй æртæ гæрзы рауагъта рахисы- рдыгæй: — Скъæргæ кæн, æз та фæдисимæ хæцдзынæн. Хæцын та байдыдта лæппу фæдисимæ. Аздæхта сæ фæдисы, æмæ та Созырыхъойы æрбаййæфта æмбис фæн- дагыл. — Нарты хорз лæг Созырыхъо, базæронд дæ, æвæц- цæгæн, — æмæ та йын йе рагъæй æртæ гæрзы рауагъ- та галиуырдыгæй. Нарты хъæугæронмæ куы бахæццæ сты, рæгъауæн йе ’мбис ракъорд кодта æмæ сæ Созы- рыхъойæн радта: — Уый дын мæ лæвар... Бадзырдта Созырыхъойы хæдзармæ: — Мæнæ уæ бæлццон æрбацыд йæ рæгъау хаимæ. Рацæуынмæ нæ фæлæууыд, дарддæр фæцæуы. Ацæ- тæм бадзырдта: — Уæ кæстæр сывæллонæн Алымбегæн хист скæнут, мæнæ уын хистаг. Сæ рацыдмæ нæ фæлæууыд, йе ’мгъуыццаджы æцæ- джы бæстæм ацыди. I
38. НАРТЫ БАТРАДЗЫ ТОХ ХЪÆДДАГ ХУЫИМÆ Иу бон куы уыдис, уæд та Нарты хъал фæсив,æд милмæ æхстой, бон сау изæрмæ фехстой æмæ сæ мил ничи фæцæф кодта, уæд сæм изæрырдæм Батрадз æр- бацыдис, сæ цуры слæууыдис æмæ сæм кастис, уалын- май къулбадæг ус сугты æргъом æрбацæйхаста æмæ æрулæфыд фæсивæды цур. Уæд æм Батрадз бауадис. йе ’ргъомыл ын фæхæцыд æмæ йын æй милыл ныццав- та, стæй худгæйæ загъта: — Сымах та йыл абондæргъы фат æмæ æрдынæй хæцут, фæлæ йæ æз дзæбæх куы фæцæф кодтон. Уæд къулбадæг ус смæсты æмæ загъта Батрадзæн: — Кæд ахæм тыхджын дæ, уæд дын дæлæ авд æф- цæгæн æддейæ хъæддаг хуы де ’фсымæры фысы хæрд нæ бакодтаид. Уыцы ныхас фехъусгæйæ Батрадз ныкуыдта æмæ кæугæ бацыдис Сатанамæ, цирхъ систа æмæ йæ йæхи риумæ ныддардта, стæй загъта: — Зæгъ мын, Сатана, æфсымæр ма мын уыдис æви нæ? Уæд Сатана йæ сæр банкъуыста æмæ загъта: — Нæ дын уыд, нæ, дæ нывонд фæуон, уый дæ чи- дæр фыдбылмзыл ардауы, уый йедтæмæ ма дын цæй æфсымæр уыди, мæ хур. Уæд Батрадз ныккуыдта æмæ загъта: — Зæгъ мын, Сатана, цы фæци ме ’фсымæр, .кæдмын æй нæ зæгъыс, уæд ныртæккæ ам мæхи амардзынæн. Уæд Сатана фæтарсти, ома Батрадз йæхи куы ама- ра, æмæ йын уæд радзырдта: — Уыдис ма дын, уыдис, дæ сæрыл мæ æрхæссай, 175-
иу æфсымæр æмæ хæтæны ацыдис дæлæ авд æфцæгæн æддæмæ æмæ йæ уым хъæддаг хуы бахордта. Уæд Батрадз йæ цæсты сыгтæ асæрфта æмæ загъта Сатанайæн: — Сатана, ды мын райсом раджымæ бацæттæ кæм хæрынæн адджын, хæссынæн рæуæг хæринæгтæ, æз хъуамæ кæнæ ме ’фсымæры туг райсон, кæннод та мæл- гæ хъуамæ акæнон. Уæлдай ницыуал загъта Сатана дæр, уый базыдта, Батрадз кæй нал ныллæудзæн, æмæ йын райсом ра- джымæ бацæттæ кодта, хæрынæн адджын чи уыди, хæс- сынæн та рæуæг, ахæм хæринæгтæ. Райсом раджы Батрадз фæгæпп кодта, йæ уæхсчы- тыл æрыфтыдта фат æмæ æрдын, æрбаста цирхъ æмæ арасти авд æфцæгæн æддæмæ, йе ’фсымæры туг хъæд- даг хуыйæ исынмæ. Бирæ фæцыдис, цъус фæцыдис, уæддæр иу ран уæ- лыгæстæм бахæццæ ис, уæлыгæстæн загъта: — Гас хизат уæ уæрыччытæ! Уæд ын уæлыгæстæ загътой: — Гас цу æмæ дæ фæндаг раст уæд. Кæдæм цæуыс афтæ хæстон арæзтæй? — бафарстой йæ уæлыгæстæ. Уæд та сын Батрадз загъта: — Æз цæуын авд æфцæгæн фалемæ, уым мын хъæд- даг хуы бахордта ме ’фсымæры æмæ йын хъуамæ йæ туг райсон. Уæд уæлыгæстæ кæрæдзимæ бакастысты æмæ загъ- той: — Йе, æфсымæр, уырдæм бирæ дæу хуызæн лæппу- тæ фæцыдис, фæлæ дзы фæстæмæ йæ хæдзар ничиуал ссардта. Уæд та сын Батрадз загъта: — Уæлыгæстæ, уый сымах хъуыддаг нæу, фæлæ ма мын исты хæринаг фенут. Уæлыгæстæ йын иу чысыл уæрыкк æрбаластой æмæ йын æй аргæвстой, стæй уæд Батрадзы афарстой: — Иуылдæр æй сфыцæм, æви ма дзы ныууадзæм? Уæд Батрадз иыххудтис æмæ загъта: — Е, фиййæуттæ суæвынмæ уæ бирæ куы нæ уал хъæуы уæд æуыцы чысыл уæрыккыл архайут, стæй мæ уьшæй бафсадынмæ хъавут? 176
Уæд уæлыгæстæ кæрæдзимæ бакастысты æмæ загъ- той: — Амæн йæ бон, чи зоны, бауа исты. Райсом раджы Батрадз фæгæпп кодта, арфæ ракод- та уæлыгæстæн æмæ йæхæдæг афардæг ис. Бирæ фæ- цыдис, цъус фæцыдис, уæддæр та бахæццæ иу фиййæут- тæм, «байриат» сын загъта æмæ æрулæфыдис. Уæд та йæ фиййæуттæ бафарстой: *— Дæ хорзæхæй, хорз лæг, кæдæм цæуыс афтæ хæс- том æввонгæй? Уæд сын Батрадз загъта: — Æз цæуын авд æфцæгæн æддейæмæ. Уым мын ме ’фсымæры хъæддаг хуы бахордта æмæ хъуамæ уыцы хуыйæ мæ туг райсон. Уæд фиййæуттæ ныххудтысты æмæ Батрадзæн загъ- той: — Ей, æфсымæр, уырдæм бирæ лæппутæ ауади, фæ-' лæ дзы фæстæмæ йæ фæндаг ничиуал ссардта. Уæд сын Батрадз загъта: - Уый сымах хъуыддаг нæу, амæлон, йе та æрыз- дæхон, фæлæ ма мын исты хæринаг ацæттæ кæнут. Уæд фиййæуттæ ауадысты æмæ фосы расур-басур кæнынц æмæ сын дзы ничи комы. Уæд Батрадз фæгæпп кодта, базгъордта фосмæ, иуыл дзы йæ галиу къахæй фæлæууыд, иннæуыл йæ рахиз къахæй, æртыккаджы та галиу къухæй ацахста, цыппæрæмы йæ рахиз къухæй, уадидæгæн сæ ацæттæ - кодта æмæ та йæхицæн хорз æхсæвæр сарæзта. Уæд фиййæуттæ кæрæдзимæ бакас- тысты. Сæ сæртæ нынкъуыстой æмæ загътой: Амæн йæ бон бауыдзæн исты. Райсом хæрз раджы фæгæпп кодта Батрадз æмæ та дарддæр цæуын байдыдта. Бирæ фæцыдис, цъус фæ- цыдис, уæддæр та бахæццæ ис хъомгæстæм, хъомгæс- тæн та загъта: — Байриат. Уыдон дæр ын загътой: — Æгас фæцу æмæ хорз цæр. Кæдæм цæуыс афтæ хæстон арæзтæй? Уæд сын Батрадз загъта: — Æз цæуын авд æфцæгæн æддейæмæ. Уым мын ме ’фсымæры хъæддаг хуы бахордта æмæ мæ туг исынмæ. 12. Бязырты А. 177*
Уæд хъомгæстæ ныххуыдтысты æмæ загътой: — Уырдæм бирæ дæ хуызæн лæипутæ фæцыдис пыфсджынæй, фæлæ сæ фæстæмæ æрыздæхгæ никæй- уал федтам. Уæд та сын Батрадз загъта: — Уый сымах хъуыддаг нæу, æрыздæхон, нæ рыз- дæхон, фæлæ ма мын хæринаг исты фенут. Уæд хъомгæстæ хъоммæ бацыдысты, иу чысыл ды- гæрдыджы æрцахстой, æрбырсынц æй аёмае та сын фæс- тæмæ фæгæпп кæны. Уæд Батрадз базгъордта, хъом- гæсты йæ иуфæрстæм аппæрстытæ кодта, йæхæдæг цæс- ты фæныкъуылдмæ ацæттæ кодта йæхицæн дзаджджын æхсæвæр. Уæд та хъомгæстæ даер кæрæдзимæ бакасты- сты æмæ загътой: — Амæй исты рауайдзæни. Райсом та хæрзраджы фæгæпп кодта Батрадз, арфæ ракодта хъомгæстæн æмæ та дарддар цыдис йæ фæн- дагыл. Бирæ фæцыдис, цъус фæцыдис, уæддæр та бахæццæ егъау мæличчы хъæумæ, ссыди мæликмæ. Мæликк æй базыдта йæ хуызæй, ай «Нартон лæг кæй у, æмæ йын йæ фарсмæ æрывæрдта æвзист къæлæтджын æмæ йæ ууыл æрбадын кодта, стæй йæ бафарста: — Кæмæй дæ, кæнæ кæй фырт дæ, æмае кæдæм у дæ фæндаг? Уæд ын Батрадз радзырдта: — Æз дæн Нарты Хæмыцы фырт, цæугæ та кæнын авд æфцæгæн фалемæ, уым мын ме ’фсымæры бахорд- та хъæддаг хуы æмæ дзы хъуамæ ме ’фсымæры туг райсон. Уæд <%м мæликк хæстæгдæр бабадти æмæ йын загъ- та: — Нырма æвзонг дæ, ницы ма рацардтæ æмæ цæ- уыл дæхи сафыс. Уымæ иу æмæ дыууæ хатты нæ ар- выстон æз дæр ме ’фсад, фæлæ-иу сæ бахордта. Уы- мæн у йæ мæлæт æрмæстдæр йæ хъустæй, йæ хъустыл ын куы ныххæцай, уæд дзы тых нал вæййы, фæлæ йын йæ хъустæм ничи ирвæзы. Уый мын чи амарид, уымæн егъау лæвæрттæ бакæнин. Уыцы хуы мын ахсы мæ ^зæххы дзæбæхдæр хай. Æхсæвы хорз суазæг кодтой Батрадзы, райсом ра- 178
джы фæгæпп кодта Батрадз æ№æ «хæрз бон» загъта мæлийкæн, уæд ын мæЛйкк заГъта: — Афтæ нæу, миййаг ын исты дæ бон куы бауа, уæд-иу мын æвдисæнæЦ рахæсс, йæ хуылфы ис сыгъ- зæрйн пурт’й, æмæ уый. Батрадз «хорз» загъта æмæ дарддæр цыдис йæ фаён- дагыл. Бирæ фæцыдис, цъус фæцыдис, уæддæр ахызтис авд æфцæгæн æддейæмæ, акасГис иуырдыгæй æмæ суыдта хуыйы -иу егъау цъыфдзастЫ хуысгæ. Йæ галиу фарсы- рдыгæй уым уыдис хæрз бæрзонд хох. Уый уыдис, уы- цы хуы кæй хордта, уыцы адæмы дзаумæттæй. Хуыйæн йæ’рахиз фарсырдыгæй зынди’с егъау сырх-сырхид ден- джыз, уый та уыдис, цы адæмы хбрдта, уыдоны туг. Батрадз цæуын байдыдта æМ& йæм куыд хæстæг кодта, афтæ йыл комы тæф æмбæлын райдыдта, уалын- мæ й& æзвахсмæ дæр суыдта. Уый хуыссыди тугæйдзаг цъыфдЗасты æмæ йæ комы тæфæй хаёрдмæ калдис цъыфдзаст, дуртæ хæрдмæ схъиудтой. Уалынмæ йæм тынг куы бахæстæги Батрадз, уæд хуы фæгæйп кодта æмæ æрбацæйтахтис Батрадзмæ, у&д ыл Батрадз æф- сæйнаг егъау лæдзæг фехста, Дæдзæг зилгæ-зилгæ атах- тис æмæ хуыйы тæккæ сæрыл сæМбæлдис, хуы йæ мид- бынат æртæ зылды ныккодта æ^æ та рацæйтахтис Бат- радзы ’рдæм. Афтæтынг футт кодта, æмæ-иу егъау бæ- лæстæ аса’стысты, дуртæ-иу хæрдмæ схъйудтой. Уæд Батрадз бæласмæ сгæпп’кодта, бæлас уьтдис бæрз бæ- лас æмæ сæтгæ нæ кодта хуыйы комьг тæфæй, фæлæ чысыл хиталæгау æндонæй ратас-батае кодта. Хуы бæ- ласы бы’нмæ куы æрбахæцйае, уæд æй Батрадз Цирхъæй иыццавта, фæлæ йын уый д&р ниЦЫ ракодта, цирхъ йæ сæрыл ныцъæлтæ ис. Уæд хуы тынгдæр смæсты ис, Батрадз цы бæласы уæлæ уыд, уый йе ссыртæй стыдта æмæ Батрадз йæуæ- лæ, афтæмæй йæ фæцæй скъæфта йæ хæрæн лæгæтмæ. Уæд ыл Батрадз уæлейæ æргæпп кодта, бæхбадт ыл акодта, æмæ йын йæ хъустыл ныххæцыдис. Уæд хуы- йæн йæ тых асасти, фæстæмæ йын фездæхæн нал уы- дис æмæ скъæфта Батрадзы æдзæрæг быдырты æмæ хъæдты. Уæд æй Батрадз здахын байдыдта мæличчы быдыртырдæм, хуы йæ хæссын байдыдта мæличчы бы- 179
дырты. Мæличчы бæстæм куы бахæццæ, уæд йæ ко- мы тæфæй ныккалдысты бирæ хæдзæрттæ. Мæликк дæр æм ракаст иу фæрссагæй æмæ йæ хуыйы комы-тæфми- дæмæ баппæрста,. куы ’рчъицыдта, уæд загъта:. —Е, уæ бон ныккалат, Нарты мыггаг, кæд сымах ницы басæтта, æрдхæрæн ацы хъæддаг хуы уыди, тых- гæнæг ын тых нæ ардта, æмæ та йыл ныр Нарты Хæ- мыцы фырт Батрадз бæхбадт скодта. Батрадз æй хъомгæсты цурты раскъæрдта, хъомгæс- тæ хуыйы тæфæй афæлдæхтысты, хъомтæ дæр æрба- къордтæ сты. Уалынмæ та рахæццæ фиййæуттæм дæр, фиййæутты фосыл ратахтис, дыууæ фысы дзы йæ къа- хы саггæмтты фæфидар сты æмæ сæ рахаста. Æрхæццæ та ис уæлыгæстæм, уæлыгæсты уæрыччытæ хуыйы комы тæфæй былтæй фæкалдысты. Батрадз æй Нарты хъæуы- ’рдæм здахын байдыдта. Хуы дæр сфæлмæцыд æмæ йæ Батрадз чердæм здæхта, уыцырдæм цыдис. Батрадз æй Иарты хъæууьщгтæм баздæхга æмæ иæ комкоммæ сарæзта Уырызмæджы чъырыны къулмæ. Уырдæм куы бахæццæ, уæд Батрадз йæ къæхтæ фæбыцæу кодта чъы- рыны къулмæ, хуыйы хъустæй иу срæдывта æмæ уæд хуы æрфæлдæхтис, Куыннæ ныццин жодтой Нартæ, амардтой хуыйы, уæдæ цы уыдаид. Батрадз ын йæ хуылфæй сыгъзæрин пурти систа æмæ йæ мæликмæ æвдисæнæн арвыста. Мæликк дæр ын уæд рарвыста лæварæн дыууадæс хъомы рæгъау æд хъомгæстæ, дыууадæс дзуджы æд фиййæуттæ æмæ Бат- радзæн та комкоммæ лæвар — сыгъзæринæй рон. Нартæн æхсызгон куыннæ уыдысты ахæм, лæвæрттæ. Иннæбонæй иннæбонмæ куывдтæ фæкодтой, хуыйы цар- мæй дзабыртæ кодтой, хæтæны чи цыд, уыдон æмæ сын æртыгай азтæ лæууыдысты.
39. НАРТЫ БАТРАДЗ ÆМÆ БАЛХЪАР-МÆЛИКК. Нарты Батрадз хæтæны никуы ма фæцыдис. Йæ фыд Хæмыцы фæндыдис йæ фырты лæгдзинад базонын, æмæ йын иу хатт загъта: — Мæ фырт, цымæ хæтæны ницы фæцæуай? Уæд ын Батрадз загъта: — Куыннæ, куыннæ, мæнæн мæхи дæр рагæй фæнды- дис, фæлæ-иу дæуæн ницы загътон, куы нæ мæ ауадзай, уый тыххæй. Ды иу хæтæны куы ацыдтæ, уæд иу æз су- сæгæй дæ фæстæ бирæ хæттыты ахъуызыдтæн. Хъуыды ма кæныс? Иу хатт сæгуыт куы фехстай, фат сæгуытыл куынæ сæмбæлд, фæлæ дын бæласы зæнджы куы нын- ныхсти, афтæмæй сæгуыт куы æрхаудта æмæ ды дисæй куы мардтæ: ай иу фат йедтæмæ куы нæ фехстон æмæ дзы иу фат сæгуытыл куы нæ сæмбæлди æмæ иннæ та бæласы зæнджы куы н’ыффидар ис, йеуæд сæгуыты æз фехстон хъæдгæронæй. Хæмыц æм уæд кæсгæйæ баззади æмæ загъта: — Нæ, Батрадз æгуыдзæг нæ рацæудзæни. — Уæдæ мын радт ды дæ цирхъ æмæ дæ фат æмæ æрдын, æз фæцæуон ацы хатт хæтæны, кæд исты сарæх- сон, уæд... Уæд ын Хæмыц дисгæнгæйæ загъта: — Æмæ афæраздзынæ мæ цирхъ, кæнæ мæ фат æмæ ме ’рдын? Уæд ын Батрадз загъта: — Фæразгæ нæ, фæлæ мын кæд сбæззой, уæд хорз. — Марадз-ма уæдæ сæ рахæсс уæртæ цыппæрæм уа- тæй. Батрадз бацыди æмæ сæ фæстæмæ йæ галиу къу- хы рахаста æмæ загъта Хæмыцæн: 181
— Нæй. Æз адонимæ хæтæны нæ фæцæудзынæн, адонæй æз никæмæн ницы ракæндзынæн, бирæ нæ, иу лæдзæг ма мæ уæддæр куы нæ уа, уæд. Уæд ыл Хæмыц тынг бадие кодта, æмæ йын æхсыз- гон дæр уыдис, йæ фырт афтæ тыхджын кæй разындис, уый æмæ йын загъта: — Лæдзæг дæр дзы ис уæртæ, кæд ма дæ лæдзæг хъæуы, уæд. Бацу æмæ йæ рахæсс уæртæ дыккаг уаты ра^бинаг цæджындзы фæстæйæ. Батрадз бауад æмæ йæ худгæ йæ къухы раскъæфта æмæ загъта: — Ай у, миййаг, дæ лæдзæг? — Æнæ^æнг, — загъта Хæмыц æмæ дисгæнгæйæ кас- тис Батрадзы хъуынтъыз цæсгоммæ. .^^- Батрадз загъта: — Ай ниц^1 у, ехсы хæдæн дæр нæ бæззы, — æмæ йæ фæсдуармæ барæцыгъта, йæхæдæг Хæмыцæн загъ- та: — Æз цæуын уæларвы Куырдалæгонмæ, мэхицæн лæдзæг æмæ цирхъ аразынкæнынмæ, иннæ мацр^ембоны ам уыдзынæн, — йæхæдæг афардæг ис. Бацыд æуыцы цурастæй Куырдалæгонмæ æмæ йын загъта: — Куырдалæгон, ды зоныс мæн? Куырдалæгон æм йæ алайæдзаг цæстытæй бакаст æмæ загъта: — Ницы дæ зонын. Уæд ын Батрадз загъта: — Æз дæн хуьщауы хæрæфырт, Нарты Хаемыцы фырт æмæ мын сараз цирхъ, кæцыйæн асæттæц цæ уа, æмæ мын сараз ноджц лæдзæг. Уæд ын Куурдалæгрн загъта: — Цирхъ дын цæттæ уыдзæн райсоммæ, лæдзæг дзы ис еныр дæр арæзт, кæд æгæр егъау нæ уа, уæд. Уæд ын Б^традз зэгъта: — Гæнæн нæй æмæ мын æй фенын кæнай? Уæд Куырдалæгон загъта: — Æмæ йæ æз цæ рафæраздзынæн. Уæд Батрадз дисгæнгæ загъта: . — Ау æмæ йæ куыд сарæзтай, кæд æй нæ фæразыс, укд? 18(2
— Уый æз сарæзтон Саморы авдсæрон уæигæн, æмæ йæ куы арæзтон, уæд мын æй уый та зилгæ кодта. -*-Æмæ йæ цæуылнæ уал ахаста, кæд æй аразын скæ- нын кодта, уæд? — Нæ зонын, уазал нæма уыди æмæ йæм хъуамæ æрцыдаид иу къуырийы фæстæ æмæ ныр уæдæй нырмæ рацыди дыууæ азы, æмæ йæм уæддæр никуыцæйма зы- ыы, æвæццæгæн ыл искуы тыхгæнæг фембæлди æмæ йæ амардта. — Кæм ис, цом-ма, уыцы лæдзæг, фенон æй, — загъ- та Батрадз. — Уæртæ, йе, кæд дын истæмæн бæззы, уæд. . — Нæй, уый ницы у, хъуамæ мын саразай ахæм лæ- дзæг, йæ уæз зæхх кæмæн нæ урома, ай ницы у, — æмæ йæ йæ къахы бырынкъæй скъуырдта, лæдзæг хатæны къул атыдта æмæ арвы тыгъдæдты афардæг ис. Уæд Куырдалæгонæн йæ цæстытæ фыр дисæй га- ^лы къæлæтты йæстæ ныйисты æмæ загъта: — Уый бæрц мæм æфсæйнаг дæр нæй, стæй æфсæй- наг куы ссарæм, уæддæр мемæ куы иæ уай, уæд йæ са- разын тынг зын уыдзæн. — Æмæ уæдæ ныр куыд бакæнæм? Кæм ссарæм аеф- сæйнаг — загъта Батрадз æмæ ахъуыды кодта. Уæд Куырдалæгон загъта: — Ацу, кæд дæ бон бауа, уæд уый бæрц æфсæйнаг ис æрмæст дæр Балхъар Саихъы паддзахмæ, ацу æмæ æрхæсс, цæйас дæ фæнды, уый ас æфсæйнаг, æмæ дзы сараздзыстæм лæдзæг. Уæд Батрадз цæуын райдыдта, дардæй суыдта Бал- хъар Саихъы бæстæ, зынди цъæх-цъæхидæй. Æввахсдæр куы баТЩдиТ^УзеД суыдта егъау æфсæйнаджы рæдзæгъд- тæ æмæ уæд йæ зæрдæ бахъæлдзæг ис, фæлæ æввахс- дæр бацæугæйæ федта æбуалгъы диссаг: уыцы æфсæй- наджы рæдзæгъдтæй алкæйы алы фарс дæр хуыссыди æбуалгъы егъау калм, сæ бæрзæнд фынддæс сардзины кæмæн уыдис, ахæмтæ, сæ комы тæфæй рызти зæхх, цъæл кодтой сæ комы тæфæй æрдхæрæны егъау бæлæс- тæ. Уæд Батрадз хъуыдыты аныгъуылди. Æппынфæстагмæ æрымысыди диссаджы хорз фæнд Раласта йе ’ддаг дарæс æмæ сæ иу суджы лыггагыл адæймаджы хуызæн сарæзта, йæ худ дæр ыл æркодта. /Р ,, ~и <л ;& <п*/-* 1/а /Э. /&'^г: 183
I Куы ’рталынг, уæд æй æввахсдæр бахаста кæлмыты размæ.,-/^емæ йæ уым зæххы ныссагъта, цыма лæг уыди, афтæ. Иæхæдæг кæлмытæн иннæ фарсырдыгæй бам- бæхсти. Райсом бон куы ’рбацъæх ис, уæд кæлмытæ. Батрадз цы лæджы хуызæн ныссагъта, уырдæм сæхи акалдтой. Уæд Батрадз йæхи ныццавта æфсæйнæгты рæдзæгъдтыл, йæ дыууæ къухыдзаг дзы фелвæста æмæ уæлдæфы тæхæгау ракодта. Баергæ ма ныззыввытт код- той кæлмытæ сæхи Батрадзы фæстæ, фæлæ уымæн йæ кой дæр ’никуыуал фæзынди. Батрадз æфсæйнæгтæ æрывæрдта Куырдалæгоны куырдадзы фарсмæ, æфсæйнæгтæ афтæ уæззау уыдыс- ты. æмæ зæххы цъар ныттыдтой уырдыгмæ, æмæ Куыр- далæгоны куырдадз ныккалди. Уæд Куырдалæгон тарст- гъуызæй рагæпп ласта, фæлæ хъуыддаг куы базыдта иугæр,.уæд ницыуал сдзырдта. Уæд ын Батрадз дзуры: — Куырдалæгон, дыууæ боны æмгъуыдмæ хъуамæ цæттæ уа мæ лæдзæг. — Уанцон" нæу, æмæ атæппæт æфсæйнагæй хъуамæ саразæм лæдзæг? — дисгæнгæ загъта Куырдалæгон. — Уыдон дæр бирæ бæргæ не сты, фæлæ дзы æндæр нæ бафтыди къухты. — Æмæ сæ æхсидгæ та цæуыл ракæндзыстæм? — загъта Куырдалæгои. Уæд Батрадз йе ’рттæ ныццагъта, йе ’рттæй æрыз- гъæлди æнæкæрон бирæ цæхæр, йæхæдæг, йæ алыварс цы егъау бæлæстæ уыди, уыдон æд уидæгтæ рæдывта æмæ сæ калдта арты, æмæ бандзæрста æнæхъуаджы егъау арт. Афтæмæй бахсыста æфсæйнаг агты. Сарæзта йын дзы лæдзæг Куырдалæгон, фæлæ лæдзæг уæддæр уыдис тæвд. Цæмæй ныууазал уыдаид, уый тыххæй хъуыди дыууæ къуырийы æнхъæлмæкæсын, фæлæ Батрадз уæд- мæ нæ фенхъæлмæ каст. Йæ фидар къухæй йæ фелвæс- та æмæ йæ денджызмæ ныззыввытт кодта, лæдзæг ден- джызы астæу цъæхпиллон уагъта æмæ басур ис ден- джыз. Фæлæ уæддæр лæдзæг нæма ныууазал ис. Æрæ- джы кодта Батрадз, нал фæлæууыд лæдзæджы ныууа- залкæнынмæ æмæ йæ афтæмæй рахаста. Растдæр май- рæмбомы иыххæццæ ис йæ фыды бæстæм, лæдзæг хæ- 184
дзары дурмæ баппæрста Батрадз, йæ уæзæй ныррызт зæхх æмæ хæдзары сæгтæ æрызгъæлдысты. Уæд Хæмыц фæтарсти æмæ æд цирхъ асæррæтт ласта дуармæ, фæ- лæ хæдзары цур куы федта Батрадзы лæдзæг, уæд ди- сы бафтыди. — Æнæмæнг сбæздзынæ, мæ фырт, хæтæнты цæуы- нæн, æмæ йын йæ уæхск æрхоста. — Лæдзæг ахæм вæййы, гъе, уый йедтæмæ дæ лæ- дзæгæй лæдзæг нæй, уый хæтæны цæуæт лæджы лæдзæг нæу. :. ■-. ■■;•■■• Бауад Батрадз хæдзармæ æмæ афыхта иу сæгуыты агъд æмæ йæ ахордта, йæхæдæг арасти хæтæны. Бирæ фæцыди, цъус фæцыди, уæддæр ыл талынг кæ- нын райдыдта, æмæ хъуыды кодта уæд Батрадз, кæм æрæхсæвиуат кæна, ууыл. Дард иу хохы цъасæй калди ^гæзæмæ рухс æтæ комкоммæ йæ уыцы рухсмæ йæ ных сарæзта Батрадз. Бахъæр кодта дуарæй: — Ей, хæдзаронтæ, уазæг нæ уадзут? — Уазæг — хуыцауы уазæг, — мидæгæй йæм ра- дзырдта Солары мæликк. Батрадз мидæмæ бацыдис, федта, мæличчы хæдзары адæм кæй æртымбыл сты, æмæ бафарста: — Бахатыр кæнут, фæлæ цы хъуыддаджы тыххæй æрымбырд стут? Уæд иу æххуырст рагæип ласта адæмы æхсæнæй, йæ ’ цонджы бызгъуыртæй иæ цæсты сыгтæ асæрфта æмæ загъта, лæгъзтæгæнæгау, Батрадзæн: — Ай у мæличчы хæдзар, кæсыс, мæликк уæртæ йæ- хæдæг бады æвзист къæлæтджыныл. Æз уыдтæн æх- хуырст ацы мæликмæ. Иу хатт куы, уыд, уæд æз хъæу- уынгты мæ хъомы фæстæ рацæйзгъордтон. Уыцы рæс- тæджы мæличчы ус дæр æрбацæйлекка кодта, æз йæ иу- вæрсты куыд фæцæйгæпп кодтон, афтæ уый фæцудыдта æмæ ахауд, стуры фаджысы йе ’хсæрфарс сахуырсти. Епыр амæй мæ аххос циу, цæй тыххæй мæ ауындзы, зæгъ-ма, даё хорзæхæй, уаяæг? — æмæ та ногæй йæ цæс- ты сыгтæ æрызгъæлста йæ пыскъуылтæ риуыл. Уæд базыдта хъуыддаг Батрадз, тынг фæтæригъæд кодта æххуырстæн, æгæрыстæмæй ма йæ цæсты сыгтæ дæр акалдысты, æмæ загъта хъæрæн: 185
— Ксей фæиды æмæ æххуырст сæрибаргонд æрцæуа, уыдон ма мæнæ уыцы фарсырдæм æрбалæууæнт! Уæд мæличчы фæсдзæуинтæй иу йæ размæ æрбалæу- уыд æцæ загъта мæсты хуызæй: — Ды уазæг дæ, ничи дæ дзурæг кæны æмæ æнцад сбад! Уæд ын Батрадз йæ къабазыл фæхæцыд æмæ йæ адæмы фæстæмæ базыввытт кодта. Уæд иннæтæй хъып- сыпп дæр ничиуал суæндыди, сæ бынæтты джихæй баз- задысты. Уæд Батрадз, æххуырсты фарс цы адæм уыд, уыдонæн загъта: — Цомут дуармæ — æмæ сæ æххуырстимæ дуармæ ракодта. Йæхæдæг мæликк æмæ йе ’вварсхæцæг адæмыл егъау къæдзæхтæ ныффæрак кодта, æмæ загъта адæ- мæн: — Ацыт ныр, цæрут мæличчы зæххыл, мæнæ ацы æххуырсты къухдариуæджы бын, æмæ-иу ч уæм искуы куы бафтон, уæд-иу мæ бауазæг кæнут, стæй ахæм чы- сыл хуыддæгты тыххæй ма ’фхæр адæмы, — загъта æххуырстæн, йæхæдæг ацыдис дарддæр. Бирæ фæцыдисг цъус фæцыдис, уæддæр та дыккаг æхсæв бафтыд ис иу æдзæрæг бæстæмæ, бирæ фæракæс- бакæс кодта, фæлæ ницы суыдта нæдæр змæлæг, нæдæр фæздæг. Æрмæст æппынæрæджиау нырттывта иу бæр- зонд хохы цъассæй диссаджы сыгъзæрингъуыз рухс, æмæ йæ рухсæй бонау зындысты йæ алыварс бæлæстæ æмæ хæхтæ. Исдугмæ ахъуыды кодта Батрадз, бацæуон æм æви нæ, зæгъгæ. Ма йæм бацæуон æмæ Нартæм куы ныццæ- уон, уæд æй куы радзурон уæд мæ рæгъы цæуын нал рауадздзысты, зæгъдзысты, зæгъгæ, ды цæй хæтæны дæуынæн бæззыс? Нырма рухсмæ бацæуын куы нæ уæн- дыс, уæд? Цæуын байдыдта æмæ тыххæй фыдтæй къæдзæхтыл бабырыди, рухс кæцæй калди, уырдæм æмæ мидæмæ бахъæр кодта: — Уазæг нæ уадзут, фысымтæ? — йæ хъæрæй цары сæгтæ æрæзгъæлдысты. ; Уæд æм рауад Балхъар мæликк æмæ йын бамбарын кЬдта, мидæмæ йын бацæуыны бар кæй ис. Батрадз йæ Л86
лæдзæг æрывæрдта дуармæ æмæ бараст хæдзэрмæ. Хæ- дзар уыдис стъалыйы хуызæн, йæ къултæ аергъæу, йæ бын сыгъзæрин æмæ йæ цар та æвзист, рæбынæй сыгъ- зæрин къæлæтджыныл бадти Балхъар мæликк. Батрадз куы бахызт, уæд уырдыг фестад æмæ йæм йæ къух æр- бадаргъ кодта. Фæлæ Батрадз сагъдæй баззади, къул- гæрон лæугæйæ куы федта мæличчы чызджы, уæд. Уый уыдис тынг рæсугъд, йæ цæсгом хурау æрттывта, æм-æ) уый рухсæй рухс кодта хæдзар. Батрадзæн йæ цæстыты ныххаудта мæличчы чызг, æмæ-иу мæличчы ныхæстæм дæр нал хъуыста, Уæд мæликк загъта Батрадзæн: — Ей, Батрадз, ды мæ чызджы дæ цæстæй дæр нæ фендзынæ, æмæ дзæгъæлы дæхи ма рæвдау йæ уындæй. Дæу уыдзæн мæ чызг æрмæст уæд, кæд æмæ сæххæст кæнай мæ дзырд. — Мæликк! — æфсæрмыгæнæгау загъта Батрздз: — Зæгъ, цы дæ фæнды, уый, æз мæ цард рауæлдай кæн- дзынæн, цалынмæ мæ къухы бафта дæ чызг, уæдмæ. Ныр зæгъ дæ фæндон, Мæликк, æз та йæ чи сæххæст кæна, уыцы Нæртон гуырд. — Мæнæн ме ’фсымæры амардта Дагъал-Дугъялы стæссæрон уæиг, ацу, кæд мын уый сæр мæ размæ æр- хæссай, йеуæд акæн мæ чызджы дæхицæн усæн. Æхсæвы Батрадзæн бакодтой уат сыгъзæрин сынтæ- джы, хъарм хуыссæнты мидæг. Райсом куыддæриддæр арвы кæрæттæ æрбарухс сты, афтæ Батрадз фæлиуырд- та йæ хуыссæнæй æмæ араст ис Дагъал-Дугьады стæс- сæрон уæигмæ. Бирæ фæцыди, цъус фæцыди, уæддæр та бафтыди иу хъомгæсмæ æмæ йæм дзуры: — Дæ хорзæхæй, ацы хъомгæс, сыдæй мæлын æмæ. мын къæбæр ницы авæрай? — Куыннæ, куыннæ, — йын загъта хъомгæс, æмæ йæ, хызынæй систа фæракын кæрдзын æмæ йæ радтд рат-. радзмæ. Батрадз æм æркæстытæ кодта æмæ загъта: — Дæ хорзæхæй фиййау, ды кæй хъом хизыс? — Æз хизын Дагъал-Дугъалы сдæссæрон уæиджы. хъом, æмæ мын мæ хызыны ныппары афтид фæракын. к^эрдзын, амæй уæлдай дзы хæргæ дæр нйцы бакæ- нын, — загъта хъомгæс. 187
’— Уанцон нæу, ды æдæг уый хъомгæс дæ? — дисгæн- гæйæ; загъта Батрадз. — Æнæмæнг уый хъомгæс. *- У&дæ мын ды нæ баххуыскæндзынæ мæ хъуыдда- джы? • - Æмæ цы, ды йæм тыхгæнæг цæуынмæ хъавыс? — Æнæмæнг тыхгæнæг. — Йей, мæ хæлар, — худгæйæ загъта хъомгæс, — уымæ бирæ дæ хуызæн лæппутæ бацыди, фæлæ-иу фæс- тæмæ иикуыуал разыидысты, æниу дын æз разы дæн. цæмæн дын бæззын, уымæн. — Ды ма мын зæгъ, хъомгæс, цы сты уымæн йæ сæй- раг тыхтæ æмæ кæм сты? — Ууыл фæтых стыр зын у, кæд æмæ йæм афтæ æнæ-' ун хъæбысæй-хъæбысмæ баирвæзай, уæд-иу ын ма ба- хъав йæ фæрстæ лыгкæнынмæ, уыдонæн ницы бакæн* дзынæ, куы-иу алыг кæнай сæ иу, уæд та-иу фæстæмæ» аныхæсдзæн, фæлæ-иу уымæн бахъав, йæ кæстæр къа- хыл цы рæхсæн баст ис, йе уый алыг кæныныл, æмæ» йын йе уæд ис мæлæт. — Хорз уæдæ, — загъта Батрадз æмæ арасти. Æстдæссæрон уæиг хуыссыди уæлгоммæ, аст сурды- мæны йæ дзыхы бакодта, æмæ дымдта, йæ фæздæгæй хæхтыл мигъ æрбадти. Уæд æм йæ чызг бауади æмæ йын тарстхуызæй дзуры: — Баба, баба, тыхгæнæг дæм ссæуы дæлæ комы! — Цавæр тыхгæнæг у, бæхджын у æви фистæг? — Фистæг, фистæг, баба. — Рауадз та йæ, уæдæ, фæсхæрд та мын уыдзæн фæстаджы комдзаг, — æмæ та йæ дзыхæй æнæхъæн* мнгътæ раскъæрдта. Уæд æм Батрадз йæ хъæлæсы дзаг ныхъæр кодта: — Æй, æнæзонд, æддæмæ мæм ракæс, — йæ хъæрæй цары цы цæхджын фыдтæ уыд, уыдон æркалдысты. Уæд уæиг хорзау нал фæци, рагæпп кодта хæдзарæй, сыс- къуыдта æнæхъазн ставд бæлæстæ æмæ сæ зыгъгъуытт кæны Батрадзыл. Батрадз сæ йæ лæдзæгæй акъуыры иу къалиуы уæз дæр дзы не ’руадзы йæхиуыл. Уæд та уæиг сыскъуыны æнæхъæн хохы фæргъæдтæ æмæ сæ ныццæвы Батрадзыл, фæлæ та сæ Батрадз акъуыры йæ лæ!дзæгæй. Уæд смæсты Батрадз æмæ йæм схъæр кодта: 188
— Йей, куыдзы хъæвдын, дæлæмæ рахиз, ардæм дæм æз хъæлæй хъазынмæ не рцыдтæн, — æмæ йæм цæуын райдыдта уæлæмæ-уæлæмæ. Уæд уæиг фæтарст æмæ лидзын райдыдта. Батрад.ч дæр æй суры фæстийæ. Батрадз йæ фалеты фæци æмæ йæ сурын райдыдта Балхъар Мæличчы бæстæйырдæм. Бирæ йæ фæсырдта, цъусæй фæсырдта, уæддæр Батра- дзæн æххормагæй йæ бон нал уыди, уæиг Балхъар Мæ- личчы хохы сæрты фæцæй ирвæзти. Уæд Батрадз йа^ фæстаг тыхтæ æрбамбырд кодта æмæ йыл лæдзæг фехс- та. Лæдзæг тахти исдугмæ уæлдæфы, йæ дымгæйæ сас- тысты тар хъæды бæлæстæ, æппынфæстагмæ сæмбæлди хохыл æмæ йæ быныл афæлдæхта. Уæигæн йæ кой дæр никуыцæй уал фæзынди, хохимæ акалди Балхъар Мæ- личчы хæдзар дæр. Уæд Батрадз ныккуыдта уынгæг зæрдæйæ, хохы уæззау дуртæ фæйнæрдæм зыгъгъуытт кодта æнæкæрон быдыртæм æмæ дурты бын мардæй ссардта йæ диссаджы рæсугъды. Ныххаста йæ доны был иу дзæбæх цъæх нæумæ, баныгæдта йæ, сыджыт ыл ныккалдта æмæ йæ цæсты сыг згъалгæ йæ нывæрзæн слæууыд йæ лæдзæджы æнцой. Нæуæгæй та йæ цæсты сыг скъахта марды арф сыджыты бынæй, æмæ та йæ баныгæдта Батрадз иæуæгæй, æмæ кæугæ ацыди йæ фыды ^æстæмæ. Уыцы рæстæджы Хæмыц цуаны рацыди, .æмæ баф- тыд уыцы бынатмæ, кæцыран Батрадз рафæлдæхта хох. Дис кодта Хæмыц, ацы хæхтæ цæмæн афæлдæхтысты. чысыл дæлдæр æрцыди æмæ ссардта дурты хсæн Батра- дзы къухмæрзæн. Уæд йæ зæрдæ тасы бахаудта, кæд миййаг Батрадзыл ам исты æрцыди... Чысыл дæлдæр ныццыди æмæ ссардта нæуæг арæзт ингæн, дыууæ боиизæрмæ йæ фæкъахта æмæ дзы ра- зынд, зæххыл йæхицæн мойаг чи нæ ардта, ахæм рæ- сугъд — Мæличчы чызджы цæсгом. Иæ алыварс ма култæй лæууыди Батрадзы цæсты сыг. Уæд Хæмьш цæсты сыджы йæ уырз атылдта æмæ йæ асдæрдта, ба- зыдта, уый Батрадзы цæсты сыг кæй у, базыдта уæд æппæт дæо æмæ раздæхт Батрадзы цæсты сыджы фæд- фæд сæ хæдзармæ. Хуыскъ архмæ куы æрбахæццæ сæ хъæуырдыгæй, уæд федта талынджы, суадон дзы кæй 189
цæуы, уый. Стыр дис бакодта, æвйппайды дзы суадон юæцшй фегуырдис, ууыл æмæ загъта йæхицæн: — Ай куы нæ сбæрæг кæнон, кæцæй цæуы, уый, уæд ярз йфтæмæй Нартæм нæ ныццæудзынæн. Цæуын байдыдта æмæ куы схæццæ, уæд федта, мæнæ Батрадз дæлгоммæ кæй хуыссы, æмйе уый цæсты сыг кæй лæдæрсы суадонау. Бацыд æмæ æрбадтис йæ цуры Хæмыц æмæ йын дзуры рæвдауæн æвзагæй: — Ие, мæ фырт. хорз тыхджын разындтæ, бузныг дæ дæн. Æз дын афтæ æнхъæл нæ уыдтæн. Зæххон тыхгæн- джытæ Дæуæн ницы ракæндзысты, дæуæн тыхгæнæджы мыггагæй дæ цæстæй цæсты сыг ничи рыппардзæн. Фæ- лæ æрмæстдæр уарзондзинад дæуæн дæ цæстытæй рай- гуырын кодта цæсты сыджы суадон æмæ дæ мæлæт дæр æрцæудзæни уарзондзинадæй. \
40. БАТРАДЗ ÆМÆ САХЫ-РÆСУГЪД Батрадз дард балцы уыди æмæ йын йе ’рцыдмæ- хуыдтой дарæс Бораты чындзытæ æмæ чызджытæ. Уæд сæм Бурæфæрдыджы чызг касти сæ дуарæй æмæ загъ- та’’’’йæ мадæн: — Уæдæ сыхмæ ссæуон, Бораты чындзытæ æмæ чыз* джытæ цæуылдæр æмбырдтæ кæнынц. Мад æй нæ уагъта, зæгъгæ, «хингæнæг сты æмæ дыи и’сты фыдбылыз сараздзысты». Йæ мады коммæ нæ бакасти æмæ сæм ссыди. Сба- дын æй кодтой, фæцин ыл кодтой. Æмæ сæ фæрсы: «Кæмæн хуыйут, зæгъгæ, уыцы дарæс». — Батрадзæн, дам, йе ’рцыдмæ. — Æмæ, дам, ахæм лæг у Батрадз. — Уымæй хуыздæр ма, дам, чи хъуамæ уа. — Уымæй Деденæджы фырт Арыхъцæнкъа хуыз- дæр у. Уæд æм смæсты сты тыхджын. Бурæфæрдыджы чызг раздæхти фæстæмæ. Уыдон сæ дзыхæй нал дзырдтой йе ’рцыдмæ Ёатрадзæн. Уæд сæ Батрадз фæрсы: — Цы уыл æрцыд? — Куыннæ ныл æрцыд, Бурæф хоны х>ыздæр Деденæджы фырт уый худти æмæ сын загъта: — Æмæ чи зоны хуыздæр у, уæд та? Уымæн æз схос кæндзынæн. Дæлæсыхмæ азылди, æмæ йæ Бурæфæрдыг куы фед- та, уæд загъта: «Батрадз ам нæ вæййы, фæдзурæм æм». Æрхаста йын хæрд æмæ нуæзт. Ахъаззаг сифтигътой. Хорз куы сифтыгъта Батрадз, уæд хуыдоны сæрмæ ацы- æрдыджщчызг дæуæи АрыхъцæЖъайы. Уæд 191
ди æмæ уырдыгæй омдта, æнæхъæн залиаг кæлмытæ-иу ныззылдта Батрадз. Уæд Бурæфæрдыджы чызг худгæ æрбацæуы æмæ йæ фæрсы: — Амæй æппæлыдысты, цымæ, Бораты чызджытæ æмæ чындзытæ? Уæд æм йæ цæстытæ фæирд кодта Батрадз чызгмæ, æмæ уыцы ран фæстæмæ ахаудта æмæ фæуадзыг. Хæ- дзармæ йæ бахастой, æвзæр низ ын ахаста æмæ алы дохтыртыл фæзылди, алы дæснытæ фæфарста, ницы хос ын æрцыд. Фæстаг хатт ын йæхицæн загътой, «Бат- радз, дам, цалынджы йæхæдæг æрцæуа, уæдмæ йын ни- цы схос кæндзæн». Уæд стыр куывд æрумысыдысты, æнæхъæн дунейы æрхуыдтой, уæларвæй зæдтæ æмæ дауджыты. Фæстаг хатт æрбарвыстой Боратæм дæр хо- нæг. Нæ разы кодтой. Фæстаг хатт сæм Уырызмæг ба- ситт æмæ сын загъта: «Худинаг нын уыдзæн, адæм аф- тæ зæгъдзысты: «Адæмы ^æгъы нал цæуынц Боратæ». Уырызмæджы фæдыл сыстадысты æмæ, ацыдысты куывдмæ. Куывды хъазт сарæзтой. Бораты фæсивæд куы рымдзæгъд кодтой, уæд се ’ртты цæхæрæй зæдтæ фæстæмæ ралæууыдысты. Батрадз сыстад æмæ кафы- ныл æрзылди. Йæ къах-къухтыл бакафыд Сахы рæ- сугъдæн йæ рæзты æмæ йын загъта: — «Куыдтæ дæ, фаутæ æвæрæг чызг? Уый йæм дзуры: — Дæ нывонд фон, Батрадз, пысултæ æхсæг дын ныл- лæудЗын’æн, ацы низæй ’м’æ фервæзын кæн. Батрадз ацыд æмæ йыи йæ риутыл йæ къух ауагъта. Уæд чызг рабадт æмæ йæхи айвæзтытæ кодта, цы уыд, авд ахæмы хуыздæр фестади, йæ дарæс йæ уæлæ скод- та æмæ иннæты кафтæй йæ кафт разынди цырддæр. Уырызмæг йæ дзыпмæ нывнæлдта, сыгъзæрин къухда- рæн систа æмæ йæ нысанæн радта чызгмæ. Чызг Бат- радзæн баззади. \
41. НАРТОН ЧЫЗГ АКУЫЛЛÆ. Мæсыджы бадти Акуыллæ æмæ лæг æппындæр ни- куы федта. Нæртон адæм тæрхон кодтой: — Уæдæ Акуыллæйæн цы амал скæнæм, цæмæй ис- куы лæг фена йæ дыууæ цæстæй, уæд æй чи зоны, кæд æмæ йæ зæрдæ райсид. Æмæ афтæ бауынаффæ кодтой: — Сау хохы сæрмæ ссæуæм, кæд æваст уырдæм акæ- сид, лæг æнхъæл дзы куыд нæ уа, уымæ гæсгæ. Æмæ Нæртон адæмы лæгтæ сау хохмæ ссыдысты. Зæронд Уырызмæгæн ницы загъгэй, йæ зæронды тых- хæй. Æмæ Уырызмæг кæсы æмæ адæмæй уым ничиуал ис хъæуы. Уырызмæг æрхъуыды кодта: — Æвæццæгæн, мыл нал æрвæссынц, — фос кæнын- мæ Нарт фæцыдысты, æмæ’мæн нал акодтой. Æмæ йæ пал бахаста Уырызмæг йæ сæрмæ. Сбадт йæ бæхыл æм$. уый дæр араст балцы. Хуыцау æй Сау Хохы ’рдæм сарæзта уый дæр. Райста кæсæнцæстытæ æмæ кæсыи ^айдыдта æмæ адæмы змæлын кæсæнцæстытæй уыдтл. Æмæ загъта: — Диссаг. Адон адæмы хуызæн куы сты, — æмæ сæм ссыд. Бацыди сæм æмæ сæхи адæм. Æмæ сын загъта: — Байриат. "г Стæй сæ бафарста: — «Цы ми кæнут?» Уыдон радзырдтой: — Акуыллæ зæхмæ нæ кæсы, никæйы ма нæ федта æмæ кæд ардæм ракæсид, æмæ нæ иу лæджы уæддæр фенид. 13. Бязырты А. 1?3
Уырызмæг загъта: — Уаих æрбауат. Æмæ уын æй æз уæ астæумæ куы схонин, уæд та куыд уаид. Уыдон загътой: — Дæуы йедтæмæ ма нын уæд кæм цы уаид. — Уæдæ ам лæуут, æз цæуын, — загъта. Æмæ Уырызмæг цыма Акуыллæйы мæсыджы иу- фæрсты цыди, уыйау фæндагыл йæхи сарæзта. Æмæ ба- фæдзæхста йæ бæхæн: — Æз дæ ехсæй нæмдзынæн, фæлæ иу ды ныллæу, дæ дымæг иу ацъыллынг кæн, цыма бастадтæ, уыйау. Уырызмæг Акуыллæйы мæсыджы комкоммæ нæмын байдыдта йæ Хъулоны. Ехсы гæрах мæсыджы сæрмæ хъуысти арвнæрæгау. Хъулон къахдзæф иал кæны. Æмæ Акуыллæ дзуры: — Уый цавæр хъæр у, топпы хъæры хуызæн. — Иу барæгæн йæ бæх нал цæуы, æмæ йæ нæмы, — загътой йын. Уый дзуры: — Дард балдæй чи цæуы, ахæм у, æвæццæгæн, фæл- лад уазæг. Æрбакæнут æй æмæ йын йæхи дæр æмæ йæ бæхы дæр хорз фенут. Уырызмæджыæрбакодтой Акуыллæйы кæртмæ. Акуыллæ загъта: — Бафæрсут-ма йæ, уыцы æнæбары бæх уыцы тых- тард цæмæн кодта? Бафарстой Уырызмæджы. Уый сын радзырдта: — Агуры æфсæдтæ æрбацæуынц æмæ мæ иунæг ден- джызы был цæры, æмæ уымæ сурын мæ бæх, кæд ма мæ къухы бафтид, намæ йæ уæд та ма уынгæ кæд фæкæнин. Акуыллæ загъта: — Хуыцау хатыр бакæн, ахæм æвзæр хабар исты куы уа, уæд иу махæн дæр базонын кæн. Уырызмæг абадт йæ Хъулоныл, æмæ афтæ атахт, цыма цæстыфæныкъуылдмæ арвы кæрон балæууыдаид. Куы фæаууон, уæд æхсæв æмæ бон. бафæстиат. Уалын- мае дæлæ тæргæ бæхæй фæстæмæ æрбацæуы, æмæ дар- дæй хъæр кæны: — Уæхи æфснайгæут. Мæсыгæй йæм дзурынц: — Ныхасмæ ма нæм фæлæу. 194
Уырызмæг фæлæууыд. — Цы хабар у. Дзæбæх нын æй радзур. Уый загъта: — Мæ хойы нал федтои. Агуры æфсæдтæ æрбахæццæ сты æмæ уайын, кæд ма æфснайын бафæразин мæ би- конты. Æмæ Акуыллæ йæхи равдыста æмæ дзуры Уырыз- мæгмæ: — Хуыцау хатыр бакæн, æмæ мæм иу чысыл фæлæу æмæ демæ фæраст уыдзыстæм. Сау саулохты æмбæрзт уæрдоны аивтындзын кодта. Иоджыдæр бирæ ахæм саулохты баифтындзыи кодта. Иæ хорз дзаумæттæ, йæ хæзнатæ афснайып кодта уæр- дæтты: æмæ араст сты Уырызмæджимæ. Акуыллæ дзу- ры æмбæрзт уæрдоиæй Уырызмæгмæ: — Зæронд лæг, кæд дæ бæх уайдзæни бæхты фарс- мæ, уæд æй бабæдт, дæхæдæг мæнæ мæ фарсмæ æрбад. Уырызмæг, йæ Хъулон бæхты фарсмæ, йæхæдæг Акуыллæйы фарсмæ, æмбæрзт уæрдоны фæлмæн бадæ- ны æрбадч\ Уырдыгæй бæхтæрджытæн фæндаг амыдта. Уалынмæ адæм зыпын байдыдтой. Уæд Уырызмæг дзу- ры: — Фæфæстиат ма ут. Бæхтæ бауромут. Æз сæ бабæ- рæг кæнон, кæддæра цавæр адæм сты. Æмæ сæм ссыди Уырызмæг æмæ сын загъта: — Симды ныллæуут æмæ цалынмæ Акуыллæ ацы ран йæ бæхтæ суæгъд кæна, æмæ цалынмæ йæхи раргом ’кæна, уалынмæ уæ симд ма фехалут, стæй уæ мачи ма- цы сдзурæд. (; Уыйадыл Уырызмæг Акуыллæмæ æрыздæхт, æмæ йын загъта: — Уыдон сты нæхионтæ, æфсады бауромынмæ чи фæзыиди, уыдон. Æмæ уæ кæд фæнды, уæд уырдæм ссæуæм, кæд уæ фæнды, уæд та æндæр искæдæм фæ- цæуæм. , Æмæ Акуыллæ загъта: '.,'" :—Уымæй фылдæр ма кæм ссардзыстæм, æфсады ныхмæ лæууынмæ сæ ныфс чй’ хæссы. Уымæй хуыздæр м’а ’кæдæм цæуæм. Æмæ Сау Хохы нарты æмбырды аста^у балæууыдыс- 195
ты. Æрфистæг кодтой арты раз сæхи, суагътой сæ бæх- тæ; Акуыллæ дæр æддæмæ æргом рацыди. Уæд æм Созырыхъо дзуры: — Акуыллæ, мемæ асим. — Бæргæ асимин, загъта, фæлæ дæ кæрдæгæй дæ фæсал фæфылдæр æмæ демæ афтæмæй куыд асимон. — Уæд та, Акуыллæ, мемæ асим, — загъта Къан- дзы фырт мæнкъæй Сæууай. — Демæ бæргæ асимин, загъта, фæлæ дæ исчи мæ фырт куы хона. Уæд æм Сослан дæр дзуры: — Уæд та, Акуыллæ, мемæ асим. — Бæргæ асимин демæ, — загъта Акуыллæ, — фæлæ дын дæ хуыдзарм æрчъитæ æхсæдынмæ нæ хæссын мæ ныфс. Уæд æм Батрадз дзуры: — Уæд мемæ асим, Акуыллæ. — Демæ уæд асимин, — зæгъы, — дæ фыды дым Сау Хохы уæйыг ахаста, æмæ мидхъуын кæрцы уым фыййау цæуы, æмæ уый æд фос куы ракæнис. Уыцы фо- сы хъæдрæбынты фæззæгмæ куы æрхизис, уæд асимин æз демæ. Батрадз загъта: — Æз цæуын, фæлæ ацы чызгмæ ме ’рцыдмæ исчи исты куы сдзура, уæд мын додой йæ къона кæны. Уый адыл Батрадз йæ хæдзармæ бацыди æмæ Са- танайы фарста: — Мæ фыды фыдæн æппын ницы баззад: йе бæх, йе хæцæнгæрзтæ, йе æндæр исты. Æмæ загъта Сатана: — Иу урс бæх ын баззади æмæ бон Хохы фидары вæййы, æхсæв та хъæды æрдузмæ рацæуы хизынмæ. Хохæй æрдузы астæу иу къахвæндаг скодта æмæ, алы- рдæм дæр цæуы уыцы къахв^ендагыл. Батрадз ацыд бæхмæ. Къахвæндаджы сæрмæ бæла- сы цонгыл сбадти. Æмæ урс бæх æхсæвы хизынмæ куы ’рцæйцыди, уæд æм Батрадз бæласы цонгæй йæ^си æрæппæрста æмæ йыл абадт. Бæх æй æрдузмæ ахаста. Уæд ын Батрадз йæ хæмхуттæм æрбавнæлдта æмæ йæ ^ыдонæй баурæдта. Бæхы аласта йæ хæдзармæ, срæвдз кодта йæхи æмæ цæуынмæ хъавы Сау хохы уæйыгмæ. 196
Сау хохы уæйыг царди дыууæ къæдзæх — хохы фæс- тæ. Дыууæ хохы кодтой фырыты хæст, уæйыджы тæс- сæй. Сау хохьГуæйыджы бынатмæ уый тыххæй нæ уы- дис цæуæн мидæмæ дæр, æддæмæ дæр. Дыууæ хохы иу æй фæцъист кодтой. Урс бæх загъта Батырадзæн: — Ахæм цæф мæ фæкæн дæ ехсæй, бæстæ æппæт куыд ныййазæла йæ хъæрæй дыууæ хохы уыцы азæл- дæй куыд фæкъуырма уой, уэед мах баирвæздзыстæм Сау хохы уæйыгмæ. Батрадз цæфау-дæф фæкодта урс бæхьт. Бæстæ ный- йазæлыд, дыууæ хохы фæкъуырма сты. Уый адыл Бат- радз баирвæзт уæйыджы цæрæндонмæ. Цæуы-цæуы фæндагыл. æмæ мæнæ иу зæронд лæг мид хъуын кæрцы фос хизы. Фиййау Батрадзы куы федта, уæд æрбацыд йæ размæ. Разылд барæджы алы фарс æмæ зæронд ныйегъæ-егъæ кодта. Батрадз æм дзуры: — Кæуинаг фæдæ, цæуыл мыл кæуыс. Уый загъта: — Дæуыл нæ кæуын, фæлæ мын уый хуызæн бæх баззади æмæ æрлæууыд мæ зæрдыл æмæ кæуын ууыл. — Æмæ кæуын мæ хъуыддаг нæу, — загъта Батрадз, — стæй дæ бæхы хуызæн бæхтæ чысыл разындзæн ду- нейыл? Уæд зæронд лæг радзырдта: — Барæг, æз дæр æй мæ бæх нæ хонын. Мæнæн мæ фæстæ мæ цотæй ахæм нæй, ардæм чи ’рбацæуа. Æцæг, мæ фырты фыртæн, æнхъæл дæн, фæлæ ма уый та æна- хъом уыдзæн... — Зæронд, уыдæттæ ныууадз, фæлæ мын Сау хохы уæйыг кæм цæры, уый мын бацамон. Æмæ зæронд дзуры: — Ацы фæндагыл ацу, æмæ иу хъæумæ бахæццæ уы- дзынæ. Хъæуы астæу фæндаг бацыд. Хæдзæрттæ иууыл- дæр сты уæйыджы хæдзæрттæ, æндæр цæрæг дзы нæй. Æмæ Батрадз фæндаг-фæндаг хъæуы астæумæ ба- хæццæ. Уыцы ран рахизырдæм иу хæдзармæ бацыд æмæ хæдзары бады чызг æмæ кæуы. Батрааз йæ разы куы балæууыд, уæд æм дзуры: — Дæ бон хорз, цæмæн кæуыс, чызг? 197
Уый загъта: — Мæн ацы уæйыг æрхаста æмæ афæдзæй афæдзмæ мæм куы не ’рбацæуа— æгъдау афтæ у. Ныр ма мæ афæдзмæ хъæуы къуыри, уæд мæм цæудзæн, къуырийы фæстæ, æмæ гъе уымæн кæуын. Фæлæ, Батрадз, ды та дæхи цæуыл фесæфтай, цæмæн æрбацыдтæ? Уый загъта: — Кæм и, уый мын бацамон. Бацамыдта йын æй: — Афтæ комкоммæ фæндаджы сæрты бахиз æмæ уым уыцы стыр хæдзары ис. Æмæ Батрадз бадыд уыцы стыр хæдзармæ. Уæйыг хуыссы. Йæ хъæлæсæй цæхæр калы. Ус йæ разы бады æмæ йын йæ бындзытæ суры. Батрадз йе ’хСаргард фёл- вæста æмæ йæм ус дзуры: — Фæлæу, зæгъы, Батрадз, уымæн искæй кардæй мæлæт нæй. Мæнæ, зæгъы, къул у.ыныс, уый, зæгъы, æгас къул дæр кард у. Æмæ кæд уый сфæразынмæ дæ иыфс хæссыс, кæннæуæдæ ницы скæндзынæ!. Æмæ йæм йæ галиу къухæй февпæлдта æмæ йæ фел- вæста, йæ галиу къухæй æмæ йæ йæ рахиз къухмæ æр- байста йæ галиуæй. Æмæ уæйыджы бæрзæй ныцъыкк л^аста, æмæ йæ сæр зæхмæ ахауд. Æмæ сæр зæххæй дзуры: — Батрадз, фынæй лæгмæ дын бавналыны аккаг нæ уыди. — Бæргæ нæ уыди, зæгъы, фæлæ мын мæ зæрдæйы судзаг мæ сæры ныццавта, æмæ мæхи нал баурæдтож Батрадз Сау хохы уæйыджы исбон рахаста, ус æмæ чызджы дæр ракодта. Уæйыджы усы йæ фыды фыдæн радта усæн. Фосы дзуг, Акуыллæ йын куыд загъта, афтæ хъæдрæбынты æгас сæрд æрхызта, уый фæстæ Акуыллæйы йæхицæн усæн æрхаста.
42. НАРТЫ БАТРАДЗ ЙЕ ’ФСЫМÆРЫ ХÆИРÆДЖЫТЫ УАЦАРÆЙ КУЫД РАКОДТА, УЫЙ ТАУРÆГЪ Батрадзæн фесæфт йе ’фсымæр. Агурын æй байдыд- та. Фыццаг дæлдзæхы, стæй та уæларвы. Уæларвæй куы æрцæйцыди, уæд сæмбæлдис иу зæронд лæгыл. — Кæм уыдтæ,— зæгъгæ, ,йæ бафарста Батрадз. — Кæм циу, мæ фырт фесæфти, цыппар боны цæуы, афтæ, — загъта зæронд лæг, — æмæ уый агурын. Батрадзы æфсымæр дæр фесæфти раст уыцы афон. Зæронд лæг загъта: — Уæларвæй Найсын сæ бæргæ зонид. Батрадз та ссыди уæларвмæ, бацыдис Найсынмæ æмæ йæ бафарста: Найсын загъта: — Де ’фсымæр æмæ зæронд лæджы лæппу, Ахох денджыз æмæ Хъарæ денджыз иу кæм бавæййынц, уым хæйрæджыты къухы. Батрадз ныццыдис уырдæм, æмæ йын хæйрæджытæ нæ састысты. Стæй сæ уæддæр тыххæй ракодта. Баты- радзы æфсымæр-иу уыди баст, зæронд лæджы лæппу та уæгъд, æмæ сæ æргйевдынмæ нард кодтой хæйрæджыты æхсæвмæ.
43. НАРТЫ БАТРАДЗ ÆМÆ БУРХОРАЛИ Бораты Бурæфæрныг кодта марды кæнд — хæрнæг йæ лæппуйæн. Нарт цы сты, уымæй бадын.ц хæрнæджы. Нуазынц. хæрынц, мæрдты мысЫнц. Уæд иу ахæмы Бу- рæфæрныг дзуры: — Нарты хæрзæджытæ, сымах зонут, мæ фырт кæй- дæр къухæй мæрдтæм кæй бацыди. Нæ фыдæлт.æй нын куыд баззади, чи йæ амардта, уый йæ хъуамæ зæгъа, цæмæй Боратæ зоной сæ тудджыны æмæ дзæгъæлы сæ зæрдæ ма ’хсайа, мардæн чи ницы зоны, уымæ. — Чи ’мбæлы, уыцы хъуыддаг у, — загътой фæр- ныджы адæм. Уæд Бурæфæрныг æрдарæзта нарты Уа- цамонгæ. Тыхджын адæм дзы куыд нæ бадтаид Бурæфæрны- джы хæдзары! Æппæлд адæм уыдысты нарты адæм. Мардæн æппындæр чи ницы зыдта, уыдон дæр кæрæдзи- йы хынцмæ стауын систой сæхи, фæлæ-иу уайтагъддæр рабæрæг гæдыныхас чи кодта, уый нарты Уацамонгæйы руаджы. йæ ныхас раст кæмæн уыдаид, уымæ бацыдаид Уа- цамонгæ. Уыцы ныхас, уыцы æппæлд фæкодтой æмбырды адæм, фæлæ Уацамонгæ æнкъуысгæ дæр нæ фæкодта, арæзт кæм уыди, уыцы ранæй. Фæстагмæ дзырды бар æрцыди иарты ХæмыЦМæ. — Хæмыц, ды ницы зондзынæ цардхъуагæй мæрдты бæстæм чи бацыди, уымæй Бурæфæрныджы фырт Бур- хоралийæн? —Нæ хæдзары арты фарсмæ бады иу фæныкгуыз, хуыцау уæ æрцæрын кæнæд, дыууæ къухы фæнык сбад- 200
ти йæ уæнтыл, уымæ æрбасидут, уый йын кæд ницы зо- на> уаед уын æз ницы зæгъинаг дæн. Æмæ хонæг арвыстой нарты Батрадзмæ. Æмбырд. сæ хæрды, сæ нозты кой кæнынц. Æмæ Батрадз авд стад æрчъиаджы æрæппæрста ца- рæй, йæ къухы сагæмтты сæ бакодта æмæ сæ, нæмгæ- нæмгæ йæ къухты астæу, фæцæуы Бурæрфыг Бурхор- алийы хæрнæгмæ. Бацыд хæрнæгмæ. Æгъдау радта,. куыд æмбæлд, афтæ. Æмбырды фæрсаг æмæ кæвдæ- сардæй- чидæриддæр уыд, уыдон фæуадзгуытæ сты, æр- мæст йæ дзыхы дзырдæй. Ныуазæн æм авæрдтой. Фысы фæстаг æрдæг йæ дзыхы раласта. Фæрсынц æй: — Бурхоралийы мардæн цы зондзынæ? Уæд нарты Батрадз дзурын байдыдта: — Æз амардтон авд-авды Уастырджытæй, авд-ав- ды Уациллатæй, авд-авды тыхджынтæй цыдæриддæр ис, уыдонæй, авд-авды хæйрæджытæй. Бурæфæрны- джы фырт Бурхоралийы дæр æз амардтон денджызы. был. Цы æцæг дзурын, уа æцæг Нарты Уацамонгæ мæ фыд Хæмыцмæ бацæуæд. Æмæ нарты Уацамонгæ фезмæлыди йæ бынатæй æмæ Батрадзы фыд Хæмыцмæ бараст и. Æмæ нарты Уацамонгæйæ нарты Хæмыц цæуын нæ суагътаид йæ дойнытæ. Уæд Бораты Бурæфæрныг фæхъæр ласта: — Мæнæ хорз адæм, æвдисæн уæ амондзынæн, Æх- сæртæккæтæ мæ тудджынтæ! — Æмæ уый адыл фидар- мæ айста йæхи. Батрадз кард фелвæста, басырдта ма Бурæфæрны- джы, æрриуыгъта йæ æмæ кард æрывæрдта уæлкъæ- сæр æмæ дæлкъæсæр дуры авд лæджы афардæг. Бурæфæрныг аирвæзт. Бурхорали уыди уæларв Иелиайы хæрæфырт, Бу- рæфæрныг фæцыд уæларвы Иелиамæ æмæ йын бам- барын кодта, Бурхорали мæрдтæм куыд бацыди Хæмы- цы фырт Батрадзы къухæй. Иелыйа та хъаст бахаста зæдтæ æмæ дауджытæм. Зæдтæ æмæ дауджытæ Уæрппы фидармæ æрæм- бырд сты æмæ уыцы тæрхоны бадтысты. Батрадзæй Иелыйайы хæрæфырты туг куыд райсой,. уый уыд сæ тæрхоны сæр. 20 Е
Гæтæджы фырт нарты Сырдоны хъустыл æрцыд, зæдтæ æмæ дауджытæ Уæрппы тæрхоны кæй бадынц, Батрадзыл кæй фæнд кæнынц. Батрадз дыууадæс къамбецы сивтындзын кодта сармадзаныл, Уæрппы фидæрттæм æй сласын кодта. Уыцы ран æй Уæрппы фидармæ сарæзта, æртæ уæрдоны дзы топпы хос ныв- гæдтой, йæхæдæг дзы нæмыгæн æд кард бацыди, стæй бафæдзæхста: — Сармадзаны хъусыл-иу арт бафтаут. Куыд загъта, афтæ бакодтой, фæгæрах кодта сар- мадзан. Уæрппы фидар къæдзæх батыдта æмæ тæрхон- доны балæууыди æд кард Нарты Батрадз. Дæ фыд- гул биноиты арæзтыл дын ахæм куы балæууид! Кард фелвæста æмæ балæууыди уыцы ран тæрхоны бадæг бламыхъ рихитыл. Хæст сын бацайдагъ уыцы ран зæд- тæ æмæ дауджытæ алырдыгæй æхсынц Батрадзы; Батрадз сын йæ болат къухтæй ахсы сæ нæмгуытæ æмæ сæ сæхи нæмгуытæй фæстæмæ цæгъдау цæгъды. Састы бынаты баззадысты зæдтæ æмæ дауджытæ: Уæларвимæ араст вæййынц хъаст кæнынмæ Хуы- цаумæ. Тæрхон кæнын байдайынц уæларв, фæлæ Хуыцауы нæ фæндыди Батрадзæн тых бакæныи: — Бирæ нæма рацарди æмæ цардхъуагæй мæрдты •бæстæм куы бацыдаид, уый мæ нæ фæнды. Батрадз бамбаерста зæдты хъуыддаг æмæ дзуры: — Алы бон мыл Хуыцаумæ хъаст кæнынмæ цæ- уынц. Цом æмæ æз дæр Хуыцаумæ, — бабæрæг æй кæ- нон. Цавæр Хуыцау у! Æмæ барæвдзытæ кодта йæхи, йæ бæхыл саргъ сæ- вæрдта æмæ арасти уæларв Хуы.цаумæ. Цæуы, цæуы йæ фæндагыл. Уæд æ.й Хуыцау базыдта æмæ дзуры: — Æрра нæм ссæуы, — æмæ зæххы æмуæз хордзен- тæ æрæппæрста. Батрадз сæм æрæвнæлдта ехсы хъæдæй, æмæ йæ бæх зæххы асагъди йæ уæрджытæм. Æргæпп ласта бæхæй, схæцы сыл йæ къухтæй æмæ йæ уæрджытæм зæххы аныхсы. — Гъей гъей, кæмдæр ма мæнæй тыхджындæртæ .дйер ис. 502
Бабадт та йæ бæхыл æмæ та фæцæуы уæларвмæ. Уæд та Хуыцау Батрадзы размæ сæхъис къуыбылой ,раппæрста сыгъзæринæй. Зæххыл уидагæй цыдæрыддæр ис, уыдон æмдæргъ, уыдон æмфидар. — Сатанайæн мын кæрц æмпъузæнæн сбæздзæн,— æмæ йæм æрывнæлдта бæ^æй. Къуыбылой змæлгæ дæр нæ кæны йæ бынатæй. Батрадз æрхызти бæхæй, схæц, схæц фæкодта къуыбылойыл, фæлæ йæ нæ бафæрæзта сисын. — Ис ма мæнæй тыхджындæртæ, — загъта нарты Батрадз. — Загъдæй пайда нæй. Нал ацыд Хуыцаумæ æмæ раздæхт йæ хæдзармæ. Æмæ та йыл хъаст бацæуы Хуыцаумæ. Уæд Хуыцау загъта зæдтæ æмæ дауджытæн: — Иæхæдæг йæхи æгъдауæй куы нæ амæла, уæд ын м’æлæт пæи. Фæлæ йын афтæ бакæнын хъæуы: авд азы хурмæ цы тавст и, уый иу боны хурмæ ратдзынæн. Бо- лат куыд у, уымæ гæсгæ тыхсдзæн æнæ донæй. Быды- ры астæу ис иу суадон, уыцы суадонæй нуазы Бат- радз æдзухдæр. Æз бахуыскъ кæндзынæн суадон, æмæ уæд уый денджызм<æ асайдзæн йæхи. Денджыз дæр нæ фæндæй басур уыдзæн, æмæ дойныйæ амæлдзæн денджызы былыл. Æмæ ныккасти ахæм хур, æмæ ду- не цы уыди, уымæй фыхти. Тыхсын байдыдта Батрадз дойныйæ. йæ болат фæрстæ судзынц, æмæ араст быды- ры астæу йæ суадонмæ. Зæдтæ æмæ йыл дауджытæ хæцынтæ сисынц, фæлæ сæ Нарты Батрадз, хъуыды циу, уый дæр нæ кæны. — Фæлæуут, бламыхъ рихитæ, дон баназон, стæй ’уæд бафидаудзыстæм. Суадоны уæлхъус бæргæ баста- ди, фæлæ суадон хус разынди. Батрадз тындзгæ арас- ти уæд уырдыгæй денджызмæ, фæлæ хуыпп нал ра- зынди дынджызы дæр. Цы" уыди, уымæй зынг афæл- дæхт Хæмьщы фырт Батрадз æмæ денджызы был сис- та йæ уд. Зæдтæ æмæ дауджытæ æрымбырд сты мар- ды уæлхъус, æмæ сыл тæф рауагъта Батрадз, ахæм тæф, æмæдзы уæлæрвтæй бирæтæ мæлгæ акодтой, би- рæтæ уадзыг фесты. Æмæ та балæууыдысты Хуыцау- мæ: — Ие ’гас нын уый нæ кодта, йæ мард нын цы код- 203
та. Куы амарди, уæд тæф рауагъта, æм.æ цагьды фес- тæм. — Ацæут æмæ йыл дыууадæс къамбецы сифтындзут æмæ йæ баласут Софийайы зæппадзмæ. Куы нæ уын кома, уæд ыл иу Тутырты гуырд дыууæ уæныджы сиф- тындзут. Сифтыгътой йыл дыууадæс къамбецы, фæлæ йæ æнкъуысын дæр нæ бафæрæзтой. Уæд бацагуырдтой Ту- тыры гуырд дыууæ уæныджы, уыдон ыл баивтыгътой. Хуымæтæджы фæрчы уæз дæр нал кодта нарты Бат- радзы мард.
44. ГУЫМИРЫТЫ ТЫХХÆЙ Гуымирытæ уыдысты стыр тызджын -æдылы адæм. Артæй сæхи фæстæмæ аласын нæ зыдтой æмæ-иу сæ ныхтæ бамбæрзтой къæй дур кæнæ фæйнæгæй. Иу хатт федтой, куыдз арты фарсмæ хуыссыди, æмæ куыд тæвддæр кодта, афтæ æддæдæр йæхи ласта. Уым,æ гæсгæ гуымирытæ базыдтой артæй сæхи хъахъ- хъæныи. 45. ГУЫМИРЫТÆ Гуымирытæ уыдысты нæртон адæмæй, сæ зонд уы- дис цыбыр, сæ тых та стыр. 46. УÆЙГУЫТÆ. Æппæты разæй цардысты бæстыл гуымирытæ, уый фæстæ Тæгуыппалатæ, уый фæстæ та уæйгуытæ, даре- дзантæ, нартæ. 47. НАРТÆ. Нарты фыццаг уыд гуымирытæй, фæрæт нæ дард- той, бæлæстæ къухæй тыдтой. Стæй уыди уæйгуытæ, домбай стыр адæм уыдысты, уый фæстæ та нарты нæртон адæм. 48. «ЗИЛАХАРЫ ТЪÆПÆН» Алагирæй 12 километры хуссарырдæм Цраугомы, ис фæзуат «Зилахары тъæпæн», — Нарты хъазæн фæз, кæм хъазыдысты, уый. 205
Сослан кæм хæцыди Сечеры уæлбыл — уæртæ Цы- "колайы æддеты. Æрæфы доны куы бахизай, уæд уым ис уæлбыл Цыколайы бакомкоммæ, Сечеры зæронд хъæууаты сæрмæ къохтæ æмæ дуртæ. 49. НАРТÆ ЛАЦЫ-ХЪÆУЫ Нарт дардысты дæлæ Лацы. Сæ ныхас, сæ уæлмæрд дæр уым, сæ дуртæ дæр уым сты. Сæ фынг иу — цал- дæр... ацы хæдзары ’рдæджы йас. 50. ЦАРЦИАТÆ ЦМИЙЫ ХЪÆУЫ Грекъы размæ Лацы цардысты нартæй равзаргæ адæм Царциатæ. Уыдоны уæлмæрдтæ дæр ам сты æнæ- хъæнæй. Бæлвырд у, фыдæлтæ куыд дзырдтой, афтæ- мæй раздæр Лацы цардысты грекъ, стæй царциатæ кæй уыдысты, царциаты фæстæ та дзы кæсæг кæй цардысты, уый. 51. ЦАРЦИАТЫ УÆЛМÆРД ЛАЦЫ Царциатæ уыдысты тыхджын адæмы мыггаг. Лыгъ- дысты Хуссары ’рдыгæй. Сыстад сыл низ аемæ сæдæ- гай мардысты фæндæгтыл. Цмийы хъæуы фæзы дзы ис бирæ ныгæд. 52. ЦАРЦИАТЫ СÆФТ Хæдзар-иу ныкъкъахтой, æд бинонтæ-иу дзы бацы- дысты æмæ-иу сæ уæлæ къæй дуртæ ныффæлдæхтой. Уæлладжыры Æрхонгомы ныр дзы хауынц хъус- дзæджытæ, къухдарæнтæ æмæ æндæр дзаума. 53. ЦАРЦИАТÆ ИНГÆНМÆ КУЫДÆЙ БАЦЫДЫСТЫ, УЫЙ? )Стыр халер куы уыди, уый размæ ма уыди къаддæр халер. Царциатæ уыцы халеры бахаудтой. Хохы цар- 206
дысты, ма’рд хæссæг нæ уыди, — алчи дæр тарст. Фæ- дзæхстой: «Мæ фæллой дæу, мæ фос дæр дæу, æр- мæст мæ бафснай!» Уæлæуыл ницыуал уагъта, бахас- та йæ дзаума, æрывæрдта йын дон, хæринаг æмæ-иу рацыди, стæй-иу йæхæдæг дæр бахаудта. Рын ахæлиу, æмæ фссæфтысты æгас мыггаг, уыдысты ирон адæмæй. 54. НАРТХОР. Нарты Созырыхъо, Хызыбадыг Чслехсартæг, Уа- джы фырт Гуижылдзых, Бедзенæджы фырт Арыхсау — адон уыдысты Нартæй. Нартæ æрхастой кæцæйдæр хор хæринаг, æмæ йæ стæй адæм схуыдтой уыдон номæй «Нарты — хор» æмæ баззад абоны уоиг дæр нартхорæй. 55. НАРТЫ АЦАМОНГÆ. Нарты Ацамоигæ уыди куысси. Уыди йын авд хатæ- ны. Ничи йæ фæрæзта æртыккаг хатæнæй дæлдæр нуа- зыи. (Уый дæр дзурынц Хæмыцæй). Нарт сæ Ацамонгæйы сæхицæй дæлдæр адæмæн нæ хастой, нс ’вдыстой. Фылдæр сæхи астæу, стæй се ’мхуы- зон ма кæй нымадтой, уыдонæн дзы лæвæрдтой нозт. Нарт сæ Ацамонгæйæ хордтой ард. Искæй ныхæс- тыл дызæрдыг кæнынц, уæд ын иу сарæзтой — Нарты Ацамонгæйæ куыд баназа, афтæ. Нуазæгæн йæ ныхæстæ, йæ хъуыддаг ртзындысты, уæд-иу йæ нозт фæци, бахуси, нæма-иу æнхъизын бай- дыдта æмæ калди йæ былтæй. ÆНДÆР ВАРИАНТ Æвæдза адæймаг раст радзырдта, йæ хъуыддаг раст у, уæд- иу Нарты Ацамонгæ йæ былтæй кæлын байдыдта, абузын-иу сис- та: намæ нуазæг мæнг хъуыддаджы тыххæй архайы, афтæ иу нозт йæ бынатæй не змæлыди. Æтыккаг вариант — (Хус кодта Ацамонгæ.) 207'
ХÆМЫЦÆЙ ДЗУРЫНЦ: Бахастой йæ, æмæ йæ нозта. На рты Ацамонгæ байдзаг алы "взæр æмæ æлгъаг хилджытæй: кæлмытæй, хæфс æмæ гæккуыри- тæй. Сæхи-иу систой Нарты Ацамонгæйы мæ-иу нуазинагимæ фæ- цæйцыдысты Хæмыцы хъуырмæ. Фæлæ сæ иу Хæмыц йæ болат /рихитæй æрцавта æмæ-иу куыссийы бын амбæхстысты. Уыцы хуы- зæнæй афæлдæхта Хæмыц Нарты Ацамонгæйы. 56. НАРТ КУЫД ФЕСÆФТЫСТЫ. Нарт æмбырды уыдысты кæйдæр хæдзары æмæ сæ кæрæдзийæн ныхæстæ кодтой, цымæ нæ чи тыхджын- дæр фескъуыхти, зæгъгæ. Уæд Батрадз афтæ радзырд- та: — Авд хатты авд Уастырджитæ амардтон, дыууæ хатты авд Уациллатæ амардтон, пегъуымпартæй кæй нæ мардтон, ахæм нæ баззад. Æппæты фæстаг Бурхо- ры фырт Алийы амардтон. Бурхохæн та |йæ фырты чи амардта, уый нæ зыдта, æмæ .мæнæ махсымæйы фынчытæ нæ вæййы, уырдæм ныббырыди æмæ уырдыгæй хъуыста. ’ Стæй уый куы ’фехъуыста, уæд ныппæррæст ласта æмæ афардæг ис’. Æмæ сын Нартæн уый фæстæ сæ хор айста, æхсæв-иу акастысты, æмæ сæ хуымтæ кæрдинаг уыдысты, бон •сæм ацыдысты, æмæ сæ уд дæр нæ уыди. Саджил фат- иу скодтой æмæ иу уымæй хуым æхстой Нарт æмæ-иу æфсиртæй кæй адавта, уыдон-иу райсом æруыгътой. Стæй Сатана цыдæр хъæд ныллыгтæ кодта, æмæ гъе уый ныссагътой æмæ дз,ы æрзади нартхор. Нартхор «нартхор» уымæн хонынц æмæ Нарты хор у. Уымæй .дæр та бирæ фæцардысты, æмæ та. сын Бурхор уый :дæр айста, æмæ Нарт стонгæй фесæфтысты.
57. НАРТЫ РАЙДАЙÆН. Уæ, цытджын хистæртæ, уæ, буц кæстæртæ, Фарн уæм дзырдæуæд, хорз уыл æрцæуæд, Æрбайхъусут мын фæндыры цагъдмæ, Уæ, бахъырнут мын зæронды зардмæ. Раджы, хæрз раджы, фыдæлты рæстæджы Арв æмæ зæххы ’хсæн иудзинад куы уыд, Уæларвон зæдтæ уæд зæхмæ тахтысты, Зæххон адæмтæ уæларвмæ цыдысты, Уыцы рæстæджы зæххыл цардысты: ^æхты цъассыты тыхджын уæйгуытæ, Дæлæ^фæзты та уæд гуымирытæ, Арф денджызы бын уæд донбеттыртæ, Авд дæлдзæхы бын уæд дæлимонтæ. Фæлæ иу дуджы зæххæй арвы астæу . Сау пиллон кодта, æмдзæхæр фестад, Бæстысæрытых уырдыгæй равзæрд, Уымæн фæдонæн цы фæдои рацыд, Уымæ ныфсхаст лæг йæ ныфс нæ хаста, Уымæн тыхгæнæг уæд тых нæ ардта. Гуымирытæ сæ уæд куы базыдтой, Тйхагур-иу сæм æдзух уыдысты. Ф.æлтæртæ ивтой, рæстæг дæр цыди. Уæд артæй гуырдтæ, донæй сæрстытæ Гуымирыты уым скуынæг кодтой. Уыдои сæ арты æнæнтау хуыдтой, Зынджы бардуагæн нывæндтæ кодтой, Сæхи-иу уыдон нæртон уæд хуыдтой, Зæдтимæ иудзинад уыдон ыссардтой, Уæларвон чызджытæ сæхицæн хастой. 14. Бязырты А.
Куыд фæстагмæ уæд афтæ схъал ысты, Хуыцауы ныхмæ хæст расидтысты. Зæдтæ æмæ дауджыты ’рдумæ нæ дардтой, Дзуæртты сæ бадæнтæй дардмæ фæтардтой, Уæйгуыты мыггаг бынтон сыскъуыдтой. Хуры фæндагыл уæд баурæдтой, Æппынфæстагмæ арв æмæ зæххыл Фыдæхы тыхæй цыдæриддæр уыд, Нарты адæмыл уæд рахæтыдысты, Тыхты тыхджынты иугай фæцагътой, Иннæ адæмы стонгæй мардтой. Нарты адæм тыхджын уыдысты, Зындзинады ныхмæ ныфсхаст цыдысты. Зоныг кæнынмæ уæраг нæ тасыд. йæ сæрибар сæ уæд ничи сæфта, Худинаг уыдон сæрмæ нæ хастой, Сæ фæстаджы бон уæд барæвзарæн Æгад царды бæсты мæлæт равзæрстой. Уый адыл цардæн йе стырдæр зынтæ Хуыцæутты тыхæй уæд нарт бавэæрстой. Чи ма дзы баззад, хæхтæм цыдысты, Кæмтты æрфыты æрынцадысты, Фыды фæдонæй нæ хорз æгъдæуттæй ■:./ Уæд ирон адæм бирæ рахастой, Нарты фæдонтæн ирон адæмæн Сæ хæсты цырен, сæ туджы бады, Сæ фидары дзырд ’сæ карды комы.
58. БОРÆ ÆМÆ ДОНБЕТТЫРТÆ. Борæ-болатгуырд уæд цуаны рараст, Рараст, рацæуы Сау-хохы сæрты, Сау-хохы сæрты зæйуат адагтыл, Æрхызти уый коммæ урс цъити донмæ, Доны был ызмисы сырды фæд зынди, Нæуæг фæд, дзыхъхъыннæуæг, былмæ ысхызти. Борæ-болатгуырд араст вæййы, Сырды фæд-фæд фæцæйцæуы Цæуы уый саппытыл, цæуы уый адгуытыл, /Цæуы къуылдымтыл, цæуы донхæрты, Куы фæуырдыг кæны арф кæмттæм, Куы фæхæрд кæны бæрзонд рæгътæм, Фæлæ сырды фæд дардæй-дарддæр цæуы, Болатгуырды сайгæ йæ фæдыл кæны. Хур дæр æрныгуылд, баталынг бон, Уыдаид уæд растдæр æхсæвæр афон, Æрбацæйцыд рæгътыл, айнæг, къæдзæхтыл, — «Куы фембæлин, — загъта, — искуы лæгæтыл Сæууон райсомæй истæуыл кæд фембæлин Болатгуырд мæйдары зæрдæрай цыд, Уым айнæг къæдзæхыл фæндæгтæ кæм уыд?1 Куы йæ къах скъуыры, куы дурыл фæкæльь Цæуы уæддæр дарддæр, фæлладгъуыз кæм кæиы? Цæуы æмæ доны хъæр йæ хъустыл уайьк Борæ-болатгуырд куыд дарддæр цæуы, Афтæ доны хъæр хæстæгæй-хæстæгдæр кæны.... Кæсы, — æмæ йæ разы зилгæ цад фыцы, фыцы растдæр цæджджинагау, Цъилдугъ кæны куыройы фыдау, 21!
Сау уылæнтæ уый æрбахæссы, Сау айнæгыл сæ уæд ныццæвы, Дымгæ йæ сæрты хъазгæ цæуы, Доны фæйлауæнтæ дардмæ хæссы. Йæ сау нымæт дын уый* æриста. йæ быны йæ уæд æрытыдта, Æруагъта уым йæхи цады был... Кæсы, — æмæ диссæгтæ куыннæ уыны: Зилгæ цады бын — зилгæ дзæнхъа Куыройы цъилау зилдух кæны, Иæхн ’хсон дуртыл хафы, цæхæртæ калы, Мæйдар æхсæвы доны бын Бонау ныррухс кодта, Ныррухс ныр уым сакъадах дæр, Сау сакъадах доны астæу. Борæ-болатгуырд уый куы ауыдта, Дисы уæд бацыд — джихауæй баззад, Ахæм фенддаг кæм федтаид цæст. Налхъуыт-налмасæй æмæрттывд кодтой Сау сакъадахы авд-авд лæгæты. Уым сæ бæстыастæу дæргъмæ-дæргъ, Уæрхмæ-уæрæх — ыстыр лæгæт Уыд арæзт иннæтæй рæсугъддæр. йæ фæлгонц иннæтæй хъæздыгдæр, И.æ хуылф æфснайддæр æмæ уындджындæр, Йæ уаты дзаумæттæ амæй-ай хуыздæр. Лæгæты рахизфарс сыгъзæрин дуар байгом и, Уырдыгæй авд-авд донбеттыры рацыди, Сæ разæй сæ хистæр æрбахызти Хъуынджын æрфыгджын, бæзджын рихиджын, йæ даргъ урс зачъе зæххыл æндзæвыди,: Авд авды хистæр рæбынæй æрбадт, Æрбадтысты иннæтæ дæр... Авд авдæн авд кæстæры уырдыг лæууынц, Авд авдæн фынджы уæлхъус лæггад кæнынц, Бур физонæг, сау бæгæны фынгмæ хæссынц, Авд цæджджинаджы авд хуызы нозт сæр-сæр кæнынц. Уым дзæгдар авд хъæлæцы байдзаг кæны, Авд авды авд хистæрæн сæ уый барвиты. * Борæ. 212
Авд æфсины авд арынджы хыссæ кæнынц, Уым авд чындзы авд къæйыл уæлибыхтæ фыцынц. • Авд лæппуйьГавд цæхæрыл физонджытæ кæнынц. Сой-суадæттæ физонджытæй цæхæрмæ тæдзынц, Тæвд цæхæрмæ бур физонджытæ цъыс-цъыс кæнынц. Авд кæстæры сæ ногæй-ногмæ фынгмæ хæссынц. Авд авды хæрынц, нуазынц, минас кæнынц, Сой къухтæй даргъ рихитæ уæд адауынц. Фидиуæг дуарæй йæ сæр æрбадардта, Худæнбылæй донбеттыртæм æрбадзырдта: — «Фарн уæм дзырдæуæд, иæ буц хистæртæ, Фарн уыл æрцæуæд, нæ буц кæстæртæ, Зæххон уазæг цадмæ æрбафтыди, Уый фæлладæй уæлдон хуыскъыл æрынцади». Авд авды хистæр уæд сыстади, Уый хъалæц фынгыл æрæвæрдта Æмæ дзурын уæд райдыдта: — «Уый хуымæтæг нæ уыдзæни, Æнæ ныфсæй дæр нæ цæудзæни, Сыгъзæрин бæлæгъ æм арвитут, Не стыр куывдмæ йæ æрбакæнут. Цадæй хуыскъмæ куы ахизат, Хæцæнгарз уæ мачи райсæд, Тыхагур мыййаг уæ фенхъæлдзæни Æмæ уыл уæд нæ бацуарддзæни». Авд кæстæры араст ысты, Цады бын наууаты дуар байгом и, Уырдыгæй сыгъзæрин кæсаг рараст и, Ысленк кодта цады былмæ Хонæг Борæ-болатгуырдмæ, Цады был дын уый фæдæлдон и, Йæ сетанвадæн уæд байгом и, Сатанхæбрæгъ былмæ раппæрста, Авд хонæджы былмæ раргъæвта, Авд донбеттыры æнцад лæууынц; Ныма дзурын дæр. уæд нæ уæндынц, Борæ йæ бынатæй уæд фестади, Иæ бæзджын хъæлæсæй мæйдары Æрвнæрæгау ныннæрыди: — «Йей чи стут? Цы уæ хъæуы? Æви тыхагур мыййаг цæут? 213
Комкоммæ сæм æрбацæуы, Йæ цирхъы цыргъ сæм æрбахæссы, Авд донбеттыры æнцад лæуу-ынц, Сæ мидбылты уæд бахудынц. — «Цæй-ма чи стут? Сымах куы фæрсын! Кæд уæ нæ фæнды ам ныммæлын!» Авды хистæр размæ рахызт, Болатгуырдмæ хæстæг бацыд, Йæ уарт цонгæй уый æриста Сау зæххы йæ уæд æрсагъта, Æрсагъта æмæ загъта: — «Æгас нæм цæуай, зæххон уазæг, Кадджын, цытджын, æхсарджын барæг. Мах тыхагур хъæлæкк не стæм, Дæумæ хонæг æрвыст ыстæм. Зилгæ цады авд авды лæгæтæй, Сау сакъадахы донбеттыртæй, Сау сакъадахы донбеттыртæ Рагæй бæллынц дæ фенынмæ, Сыгъзæрин бæлæгъ дæм уæд рарвыстой, Рарвыстой мах дæр æмæ нын загътой: «Сæмбæлут ыл-иу ыстыр цинимæ, Æрхонут æй тагъддæр не стыр куывдмæ». йе ’мæ дæ курæм, уæд дæ хорзæхæй, Сæмбæлдтæ нæм уааæг нæртон зæххæй, Сыгъзæрин бæлæгъы бабадæм. Æмæ дæлдон куывдмæ ныффардæг уæм. Борæ бахудт æмæ дзуры: — «Стыр бузныг дæн уæ хиетæртæй, Уæлдай бузныг та дæн æз уæхицæй, Цæуин уæ куывдмæ, авд авд æмбырдмæ, Цæуин æз хъазгæ, цæуин æз худгæ, Фæлæ нæхицæй цуаны куы цыдтæн, Хуындуаты цæуинаг æппын нæ уыдтæн, Куы цыдтæн, уæд загътон «цæуын къуыридзуан, Къуыридзуан сырдагур хæхты æфцджытыл. Мæ цуаны бонтæй бахардз ис æхсæз, Æвдæм бон хъуамæ нæхимæ уон æз. Бузныг уæ салам, уæд уæ буц дзырдтæй, Курын уын хатыр æз уæ хистæртæй, Фæлæ мæнæн ныр уырдæм цæуæн нæй. 214
Авдбоыцау хъуамæ иу бон фæцæуон, Авдбондзуан сырдтæ иу бон фæцæгъдон, Уыдон нæхима\ хъуамæ ныххæссон, Ныр уал фæндараст, хорз уæд уæ фидæн, Æз та уал ме ’хсæв ам хъуамæ æрвитон». — «Ныббар мын», — загъта хистæр донбеттыр, — Ыссыдыстæм дæм авд доны бынæй, Уæд донбеттыры кадджын хистæртæй, Ныр сæм æнæ дæу мах куы аздæхæм, Уæд нæ хистæртæн цы хъуамæ зæгъæм, Æгады ыздæхтæй ныр куыд аздæхæм, Фæсивæды ’хсæн уæд куыд цæрдзыстæм? Наууаты дуæрттæ æрæхгæндзысты, Бæлæгъы бынмæ нæ ныууаддзысты. Ныббар нын махæн, кæд худинаг нæу, Уæд фæгæдзæ кæн, иу чысыл фæлæу». Сæ хотыхтæ зæххы æрæвæрдтой, Стыр цытимæ æуыдон фелвæстой Сыгъзæрин уадындз бæлæгъы рæмпæй, Стыр цъæх гауыз уыдон рахастой Борæйы раз æй уыдон байтыдтой, Номхæссæн кæрдæн кадджын фæринктыл Уæд стыр цытæн уыдон райтыгътой, Сæхæдæг фæлтæр æрлæууыдысты, Кæрдæныл бæрзонд ысхæцыдысты. Иæ иу зоныгыл æрлæууыд хистæр, Уадындзæй ныууасыд авды кæстæр. Уьшы рæстæджы бæлæгъæй рараст, Гауызыл хъавгæ æфсæрмджын цыдæй Рацæуы хонæг уайсадгæ æхсим, Ркуы æгънæджытæ уымæн йæ риуыл АрЕы стъалытау цæхæртæ калдтой, Йæ развæидаг ын уыдон рухс кодтой, Æмæхгæд рон ын йæ нарæг астæу Зад куыристау æнгом æлвæста, Нывæфтыд хъалæц къухы рахæссы, Хонæг Борæмæ уаёд уый рацæуы. Æрбацыд æмæ дæрддзæф æрлæууыд, Кæстæр донбеттыр размæ рацыди, Тæлмацгæнæг ын уый фæлæууыди. Дзуры: «Буц уазæг махмæ куы ’рбафты,
Хоиæг æм авдæй рацæуæм уæд, Уый нын не гъдауæн д;>уапп куы нæ радты, Йе сæфты къахыл ныллæууыд уæд. Нæ хæлардзииад хистæры фæнд у, Дæ балцы æгъдау махæи зындгоид у, Кæй не скæндзынæ лæг хонæгæн аргъ, Уый зонгæ уæвгæйæ, уæлхонæгæн нын Æхсинты æхсин немæ рарвыстой. Ныр дæ разы лæууы æд хъæлæц Æфсæрмдзæстыг уайсадгæ хсии, Уый дæм рацыд æд нуазæн, Донбеттырты бæркадджын æфсин». Борæ фефсæрмы æмæ дзуры: — «Æз уый æнхъæл нæдæр уыдтæн, Æхсинты æхсин мæнæн мæ цуры, Æд хъалæц уайсадгæ лæудзæн. Æхсин, æз дын дæ нуазæн исын, Дæ дзырдыл мыи нæй дыууæ зæгъæн, Хæлардзинадæй мæхи нæ хизын, Кæнын дын нæртон арфæ дæуæи, Бирæ уæд дæуæн дæ нуазæн Æнусмæ баззайæд дæ ном, Цæр дæ дзыллæйы астæу цытимæ, Дæ бæркадæн макуы уæд кæрон, Иыр ацы нуазæп æз нуазын, Бæрæггæнæн ам садзын мæ арц! Мæ уарт нæртон фарнæи фæдзæхсын, Мæ Уастырджыйы хай уæд мæ рахиз фарс»! Йæхæдæг нуазæн бæрзонд систа, Фæстаг æртахы онг æй анызта. Фæджих ис æмæ йæхинымæр дзуры: — «Ай донбеттыртæ дæр кæд нуазынц ронг!» Борæ йæ тарæй сæртæнзат систа, Тар хъæдырдæм дзы уæд иыууасыди, Тар хъæдæй нæргæ хъуаз рацыди, Борæ йæ тагъд-тагъд уьш радыгъта, ъ Хъæлæц æхсырæй уый айдзаг кодта, Хъæлæц æгъдауыл æхсинмæ радта Йæхæдæг арц зæнгзæмбырдыгæй Сау зæххы фидар уæд æрсагъта, Афидар кодта уым йæ уарты дæр, 216
Нымæт йæ уæлæ æрбакодта, Иæхæдæг дзуры донбеттыртæм: — «Æз цæттæ дæн, каст дæумæ у, Хуынд лæгæн хонæджимæ цæугæ у». Авды хистæр дын йæ уарт систа Æмæ йæ уый дæр уым зæххы æрсагъта. Иннæ æхсæз дæр уый бафæзмыдтой, Уыдон дæр сæ уым хæстæг æрсагътой, Дзæнхъаджын дойиаг дуртæ сын сема^ Нысайнагæн уæд уыдон сæвæрдтой. --«Борæ саккаг кæн, уæ, дæ хорзæхæй!» — Дзурыиц Борæмæ уæд донбеттыртæ, Бæлæгъы хуылфмæ уæд бахызтысты, Уым къæлæтджыныл æрбадтысты, Дзаджджын фынгтæ дзы æрæвæрдтой, Хъуазы сыкъайæ ронг нуæзтой, Афтæмæй хъазгæ ныццыдысты. Лæгæты дуармæ æрлæууыдысты. Борæйы размæ дын донбеттыртæ Уæд лæг æвзæрстæй рацыдысты, Хистæрты цурмæ йæ бахуыдтой, Уым æй се ’хсæи сбадын кодтой, Нозт, хæринаг ын фаг æрхастой, Кад æмæ цыты рæгътæ дзы уагътой. Цæуынц æм авдæй авд кæстæры Хистæртæ йын нуазæптæ дæттынц. Борæ нуазы, цæст иæ ныкъулы, Авд авдæй йын æрмдзæф кæнынц, Уым æхсæв бонмæ уæд минас кодтой, Хъæлдзæгдзинадæн кæрон кæм ардтой. Боивæрон арвыл бæрзонд куы ссыди, Уæд Борæ сыстад, хатыр ракуырдта: — «Хатыр уæ курын, пыр тагъд бои уыдзæн, Ныр æзæстиатæй æз хъуамæ цæуон Мæ фæндаг дард у, мæ рæстæг цыбыр, Мæ дзырд æз хъуамæ сæххæст кæнон». — «К^д дын а райсом æдзæугæ нæй, Дæ ратгæ дзырдæн æнæ сæххæст нæй, Уæд цы анызтай, хæрд цы акодтай,— Мады æхсырау хæлар дын уæнт. Дæ фæндаг дæуæн цыбыр куыд кæна, 217
Уый дæ кæд фæнды, уæд фæсивæдæй Демæ кæстæрæн дзы искæй ауадз, Сырдтæ хæссынмæ дæм фæкæсдзæни, Кадджын фæсивæд! Фæрæвдз æй кæнут, Цады былмæ йæ схæццæ кæнут!» Цады былмæ йæ схæццæ кодтой. Уым сын уæд Борæ арфæ ракодта, Йæ уарт йæ уæныл уый æрбакодта. Уæд донбеттыртæ дзурынц Борæмæ, — Зæгъ, дæ хорзæхæй, кæд мыййаг тыхст дæ, Дæуæн æххуысмæ мах ыстæм цæттæ. Искæй нæ демæ кæстæрæн ауадз, Уый дын фæндагыл дæ сырдтæ хæсдзæни, Бахъуаджы дын-иу феххуыс кæндзæни», — «Мемæ уæ уæдæ кæд исчи цæуы, Фæстиат ма кæнæд, тагъддæр рацæуæд!» Кæстæр донбеттыр йемæ фæраст и. Цæуын байдыдтой Тулдзджыны рагъмæ. Уым Барæн къæйыл Борæ йæ фæттæй Нысайнагæн иу фат сæвæрдта. Тулдзы рæбын йæ арц æрсагъта, Тулдзы цонгыл та уарт æрцауыгъта, Сæхæдæг дарддæр афардæг сты. Борæ тар хъæды сионтæ мардта, Донбеттыр ын сæ йæ фæд-фæд уыгъта, Уыгъта æмæ сæ донмæ калдта. Фæсæмбисбон æй Борæ фæрсы: —■ «Сырдтæ куы марын, уæд мын кæм ысты» — «Уæ дуармæ дын рæгъамад сты». Дзуры Борæмæ уæд донбеттыр, — «Хорз фæуæд афтæ», — Борæ бадзуры Цом уæдæ дарддæр, фенын мын сæ кæн!» Араст дын сты, уæд доны былмæ. Уым дуры сæрæй сидæн хъæзæй Донбеттыр фурдмæ уæд ныууасыди. Фурды уылæнтæ уæд цæджджинагау Фыцын байдыдтой, фæлдзæгъдæн хастой, Уырдыгæй рахызт сæнтсау донбеттыр, Борæмæ дзуры, — «Цом фен сæ йеныр» Уыцы рæстæджы дон фескъуыди, !Æмæ дзы æфсæн дуæрттæ райгом и. 218
Уырдæм Борæйы уыдон бакодтой, Æфсæн дуæрттæ æрæхгæдтой Æмæ бынты афардæг ысты Дæлдон/зæххытыл хъæлæкк цыдысты, Дзурынц Борæмæ: — «Æрбахæццæ стæм» Дæ цæстытæ-иу ма фæцъынд кæн!» Æвиппайды та уым зæхх фегом и, Борæ уæд хуыскъмæ хъæлæкк рахызти, Уæд рахызтысты донбеттыртæ дæр, Уым доны был дын сырдты мæрдтæ Рæгътæ амадæй лæууыдысты. Борæйы хæдзармæ сæ схастой. Бур физонджытæ дзы уæд фæкодтой. Æхсæв æддæйы хотыхтæ уадзын Худинаг уыди, нæ сын фæччыди, Æмæ фæстæмæ тагъд фездæхтысты. Доны былмæ та куы ’рцыдысты, Уæд донбеттыртæ Борæмæ дзурынц — «Дæ цæстытæ та йеныр фæцъынд кæн!» Борæ цæстытæ нæ фæцъынд кодта, Афтæмæй фурды уый багæпп кодта. Фурды уылæнтæ йæ аныхъуырдтой, Донбеттыртæ йæ уæд нал ауыдтой, Сар æмæ æрдиаг кæнын байдыдтой, Фæлæ ма сын цы гæнæн уыди, Борæйы æрцахсын сæ бон нал уыди.
59. БОРÆ ДÆЛИМОНТÆМ Удед дæлимоитæ фурды ленк кодтой Æмæ Борæйы фæдæлдон кодтой. Сары — хъазæны балæууыдысты, Уым йæ алыфарс æрлæууыдысты, Уæд дзы иу дзуры: «Цæмæ йæм кæсæм! Удхæссæн хабар цæуылиæ хæссæм? Ца-фдцуйы дуæрттæ цæуылнæ кæнæм? Уымæн йæ удæй цæуыннæ хъазæм?» Уæд иннæ дзуры: «Нырма тагъд макæн, Йæхицæй уал ын ныр ам ахъазæм.» Борæ фæринк кард цæрдæг фелвæста, Йæ разæй сæ уым скъуымбил кодта. Уыцы рæстæджы уыдоны паддзах Сивтæрхæгыл тар фынæй кодта. Борæ йæм бацыд кард æлвæстæй, Йæ даргъ рихитыл ын кард æруагъта, Йæ бур хъистæй йын æртæ æрдаста. Дæлимон тасæй хæрдмæ фæхаудта, Карддзæф фæци, уый куы базыдта, уæд, Сындæг фæстæмæ йæхи æруагъта, Дæлдзæх фæуын æй хъæлæкк фæндыди, Фæлæ хъисхъуагæй йæ бон нæ уыди, Дзуры Борæмæ: «Чи дæ, цавæр дæ? Уый цы ми кæныс? Цæмæн мæ марыс?» Уæд Борæ дзуры: «Уымæй мæ ма фæрс, Барæн къæймæ мын фæндаг бацамон, Цалынмæ дын дæ уд нæ фелвæстон.» «Уæ, ма мæ амар, уый йедтæмæ дæ Арвы кæронмæ æз фæхæсдзынæн. 220
Ныр æртæ хъисы дæ худы цæвæр, Уæд дæ мæ адæм нæ хъыг дардзысты, Кæмдæриддæр дын æххуыс кæндзысты. Ныр мæнæ ме ’ккой бæхбадт æрбакæн, Цæсты фæныкъуылдмæ уым февзæрдзыстæм», .Дæлим^н Борæйы йе ’ккой акодта, Хæссын-скъæфын дын æй байдыдта, Хур куыддæр фæсрагъ йæ был ныддардта, Афтæ ’випнайды Барæн къæйы цур Мæра тулдз бæлас цæхæр акалдта. Уым нарты æфсæдтæ хæстæг уыдысты, Сæ дарæнгъаутæй лидзæг уæд фесты, Ныххуыррытт кодтой фæтæнриу бæхтæ, Кæм ма уырæдтой домбай барджытæ Сæ сонт тарст бæхтæ уидоны рохтæй! Фæйнæрдаем хъæды уæд ныппырх ысты. «Уæ хъæбатыртæ, уæ зæрдæджынтæ! Куыд фæтарстыстут! кæдæм фæлидзут! Æ, уæ лæгдзинад куыд фæхудинаг, Раздæхт тагъддæр уæ даиæнгъайтæм! Æрæмбырд ысты тар хъæды дагътæй, Тар хъæды къохтæй сæ дарæн гъæутæм. Борæйы цурмæ бæхтæ нæ комьшц, Барджыты къухтæй сæ рохтæ тонынц, Уæд æм мæрайæ дæлимон дзуры: «Уыцы æртæ хъисы дæ худы ысчъилы Тагъд куынæ цæвæрис, уæд хорз бакæнис!» Дæлимоны дзырд Борæ бамбæрста, Æфсæн сæрзæнты хъистæ атъыста. Адæм æд бæхтæ æрæмбырд ысты, Борæйы цурмæ æрбамбырд ысты, Зæронд Сæуæссæ дзуры Борæмæ: <чБæрæггæнæн дæ арц ныссагътой, Æрцауыгьтой йын йæ цуры дæ уарт, Фæлæ нæхицæй цуаны куы цыдтæ, Уæд ныи нæ загътой, кæм уыдзæн дæ бал... Фæрнджын у, фæлæ... фæлитой у цард! Агуринаг нын фæуыдаид дæ мард!» Уæд Борæ дзуры къæмдзæстыгæй: «Агуринаг уын нæ фæци мæ мард! Нæ дæр уæ куырдтон æххуысæн æфсад! 221
Цы у, цы ’рцыди? Каедæм цыдыстут? Ардæм æфсады куы рамбырд ыстут?» — «Фæрдыгдоны был тугхæст æрцыди, Бартæлæджимæ Хандыхъдзу хæцы, Уый дзы йæхицæн хъалондар кæны, Зæххытæ исы, адæмы цæгъды. Бартæлæг йæхи не уазæг кæны, Тагъд æххуыс куры, æнхъæлмæ кæсы, Уымæй уæлдай ма хъус-хъусæй хъусæм, Цыма Хæндыхъдзу махмæ дæр хъавы Æмæ нæ домы Уæрыппы быдыр. Æрæмбырд ыстæм æмæ ахъуыды кодтам: Калммæ афоныл куы нæ фæрæвдзуай Æмæ йын йæ сæр куы нæ ныссæдтай, Уæд адæмæн уый фыдбылыз хæссы, Æмæ рацыдыстæм мах цат фæдисы. Хъæзджыны рагъæй дын федтам дæ уарт, Барæн къæйыл дын ыссардтам дæ фат, Худгæ хурау дæ уарт æрттывта, Сæууон стъалыйау цæхæртæ калдта, Мах ам дæу тыххæй æрыицадыстæм, Дæумæ æнхъæлмæ хъæлæкк кастыстæм. Дæ фарнæй фæрнджыы, дæ ныфсæй ныфсджын. Дæ тыхæй тыхджын мах хъæлæкк ыстæм, Æвæстиатæй куы хъæуы цæуын, Не уазæджы сæрыл хъазуатæй хæцын!» — «Уæдæ Бартæлæг æнхъæлмæ кæсы?! Баххуыс кæнын ын æнæмæнг хъæуы!», Ныхъхъуыды кодта: «Ныр цы чындæуа, Бæх_мьщ...куы нæ ис, уæд куыд цыдæуа?» Уæд æм дæлимон мæрайæ дзуры: — «Ма тыхс, Борæ, дæ бæх дæ цуры!» Борæ фæкаст, æмæ æцæгдæр, Æвзоиг байрагæй ноджы къаннæгдæр Зыгъар йемылыкк къахындзæг кодта Зыгъæллаггæмттæ зыдæй æууылдта. Сæ хъал бæхтыл дын уæд бабадтысты, Фæрдыгдоны былмæ уæд ныццыдысты. Хæцын байдыдтой нæртон фæсивæд, Сенк кардæй карстой, уартдæдæй ахстой-,. Фæсæмбисбонæй куы фæивгъуыдта, 222
Уæд фæдцæвджытæм фæдтæ нал уыд, Уыдон тар хъæдмæ уæд ацыдысты, Уым йæ бæрзоидыл æрлæууыдысты, Уырдыгæй уйдон æхсын байдыдтой, Ыстыр бæлæстæ бындзарæй тыдтой. Тар хъæдæн уæд йæ сæрæй йæ бынмæ Æхстой донбæйттæ æдбын бæлæстæ, Куы ’ризæр, уæд Борæйы кард Залдзæг иал карста, ныкъкъуымых ын ис. Уæд æм дæлимон дзуры фæсхъусæй: «Дæ карды ’фсæныл хъистæй иу бабæдт, Уæд дын тыхгæнæг тых нал ыссардзæн, Дæуæн дæ ныхмæ лæг нал фæлæудзæн». Борæ йæ кардыл хæд фистон рæбын Дæлимоны хъис фидар æрбаста. Р1æ ныхмæ ма ныр уымæн цы лæууыд! Кæй-иу расæрфта, уый-иу фæтымбыл, — Æвиппайды-иу фæтæппæлæг и. Афтæмæй Борæ Хæндыхъдзуйы ’фсад Уым хур ныгуылдмæ скуынæг кодта. Хæндыхъдзу басаст, фидыды æлфæн. Йæ цыты уарт уым мæры æрсагъта, Уæдæй фæстæмæ цытджын Хæндыхъдзу Бартæлæгæн уым хъалондар ысси.
60. БОРÆ ДЗУАРЫ ХЪÆДЫ Иу бон та Борæ цуаны рараст, Тар хъæды рæгътыл, хохы æфцджытыл, Саг-сырддзуаи кæныи байдыдта, Уæд бон изæрмæ хъæлæкк фæзылди, Фæлæ сырды фæд иикуы ссардта. Бон куы æризæр, уæд урс æхсинæг Йæ размæ батахт, хæстæг æм абадт. Борæ йæ фатæй фехсынмæ хъавыд, Фæлæ æрдынбос йæ астæуыл аскъуыд, Дур ыл фехсынмæ хъæлæкк хъавыди, Фæлæ дойнаг дур зæхмæ цæндæгъди. Уæд Борæ лæдзæг фехсынмæ хъавыд, Фæлæ йæ хъару, йæ тых уæд асаст, Лæдзæг сисын дæр йæ бон нал уыд, Уæд ыстыр дисы Борæ бацыди: — «Цыма цы уыдзæн! Ай цы диссаг у? Цымæ цы фесты мæ тых, мæ хъару, Лæдзæг сисын дæр мæ бон куы нал у’» Уæд æхсинæг ныппæррæст кодта, Уый сайæн тахтæй дарддæр атахти, Æрдзы астæу дурыл абадти. Борæ йæм хæстæг фæцæйхъуызыди, Фæлæ цавддурау бынтон бандзыг и. — «Йæ амæттаг йæ къухы кæмæн нæ бафтыд, Ахæм гуырд махмæ нырма нæ райгуырд, Ацы æхсинæг æз куы ныууадзон, Уæд мæ нæхимæ ма бауагъдæуæд. Уый кæдæм тæха, уырдæм цæудзынæн, Уь1й кæм улæфа, уым улæфдзынæн, 224
Уый цы дон нуаза, уый иуаздзынæн, Уый цы хæрд хæра, уымæй хæрдзынæн, Фæлæ йæ уæддæр нæ ныууадздзынæн!» Бæлоны фæдыл тар хъæдмæ бафтыд, Уым ыл нытталынг æмæ ныммæйдар, Æхсæрдзæны цур, нæзыты хæдбын Уый æрхуыссыди æмæ æрфынæй. Уыцы рæстæджы арвы дуар байгом, Бæстæ иыххудти æмæ цин кæны. Бæрзонд нæзытæ, уым тулдз бæлæстæ Налхъуыт-налмасæй æмæрттывд кодто!!, Уым урс суадæттæ хуыртæ æхсадтой. Лмонды уацтæ уæд дардмæ ластой. Борæ райхъал и, хъæлдзæгæй касти, Уымæн йæ цинæн кæрон нæ уыди, Йæ зæрдæ схъæлдзæг æмæ ныррухси. Уым ын æхсæрдзæн фæлмæн зард кодта, Уымæи сабырæй дымгæ хъырныдта. Бæстæ пыссабыр, нал зары æхсæрдза^н, Фæурæдта уæд дымгæ йæ улæфт. Цыма бæлæстæ къæмдзæотыг кодтой, Уыйау сæ хилтæ ныллæг æруагътой. Арвы дуармæ æхсинæг ратахт, Борæйы сæрмæ бæласыл абадт, Р1æ урс базыртæ тæмæнтæ калдтой, Йæ сау цæстытæ худгæ æрттывтой, Йе стæй сындæггай уæлдæр ыстахти, Уым урс æхсинæг урс фæлм фестади, Фæлмы астæуæй рæсугъд чызг разынди, Уымæн æмбал уæд зæххыл нæма уыди, йæ худæн былæй фæлмæн бахудти, Йæ сау цæстытæй хъæлдзæг хъазыди, Æфсæрмдзæстытæй Борæмæ касти. — «Уæ арвы рæсугъд, стъалыты фидауц, Тæхудиаг, уæд ды кæй уыдзынæ, Дæ худгæ цæсгом чи рæвдаудзæни, Дæ фæлмæн иыхас дын чи хъусдзæни. Дæ зæрин уырзтæй кæй æфсаддзынæ, Бæркадджын фынг ды кæмæи хæсдзынæ, Дæ сыгъзæрин къух кæй уат рамæрздзæн, Дæуæй уæд амондджын чи суыдзæни.» 15. Бязырты А. 225
йæ мидоылты нæм уæд чызг бахудти, Фæкъæмдзæстыггъуыз, фæлмаууон бацыд Æмæ фæстæмæ æхсинæг фестад, Уый зилгæ-зилгæ уæларвмæ стахти, Борæ йæ фæдыл бирæ фæкасти. Урс æхсæрдзæнтæ зарын райдыдтой, Хъæд æмæ дымгæ æмхъырныд хъырныдтой, Сæ зарæджы дзырдты Борæмæ дзырдтой, Иæ зæды фæндаг ын амондджын хуыдтой: «Куыд амондджын у де зæды фæндаг, Куыд амондджын у дæуæн дæ фидæн! Де ’хсæвиуаты ды цух куы нæ суадзис, Къуыри æхсæвдзу уырдæм куы кæнис, Уæд дæ хъуыддæгтæ рæстмæ уаиккой, Æрдзы хæрзтæ дæм хæлæг кæниккой!» Борæ æрфынæй адджын фæндтимæ, Райсом æй раджы райхъал кодтой Цъиуты адджын уаст, хъæдхойы къуырцц-къуырцц, Уæдæй фæстæмæ нæртон гуырд Борæ Æхсæвдзу кодта Дзуары хъæдмæ.
61. БОРÆЙЫ ЧЫНДЗÆХСÆВ Иæ къуыри куы сæххæст, уæд уыцы æхсæв Арвы дуар байгом, æмæ уырдыгæй Арвы минæвар зæрватыкк ратахт, Æхсæвдзауы цур дурыл абадт, Æхсæвдзауимæ зарын райдыдтой, Хæхтæ, бæлæстæ æдзынæг хъуыстой, Уым урс æхсæвдзуан æмæ зæрватыкк Зарæджы дзырдты Борæмæ дзырдтой: — «Ахсæвы æхсæвæн йæ къуырийы æхсæв Дæ минæвæрттæ ды куы рарвитис, Суадоны сæхи куы сæнаиккой, Сæ сæхъис дарæс куы раивиккой. Æмæ афтæмæй куы ацæуиккой, Кувæндоны раз куы ’рлæууиккой, Физонæджы тæф куы суадзиккой, Уæд арвы куырдиат хъæлæкк райсиккой, Уæларвон фæндаг уæд ыссариккой, Дæ минæвæрттæ арвмæ цæуиккой, Арвы асинтыл цъиуау тæхиккой». Ууыл сæ зарæг-зарджытæ фесты, Бæстæ базмæлыд, хъæд дæр цин кодта, Уарзонæй уаддым рустæ рæвдыдта. йе стæй та сонтæй бæстæ фаесабыр, Бонырдæм хъæды сыфтæртæн сæ сыр-сыр- Уый сау зæрватыкк — арвы минæвар Фæстæмæ здæхти, Уæларвм;æ тахти. Уый уым дуры сæр йæ сæнт сау систæ Рæсугъд бырынкъæй бадзæбæх кодта Æмæ уæлармæ зилгæ сфардæг,
Хъаэд æмæ дæттæ схъаьлдзæг ысты, Цины уацтæ уæд дардмæ скъæфтой, Цæвиттон, дуне иуыл бауарзтой. Хуры зæрин тын арвы куы сæмбæлд, Уым сырхдарийау æврагъ куы хъазыд, Уæд Борæ рараст... сæхимæ æрцыд. Хъæуы хистæртыл иугай разылди. Уый сæ фæхуыдта, кусарт акодта, Кусарт нывондæн — бур далыс нæлгуист, Фондз фæрсджы йын рахиз фарсæй Физонæггагæн æрбалыг кодта. Бур физонæг дзы хъæлæкк æрфыхта, Ронджы хъæлæцы сæр æй авæрдта, Хистæртæм æй балæвæрдта. Хистæр уæд систа ронг æд физонæг Æмæ скуывта: «Хуыцауæн æхцон уæд, Лæппуйы бæллицц йæ къухты бафтæд, Йæ Уастырджы-иу йæ рахиз фарс уæд, Йæ даргъ фæндаджы макуы фæтыхсæд, Рауай ацаход йеныр дæхæдæг! Борæ сахуыста ронг, физонæгæй, Уый фæстæ йе уæд хистæр æрфарста: —«Кæдæм цæудзыстæм мах минæварæн, Кæмæн уыдзыстæм мах цытфæлварæн? — «Сымах мын райсом фондз хистæрæй Дзуары хъæдмæ куы рацæуиккат. Уæхи суадоны уæд куы сæнаиккат, Дарийæ дарæс уæд куы скæниккат, Кувæндонмæ куы бацæуиккат, Физонæджы тæф уым куы суадзиккат. Уæд æй уæхæдаег^ хъæлæкк фениккат». Фондзы хистæр уæд йæ сæр фенкъуыста: — «Кæд дæ нывыконд афтæ раййæфта, Уæд цытфæлварæн ысфæлвардзыстæм». Райсом хур куы скаст, уæд ацыдысты, Урсбын суадоны сæхи сынадтой, Кувæндоны раз æрлæууыдысты, Физонæджы тæф уым арвмæ суагътой. Арвы дуар байгом, арвы асин раргом, Уым йе схизæны фондзы фæлыст Зæрин цырыхъхъытæ цæхæртæ калдтой. 228
Уыдоы скодтой æмæ арвы рухсмæ Арвы асинтыл цъиутау тахтысты. Зæронд урсзачъе минæвæрттæ Хуыцауы кæртмæ бацыдысты. Уым ыстыр фынгтæ æвæрд уыдысты, Уым минæвæртты сбадын кодтой, Тæрхон кæнын уæд хъæлæкк байдыдтой, Æппынфæстагмæ бафидыдтой, Борæмæ хонæг æрырвыстой, Уæларвмæ дыи æй хъæлæкк ыскодтой. Уым хистæртæ батæрхон кодтой. Уырдыгæй нартмæ зæдты минæвар Чындзхæссæг хонæг хъæлæкк рарвыстой. Хуыцауæн дын уæд йæ хæрæфырты Сæхицæн чындзæн хъæлæкк рахастой. Стыр чындзæхсæв уыдон сарæзтой. Арв æмæ зæххыл змæлæг цы уыд, Уыдоны се ’ппæт уырдæм æрхуыдтой. Зæдтæ æмæ дауджытæ уым бадтысты, Хæрд æмæ нозтмæ æрмæст ысмыстой, Уый йедтæмæ дзы хæргæ нæ кодтой, Хистæртæ хордтой, уым ронг нозтой, Кæстæртæ хъазты тымбыл симд симдтой,
62. ДЗЫЛÆУ ЦУАНЫ Нарты адæм балц арæх кодтой, Хæтæнты хæтын уæд бирæ уарзтой, Сæ цуан уыдон гæппыл нæ уагътой, Сæрджын сæгтæ-иу семæ æрхастой, Иу бон дын Дзылæу цуаны рараст, Схызти хохæн йæ цыргъ бæрзондмæ, Йæ комкоммæ уым, комы иннæ фарс, Сау хъæды астæу, цъæх нæу æрдузы Дыууæ сæрджын саджы ысбыцæу ысты, Уым кæрæдзийы гуыппытæ кодтой, Сæ хæст къутæртæм уыдон бахастой, Пыхсы кæрæдзи уыдон æрбырстой. Сагтæ уым, пыхсы тынг ыстыхстысты, Бæласы саггомы фæфидæрттæ сты, Афтæмæй сæ уым Дзылæу куы федта, Хохы сæрæй уæд йæхи рауагъта, Цæсты ныкъуылдмæ æрдузы фестад, Уый уым цъиусурау се ’ккойы абадт. Абæттынмæ сæ хъæлæкк хъавыди, Сæгтæ фыртæссæй бæлас атыдтой, Дзылæуы уыдон се ’ккой ахастой. Хауынæй тасæй дыууæ саджы уый Йæхимæ тыхджын уæд æрбалхъывтк. Сагтæ йæ хастой пакъуыйау рогæн! Цæргæстау тæхынц, нæй сын уромæн! Нарты зæххæй йæ уыдон рахастой, Уæйгуыты быруйæ багæпп кодтой, Дыккаг бырумæ куы бахæццæ сты, Быруйы сæрты нал афæрæзтой 230
Æмæ йæ цуры дзыхълæуд фæкодтой. Дзылæу уæд йæхи нал баурæдта, Æмæ сæ сæрты зæхмæ асхъиудта, Уым йæ цæстытæ атарытæ сты, Арв æмæ йыл зæхх цъилау зылдысты, Афтæ йæм касти, цыма кæдæмдæр Æнæкæрон дард æдзæлгъæд тахти, Уым быруйы сæр бауадзыгау ис Æмæ исдугмæ хаудæй баззадис. Æфсæронты хо æвдадзæй касти, Лæппуйы хаудæй уый уым куы федта, Уæд æм донимæ уырдæм æрцыди. Йæ сæры тугтæ йын æрæхсадта, Хъæдгомы йын уый хостæ сæвæрдта, Дзылæу дæр йе ’муд уалынмæ ’рцыди, Чызджы йæ цуры бадгæ куы федта, Уæд фефсæрмы ис æмæ фестадис. Чызгмæ æдзынæг Дзылæу ныккастис, Чызджы цæстыты йæ уд баззади, Сдзурынмæ йæм куыд хъавыд, афтæ Чызг цæхгæр фæзылд, мæсыгмæ балыгъди. Уым уæладзыгмæ хъæлæкк ыстахтис Æмæ уырдыгæй Дзылæумæ дзуры: — »Ме ’фсымæртæ дæ ам куы ’рбаййафой, Удæгасæй дæ нал ауадздзысты. Ныр сæхъис бæндæн ды куы ахæссис, Дæ сагтæ æддæмæ ды куы аргъæвис, Уæд игтæг хорз ды хъæлæкк бакæнис! Сæхъис бæндæн æм чызг æрæппæрста, Сагахсæн хыз æм уый æрлæвæрдта. Дзылæу сæ систа æмæ йæхæдæг Сагахсæн хызæй сагты рацахста, Бæрзонд снсыл сæ хъæлæкк æргъæвта, Сæхъис бæндæнæй асин акодта, Сисы сæрмæ дзы рогæн ысхызти, Уырдыгæи чызгæн арфæ ракодта, Сагахсæн хыз æм хæрдмæ сæппæрста, Сæхъис бæндæн та йемæ ахаста, Сæрджын сæгтæн дзы сæрбос сарæзта, Нартмæ сæ йемæ уый рацæйкодта. Унæры рæстæджы фæндаджы хæдбыл 231
Иу чысыл лæппу дуры сæр хъазыд Æмæ уырдыгæй дзуры Дзылæумæ: — «Тулдзы хихтæй ды адæг куы скæнис, Мæ фыды хуым дзы ды куы баласис, Уæд стыр хорз ды уымæй саразис, Мæ фыд зæронд у, цæуынæн нал у!» Тулдзы хихтæм дын Дзылæу февнæлдта, Стыр адæг дзы уый ацарæзта. Сæрджын саджы дзы уый баифтыгъта, Дзылæу лæппумæ хъæлæкк бадзуры: — «Дæ фыды хуым мын йеныр бацамон, Адæгæй уын æй абон баласон». Уæд лæппу дзуры: «Дæ хорз хорз æмæ Дæ адæгыл мæ ды куы сæвæрис, Дæ сæгтæ дын уæд хъæлæкк ыскъæрин, Нæ дард хуым дæр дын уæд ацамонин». Адæгыл дын æй Дзылæу сæвæрдта, Скъæрæн уис æм хъæлæкк авæрдта. Уæд лæппу дзуры: «Цæй хæрзбон уал у, Дæ хорз ракæндыл фæсмон ма фæкæн, Искуы дæ мæ сæр миййаг куы хъæуа, Уæд дæм æвæстиат æз фæзындзынæн. Мæ сыгъзæрин хуым де сконд адæгæй Æз мæхæдаег дæр ныр баласдзынæн». Йæхæдæг сагты ныццæфтæ кодта, Адæгыл нæргæ, цæхæртæ калгæ, Арвы талынгты заргæ афардæг. Дзылæу сæхимæ дисгæнгæ ’рцыди, Æнæхсæвæрхæрд къуымы батылди.
63. ДЗЫЛÆУ ÆФСÆРОН УÆЙГУЫТÆМ Уæйгуыты хойы Дзылæу куы федта, Иæ зæодæ йæм уæд тыхджын æхсайдта, 'Мæ йæ скъæфын уый сфæнд кодта. Сæ зæхмæ сын уæд бацæуæн нæ уыд, Фидао быруйæ æмыр æхгæд уыд. Дуары цурты ’фсæндзых куыйтæй Цъиу атæхын дæр уæд нæ уæндыди. Иу сæумæрайсом, бон рухс куы кодта, — Болатбæрзæймæ Дзылæу бадзырдта: «Мæнæй кæстæр дæ, фæлæ мæ де ’ххуыс Ыыр абоны боч æхсызгон хъæуы, Хохы бæрзæндыл уæйгуытæ цæрынц, Уый дæхæдæг дæр хъæлæкк куы зоныс, Уыдонмæ мæнæн æнæцæугæ нæй, Уæйгуыты хойæн æнæскъæфгæ нæй. 'Хсины бадæн сын æгæр бæрзонд у, Сæ кулдуарыл сын зын бацæуæи у, Фидары сис та æгæр фидар у. Тыхæй хæсгæйæ зын рахæссæн у, Уазæджы хуызы æз уæйгуытæм Æхсæвиуæджы хъæлæкк цæудзынæн, Уæйгуытæ иууыл куы бафынæй уой, Уæд дæм сæ хойы сæхъисы тыхтæй Быруйы сæрты æз радæтдзынæн, Мæхæдæг дæр уæд рагæпп кæндзынæн, Цалынмæ æз уым уæйгуытæм бадон, Дуары вдузæнтæ сойæ æфсадон, Уæдмæ-иу куыйтæн ды фалтæнварсæй Галы мæкъуыстæг сайæнæн баппар. 233
Иыр ацу æмæ нæ бæхтæм базил, Сæргътæ сыл сæвæр, донæй сæ бафсад. Фæсаходæнты балцы цæудзыстæм, Бонасадæнтæ хъæды скæндзыстæм, Фæсаходæнты дыууæ ’фсымæры Хотыхтæ райстой, ызгъæртæ скодтой, Сæ хъал бæхтыл дын уæд бабадтысты, Уæйгуыты хъæдмæ æсфардæг æсты. Хъæды æрдузы сæ бæхтæ суагътой, Уым бонасадæн уыдон ыскодтой. Изæрдалынгты Дзылæу рарасти, Уæйгуыты дуармæ уый æрлæууыди, Уæйгуытæм дын уый хъæлæкк бадзуры, Йæ хъæлæсыдзаг уæд бахъæр кæны: «Уæ хæдзаронтæ, уазæг нæ уадзут? Уе ’фсæндзых куыйты тагъд баиргъæвут! Уæйгуыты хо йæ уайтагъд базыдта, Ие ’фсымæртæн уæд бауайдзæф кодта: «Артдзæсты фарсмæ цæй æнцад бадут, Уазæджы хъæрмæ цæуыннæ акæсут, Хъæды астæу ам сырдтау куы цæрут, Уæхицæн æмгар, æрдхорд нæ кæнут, Адæмимæ уæд цæрын нæ зонут, Фæсивæдимæ æмфынг нæ хæрут». Чызджы уайдзæфтæй цъыфхæстау фесты, Сæ бынатæй дын уæд фестадысты. Дзылæуы размæ æхстуад ракодтой, Се ’фсæндзых куыйты фидар абастой, Мидæмæ дын æй хъæлæкк бакодтой, Къæлæтджыныл æй æрбадын кодтой, Æдхил бæлæстæ арты бандзæрстой, Саджы мард уæларт уыдон бавæрдтой, Бирæ куы фæфыхт, уæд æй æристой, Сæ разы дын æй хъæлæкк равæрдтой. Дзурынц Дзылæумæ: «Айс æмæ "ахæр, Нæртон адæмæй уазæг дæ махмæ.» Уæйгуыты ’гъдау Дзылæу хорз зыдта, Уазæджы тых-иу хæрдæй фæлвæрдтой, Уый зонгæ уæвгæйæ, уый саджы мардæй Æд арм æвдасарм йæхимæ æрбайста, Йæ сур фыдтæ йын тагъд-тагъд ахордта,
"Ие стджытæ дæр ын æрмырг-мырт кодта. Уæйгуытæ дæр уæд февнæлдтой æмæ Æнæууылд хæйттæ тагъд-тагъд ныхъуырдтой. Саджы мард уайтагъд уыдон апырдтой, Сæ дзаджджын фынг уæд афистæг кодтой, Уæйыджы къусы басæй æркодтой, Дзылæуы раз æй уæд æрæвæрдтой. Уый дын сæм дзуры: «Уый мын чысыл у! Æрæвæрут мын уæ аг мæ цуры». Æрбахастой йæм сæ аг уæйгуытæ, Дзылæу дын æй уаёд иууыл анызта. Уыцы рæстæджы уæйгуытæн сæ хо Дзылæумæ касти æмæ цин кодта. Æхсызгон ын уыд, тых сыл кæй кодта, Уæйгуытæй фылдæр Дзылæу кæй хордта, Куы фесты хæрд, уæд лыстæн æркодтой, Хæрд фæлладæй уым æсхуыссыдысты. Уæйгуытæ уайтагъд афынæй ысты, Бæстæ ныссабыр æмæ ныммæйдар, Цæвиттон, дуне уайсадгæ кодта.
64. ÆФСÆРОНТЫ ХОЙЫ СКЪÆФТ Æмбисæхсæв уæд тарф фынæй афон Дзылæу сыстади æмæ сындæггай Фæрссаджы стыр къæй рауфарс кодта, Дуæртты ’вдузаентæ сойæ байсæрста, Дуар бакодта, уатмæ бацыди. Уæйгуыты хо уым хъæлæкк хуыссыди, Уæйгуыты хойы сæхъисы тыхтæй Болатбæрзæймæ уæд ралæвæрдта. Фæрссагыл æддæмæ куы радæйхызти, Уæд æнæбары уый къæй фесхуыста, Уæйыджы сæрыл æй хъæлæкк сæппæрста. Уæйыг фесхъиудта æмæ хъæр кæны: «Уый æмæ чи дæ? Чи мæ амардта?! Мæ мæгуыр сæр мын чи бацъæл кодта?!» Уæдмæ уæйгуытæ базмæлыдысты, Сæ тар фынæйæ уæд райхъал сты, Æзных асыгътой æмæ уый рухсмæ Сæ дуар гомæй, фæрссаг æфтыдæй Уыдон куы федтой, уæд æй базыдтой, Цыдæр фыдбылыз сыл кæй æрцыди. Уыцы рæстæджы бруйы сæрты Дзылæу æддæмæ куы рацæйхызти, Уæд ыл сæ куыйтæй иу фæхæцыди, Йæ зæнджы хъæцъæф ын уым атыдта, Уый къуылых-къуылых хъæлæкк ралыгъди, Фурды сæрты ма тыххæй бахызти, Йе стæй сындæггай рагъмæ æссыди. Уым айнæджы сæр æрлæууыди. Уæд æфсæронтæ сугтæ æссыгътой 236
Æмæ рухсимæ рафæдис кодтой. Айнæджы тигъыл Дзылæуы суыдтой. Уым дурæй хæст уæд уыдон сарæзтой, Æнæхъæн хæхтæ уыдон фæлдæхтой, Уæйгуытæй иу къорд доны бахызти, Дзылæумæ хæстæг æсхъуызыдысты, Æдбæх барæгæй стырдæр дур уæд Уыцы уæйгуытæй сæ иу æрбахста Æмæ Дзылæуæн йæ рахиз базыг Æд бæхбæдтæн уый уæд бамур кодта. Уый уæд йæ тæвдæй æстыр тулдзбæлас Æд бындзæфхæдтæ хъæлæкк æстыдта. Уый къуылых-къуылых уæд æрызгъордта, Уым тулдз бæласæй уæйыджы сæртæй Æртæ стыр сæры хъæлæкк æриста, Дур тыджджытау сæ уый коммæ фехста, Фæлæ йæхæдæг айнæджы былæй Цæф дзæбидырау коммæ ахаудта, Уым айнæг рæбын фæлмæн цъæх нæууыл Дзылæу иунæгæй тухæнтæ^кодта. Уыцы рæстæджы уæйгуыты хойы Болатбæрзæй уæд йе ’ккой акодта Æмæ йæ дардыл, айнæджы фæхстыл Дзылæуы цурмæ коммæ ныххаста. Чызг æй куы федта, — тыхджын ныккуыдта Æмæ йæм дзуры: «Цы цау дыл æрцыд? Мæ сæнтты-иу æз дæу куы мысыдтæн, Фæхауинаг дæ æз никуыдæм уыдтæн!» Болатбæрзæй сын фæсæлттæ æртыдта, Йæхæдæг рындзыл хъахъхъæнæг æсбадт. Уæйгуыты хо дзы лыстæн бакодта, Мæлæг уды уый уым барæвдыдта. Уарзондзинады мондæгтæ Дзылæу Фæлмæн лыстæныл чызгæй суагъта. Йæхæдæг сабыр йæхи æруагъта Æмæ бонрæфты йæ уд уый систа. Йæ сыгъзæрин хил чызг уæд æруагъта, Пирæнгомваг дзы хъæлæкк ратыдта, Дзылæуы тары сæ уый атъыста Æмæ йæхæдæг тыхджын ныккуыдта. Болатбæрзæй дын чызджы кæуынмæ 237
Айнæджы тигъæй уæд ныггæпп кодта, Чындзæн тæфæрмæт хъæлæкк ракодта, Дзылæуыл нымæт уый æрытыдта, Иæхæдæг чындзмæ уый аивæй дзуры: «Цардæмвæливæг хæдзармæ ары». Уый йæм уæд дзуры чъылдымыздæхтæй,. Цæстысыгкалгæ, кæуынхъæлæсæй: «Цардæмвæливæг æнхъæлцау уадзы, Уымæн æвдисæн ды фен йæ тары. Иыр кæдæм цæуай, уырдæм цæудзынæн, Ме ’фсымæртæм æз нал æздæхдзынæн.» Болатбæрзæй уæд Дзылæуы систа Æмæ сынтыл Нартмæ æрхаста. Мады уазæг æй хъæлæкк бакодта. Марды бавæрдтой, хист ын скодтой, Уæлмæрдты йын уым бæх ныффæлдыстойи Уый фæстæ чындзæн сæрмагонд мæсыг Æхсинбадæнæн уыдон сарæзтой. Æмæ сæ чындзы уырдæм бакодтой, Уым æй хибарæй æрцæрын кодтой.
65. УÆЙГУЫТЫ ХÆСТ Уæд дын иурайсом уæйгуыты хомæ Болатбæрзæй уæд хъæлæкк бацыди Æмæ йæм дзуры: «Фæрнджыи у, фæлæ Уым де ’фсымæртæм артдзæст цæджындзыл, Кард ауындзæныл, ме ’фсымæры кард, Дæу ыскъæфгæйæ ауыгъдæй баззад, Æмæ мын фæндаг куы бацамонис, Уæд æй æз ахсæв хъæлæкк рахæесин, Де ’фсымæртæм мах фыдæх нæ хæссæм, Æрмæст хотыхæн уым ныууадзæн нæй». Зæрдæрыст чындз уæд фæфæлмæн ис, Уæйгуыты фæндаг уый ысхъæр кодта, Цуаны цæуæн дуар уый бацамыдта, Болатбæрзæйæн дын хотыхтæ райста, Сисхæлæн мæцъис йе ’ккой акодта Æмæ сындæггай уæйгуытæм ацыд. Дуар бакодта, мидæмæ бацыд. Куыйтæ йæ размæ уæд ралæбурдтой, Алырдыгæй йыл сæхи æппæрстой. Болатбæрзæй сæ æфсæн мæцъисæй Иугай-дыгай фæмæрдтæ кодта. Мидæмæ бацыд, фæлæ уæйгуытæй Уый уæд хæдзары никæй баййæфта, Уæйгуытæ иумæ цуаны уыдысты. Болатбæрзæй уæд уæйгуыты мусæй Фидары хуылфмæ цъына фæхаста, Артдзæст рагъæнæй, кардауындзæнæй Уый Дзылæуы кард уæд хъæлæкк райста, Йæхæдæг фидарыл арт бандзæрста, 239
Æфсæн мæцъисæй быру фехæлдта. Комы нарæджы хъæлæкк æрбадти, Уæйгуыты ’рцыдмæ æнхъæлмæ касти. Уым фурды был уый йæ кард ысдаудта, Стыр хохы дуртæ ысцæттæ кодта. Уæйгуытæ сæ фидар, судзгæ куы федтой, Уæд хохы бæрзæндтыл сæ цуан фæуагътой. Кæмæн сæ куыд æнтыст, афтæ згъордта, Болатбæрзæймæ куы ’рхæццæ сты, уæд Дурадзагъдæй сыл уый ралæууыди, Хохыйас дуртæ уый зыввытт кодта, Уæйгуыты дурты хъуыды нæ кодта. Бон сау изæрмæ фæхæцыдысты, Æрвнæрæгау уым фæнæрыдысты. Æхсæвы сæ алчи дуртыл æрхуыссыд, Иæ фыдхъæдгæмтты комрæзтæ тъыста. Дыккаг бон та уæд дзыхъхъыннæуæгæй Дывæр тыхджындæр хæст сцырын и. Борæ фæдисы æрбахæццæ и, Сæ дурæй хæст уæд кардæй раивтой, Цъыччытæ кæнын уыдон байдыдтой, Туджы пырхытæ уыдон ныккалдтой, Сæры къуыдыртæ коммæ тылдысты, Туджы лæсæнтæ фурдæй цыдысты. Уый мæличчытæ уæд куы фехъуыстой, Уæйгуытæн æххуыс хъæлæкк рарвыстой.
ЗÆРОНД ДЗЫРДТÆ ÆМÆ СÆ НЫСАНИУÆГ* 1. Æнæнтау — æмбал кæмæн иæй, ахæм. 2. Хъæлæц — сæрмагонд кæхц, кæцы æрхæссынц фыигмæ куывды. 3. Нæууат — наутæ кæм фæлæууынц, ахæм бынат (наулæууæнуат). 4. Сетæнвадæн — науы раззаг ных, кæцы байгом вæййы, куы фæ- уæлдон вæййынц, уæд. 5. Сатан хæбрæгъ — науæй хуыскъмæ хизæн асин æд хæбрæгъ. 6. Цирхъ-арц — даргъ хъилы кæрон цыргъ æфсæи, дыууæ къæп.сы- римæ барæг бæхæй исынæн. 7. Уарт-- хииргъæвæн цыргъаджы комæй. 8. Рæмп — науы сæрмагонд лæгъз цыты кæрдæнæи. 9. Кæфгом — науы дуары рахизæн. 10. Ронг — нæртон нуæзт. 11. Сартæнзæт — сæрмагонд уадындз хъуаз’тæм сидынмæ. 12. Хъуаз —: дзуаргонд сыл саг. ’ 13. Зæнгзæмб — арцæн йæ хæцæнырдыгæй кæрон. 14. Хъуырзы — сыкъа. 15. Тауынц — ома хатынц. 16. Барæн къæй — цуанæттæ нысайнаджы фæттæ цы Дурыл авæрд- той, уый. 17. Сионтæ — ома сæрджыи сагтæ æмæ дзæбидыртæ 18. Сидæнхъæз — донбеттырты сæрмагонд сндæн уадындз. 19. Сары хъæрзæн — цæрццудзæуæнты тыргъ, дæлимонты зындон- мæ бахнзæн. 20. Царцуйы дуарттæ — ома зындоны дуæрттæ. 21. Султæрхæг — сæрмагонд хуыссæнуат тæрхæг, кæцыйæн йæ алы- фæрсты арт судзы æмæ йæм æддагонæн бацæуæн нæй. 22. Кæрддзæф — кардæй кæнæ сæрдасæнæй куы фæлыг кæнай буар кæнæ куы фæлыг кæнай хъуынтæй, рихитæй, уæд фæзæгъынц «фæкæрддзæф» кæнæ «фæсæрдасæндзæф». 23. Дæрæнгъау — Сæхъис халагъуд. 24. Сæрзæнт — æфсæн худ, кард кæй нæ кæрды. 25. Уæрыппы быдыр — нарты зæхх, нарты хъæугæромæй сæ зæххы арæны кæронмæ. 26. Сатфæдисон — тых куы цæуа, уæд æххуысы чи рацæуа, уый хуыйны сатфæдисон. * Андиаты Барисы арæзт фиппаинæгтæ. 16. Бязырты А. 241
27. Цуртфæдисон — «тыхгæнджытæ æрбацæуынц» кæмæты бачын- дæуыди, уыцы хабар хæссæг. 29. Сулфæдисон — æххуысы сæр-иу куы бахъуыд æмæ æххуыс кæ- мæй куырдтой, уый дард куы уыд кæнæ донæн иннæ фарс бацæуæн тагъд кæдæм нæ уыд, уырдæм æхстой судзгæ фат, ома уæ æххуыс курын. 30. Емылынкы бæх — байраг бæх, фыццаг саргъывæрдмæ чи цыд, ахæм. 31. Сенк кард — сæрмагонд тыхæвзары хæсты кæй хастой, ахæм стыр кард, цавтой дзы дыууæ къухæй. 32. Уартджынтæ — бирæ фæттæ иу æхст чи кодта, ахæм æрдын- джын хæцæнгарз, уыдон фылдæр хатт æвæрд цыдысты фидæртты мæсгуыты сæр, хæсты уæвгæйæ та бæрзæндтыл. 33. Фæтдзæвджытæ — ома фатæй æхсджытæ. 34. Залдзæг — йæ цæгджын хай. 35. Алфæн — ома нысаниуæгæн. 36. Æх.синæг — æрмахуыр (кæнæ зæды хуызæн) бæлон, урс бæлоны мыггаг. 37. Уаддымс — рог, хæрз фæлмæн дымгæ. 38. Цурхъ — æфсæн къахыдарæс, сæ бырынчъыта> схъæл æмæ хъа- майы комау цыргъ, знаджимæ хæцгæйæ бæхы тæитæ фадынæн. 39. Даргъ фæндаг — усгур, ускургæйæ усгуры фæндаг хуынд даргъ фæндаг. 40. Пакъуы — маргъæн йæ бумбулийы бын цы фæлмæи хъуын ис уый. 41. Æвдадз — æвдадзы хос, ома ахæм диссаджы хос, кæцы марды дæр æгас кæны. 42. Адæг — хæххон адæм хуым куы бакæнынц, уæд уый баласынæн уисæй быд кусæнгарз. 43. Мигъы бардуаг — дзуар, мигъы бар кæмæ лæвæрд, мигъы хицау. 44. Сугтæ — судзгæ цырæгътæ кæнæ лæдзæгыл пысул рухсгæнæн. 45. Сæндтæ — зæрдæйы адджын мысинæгтæ. 46. Цардæмвæливæг — ома мард, зиап (сылгоймаг фæсномыгæй афтæ дзырдта). 47. Тæфæрмæт — ома рахъыг кæнын зианыл. 47. Тæфæрфæс — ома рахъыг кæнын зианыл.
ДОКУМЕНТТÆ ÆМÆ ФИППАИНÆГТÆ 1. Гуымирытæ, уæйгуытæ, нартæ. Радзырдта йæ Куырдтаты Ко- мы Гулииы хъæуы «1898 азы мартъины фыццаг бонты Гуыриаты Дзабойы фырт^алДим, фысгæ та йæ дыккодта ^хуырпенæг-^ягбэт» даты^А**неч~ , _ г Цæгат Ирыстоны наукоп-иртасат Чшституты архив, фонд 33, папкæ 21. 2. Нарты Уæрхæг. Радзырдта йæ Æрыдоны 1924 азы 25 феврал’ы Сидахъты Уæрахъы-фырт Сандро, 55-аздзыд, райгуырд дæллаг Са- ннбайы, фондз азы йыл цæуы, афтæ ралыгъд Беслæны-хъæумæ. Кодта фыс фосы куыст. Таурæгъ фехъуыста саыибайаг Дзусаты Рæмонæй, уый та йæ фехъуыста йæ фыд Мамсырæй. Рæмон амард хæрз зæрондæй æи- дæраз. Тутыры æртæ боны-иу Рæмон рацыд ныхасмæ æд фæндыр æмæ-иу кодта нарты кадджытæ». г~ Таурæгь æмæ фиппаинаг ныффыста зынгæ фольклорист Æмбал- ты Цоцко. Цæгат Ирыстоны наукон-иртасæг институты (дарддæр ЦИНИИ) архив, фоид 30, папкæ 73, тетрад 10, сыфтæ 1—26. 3. Нæртон сидзæр лæппу Уæхтæнг. Радзырдта йæ Æрыдоны 1922 азы 10 августы Реуазты Быдзыго, фысгæ та йæ ныккодта Томайты Хъылци. ЦИНИИ архив, фонд 18, папкæ 11, хъуыддаг 5, сыфтæ 6—8. 4. Нарты Уæрхæг æмæ йæ фыртты хæст уæйгуытимæ. Радзырдта йæ 1941 азы 12 февралы Куырдтаты комы Хидыхъусы хъæуы 34 аздзыд колхозон Цæгæраты Созырыхъо, механик, чысыл ахуыр. Фысгæ та йæ ныккодта Брытъиаты Созырыхъо. ЦИНИИ архив, фольклор, фонд 51, папкæ 23, фæрстæ 484—492. Къухфыст у зынæвзарæн, равзæрста йæ Гуытъиаты-. Хъазбег. Суанджы — рагъыл, дагъыл (Гуытъиаты Хъазбеджы ныхæстæм гæсгæ). «Иыццавтой мæ хъуджы», ома йæ саджы. Цъалды — фыд лыггæнæн кард. Мысалгъ — хъæдын дзæбуг. Хæйрæджыккон хæзна, ома хæйрæджыты хæзна; зæронд формæ, нал фидауы (зæгъæм ма: «фыдæлтыккон’ заман» æмæ «фыдæлты заман»). • Емылыкк — бæхы мыггаг. 243
Рындз — къæдзæхыл, рагъыл чысыл фæзуат. 5. Уырызмæг йе ’мбæлттимæ куыд фесæфт. Радзырдта йæ 1940 *Гзы 4 октябры Гудзареты хъæуы 60-аздзыд колхозом Плиты Абе, фысгæ та йæ ныккодта Плиты Илья. ХИЗИИ архив, фольклор, № 277. 6. Созырыхъо æмæ дæлимонтæ. Радзырдта йæ Гудзареттаг колхозон Деметы Андо, фысгæ та йæ ныккодта Плиты Илья 1940 азы 3 октябры. ХИЗИИ архив, фольклор, № 284. Астъæми — чысыл фиййаггонд, таурæгъгæнæджы ныхасмæ гæс- Сул — кæттагæй æмбæрзт чысыл чыргъæдгонд. 7. Æвыды-яыдоны рæстæг. Радзырдта йæ æвдайазыккон колхо- зон Наниты Андо Начърепайы хъæуы 1940 азы 24 июлы. 1944—51 азты куыстон Хуссар • Ирыстоны паддзахадон педа- гогон институты ирон литературæйы историйы лекторæй æмæ уæд ХИЗИИ фольклоры архивæй рафыстон иу цалдæр къухфыс- ты, фæлæ сæ ныр уым нал арын. 8. Сырдоны райгуырд хæйрæгæй. Радзырдта йæ Сланты Гаха Дзæуæджыхъæуы 1921 азы 31 авгусгы, фысгæ та йæ ныккодта ахуыргæнæг Гуыриаты Гагуыз, ДИНИИ архив, фонд 33,.;папкæ 21, сыф 111 «Хæмыцы кадæг». 9. Нарты Сослан тыхагур. .Радзырдта йæ Наниты Андо Начъ- репайы хъæуы. ХИЗИИ архивæй, фольклор, № 74. «Нарты Сос- лан». 10. Нарты фæтæг Уырызмæг. Радзырдта йæ Сланты Иликъа, фысгæ та йæ ныккодта 1940 азы 3 апрелы Цхинвалы Беджы- заты Уасо. ХИЗИИ архив, фольклор. 11. Уырызмæджы цыд стæры. Радзырдта йæ Хъарджынты Бат- джер’и. 1941 аз майы мæйы Дзæуæджыхъæуы, ацы текст фыст æрцыд грамафоны пластинкæйæ. ЦИНИИ архив, фольклор, 58, папкæ 20, фæрстæ 1—2. «Уырыз- мæджы кадæг». 12. Лалымы æмбисонд. Радзырдта йæ Дзыгойты Алыксандр, Алагиры цæрæг, иу 50 азыккон кусæг лæг, фысгæ та йæ ныккод-' та Бязырты Алыксандр 1968 азы 10 августы. Къупри — лалым. 13. Уырызмæг усгур куыд цыди. Азарыд æй Насхъидатæй ,.иу зæронд лæг 1941 азы майы мæйы, ацы текст фыст у грамафоны пластинкæйæ. Къухфыст «Уырызмæг дыккаг хатт ус куыд æр- хаста.» ЦИНИИ архив, фольклор, 58, папкæ 20, фæрстæ 5—6. 14. Нарты Уырызмæг æмæ Къайы фырт Иуане. Радзырдта йæ Дзаугомы Дзомагъы хъæуы цæрæг Джыгкайты Фаризæт, фысгæ та йæ ныккодта Дзугаты Х^джумар 1941 азы октябры мæйы, ХИЗИИ архив, фольклор,;К2 1091. Таурæгъы сюжет у аргъæут- ты сюжетæй, № 329 «Усгур \ æртæ хатты æмбæхсы» æмæ № 554 244
«лæггадгæнæг» цæрæгойтæ æххуыс кæнынц усгурæн»1. К/ьухфысты «Нарты Уырызмæг дыккаг æмæ æр.ты^каг хатт ус куыд æрхаста». 15. Æлдар Сатанайы куыд аскъæфта. Радзырдта йæ Гудисы хъæуккаг колхозон Къæбулты = Къыбыл, фысгæ та йæ ныккодта Плиты Илья 1940 азы 31 июлы. Таурæгъы ис аргъауы сюжетæй № 302, ус йæ лæджы мæлæты сусæгдзинад куы базоны, уый (ус йæ лæджы ракъахы, йæ мæлæт цæмæй у, уый).. • ;..■ \ ■• ХИЗИИ архив, фольклорон фыстытæ, № 238. 16. Нарты Сатанайæн сау нохъайагæй чи райгуырди, уыцы лæп- пу. Радзырдта йæ 15 январы 1923 азы Æрыдоны Уырымты Басил. ЦИНИИ архив, ф. 30, п. 73,. д..8,< фæрстæ 112—120. 17. Нартæ иумæйаг ныхасдон арæзтой. Радзырдта йæ 1941 азы 5 февралы «Рассветы» поселочы цæрæг Бирæгъты Дрис. ЦИНИИ архив, ф. 56, папкæ 23, 298—308 фæрстæ, Брытъиаты -Созырыхъо- йы фольклорон фыстытæй. . ». * 18. Уырызмæджы фырт. Радзырдта йæ Алагиры цæрæг кусæг лæг Габолаты Налыхъ, фысгæ та йæ ныккодта Бязырты Алык- сандр 1968 азы 10 августы. :..< Æвæццæгæн «Сатанайæн ногъайагæй цы лæппу райгуырд», уый цыбыр вариант. . .-.-• 19. Нартæ æмæ чынтæ. (Уырызмæг йæ лæппуйы куыд амард- та). Радзырдта йæ Хуссар Ирыстопы- Сатихъары хъæуы колхозон Дыгъуызты Уасил, фысгæ та йæ ныккодта 1940 азы 8 ноябры Плиты Илья. ХИЗИИ архив, фольклор,. № 322: 20. Нарты æртæ æфсымæры балц. Азарыдысты йæ Къациты Тебо æмæ Тебиаты Беслæу 1941 азы’майы мæйы, Дзæуджыхъæуы, ацы текст фыст у грамафоны лластинкæйæ. . ЦИНИИ архив, фольклор, 58, папкæ 20, фарс 4. 21. Нарты Уырызмæг къупри стыгъд кæй бакодта, уыцы ру- васы таурæгъ. Радзырдта йæ 1924 аэы 25 февралы Беслæны хъæ- уы Сидахъты Уæрахъы фырт Сандро, 55 аздзыд. Фысгæ та йæ ныккодта Æмбалты Цоцко. ЦИНИИ архив, ф. 30, папкæ 73,'Хъуыддаг 7, фарс 11—19. 22. Уырызмæг æмæ йæ хо. Радзырдта йæ гудзареттаг колхо- зон Плиты Абе, фысгæ та йæ ныккодта 1940 азы 1 октябры Пли- •ты Илья. ХИЗИИ архив, фольклор, № 273. Ацы таурæгъы сюжет æввахс лæууы, Уырызмæг йæ хо Сата- найы куыд ракуырдта, ууыл *кæм дзырдæуы, уыцы таурæгъы сюжетмæ, æрмæст йæ идейæ у бынтон æндæр. Ам хойы усæн ракурын у тæригъæддаг хъуыддаг æмæ æнæ фыдæхæй нæ баззад: Уырызмæджы фырттæ фæцагьды сты (кæс: А. X. Бязыров. К вопросу о круге нартских сказаний. Чиныг «Ска- 1 Н. П. А н д р е е в. Указатель сказочных сюжетов по снстеме Аарнс Ленинград, 1929 аз; А. X. Бяэ.ыров. Опыт классификац’ии осетинских наоодных сказок по еистеме Аарне-Андреева. «Из: вестия ЮОНИИ», IX чиныг, 1958. аз, 319—346 фæрстæ æмæ X; чи- ныг, 1960 аз, 94—112 ф. -245
зання о нартах — эпос народов Кавказа». Мæскуы, 1969 аз, 453 фярс) — уый у чырыстон дины æндæвдад. Ацы сюжеты иннæ тау- рæгъты хойæ ус скæныны хъуыддагмæ ис рагондæр разыйы цæс- тæнгас. . • 23. Нарты Уырызмæг æмæ нарт. (Нарты Уырызмæджы нозтæй куыд марынмæ хъавыдысты). Радзырдта йæ Сланты Гаха 1921 азы 1 сентябры Дзæуæджыхъæуы, фысгæ та йæ ныккодта ахуыр- гæнæг Гуыриаты Гагуыдз. ХИЗЙИ архив, папкæ 118, № 58„ 245 сыф. 24. Бурдуры фырт Сыбалчи. Радзырдта йæ Хуссар Ирыстоны Сатихъары хъæуы цæрæг 80-аздзыд колхозон Дыгъуызты Михаи- лы фырт Уасил, фысгæ та йæ ныккодта Плиты Илья 1940 азы 6 нрябры. ХИЗИИ архив, фольклор, № 321. «Уырызмæджы ка- дæг». Бурæмæдз — таурæгъгæнæг’ æй хоны «булæмæдз». 25. Хæмыцы сыгъзæрин дæндаг. Радзырдта йæ гудзареттаг Плиты Абе, 80-аздзыд колхозон, фысгæ та йæ ныккодта Плиты Йлья 1940 азы 1 октябры. ’ ХИЗИИ агрхив, фольклор, № 263. «Нарты Уырызмæг æмæ Хæмыц». Сыгъзæрин дæндаг.—Ацы алæмæттаг дæндаджы тыххæй зо- надон куыст ныффыста профессор Æлборты Барис «Зуб любви» «Æрхъуызы дæндаг», «Хъох дæндаг» осетинских нартских сказа- ний (Ученые записки Северо-Осетинского госуд. педагогического института, X том, 1967 аз, 262—270 ф.) Барисы ныхасмæ гæсгæ, раджы заман-иу дардтой хъæддаг хуыйы сс.ыр фыдбылызæй хи- зынæн дæр æмæ искæйы бауарзын. кæнынæн дæр, ома искæмæн хинтæ скæнынæн дæр. Ацы таурæгъы ахæм хины дæндаг «Сыгъ- зæрин дæндаг» схонынц. XIX æнусы та фольклорист Шанайты Гацыр афтæ фыста уый тыххæй: «Хъохдæндаг — означает зуб такого свойства, от вида которого женщины питают невольно любовь и страсть к этому зубу, волшебной силой привлекающую жен к страстной любви, имеющего Хъохдæндаг». (Памятники осетинского народного твор- чества. 1 том, 1929 аз, 69 ф.) Уæлсынт — Равзæрд дзырдæй — «сынт», кæцы нысан кæны ххс- сæн, даргъгомау дыууæ хъилы цæхгæрмæ фæйнæджытæй хуыд, раджы заманы-иу марды хæдзарæй уæлмæрдмæ хастой ахæм сынтыл. (В. Миллер. Осетинско-русско-немецкий словарь. II том, 1929 аз, 1166 фарс) 26. Хæмыц Дзабелаты хæфс-чызджы куыд ракуырдта. Ра- дзырдта йæ Маккаты Трафим Георгийы фырт, Лабæйы хъæук- каг, 1886 азы гуырд, колхозон пенсионер, фысгæ та йæ ныккодта Бязырты Алыксандр 1868 азы 14 августы. Раздæр-иу ног чындз алы ’райсом дæр сæ кæрт æмæ уынг мæрзгæ кодта, ахæм æгъдау уыд. 27. Нарт æмæ Хæмыц. (Хæмыцы куыд амардтой, æмæ йын Уьт- рызмæг йæ туг куыд райста). Радзырдта йæ гудзареттаг 80-аз- дзыд колхозон Плиты Абе, фысгæ та йæ ныккодта ахуыргæиæг Плиты Илья 1940 азы октябры мæйы. ХИЗИИ архив, фольклор, 1264. 546
Хæмыцы амард æмæ йæ туджы райстыл дзæвгар таурæгътæ ис мыхуыр, фæлæ уыдонæй хъауджыдæр ам конкретонæй æвдыс- тæуы, куыд æп амардтой æмæ йæ кæй æххуысæй амардтой, уы- дæттæ, зæгъæм: баххуырстой Негор æмæ Сæлыккы скæсæйнаг ца- вæрдæр адæмы мыггагæй. Ис цалдæр таурæгъы, æмæ уыдоны та Хæмыцы туг Батрадз исы. (Осетинские тексты. 1868 аз, 43—60 ф. «Батрадзы кадæг», Хуссар Ирыстоны фольклор, 1936 аз, 133—135 ф. æмæ æнд.) 28. Созырыхъо æмæ бæсты рæсугъд ус Радзырдта йæ Сланты Гаха 1921 азы 2 сентябры Дзæуæджыхъæуы, фысгæ та йæ ныккод- та фольклорист Дзагуырты Гуыбады. ХИЗИИ архив папкæ 118, фæрстæ 247—248. 29. Созырыхъо æмæ Иотам. Радзырдта йæ Сланты Гаха 1921 азы 1 сентябры Дзæуæдж’ыхъæуы, фысгæ та йæ ныккодта Гуыриа- ты Гагуыдз. ЦИНИИ архив, фонд 45, папкæ 21. «Нарты сау рувасдзарм». 30. Нартæ æмæ Борадзаутæ. Радзырдта йæ Хуссар Ирыстоны Бихъары хъæуы 27-аздзыд колхозон Дзадтиаты Лавер, фысгæ та йæ ныккодта Плиты Илья 1940 азы 4 ноябры. ХИЗИИ архив, фольклор, № 312. Къаматтаг, бындурон форма къаматтаг: Дзырд равзæрд рæхы- сы ком къама-йæ, фыццаг заманы-ну хæдзары астæу рæхысы уæл- дай ма дардтой хъæдыи цæгтæй конд рæхыс дæр ууыл-иу афых- той бæгæныйы цауддæр хай аджы баззайæццæгтæй арæзт. (кæс В. Д. Ванеев. Лексика. домоводства в осетинском. Кандидатская дпссертация, 1971 г., 137—138.) Еблагъуæ — кæсгон дзырд уырыссагау «добро пожаловать», «Мидæмæ уазæг» (Кабардино-русский словарь, Москва, 1957 .г., 72 стр.). 31. Хæмыцы фырт Таугæрдæг. Радзырдта йæ Дзапарты Габо Симоны фырт 1968 азы 10 августы Алагиры, фысгæ та йæ ныккод- та Бязырты Алыксандр. 32. Нарты Гаджи æмæ Хуызы фырт Челæхсæртæг. (Челæх- сæртæг нарты Гаджийы усы куыд аскъæфта). Радзырдта йæ Слан- ты Гаха 1921 азы 1 сентябры Дзæуджыхъæуы (Орджоникидзейы). Гаха райгуырдаид 1836 азы. 1921 —1922 азты уыди Дзæуæджы- хъæуы, э&мæ дзы уæд кадджытæ, таурæгътæ æмæ зарджытæ ныф- фыстой Гуыриаты Гагуыдз æмæ Дзагуырты Гуыбады. Гаха дæс- ны фæндырдзæгъдæг уыд æмæ йæ цæргæ бонты арвыста Урстуал- ты хъæуы, амард 1924 азы. Гахайы тыххæй ис дзæбæх уац мы- хуыр журнал «Фидиуæджы» 1935 азы 6-æм номыры: Дзагуырты Гуыбады» Сланты Гаха — номдзыд фæндырдзæгъдæг». Ацы чины-* джы дзы бахастам иу цалдæр таурæгъы. ХИЗИИ архив, фольклорон фыстытæ, папкæ 118, № 53, 239— 240 фæрстæ. 33. Деденæг.. (Дедеиæджы фырт Æрæхъцау.) Радзырдта йæ Рёуазты Быдзыго 1923 *азы майы мæйы Дзæуджыхъæуы, фысгæ та йæ ныккодта Æмбалты Цоцко. ЦИНИИ архив, фонд 30. папкæ 73, хъуыддаг 14, сыфтæ 27—46. 34. Созырыхъо пехуымпаримæ куыд хæцыди. Радзырдта йæ 247
Дзуццаты Сергей, 70 аздзыд колхозон, Фарны хъæуы 1941 азы февралы мæйы, фысгæ та йæ ныккодта Брытъиаты Созырыхъо. ЦИНИИ архив, фонд 56, папкæ 23. 35. Сослан æмæ гуыппыртæ. Радзырдта йæ 20 аздзыд колхозон Деметы Андо 1940 азы ,4 октябры Гудзареты хъæуы, фысгæ та йæ ныккодта ахуыргæнæг Плиты Илья. ХЙЗИИ архив, фольклор, № 292. (Абар № 275, ам ис нæмттæ) «Сослан, Батрадз æмæ Созырыхъо». 36. Албегаты чызг лæппу куыд сси пехуымпары æххуысæй, уый кадæг. ;Радзырдта йæ Хъæлæгагы Иналыхъо Дзæуджыхъæуы 1921 азы 5 апрелы, фысгæ та нæ ныккодта Æмбалты Цоцко. &-/Л. 4&Х&Р№*' ХИЗИИ архив, папкæ 118, № 39, 172—179 ф. ф 3$0,А>) У 5> * Ацы таурæгъы бындуры ис алæмæттаг аргъæутты чызг лæппу^ куы фесты, уыцы мотив. Аргъæутты сюжетон номыр 514. . 37. Алымбеджы фырт Алымбег. Радзырдта йæ Куырдтаты комы Хидыхъусы хъæуккаг, 1884 азы гуырд, колхозон Мырзаганаты Уа- ’’ не, фысгæ та йæ ныккодта 1968 азы 17 августы Бязырты Алык- сандр. «Нарты хъалтæ нæ хъазынфæнд скодтой», ома хæдзары, кæ- мæй.тæрсой, ахæм лæг нæй, æмæ сæ нарт хынджылæг кæндзысты. «Хæрыæфсæйнаг æртихтæ», ома бæх хæры æфсæйнаг æртигъ- тæ, æртæтигъон фæттæ; скифтæн характерон уыди æртæтпгъон фаты æфсæйнаг бырынкъ, — афтæ бæрæг кæнынц æрхеологтæ. Хъазæнтæ æппарыны æвæрд уыди кæддæриддæр хистæр, ома фыццаг-иу суылдта хъазæн кардæй хистæр. Сæмбæлди нæртон «цогыл», ома сæмбæлди нæртон цæуæгыл, нæртон лæгыл. 38. Нарты Батрадзы тох хъæддаг хуыимæ. Радзырдта йæ Дзидз- дзойты Уасикъо Дзаугомы, Ципраны хъæуккаг 68-аздзыд колхо- зон, фысгæ та йæ ныккодта Дзугаты Хаджумар 1941 азы 4 ян- вары. ХИЗИИ архив, фольклор № 1096. 39. Нарты Батрадз æмæ Балхъар-меликк. Радзырдта йæ Дзо- магъы хъæуккаг Дзугаты Хасæхъо, фысгæ та йæ ныккодта Дзу- гаты Хаджумар 22 январы, 1941 азы. ХИЗИИ архив, фольклор, № 1102. «Нарты Батрадз хæтæньг куыд фæцыдис». , Дагъæл-Дугъелы бæстæ — цыдæр мификон бæстæ, æягæс дзырдтæ ис Даредзанты эпосы дæр: Тандет Тундет, Тарандет. 49. Батрадз æмæ Сахы-рæсугъд. Радзырдта йæ Гудзареты хъæуккаг колхозон Плиты Абе, 60-аздзыд, фысгæ та йæ ныккод- та Плиты Илья Г940 азы 1 октябры. ХИЗИИ архив, фольклор № 260. «Батрадз балцы куыд ацыди». «Шахы рæсугъд»-ы кадæгимæ (ХИФ, -936, 88—93) абаргæйæ ам уынæм Батрадзьг гуманизм, чи йыл бахудт, уыцы чызджы маргæ нæ акодта, фæлæ йæ ракуырдта. Ам зыны чырыстон дины æндæвдад. 41. Нарты чызг Акуллæ. (Батрадз ус куыд ракуырдта). Ра- дзырдта йæ 1923 азы майы мæйы Дзæуджыхъæуы Реуазты Хъа- 248
сайы фырт Быдзыго, æрыдойыаг, фысгæ та йæ ныккодта Æмбал- ты Цоцко. ЦИНИИ архив, ф. 30, папкæ 73, хъуыддаг 14, сыфтæ 115—127. •;■.. 42. Нарты Батрадз йе фсымæры хæйрæджыты уацарæй куыд ракодта, уый таурæгъ. Радзырдта йæ Каболты Илас 1898 азы>. фысгæ та йæ ныккодта Каболты Ахмæт. ХИЗИИ архив, папкæ 118, № 28, 140 ф. «Нарты Батрадз». Хъæрæ-денджыз, тæтæйраг æвзагæй ист фразæ, ома сау-ден- джыз. Ахох-денджыз, тæтæйраг æвзæгтыл ах «урс», деигиз «ден- джыз»....... 43. Нарты Батрадз æмæ Бурхор Али. Радзырдта йæ Æрыдоны 1923 азы 15 январы Уырымты Состыкк, 80-аздзыд фæндырдзæгъ- дæг, 25 азы фæцыди фыййау. Фысгæ та йæ ныккодта Æмбалты Цоцко. ЦИНИИ архив, фонд '30, папкæ 73, хъуыддаг 8, сыфтæ 128 —• 132. «Нарты Батрадз куыд амард». 44. Гуымирыты тыххæй. Радзырдта йæ Гиоты Мæхæмæт, 70- аздзыд колхозон. Фысгæ та йæ ныккодта Цæллагты М. М. 1932* азы 11 июлы. ЦИНИИ архив, ф. 23, папкæ 15, фарс 1. 45. Гуымирытæ. Загъта йæ Цмийы хъæуы Бигъуылаты Ягор,. 85-аздзыд колхозон, фысгæ та йæ ныккодта Цæллагты М. М. 1932 азы 6 июлы. ^ ЦИНИИ архив, ф. 23, папкæ 15, ф. 8. ^ 46. Уæйгуытæ. Загъта йæ Гиоты Джиойы. фырт Никъолоз Ре- гакы хъæуы Уæлладжыры комы, фысгæ та йæ ныккодта Цæллаг- ты М. М. 1932 азы 10 июлы. ЦИНИИ архив, ф. 23. п, 15, сыф 17. 47. Нартæ. Загъта йæ Баскаты Сырхауы фырт Инус, 35-аз- дзыд колхозон, Мызуры хъæуы, ныффыста йæ Бигъуылаты Барис 1932 азы 22 июлы. ЦИНИИ архив, ф. 23, папкæ 2, сыф. 66. 48. Зилахары тъæпæн. Рахабар æй кодта Алагиры — горæты ■цæрæг 75-аздзыд зæхкусæг Цæгæраты Мысост, фысгæ та йæ нык- кодта Бязырты Алыксандр 1968 азы 10 августы. 49. Нартæ Лацы хъæуы. Загъта йæ Цымийы хъæуы цæрæг Дзадтиаты Мæхæмæт, 84-аздзыд колхозон, фысгæ та йæ иыккодта Бязырты Алыксандр 15 августы 1968 азы. Лацы хъæуы, Куырдтаты Комы, æцæгдæр ис ныхас, бадæнтæ та дзы сты стыр дуртæ, иу дур та дзы у къæлæтджыны хуызæн, æр- бадæн бынат къуырфгонд æмæ уыцы ныхас хонынц «Нарты ныхас». 50. Царциатæ Цымийы хъæуы. Загъта йæ Цымийы хъæуккаг колхозои Бигъуылаты Ягор, -фысгæ та йæ ныккодта Цæллагты "М. М. 1932 азы 6 июлы. ЦИНИИ архнв, ф. 23, папкæ 15, ф. 8: «Царциатæ». Царциатæ — фольклоруарзæг Гæззаты Лади ныффыста Едысы хъæуы цæрæг Беджызаты Леуанæй рагон историон хабар, ома Царциатæ уыдысты нарты хæдфæстæ чи цард, ахæм адæм æмæ 249-'
'Стонгæй сыскъуыдысты; сæ калакæй ма баззад хæлддзæгтæ Едыс- 1мæ æввахс иу къуылдымыл. «Царциаты калак» йæ ном. (Газ. «Хурзæрин», 1924 аз, № 22, 3 ф. æмæ № 21). 51. Царциаты уæлмæрдтæ Лацы. Загъта йæ 60-азыккон колхо- ;зон Хадыхъаты Гацыр, фысгæ та йæ ныккодта Дзанайты Серги ^поэт, фыссæг) 1940 азы сæрды. ЦИНИИ архив, фарс 119, папкæ 91, фæрстæ 126—28. «Царциатæ». 52. Царцнаты сæфт. Загъта йæ Алагиры горæты цæрæг 67-аз- дзыд зæхкусæг лæг Хуыдалты Хадзымуссæ, фысгæ та йæ ныккод- та Бязырты Алыксандыр 1968 азы 10 августы. 53. Царциатæ ингæнмæ куыдæй бацыдысты уый. Радзырдта йæ Алагиры цæрæг 65 аздзыд зæхкусæг лæг Дзыгойты Алыксандр> фысгæ та йæ ныккодта Бязырты Алыксандр 1968 азы 10 августы. 54. Нартхор. Радзырдта йæ Хуссар Ирыстоны Громы хъæук- каг Къусраты Артъеи 1940 азы 9 августы, фысгæ та йæ ныккодта Плиты Илья. . ; ■ ХИЗИИ архив, фолькдор, №245. 55. Нарты Ацамонгæ. Радзырдта йæ Уырымты Басил. Æрм- дойнаг. Цæудзæн ыл 65 азы. Иæ фыдæлтæ ралыгъдысты Цъама- дæй, Уæлладжыры комæй. Таурæгътæ уый фехъуыста сæ сыхы зæрæдтæн—Æмбалты Дзыккойæ æмæ Бесæйæ, Баскаты Боланæ æмæ Уырымты Состыккæй; фысгæ та сæ ныккодта Æмбалты Цоцко. ХИЗИИ архив, папкæ 118, №13, 124 ф. . _ 56. Нартæ куыд фесæфтысты. (Нартхор куыд фæзынд). Ра- дзырдта йæ Æрыдоны цæрæг кусæг лæг. 1921 азы 8 августы Дзæуджыхъæуы Хъалæгаты Иналдыхъо. ХИЗИИ архив, папкæ 118, №34, 157 ф. (ЦИНИИ архивæй). Европæйы адæмтæ, цалынмæ Колумб Америкæй æрбаздæхт, 1492—1493 азты, уæдмæ нартхор цы у, уый нæ зыдтой. Уæрæсе- мæ дæр нартхор 17-æм æнусы æрбафтыд. (Большая Советская эн- щиклопедня, 24 том). Æмæ нарты эпосмæ æрæджы бафтыд нартхор.
СÆЙРÆГТÆ Разиыхас . 3 Нарты эпосы райрæзт æмæ жанртæ ... 4 Нарты таурæгътæ æмæ хабæрттæ. 1. Гуымнрытæ, уæйгуытæ, нартæ 39 2. Нарты Уæрхæг : 47 3. Нæртон лæппу сидзæр Уæхтæнг .... 54 4. Нарты Уæрхæг æмæ йæ фыртты хæст уæйгуытимæ . - 56 5. Уырызмæг йе ’мбæлттимæ куыд фесæфт. . . . . 67 6. Созырыхъо æмæ дæлимонтæ 70 7. Æвыды-выдоны рæстæг 73 8. Сырдоны райгуырд хæйрæгæй 74 9. Нарты Сослан тыхагур 76 10. Нарты фæтæг Уырызмæг 79 11. Уырызмæджы цыд стæры 80 12. Лалымы æмбисонд. . . . . . . . : 82 13. Уырызмæг усгур куыд цыди 83 14. Нарты Уырызмæг æмæ Къайы фырт Иуане. ... 85 15. Æлдар Сатанайы куыд аскъæфта .... 93 16. Нарты Сатанайæн сау ногъайагæй чи райгуырд, уыцы лæппу. ..... 94 17. Нартæ иумæйаг ныхасдон хæдзар арæзтой. . . 102 18.' Уырызмæджы фырт. • 105 19. Нартæ æмæ гчынтæ. 106 20. Нарты æртæ æфсымæры балц 108 21. Нарты Уырызмæг къупри кæрц кæмæй скодта уыцы ру- васы таурæгъ 110 251
22. Уырызмæг æмæ йæ хо ... 23. Нарты Уырызмæг æмæ нарт 24. Бурдуры фырт Сыбаччч 25. Хæмыцы сыгъзæрин дæндаг 26. Хæмыц Дзабелаты хæфс-чызджы куыд ракуырдта 27. Нартæ Хæмыцы куыд амардтой 28. Нарты Созырыхъо æмæ бæсты рæсугъд ус 29. Созырыхъо æмæ Иуæтам 301 Нартæ æмæ Борадзаутæ 31. Хæмыцы фырт Таугæрдæг ... 32. Нарты Гаджи æмæ Хуызы фырт Челæхсартæг 33. Деденæджы фырт Арæхъцау 34. Созырыхъо пехуымпаримæ куыд хæцыди 35. Сослан æмæ гуыппыртæ 36. Албегаты чызг лæппу куыд сси пехуымпары æххуысæн уый кадæг 37. Алымбеджы фырт Алымбег . 38. Нарты Батрадзы тох хъæддаг хуыимæ 39. Нарты Батрадз æмæ Бæлхъар-мæлик 40. Батрадз æмæ Сахы-рæсугъд 41. Нæртон чызг Акуллæ ... 42. Нарты Батрадз йе ’фсымæры хæйрæджыты ’ уацарæп куыд ракодта, уый таурæгъ 43. Нарты Батрадз æмæ Бурхорали 44. Гуымириты тыххæй 45. Гуымирытæ 46. Уæйгуытæ ... 47. Нартæ 48. «Зилахары тъæпæн» . 49. Нартæ Лацы-хъæуы : . : . . 50. Царциатæ Цымийы хъæуы 51. Царциаты уæлмæрд Лацы 52. Царциаты сæфт : 53. Царциатæ ингæнмæ куыдæй бацыдысты, уьга? 54. Нартхор : 55. Нарты Ацамонгæ . . ^бб^.Нарт^ куыд ^зесæфтысты. : 57. Нарты райдайæн. : 58. Борæ æхмæ донбеттыртæ 59. Борæ дæлимонтæм 60. Борæ Л^уарыхъæды 252
61. Борæйы чындзæхсæв 62. Дзылæу цуаны 63. Дзылæу æфсæрон уæйгуытæм 64. Æфсæронты хойы скъæфт 65. Уæйгуыты хæст Зæронд дзырдтæ æмæ сæ нысаниуæг Документтæ æмæ фиппаинæгтæ 227 230 233 236 239 241 243
ЛОГО-ОСЕТИНСКИИ НАУЧНО-ИССЛЕДОВАТЕЛЬСКИИ ИНСТИТУТ НАРТСКИЕ СКАЗАНИЯ НЕИЗДАННЫЕ ТЕКСТЫ б«ьао)оьоь ош’зего&о&о гнЬЗОТЗбЗОЗБО&ОСГО &05ь<!>0&0 Составление, вступительная статья и комментарии А. X. БЯЗЫРОВА 6. Ь. &06Т50АГП13Э6 Редактор Р. К. Тедеты Худож. редактор А. Д. Ванеев Техн. редактор В. А. Тедеева Корректор Д. С. Кумаритова. Сдано в набор 2. VII 1973 г. Подписано к печати 18. IX. 1973 г. Формат бум. 84х1087з2. Уч.-изд. л. 8,2. Ус.-печ. л 13,5. Тиралс 500 экз. Заказ № 1080. ЭТ 00225. Цена 60 коп. Издательство «Ирыстон», г. Цхинзалн, ул. Ленина, 3. ЦгИггпЛЬСКаЯ ТИП0ГРаФия № 10 Госкомитета Совета Министров ГССР по делам издательств, полиграфии и книжной торговли. г. Цхинвали, ул. Московская, 5.