Текст
                    %
ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ ЧИНГУЫТЫ РАУАГЪДАД
0РДЖ0НИКИДЗЕ


Ацы чиныджы цы радзырдтæ ис, уыдон æвдисынц В. И. Ленины цард æмæ революцион куыстæй æрмæст хицæн цаутæ. Автортæй иу, С. Виноградская, дзуры, йæхи цæстæй цы федта, йæхи раз цы хабæрттæ æрцыдис, уыдон. Иннæ автор- тæ, 3. Воскресенская, Л. Радищев æмæ Эм. Казакевич, сæ радзырдтæ ныффыстой, Ленины арæх чи уыдта, йе та йыл бæрæг фадæтты чи сæмбæлдис, ахæм адæймæгты ныхæстæм гæсгæ, науæд та бæлвырд документтæм гæсгæ. Радзырдтæ кæсгæйæ, лæгæн йæ цæстытыл ауайы Ленины æнæферохгæнгæ сурæт, æмбарын ын байдайы йæ удыхъæды диссаджы миниуджытæ — революцион тохы мидæг куыд хъæ- батыр æмæ арæхстджын уыди, кусæг къласы, фæллойгæнæг адæмы хъарутыл йæ зæрдæ куыд тынг дардта, стыр паддза- хадон хъуыддæгтæ кæнгæйæ дæр-иу сын сæ тыхстмæ æркæ- сын æмæ баххуыс кæнынæн рæстæг куыд ссардта, уыдæттæ. Любимый народом Рассказы о Ленине для среднего и старшего школьного возраста Перевод на осетинский язык Н. М. Доева Северо-Осетинское книжное издательство Орджоникидзе * 1964
нтæф бонты рæстæджы-иу къупецагмæ хорз касти наулæууæны хæдфарсмæ сатæджы ба- дын, уыцы ран цай цымын æмæ рæстæгæй- рæстæгмæ йæ алфамбылæйттæм хицауы цæ- стæй акæсын. Уым ын, дæлбазыры бын, йæ- хицæн уыдис сæрмагонд бынат, лæууыди дзы чысыл стъол, æхсызгон пыф-пыф дзы кодта самавар æмæ тæмæнтæ калдта урсварс цайныкк. Цал- дæр къахдзæфы æддæдæр Волгæ æнцадгай йæ дæттæ хаста, æмæ-иу йæ уылæнтæ хуры тынтæм куы иу ран, куы иннæ ран ферттывтой. Æмæ та мæнæ абон дæр къупецаг бады, уæдæ цы, йæ бæрæгон бынаты. Иу къаннæг лæппу йын йæ разы самавар æрæвæрдта. Самавар йæ фырсыгъдæгæй тæмæнтæ калдта. Наулæууæны фæйнæджытæ зына-нæзына змæлыдысты, рай- хъуысыд-иу сæ хъыррыст. Тæккæ былгæрон æнцадгай пыф- фытт-пыффытт кодта чысыл пароход, къулсагъд трубаджын. з
Баржæйы г цыдæртæ архайдтой бæгъæввад матростæ. Алы- рдыгæй йæ цурмæ иугай-дыгай цыдысты, доны фаллаг фарсмæ ахизын кæй хъуыдис, ахæм адæм. Уыдонæн æнтæ- фæй се ’уæнгтæ æрызгъæлдысты, æмæ уæнгмард змæлд кодтой. Иæ хæлафы фадгуытæ уæллоз тылд, афтæмæй стъолы раз æрлæууыд иу матрос.— Зоныс, хицау?! — загъта уый.— Ныртæккæ лодкæты рæзты æрбацæуын, æмæ дын иу лæг уым лодкæты хицæутты куы баййарид, фаллаг фарсмæ, дам, мæ баппарут. «Æз, дам, тынг æнæвдæлон дæн, æмæ мын баржæмæ æнхъæлмæ кæсынæн рæстæг нæй!» Уыдон ын ракъуыр-бакъуыртæ кæнынц, фæлæ лæг хъæбæр ныллæу- уыд: «Ахæм бар, дам, ын ничи радта, æмæ адæмы ласын ма уадза... Доныл, дам, йæ бар никæмæн...» Къупецаг æм фæрсмæ дæр нæ ракаст, афтæмæй йын зи- вæггæнгæ загъта: — Фæдæ дæ ныхас?.. Цæугæ, дæ фæндаг дар!.. Чысыл дæлдæр, писийæ сæрст сау-сауид лодкæтæ был- гæрон кæм лæууыдысты, уыцы ран иу лæппулæг, тæнæг урс хæдонджын, баздæхти, йæ цæсгомы арф æнхъырдтæ дурыл къахты хуызæн бæрæг кæмæн дардтой, ахæм урсзачъе лæгмæ: — Никæй бон у сымахæн адæмы ласын нæ уадзын, куыннæ йæ æмбарут! Ахæм закъон нæй... суанг махмæ дæр!.. — Уыцы хъуыддаг, хорз лæг, махæн зын равзарæн у, — дзуапп ын радта урсзачъе лæг.— Доныл дыууæрдæм ласын аренды райста æмæ горæтæн бирæ æхца дæтты. Цæй закъон æмæ цæй æндæр! Лæппулæг йе ’рфгуытæ фелхынцъ кодта: — Адæмы дыууæрдæм ласыны куыст аренды кæй рай- ста, уый йæхи хъуыддаг у, фæлæ иннæты уыцы куыст кæ- нын нæ уадзын — ноджыдæр та йæ зæгъын — æппындæр йæ бон нæу! Тæрхондонмæ йыл бадæттут, ничи йæ сраст кæндзæн! 1 Б а р ж æ — сыфцæй ласгæ нау. 4
Урсзачъе лæг йæ тамакойы сыгъдоныл æрту кодта, фæ- лæ йæ донмæ нæ баппæрста (ныййарæг мад — Волгæйæн аргъ кæнын хъæуы), фæлæ йæ йæ къахæй змисы ныннадта. — йæ дзыпп æфсæрст дзаг у, æфсæрст дзаг, æмæ тæр- хонгæнæджы дæр балхæндзæн! Тыхджынимæ хъæбысæй ма рахæц, бонджыныл тæрхондонмæ ма бадæтт! Ахæм æмби- сонд никуы фехъуыстай, æлдар! — Уый раст хъуыды нæу! — йæ ныхасыл фидар лæууы- дис лæппулæг.— Уæдæмæ уæ фæтæрсын кодта, æндæр ни- цы. Тыхми, æгæнон ми кæй кæны, уый бæлвырд у! Тæрхон- донмæ йыл куы бадæдтат, уæд æй бар-æнæбары дæр ба- фхæрдзысты! Урсрихи лæг дзургæ ницыуал, фæлæ йæ къух ауыгъта. Иннæ лодкæйы хицау, скъуыдтæ къепкæджын, æнцад лæу- уыд æмæ-иу наулæууæнырдæм куыддæр æнæныфс каст фæ- кодта. — Цæуæм?! — бафарста йæ лæппулæг. — Æмæ дзы ницы рауайдзæн, ницы, фæстæмæ нæ раз- дахдзæни! — дызæрдыггæнгæ сдзырдта лодкæйы хицау. — Уæдæмæ цом! Бавзарæд-ма! Лæппулæг дзуапмæ дæр нал банхъæлмæ каст, афтæмæй лодкæ размæ тынг асхуыста, багæпп дзы ласта æмæ бæн- дæныл кафæгау цыдæй лодкæйы фæстаг хаймæ йæхи бай- ста. Лодкæйы хицау доны цалдæр къахдзæфы бацыд æмæ- иу йæ сæр батылдта, раст цыма, куыд ын сразы дæн, зæгъгæ, йæхæдæг йæхиуыл дискодта, уыйау, стæй уæд уый дæр лод- кæмæ бахызти. Бæлæгътæрæн фиййæгты фидаргæнæнтæн сæ хъыррыст ссыд, фиййæгты змæлдæй дон фæлмæн цæл- лахъхъ байдыдта. Лæппулæг йæ хъуыдыты аныгъуылд æмæ размæ касти. Уыцы фурд, цæст кæуыл не ’ххæссы, ахæм стыр доны тъæпæнтæ уый уынын байдыдта, зæххыл фыццаг къахдзæф- тæ куы акодта, уæдæй фæстæмæ, фæлæ уæддæр сæ, уындæй цæст кæм æфсæды! Лодкæ цъыгъгъуытт кодта размæ; былгæронæй дзæвгар ацыдысты, фæлæ ма доны иннæ фарс фыццаджы хуызæн 5
дард зындис. Уалынмæ лодкæйы хицау фиййæгтæ кæрæдзи- йыл тынг скъуырдта. — Гъе уый дын нæ цыд! Ныр ницыуал! — мæсты хъæр фæкодта лæг. — Ды уыцырдæм нæ кæсыс, уыцырдæм! Уæр- тæ-ма наулæууæнырдæм азил! Лодкæйæ дзæбæх зынди: наулæууæны тæккæ былмæ ба- цыд даргъбоцъо æмæ даргъхæдонджын лæг æмæ йæ къух- тæ хæтæлæвæрдæй йæ дзыхмæ схаста. — Эге-ге-ге-е-ей! — фехъуысти йæ хъæр лодкæйы бад- джытæм.— Фæ-стæ-мæ ра-а-здæ-æ-æх! — Уый йæхæдæг у æви?.. Йæ хъæлæс чи фады? — цъынддзастæй кæсгæйæ, афарста лæппулæг. — Уæдæ æндæр чи? Йæхæдæг у!.. Богътæ кæны, Волгæ- йыл кæрæй-кæронмæ куыд хъуыса, афтæ! Хицау у! — Лодкæтæрæг бахудæгау кодта, æмæ йæ былтæ фæзылын сты.— Ныр æй бафæрс, цы йæ хъыгдарæм мах, зæгъгæ, уæд цы зæгъид?! Дзыллæтæ уымæ ныххæррæтт кæньшц, фæлæ нын уæддæр капекк бакусыны фадат нæ дæтты... Æмæ æдзухдæр растыл нымад уый вæййы. Тынг стыхДжын и. Наулæууæны цы лæг зынди, уый йæ къухтæ тилын систа, цыма сигналтæ лæвæрдта, уыйау: —’ Э-эй!.. К/ьуырма бадæ æви?.. Раздæх фæ-стæ-мæ! — Размæ цу, размæ! — фидарæй загъта лæппулæг. Йæ цæстытæ ноджы фæцъынддзастдæр^ æмæ фæтардæр сты.— Гъе-джиди, ныр ма нæ ноджыдæр дыууæ фиййаджы куы уаид! — Ницы дзы рауайдзæн! — зæрдæсастæй сдзырдта лод- кæйы хицау. — Ныртæккæ нæм адæм циркмæ кæсæгау кæс- дзысты... Уыныс, цас дзы æрæмбырд ис! Алырдыгæй згъо- рынц! — Уадз æмæ кæсой! Размæ гъæй кæ! Ахæм ныфсджын ныхас хъусгæйæ, лодкæйы хицау йæ куыст кодта. Уыдонæн доны астæуæй сæ фæфале, афтæ чы- сыл пароходæн йæ трубайы сæрмæ æваст фегуырди мигъы къуыбылой. Райхъуысти цыбыр уаст, баржæйыл лæуджытæ ацахстой бæндæны кæрон. Чысыл пароход цырд азгъордта б
æмæ йæ фæстæ уагъта, æнæзмæлгæйы хуызæн чи уыд, уы- лæнты ахæм тæлмытæ. Пароходы бортыл1, хæбырæгътæй архайын æввонгæй, лæууыдысты матростæ — хъуамæ лодкæйыл æрхæцыдаик- кой. Цавæрдæр лæг, бæгъæввад, йæ фадгуытæ уæллоз тылд, фæлæ йæ сæрыл морячы урс агъудджын худ — æвæццæгæн, капитан, — къаманды кодта æнахуыр фæсус, нозтæй æф- хæлд ныллæг хъæлæсæй: — Р-р-уль ра-а-хизырдæм! Ра-а-змæ, тагъддæр! Лодкæмæ сæ дыууæ сардзинæй фылдæр куы нæуал хъуы- дис, уæд фехъуысти капитаны хæр-хæргæнаг хъæлæс: — Са-а-быр ауадз! Ба-а-уром! Машинæ ма цалдæр æмыр гуыппы фæкодта æмæ йæ куыстæй банцад. Пароход лодкæйæн йæ хæдцурмæ бацыди. Цалдæр хæбырæгъы уайтагъд лодкæйы фарсыл ныффи- дар сты. — Ам ’адæмы ласыны дзырд нæй! — барджын дзырдæй загъта капитан. — Курын, æмæ ардæм схизут. — Уæ бон нæу искæй уромын! — уайтæккæ фæхъæр ла- ста лæппулæг, — уый тыххæй уæ дзуапп дæттын бахъæу- дзæн! — Уый мах хъуыддаг нæу! Мах уыдæттæн ницы зонæм! Хицау нын куыд загъта, афтæ кæнæм! Кæд фаллаг фарсмæ цæуыс — мæнæ ам сбад! Лодкæ дарддæр нæ ауадздзы- стæм!.. Лæппулæг лодкæйы хицауæн æхца радта, йæхæдæг па- роходмæ схызт, уадидæгæн йæ дзыппæй гыццыл фыссæн чиныг систа æмæ капитанмæ дзуры, уе ’ппæты мыггæгтæ дæр мын зæгъ, зæгъгæ. — Табуафси! — æвæлмасæй йын дзуапп радта капи- тан.— Ныффысс сæ, кæд дæ афтæ фæнды, уæд! Пассажиры куы бахæццæ кодтой наулæууæнмæ, уæд æм хицау йæхæдæг бацыд æмæ йын барон хъæлæсы уагæй, ху- дæнбылæй афтæ: 1 Б о р т — науы фарсæн йæ уæллаг кæрон; фарс йæхæдæг дæр. 7
— Гъер дæхи цæмæн тыхсын кæныс, хорз лæг?! Адæ- мæй, цас хъæуы, уыйас куы бамбырд уа, гъе уæд дæ фал- лаг фарсмæ æгъдауыл баласдзыстæм... Ныр та уал дæм ме- мæ цай бацымын куыд фæкæсид? Мыдимæ, кърендели- тимæ... Пассажир цыма уыцы ныхæстæ нæ фехъуыста, уыйау фæрсы: — Æмæ, ды цы æгъдауæй зæгъыс, уый чи сæвæрдта?! — Æз мæхæдæг! — уыцы худæнбылæй та йын дзуапп радта къупецаг. — Æз горæтæн аренды æхца куы фидын, уæд æндæр искæй цæмæн хъуамæ уадзон?! Гъемæ бар ни- кæмæн дæттын!.. Нæ дæ фæнды уæдæ иу цай бацымын?.. Бар дæхи! Уыцы рæстæг адæм алырдыгæйты цыдысты наулæууæн- мæ — чи йæ дзæкъулимæ, чи голлагимæ, кæмæн та йæ къухы æнæуи тыхтон. Æрбацыди цалдæр дзаг уæрдоны. Æппынф,æстаг матростæ баржæйæ наулæууæны былмæ æруагътой бæзджын фæйнæджытæ. Адæм райдыдтой бар- жæмæ хизын, алы дзауматæ хæссын æмæ тулын, уæрдонæй- æндæрæй. Пароход ныууасыд, сгуыпп-гуыпп кодта, фæлæ уалынджы бæрзонд къуыбырæй æрыхъуысти хъæртæ. Уы- рдыгæй сæ къухтæ тилгæ æрцæйзгъордтой, чи байрæджы кодта, ахæм адæм, æмæ згæхуыз рыг сæ сæрмæ мигъау бад- ти. Капитан сæм банхъæлмæ касти — уæлдай пассажиртæ аласын хицауæн пайда у. — А-а-раст у-у! — скъаманды кодта фæсус хъæлæс. Па- роход хъыррыстгæнаг канатыл ахæцыд, аивæзта йæ æмæ баржæ Волгæйы иннæ фарсмæ аласта. Къупецаг фæстæмæ дæлбазырмæ æрбацыди. Лæггадгæ- нæг лæппу самаварæн сырхзынг æвзалытæ æрбахаста. Стъо- лы цур æрбадти зонгæ чиновник. Уый дæр федта, пароход лодкæйы куыд раздæхта, æмæ ныр хицауимæ ныхас кодта уыцы хабары фæдыл. — Хивæнд адæймаг! — дзырдта къупецаг, блудайы цай футæ кæнгæйæ.— Цъæхæй рæгъæд кæй хонынц, ахæм... — Уыдон тынг сарæх сты! — Чиновник гыццылгай йæ 8
цай хуыппытæ кодта уидыгæй.— Фæлæ уыцы митæ цы ахъаз сты? Æрмæст уæлдæф дзæгъæл-хуымæтæджы змæ- лын кæнынц, æндæр ницы!.. Мæнæ, къаннæг уылæн доныл фезгъоры, уый дæр уæлдæрмæ схауын фæфæнды, фæлæ уа- лынджы наулæууæныл йæ тъæпп фæцæудзæн — æмæ бамы- нæг уыдзæн... йæ кой-йæ хъæр дæр нал!.. Чысыл фæстæдæр дыууæ лæгæй лодкæ дæр æмæ пасса- жир„ дæр ферох сты, æмæ дзурын байдыдтой горæты ног хабæрттыл, алы дам-думтыл. Искæд бон горæты цæрджытæ æмхуызонæй уыцы хабар диссагæн дзурын райдайдзысты, уый сæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд. Хъуыддаг райдыдта уымæй, æмæ иу бон куы уыд, уæд къупецагæн йæ хæлæрттæй чидæр фехъусын кодта, Сама- рæйæ дыл де ’нæзакъон миты тыххæй хъаст фæцæуы, зæгъ- гæ. Къупецаг лæг, цæй кой йын чындæуыд, уый фыццаг дзæ- бæх нæ бамбæрста. Бирæ хъуыддæгты-иу ныссагъд, ’арæх- иу æй бахъуыд фæдфæливæнтæ кæнын, фæлæ ахæм хъуыд- дагыл никуыма сæмбæлд. Бамбарын ын кодтой, хъаст цæй фæдыл у, уый, стæй йæ кæй балæвæрдта иу цавæрдæр Ульянов, æвдакаты пъамос- ныкк, Самарæйы чи кусы, ахæм. Йæ зæрдыл æрлæууыды- сты æрыгон адæймаджы æнæсæттонхуыз цæсгом æмæ цъындгомауæй кæсæг æдзынæг цæстытæ. Æрымысыд, чи- новник ын доны уылæны тыххæй цы ныхæстæ загъта, уыдон. «Ничи йæм кæсы! — бахудти къупецаг. — Афтæмæй мæ æцæг куы фæтæрсын кæндзæн!» — Лодкæтæрæг басяччыты тыххæй йæ тæрхондоны раз йæхи рæстытæ кæнын бахъæу- дзæнис, уый йæ æппын ницы хуызы уырныдта. Уæд къупецагæн бæлвырддæр бамбарын кодтой: дæ хъуыддаг, ома, уыйас стыр хъуыддаг нæу, фæлæ уæддæр тæрхондоны æвзаринаг у, стæй хауы æнæзакъон миты тых- хæй статьямæ; уыцы статья та амоны иу мæй ахæстоны фæ- бадын, стърафæй йын баивæн куыннæуа, афтæмæй. Цæмæй æнæхъуаджы ма батыхстаид, уый тыххæй йын æвдакат дæр .бацамыдтой. Æвдакат, йе ’ууæлтæм гæсгæ, ахæм хъуыд- дæгты фæлтæрд уыди — йæ цæсгом бирæгъы цармау цъæх 9
халас, йæ уæлæ дæрдджын фрак, йæхæдæг фындзы тама- комæ смудын уарзаг. Уый дæр къупецагæн загъта, зæгъгæ, хъуыддаг стыр хъуыддæгтæй нæу, фæлæ зын рамбулæн у, уымæн æмæ дзы æнæзакъон ми ис бæлвырдæй. Æниу, дам, арв куыд нæры, афтæ нæ фæцæвы. Къупецагæй аванс куы райста, уæд афойнадыл араст и, хъуыддаг кæм æвзæрст цыдис, уырдæм. Æвзарынмæ та йæ барæй арвыстой дард ранмæ, къупецагæн йæ райгуырæн хъæу цы уезды уыдис, уырдæм. Æвдакат бынатмæ куы ныххæццæ, уæд хъæстгæ- нæджы уым баййæфта æмæ йын æгъдауджынæй салам загъта: — Самарæйæ æрхæццæ дæ, коллегæ? Дардæй фæцыдтæ! Мæнмæ гæсгæ, æппынкъаддæр фондзыссæдз версты... æмæ уымæй — мах уæрæсейаг фæндæгтыл! Æрцæуæг ын цыбыр дзуапп радта, æцæгдæр дардæй æр- цыдтæн, зæгъгæ, фæлæ уымæй фылдæр ныхас кæнынмæ йæ хъус не ’рдардта. Чысыл фæстæдæр сæм фæдзырдтой тæр- хонгæнæджы агъуыстмæ. Уым бадти кондджын æмæ уынд- джын нæлгоймаг, йæ цæстыбынтæ уæздан рæсыдхуыз. Лæг бакасти хъасты гæххæтт æмæ уайтагъд сæ дыууæйæн дæр загъта, уæхæдæг дзæбæхæй бафидаут, зæгъгæ. Хъуыдда- джы, дам, ахæм стырæй ницы ис, хуымæтæджы лыстæг хъуыддаг, æмæ æнцон алыг кæнæн у, дыууæрдыгæй дæр ра- зыйæ куыд баззайой, афтæ. Æрцæуæг чи уыд, уый дзуапп радта, зæгъгæ, нæдæр абон, нæдæр фæстæдæр уый ницæй тыххæй сразы уыдзæн бафидауыныл æмæ домы,' цæмæй хъуыддаг æвзæрст æрцæ- уа, закъон куыддæриддæр амоны, афтæ. Иуцасдæр рæстæ- джы фæстæ сын тæрхоны лæг фехъусын кодта йæ уынаф- фæ: цыдæртæ ма дзы бæлвырд бæрæг кæй не ’сты, уымæ гæсгæ хъуыддаг æргъæвд цæуы фæстæдæрмæ. Æвдакат йæ балцæй куы сыздæхт, уæд къупецагæн лæм- бынæг фæдзырдта, цы федта æмæ цы фехъуыста, уыдон иу- уылдæр. К/ьупецаг сагъæсхуызæй йæ боцъомæ февнал-фев- нал кодта æмæ та-иу ногæй фæрсынтæ байдыдта: — Нæ, уæддæр-ма мын зæгъ, цæуыл йæ уд хъары, цæ- ю
уыл? Нæ йæ æмбарын, хуыцауыстæн! Æз дæуæн æхца фи- дын, æмæ ды архайыс, фæлæ лæвар ды мæн тыххæй де ’нгуылдз уазал доны не стулис. Афтæ нæу, и? Уый та йæ- хионтæ дæр хардз кæны, стæй йæ рæстæг сафы, рацу-бацу- тæ-йедтæ... Уый куыд æмбарын хъæуы?! — Лæппу у æмæ схъиудтытæ кæны! — дзуапп ын радта æвдакат, йе ’уæхсчытæ фелхъивгæйæ.— Ахæмтæ хъал вæй- йынц, сæ сæр бæрзæндты фæхæссынц! Фæлæ ам йæ хъуыддаг фæсыкк уыдзæн! Тæрхоны лæг ын йæ фындз амæрздзæн! Гæххæттытæ арф ран нысхуыста æмæ сæм тагъд не ’ркæсдзæни... Æвдакат дзæгъæл-хуымæтæджы нæ дзырдта афтæ. Æрæгвæззæгæн йæ кæрон æрхæстæг, Волгæ-дон уазал улæфт систа, æмæ йæ былгæрæттæ бындзарæй æлвыды хуы- зæнæй зынын куы байдыдтой, æрмæст гъе уæд та ногæй фæсидтысты хъæстгæнæгмæ æмæ, зылынгонд чи цыдис, уымæ. Ацы хатт, йе ’вдакатмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, къупецаг йæхи мидæг тыхсын, мæт кæнын байдыдта. — Тæрхоны лæг та хъуыддаг фæстæдæрмæ аргъæвта!— саламы бæсты йын загъта дыккаг бон йе ’вдакат, кæл-кæл худт кæнгæйæ, æмæ йæ къухтæ аууæрста. — Ссардта та йын æфсон! "Фæлæ уыцы самарæйаг дæр, æвæдза, æвирхъау адæймаг у.—Æвдакаты хъæлæсы хатт азæлыди, лæппу цы- ма йæ зæрдæмæ цæуын байдыдта æмæ йæ цæсты фæкад- джындæр, цыдæр ахæм хуызы.— Æрбалæууыди донласт хуылыдзæй, цъыфæйдзæгтæй, йæ дарæсæй иу гæппæл дæр хус нал... Самарæйы фæндаг ныртæккæ цы хуызæн уыдзæн, уый дæхæдæг зоныс. Донæй хъаймæт!.. Фæлæ уымæн цыма хъуыды дæр нæу... Ноджыдæр та нын загътой, бафидаут, зæгъгæ, фæлæ — бæгуы;бæ! Кой дæр æй нæ уадзы! Цæй, ницы кæны, тæрхондонмæ ма цалдæр хатты куы фæцæуа, уæд æрфæлмæн уыдзæн... Бастайын æй кæндзыстæм... Иæ къамтæ æрæвæрдзæн. Къупецаг ницы дзырдта. Йæ хуылфмæ хъусыныл фæцис æмæ йæм афтæ касти, цыма лæгъз ран фæцæйцыд æмæ 11
æвиппайды йæ ных скъуырдта, зынгæ чи нæ кæны æмæ афтæмæй айнæгдурæй хъæбæрдæр чи у, ахæм цæуыл- дæр... Рæстæг йæ цыд кодта. Волгæ иууылдæр ныйих ис. Адæй- магмæ афтæ каст, цыма уыцы егъау урс-урсид тыгъд быды- ры лодкæтæ æппындæр никуы цыдысты æмæ дзы ахæм бы- нат уæвгæ дæр нæ уыд. Наулæууæн йæхæдæг дæр ыыр зын- ди цавæрдæр æнахуыр ихын агъуысты хуызæнæй. Ног азмæ ма цалдæр боны уыд, афтæ æвдакаты æххуыс- гæнæгмæ — Ульянов Владимир Ильинмæ — æрбалæвæрд- той тæрхондонæй æрвыст пъавесткæ. К/ьупецагыл хъаст кæй балæвæрдта, уый хæдзары бинонтæн зындгонд уыдис. Вла- димир Ильич уыцы сахат йæ уазæгимæ шахмæттæй хъазыд, æмæ мад йæ фыртмæ мæтгæнгæ бакаст, ноджыдæр та йæ бахъæудзæн æнæхуыссæг æхсæв арвитын, поезды, стæй та уæрдонæй æмæ фистæгæй дард кæдæмдæр цæуын, зæгъгæ. Лæппу йæ фæнд кæй нæ аивдзæн, уый дæр зыдта, фæлæ уæддæр йæхи нæ баурæдта æмæ йын загъта: — Фæдтау æй куы ныууагътаис уыцы къупецаджы, Ва- лодя! Ницы дзы рауайдзæн, æрмæст ма дæхи удхарæй амардзынæ. — Æдзæугæ мын нæй, мамæ, — фæлмæн хъæлæсы уа- гæй дзуапп радта.фырт, шахмæтты фæйнæгæй йæ цæстæн- гас фæхицæн кæнгæйæ, — хъуыддаг кæронмæ ахæццæ хъæ- уы! Ахæм хорз фадæттæ .нын арæх нæ вæййы, æмæ дзы хъуамæ спайда кæнæм! Цалфæнды хатты йæ аргъæвæнт фæстæдæрмæ, уæддæр сæ иу хатт тæрхон рахæссын бахъæу- дзæн! Æмæ йæ уæд æгас горæт дæр фехъусдзысты. Уый тынг зонды хосхъуыддаг у!.. Тæрхонгæнæгæн йæ митæ æн- цон бамбарæн сты — хъуыддагыл бонæддæдæртæ кæны, иу хаттæй йæ иннæ хатмæ æргъæвы, уымæн æмæ йын æндæр ницы гæнæн ис... Мæнæ раст дæу хуызæн,— йæ мидбылты бахудтис йе ’мхъазæг æмбалмæ æмæ йын хъæрæй загъта: — Мат... Фæлæ æз уыцы миты тыххæй мæ фæнд нæ аив- дзынæн... Гъе æрмæст, поезд сæударæй араст вæййы... æх- сæвыцæстæй та мæ стын бахъæудзæнис. 12
* * * Ралæууыд уалдзæг. Ихы фæзгъæртæ сфæлмæн, стæнæг сты; ивылд дон сæ сындæггай хаста æмæ сæ сабыр сыр-сы- римæ кæрæдзиуыл хафта. Ихæй чи асыгъдæг, доны ахæм цæстытæ уæрæхæй-уæрæхдæр кодтой. Хуылыдз быдыртæн цадæггай сæ фæздæг цыдис, алы гыццыл кулæй дæр хур сызгъæринау тæмæнтæ калдта. Стыр фурды фæндаг нау- тæн нæма байгом, пароходтæ уал æрмæст рагацау сæ хъæ- лæстæ сыгъдæг кодтой, уазалдзыд гудоктæй сæ кæрæдзи- мæ уасыдысты. Доны былгæрæттæн, наулæууæнтæн сæ их састой æмæ йæ донмæ æппæрстой, фæлæ адæм доны иу фарсæй иннæмæ цæуын байдыдтой. Уыдон ласыныл куыстой кæсагахсджыты уæзбын бæ- лæгътæ дæр, биноныг ифтонггонд яликтæ дæр æмæ цæрдæг чысыл лодкæтæ дæр. Æмæ-иу искæцы ран ныхас куы ба- цайдагъ, уæд-иу уайтагъд æрымысыдысты наулæууæны хи- цау къупецаджы. Къупецаг йæхæдæг уæд ахæстоны бадтис. Нæ зонгæ лодкæтæрæг, скъуыдтæ картузджын, æппын- дæр зæххыл нал хæцыд. Лæг ныр, æвæццæгæн, сæдæймаг хатт дзырдта, «ахæм хъæздыг къупецаджы» ахæстоны чи баппæрста, уыцы пассажиры куыд ласта, уый, æмæ йæ тау- рæгъыл иу хаттæй иннæмæ ног ахорæнтæ æфтыдта. — Нæхионтæй, волгæйаг! Йæ бакастæй дæр бæрæг уыд! Æвзонг лæппу, фæлæ бæгъатыр арæзт, йæ хъæлæс арвы нæрынау. «Размæ гъæй кæн», зæгъгæ, мын куы фæкодта, уæд мæ фиййæгтæ сæхæдæг скуыстой! — Фæлæуу, мæнæ къупецаг рацæуа, бирæ бадын æй куы нæ хъæуы! Уый уын бацамондзæн! Уæ сæр уæ кой суыдзæн! Лодкæтæрæг уæлахизы худт ныккодта: — Нæ, къупецагæн йæ цай йæ хъуыры фæбадт! Дыккаг хатт æй ахæстонмæ нал бафæнддзæн! Миййаг та исты куы сфæнд кæна, уæд ын мах... — Лодкæтæрæг арф ныуулæфыд æмæ фæсусхъæлæсæй схæр-хæр кодта: — Са-а-быр ауадз! Ба-а-уром! 1а.
тæвдтæгонд æмæ цъæхдзаст, кæсæнцæстджын æнахъом лæппу цардис Бетъырбухы, Знамен- скæй уынджы, йæ фыд, польшæйаг револю- ционер та Сыбыры уыд, уырдæм æй хæсгæ акодтой. Раздæр уыдон цардысты рагон горæт Виль- нойы. Фæлæ Веславы фыды Сыбырмæ куы ахастой, уæд æм лæппуйы мад уырдæм ацыд, Веславæн йæхи та Бетъырбухы ныууагътой, йæ фыды хо Юлиямæ. Веславмæ афтæ кæсы, цыма йын Юлия йæ фыды цæрмы- стыгъд бакодта, — раст уый хуызæн нарст, асæй рæстæм- бис, цъæхдзаст, хæларзæрдæ. Æцæг, Юлия революционер- кæ нæу. Уый дæндæгты дохтыр у. Фæлæ куы бахъæуы, уæд Веславы фыды хо свæййы йе ’фсымæры хуызæн ныфсхаст æмæ хъæбатыр. Веславы фыды Сыбырмæ цы аз ахастой, уыцы аз райдыд- та Германы хæст. Бетъырбухы уынгты рæнхъытæ-рæнхъы- 14
тæй рацу-бацу кодтой салдæттæ, æмæ-иу Веслав, хъæмпын худ æмæ цыбыр хæлафы, йе ’мгар сывæллæттимæ сæ фæ- дыл згъордта æмæ салдæтты зарджытæ зарыди. Иухатт, столицæйы бæлæстæ, зæронд. Вильнойы куыд вæййынц, афтæ куы фæсызгъæринхуыз сты, уæд Юлия го- рæтæй æрбаздæхт æмæ йе ’фсымæры фыртæн загъта: — Веслав, сбад-ма, иу стыр хъуыддаджы тыххæй мæ демæ аныхас хъæуы. Ус йæ сæрæй систа, æрвдидинджытæ сагъд кæуыл уыд, ахæм стыр мæскъджын хъæмпын шляпæ, айдæнмæ йæ сæры- фаст адзæбæхтæ кодта æмæ йæхæдæг дæр диваныл æр- бадти. — Веслав, абон мæ къухы хорз хъуыддаг бафтыди, Лентовскæйы сæрмагонд гимназмæ даэ айсын кодтон. Рай- сомæй фæстæмæ та ды ахуыр кæнынмæ цæудзынæ. Гъемæ уыцы ахъаззаг хъуыддаджы фæдыл æз æмæ ды хъуамæ афтæ бадзурæм... Юлия ацы ныхæстæ куы дзырдта, уæд йæ цъæх цæсты- тæ, æдзухдæр-иу рæвдауæнхуыз чи уыд, уыдон фæсау сты, æмæ лæппумæ æдзынæг ныккасти, "раст цыма йæ кусæн- дзауматæ йæ къухмæ райста æмæ рынчынæн йæ дæндаг сла- сынмæ хъавыд, уыйау. Веслав æнхъæлмæ каст, дарддæр ын цы зæгъдзæн, уымæ. — Дæ папæ ахст уыдис, уый ды гимназы макæмæн зæгъ. Сыбырмæ хаст у, уый хъуамæ мачи зона. Тынг сусæггаг хъуыддаг у. Куы йæ схъæр кæнай, уæд æз æмæ дæуæн нæ хъуыддаг æвзæр рауайдзæн, папæйæн та йæ зæрдæ тынг фæриссын кæндзынæ. Стæй мамæйæн дæр. Уый фæстæ дзæвгар фæлмæндæрæй, стæй ацы хатт по- лякагау, Юлия бафарста: — Дзырд мын дæттыс, лæджы дзырд? — О, дæттын, — йæ фыды хомæ нæ кæсгæйæ, саст хъæ- лæсæй сдзырдта Веслав. Лæппуйы къуыппарæзт ныхы сæр- мæ хъæддых ныллæууыд, сæрдыгон хуры тынтæ кæй ба- сыгътой, ахæм æгоммæгæс коцора. — Стæй ма ноджыдæр, Веслав, — цæугæ-цæуын сдзырд- 15
та Юлия, — миййаг дæ куы фæрсой, уæд-иу зæгъ, Вильно- йæ æрæджы рацыдтæ, зæгъгæ, хæст кæй райдыдта, уый тыххæй... Уыцы бонæй фæстæмæ Веслав йæ зæрдæйы æмбæхстæй дардта, йæхæдæг æй куыд æмбæрста, афтæмæй æмбисонды стыр сусæггаг хабар. Иухатт куы уыдис, уæд йæ фыды хомæ æрбацыд иу лæг. Æвæццæгæн, йæ дæндаг тынг рысти, æмæ, йæ цæсгом нын- цъылдтæ, афтæмæй йæ русыл хæцыд. Юлия йæм æдыхст, æнæмæтхуызæй ракаст æмæ йын кабинетмæ фæндаг радта. Фæлæ уыцы бон æндæр никæйуал дæндæгтæм базылди. Стæй уæд райсомæй Веслав бафиппайдта, уыцы лæг æхсæв кæй арвыста диваныл, сæ уат сын дыууæ дихы цы скъапп акодта, уый чъылдыммæ. Аходæны фæстæ, Веслав йæ чингуытæ хызыны куы æвæрдта, уæд ын йæ фыды хо загъта: — Веслав, дысон махмæ æхсæвиуат ничи кодта. Стæй æнæуи дæр махмæ æцæгæлон адæмæй æхсæв никуы ничи баззайы. Афтæ нæу? Уыцы ныхæстимæ Юлияйæн йæ цæстæнгас æваст фæ- цыргъ æмæ ссис дæндæгтæм зилæн машинæйы лыстæг æн- дон бырынчъы хуызæн. — О, бæгуы!—тагъд-тагъд ын дзуапп радта лæппу æмæ гимназмæ азгъордта, æмæ йæ цъæх цæстытæ кæсæнцæсты- ты бын ныттар сты, Веслав йæ сывæллоны бонтæ зындзи- нæдтимæ цы горæты æрвыста, уый арвы хуызæн. Иуæй-иу хатт-иу лæппуйы æнæнхъæлæджы уынгмæ ар- выстой: «Иу дæс минуты дуармæ алæуу». Фæстæмæ-иу куы æрбаздæхт, уæд æй ницæмæй фарстой. Æмæ уый дæр ницæмæй фарста. Гъе афтæмæйты рацыди æртæ азы. Æмæ æппынфæстаг уыдæттæ иууылдæр ахицæн сты. Уалдзæджы бонты Уæрæсейы паддзах йæ бынатæй æп- пæрст æрцыди. Бетъырбухы æмраст, æрдхæрæны рæсугъд уынгты адæм ивылд донау гуылвæндтæ кодтой. Æрсдоны заман куыд вæййы, афтæ æппæт паддзахад дæр æмхуызо- 16
нæй сабузта æмæ базмæлыдис. Сыбырæй æрбацыдис Вес- лавы фыд, йемæ æрбацыди мад дæр. Бинонтæ баиу сты. Баххуырстой фатер Юлиямæ хæстæг. Ног фатермæ адæм цыдысты æргомæй, æдæрсгæ. Чи сæм-иу цыдис, уыдон се ’ппæт дæр æмбæлттæ уыдысты. Веславы фыды æмбæлттæ. «Иу партийы лæуд æмбæлттæ», — афтæ сæ хуыдта Юлия. Веслав сæ-иу арæх фарста Сыбыры цардæй, политикон быцæуныхæстæм хъуыста, уынгты арæзт митингты-иу ба- лæууыд æмæ адæмимæ иумæ зарыди: «Тымыгътæ абухгæ зилынц нæ сæрмæ...» Цалынмæ кæрæдзийæ иппæрд уыдысты, уæдмæ йæ фырт куыд фендæрхуызон, ууыл дистæгæнгæйæ, фыд иу- ахæмы загъта: — Бæрæг у, Веслав бирæ чингуытæ бакаст æмæ йæ кар- мæ гæсгæ тынг æмбаргæ у. Юлиямæ кæй цардис, уый йыл фæзынд. — Нæ, Мечислав.— Юлия йæ сæр батылдта.— Цард æй йæхæдæг афтæ сырæзын кодта. Революционерты сусæг- гонд фатеры, адæмæй иппæрдæй, цæр — уый алкæуыл дæр фæзындзæн! Диссæгтæ! Юлиямæ чи цыдис, уыдон сусæгкуыстгæнæг революционертæ куы уыдысты! Цæугæ та йæм кодтой сæ дæндæгтæм зилыны æфсон... Иухатт сæм æхсæв чи баззадис, уый дæр... Фæлæ цымæ ныр кæм и? Цæуылнæ сæм æрбацæ- уы лскуы? Сусæггонд фатеры хабæрттæ хистæртæн сæ зæрдыл куы æрлæууыдысты, уæд уайтагъд тынг схъæлдзæг сты: — Нæ фыдбылызтæ иууылдæр — джигултæ, ахстытæ, Сыбырмæ хæссынтæ-йедтæ — ахицæн сты... Революци! Гъе афтæ дыккаг цардæй цæрын байдыдта чысыл Вес- лав, революционеры фырт. Æмæ уыцы ног цард лæппуйæн йæ размæ æрæвæрдта ног, ахъаззаг хъуыддæгтæ, стæй та æнæнхъæлæджы ног сусæгдзинæдтæ дæр. Сыбырæй æрбаздæхыны фæстæ æртыккаг бон лæппуйæн йæ фыд загъта: 2 Дзыллæты уарзон лæг 17
— Славæ, райсом-иу сæумæцъæхæй Невскæй уынгмæ азгъор æмæ газетуæйгæнæгæй «Правдæ» балхæн. Нæ пар- тийы газет та цæуын байдыдта. Сæумæрайсом, йæ фыд хъал дæр нæма рацис, афтæ Вес- лав уынджы фæцæйзгъордта. Невскæйы тигъыл газетуæй- гæнджытæ хъæрæй дзырдтой, кæмæ сæ цавæр газеттæ уыд, уыдоны нæмттæ. — «Правдæ» мын ратт, — баздæхтис-иу уæйгæнæгмæ Веслав.—Мæн газет «Правдæ» хъæуы. Ис дæм ахæм газет? «Правдæ»! Ай-гъай, ахæм газет разынд иу уæйгæнæгмæ. Веслав ын суари бафыста æмæ газетимæ сæхимæ азгъордта. — Татусю, пшинес! — ныхъхъæр ласта уый полякагау, йæ цин кæнæ йæ тыхсты сахат алкæд куыд кодта, афтæ. — Патш, татусю! То есть «Правда»! Перши нумер!1 Фыд газеты сыф рафæлдæхта æмæ йын йæ лыстæг дам- гъæтæй фыст рæнхъытыл ныггуыбыр. Цы уацхъуыдтæ дзы уыд, уыдон касти хъæрæй, фæдфæдыл: — «Бетъырбухы æмæ Уæрæсейы пролетариатæй нæ фе- рох ис газет «Правдæ». Нæ кусджыты газет дыууæ азы дæргъы бæрзонд дардта пролетарон тырыса». Фыд газет касти, бинонтæ та йæ алыварс æрæмбырд сты æмæ хъуыстой, æртæ азы чысыл хъуаг раздæр чи ныхъ- хъус, уыцы «Правдæйы» ныхæстæ. Уыцы хуыцаубонæй фæстæмæ Веслав алы райсом дæр уади газет æлхæнынмæ. Невскæй уынджы-иу æй куы нæ ссардта, уæд-иу æй агурын райдыдта æндæр рæтты. Лæппу- йæн фенæн уыдис горæты дард районты дæр; горæты центр уыди хъæздгуыты цæрæнбынат, фæлæ кæрæтты та фæллой- гæнджытæ цардысты, æмæ кусджыты газет уым æнцондæр ссарæн уыд. Фыд-иу тагъд-тагъдæй бакаст телеграммæтæ, хъусинæг- тæ æмæ-иу Бетъырбухы Советмæ ацыд, фæлæ-иу йæ фыр- тæн ныффæдзæхста: Папæ, æрбахастон! Кæс-ма, папæ! «Правдæ» у! Фыццаг номыр. 18
— Славæ, ацы газет бавæр. Ахсæв фæстæмæ куы æр- бацæуон, уæд æй кæронмæ бакæсдзынæн. Йæ фыды ацыды фæстæ газет касти Веслав. Æмæ-иу цы нæ базыдта газет кæсгæйæ!.. Мæнæ сидынц «Правдæ- йæн» баххуысы тыххæй æхца æмбырд кæнынмæ. Редакци- йæн йæхимæ типографи нæй, хъæуы æхца... Хицауадгæн- джытæй дæс министры сты капиталисттæ. Фæтæрын сæ хъæуы!.. Фесæфæд империалистон хæст!.. Æмбæлттæ, газет хъæрæй кæсут уе ’мбæлттæн! — Æцæг афтæ æмбæлы, — сразы-иу ис Веслав. Газеттæ фаг нæй, æмæ кусджытæ хъуамæ иу иннæмæ хæццæ кæной, «Правдæ» цы рæстдзинæдтæ дзуры, уыдон. Лæппу йæхинымæр загъта, уæдæ æз дæр хъуамæ гимназы лæппутæн газет кæсон переменæйы рæстæджы. Веслав-иу «Правдæ» куы бакаст, уæд-иу æй бамбук эта- жеркæйыл нывæрдта æмæ-иу йæ уроктæ кæныныл сбадти. Фæссихор дыууæ сахатыл хъуамæ гимназы уа, хъуамæ ахуыр кæна. Уæвгæ, цæй ахуыр æмæ цæй æндæр! Сæ къла- сы цыма митинг цæуы, уыйау дзолгъо-молгъойæ йе дзаг вæййы. Лæппумæ афтæ касти/цыма рæстæг ныр, революцийы фæстæ, тахти аэропланау тагъд. Æмæ Лентовскæйы сæрма- гонд гимназы ахуырдзау Славæ дæр тахти уыцы æвирхъау рæстæджы хæдуæлвæд, мин фараст сæдæ æвддæсæм азы æмбисонды цауты фæдыл. Иуахæмы, апрелы бонты, куадзæны размæ изæр, Весла- вы фыдмæ æрбацыдысты фæйнæ файтонæй дыууæ æмбалы. («Иу партийы лæуд æмбæлттæ», Веславы фыды хо Юлияйы загъдау). Æмæ уæд сæ хæдзары диссæгтæ цæуын байдыд- та! «Партион æмбæлттæй» алчидæр йæ риуыл сырх бант бакодта. Веславы мад æмæ йæ фыды хо сæхицæн æнцой нал ардтой сырх дидинджытæ агургæйæ. «Æнæмæнг сырхытæ хъуамæ уой». Веславæн дæр йæ къурткæйыл сырх бант ба- кодтой æмæ йæм дидинæг радтой — хæц! — То твуй червоный квяток!1 1 Ацы сырх дидинæг та дæуæн! 19
Веслав йæхæдæг иннæтæй тынгдæр тыхсти. Арæзта фа- кел — амадта лæдзæг, йæ кæроныл ын бæмбæг æмæ бинт тыхта, гъемæ тынг тарсти, миййаг ын куы байрæджы уа, зæгъгæ. Æппынфæстаг се ’ппæт дæр куы срæвдз сты æмæ фате- рæй куы араст сты, уæд уынгты рæнхъытæ-рæнхъытæй цы- ди бирæ адæм. Вагзалмæ куыд хæстæгдæр кодтой, афтæ адæм фылдæр, рæнхъытæ æнгомдæр. Цыдысты заводтæ. Цыдысты полчъытæ. Цыдысты гвардион экипажтæ. Уæд, куадзæнæхсæв, апрелы, Петроград рараст и Лени- нæн æгасцуай зæгъынмæ. Лæппу уым, вагзалы цур фæзы, цытæ федта, уыдон дзы йæ амæлæты бонмæ дæр нал- ферох сты. Дыууæ броневичы, дыууæ хæстон лæгау, Финляндийаг вагзалы цур. Къаманды: «На кра-ул!» Стæй, цыма фæз афастæуыд, ахæм тыхджын «Ура-а-а!» Æрхуы трубатæ æмæ тæбæгътæ арвы нæрынау ныггуыр-гуыр кодтой. Æмæ факелтæ, æрвæрттывдау, æваст срухс кодтой æхсæвы тар. Веслав федта адæмы денджыз. Денджызы астæу та броневикыл лæууыдис лæг. Æмæ дзыл- лæйы уылæнтæ йæ алыварс гуылф-гуылф кодтой. Уæд гъе ахæм уалдзæг уыдис, гъе! Фæлæ фæстæдæр, сæрд æрцæуыны фæстæ, бæстæ ныттар ис. Бинонтæ фæса- гъæсхуыз сты. Сагъæс фæбæрæг «Правдæйы» фæрстыл дæр. Веслав фыццагау касти газет æмæ алы номыр дæр бамбук этажеркæйыл æвæрдта. Фæлæ иу хатт куы уыд, уæд сæхи- мæ æрбазгъордта зæрдæдзæфы хуызæнæй — йæ къухы ницы бафтыд. — Папæ, нæй газет! Æппындæр нæй! — хъæрæй дзырд- та лæппу. — Никуы ис... — «Правдæ» нæ рацыд,— тарæрфыгæй йын загъта йæ фыд. — Дзæгъæлы йæ агуырдтай. Дысон нын юнкертæ1 нæ редакци ныппырх кодтой. — Юнкертæ? Ныппырх кодтой?—Веслав йæ хъуыдыты уайтагъд иумæ абаста, уый размæ ма цы хъуыддæгтæ æр- 1 Ю н к е р — паддзахы заман-иу афицертæ кæцæй рацыд, ахæм æфсæддон скъо- лайы ахуырдзау. 20
цыдис, уыдон: æрæджы, сæрды бонты, Бетъырбухы цы де- монстраци уыд æмæ йæ кæдæм нæ ауагътой, уый; къласы ма иу хатт дæр большевикты газет куы кæсай, уæд дæ гим- назæй аппардзыстæм, зæгъгæ, йæм кæй бартхъирæн код- той, уый... Чысыл фæстæдæр фæзынд æмбал Феликс. Афтæ раджы сæм ныронг никуы æрбацыди. Æмæ папæ уæд уайтагъд февнæлдта цавæрдæр гæххæттытæ скъуынынмæ. Æмбал Феликс та алы рæттæм тилифон здыхта æмæ алкæмæн дæр дзырдта уыцы иухуызон ныхæстæ: — Афон у, афон! Цалынмæ нæ байрæджы, уæдмæ! Æмбал Феликс тынг æнкъард уыд, æмæ Веслав уайса- хат æрхъуыды кодта, æмбал Феликс абон кæй хуызæн у, уый: Сервантесы чиныджы цы рыцарь æвдыст цæуы, уый хуызæн. Веславы фыд йæ гæххæттытæ æвзæрст куы фæцис, уæд мадмæ радта цавæрдæр пакет. — Цыфæнды зын куы уа, уæддæр æй бахъахъхъæн! Веславы мад, бæрзонд, лыстæджытæ, рæсугъд сылгой- маг, æваст куыддæр фæзæрондхуыз, фæныллæгдæр, цыма гуыбыр фæцис, уыйау. Веслав уыдæттæм касти тарстхуызæй: иухатт уым, Виль- нойы, йæ фыды æрцахсыны размæ цытæ федта, ныр дæр та раст ахæм хъуыддæгтæ цыдис. Мад ныуулæфыд. æмæ пакет базыцъары батыхта. — Цармæ йæ хъавын... Ныртæккæ дзы ног æхсад гæрс- тæ ауыгъд ис, æмæ... — Мамæ, æз æй бафснайдзынæн, æз. Æз схиздзынæн цармæ, — сдзырдта Веслав. Æмбал Феликс æм бакасти: — Уый раст у. Лæппу куы схиза, уæд хуыздæр. Уыйас гуырысхойаг нæ уыдзæн... — Æмæ «Правдæ» та? — ахъуыды кодта Веслав. Бам- бук этажеркæмæ фæкаст, æмæ йæ зæрдæ срысти. Хистæртæй йын дзуапп ничима радта, афтæмæй газеттæ иууылдæр æрбайста æмæ сæ базыцъары нытътъыста. 21
Веслав царæй куы æрхызт, уæд сæ хæдзары раз фехъуы- сти уæзласæн автомобилы тормæзты хъыррыст. Сæ фатер- мæ æрбацыдысты, æфсæддон дарæс кæуыл уыд, ахæм лæг- тæ. Уыдон цыдæртæ агуырдтой, бинонты радыгай фæфар- стой, стæй уæд ацыдысты. Веславы фыды æмæ æмбал Феликсы дæр семæ акодтой. Веслав æппындæр æрцæуын æнхъæл цы хъуыддæгтæн нал уыд, уыдон та ныр йæхи цæстæй федта. — Мамæ, ныр революци куы у... Уæд уый куыд цæуы? Жандармтæ нæм куы нал ис!.. Уæд ма адон чи сты? Фæлæ-иу мад æрмæст йæ сæрыл ныххæцыд: — Нал сын бантыст!.. Нал сын бантыст сæхи бам- бæхсын! Нæдæр папæйæн, нæдæр Феликсæн... Цавæрдæр бæллæх... Уæд Ленин та? Мад райдыдта тилифонæй кæдæмдæр дзурын. Дыккаг бон мад хыссæ надта. Веслав лæууыди, «Жорж Борман» магазины дуары раз цы бирæ адæм ныххал сты, уыдонимæ. йæ къухы бафтыд дыууæ шоколад-плиткæйы. Мад сæ батыхта, цы дзул сфыхта, уыимæ. Ахæстонмæ ацы- дысты трамвайы. Сæ тыхтон ахæстонмæ куы барвыстой, уæд Веслав йæ мадæй йæхи ракуырдта магазин «Прибой» абæ- рæг кæныны тыххæй — миййаг кæд «Правдæ» рацыди? Сæхимæ афтидкъухæй не ’рбацыд: йæ ронæй сласта «Правдæйы» Сыф» æмæ йæ мадæн хъæрæй бакаст: — Абон нын «Правдæйы» рады номыр рауадзыны фа- дат кæй нæ уыдис, уымæ гæсгæ мах рауагътам «Правдæ- йы» Сыф». Нæ зæрдæ дарæм, райсом нæ къухы кæй бафт- дзæн «Правдæйы» рады номыр рауадзын». Уыцы «Сыф» сидтис: «Æмбæлттæ кусджытæ, салдæттæ! Ма хъусут провока- тортæм»1. Веслав газет сæрæй-бынмæ бакаст æмæ йæ бамбæхста, йæ мад ахæстонмæ хæссынæн дзул кæмæй сфыхта, уыцы ссады дзæкъулы. 1 Провокатор — стыр бæллæхтæ чи расайы, ахæм митæ кæныныл арда- уæг, гадзырахатæйцæуæг. 22
Райсомæй та Веслав уыдис уынджы. Хъуамæ та самал кæна «Правдæ» æмæ йæ бамбæхса — йæ фыдæн. Ахæсто- нæй куы рацæуа, уæд æй бакæсдзæни. Бæргæ-иу æрзылди Веслав Бетъырбухы алы кæрæттыл, фæлæ никуы æмæ ницы. «Правдæ» нæ цыдис... Газетуæйгæнджытæй иуæй-иутæ сæ зæрдыл бадардтой мызыхъарæзт цъæхдзаст лæппуйы — кæсæнцæстджын, йæ уæлæ цыбыр сæрдыгон хæлаф, йæ къурткæйы цæппæртæ æнæвæрд. Æмæ йын газетуæйгæнæг иуахæмы — уый дæр та хуыцаубоны уыд — йæ къухы газет куы фæсагъта, уæд уый æппындæр нæ уыдис, Веслав хорз кæй зыдта, партийы раздæры уыцы газеты хуызæн... Нæдæр хуызæй, нæдæр йæ номæй... Веслав йæ мидбынаты æнæныфс цоппай кодта, цы чындæуа, зæгъгæ. — Мæн «Правдæ» хъæуы,— дзырдта уый.— Æрмæст- дæр «Правдæ». Фæлæ йæм газетуæйгæнæг йæ цæст æмбарæн хуызы куы æртъæпп ласта: «Гъе уый у, уый. Æри дæ дыууæ суарийы æмæ дæхи айс!», зæгъгæ, уæд ыл Веслав баууæндыд. Бæгуыдæр, газетуæйгæнæг раст загъта. Уый уыдис раз- дæры «Правдæ». Фæлæ ныр йæ сусæг ном уыди «Рабочий и Солдат». Стæй уæд газет цыдæр æрбацис, æппындæр йæ фæд бæ- рæг нал уыд. Аивгъуыдта бон, дыккаг, æмæ та йын Веслав æваст йæ фæд куы ссарид. Ныр уый рацыдис «Пролетарий», зæгъгæ, номимæ. Уый дæр та бирæ нæ ацард — цыдæр æр- баци. Æмæ та-иу уæд Веслав сæхимæ æрцыд сæргуыбыр æмæ уæнтæхъилæй, афтидкъухæй. Фæлæ та уый фæстæ «Правдæ» ногæй фæзындис. Дыууæ боны фæстæ газетуæйгæнæг сидти: — Рацыди ног газет «Рабочий». Æлхæнут газет «Ра- бочий»! Æмæ та уый дæр кæд уыдис «Правдæ»! Афтæмæйты аивгъуыдта сæрд, ралæууыд фæззæг. Боль- шевиктæ ахæстонæй раирвæзтысты. Веславы фыды тыххæй 23
керенкæтæй1 дыууæ мин сомы цъынды радтой. Славæйы фыд сæхимæ æрбацыд файтонæй, æмбал Феликсимæ. Æм- бал Феликс афтæ смæллæг, æмæ ныр ноджыдæр тынгдæр уыдис, Сервантесы чиныджы цы рыцарь æвдыст цæуы, уый хуызæн. Фæлæ йæ Веслав æнкъардæй никуыуал федта. Партийы газет уыцы рæстæг æнæфæцухæй фæцыди æнæхъæн дыууæ мæйы. Ныр уый хуындис «Рабочий путь». Æмæ та цыма ногæй уалдзæг ралæууыдис æмæ цæугæ- дæттыл æрсдон цæуын байдыдта (уæвгæ та уæд цæгатаг фæззæг уыдис) — бæстæ иууылдæр гыбар-гыбур, цæлхъы- тæ æмæ гуыппытæ сси. Фæлæ ныр цæлхъытæ æмæ гуыппы- тæ Романовты империйы нæ кодтой, Уæрæсейы хицæутты бадæнæй паддзахы не ’ппæрстой, ныр æппæрст цыди Рæ- стæгмæйы хицауад. Пролетариат æппæрста буржуазийы хицаудзинад. — Ленин Смольнæйы ис! — тилифонæй æрбадзырдта Веславы фыд. Уый ныр цалдæр боны æппындæр сæхимæ не ’рбазынд. Петрограды Советæй æддæмæ нал цыдис. — Ленин Смольнæйы ис! Бамбæрстай?! Æмæ мад дæр, бацингæнгæйæ, загъта: — Ленин Смольнæйы ис! — Рæстæгмæйы хицауад^ахст у! —тилифонæй та боны- рдæм фехъусын кодта фыд. — Дысон се ’ппæты дæр æрцах- стой Зымæгон галуаны... Веслав йæ хуыссæнæй цырд фæгæпп ласта. Æвæстиа- тæй згъорын хъæуы! Газет балхæнынмæ! Куыд нæ байрæ- джы уа, афтæ! Уыдис 1917 азы 25 октябрь. Бон æрæгмæ цъæхтæ кæнын райдыдта, Бетъырбухы уыцы афон куыд вæййы, афтæ... Уынгты змæлæг нæ уыд. Лæппу тъæбæрттæй згъордта æмæ йæ мид-зæрдæйы цыдæр æбæрæг хуызы хатыд, уыцы бон йемæ стыр ногдзинæдтæ кæй хæссы, уый. — «Байгом ис Советты Дыккаг съезд!» — бакасти Вес- Керенкæтæ — афтæ хуындысты Керенскийы хицауады рауагъд æхцатæ. 24
лав. Æмæ та, йæ ахуырмæ гæсгæ газет бамбæхста. Абонæй фæстæмæ йæ æмбæхсын кæй ницыуал хъæудзæнис, уый нæ- ма æмбæрста. Иннæ хатт æрбахаста «Правдæ». «ПРАВДА» («Рабочий путь») Афтæ хуындис ныр партийы газет. Фæзынди! Фæзынди та «Правдæ»! Цыппар мæйы дæр- гъы фæцардис сусæг цардæй, алы нæмтты аууон йæхи фем- бæхста, гъемæ та мæнæ ныр рацыдис æмæ æппæт дунейæн хъусын кæны, Уæрæсейы кæй æрцыд Октябры революци. Иæ фыццаг фарсыл кæрæй-кæронмæ фыст уыди: ÆГАС ЦÆУÆД РЕВОЛЮЦИОН ХИЦАУАД! КУСДЖЫТÆ, САЛДÆТТÆ, ЗÆХКУСДЖЫТÆ, УЕ’ППÆТ ДÆР, ИУ АДÆЙМАДЖЫ ХУЫЗÆН, ФИДАР ЛÆУУТ УЫЦЫ АДÆМОН ХИЦАУДЗИНАДЫ ФАРС! — Адæмы стыр бæллиц сæххæст и! — дзырдта ныр Вес- лавы мад. — Æрцыдис! Æрцыдис! — Æз ныртæккæ, уæлæмæ схиздзынæн, цармæ. Гъер дæр ма нæ истæмæй тæрсын хъæуы?—нал хъæцыди Веслав. Æмæ уадидæгæн балæууыди цары, суанг июлы бонтæй фæстæмæ «Правдæ» йæ фыды архивимæ иумæ кæм æф- снайд уыдис, уым. Уый фæстæ бон йæ фыд сæхимæ æрцыд. Веслав пъолыл бадт, революцион листовкæтæ, сидтытæ, газеттæ иугай æв- зæрста æмæ сæ сæ нæмттæм гæсгæ хицæн къордтæ-къорд- тæй æвæрдта, мыхуырæй чи куыд раздæр рацыд, афтæ. «Правдæйы» фæстаг номыр уыдис 1917 азы 10 ноябры га- зет, ног нымадмæ гæсгæ. Ныр æртыккаг бон зæххыцъарыл уыдис Советты хицау- дзинад. — Славæ, уый дæм æнæхъæн партион архив куы ис, æнæхъæн! — загъта Веславæн йæ фыд. — Нæ, нырма æххæст нæма у... — æнкъардæй сдзырдта лæппу. — Газеттæ иууылдæр бæргæ æрæмбырд кодтон. Фæ- 25
лæ дзы листовкæтæ æмæ сидтытæй иуæй-иутæ не ’сты. Па- пæ, баххуыс-ма мын кæ се’ссарынæн... — Хорз, уый дын мæ быгъдуан! — зæрдиагæй загъта Веславы фыд æмæ йæ фырты къух æцæг лæджы къухау æрæлхъывта. * * * 1918 азы уалдзæджы æрыгон Советон хицауад Петро- градæй ссыди Мæскуымæ. Веслав йæ мад æмæ йæ фыдимæ æрцардис Кремлы, Кавалерты корпусы, æртыккаг уæла- дзыджы. Уым цардысты адæмон комиссартæ, стæй Ленины секретариаты цы адæм куыста, уыдон. Веславы фыд, поль- шæйаг революционер Озовский, куыста Юстицийы адæмон комиссарады. Веслав йæхæдæг та уыцы фæззæг ахуыр кæ- нын райдыдта зæронд большевик Пантелеймон Лепешин- скийы номыл фæлварæн-фæзминаг скъолайы, Обыденскы уынджы, Мæскуы-доны был. Иннæ лæппуты хуызæн, уыцы скъолайы ахуырдзаутæ дæр тынг уарзтой коллекцитæ аразын: чи æмбырд кодта маркæтæ, чи згъæр æхцатæ, чи гæххæттын æхцатæ — керен- кæтæ, карбованецтæ1, паддзахы ассигнацитæ... Фæлæ Вес- лав Озовский фыццаджы хуызæн æмбырд кодта газеттæ, листовкæтæ, революцион нывтæ. йæ архив Веслав ныр дардта йæ фыды чингуыты скъап- пы. Озовскитæм-иу хатгай бауадысты Веславы фыды æм- бæлттæ, газеттæ-иу афæлдæхтытæ кодтой, кæй дзы цы хъуыдис, уый-иу дзы йæхимæ рафыста, æмæ-иу алчидæр Веславæй раппæлыд: — Утæппæт газеттæ бахъахъхъæнын дæ къухы куыд бафтыд! Уæлдайдæр афтæ бæстонгондæй! Æмæ иухатт куы уыд, уæд гъе уыцы архивимæ бастæй Веславы чысыл царды æрцыдис стыр цау. Адæмон Комиссарты Советы сæрдар Владимир Ильич 1 Карбованец — афтæ хуынди сом украинагау, стæй ма иуæй-иу æндæр адæмты æззæгтыл. 26
Ленины бахъуыдысты, газет «Правдæйæ» Октябры револю- цийы размæ цы номыртæ рацыд, уыдон. Æмæ æрмæст гъе уæд рабæрæг и, ахæм комплект кæй никæм ис — нæдæр Румянцевы номыл паддзахадон библиотекæйы, нæдæр «Правдæйæн» йæхи редакцийы. Ленин хорзау нал фæци. Адæмон Комиссарты Советы уæнгтæ та куы æрæмбырд сты, уæд сæ бафарста: — Æмбæлттæ, «Правдæйы» æвддæсæм азы комплект уæ никæмæ ис? Нæ йæ арын. Афтæмæй та мæ мæ куыстæн тынг хъæуы. Фыццаг ничи ницы дзырдта. Стæй уæд залы дæрддагдæр къуымæй æрбадзырдта Юстицийы адæмон комиссар: — Владимир Ильич, ахæм комплект ис. — Кæм и? — Ам, Кремлы. — Æцæгæй, Кремлы ис! — бацин кодта Ленин. — Мах æй рагæй куы агурæм... Кæмæ ис, кæмæ, Петр Иванович? — Кавалерты корпусы. Иу лæппумæ. — Лæппумæ, зæгъыс?! — дисгæнгæ бафарста Ленин. — Ай-гъай, Владимир Ильич, Озовскийы фыртмæ. Уый мæ гыццыл хæлар у. Æз уыцы архивы газеттæ арæх фæ- кæсын. — Æмæ æнахъом лæппумæ цæй архив хъуамæ уа? — тынгæй-тынгдæр дисы æфтыд Ленин. — Революцийы фыццаг бонтæй фæстæмæ сæ фембырд кодта, Петрограды цæргæйæ. Æмæ йæм цы нæ ис: газеттæ уæд, листовкæтæ уæд, брошюрæтæ уæд. Февæрдта сæ, ба- хъахъхъæдта сæ, æмæ Мæскуымæ куы цыдыстæм, уæд сæ йемæ сласта. Хуымæтæджы лæппу нæ, фæлæ ахуыргонд-ар- хивист... — Уый стыр диссаг куы у! — бацин та кодта Владимир Ильич. — Æмæ йæм уыцы комплекты тыххæй бадзурæн ис? Рæстæгмæ мын æй нæ авæрдзæн? — Кæй зæгъын æй хъæуы! — ныххудтис адæмон комис- сар. — Мæнæн æй куы фæдæтты. Уæд дæуæн та, Владимир Ильич... 27
Леыин йæхимæ ныффыста «Правдæйы» комплекты æры- гон хицауы ном, æмæ раст уыцы бон зæронд болыневик Озовскийы фатермæ æрбацыд Ленины секретариаты кусæг сылгоймаг. Аннæ Петровнæ Кизас цардис Веславимæ иу къæлидо- ры. Изæрыгæтты-иу Веславы мадмæ арæх бауади «тамако адымынмæ». Бурдзалыг, цъæхдзаст, æдзынæгкастгæнаг Аннæ Петров- нæ Веславы цур куы æрлæууыд, уæд лæппу йæ фыды стъо- лы уæлхъус бадти йæ уроктæ кæныныл. — Славæ, æз дæумæ æрбацыдтæн... Æмæ Аннæ Петровнæ Веславы цæсгоммæ хæстæг баха- ста æмæ батылдта дыууæ дыдагъы конд фыстæг. — Табуафси, Аннæ Петровнæ! — Веслав æгъдауджын лæгау йæ бадæнæй фестад, цы географион картæйы ныв арæзта, уый иуварс æрæвæрдта æмæ йæ кæсæнцæстытæй касти, ус ын йæ цæстыты раз цы гæххæтт радав-бадав код- та, уымæ. — Гъа, бакæс æй, «æмбал Веслав»! Дæумæ фыст у, «æм- бал Веслав»! — цыма цавæрдæр ног хъазт æрымысыд, уы- йау къæрцц-къæрццæй дзырдта йæ ныхæстæ Аннæ Петров- нæ. — Иу æмбал дæ æххуыс куры, «æмбал Веслав»... — Æмæ Аннæ Петровнæ дыдагъгонд гæххæтты сыф райгом кодта, йе ’нгуылдзты æлгътæй йын йæ кæрæттыл ныххæцыд æмæ йæ Веславы цæстытæм хæстæг бахаста: — Гъа, ба- кæс æй! Æмæ Веслав Озовский бакасти æмбал Ленины фыстæг. Адæмон Комиссарты Советы сæрдар фыста. æмбал Веслав- мæ, дæ хорзæхæй, «Правдæйы» номырты 1917 азы комплект мын рæстæгмæ ратт, куы дæ бахъæуой, уæд дыл сæ уай- тагъд сæмбæлын кæндзынæн, ныртæккæ куыддæриддæр сты, афтæ æнæхъыгдардæй, зæгъгæ. — Цæй, æз уал цæуын дæ мадмæ, иу тамако бады- мон... — Аннæ Петровнæ ацыд; чи зоны, æмæ йæм æцæгæй тамако дымын цыдис, науæд та йæ Славæйы йæ цинимæ иунæгæй ныууадзын фæндыди. 28
Сылгоймаджы æрбаздæхтмæ Веслав йæ фыды скъаппæй райста йæ зæрдæйæн адджын комплекттæ, хæтæлты хуы- зæн тыхтытæй. Аннæ Петровнæйæн мундштук йæ дзыхы, æмæ-иу фæз- дæгæй йæ цæстытæ фæцъынд сты, афтæмæй комплекттæ иумæ æвæрын байдыдта. Веслав-иу зæрдæхсайгæйæ фæкаст фæздæгкалгæ мундштукмæ. Лæппу зыдта, Ленины куы фæ- цæф чындæуыдис, уæд ын уыцы фыццаг тæссаг æхсæв йæ тугæйдзаг бинтытæ Аннæ Петровнæ кæй æхсадта тасы. Æмæ уымæ гæсгæ, лæппуйы цæсты тынг кадджын уыди, йæ разы дзурын дæр нæ уæндыд. Фæлæ ныр йæхи фæныфс- джын кодта æмæ йын афтæ: — Аннæ Петровнæ, миййаг, зынджы стъæлфæн газетыл куы абада... Ныртæккæ уал куы нæ дымис... — Тынг раст уайдзæф!—Аннæ Петровнæ тамакойы сыгъдон аппæрста, мундштук йæ жикеткæйы дзыппы атъы- ста æмæ, газеттæ йæ дæларм æлхъывд, афтæмæй ацыди. «Правдæйы» комплект Лениныл сæмбæлдис гъе уыцы изæр, Ленин бацин кодта, бахъæлдзæг æмæ уайсахат зæ- ронд газеттæ фæлдахын систа. Æппæт номыртæ дæр — æнæ иу фæцухæй! Афтæмæй та газет уадзыны хъуыддаджы къуыхцытæ арæх уыд, стæй «Правдæ» йæ ном дæр арæх ив- та. Диссаг! Стыр диссаг! — Газет æппын æнæкъуыхцыйæ куы цыдаид, гъе уæд- дæр, гыццыл лæппу йæ фæнд æххæст кæныныл куыд иу- зæрдионæй архайдта, æрмæст уый дæр диссаг уыд,— загъ- та Ленин.— Фæлæ уæд Петроград тынг змæст куы уыдис, бæстæ иууылдæр сæмтъеры. Иуæй-иу номыртæ æз мæхæдæг дæр нæ бакастæн. Комплекты ма разынд, уæлæмхасæнæн изæрыгæтты кæй рауагътой, уыцы историон æртæ чысыл сыфы. Уыдон мы- хуыргонд уыдысты æрмæст иуварсырдыгæй æмæ уагъд æр- цыдысты, паддзахы инæлар Корнилов революцийы ныхмæ бунт куы сарæзта, уæд. Ленин йæ къухтæ ныццагъта: — Æрдхæрæны хъуыддаг! Иттæг зын æххæстгæнæн! Уæлдайдæр ахæм æнахъом лæппуйæн. Не ’мбæлттæ, хъо- 29
мыл, политикон æгъдауæй æмбаргæ, политикон æгъдауæй фæлтæрд адæймæгтæ йæ нæ бакодтой, фæлæ æнахъом лæп- 1у! Славæ Озовский. Кад æмæ йын намыс! Уый фæстæ Ленин дзурын райдыдта хъуыддагыл. — Уый гæнæн нæй, æмæ Советон паддзахады къухы ма уа партион газеты уæды бонты комплект. Исты йын æр- хъуыды хъæуы. Уæд иу чидæр сдзырдта, Озовскийы гыццыл лæппу, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ комплект Владимир Ильичæн ратдзæ- ни, зæгъгæ. — Æз ууыл ницæйы тыххæй сразы уыдзынæн! — цæх- гæр загъта Ленин.—Ахæм хæзна æнахъом лæппуйæ байс— уый раст нæ уаид! Мад ахæм хæлиудзыхтæ кæм разынды- стæм æмæ хъуыддагыл йæ рæстæджы кæм нæ батыхсты- стæм, уым сывæллоны фæллой хъуамæ нæхицæн ма ба- къаддæр кæнæм. Афтæ гъе, мах хъуамæ политикон æгъда- уæй æмбаргæ сывæллæтты ма æфхæрæм!—Æмæ Ленин бафарста: — Уæд йед та, ацы комплектæй фотографион къопи скæнæн нæй? Бритайнаг музейы сæ ныв сисынц доку- менттæн, стæм чингуытæ æмæ газеттæн. Æз мæхæдæг ка- стæн ахæмтæ. Фæлæ æрыгон Советон республикæ уæд зын раны уыдис, æмæ газетты фотографион къопитæ сисынæн махмæ амал нæ уыд. — Фæсарæнты заказ ратгæйæ та куыд уаид? — Ленин йæ иу цæст фæцъындгомау кодта. — Омæ кæм, кæм? Кæцы бæстæйы? Æгас дунейы мидæг мах иунæг стæм, нæ алфамбылай — иууылдæр знæгтæ, хæ- рам паддзахадтæ. Фæстагмæ йын уæддæр мадзал ссардтой. Уыцы рæстæг Австрийы цардис полынæйаг коммунист æмбал Бронский. Ныффыстой йæм, æмæ лæг сразы. — О, фæлæ ацы иунæг комплект фæсарæнмæ, æндæр бæстæмæ, арвитыны размæ уал йæ хицауы бафæрсын æм- бæлы, бар нын дæтты, нæ, уымæй, — загъта Ленин. Гъемæ уæд Веславмæ фæсидтысты, цæмæй уый бацыдаид 30
Юстицийы адæмон комиссар Петр Иванович Стучкæмæ. Петр Иванович æмæ йæ ус цæрынц Кавалерты корпусы, æр- тыккаг уæладзыджы, æмæ сæ уаты ис, Озовскиты уаты цы дзауматæ ис, ахæмтæ: тымбыл стъол, ширмæтæ, Екатери- нæйы заманты конд гуыбынджын къамод, сæ къæхтæ сыз- гъæрин доны тылд кæмæн сты, ахæм урс бандæттæ, тар ай- дæнтæ. Къулырæбынты бирæ чингуытæ. Стеллажтæ хæццæ кæнынц суанг цармæ. Революционертæ Бетъырбухæй КреМльмæ семæ сластой æрмæстдæр иу хуызы мулк — чин- гуытæ. Ныллæггомау гæрæнæй дихгонд уаты цæрынц латы- шаг адæмы сахъ фырт, урссæр уæйыг Стучкæ æмæ йæ ус, æнцад-æнцойæ кæсаг, кондджын æмæ уындджын сылгой- маг Дорæ Христофоровнæ, латышаг поэт Райнисы хо. Веслав уыдонмæ цыфæнды афон дæр бауадаид, алкæд- дæр сæ-иу баййæфта чиныджы кæсгæ. Уыдонимæ иумæ лæп- пу аныгъуылы, чингуыты цы диссаджы дуне æвдыст цæуы, уый арф уылæнты. Стучкæтæ йын амонынц, цавæр чингуы- тæ æмæ куыд кæсын хъæуы, уый. Бæлвырд у, æрыгон æм- баргæ лæппу сæ зæрдæтæм тынг хæстæг у. Æмæ йын цæст- уарзонæй æххуыс кæнынц, раст фæндагыл æй аразынц, Фæлæ абон сæ ныхас чингуытыл нæ уыд. — Славæ, иу хъуыддаг ис, æмæ дæм куыд фæкæсдзæн, нæ зонын,— загъта йын Юстицийы адæмон комиссар.— Владимир Ильичæн рæстæгмæ цы газетты комплект радтай, уый арвитын хъæуы, фæсарæнмæ, Венæмæ. Уым сын фото- граф сæ нывтæ сисдзæн, æмæ уæд Ленинмæ дæр комплект уыдзæнис — дæууоны фотографион къопи. Владимир Ильич мæн бафарста, куыд, дам, дæм кæ^ы, дæ чысыл хæ- лар нын афтæ бакæныны бар нæ ратдзæни? «Венæмæ? Уый Австри куы у... Буржуазон бæстæ. Уым капитализм куы ис... Æмæ ма мыл фæстæмæ сæмбæлдзьь сты?» — ахæм фæрстытæ кæрæдзийы фæдыл гуырыдысты скъоладзауы сæры, æмæ лæппу йæхимидæг мæты бафтыд. Фæлæ йæ хъуыдытæ зæгъгæ нæ кодта. — О, æз бар дæттын, Петр Иванович, — загъта Славæ. Стæй фæстæдæр, йæ хæзна йæм фæстæмæ тагъд кæй нал 31
æрбафтдзæнис, уыцы хъуыдыйыл куы фæцахуыр, уæд Вес- лав рафæрс-бафæрстæ байдыдта: — Æмæ фотографион къопитæ куыд фæкæнынц? Газет- тæн сæ ныв куыд сисынц? Адæймаджы ныв куыд исынц, афтæ? йæ ныв та цавæр уыдзæни? Адæймаджы къамы хуызæн гыццыл? Æви газетæн йæхи йас дынджыр? — Уый микрофотографи уыдзæн, — бамбарын ын кодта адæмон комиссар. —Æмæ йæ кæсгæ та фæкæнынц лупæйы æххуысæй. — Лупæйы æххуысæй? — ныддис кодта Славæ. Уыцы ныхасы фæстæ рацыди бирæ рæстæг. Веслав йæ- хинымæр тæрсын байдыдта, йæ комплект ыл куы никуыуал сæмбæла, уымæй, фæлæ никæмæн ницы дзырдта. Æмæ, лæппу æппындæр æнхъæл куы нæуал уыд, уæд «Правдæ» фæстæмæ æрбахæццæ æмæ сæмбæлдис йæ чысыл хицауыл. Фæлæ цы хуызæнæй! йæ фыды стыр стъолыл фыццаг æрæвæрдтой хорз хъæ- бæр цъарæй фæлыст бæзджын том. Стæй уый уæлæ та — тæнæгдæр æмæ къаддæр томтæ. «Правдæ» 1917 азы куыд алыхуызон нæмттимæ уагъд цыдис, афтæ алы рауагъды номыртæ дæр уыдысты иумæ хуыд æмæ рæсугъд хъæбæр цъары мидæг ныхæст. — Владимир Ильичы фæдзæхстмæ гæсгæ дын дæ хæз- намæ базылдысты, хъæбæр цъары мидæг æй бахуыдтой. Гъемæ йæ фæрнæй фæдар! — Аннæ Петровнæ æрттиваг ног хъæбæр цъæрттæ йæ къухæй æрхоста. Стæй ма фæстагмæ Веславы къухмæ радта иу æндæр том, ноджыдæр къад- дæр. — Гъе ай та дын преми! Дæ фесгуыхты тыххæй! — Аннæ Петровнæ йæ фæлурс хъисыг цæстыхаутæй куыддæр æнахуыр тъæбæртт-тъæбæртт райдыдта æмæ йæ мундштук сыгъдæг кæнынмæ фæци. Веслав уыцы томы хъæбæр цъар рафæлдæхта — уым уыдысты газет «Правдæйы» фæрсты микрофотографитæ. — Ам сты æппæты ахъаззагдæр номырты фотонывтæ,— загъта йын Аннæ Петровнæ. — Мæнæ-ма фыццаг фото- къопи фен... 32
Веслав кæсын райдыдта бæзджын хъæбæр гæххæттыл фотографион æгъдауæй нывгонд фыст: Ленины æрбацыд Петроградмæ... Æмæ уæд йæ зæрдыл æрлæууыд, апрелы райдианы æхсæвыгон куыд ацыдысты Финляндиаг вагзал- мæ, йæхи къухæй конд факел уым бæрзонд куыд сдардта... Уый фæстæ Веславмæ æрбазгъордтой йе ’мбæлттæ — Кавалерты корпусы, Афицерты корпусы, Урс къæлидоры æмæ Кремлы иннæ агъуыстыты чи цардис, ахæм лæппутæ... Уыдон иууылдæр йæ чъылдыммæ сдзыгуыр сты, æмæ алчи- дæр йæ уд хъардта фотографион æгъдауæй нывгонд текст бакæсыныл. Алцыппæт дæр куы бакастысты, алцыппæт дæр бæстон куы басгæрстой, уæд хъæбæр цъары мидæггаг фарсыл ауыд- той гыццыл гæххæтты уадздзаг ныхæст. Латинаг дамгъæ- тæй ууыл фыст уыди: «Бухбиндерлей С. Вильскер, Вин 8. Альберт-гассе, 26». Уый уыд хъæбæр цъæрттæгæнæн мастерскойы адрис, го- рæт Венæйы æстæм районы, Альберты уынджы. — Уæд фотографийы адрис та кæм и? Фæцагуырдтой йæ бирæ... Уый дзы нæ уыд. Уæдæ уæд «Правдæйы» фотонывтæ истой сусæгæй, — бамбæрста йæ Веслав. Æмæ лæппу йæ хъуыдыты аныгъуылд. «Правдæ» капи- талистон бæстæмæ куыд абалц кодта, уый йæ цæстытыл ауад. Советон хицаудзинады агъоммæ Веслав йæхæдæг йæ комплект Бетъырбухы æмбæхстæй дардта цары. Ныр, Ок- тябры революцийы фæстæ та «Правдæ» кæмдæр æмбæхст уыди горæт Венæйы... Чи зоны, æмæ уым дæр искæй хæдза- ры цары? * * * Фæлæ Веслав Озовскийæн йæ царды æмбисонды цаутæ ууыл нæ ахицæн сты. Сæрды бонты Мæскуыйы æрæмбырд ис Коммунистон Интернационалы конгресс. Зæххыцъары æппæт кæрæттæй Кремльмæ æрбацыдысты революционер- тæ. Сусæгæй, искæй паспорттимæ, сæхиуыл æрымысгæ 3 Дзыллэеты уарзон лæг 33
нæмттæ сæвæргæйæ, ахæстонмæ бахауын æмæ сынмард фæуынæй дæр тас кæй уыд, уый хъуыды дæр нæ кодтой, афтæмæйты уыдон, дæрдтыл æрзилгæйæ, цыдысты Советон республикæйы столицæмæ. — Папæ, мæн тынг фæнды уыцы революционерты фе- нын! — загъта Веслав. — Конгресмæ-ма мын билет ссар. — Ды нырма сывæллон дæ! — йæ къух ауыгъта йæ фыд. — Интернационалы конгресс — уый дын Сырх фæзы парад нæу. Веслав йæхи ныттар кодта. Æмæ та фыд дисгæнгæ ба- каст, йе ’нахъом фырты цæсгом куыд æмбаргæ æмæ сагъæс- хуыз уыдис, уымæ. Веслав араст и Стучкæтæм. — Петр Иванович, конгресмæ мын билет нæ самал кæн- дзынæ? Æрмæстдæр иунæг æмбырдмæ. Ленин куы ныхас кæна, уæд... Иунæг хатт бацæуынæн... — æфсæрмдзастæй сдзырдта лæппу. — Ды нырма чысыл дæ...— йæ фыды дзуаппы хуызæн дзуапп ын радта Стучкæ.— Мæнæ куы сдынджыр уай, уæд партийы ныллæудзынæ—æз дын мæхæдæг рекомендаци ратдзынæн — æмæ уæд конгрессы æмбырдтæм цæудзынæ... Веслав хорзау нал фæци æмæ сæхимæ фæраст. — Чысыл, дам, дæ!..— ас лæгау йæхиимæ дзырдта лæп- пу. — Æмæ Бетъырбухы газеттæ куы æмбырд кодтон, уæд ноджыдæр къаддæр куы уыдтæн... Чысыл, дам, дæ!» Йæ фыды бюварæй1 систа гæххæтт æмæ къонверт, Стуч- кæйæ цы чингуытæ æрбахаста, уыдон иуварс акодта (ныр цалдæр боны стыр цымыдисæй радыгай касти Туны «Уæ- рæсейы революцион змæлды истори» æмæ Степняк-Крав- чинскийы «Андрей Кожухов»), йæ пенал сыгом кодта æмæ йæ къухмæ райста «Рондо» пъероджын ручкæ. «Нырма, дам, чысыл дæ»... — ногæй та-иу йе ’фхæрд æрымысыди Веславы зæрдæ, йæ къух та уыцы рæстæджы фыста иттæг ахъаззаг писмойы зæрдæбын ныхæстæ: «Зы- 1 Б ю в а р — папкæ кæнæ пъартфелгонд, писмойы гæххæттытæ, къонверттæ æмæ æндæр ахæмтæ æфснайынæн. 34
наргъ æмбал Владимир Ильич! Ды тынг æнæвдæлон дæ, уый зонын, фæлæ дæ уæддæр хъыгдарын, æмæ мын ныббар. Мæн тынг фæнды Коминтерны конгресмæ бацæуын, цæмæй байхъусон дæ докладмæ æмæ фенон капиталы алы бæстæ- тæй æрбацæуæг революционерты. Æз билет куырдтон па- пæйæ æмæ æмбал Стучкæйæ, фæлæ мын уыдон дзуапп рад- той, нырма, дам, чысыл дæ, зæгъгæ. Владимир Ильич, æз сындæг кæй рæзын, уый мæн аххос нæу. Мæныл ныр цæуы 14 азы. Курын, æмæ мын билет ратт. Фæлварæн-фæзминаг скъолайы ахуырдзау Веслав Озовский». Славæ къонверт баныхæста æмæ йыл ныффыста: «Адæмон Комиссарты Советы сæрдар æмæ Æртыккаг Интерна- ционалы фæтæг æмбал ЛЕНИНМÆ Веслав йæ писмо раздæр бахæссынмæ хъавыди Троиц- кæй кулдуары раз будкæмæ, Ленинмæ фыст писмотæ-иу уырдæм лæвæрд цыдысты, фæлæ ныхъхъуыды кодта æмæ сæумæрайсом бахоста Аннæ Петровнæ Кизасы дуар. Аннæ Петровнæ, Ленины секретариаты чи куыста, уый, сусæгвæнды бацæуæг адæймагау йæ хъæбæр хъисыг цæсты- хаутæй афтæ тъæбæртт-тъæбæртт райдыдта, æмæ Веслав1?1, йæ фæнд кæй сырæздзæн, уый бауырныдта. Фæлæ рацыдис иу бон, стæй та дыккаг дæр. Ленинæй дзуапп нæ уыд. Мæнæ æризæр, баæнафон и. Веслав хуыссы йæ хуыссæны, кæддæр фрейлинæты уаты чи лæууыд æмæ йæ бæзджын хъуымацы рæсугъд кæрдæгхуыз нывæфтыдтæ раджы кæмæн сивтой, ахæм уæззау ширмæйы аууон, фæлæ йæм хуыссæг æмгæрон нæ цæуы, «...Ау, Ленин мын æппындæр дзуапп нæ ратдзæни? Па- пæ афтæ куы зæгъы, Ленин, дам, иу писмо дæр æнæ дзуапп чæ ныууадзы. Уæд цæмæн афтæ уа? Билет раттын æй нæ фæнды?..» Уыцы хъуыдыйæн бабыхсын йæ бон нæ уыд. Афтæмæй та конгресс йæ куыст райсом райдайдзæни. 35
Ныр æмбисæхсæвмæ бирæ нал ис. Мæнæ, алкæды хуызæн, йæ бæрæг афоныл æрбацыдис хицауады номæй æрвыст па- кеттæ хæссæг фельдегерь1. Ширмæйы аууонæй Славæмæ зыны, йæ фыд гæххæттытæ иуварс куыд æрæвæрдта æмæ куыд райста пъеро. Пакет ыл кæй сæмбæлд, уый тыххæй хъуамæ йæ къух æрæвæра. Веслав хуыссы уæлгоммæ, йæ сæр йæ армытъæпæнтыл æвæрдæй. Лæппуйы ныхы сæрмæ цы æнæсæттон коцора ис, уымæй æнахуыр цæйдæр хуызæн аууон зыны къулыл..Æмæ, дын уалынмæ йæ фарсмæ æваст февзæрдис æндæр, дын- джыр аууон. Æмæ Веслав, цæй аууон у, уый дæр дзæбæх нæма бамбæрста, йæ фыд дисгæнæгау, «Веславмæ? Славæ- мæ?» зæгъгæ, кæй фæкодта, уый дæр нæма фехъуыста, аф- тæ йæ уæлхъус, йæ хуыссæны раз февзæрд сæракдарæс- джын æмæ цъупхудджын æфсæддон лæг, уæйыджыйас æмæ сæрæнкастгæнаг. — Веслав Озовский? — афарста уæйыг лæг, къонверт- мæ ма ноджыдæр иу хатт æркаст æмæ пакетыл ныхæст гыццыл сыф раскъуыдта. — Дæ къух æрæвæр! Уыдæттæ куыд æнæнхъæлæджы æрцыдысты, уымæ гæс- гæ лæппу фæджихау æмæ, йæ кæсæнцæстытæ кæм æрæ- вæрдта, уый нал хъуыды кодта. Цыбырдзаст адæймæгтæ куыд фæкæнынц, афтæ джихтæгæнгæ фæйнæрдæм ракæс- бакæс байдыдта æмæ-иу йæ базы бын асгæрста. Кæсæнцæ- стытæ разындысты хытъынджын къамодыл. Уæйыг лæг сæ ауыдта, лæппумæ сæ радта, лæппу йæ къух цы гæххæтты æрæвæрдта, уый систа, æмæ, къулыл цы аууон уыд, уый уæйыгимæ иумæ фæцыдæр ис. Веславы къухы баззади къонверт. Йæ хуылфы разынди цыбыр фыстæг Адæмон Комиссарты Советы сæрдары блан- кыл. Ленин Коминтерны конгрессы секретариатмæ фыста, цæмæй æмбал Веслав Озовскийæн, 14-аздзыд лæппуйæн, раттаиккой хуынды билет конгрессы æппæт æмбырдтæм. 1 Фельдегер — къулер, æфсæддон кæнæ хицауадон гæххæттытæ хæссæг. 36
Ленин фыста, зæгъгæ, Славæйыл кæд азтæ бирæ нæ цæуы, уæддæр политикон æгъдауæй æмбаргæ у æмæ иу рæстæджы Ленинæн тынг æххуыс дæр ма фæци. — Ленинмæ фысгæ ныккодтай? — бафарста Веславы йæ фыд. — Махæн куы ницы загътай! — бадис кодта мад. Фырт ницы дзырдта. Дыккаг бон Веслав Кремлы Стыр Галуаны уæрæх уаты лæууыдис бæрзонд, цола æмæ тызмæгхуыз сылгоймаджы раз. Усæн уыдис тынг карз цæстæнгас. Уыцы усæй афтæ дзырдтой, зæгъгæ, дам, ахæстæттæй æмæ хасты бынæттæй ралыгъдис, партийы цал азы ис, уал хатты. Ахæм æмбалы раз Веслав тынг ныфсхаст кæцæй уыдаид, фæлæ йæм уæд- дæр, Ленины фыстæгцы къонверты уыдис, уый балæвæрдта. Сылгоймаг Ленины фыстæг бакаст æмæ лæппуйæн мæ- сты хуызæй афтæ: — Худинаг дæм нæ кæсы Ленинæн йæ рæстæг исын? Ахæм ницæйаг хъуыддæгты тыххæй йæ цæмæн хъыгдарыс? Уыцы иу цыдæй мæнмæ æрбацыдаис, æмæ дын æз билет раттаин. Ды та писмо фыссыныл схæцыдтæ, Ленинмæ фыс- сыныл!.. Ус уыцы мæстджынæй иннæрдæм азылд æмæ йе ’ххуыс- гæнæг æрыгон сылгоймагæн цыбырæй загъта: — Хуынды билет, йæхи номыл, æппæт æмбырдтæм. Веслав æнхъæлмæ касти æнæ исты дзургæйæ, йæ цæсты- тæ дæлæмæ уагъдæй. Фæлæ, æппынфæстаг, зулаив æвæрд тæлмджын хуынды билет йæ къухмæ куы райста, йæ мыггаг, йæ ном æмæ суанг йæ фыды ном дæр бæстон — алы дамгъæ дæр хицæнæй — фыст кæм уыдысты, уыцы би- лет, уæд йæхи нал баурæдта æмæ дзы фæстаг цалдæр боны цы мæстытæ бацыд, уыдон иууылдæр скалдта: — Бахатыр кæн, æмбал. Уый раст у, мæнæн не ’мбæлди Ленинмæ фыссын, Ленины хъыгдарын. Фæлæ... зæгъæм, æз дæумæ билет курæг куы æрбацыдаин, уæд мын ды нæ рат- таис. Нырма сывæллон дæ, зæгъгæ, мын загътаис... — Æвæццæгæн, афтæ дæр уыдаид! — æнæнхъæлæджы 37
ныххудтис тызмæг сылгоймаг. — Уымæй раст зæгъыс! Нæ дын раттаин!.. * * * Уыцы изæр Веслав бадтис Кремлы Галуаны паддзæхты бадæн залы æмæ хъуыста, Ленин III Интернационалы кон- грессы цы доклад кодта, уымæ. Делегæттæ залæй иучысыл баулæфынмæ куы рацæйцыдысты, уæд Веслав лæууыдис Галуаны урс асинты кæрон. Уый йæхи балхъывта перилæ- тæм æмæ афтæмæй касти, Ленин, йæ алфамбылай алы бæ- стæты революционертæ, афтæмæй мрамор къахæвæрæнтыл куыд æрцæйцыдис, уымæ. Ленины фарсмæ цыдис Крупская, йæ къухтæ, суанг уæрджытæм чи хæццæ кодта, ахæм даргъ жикеткæйы дзыппыты тъыстæй. Фотоаппараты магнийы æваст стæпмæ йæ цæстытæ ферттывтой. Крупская йæхи ныцъцъынд кодта æмæ æфсæрмхуызæй иннæрдæм азылд. Ленины алыварс цы революционертæ цыди, уыдон æх- сæн Веслав уайтагъд базыдта, иухатт, уым, Бетъырбу- хы йæ фыды хо Юлиямæ дæндагнизы æфсон цы лæг æрбацыд, уый. Уымæн йæ цæсгом Веслав хорз ба- хъуыды кодта, никуы дзы ферох уыдаид. Фæлæ уыцы лæг йæхæдæг ныр Веславы рæзты ацыд, кæсгæ дæр æм нæ фæ- кодта, афтæмæй. Лæг кæддæр, скъаппы чъылдыммæ иу æх- сæв кæй уаты бахуыссыд, уыцы адæймаджы нал базыдта, уымæн æмæ лæппу фестырдæртæ ис... Стæй Веслав дæр нæ зыдта, уыцы адæймаг кæй уыд, Венæйы йын йæ «Правдæ- йы» нывтæ фотоаппаратæй цы æмбал иста, уый. Фæлæ Ленины уынаг цæст, зæххыцъары æппæт кæрæттæй цы сахъ революционертæ æрæмбырд ис, уыдоны сæрты акæсгæйæ, уайтагъд æрхæцыди ныллæггомау, мызыхъарæзт кæсæн- цæстджын лæппуйыл. — Уæртæ уыцы лæппу, æвæццæгæн, æвæджиау архив чи æрæмбырд кодта, уый у, — загъта Владимир Ильич На- деждæ Константиновнæйæн. — Æмбисонды хорз комплекты чысыл хицау. Ленин Веславы размæ куы æрхæццæ, уæд æм йæ сæр иу- цъус фæкъул кодта: 38
— Де ’зæр хорз, Веслав! Дæ архивы хъуыддæгтæ куыд цæуынц? Ныр æндæр æмбырд кæнын райдыдтай, зæгъыс? Революцион нывтæ? Иттæг хорз! Документтæм афтæ зæр- диагæй сæ хъус æрмæст ахуыргæндтæ фæдарынц. Ды цавæр кусæг суæвынмæ бæллыс? Ахуыргонд? — Мæн фæнды революционер суæвын!—дзуапп ын рад- та Веслав. — Уый æппæтæй хуыздæр! Уый у бирæты намысджын фæндаг! — зæрдиагæй загъта Ленин. Æмæ цыма лæппуйæн йе ’мбал уыд, афтæ разыйы цæстæй бакасти бæзæрхыгтæ, къуыпных, бурдзалыг лæппумæ: — Ай-гъай, ныры револю- цион рæстæджы сывæллæттæ тагъд бахъомылтæ вæййынц. Тагъд... * * * Уæдæй нырмæ бирæ азтæ рацыд. Ам цы адæймæгты кой уыдис, уыдонæй æгас ничиуал у. Фæлæ, цалдæр дæсгай азты фæстæ, историон цауты фæд агургæйæ, Мæскуыйы цыбыр æмæ зылынтæ уынгтæй иуы цы хуымæтæджы фатер ис, уырдæм фæзындысты Ленины Ин- ституты æмæ музейы кусджытæ. Дыууæ полякаг револю- ционерæн (уыдонæн сæ мæрдтæ ныгæд æрцыдысты Кремлы къулы æмæ Ново-Девичий уæлмæрдты) сæ фырты чызг, хæрз æрыгон мад, æртхутæгхуыз сæрыхъуынтæджын, цъæх- дзаст Вандæ Веславовнæ æрбацæуджытæн байгом кодта фибрæйæ1 конд стыр чырыны хæзнатæ. Уырдыгæй систой рагон æнæферохгæнгæ цауты æвдисæн уæвæг дзауматæ: писмотæ, цыбыр фыстæгтæ, фотографион къамтæ... Æппæты бынæй чырыны æвæрд уыдысты хъæбæр цъæрт- ты хуыд комплекттæ — «Правдæ», «Рабочий путь», «Рабо- чий и Солдат», «Пролетарий», Октябры революцийы размæ Бетъырбухы цы газеттæ уагъд цыдис æмæ кæддæр йæ фыд, æнахъом лæппу Славæ, кæй æрæмбырд кодта, уыдон. Октябры агъоммæйы «Правдæйæн» йæ ахъаззагдæр 1 Ф и б р æ — химион æгъдауæй бакуыст хъæбæр гæххæтт. 39
фæрсты фотографион къопиты том Веслав Озовскийы чызг дардта хицæнæй æвæрдæй. Уыцы фæрстыл мыггагмæ дæр бæстон æвдыст æрцыди Ленины æрбаздæхт Уæрæсемæ. Зæххы тыххæй декрет. Хæст бауромыны тыххæй декрет. Суанг ма йæ уæлæ баззад, то- мыл цы гæххæтты уадздзаг ныхæст уыд, уый дæр: австри- йаг кусæг Вильскеры адрис: горæт Венæйы æстæм квартал. Альберты уынг... Ленины Институты æмæ музейы кусджытæ æдзынæг ка- стысты газетты фæрсты сбуруæвæг кæрæттæм. Кæд сыл, миййаг, баззадис Ленины къухы фæд, иугай дзырдтæ фыст, истыхуызон фæнысангæндтæ. Фæлæ нæ, Владимир Ильичы къухæй фыст дзырдтæ кæнæ нысангæндтæ дзы не ’ссардтой. Æмæ дзы, æвæццæгæн, ахæмтæ уæвгæ дæр нæ уыд. Искæй комплекты фæрстыл дын Ленин истытæ фыстаид?! Фæлæ-иу уæддæр æдзынæг цæст куы иу, куы иннæ фар- сыл ссардта кърандасæй конд зына-нæзына бæрджытæ. Мæ- нæ хæрзцыбыр хахх, мæнæ стъæлф, мæнæ æндæр бæрæггæ- нæн нысан. Кæй къухæй æвæрд сты? Лыстæг кърандасæй афтæ хъавгæ чи куыста! Ленин? Чи зоны...
ибелиусы вальс зæрдыл æмбæлын кодта цы- дæр бæрæгбоны, æрыгондзинады зæлтæ, æмæ фрёкен1 Аннæ йæ хомæ бадзырдта, ноджыдæр- ма йæ иу хатт ацæгъд, зæгъгæ. Уыдис хуыцау- æхсæв. Хотæ сæ фæллад уагътой. Фрекен Аннæ студенттæн æнæхъæн къуыри амыдта не- мыцаг æвзаджы мивдисджытæ ифтындзæг кæ- ныны æгъдæуттæ æмæныр, арф къæлæтджыны дзæбæх сбад- гæйæ, хъуымацы гæбазыл хæрдгæнывтæ æфтыдта. Йæ хо Сонни дæр алæбон йæ ахуыргæнинæгтæн музыкалон фæл- тæрæнтæ амонынæй сфæлмæцыд æмæ йын ныр æвдæлон рæ- стæг куы фæцис, уæд йæ уарзон композиторы ног вальс ахуыр кæнын райдыдта. Сылгоймæгтæ сæ дыууæ дæр æрыгæттæ нал уыдысты: фрекен Аннæ Винстенæн йæ дадалитæ фæхалас сты, фрекен 1 Ф р ё к е н — æнæмой сылгоймæгты иумæйаг ном скандинаваг бæстæты (æф- тыд æрцæуы сылгоймагæн йæ мыггаджы номмæ кæнæ йæхи номмæ). 41
Сонни Винстен дæр-иу райсомæй айдæнмæ зæрдæхсайгæ ба- каст. А фæстаг дæс-фынддæс азы дæргъы дыууæ хойы царды ницы уыйас ивддзинæдтæ æрцыд: сæ тути-цъиу фыц- цагау хъал каст кодта йæ къалатийæ æмæ-иу рæстæгæй-рæ- стæгмæ хъæр байдыдта, раджы йæ цы дзырдтыл сахуыр кодтой, уыдон; дæлæмæдзыд кактустæ нæдæр рæзгæ код- той, нæдæр зæронд; æрмæст фæфылдæр ис, Аннæ нывтæ цы чысыл базтыл бафтыдта, уыдон нымæц, стæй, сæ алфам- былай хъæд тынг кæй райрæзыд, уымæ гæсгæ сæ уæттæ азæй-аз талынгдæр кодтой. Фыццаджы хуызæн сæм-иу æр- бацыдысты ахуыргæнинæгтæ, стæй фатерыбадджытæ æмæ та-иу иуцасдæры фæстæ ацыдысты; тыхджын уад кæнæ тæрккъæда куыд аивгъуыйы, афтæ-иу сæ иуварсты аив- гъуыдтой дунейы царды тæссаг стыр цаутæ. Æмæ ма айдæн нæ фæци, зæгъгæ, уæд афтæ фенхъæлæн уыдаид, цыма ацы хæдзары цард йæ цыдæй банцади... Цы стыр уаты бадтысты, уый уыдис хъарм æмæ дзæбæх æфснайд. Фортепьяно1 æмæ тымбыл стъолыл сыгъди мыда- дзын цырæгътæ, æмæ къултыл цавæрдæр æнахуыр аууæттæ хъазыд. Тутийæн йæ бырынкъ йæ пакъуыйы тъыст, афтæ- мæй цæджы мидæг херы кодта; стыр урс къуыбылойы хуы- зæн къæбыла Аннæйы къæхты раз фынæйæ лæууыд. Æдде æнкъард уынæр кодтой бæгънæг бæлæстæ, фæз- зыгон дымгæ-иу хуылыдз къæдзæх дуртæй бур сыфтæ ра- марзта, фæлæ уыдæттæ агъуыстмæ нæ хъуысыдысты. Мæнæ гыбар-гыбургæнгæ азгъордта поезд, æмæ пагрово- зы æхситтæй хъæд ныццарыдта. Аннæ райдыдта йе ’ндæхтæ тухын: иугæр изæрон пост- ласæг поезд Оглбю-станцæйæ араст ис, уæд хуыссын афон у. Ныййазæлыдысты вальсы фæстаг аккордтæ2. Сонни йæ къухтæ йæ уæрджытыл æруагъта. Поезды гыбар-гыбур ын алы хатт дæр йæ зæрдыл æрлæууын кæны, хæрзхæстæг ран, ардыгæй æрмæст дыууадæс километры æддæдæр, Гельсинг- 1 Фортепьяно — музыкалон инструмент, ныры рояль кæнæ пианино. а Аккорд — иумæ хорз чи фидауы, ахæм цалдæр музыкалон зæлы баиу. 42
форсы цард нырма йæ тынгыл кæй у. Уым адæм уæд æр- мæст театрæй сæ хæдзæрттæм цæуын райдайынц. — Æз æмæ ды оперæйы куыд рагæй нал уыдыстæм, бе- тъырбухаг артистты зардмæ байхъусын мæ тынг фæнды!— сдзырдта Сонни, тымбыл бандоныл йæ хойырдæм разилгæ- йæ. йæ цъæх цæстытæ цæссыгæй сæрттывтой. — Рагæй ни- куал бахъæлдзæг стæм. — Афтæ ма дзур, хуыцауы зæрдæ ныл фæхуддзæн, — уайдзæфы хуызы йын загъта Аннæ. — Ам дæр æвзæр куы нæ цæрæм. Æз сабыр æмæ æнæмаст цардыл сахуыр дæн. Ныры заман æнæмаст цардæй хуыздæр ницы ис. Æмæ, раст цыма уыцы ныхæсты мæнгдзинад равдисыны тыххæй уыд, уыйау къæбыла хæр-хæргæнаг хъæлæсæй æваст срæйдта, тути дæр йæ сæр иуварсырдæм фæзылдта, æмæ йæ иу цæст сæрттывта. «Карл, Свен, Юхан,—ардæм!»— хицауы хъæр ныккодта уый бæзджын хъæлæсæй. Чысыл кæрты къæйдуртыл чидæр æрбацæйцыд. Хотæ сæ кæрæдзимæ бакастысты: афтæ æнафоны сæм чи хъуамæ цæуа? Дуар æрбахостæуыд. Тути хæстæргомхуызæй йæ сæр разил-базил систа æмæ сидти нæлгоймæгтæм. Аннæ стъолæй райста уæззау цырагъдарæн æмæ, цы- рагъы цыренæн йæ къухæй аууон кæнгæйæ, тыргъмæ араст. Сонни йæ фæдыл цыдис, хуыцаумæ кувæгау йæ къухтæ йæ риуыл сæвæрдта, афтæмæй. — Мадымайрæмы уазæг у, фæлæ чи дæ? — бафарста Аннæ шведаг æвзагæй. — Госпожа Коланы хæлар, инженер Петров, — дзуапп ын радта æнцад-æнцойæ нæлгоймаджы хъæлæс, бæлвырд- бæрæг славяйнаг ныхасыздæхтæй дзургæйæ. Аннæ æдас кæм уыд, фæлæ уæддæр дуар бакодта. Рухсы цырен мыдадзын цырагъы лыстæг фитилы уæлæ тыбар-тыбур байдыдта, чысыл ма бахъæуа, ма ахуысса. — Уе ’хсæв хорз! — загъта æнæзонгæ лæг, уарыны до- нæй хуылыдз тегла-худ сисгæйæ. йæ бæрзонд ных æмæ бур- 43
дзалыг рихиты тыххæй æппындæр зæрондхуыз нæ зынд, йæ тарбын цæрдæг цæстытæ кодтой фæлмас æмæ зæрдæхæлар каст. — Æгас цу! — дзуапп ын радта Аннæ æмæ уазæджы йæ фæдыл ахуыдта уатмæ. К/ьæбыла ацыди йæ пакъуы гобаныл хуыссынмæ, Сонни та тутийы æрæмбæрзта тарбын кæлмæрзæнæй, æмæ уæд уый дæр ныхъхъус и. — Нæ фыд ма æгас куы уыд, уæд нын нæ тутийы афтæ хъæр кæнын уый сахуыр кодта, цæмæй æнæхуынд уазджы- тæ æнхъæл уой, æз æмæ мæ хо ам иунæг не ’стæм, зæгъгæ,— загъта уазæгæн Сонни, цыма тутийы тыххæй хатыр куырд- та, уый хуызæн. Æнæзонгæ лæг, æмбарын æй, зæгъгæ, йæ сæр бан- къуыста. — Фру1 Колан мын афтæ загъта, сымахмæ, дам, ис, æх- хуырсты кæй фæдæттут, ахæм уат, хардз иууылдæр сыма- хæй куыд уа, афтæмæй, стæй, дам, уæм ныртæккæйы хуы- зæн æнафоны куы фæзынон, уæд дæр ницы кæны, — загъта лæг хæдзары хицæуттæн, стæй сæ уый фæстæ немыцагау дзурыны бар ракуырдта. — Бæгуы, бæгуы, фру Колан нын дæ кой кодта. Иу уат дын ратдзыстæм флигелы2; уым ма цæрынц дыууæ финаг студенты, фæлæ йæм уыдон æрмæст æхсæвиуат кæнынмæ æрбацæуынц...— Сонни йæ тарсты фæстæ бынтон æрса- быр.— Ацы талынджы нæм фæндаг куыд ссардтай? — ба- фарста ма чызг. — Фру Колан мын тынг биноныг радзырдта, «Гордабе- ка» пансионмæ станцæйæ куыд цæуын хъæуы, уый. Æз уын уæ пансион мæ цæстытæ бастæй дæр ссардтаин. Уымæй дыууæ боны раздæр Аннæ æмæ Соннимæ æрба- уадис фру Колан, Аннæйы чызджы бонты æмбал. Ныр уый моймæ фæцыд иу финаг афицермæ æмæ цардис Гельсинг- 1 Ф р у — моймæдзыд сылгоймæгты иумæйаг ном скандинаваг бæстæты (æф- тыд æрцæуы сылгоймагæн йæ мыггаджы номмæ кæнæ йæхи номмæ). 2 Флигель — чысыл агъуыст стыр хæдзары кæрты; агъуысты базыр. 44
форсы. Фру Колан куырдта, цæмæй сæ иу уат фатеры рат- таиккой уырыссаг инженерæн, тынг интеллигентон адæйма- гæн. Тынг, дам, дзы æппæлыди йæ хорз зонгæ зæронд ус «Виргиния Смирнофф». Аннæ йе ’уæхсчытыл хъарм кæлмæрзæн æрбаппæрста æмæ ног фатерыбадæджы ахуыдта флигельмæ. — Господин Петров хæрзæгъдау адæймаджы хуызæн у, стæй, æвæццæгæн, æцæг интеллигент у,— дзырдта йæ хо- йæн Аннæ, флигелæй куы æрбаздæхтис, уæд. — Йæ сак- вояж1 байгом кодта, æмæ йын дзы федтон чингуытæ. Бон- изæрмæ дам-иу фысгæ кæндзынæн, изæрыгæтты та тезгъо кæнынмæ — хъæдмæ. Æз ын загътон, сихор-иу махимæ хæр, зæгъгæ... — Кæд, миййаг, уырыссаг революционер у? — аджих уæвгæйæ, бафарста Сонни. — Мæнмæ гæсгæ, уыдонæй у,— æнцад-æнцойæ йын дзуапп радта Аннæ. Сонни йæ хомæ тарстхуызæй бакасти: — О, фæлæ газетты цы фыссынц, уый дæ ферох? Газеттæ Уæрæсейæ хъусын кодтой æвирхъау хабæрттæ: марыны тæрхонтæ, ауындзыны, дæрæн кæныны хабæрттæ. Уырысы паддзах адæмæн æбуалгъ æфхæрæн митæ кодта, революци кæй сарæзтой, уый тыххæй. Адæм хъус-хъусы дзырдтой, паддзах, дам, финæгтæн сæ конституци байсын- мæ хъавы, уырыссаг жандармтæ, дам, Финляндимæ æрба- уай-æрбауай систой, зæгъгæ. Аннæ уæлæмæ скасти, сæ диваны сæрмæ цы ныв ауыгъд уыдис, уымæ: бурдзалыг чызг, Сонийы хуызæн цъæхдзаст, йæ къухы дары чиныг «Финляндийы конституци», чызджы сæрмæ та йæ базыртæ ныттыгъта дынджыр хъæхъхъаг цæр- гæс, уый хъавы чызджы къухтæй чиныг ратонынмæ æмæ йæ цыргъ ныхтæ чызджы гом уæхсчыты нысса- дзынмæ... — Ныхас дæр ыл нæй, инженер Петров ардæм хуымæ- тæджы не ’рбафтыд,— цæуылдæр хъуыдыгæнгæйæ загъта 1 Саквояж — къухы хæсгæ фæндаггон хызын. 45
Аннæ.— Уый йедтæмæ фру Колан, уырыссаг лæг уæм цæры, уый-иу макæмæн дзурут, зæгъгæ, цæмæн загътаид. * * * Владимир Ильич йæ ног цæрæнбынатыл йæ цæст аха- ста. Рудзынджы раз — стъол, уый бакомкоммæ къулы фарсмæ — нарæг сынтæг, йæ цуры — хихсæн чысыл стъол стыр фаянс тас æмæ хъуывгъанимæ. Дуары бакомкоммæ цы къул ис, уый фарсмæ — диван, йæ уæлæ — бирæ чысыл базтæ, се ’ппæт дæр нывæфтыдтæгонд, диваны раз кæрдæг- хуыз фæсмынæй астæрд гыццыл стъол, æвдæлон рæстæг къамæй кæуыл фæхъазынц, ахæм. Уаты иу къуымы бирæ бынат ахсы кафел-дурæй амад пец. Владимир Ильич йæ жилеткæйы дзыппæй сахат систа æмæ йæ къаннæг дæгъæлæй сифтыгъта. Сахат амыдта æм- бисæхсæвæй цъус фылдæр — иучысыл ма акусæн уыди. Ра- ласта йæ пинджак, рагъæныл æй сауыгъта, саквояжæй систа дæрдджынтæ фæсмын къурткæ, йæ уæлæ йæ скодта æмæ стъолы уæлхъус æрбадт... Уарыны уæззау æртæхтæ рудзынг хойынц æмæ зылын- мылын лæсæнтæй уырдыгмæ згъорынц. Рудзынджы æдде дымгæ расур-басур кæны бæлæсты къабузты сау аууæттæ. Владимир Ильичæн йæ цæстытыл ауади Уæрæсейы стыр бæстæ. Гæвзыкк цард кæнæг милуангай зæхкусджытæ. Та- лынг, ссæст музуккæгтæ, æдзухдæр зæхх чи мысы. Зæхх та ис помещикты æмæ кулакты къухы, æмæ ноджы искуы-иу- æй фæстæмæ сæ алкæмæ дæр фондз сæдæ дæсæтинæй фыл- дæр, æппæты хуыздæр зæххытæй. Революцийы бонты зæхкусджытæ æнæуынон помещик- тæн сæ бæстыхæйттыл арт æндзæрстой, сыстадысты-иу ца- гъайраг цардæвæрды ныхмæ тох кæнынмæ, зæхх-иу сæхи къухтæм райстой. Ныр революци цъистгонд æрцыд. Паддзахы хицауад хъæддаг сырды митæ кæны, адæмы та ногæй батæрынмæ хъавы æфсондзы бынмæ. Большевикты парти йæхи цæттæ кæны ног хъазуат тохмæ. Куыд фервæзын чындæуа зæхку- 46
сæг лæджы йæ зын цардæй? Музуккæгтæн зондамонджытæ бирæ ис, алчи дæр сын йæхи хъары, йæхи хоны зæхкусæ- джы хорз хæлар. Фæлæ уыдонæй рæстзæрдæ, æнæсайд чи у? Æрмæстдæр кусджыты кълас, æрмæстдæр болыневиктæ. Большевиктæ ахæм фæндаг амонынц — помещикты ис- бондзинадæн кæрон скæнын, зæхх иууылдæр паддзахады къухмæ раттын. Фæлæ паддзахы хицауад, помещикты æмæ капиталистты фарс чи хæцы, уый хъуамæ зæххæн хицау ма уа. Цалынмæ паддзахы хицаудзинад æппæрст не ’рцæуа, уæдмæ зæхх адæмы къухы никуы уыдзæн. Уыцы революци сараздзысты кусджытæ æмæ зæхкусджытæ, разамонæг та дзы кусджыты кълас уыдзæн. Ацы хатдзæг раст кæй у, хъуыддаг æцæг афтæ кæй у, уый равдисын хъæуы бæлвырдæй, наукон бындуртыл æн- цойгæнгæйæ, фæлæ фыццаджыдæр та хъуамæ зæхкусджы- ты мæнг хæлæрттæн — октябристтæн, кадеттæн, эсертæн, меньшевиктæн сæ программæтæ ныддæрæн кæнын хъæуы... Владимир Ильич æрдæгтаст æнгуылдзтæй рог хост кæ- ны стъол, сыбар-сыбурæй цыдæртæ дзуры, стæй уæд пъеро чернилæйы атылдта æмæ райдыдта фыссын... АРТ — Æгæр хъуыддагхуыз стæм æз æмæ ды, Владимир Мартынович, миййаг, ныл исчи куы фæгуырысхо уа, — ба- фиппайдта Надеждæ Константиновнæ æмæ йе ’мбалæн загъта, мæ дæларм бацу, зæгъгæ. Уыдон цыдысты ног арæзт сосафæндагыл, хъæд æмæ къæдзæхты æхсæнты. Фæндаггæрæтты ма миты бынæй зын- ди дурты æмæ хуыры цæндтæ. — Фарон-иу ардыгæй æхсæвыгæтты хъуысыдис тых- джын гуыппытæ,— загъта Ъладимир Мартынович, фæнда- джы фæйнæ фарс цы гранит къæдзæхтæ, халасæй æмбæрзт стыр дуртæ зындис, уыдонмæ кæсгæйæ. Надеждæ Константиновнæ йæ сæр фенкъуысын кодта. Финляндийы зæхх рагон зырдуртæй йедзаг у, æмæ дзы æнæ динамитæй фæндаг айгæрдæн нæй. 47
— Æз æмæ ды цы фæндагыл цæуæм, уый большевиктæ сарæзтой, — æнæнхъæлæджы ма йæ ныхæстыл бафтыдта Владимир Мартынович. Надеждæ Константиновнæ йæ фæндаггон æмбалмæ дис- гæнгæ бакаст. Владимир Мартынович йæ хъуыдытæ зынра- хатæн хуызы дзураг кæй уыд, уый зыдта. — Не ’мбæлттæй хæстон хъуыддагыл чи кусы, уыдон фарон æрхъуыды кодтой ног бомбæтæ, — дзырдта дарддæр Смирнов,— сæхи цæттæ кодтой æдгæрзтæ сыстадмæ. Æмæ ног хæцæнгарз та цалынмæ æвзæрст æрцæуа, уæдмæ йын хæцæнгарз схонæн дæр нæй. Фæлæ йæ кæм бавзæрстæуа? Нæ хъустыл æрцыд, финæгтæ ам кæй аразынц сосафæндаг æмæ къæдзæхтæ æхсæвыгæтты кæй рæмудзынц. Гъемæ уæд не ’мбæлттæ райдыдтой арæзтадон артельтимæ «иумæ ку- сын». Финæгтæ дисæй мардысты — динамит-иу цæвæрдтой иу ран, гуыппытæ та-иу... дыууæ ранæй фехъуыстис. Уый махонтæ сæ бомбæтæ æвзæрстой. Финæгтæ абон дæр ма нæ зонынц, большевиктæ сын фæндаг гæрдынæн кæй æххуыс кодтой, уый.- — Большевиктæ бирæтæн æххуыс кæнынц фæндаг гæр- дыны хъуыддаджы,— æндæр цæуылдæр хъуыдыгæнгæйæ сдзырдта Надеждæ Константиновнæ. — Уæд та ныр фæй- нæрдæм ацæуиккам? Фæзилæны æдде иу хъæу зыны. Уый Оглбю-хъæу у? — О, о, æмæ йæм кæуылты цæуын хъæуы, уый дын зæгъ- дзынæн. Мæн адæм арæх уынынц ам. Дæхæдæг иунæгæй куы ацæуай, уæд хуыздæр уыдзæн. — Æмæ йын Владимир Мартынович фæндаг бацамыдта. — Винстенты дыууæ хойы мæ хъуамæ сæ хæдзармæ ба- уадзой, — загъта Надеждæ Константиновнæ. — Фæстæмæ Гельсингфорсмæ та фæндаг мæхæдæг ссардзынæн. Бузныг. Кæрæдзийæн хæрзбон загътой. Надеждæ Константиновнæ, йæ къухтæ муфтæйы тъы- стæй, размæ араст. Владимир Мартынович йæ фæдыл би- рæ фæкасти. 48
* * * Уат у уазал, рудзынджы бынвæйнæгыл ихы фæлтæртæ ныхъхъæбæр сты. Пец йæ тæккæ дзаг у сугæй. Сугты бын — бæрзы цъæрт- тæ кæрæдзиуыл амадæй, пецы фæлгуырыл та — спичкæты къопп. Владимир Ильич спичкæ ссыгъта, бæрзы цъæрттæм æй-бахаста, æмæ цъæрттæ, мæстыгæр къæрцц-къæрцгæнгæ, сæхимидæг тымбылтæ кæнын байдыдтой. Арт рæсуг цъæрт- тæ астæры, сугтæн сæ дæрзæг уæлцъарыл аныхæсы æмæ сæ уæгъд нал суадзы. Æмæ дын мæнæ сзыр-зыр кодтой, сæрттывтой арты цъæхбын-бур цырентæ. Иу хуылыдз суг хъуыр-хъуыргæнаг лæгау цъыс-цъыс байдыдта, фынк ка- лын систа; арт уымæй иуварс агæпп ласта, хуылыдз суджы лыггаджы бынты йæхи баивæзта пецы рæбинаг къулмæ... Уатмæ ракалдис догъыты мастгæнаг тæф. Владимир Ильич пецæн йæ решоткæгонд дуар бахгæ- нæгау кодта — арты цырентæ скафыдысты, райхъуысти сæ гуыв-гуыв, æфсæйнаг решоткæ ныррызти æмæ дзыгъал-мы- гъул кæнын систа. Сырх-сырхид зынгтæ æддæмæ хауын байдыдтой решот- кæйы хуынчъытæй; уыдон хаудысты пецы дуары бынмæ æвæрд æрхуы къæймæ æмæ сыл-иу цæстыфæныкъуылдмæ пух æртхутæг абадтис. Уаты дуар куыд байгом ис, уый Владимир Ильич нæ ба- фиппайдта. — Уайтагъддæр æй зыдтон, ды та дæ фысымты кæй сра- зы кæндзынæ пец дæ бар ныууадзыныл. Владимир Ильич цырд фæзылдис. — Надюшæ! — æмæ йæ дыууæ къухы дæр Надеждæ Константиновнæйырдæм адаргъ кодта. — Æгайтма ам дæ! Абон дын æрбацæуын æнхъæл нæ уыдтæн. — Надеждæ Константиновнæмæ йæ палто раласынмæ фæкасти, бандон ын артмæ хæстæгдæр æрæвæрдта.— Мæнæ ам æрбад, мæ хур, дæ къухтæ бынтон куы баргъæвстысты. Æз ныртæккæ зæгъдзынæн, цæмæй нын цай æрбахæссой. Надеждæ Константиновнæ уатыл йæ цæст ахаста. Ног 4 Дзыллæты уарзон лæг 49
фысымуат та. Æвæдза, цал æмæ цал фатеры, цал æмæ цал æхсæвиуатгæнæн бынаты аивта Ильич а фæстаг дыууæ азы дæргъы, дзырдхæсджытæ æмæ пъæлицæ æдзух йæ фæдыл кæй зилынц, уый тыххæй! Йæ хъуыдыты аныгъуылд. Фыл- дæр куы нæ уой, уæддæр ссæдз фатеры уыдзысты... Пецы раз æрбадти. Арт ын рухс кодта йæ фæллад цæсгом. — Цæй, куыд дæ? — бафарста йæ Владимир Ильич, хæдзары хицауæй куы æрбаздæхти, уæд,. Надеждæ Кон- стантиновнæйы цæсгоммæ æдзынæг кæсгæйæ. — Ды та фыццагау æнæхуыссæг æхсæвтæ æрвитыс? — дзуапп раттыны бæсты йæ бафарста уый. — Куы нæ, æз мæ фаг фæфынæй кæнын. — Нæ мæ уырны, фыдхуыз.дæ. Æгæр бирæ кусыс.— Надеждæ Константиновнæ уатыл йæ цæст ахаста. Стъолыл æмæ бандæттыл кæрæдзийы уæлæ амадæй лæууыдис бирæ чингуытæ æмæ журналтæ, рудзынджы бынвæйнæгыл та Паддзахадон думæйы дзуаппыты æнæхъæн рæдзæгъд.— Кæм ссардтай уый бæрц? — Мæ хъуыддаг тынг фæрæстмæ, Надюшæ: Владимир Мартынович мæ чиныгхъуаг нæ уадзы. Знон та мын Думæ- йы дзуаппытæ æрбахаста. Ноджы мын мæ къухфыстытæ мыхуыр кæны, Финляндийы императорон сенаты чи кусы, иу ахæм чызг,— уый дæр мын Владимир Мартынович ссардта. Æмæ, зоныс, уыцы куыст мын чызг æххæст кæны, зæгъæн ис, аслам аргъыл. Фрекен Аннæ æрбахаста цай æмæ сæм фæдзырдта. На- деждæ Константиновнæ тынг раппæлыд, хицæн мигæнæны цъупп амадæй цы адджын къренделитæ уыдис, уыдонæй, æмæ уымæй фрекен Аннæйы зæрдæ тынг балхæдта. — Рагæй-æрæгмæ дæр мын адджинæгтæ уарзаг дæ! — сдзырдта Владимир Ильич. Хæдзары хицау ацыд, æмæ уæд Надеждæ Константинов- нæйæн фадат фæци Бетъырбухы хабæрттæ радзурынæн. Ахст æмæ дæрæнгонд æрцæуынц куы иу, куы иннæ типогра- фи, æнæхъæн партион къордтæ. Куыд зыны, афтæмæй пъæ- 50
лицæйæн йæ къухы бафтыди партимæ провокатортæ барви- тын. Жандармтæн приказ лæвæрд æрцыд, цæмæй Финлян- дийы арæнтыл бахизой æмæ дзы ’архайын райдайой, раст цыма «хи хæдзары сты», уыйау. Большевиктыл сардыдтой пъæлицæйы æвзаргæ тыхты. Надеждæ Константиновнæ йæ муфтæйы мидæггаджы бынæй раласта иукъорд писмойы, Владимир Ильичмæ сæ бадаргъ кодта. — Бакæс сæ, æз та уал дын дæ дарæсмæ базилон,— загъта уый, рагъæнæй пинджак райста æмæ йын йæ цæп- пæртæ фидар хуийын райдыдта. — Цыма цæйдæр тыххæй тыхстхуыз дæ, — сдзырдта Владимир Ильич, Надеждæ Константиновнæ йæ уагыл кæй нæу, уый æмбаргæйæ. — Цæй-ма, зæгъ мын, æмгъуыдæй дыууæ боны раздæр цæмæн æрбацыдтæ? Цæмæн фехæлдтай нæ «бадзырд»? — Афтæ, æнкъард кодтон æмæ... — Стæй ма ноджыдæр цæй тыххæй? — фæрсы та йæ Ленин. — Ноджыдæр ма... ноджыма мын æмбæлттæ загътой, цæмæй дыл æз сæмбæлын кæнон пъæлицæйы департаменты циркуляр1, кæй зæгъын æй хъæуы, æрмæст йæ къопи... дзы- хы ныхæстæй. Худæджы ныхæстæ дзы бирæ ис. — Надеж- дæ Константиновнæ пинджак иуварс æрæвæрдта. Байхъус- ма, цы дзы фыссынц, уымæ: «Владимир Ильич Ульянов, йæ фæсномыг Н. Ленин. Дворянты мыггагæй. Чырыстон...» — Уый, чи зоны æмæ, иууыл раст нæу,— йе 'уæхсчытæ фелхъывта Владимир Ильич. — «Усджын, асæй рæстæмбис». — Гъе уый раст у. — «Бу-у-рхил»,— худы Надеждæ Константиновнæ æмæ кæсы Владимир Ильичы сырхбын рихитæм. Худы уый дæр. — «Цæуы йыл цыппор дыууæ—цыппор цыппар азы».— Ацы ныхæстæ сдзырдта бынтон хинæйдзагхуызæй. 1 Циркуляр — бирæ уагдæттæм æрвыст иухуызон бардзырд. 51
— Гъе уый сын æппындæр мæ зæрдæмæ нæ цæуы. Цæ- мæн афтæ фыссынц? — Владимир Ильич сыстад æмæ уаты цалдæр къахдзæфы акодта.— Надюшæ! Зæгъ-ма, дæ хор- зæхæй, æцæгæй мыл цас цæуы, уымæй фондз-авд азы хистæр зынын? И?.. Ныр æй æмбарын, дзырдхæсджытæ мæм арæх джихтæгæнгæ цæмæн фæкæсынц, уый. Уыдонæн, æвæццæгæн, фæзæгъынц, мæнæй уый у цъæхдзаст æмæ къæбæлдзыгсæр сахъ лæппу... Гъы, гъы, дарддæр та? — Дарддæр? Дарддæр фыст ис афтæ: «...уыцы Ульяно- вы æрцахсут, баджигул æм кæнут æмæ йæ сæмбæлын кæ- нут горæт Санкт-Петербурджы 27-æм участочы слест- гæнæгыл». — Афтæ дзы фыст и: «Сæмбæлын кæнут»?.. Нæ, уый сын нæ рауайдзæнис! Владимир Ильич уаты ногæй арацу-бацу кодта. — Циркуляр кæд фыст уыдис? — цырд бафарста уый. — Мин фараст сæдæ æвдæм азы дыууын æртыккæгæм июны. — Абон ноябрь у, афтæмæй циркуляр ныронг æххæст- гонд нæма æрцыдис. — Стæй афтæ бакæнын хъæуы, цæмæй æххæстгонд ма- куы æрцæуа, — загъта Надеждæ Константиновнæ. — Иттæг раст зæгъыс. Гъемæ уæд æз хъуамæ фыст фæ- уон зæххы тыххæй программæ æмæ мæхи бацæттæ кæнон,— ацы ран иуцъус фæлæууыд,— пъæлицæйы къух кæдæм не ’ххæссы, ахæм ранмæ ацæуынмæ. Цæй-ма, ахъуыды кæнæм, дæуæн дæ хъуыддæгтæ Бетъырбухы кæй бар бакæнæн ис, стæй "ма ноджыдæр цы бакæнын хъæуы, уыдæттыл. Дзурын райдыдтой æвæстиатæй кæнгæ хъуыддæгтыл. Гранит дурыл æвæрд хæдзары салд рудзынг æрттывта æмæ рухс кодта суанг боныцъæхтæм. ÆНÆРАСТ МИВДИСÆГ Йæ карзинкæ алы хойрагæй йæ тæккæ дзаг, афтæмæй фрекен Аннæ бацыди, Сенаты фæзы цы киоск уыд, уый цурмæ, газеттæ балхæныны тыххæй. Къуыри дыууæ хатты 52
уый продукттæ æлхæнынмæ æрбацæуы Гельсингфорсмæ; абон ма йæ газеттæ дæр балхæнын хъæуы инженер Пет- ррвæн. Киоскы фæйнæ фарс дынджыр фæйнæджытыл ныхæст уыди афишæтæ, уыдоныл ставд дамгъæтæй фыст уыдысты алы газетты мыхуыргонд статьяты сæртæ. «Швецийы пад- дзахы къæлæтджын бадæны æрбадти къарол Густав- Адольф». Аннæ йæхиуыл дзуæрттæ бафтыдта, уый кæддæ- риддæр хуыцауæн кувæг шведаг сылгоймаг уыдис. «Влади- восточы дыууын матросæн хаст æрцыди марыны тæрхон, дыууын цыппарæн та каторгæмæ ахæссыны тæрхон. Вар- шавæйы марыны тæрхон хаст æрцыди цыппар бунтгæнæ- гæн». Сылгоймаг кæсы æндæр афишæмæ. «Киевы универ- ситетæй цухгонд æрцыди 700 студенты, сылгоймæгты кур- сытæй та 1 500 курсисткæйы». «Кутаисы æхгæд æрцыдысты æппæт скъолатæ дæр». «Ахуыры тыххæй фиддон кæй нæ бахастой, уый охыл Мæскуыйы цухгонд æрцыд 1398 сту- денты». «Мæскуыйы университетмæ æрвыст æрцыди пъæлицæ»... Фрекен Аннæ тагъд-тагъд равзæрста уырыссаг, шведаг æмæ немыцаг газеттæ æмæ, йæ рæзты цы файтон фæцæй- цыд, уый фæурæдта. Фæндыдис æй, уырысы паддзахы брон- зæ ныв бæрзондæй кæуыл фæлгæсы, уыцы фæзæй тагъд- дæр ацæуын, горæтæй федде уæвын, амарыны тыххæй хъусинæгтæ нæ уынын, æппæт уыцы æбуалгъ хъуыддæгтæй иппæрд уæвын. Уæрæсейæ цы хабæрттæ хъуысы, уыдонæй адæймаг зæрдæтахт фæуыдзæн... Аннæ сæхимæ куы æрбацыд, уæд æм сæ фатерыбадæг æнхъæлмæ касти стыр уаты. Уайсахат газеттæ айста æмæ сæ райдыдта тагъд-тагъд фæлдахын. «Петербурджы газе- ты» кърандасæй фæнысан кодта ахæм хъусинаг: Пад- дзахадон думæйы социал-демократон фракцийы уæнгтæ ахст кæй æрцыдысты æмæ сын тæрхон кæй кæнынц, уый ныхмæ тохгæнгæйæ, Бетъырбухы забастовкæ сарæзтой 11 мин кусæджы. Æвæдза, куыд æнæкæрон иузæрдион сты кусджытæ сæ партийыл, ахæм æгъатыр терроры заман пар- 53
тийы минæвæртты сæрыл сдзурынмæ сæ ныфс кæм баха- стой, уым! Кусджыты æнæмæнг уырны сæ партийы рæст- дзинад. Кадетты газет «Речь»-мæ æркæстытæгæнгæйæ, Владимир Ильич йæ мидбылты бахудт. Æмæ куыннæ! Пъæ- лицæйы сусæг агенттæ Келломяки-станцæйы бацыдысты цавæрдæр Ульяновы дачæмæ æмæ дзы баджигул кодтой. «Хæрзаг загътой, æмæ æз Финляндийы мæхи номыл дачæ баххуырстон». Газет «Речь» стъолмæ куы баппæрста, уæд йæ цæст æр- хæцыд уæрæх рамкæты æвæрд хъусинагыл. Кадетты газет сидти, æлхæнут Карл Марксы æмæ Фридрих Энгельсы уац- мыстæ, зæгъгæ. Коммерци цы нæ бакæнын кæндзæни! Газет, иуæй, большевикты ныхмæ тох кæны, марксистты фауыныл нæ ауæрды, иннæмæй та, адæммæ марксистон литературæ æлхæныны тыххæй сиды. Уæвгæ, уым диссагæй ницы ис — хъусинæгты тыххæй сын æхца фидынц, дзæвгар æхца. Аннæ цы балхæдта, уыдон карзинкæйæ иста æмæ йæ фатерыбадæгмæ джихтæгæнгæ касти. — Господин Петров, уый бæрц зæрдиагæй цæуыл худыс? — Мæнæ иу худæджы хъусинаг бакастæн. Мулкмæ бæлджытæ аслам аргъыл уæй кæнынц сæ принциптæ, фре- кен Аннæ. — Куынæ, господин Петров, уый нæ фæлæ алцы дæр æвирхъау зынаргъ куы сси, уæлдайдæр æхсыр. Горæтаг га- зеттæ сидынц æлхæнджытæм, хъоды бакæнут æмæ æхсыр мауал æлхæнут, цалынмæ йæ нæ фæасламдæр кæной, уæд- мæ, зæгъгæ. — Нæ зонын, фæлæ уын уымæй куы ницы рауайа. Æл- хæнджытæй алчидæр йæхи бар у, æхсыр чи уæй кæны, уы- дон та иугонд сты... Уалынджы, йæ уæлæ раздарæн, йæ къухы — стыр хъæ- дын уидыг, афтæмæй уатмæ æрбауади Сонни. — Æрбацæуы нæм констебль1 æмæ йемæ уырыссаг 1 Констебль — пъæлицæйы кусæджы дæлдæр цин иуæй-иу капиталистон паддзахæдты. 54
пъæлицæйаг,— зыр-зыргæнаг хъæлæсæй фехъусын код- та чызг. «Карл, Свен, Юхан, — ардæм!» — хъæр кæнын систа тути. Владимир Ильич йæ бандонæй цырд фестад, Соннимæ бауадис æмæ йын йæ къухыл андзæвыд: — Дæ хорзæхæй, тæрсгæ ма кæн. Акæс сæм æмæ семæ, куыд æмбæлы, афтæ баныхас кæ... — О, фæлæ мын сæ ацы уатмæ æнæ æрбакæнгæ нæ уы- дзæн,—катайгæнгæ сдзырдта Сонни. — Кæй зæгъын æй хъæуы, — загъта Владимир Ильич. — Æмæ уæд ды та? — Мæн мæт ма кæн, мæн фрекен Аннæ бахъахъхъæн- дзæнис, — ныфсæвæрæгау æм йæ мидбылты бахудти инже- нер Петров. Ныр тути йæ хъæрæй не ’нцайы, æмæ йыл Сонни тар кæлмæрзæн баппæрста, стæй уæд, йæхимидæг джихтæгæн- гæ, тыргъмæ ауадис хæддзу уазджыты размæ. Сонни констеблы æмæ пъæлицæйаджы стыр уатмæ куы æрбакодта, уæд кæсы, æмæ сæ фатерыцæрæг бады ахуыр- гæнæн стъолы уæлхъус, йæ цæсгом рудзынджырдæм здæхт, æмæ, йæ галиу къух русмæ быцæу арæзт, афтæмæй зæрдиа- гæй фыссы. Аннæ та, йæ къухты гом чиныг, афтæмæй стъо- лы иннæ фарс бадти. — Уæртæ уый у пансионы хицау, фрекен Винстен, — Аннæйырдæм амонгæйæ, загъта уырыссаг пъæлицæйагæн констебль.— Немыцаг æвзаджы ахуыргæнæг, адæмы æхсæн нымад чызг. Нæ дæ бахъыгдардзыстæм, фрекен Аннæ? — Нæ, нæ мæ бахъыгдардзыстут,— æнцойхуызæй йын дзуапп радта Аннæ.— Ныртæккæ урок дæттын. Цыдæрид- дæр уæ базонын фæнды, уымæй фæрсут мæ хойы. Уыцы рæстæджы Сонни æнхъæлмæ касти, цалынмæ кон- стебль пъæлицæйагимæ баныхас кодтаид, уæдмæ — уыдон дзырдтой уырыссагау,— æмæ та-иу йæ хо Аннæмæ ба- каст. — Зæгъ-ма, цавæр æнæраст мивдисджытæ зоныс, дык- 55
каг къласы фыццаг ифтындзæгмæ чи хауы, ахæмтæ, — дзу- ры Аннæ немыцагау йæ ахуыргæнинагмæ. Инженер Петров дзуапп радта: — Æнæраст мивдисæг ершрекен1. Ершрекен, ершрак, ершрокен. Фæлæ мæнмæ, фрекен Аннæ, хуыздæр кæсы уы- цы мивдисæгæй æппæрццæгимæ пайда кæнын. Алзо, вир ха- бен унс нихт ершрокен2. — Тынг раст зæгъыс, — сразы ис ахуыргæнæг. Уымæн йæ зæрдæ йе ’муд æрцыд æмæ ныр йæ ахуыргæнинаджы бæ- стон фæрсын систа, немыцаг æвзаджы грамматикæ куыд хорз зоны, ууыл дисгæнгæйæ. Сонни уырыссаг пъæлицæйагæн загъта дыууæ студенты мыггæгтæ, æмæ сæ уый ныффыста, стæй уæд йе ’ргом ра- зылдта, фрекен Аннæйы ахуыргæнинаджы дзæбæхдæр фе- ныны тыххæй. Инженер Петров бадтис чысыл иуварсырдæм здæхтæй. Йæ къух русæй нæ иста, афтæмæй касти немыцаг чиныджы. Пъæлицæйаг æрмæст бафиппайдта, студентæн йæ сæр гæ- мæх кæнын кæй райдыдта, уый. — Ацы адæймаг цавæр у?—зæгъгæ, афарста констеблы. — Финаг студент. Пъæлицæйаг бафарста Соннийы, кæд уæм, миййаг, ис- куы æрбацыд уырыссаг лæг, йæ мыггаг Ульянов, кæнæ Ильич, науæд та Ленин, йе, чи зоны, æмæ,— пъæлицæйаг йæ тетрады сыфтæ афæлдæхтытæ кодта, — Карпов, тынг домбай чи у æмæ йæ ныхас арвы нæрдау кæмæн нæры, ахæм нæлгоймаг. — Нæ, нæ,— фидарæй йын дзуапп радта Сонни,— ахæм адæймаг нæм никуы æрбацыд. Аннæ бафиппайдта, инженер Петровы цæстытæ куыд хъæлдзæг худт кодтой, уый. Уырыссаг пъæлицæйаг карз ныхæстæй констеблæн бам- барын кодта, ома Соннийæн зæгъæд, миййаг сæм искуы 1 Ершрекен (нем.) — тæрсын. 2 А л з о, вир хабен унс нихт ершрокен (нем.) — уæдæ афтæ. мах нæ фæтарстыстæм. 56
ахæм адæймаг куы æрбацæуа, уæд-иу æвæстиатæй пъæли- цæйæн фехъусын кæнæнт, зæгъгæ. Ацæуынмæ куы хъавыд, уæд ма йе ’рфгуыты бынæй но- джыдæр иу хатт фæкасти фрекен Аннæйы ахуыргæнинаг- мæ. Студент зæрдиагæй цыдæр касти, раст цыма уаты уый æмæ йæ ахуыргæнæгæй дарддæр æндæр ничи уыд, афтæ. Аннæ-иу, чиныджы ныхæстæм хъусгæйæ, йæ сæр фенкъуы- сын кодта, пъæлицæйæгтæ дзы ферох сты, æмæ инженер Петровы фæдыл дзырдта: Цард æмæ сæрибары аккаг æрмæст уый у, Уыдоны сæраппонд алы бон дæр тохмæ чи цæуы! Саби дæр, лæг дæр æмæ зæронд дæр Æнæрынцой карз тохы сæ цард æрвитæнт...1 (Дæлрæнхъон тæлмац). — Адæмы зонд змæнтæн ныв, — бахъуыр-хъуыр кодта пъæлицæйаг, йæ къухы чиныг чи дардта, уыцы бурдзалыг чызджы нывырдæм констеблæн амонгæйæ,— Бетъырбухы хицæуттæ ацы ныв кæмæ ссарынц, уыдоны тынг карзæй æфхæрьшц. Афтæ, гъе! Уый дæ зæрдыл бадар!— бардзырд кæныны хуызы ма загъта констеблæн. Сонни хæддзу уазджыты куы афæндараст кодта, уæд йе ’уæнгтæ бынтон æрызгъæлдысты, афтæмæй бандоныл йæхи æруагъта. Цы тарст баййæфта, уый фæстæ йæм ныр кæуын цыди. — Ныр куыд? Цы бауыдзыстæм? Пъæлицæйаг дæумæ тынг æдзынæгæй касти, господин Петров. Констебль дæр куыддæр къæмдзæстыгхуыз уыди. — Нæ, тынг хорз сæ арвыстат, баууæндут мыл, — са- быртæ кодта йæ фысымты Владимир Ильич.— Сымах уæ- хæдæг æцæг хъæбатыр сылгоймæгтæ стут. — Алзо, вир хабен унс нихт ершрокен! — фæхъæлдзæг- дæр уæвгæйæ йын дзуапп радта Аннæ. Гете, «Фауст: 57
* * * Изæрырдæм æрбацыди Владимир Мартынович. Лæг уы- дис сагъæсхуыз, æмæ йыл йæ къæзæнæг ныр иннæ хæтты- тæй тынгдæр зынди. — Æз æвзæр хабæрттæ æрбахастон, Владимир Ильич. Гъе ныртæккæ мæм уыдис, сенаты чи кусы æмæ дын дæ къухфыстытæ чи мыхуыр кæны, уыцы чызг. Абон мыхуыр кодта Финляндийы императорон сенаты уынаффæ, уырыс- саг революционертæ се ’ппæт дæр паддзахы хицауады къух- мæ лæвæрд куыд æрцæуой, уый тыххæй. — Цы гæнæн ис, Финляндийы буржуази афтæ кæй ба- кæндзæн, уый бæрæг уыд. Æмбæлттæн фехъусын кодтай? — О, о. Стæй ма Бетъырбухæй иу æмбал æрбацыд æмæ дын хъусын кæны, Бетъырбухы тæрхонгæнæг палатæ кæй рахаста ахæм тæрхон, цæмæй чиныг «Дыууæ тактикæйы» адæмы æхсæнмæ уагъд ма æрцæуа. Хаст æрцыдис уынаф- фæ, цæмæй дæ чиныгыл, «12 азмæ», зæгъгæ, чи хуины, ууыл ахст æвæрд æрцæуа, чиныджы авторы хъуыддаг та тæрхондонмæ дæттынц. — Стæй, мæнмæ куыд кæсы, афтæмæй пъæлицæ базыд- та, æз кæм цæрын, уый... Ахъуыды-ма кæнæм, зынаргъ Вла- димир Мартынович, дарддæр нын куыд кæнгæ у, ууыл.—Вла- димир Ильич уаты арацу-бацу кодта.— Дæ хорзæхæй, Надеждæ Константиновнæйæн баххуыс кæ Стокгольммæ ацæуынæн. Йæ хъуыддæгтæ Бетъырбухы бабæстон кæны- нæн æй бахъæудзæни цалдæр боны. Æз мæхæдæг Швецимæ араст уыдзынæн æвæстиатæй. Мæн хъæуы паспорт, æппæ- тæй хуыздæр уаид немыцаг паспорт. Ардыгæй ацæудзы- нæн дæ фæстæ. Мæ фысымтæн зæгъдзынæн, мæ хъуыддæг- ты тыххæй Гельсингфорсмæ цæуын æмæ фæстæмæ тагъд æрбаздæхдзынæн, зæгъгæ. Ды та-иу ардæм æрбацу райсом, фатеры мыздтæ-йедтæ бафид æмæ-иу мæ чингуытæ ахæсс. Ныртæккæ уал, æз ардыгæй лидзæгау цыдæй кæй цæуын, уый бæрæг куы нæ уа, уæд хуыздæр уыдзæн. Кæннод мæ фысымтæ фæтæрсдзысты — уыдон æнæуи дæр абон цъус мæты нæ бахаудысты. 58
— Швейцаримæ та? — бафарста йæ Владимир Марты- нович. — Ай-гъай, уæнгмард, æнуд Женевæмæ, æлгъыстаг эмиграцийы. ПОЕЗДЫ ФÆСТАГ ÆРЛÆУД Постласæн поезд Гельсингфорсæй Абомæ згъордта, йæ цæлхытæй уыцы иухуызон къуыр-къуыргæнгæйæ. Пасса- жиртæ къæлæтджын бадæнты сæхи ауагътой æмæ рæдзæ- мæдзæ кодтой. Уыдис æхсæв, иуæндæсæм сахат. Купейы ма Владимир Ильичæй фæстæмæ бадти дыууæ ацæргæ адæймаджы — лæг æмæ ус. Лæгæн йæ цæсгом фындзыкæл- мæрзæнæй æмбæрзт, афтæмæй бафынæй æмæ йæ хуыр-хуыр цыди. Иæ ус, фырнымд æмæ зынæрвæссонхуыз шведаг сылгоймаг-иу йæ мойы басхуыста æмæ-иу сæ бирæ саквояж- тæ æмæ баултæм мæтгæнгæ бакаст. Иæ цæстытæ арæхæй- арæхдæр цъынд кæнын байдыдтой, æмæ фæстагмæ уый дæр бафынæй, йæ лæджы уæхскыл бакъул кæнгæйæ. Владимир Ильич бадти къæлæтджыны æмæ, цыма рæ- дзæ-мæдзæ кæны, афтæ зындис. Хатгай-иу йæ иу цæст бай- гом, æмæ-иу уæд бакасти, купейы иннæ къулыл йæ хæд- бакомкоммæ цы ныв зындис, уымæ. Уый уыди цавæрдæр стыр аргъуаны фотокъам, авгæвæрд рамкæйы. Владимир Ильичы йæ сæр дуарырдæм азилын дæр нæ хъуыд, афтæ- мæй, раст цыма айдæнмæ касти, уыйау фотографийы æртти- ваг уæлцъарыл дзæбæх уыдта, къæлидоры цы лæг рацу-ба- цу кодта, уый фæлгондз. Лæг кодта уæзбын змæлд,— йæ уæ- лæ уыди хорз костюм, йæ нуарджын бæрзæй йын æнгом æр- балвæста бæрзонд урс æфцæггот. Владимир Ильич бафип- пайдта, уыцы адæймаг йæхи кæй дардта куыддæр æгæр æнæмæт, æвæлмасхуызæй. Поезды æрлæууыны хæдагъом- мæ æмæ йæ лæууыны рæстæджы дæр-иу уыцы лæг купейы авгæмбæрзт дуары рæзты сындæггай ацыд æмæ-иу Влади- мир Ильичы гуырыкондыл йæ цæст ахаста. «Шпион, дзырд- хæссæг,— йæхинымæр загъта Владимир Ильич,—стæй, æнæ- мæнг, бетъырбухæгтæй, фæлтæрд чи у, ахæм. Къæрцхъус 59
æмæ цырддзаст. Цыма йæ кæмдæр уынгæ дæр фæкодтон». Поезд куы æрлæууыд, уæд Владимир Ильич йæ палто скодта, йæ худ райста æмæ араст и дуарырдæм. «Къæрц- хъус» дзырдхæссæг рацу-бацу кодта къæлидоры. йæ цæст кæмæ дардта, уыцы адæймагæн йæ палто йæ уæлæ, афтæмæй кæй рацæуы, дзырдхæссæг уый куы ауыдта, уæд фыццаг фæджих, фæлæ уый фæстæ удаистæй йæ купе- йы смидæг, йæ палтомæ фæлæбурдта æмæ, йæ цæнгтæ ды- сты атъысс-атъысгæнгæйæ, фæстæмæ къæлидормæ расæр- рæтт ласта. Площадкæйы, чысыл ма бахъæуа, Владимир Ильичы ма скъуыра. Владимир Ильичы хъуыды раст разынд. Уыцы лæг æм æдзухдæр йæ цæст дардта. Поезд ноджыдæр куы æрлæууыд, уæд та Владимир Ильич рахызти атезгъо кæнынмæ æмæ йæ палто нал ласта, уæлдайдæр, вагоны бæлвырд кæй фæуазалдæр ис, уымæ гæсгæ. Иу ахæм æрлæуды рæстæг бафиппайдта ноджыдæр æн- дæр дыууæ æгъуыз, æвæлмас цæсты. «Æххуысгæнæг ын æрбарвыстой», — йæхинымæр загъта Владимир Ильич. Дзырдхæсджытæ ныр станцæты æддæмæ хизын райдыд- той радыгай. Поезд бахæццæ Литтойнен-станцæмæ. Уым ма фæстаг лæуд æркæндзæни, стæй уæд бахæццæ уыдзæн Абомæ. Го- рæт Або ис Финляндийаг кънйазады хурныгуылæн арæныл. Уæрæсейы стыр паддзахады фæндæгтæн уый сæ иу кæ- рон у. Æфсæйнаг фæндаг уырдыгæй дарддæр нал цæуы. Або-горæты цур цæугæдон Аурæ иу кæны Ботникон бакæ- лæны дæттимæ. Дарддæр цæуæн ис æрмæст денджызыл. Литтойнен-станцæйы Владимир Ильич рацыди перрон- мæ æмæ райдыдта тезгъо кæнын — амæй размæ, иннæ станцæты куыд кодта, раст афтæ. Ныр, зæгъæн ис, цыди чы- сыл сындæгдæр æмæ уыди сагъæсдæрхуыз. Дзырдхæсджытæ дыууæйæ дæр йæ фæдыл цыдысты гу- рæй-гурмæ. Æмæ уæдæ куыд! Ныр Абомæ фæхæццæ кæ- 60
нынц, æмæ, цы адæймаджы фæдыл зилынц, уый сын фæ- стаг станцæйы.сæ къухтæй аирвæза?! Дзæнгæрæг ныззыланг кодта дыккаг хатт. Владимир Ильич æнцадгай вагонмæ схызт æмæ йæ бынатмæ бацыди. Æртыккаг хатт ныззыланг кодта дзæнгæрæг, фехъуысти уасын — æмæ поезд араст. «Къæрцхъус» дзырдхæссæг купемæ бакаст, ацы хатт æргом æмæ æнæфсæрмæй. Цы адæймаджы хъахъхъæдта, уый йæ къæлæтджыны бадти æмæ лæмбынæг касти, паро- ходтæ чердæм цы афонты цæуынц, уый амонæг гæххæтмæ. Дзырдхæссæг сабыргай спыррыкк кодта æмæ купемæ бацыд йе ’мбалмæ. Абойы сæ хъуыддаг рæвдз ацæудзæн: цалынмæ сæм пъæлицæйы сусæг агенттæ цæуой, уæдмæ уыдон дыууæйæ лæгæн йæ къухтыл ныххæцдзысты, вагза- лы агъуысты фисыны аууон та сæм æнхъæлмæ кæсы пъæ- лицæйы къарет. Поезд цырынæй-цырындæр кодта. Чысыл фæстæдæр вагоны рудзынгæй ферттив-ферттив байдыдтой Абойы наулæууæны рухсытæ. — Æз цæуын вагоны кæронмæ æмæ лæгæн йæ фæдыл цæудзынæн, ды та размæ ацу,— загъта «къæрцхъус» дзырд- хæссæг.— Æрмæст хъусыс, дзæбæх кæс: куы дын аирвæза, уæд дыл дæ дуне баталынг уыдзæн, «Къæрцхъус» дзырдхæссæг къæлидорыл ацыд æмæ йæ зонгæ купемæ фæкаст. Ацæргæ шведаг лæг тæрхæгæй дæ- лæмæ иста карзинкæтæ, баултæ, саквояжтæ. Йæ ус йæ сæ- рыл æркодта шляпæ æмæ йæ йæ дзыккутыл дынджыр сæр- дзæвæнæй фидар кæнын райдыдта. Лæг æмæ ус лæууыды- сты купемæ бахизæны раз, æмæ дзырдхæссæгæн, цы адæй- маджы хъахъхъæдта, уымæ бакæсыны фадат нæ фæцис. Уæд къæлидорыл дарддæр ацыд æмæ фæстæмæ куы раз- дæхтис, уæд та ногæй бакаст купемæ, гъемæ уæд бæлвырд бамбæрста, л æ г æм кæй нæ зыны, уый. Ай цы хабар у? Æнхъæлдæн, æмæ цыдæр бæллæх æрцыд, зæгъгæ, ахъуыды кæнгæйæ, дзырдхæссæг купейы дуар батъæпп ласта, лæг æмæ усы иуварс ассыдта æмæ, рудзынджы раз афтидæй цы 61
къæлæтджын уыдис, уый уæлхъус алæууыд. Л æ г купейы кæй нал ис, уый куы бамбæрста, уæд йæ зæрдæ ныссæх- хæтт кодта... Стъолыл гомæй лæууыд, Абойæ Стокгольмы æхсæн па- роходтæ чердæм цы афонты цæуынц, уый амонæг гæххæтт. Дзырдхæссæг йе ’нгуылдзæй рудзынджы авг асгæрста—авг йæ бынаты уыд. Уæд йæхи купемæ азгъордта. — Уым нæй! — æндæр исты сдзурын йæ бон нал баци. Дзырдхæсджытæ дыууæйæ дæр тамбуры балæу- уыдысты. Иннæ вагонмæ бахизæн æхгæд уыд, сæхæдæг æй сæх- гæнын кодтой раздæр, цæмæй, цы лæгмæ сæ цæст дардтой, уымæн поезды цыды рæстæджы æндæр вагæттæм фæндаг ма уыдаид, уый тыххæй. «Къæрцхъус» дзырдхæссæг площадкæйæ æддæмæ акасти. Поезды иувæрсты сыффытгæнгæ тахтысты бæлæстæ, те- лыхъæдтæ. Ихы хуызæн уазал дымгæ мит хаста æмæ цæс- гом цъыччытæ кодта. «Сыгъдæг мадымайрæм, уæдæ цы æрбаци?» Пассажирты фæйнæрдæм схуыстытæгæнгæйæ, дзырд- хæссæг бабырста уыцы фыдæбоны купемæ. — Уырыссаг цы фæци? Сымах йемæ æмвæндæй арха- йут? — зæгъгæ, хъæртæ систа шведаг лæгыл æмæ, чысыл ма бахъæуа, ма йæ снæма. Лæг, мæгуыр, уырыссагау не ’мбæрста æмæ йæм джи- хæй касти. — Мин готт! Цы хабар у? — тарстхуызæй фарста ус. — Ма тæрс, мæ зынаргъ, уырыссаг дзырдхæссæг махæн, æвæццæгæн, революционертæ æнхъæл у. — Цы æнæгъдау сты! —дзуапп ын радта ус. Шпионтæ сæ купемæ бацыдысты, æмæ, «къæрцхъус» чи уыд, уый йе ’мбалмæ æнæуыноны цæстæй бакаст... Гуымыфындз паровоз, тæфкалгæ, пыф-пыфтæ æмæ оф- фытæ кæнгæ фæцæйхæццæ кодта Абойы станцæмæ. 62
ЙÆ АЦЫДЫ ФÆСТÆ Уыцы бон Аннæ æмæ Сонни иннæ хæттыты хуызæн си- хор хæрыныл æрбадтысты дыууæ сахатыл. Стъолыл æрæ- вæрдтой, майрæмбоны сæм алкæддæр цы хæринæгтæ вæй- йы, уыдон: хохаг хъæдуры бас, сырх кæсаг картофы пюреи- мæ. Пансионы бæрцбарст цард цыди йæ уагыл, фæлæ дыу- уæ хойы тынг æнкъард уыдысты. Инженер Петровы ацыдыл ныр аивгъуыдта цалдæр бо- ны, фæлæ алы бон дæр сихор хæрыны афон ныхас цæмæн- дæр æрмæст ууыл бацайдагъ вæййы. — Хъуыды ма йæ кæныс, Аннæ, шведаг дзырдтæ куыд зæрдиагæй ахуыр кодта, уый? Шю1 раст сдзурын йæ къухы не ’фтыд, æмæ-иу уыйадыл йæхæдæг дæр куыд худ- тис! — Худтис зыланггæнæг æмæ тынг хъæлдзæг худтæй. Афтæ æрмæстдæр хорз адæймæгтæ фæхудынц, — дзуапп ын радта Аннæ.— Уæд музыкæ та куыд хорз æмбæрста! Мæнмæ гæсгæ, уый йæхæдæг дæр æвзæр нæ цæгъды. Æнæ- раст мивдисджытæ ма дæ зæрдыл лæууынц? Æз уырыссаг пъæлицæйаджы куы федтон, уæд фыртарстæй мæ къухтæ ауазал сты, æмæ мæ зæрдæ ныссæххæтт ласта, фæлæ мын уый афтæ: «Æнæраст мивдисæг— ершрекен». Зæгьгæ та йæ афтæ кодта, ома тæрсын нæ хъæуы, зæгъгæ, æмæ мæм хи- нæйдзаг каст æрбакодта. Гъемæ уæд мæ тарст уайтагъд цыдæр æрбаци. — Инженер Петровæн йæ ус тынг зæрдæмæдзæугæ адæймаг у, уыдон ныр, æвæццæгæн, иумæ сты,— цæуылдæр ахъуыды кæнгæйæ загъта Сонни.— Мах æй мидæмæ куыд нæ уагътам, уый ма дæ зæрдыл лæууы? — О, фæлæ уый господин Петровæн йæхи аххос уыд,— йæ хойы ныхас айста Аннæ.— Ды йæ хъуамæ хорз хъуыды кæнай, махæн уый афтæ загъта, дыццæджы мæм иу æмбал æрбацæудзæн, зæгъгæ. Мæ ус, зæгъгæ, нæ загъта, камрад2. 1 Ш ю (швед.) — авд. 2 К а м р а д (нем.) — æмбал. 63
зæгъгæ, загъта. Афтæмæй фру Петрова та къуырисæры æр- бацыд. Хуыцау хорз, æмæ нæм уыдис сæкæрджын кърен- делитæ, йæ зæрдæмæ тынг фæцыдысты. Æмæ дыууæ хойы афтæ мысыдысты æнæдымæг- скъуыдæй... Сонни ныр цалæмдæр хатт йæ хойæн радзырдта, уыцы изæр инженер Петровмæ куыд æрбацыди иу цавæрдæр ху- дæджы лæг, фæлæ уæвгæ зæрдæмæдзæугæ, кæсæнцæст- джын, йæ ных æнахуыр бæрзонд, сæр та дæргъæлвæс арæзт. Уый размæ дæр ма йæм цалдæр хатты уыдис, алкæддæр чингуыты бастимæ æмæ-иу дзæвгар фæбадти. Фæлæ ацы хатт цалдæр минуты йедтæмæ нæ бафæстиат. Куы ацыди, уæд сын инженер Петров афтæ, иу æхсызгон хъуыддаджы тыххæй цæуын æмæ, дам, тагъд фездæхдзынæн. Аннæ го- рæтæй куы æрбаздæхт, уæд сæ фатерыбадæг бынаты нал уыд. Уыцы æхсæв нал фæзынд. Дыккаг бон дæр не ’рбацы- ди. Дыууæ хойы йын тарстысты, кæд ыл исты æрцыди, зæгъгæ, фæлæ та сæм дыккаг бон изæрдалынгты æрбауад кæсæнцæстджын лæг, инженер Петровы номæй сын зæр- диаг салам загъта æмæ сын радта фатеры мызд — æхсай маркæйы... — Æхсай маркæйы æмæ- фæндзай пеннийы,— фæбæл- вырддæр æй кодта Аннæ... Райсомæй хотæ æфснайдтой инженер Петровы уат. Сонни скъаппы дуарыл куы рахæцыд, уæд «уæууа!», зæгъгæ, фæ- кодта: рагъæныл биноныг ауыгъдæй лæууыд, сæ фатерба- дæг-иу кусгæйæ æдзухдæр цы фæсмын къурткæ дардта, уый. Сонни йæ йæ къухмæ райста. Къурткæйæн йæ дысты фæта- сæнтыл бæрæг дардтой æнцъылдтæ, рæмбыныкъæдзы бына- тыл æвæрд уыди бæстон хуыд æмпъузæн, стæй йæ иу цæп- пæр иннæтæй стырдæр — æвæццæгæн, йæхион куы ахауд, уæд ын йæ хæрзхуызæныл нæ фæхæст сты. Хотæ мæты бахаудысты. Ныр инженер Петровыл йæ къурткæ цы мадзалæй сæмбæлын кæной? — Уæд та, газеттæм хъусинаг раттиккам? — сдзырдта Сонни, фæлæ йын Аннæ бауайдзæф кодта, ай нырма уæлæн- 64
гайзонд сабийау куы дæ, зæгъгæ: ахæм хъусинаг, дам, ын зйаны йедтæмæ æххуыс нæ фæуид. Бауынаффæ кодтой къурткæ чырыны бафснайын. Ин- женер Петров йæ дзаумайы сæфт куы фæхъуыды кæна, уæд æм йæхæдæг æрбацæудзæн, науæд та йæм искæй æр- барвитдзæни. Уаты баззадис дуне газеттæ — хотæ сæ æнæхъæн изæр суджы бæсты пецы фæсыгътой. Аннæ-иу газет арты баппа- рыны размæ йæ цæст ахаста инженер Петровы фидар къу- хæй бахахгонд бынæттыл, бирæ «нота бене»1, зæгъгæ, ны- сангæндтыл, фарстон æмæ хъæрон нысантыл, æмæ уæд æмбарын байдыдта, инженер Петров зæрдæйæ кæй фарс у, стæй йæ алхыскъгæнæн «Сик!!»-тæ2 кæй ныхмæ арæзт сты, уый. Газетты статьятæ дзырдтой, уырысы кусджытæ пад- дзахы хицауады ныхмæ куыд æхсарджынæй тох кæнынц æмæ паддзахы хицауад революционерты æфхæрыны тых- хæй цы æбуалгъ мадзæлттæ кæны, уыдæттыл. Ныр-иу, æвæ~ дза, Аннæ киоскы рæзты фæцæуы, .уæд ын газет æнæ бал- хæнгæ нал уыд. Сахуыр сыл и. Куыддæр æгъдауæй рауа- дис афтæ, æмæ, цалынмæ инженер Петров уыдонмæ фате- ры царди, уæдмæ сæ æдзухдæр хъуыдис цыдæртæ кæнын, уый сæм йемæ æрбахаста мæт æмæ сагъæстæ, фæлæ сын тыхсты хос нæ уыд; се ’нцой æмæ бæрцбарст цард ныр сæ зæрдæмæ нал цыдис, ад сын нал кодта. Сихор куы бахордтой, уæд Сонни æрбадти фортепьяно- йы уæлхъус. Сибелиусы вальсæй ацы хатт йæ зæрдæ ницы уый бæрц барухс. Аннæ бацыди кактусты асыччы размæ. Уыдонæй цыди рыджы тæф. Урс къæбыла æнкъард цæсты- тæй касти йæ хицаумæ. Уалынджы. дын сæ тути хæстæргом хъæр куы ныккæ- нид, æмæ Аннæ дуарырдæм ауад — кæд, миййаг, Петров у? Нæ. Æрбацæуæгыл уыди финляндийаг пъæлицæйы лейте- 1 Нота бене (латин.) — «Хорз æй бахъуыды кæ»; ахæм нысанæй фæбæрæг кæнынц чиныджы кæнæ газеты зæрдыл бадаринаг бынат. 2 С и к (латин.) — «афтæ», «бæлвырд-афтæ». 5 Дзыллæты уарзон лæг 65
нанты формæ. Уый загъта, зæгъгæ, æрбацыди хицæутты дзырдмæ гæсгæ, хъуамæ сбæлвырд кæна, «уырысы сæйраг революционер Ульянов-Ленин» уыдонмæ кæй цардис, уы- имæ баст иуæй-иу фарстатæ. Лейтенант дыууæ хомæ рав- дыста фотографион къам, æмæ уыдон уайтагъд базыдтой инженер Петровы. — Сымах ацы лæджы зонут æви нæ? — бафарста сæ пъæлицæйаг. Сонни йæ цæстытæ ныхъхъоппæг кодта æмæ тарстхуы- зæй йæ хомæ бакаст. Аннæ йын йæ къухыл аныдзæвыд æмæ лейтенантæн дзуапп радта, нæ йæ хъуыды кæнын, цыма ацы адæймаджы никуы федтон, афтæ мæм кæсы, зæгъгæ. — Дæлæ-уæлæ ныхæстæ ма кæн, фрекен Аннæ,— загъ- та лейтенант.— Мах æй бæлвырдæй зонæм, Ульянов-Ленин цардис уæ пансионы æмæ йæхи хуыдта инжёнер Петров. — Æмæ ныр кæм ис? — бафарста йæ Аннæ. — Фæсарæнмæ ацыд. Дыууæ хойæн фенцондæр и. — Æз хъуамæ сбæлвырд кæнон,— дзырдта дарддæр пъæлицæйаг,— куыд æгъдауæй йæ къухы бафтыдис фæса- рæнмæ афтын, Або-наулæууæнмæ нæ бацæугæйæ, стæй йын алидзынæн чи баххуыс кодта. Уыцы хъуыддæгтæн цы зонут, уый мын радзурут. Сонни æмæ Аннæ ныр хабæрттæ иууылдæр бам- бæрстой. — Цы дзы зонæм мах? Инженер Петров уыдис тынг ахуыргонд адæймаг. Хорз зыдта немыцаг æвзаг, иттæг хорз зыдта мивдисджыты ифтындзæгтæ. Сонни, ды, кæй зæгъын æй хъæуы, хорз хъуыды кæндзынæ: «Алзо, вир хабен унс нихт ершрокен»? — Аннæ йæ хомæ æмбарæн каст бакодта. — Бæгуыдæр, инженер Петров йæхи хорз дарын зыдта. Мах хæдзары уый, бар нæ ракургæйæ, тамако ницæй тых- хæй сдымдтаид,— цыма афтæ хуымæтæджы йæ зæрдыл æр- балæууыд, уыйау сдзырдта Сонни. — Æнæуи дæр тамако нæ дымдта,— бафтыдта ма Аннæ. 66
Пъæлицæйаг йæ цæстытæй ахъахъхъæдта æмæ, æртху- тæгдон куы ауыдта, уæд дзы йæ сигарет ахуыссын кодта. — Тынг цымыдис уыд наукæ æмæ аивады æппæт къа- бæзты ногдзинæдтæм... — Уыдæттæ мæ хъуыддаг не ’сты,— сæ ныхæстæ сын фескъуыддзаг кодта пъæлицæйаг.— Мæнæн фæдзæхст æр- цыд, Ульянов-Ленин фæсарæнмæ кæй æххуысæй аирвæзт, уый базонын. — Махæй ницы æххуыс бацагуырдта,— загъта Аннæ. — О, фæлæ аэропланыл дæр куыд атахтаид... Чи уæм æй æрбакодта? — Инженер Петров пансионмæ йæхæдæг æрбацыд, газе- ты хъусинагмæ гæсгæ. — Читæ йæм-иу цыдис уазæджы, кæнæ абæрæг кæ- нынмæ. — Уыдон-иу махæн сæхи нæ бацамыдтой. — Сымах тæрсгæ мацæмæй кæнут, фрекентæ, сымахæн тас ницæмæй у. Æрмæст уын хæс у, Ульянов фæсарæнмæ куыд æмæ кæуылты алыгъд, уый базонынæн баххуыс кæ- нын,— фæлмæндæр æвзаджы хаттæй дзырдта дыууæ хойæн пъæлицæйаг. — Инженер Петров йæ пълантæ æмæ йæ фæндтыл ма- химæ нæ ныхас кодта, махæн уый æрмæст фатерыбадæг уыд,— загъта Аннæ. — Кæд уæм, миййаг, исты гæххæттытæ, документтæ кæнæ исты дзауматæ баззадис уæ фатерыбадæгæй? — нал æмæ нал æнцадис пъæлицæйаг. — О, бæгуыдæр! — Соннийæн йæ зæрдыл æрбалæууыд фæсмын къурткæ.— Баззадис нæм дзы... — Баззадис нæм,— йæ хойы ныхас айста Аннæ,— йæ хорзы кой, господин лейтенант. Тынг хорз адæймаг нæм фæкаст.
м ныхас цы хабарыл цæуы, уый раджы уы- ди, Мария уæд куыста секретарæй æмбал Коллонтаймæ, социалон æххуысады адæмон комиссармæ, фæсарæйнаг газетты загъдау, ду- нейы мидæг фыццаг сылгоймаг-министрмæ. Секретары куыстытæй иу’ уыдис ахæм: хъуа- мæ-иу Кремльмæ гæххæттытæ бахастаид, цæ- мæй сыл Адæмон Комиссарты Советы сæрдар йæ къух æрæ- вæрдтаид, уый тыххæй. Æмæ йын уымæ гæсгæ иугæндзон пропуск радтой Кусджыты æмæ зæхкусджыты хицауады агъуыстмæ. Александрæ Михайловнæ Коллонтай йын гæххæттытæ Ленинмæ бахæссын фыццаг хатт куы бабар кодта, уæд Мария афтæ батыхст, афтæ, æмæ, гæххæттытæ цы папкæ- йы уыдысты, уый йæ къухæй æрхауд. Коллонтай йæ мидбылты бахудт: — Æгæр æфсæрмытæ ма кæн æмæ тæппуд ма у, Ма- 68
рия! (Адæмон комиссары секретарь æрыгон уыд, æмæ йæм йæ фыды номæй ничи дзырдта). Владимир Ильичимæ ба- зонгæ уыдзынæ æмæ уæд дæхæдæг фендзынæ... Уыцы ныхæсты фæстæ Марияйæн бынтондæр йæ ныфс асаст. Фæлæ иуцасдæр рæстæг куы рацыди, уæд йæ бон зæгъын уыдис, æз мæхæдæг зонгæ дæн Ленини- м æ, зæгъгæ. Мария-иу Адæмон Комиссарты Советы сæрда- ры кабинетмæ куы бацыд, уæд æм æрмæст гæххæттытæ чи æрбахæссы æмæ ахæссы, ахæм цыдæр æбæрæг, æнæном уæ- вæджы цæстæй никуы ничи ракасти. Мария зыдта, цы «æгасцæуай»-иу фехъуыста, уый сæрмагондæй уымæн кæй загъдæуыд; æппæт зæххы къорийыл ахадгæ стыр хъуыддæг- тæ кæм лыггонд цыдысты, уыцы уаты уымæн йæхицæн дæр чысыл бынат кæй уыд. Ардæм цæугæйæ-иу æм уыдис æрмæст иунæг хъуыды: алцы дæр афтæ бацæттæ кæнын хъæуы, цæмæй Ленин иу уысм дæр уæлдай ма бахардз кæна. Фæлæ-иу хатгай хъуыддаг афтæ рауад—уый, кæй зæгъын æй хъæуы, Ма- рияйы аххос нæ уыд — æмæ-иу, æнхъæл куыд уыди, уымæй чысыл фылдæр бафæстиат ис. — Æгас цу, æгас! — зæгъгæ-иу айхъуыста, кабинетмæ бахизгæйæ.— Иу минут абад, æз ныртæккæ... Фæлмæн къæлæтджыны бадгæйæ-иу Мария аивæй ба- каст, Ленин йæ тынг лыстæг æмæ раст почеркæй куыд дис- саджы тагъд фыссы, уымæ. Уый фæстæ-иу кæсын байдыдта, стъолы уæлæ цы дзауматæ уыд æмæ къорд хатты кæй фед- та, уыдонмæ. Уыцы дзауматæ уыдысты: резинæбырынкъ- джын сасымы гыццыл авг, алфавитыл дихтæгонд дæргъæц- цон фыссæн чиныг, хæсгард, кæрдæгхуыз абажурджын чы- сыл цырагъ. Æмæ-иу уалынмæ æваст фестъæлфыд Ленины æнæнхъæлæджы сныхасæй: — Цæй, æри-ма ныр дæ гæххæттытæ! Кремлæй-иу фæстæмæ «Националь»-уазæгдонмæ куы раздæхт, Социалон æххуысады адæмон комиссарад кæм уыдис, уырдæм, уæд-иу уыцы минуттæ ногæй йæ зæрдыл æрлæууын кодта: хъуамæ сæ йæ амæлæты боны онг дæр 69
макуы ферох кæна. Мария цыдис Мæскуыйы уынгты, æмæ иннæтæй ницæмæй æндæрхуызон уыд: йæ уæлæ, бирæ æх- сæдтытæй йæ хуыз чи сивта, ахæм æфсæддон хæдон, йæ къæхтыл нæлгоймаджы стыр цырыхъхъытæ, се ’мпъызтытæ сæхицæй кæмæн фæфылдæр сты, ахæмтæ, йæ къухы — их- сыд клионкæйæ хуыд гуыбынджын пъартфел. Фæлæ йын ныртæккæ исчи йæ цæстытæм куы бакастаид, уæд дзы ауыд- таид æмбæхст цин, диссаджы æхсызгон хабар чи фæцæй- хæссы, ахæм адæймаджы стыр зæрдæрухсдзинады хуызæн. * * * Мария ардæм айразмæ куы æрбацыд, уæд Ленин, цыма иучысыл йе ’уæнгтæ аивазынмæ хъавыд, уый хуызæн йæ кабинеты цалдæр къахдзæфы акодта æмæ рудзынгæй акаст; уæд арв Кремлы сæрмæ цъæх-цъæхид уыд, æмæ Троицкæй мæсыг уæлдай райдзаст æмæ рæсугъддæр зындис. — Кæс-ма, кæс,— загъта уæд Ленин,— æнæнтыст фæз- зæг нын цы буц митæ кæны?! Цы æвæджиауы бон нын ба- лæвар кодта! «Ныр Владимир Ильич æнæнтыст фæззæджы кой нал скæндзæн»,— йæхинымæр дзырдта Мария, Сырх фæзы хуы- лыдз æрттиваг дуртыл цæугæйæ. Цæст æрмæст чысылтæ кæуыл хæцыд, ахæм лыстæг сæлфынæг хаста, арв уыдис салдаттаг фæсмынау фæныкхуыз-цъæх. Ленин, æвæццæгæн, кæдæмдæр цæуынмæ хъавыди. Ба- цæуджытимæ-иу цы стъолы уæлхъус бадгæйæ ныхас кодта, уый раз æрбадти, папкæ рафæлдæхта. Гæххæттытæ дæр абон бирæ нæ уыдысты. Ленин сæм æркæстытæ кодта æмæ сыл йæ къух сæвæрдта. — Ды ныр кæдæм цæудзынæ? Уæхимæ? — афарста Ленин, папкæ фæстæмæ Мариямæ куы лæвæрдта, уæд.— Уæд цу, дæ дзауматæ скæн æмæ мæм фæлæуу! Æз дæр ныр- тæккæ фæцæуын! Абон æз æмæ Коллонтайы иу митингмæ цæуын хъæуы? Мария йæм не ’мбарæджы цæстæй бакаст. — Æз Александрæ Михайловнæйæн зæрдæ сæвæрдтон, 70
мæ машинæйæ дæм «Национальмæ» бауайдзынæн, зæгъ- гæ,—худæнбылæй йын бамбарын кодта Владимир Ильич.— Гъемæ дæу дæр бахæццæ кæндзынæн! Рацыдаид дыууæ кæнæ æртæ минуты, афтæ Ленин тагъд-тагъд æрцæйуади асинтыл. Марияйæн, уынджы лæу- гæйæ, йæ цæстытыл ауад, Ленин сæхимæ куыд бауадис, ра- гъæнæй йæ палто æмæ йæ къепкæ куыд райста, уыдæттæ. — Дæ дзауматæ нæма скодтай?—дисгæнгæ йæ афарста Ленин. Чызгæн йæ цола, фæлурс цæсгом фæсырх: уыцы бафар- стæн уайтагъд дзуапп раттын тынг зын уыди. Уæд Ленин айтæ-уыйтæ нал, фæлæ йæ хъуырбæттæн куы рафтауид æмæ йын æй йæ хъуырыл куы æркæнид. Мария фыццаг фæуыргъуыйау ис, стæй уæд йæхимидæг æрбатыхст æмæ тарстхуызæй дзурын байдыдта: — Мæнæн ихæн куы нæ у... Æцæг, æцæг, нæу мын ихæн... Зоныс, æз тынг фæлтæрд дæн! — Нæ зонын,— цыбыр дзуапп ын радта Ленин.— Дæ хорзæхæй, хъуырбæттæнæй дæхи дзæбæх æрбатух!.. Машинæ, сау фæздæгкалгæ, рацыди Кремлы кæртæй. Уынджы змæлæг уыйас арæх нæ уыд, фæлæ шофыр æдзух- дæр мæтхуызæй фæйнæрдæм фæкæс-фæкæс кодта æмæ та-иу машинæ суасын кодта. Мария бадти æнæзмæлгæйæ, цæмæй къаддæр бынат ахстаид, уый тыххæй; йæ фыртых- стæй хъуырбæттæны кæрæттæ йе ’нгуылдзты æхсæн райс- байс систа. Ленин фыццаг касти уынджырдæм, стæй Марияйырдæм разылд. — Не ’ппæт дæр куыстыты аныгъуылдыстæм, æдзухдæр æнæвдæлон вæййæм! — загъта Владимир Ильич, цыма йæ- хи хъуыдытæн дзуапп лæвæрдта,уый хуызæн.— Писмо ныф- фыссын кæм фæхъæуы, уым æрмæст цалдæр ныхасы цы- бырæй афыссæм. Хатгай нын нæ кæрæдзийы дзæбæх базо- ныны фадат дæр нæ вæййы.... Иучысыл ма мын дæ царды хабæрттæй истытæ радзур!—æнæнхъæлæджы фæци йæ ныхас Ленин. 71
Хи царды хабæрттæ радзурын! Иучысыл! Уайтæккæ йæ зæрдыл æрбалæууыд: иуахæмы Ленин гæххæттытæй йæ сæр схъил кодта, йæ фæллад цæстытæ ау- уæрста æмæ йын загъта: — Даргъ фыст у! Дардыл ныхас цы пайда у! Адæймаг цалынмæ хатдзæгтæм, практикон фæндонтæм бахæццæ вæй- йы, уæдмæ цас æмæ цас рæстæг аивгъуыйы! Нæ, нæ, хъуыд- даджы гæххæттытæн æрхъуыды хъæуы сæрмагонд цыбыр стиль, телеграммæты æвзаджы хуызæн! Мария ацы ныхæстæ йæ зæрдыл дардта æмæ-иу алкæд- дæр архайдта, йæ къухтæм цы æнæкæрон бирæ гæххæтты- тæ цыдис, уыдонæн сæ апп схицæн кæныныл. Уыцы чысыл фæлтæрддзинад ныр бабæззыди; дзырдта йæ царды сæй- рагдæр, ахъаззагдæр хабæрттæ. Кæд бирæ нæ рацардис, уæддæр ын ныридæгæн уыди хуызæнæн биографи: револю- ци, украинаг фронт, партизанты отряд; уым тох кодта йæ лæгимæ иумæ; йæ лæг дæр æрыгон у, уæззау контузийы фæ- стæныр хуыссы Мæскуыйы госпиталы æмæ фæдзæбæх кæны. — Æмæ уырдыгæй куы рацæуа, уæд уый дæр, мæнæ дæуау, айдагъ хæдоны цæудзæн! — йе ’рфгуытæ фелхынцъ- гæнгæйæ сдзырдта Ленин. Марияйы бæргæ фæндыдис, нæ, нæ цæудзæн, зæгъгæ, дзуапп радтын, фæлæ, йæ фарсмæ цы адæймаг бадтис, уы- мæн мæнг ныхас афтæ æнцон зæгъæн нæ уыд. Машинæ баввахс и «Националь»-уазæгдонмæ. Мария хъуырбæттæн арæхсгай æрцæйиста, фæлæ йæм Ленин æваст йе ’нгуылдзæй бадодой кодта: — Кой дæр æй ма кæ! Æз дын æй дарынæн радтон! * * * Рацыдаид иу-дыууæ сахаты, афтæ митингæй æрбаздæх- тис æмбал Коллонтай æмæ йæ секретармæ фæсидти. «Фæ- сидти», зæгъгæ, афтæ зæгъын иууыл раст нæ уыдзæн: со- циалон æххуысады адæмон комиссары кабинет — йæ хæд- фарсмæ, æрæджы дæр ма гостиницæйы номыр чи уыд, ахæм уаты — дуар байгом кæнын йедтæмæ дзы ницы хъуыдис. 72
Коллонтайæн йæ къухы уыд æхгæд къонверт. — Тагъд æй Хæлцы адæмон комиссарадмæ хæсгæ, Ма- рия! Цыфæндыйæ дæр Александр Дмитриевичæн йæхи ссар æмæ йын æй йæхи къухмæ ратт. Писмо йæм радта, стæй уæд стъолы цурæй рацыд æмæ, æваст сдзырдта: — Ехх, Мария, Мария! Абон мын цы зонды ныхæстæ загъдæуыд, уый куы зонис. Мария йæм æнæдзургæйæ æнхъæлмæ касти. Æвæццæ- гæн, митинджы цыдæр ахæм хабар æрцыд, æмæ йын Алек- сандрæ Михайловнæ уый радзурынмæ хъавы. Æмбал Кол- лонтай-иу йæ æрыгон æмгусджытæн се ’ргом арæх здæхта, ахъуыды кæнын кæуыл æмбæлдис, ахæм хъуыддæгтæм. Хатгай-иу сын æвдæлон сахат куы фæци, уæд-иу æрымысы- дис эмиграцийы æмæ сусæг революцион куысты азты ха- бæрттæ; радзырдта-иу, хæрзæрæджы чи уыд æмæ афтæмæй историмæ чи хауы, мрамор æмæ бронзæйæ æвдисинаг чи у, уыцы æнæферохгæнгæ бонты стыр цаутæ дæр. Иуахæмы та радзырдта, адæмон комиссар Коллонтай уыцы бынаты æвæрд куы æрцыд æмæ раздæры паддзахадон æххуысады агъуыстмæ фыццаг хатт куы фæцæйцыдис, уæд æй бакаст- джын, боцъоджын швейцар мидæмæ куыд нæ бауагъта æмæ Петрограды æппæт аргъуанты дæр «æлгъыстаг ус-болыне- викæн» йæ фæдыл хуыцауы ард æмæ дины азар куыд æф- тыдтой, уый. — Нæ, нæ! — тагъд-тагъд сдзырдта Александрæ Михай- ловнæ.— Ма фæстиат кæ, Мария! Тынг ахъаззаг хъуыд- даг у, тынг! * * * Æнæмæнг цы адæймаджы ссарын хъуыд, уый уыдис Александр Дмитриевич Цюрупа. Лæг йæ кабинетытынг зын баййафæн уыд, фæлæ Марияйæн йæ хъуыддаг ацыд: асин- тыл хæрхæмбæлд фесты, æмæ йын писмо йæхи къухтæм радта. Цюрупа рудзынджы бынвæйнæгыл банцой кодта, афтæмæй къонверт райхæлдта æмæ писмо кæсы, Мария та йын уыцы рæстæг йæ къухтæм фæкомкоммæ. Тынг мæллæг 73
æмæ фæлурс къухтæ. Иæ цæсгом дæр — хуыздзыд, рæсыд- хуыз, стыр мæт æмæ сагъæстæ сæ фæд кæуыл ныууагътой, ахæм. Афтæ дзы дзырдтой, æрæджы, дам, æмбырды фæстæ бауадзыг æмæ æрæгмæ æрномыл ис. Дохтыртæ йын йæ низ æнцонæн раиртæстой: хæринаг хъуагæй йæ хъарутæ сихсы- дысты. Гъе ахæм уыдис, гъе, уыцы адæймаг, хойрæгты хъуыддаджы ленинон адæмон комиссар. Владимир Ильич ын æдзух уайдзæфтæ кодта, «паддзахадон мулк», ома йе ’нæниздзинад кæй нæ хъахъхъæдта, уый тыххæй æмæ йæ секретарь Фотиевайæн бафæдзæхста, цæмæй йæ хъус фæ- дардтаид, хойраджы хъуыддæгты адæмон комиссар Цюру- па цы хæры, йæ фæллад куыд уадзы æмæ дохтырты амынд- дзинæдтæ куыд æххæст кæны, уыдæттæм. Цюрупа писмо куыд дарддæр касти, афтæ йæ цæсгом ирдæй-ирддæр кодта, цалдæр хатты йæ сæр фенкъуыста æмæ-иу йæ мидбылты бахудтис. Стæй уæд рудзынджы бынвæйнæгыл гæххæтты сыф æрæвæрдта, цалдæр рæнхъы йыл афыста æмæ йæ Мариямæ радта: — Мæскуы хорз зоныс? Уыцыиу цыдæй араст у Стыр Дмитриевкæмæ, Михайловты холодильник кæм уыд, уыр- дæм, æмæ-иу ацы гæххæтт ратт, кæй мыггаг дзы амынд ис, уымæ. Æз та йæм, цалынмæ ды уырдæм цæуай, уæдмæ ти- лифонæй бадзурдзынæн! Иæ мидбылтыхудт нæма фехæлд, афтæмæй уайтагъд сылгоймагæн йæ къух æрæлхъывта. Мария уынгмæ рацыд, иуцасдæр фæджихау, афтæмæй: ныронг уый зыдта кæнæ уæд та чысылтæ æмбæрста, цы йын-иу бафæдзæхстой, уый, фæлæ абоны хъуыддæгтæн ницы æмбæрста. «Холодиль- ник! — хъуыдытæ кодта уый, Стыр Дмитриевкæмæ араст уæвгæйæ.— Холодильник та дзы цы давы?» Гæххæттыл кæй мыггаг фыст уыдис, уыцы æмбал, йæ уæлæ ихсыд сæрак къурткæ, Марияйы бакодта, æцæгдæр холодильничы хуызæн чи уыд, ахæм агъуыстмæ. Уым уыдис цавæрдæр асыччытæ, къаробкæтæ, къултыл дзы ауыгъ- дæй лæууыдысты уæлæйы дарæсы алы дзауматæ. Скъладмæ бахауд æви? О, бæгуыдæр! Æцæг хуымæтæ- 74
джы скълад нæ уыд, фæлæ «тагъд æххуысы» дзаумæттæ да- рæн бынат! Мæскуы уæд афтид уыдис, уазал æмæ стонг цард кодта, уæлдай тыхстдæр та æййæфта къахы æмæ уæ- лæйы дарæсæй, гъемæ уым бæлвырд-бæрæг нымадæй æф- снайд уыдысты, бахъуаджы сахатмæ кæуыл ауæрстой, ахæм дзауматæ. Уыцы дзауматæм-иу бавнæлдтой, æндæр куы ницыуал гæнæн уыдаид, уæд: мæнæ иу æмбал Уæрæсе- мæ тых-амæлттæй æрбаирвæзт, афæдзæй-афæдзмæ хур æнæвгъауæй кæм æндавы, ахæм дард бæстæйæ, æмæ йыл, Леникы фæдзæхстмæ гæсгæ, хъарм дарæс скæнын хъæуы; æвæстиатæй йæхи аккаг дзæбæх костюм равзарын хъæуы советон дипломатæн, уый тыххæй æмæ йæ фæсарæнтæм æр- витынц; тилифонæй æрбадзырдта Свердлов — æртæйы фæ- лыст цырыхъхъытæ æнæмæнг ссарын хъæуы съезды де- легæттæн. Гъе ахæм скъладмæ бацыди Мария хæлцы адæмон ко- миссар Цюрупайы фыстæгимæ. Ихсыд къурткæджын æмбал æнæвдæлон тызмæгхуызæй Марияйыл йæ цæст æрхаста, иу асыккæй систа сылгоймаджы бæрзондхъус батинкæтæ, хъарм худ, къулæй райста æхсæрæджы цæрмттæй хуыд рæ- сугъд палто æмæ йæм сæ радта, дæ уæлæ-ма сæ акæн, зæгъгæ. Æрмæст гъеуæд Мария æмбарын байдыдта, скъладмæ цæмæн æрбафтыд, уый. Иæхимидæг æм худын дæр ма æр- цыд. «Диссаг у, диссаг,— хъуыдытæ кодта уый,— адæймаг иугæр куысты куы ныллæууы, уæд ын, æвæдза, цы нæ хъуыддаг бабар кæнынц!» Хъыс-хъысгæнаг батинкæтæ, худ æмæ фæлмæн цæрмт- тæй хуыд палто йæ уæлæ, афтæмæй, йæ къухтæ тилгæ, цырд æмæ фидар къахдзæфтæй уаты арацу-бацу кодта,— кæддæриддæр афтæ фæцæуы Александрæ Михайловнæ Кол- лонтай. — Худ æмæ батинкæтæ, æвæццæгæн, хорз уыдзысты,— загъта Мария.— Фæлæ мæм а палто уынгæггомау кæсы! Лæг ын æндæр палто райста, уый дæр та æхсæрæджы цæрмттæй. 75*
— Ай та цыма æгæр уæрæх у! — сдзырдта Мария, дык- каг палто йæ уæлæ куы авзæрста, уæд. — Æмæ цымæ æгæр хъал митæ нæ кæныс, æмбал? — хъуынджын æрфыгæй йæм сдзырдта ихсыд къурткæджын лæг.— Палто цыма раст дæхиуыл карегуыд, афтæ дыл куы бады! — Æмæ сæ мæхицæн не ’взарын, мæхицæн! — бахудти Мария.— Æмбал Коллонтай сæ куы дардзæни! Гъемæ уый мæнæй ныллæгдæр у, фæлæ чысыл фæтæндæртæ! Алыбон æй куы уынын, уæд æй нæ зонын? Ихсыд къурткæджын æм дисгæнгæ бакасти: — Фæлæуу, æмæ ацы дзауматæ кæмæн æвзарыс? Æм- бал Коллонтайæн? — Уæдæ æндæр кæмæн? — йæ уæхсчытæ фелхъывта Мария. Тызмæгхуыз æмбал йæ мидбылты бахудт, æмæ уæд ра- бæрæг ис, зынгæ куыд кодта, уымæй бирæ æрыгондæр кæй уыд, стæй æдзух уыйас тынг тарæрфыг-хъуыддагхуыз кæй нæ вæййы. — Уæдæ афтæ, æмбал, — загъта лæг, æмæ та йæ цæсгом фæхъуыддагхуыз и.— Ацы дзауматæ ды æмбал Коллонта- Тйæн.нæ, фæлæ дæхицæн исыс! Ай-гъай, дæхицæн сæ исыс!— загъта та ноджыдæр, сылгоймаг куыд фæджих æмæ йæм тарстхуызæй куыд скаст, уый ауынгæйæ.— Мæнæ ацы гæх- хæтты афтæ фыст и! 1 ьемæ-ма мæнæ ам дæ къух æрæвæр... Суанг йæ куысты бынатмæ Мария згъорæгау цыдæй цыди, йæ тыппыр пъартфел атил-атил кæнгæйæ. Йæ бæр- ныгонд хъуыддаджы цыдæр рæдыд кæй рауад, æндæр цы- дæр æй кæнын кæй хъуыд, уый йын ныр æппындæр гуырыс- хойаг нал уыд. Йæ къæхтыл цы ног батинкæтæ уыдис, уы- дон алы къахдзæфæн дæр хъыс-хъыс кодтой; тынг тыхсти æхсæрæджы цæрмтты кæрц æмæ хъарм худæй,— афтæ йæм каст, цыма цы адæмыл сæмбæлы, уыдонæй алчидæр уый фæдыл кæсгæйæ баззайы. Александрæ Михайловнæ йæ куы федта, уæд йæ къухтæ ныццагъта: 76
— Мария! Иттæг хорз! Стæ-ма, разил-ма! Тынг дзæ’- бæх! — Йæ цæстытæм хæстæг схаста гыццыл сахат.— Ма сæ ралас, ма сæ ралас! Гъер куыддæриддæр дæ, афтæмæй æвæстиатæй цæугæ Адæмон Комиссарты Советы секрета- риатмæ, Лидия Александровнæ Фотиевамæ æмæ йын, фæ- дзæхст æххæстгонд æрцыд, зæгъгæ, зæгъ. Хъусыс, æрмæст- иу афтæ зæгъ, фæдзæхст æххæстгонд æрцыд», зæгъгæ, æмæ-иу уайтагъд фæстæмæ раздæх... * * * — Æмбал Коллонтай афтæ зæгъы, фæдзæхст, дам, æх- хæстгонд æрцыд. Фотиева йыл сæрæй-бынмæ йæ цæст æрхаста æмæ йæ мидбылты бахудт: — Иучысыл-ма афтæ фæлæуу! Ленины кабинеты дуар гом уыд, æмæ уадидæгæн уырды- гæй рауади Владимир Ильич. — Кæсут-ма йæм, уæ хорзæхæй, мæнæ ныр цы хуызæн у! — æхсызгон дис бакодта Ленин.— Гъеныр нæм адæмон комиссары секретарь кæй æрбацыд, уый æппындæр дызæр- дыггаг нал у! Æмбал Коллонтайæн-иу фехъусын кæ, æз кæй ницыуал фау хæссын, стæй йын мæ номæй зæгъ, цæмæй йæ цæст фæдара дæ лæгмæ дæр!.. Цы дын зæгъын, уый бам- бæрстай, адæмон комиссары секретарь? — Уæу, мæнæ диссаг! — Марияйæн йæ цæстытыл ауа- дысты уыцы боны æппæт цаутæ, тагъд æххæстгæнинаг фæ- дзæхстытæ, писмотæ, фыстæгтæ. — Æз... нæ зонын,— сабыргай сдзырдта Мария æмæ ныхъхъус. йæ зæрды афтæ зæгъын уыд: «Æз нæ зонын, Владимир Ильич, куыд дын раарфæ кæнон, уый», фæлæ æваст фæкъуыхцы. Хуыцау хорз, æмæ уыцы минут уатмæ цырд æрбахызти иу æфсæддон лæг. Уый Ленинæн чест авæрдта æмæ йæм па* кет бадаргъ кодта. Владимир Ильич уайтагъд фæсагъæс- хуыз, фæлæ кабинетмæ куы фæцæйцыд, уæд ма Мариямæ 77
ноджыдæр иу хатт бакаст, æмæ йæ цæсгомыл худæндзаст ферттывта. «Æмæ хъуырбæттæн та! — сцæйхъæр кодта Мария.— Хъу ыр бæттæн!» Хъуырбæттæн уыдис йæ тыппыр пъартфелы. Куыд æй ныууагътаид йæхимæ, цы цæсгомæй йæ дардтаид! Раттын æй хъуыдис. Æвæджиау хорз фадат ын уыдис, фæлæ нæ сарæхст. — Зоныс, уый ме хæс уыд, "хъуамæ æз мæхæдæг афтæ бакодтаин! Æппæты разæй дæ æз хъуамæ æрхъуыды код- таин!... Нæ, нæ, Мария, æцæг афтæ у! Мах хъуамæ нæхи рæдыдтæ, нæхи хъæнтæ ма мынæг кæнæм!.. Æнæвдæлон стæм, тынг æнæвдæлон, уый раст у. Фæлæ Ленин та бынтон æвирхъау бирæ кусы, æппындæр æй сулæфыны бон дæр нæй, æмæ афтæмæй алцыдæр уыны! Мария æнцад лæууыд æмæ хъуыста: йæ рустæ ныс- сырх сты: хъуамæ ма хъуырбæттæны хабар дæр радзура: — Уырны мæ! Йæ удыхъæд ахæм у! — Коллонтай цырд къахдзæфтæй уаты арацу-бацу кодта, — исты тыхсты кæнæ цины сахат-иу афтæ кæнаг уыд,— стæй уæд йæ секретары цур æрлæууыд: — Зоныс, дæ хъуыдытæ мæм раст кæсынц! Владимир Ильичмæ ма æндæр хъуырбæттæн ис, æз уый æн- хъæл нæ дæн!.. Æвæццæгæн, ныр æнæ хъуырбæттæ- нæи цæуы! Мария уыцы ныхæстæ куы фехъуыста, уæд дызæрдыгтæ- йедтæ нал, фæлæ æвæстиатæй йæ фæнд æххæст кæныныл ныллæууыд. Уæдмæ æризæр и, куысты рæстæг фæцис, фæлæ Кремлы уыдæттæм нæ фæкæсынц. Мария йæ пропуск равдыста æмæ æнхъæлмæгæсæн уаты иувæрсты, Адæмон Комиссарты Со- веты сæрдары кабинеты иувæрсты цырд къахдзæфтæй ба- раст и къæлидоры кæронмæ. Мæнæ Ленины фатер. Чи йын бакæндзæни цымæ дуар?! Дуар ын бакодта Надеждæ Константиновнæ. 78
— Æз æмбал Коллонтайы секретарь дæн! — ныфсха- стæй сдзырдта Мария. — Владимир Ильич дæ хъæуы? — æнæуæлдай митæй йæ бафарста Крупская.— Ныртæккæ ам нæй, йæ куыстæй нæма æрбацыд. Мидæмæ уал рахиз, дæ хорзæхæй!.. Влади- мир Ильичæн исты зæгъын хъæуы? — Нæ, бузныг! — тагъд-тагъдæй йын дзуапп авæрдта Мария.— Хæдæгай, о, о! (Йæ ныфс куыд тагъд тайы!) Ды, æвæццæгæн, зондзынæ... Владимир Ильич йæ хъуырбæттæн мæнæн радта... Æмæ йæ ныр фæстæмæ æрбахастон. (Иæ хъæлæс та барызти). Æз ныр мæнæ, уыныс, куыд арæзт дæн! Надеждæ Константиновнæ йæм йæ мидбылты бахудт, æмбарын дæ, зæгъгæ. — Хорз! Уый дын.мæ быгъдуан, æз ыл æй сæмбæлын кæндзынæн! * * * Ацы хабар бирæ азты фæстæ радзырдта И. Демченко — зæронд коммунист, æмбал Коллонтаймæ секретарæй чи куыста, уыцы Марияйы лæг. Хъуырбæттæн ныртæккæ ис Владимир Ильичы номыл музейы.
енин Адæмон Комиссарты Советы æмбырд куы сæхгæдта, уæд уыдис æмбисæхсæв. Абоны æмбырдмæ кæмæ фæдзырдтой, уы- дон иууылдæр ахæлиу сты, æмæ зал сафтид и. Ленин сыстад æмæ йе ’уæнгтæ аивæзта, йæ цæсгом æмæ сæрыл йæ къух æрхаста, йæ къæ- мисæнты æмæ къæбутырдыгæй сæрыхъуынтæ æрлæгъз кодта. Стæй уæд рог къæлæтджын иуварс айста æмæ гъе аф- тæмæй, лæугæйæ, райдыдта йæ гæххæттытæ æфснайын. Адæмон Комиссарты Советы сæрдарæн йе ’стъолы æм- буар æндæр даргъ стъол, æмæ уый уæлхъус дæр, Ленины бакомкоммæ, гæххæттытæ æфснайдта ныллæггомау æмæ къæсхуыр, цæрдæг бурхил сылгоймаг; йæ цæсгом асæй чы- сылгомау æмæ куыддæр рухсдзыд урс, йæхæдæг цæрдæг, йæ цъæх цæстытæ та æдзух тъæбæртт-тъæбæртт кæнаг. Сылгоймаг ныр Ленинырдæм фæкæс-фæкæс кæны, æмæ 80
йæ худæндзаст цæстытæ фæсагъæсхуыз сты, уый тыххæй æмæ бафиппайдта: Владимир Ильич, уæвгæ, абон дæр, ал- кæды хуызæн, гæххæттытæ æмбырд кæныныл архайы лæм- бынæг, фæлæ ацы хатт йæ фезмæлд, йæ февнæлд иннæ хæт- тытау цырд æмæ арæхстджын нæу. Гæххæтт фæкæсы бирæ сындæгдæр. Сылгоймагæн йæ зæрдæ срыст, йæхинымæр афтæ ахъуы- ды кодта: «Куыд фæлладхуыз у Ильич... Йæ цæсгом куыд сбур и...» Мария Александровнæ партийы уæнг рагæй у — ссæдз азы бæрц. Адæмон Комиссарты Советы йын æвджидгонд уыди, Ленины номыл цы гæххæттытæ цыдис, уыдоны хъуыд- даг кæнын. Ацы изæр та куыста Адæмон Комиссарты Сове- ты секретары бæсты. Лидия Александровнæ Фотиева йæ фæллад уадзынмæ ацыд. Ус протоколы сыфтæ кæрæдзиуыл авæрдта, сæ кæрæттæ сын дзæбæх сæмхуызонтæ кодта æмæ сæ афтæмæй хицæн папкæйы бафснайдта, стæй уæд дæргъæй-дæргъмæ стъолы алыварс зилгæ ацыд. Уылæнты аивылды фæстæ денджызы былгæрон бирæ истытæ куыд баззайы, афтæ — дæргъвæтин æмбырды фæстæ дæр стъолыл æнæ баззайгæ нæй алы лы- стæг дзауматæ — гæххæтты гæбæзтæ, фыстæгтæ, блокнот- тæ, брошюрæтæ, справочниктæ, æмæ ус цæугæ-цæуыны уы- дон æмбырд кодта. Уæдмæ Ленин йæ гæххæттытæм каст фæци æмæ сылгой- магмæ фæдзырдта: — Æмбал Лебедева, мæнæ адон, дæ хорзæхæй, иннæ æмбырдмæ... Мария Александровнæ Ленины къухтæй папкæ куы иста, уæд лæууыди йæ тæккæ раз, Адæмон Комиссарты Со- веты сæрдары цæсгом федта тынг хæстæгмæ æмæ уайтагъд бафиппайдта — Ильичы цæхæр ’цæстытæн ныртæккæ сæ зынг бынтон бахуыссыд. Æппындæр нал æрттывтой. — Бафæлладтæ...— хъынцъымгæнгæ сдзырдта къæн- цылары сæргълæууæг. б Дзыллæты уарзон лæг 81
— Бафæлладтæн...— сразы Ленин. Æмæ йæ цæсгомыл къух æрхаста. Афтæ зындис, цыма йæ цæсгомæй асæрфынмæ хъавы, хæлуарæджы тынау ыл цы фæлладдзинад нынныхæст, уый. — Гъемæ утæппæт адæмы ам афтæ бирæ цæмæн дард- тай? — йæхицæн дæр æнæнхъæлæджы бафарста Мария Александровнæ.— Цал æмæ цал сахаты рацыди! Уыдон ам радзур-бадзур кæнынц... Æмæ сæм ды дæр хъусыс... Афтæ дзургæйæ, сылгоймаг йæ рæмбыныкъæдз дыууæ- рдæм радав-бадав систа, цыма кæйдæрты фæйнæрдæм ссыдтытæ кодта, уый хуызæн. — Адæммæ се ’ппæтмæ хъусын цы пайда у? Куыд хъæ- уы, уый ды уыдонæй хуыздæр куы зоныс. Стæй хъуыддæг- тæ дæр уый фæстæ дæу фæндыл куы баззайдзысты... Ленин æм цъынддзастæй дисгæнгæ бакаст. — Æмæ, дæумæ гæсгæ, уый уæд коллегиалон разамынд уыдзæни? — бафарста йæ Ленин. Уыцы бафарстмæ Мария Александровнæйæн йæ рæмбы- ныкъæдз ноджы тынгдæр сцырын, ноджы тагъддæр æй дыууæрдæм радав-бадав систа. йæ худæндзаст, рухсдзыд урс цæсгомы цъар сырх хъулæттæ афæлдæхт. Ленин йæ къæнцылары кусæгмæ цъынддзастæй æдзы- нæг кастис, йæ сæр-иу Хъæлдзæг тылд бакодта æмæ-иу хи- нæйдзагхуызæй афарста: — Уæдæ афтæ, адæммæ хъусын, радзур-бадзур кæнын, тæрхæттæ кæнын ницæмæн хъæуы, зæгъыс?.. Æмæ йæ фæллад цæстытæ, æппындæр зынг кæм нал зындис, уыдон æваст ферттывтой...
ыдис апрелы бонтæй иу. Секретарь-сылгоймаг сæумæрайсом Ленинмæ цалдæр гæххæтты ба- хаста йæ къух æрæвæрынмæ æмæ уæд бафип- пайдта: Ленин уыцы сахат, йæ алыварс цытæ цыдис, уый нæ уыдта æмæ нæ хъуыста. Йæ секретары саламæн дзуапп нæ радта. Сылгой- маг æй цавæрдæр хъуыддагæй куы бафарста, уæд ын дзуапп радта æндæр цæйдæр тыххæй. Æрмæст сек- ретарь уатæй фæстæмæ куы фæцæйцыдис, уæд æрчъицæгау кодта æмæ йын афтæ: — Фæлæуу-ма. Секретарь фæстæмæ Ленины стъолы цурмæ бацыд æмæ æнцад слæууыди. Стъолыл галиуырдыгæй кæрæдзиуыл æвæрдæй уыдысты, Ленин знон галиумæ цудæг коммунист- ты тыххæй йæ лыстæг почеркæй цы статья фыссын райдыд- та, уый сыфтæ, рахизырдыгæй — Уæрæсе электрификаци кæныны паддзахадон къамисы протоколтæ, астæуæй та — 83,
секретарь æм ныртæккæ цы гæххæттытæ бахаста къух æрæ- вæрынмæ, уыдон. Ленин цыма цавæрдæр дызæрдыджы уыдис, уыйау иу- цасдæр рæстæг йе ’нгуылдзтæй стъол барабанæй цæгъдæгау кодта, стæй уæд дзурын райдыдта: — Ис иу ахæм сылгоймаг, йæ ном Софья Марковнæ. Чидæр мын дзырдта, Социалон æххуысады комиссарады, дам, кусы. Йемæ зонгæ нæ дæ? Эмиграцийы рæстæджы йыл хъуамæ искуы сæмбæлдаис. Секретарæн цавæрдæр Софья Марковнæ чысылтæ йæ зæрдыл лæууыд, кæддæр æй кæнæ Женевæйы федта, кæнæ та Парижы. — Уый уыдзæн æви нæ, нæ зонын,— дызæрдыггæнгæ сдзырдта секретарь.— Меньшевиктæй нæ уыди? — О, о, меньшевиктæй,— зæгъгæ, бакодта Ленин.— Бæгуыдæр. Уæд меньшевик уыд. — Æмæ ныр нал у? — Нал у. Ныр ыл афæдзырдæг цæуы, уæдæй фæстæмæ, дам, большевик у, зæгъгæ, фехъуыстон. Арвит-ма йæм, дæ хорзæхæй. Абон мæм изæрæй æрбацæуæд. Адæмон Комис- сарты Советы æмбырды фæстæ. Адæмон комиссартæ се ’ппæт дæр куы ацæуой, уæд.— Стæй ма курæгау ноджы- дæр загъта: —Æрмæст, дæ хорзæхæй, ам æй уыдонæй куыд ничи фена, афтæ. Бадзырдтам? Секретарь йæ сæр «о», зæгъгæ, батылдта иннæ хæттытæй чысыл фырнымддæрхуызæй,— Ленин цавæрдæр æнахуыр сылгоймаджы йæхимæ сусæгæй кæй хуыдта, уый йæ зæрдæ- мæ нæ фæцыдис. Изæрæй «æнахуыр сылгоймаг» æрбацыди. Софья Марковнæ уыдис ныллæг æмæ афтæмæй стæвдтæ- арæзт ус. Цыдаид ыл фондз æмæ дыууиссæдз азы бæрц. Бæрæг уыд, йæ улæфæнтæ йæхи бар нæ уыдысты, æмæ тых- улæфт кодта. Йæ дзыккутæ сау, цыбыр æлвыд æмæ афтæ- мæй къæбæлдзыг, йæ цæсгом — саулагъз, былтæ бæзджын, цæстытæ цæрдæг æмæ æвзалыйау сау-сауид, æмæ уыдæттæм гæсгæ неграг усы хуызæн уыдис. Йæ сæрыл цы зæронд шля- 84
пæ уыд, уый систа, фæлæ йæ йæ къухтæй не ’суагъта; йæ уæлæ — даргъ сау къаба, къабайы æдде та — ихсыд сæрак къурткæ, кæддæр сау чи уыд, фæлæ ныр та урс чи зынди, ахæм. Ус, Ленин æй агуры, уый куы базыдта, уæд йæхимидæг тынг батыхст æмæ-иу, бандоныл бадгæйæ, минутæй минут- мæ срæцыгъта секретары уаты бæрзонд цармæ арæзт ды- зæрдыджы дзырдтæ, йæ сагъæс, йæ джискъустæ æвдисæг ныхæстæ. — Цы хабар у? — Цæмæн æй бахъуыдтæн? — Диссаг! — Владимир Ильичимæ æз зонгæ дæн, æвæццæгæн... мин фараст сæдæ дыккаг азæй фæстæмæ... Нæ, хъуамæ æр- тыккагæй фæстæмæ... Æви дыккагæй? — Кæм базонгæ стæм йемæ?! Женевæйы! Нæ, Лондо- ны!.. Æви Берны уыдаид? Иу-дыууæ хатты мæ йæ раныхæ- сты тынг афхæрдта... Æмæ, зоныс, æз дæр-иу йæ ныхмæ уыцы карзæй ныллæууыдтæн. Уый æнхъæл та чи уыд, æмæ Ленин Ленин у? Уый бамбарыны тыххæй æз уæд хъуамæ зондджындæр уыдаин... Фæлæ зондджындæр куы уыдаин, уæд æз мæ царды хуыздæр азтæ меньшевиктимæ хъеллау- гæнгæйæ нæ арвыстаин. — Цымæ йæ цы хъæуы мæнæй? Æцæгæй дын ницы загъ- та? Æз уæддæр мемæ рахастон цифрæтæ-йедтæ, Социалон æххуысады комиссарады мæ куыст куыд цæуы, уый тых- хæй цыбыр дзуапп... Æз инвалидты хъуыддæгтæ фæкæнын. Бирæ цыдæртæ сæ фæхъæуы — каляскæтæ, кæсæнцæстытæ, æнцойгæнæн лæдзджытæ... Куыд зын куыст у, уый куы зо- нис... Фæлæ уыдæттыл дæр хъуамæ исчи куса, уæдæ куыд!.. Секретарь бацыди æнхъæлмæгæсæн уатмæ æмæ рудзын- джы цур слæууыд. Адæмон комиссартæ залæй иугай-дыгай цæуын байдыдтой. Чичерин ын зæронд æгъдаумæ гæсгæ йæ сæрæй ныллæг акуывта, стæй уæд чысыл къахдзæфтæгæнгæ дуарырдæм худæджы сирд акодта. Уый фæстæ, сæ къухты æфсæрст дзаг пъартфелтæ, афтæмæй, хъæлдзæг ныхасгæн- 85
гæ, рацыдысты Цюрупа æмæ Курский. Луначарский ма дуа- ры къæсæрыл афæстиат, Семашкоимæ Дæуылдæр сбыцæу сты. Уалынджы секретары ауыдта, æмæ уæд йæ зæрдыл æрбалæууыд, Аивадон театрмæ йын контрамаркæйæ зæрдæ кæй сæвæрдта. Уыцы минут театры администратормæ гæх- хæтт афыста. Дзержинский иннæтæй фылдæр афæстиат Ленинимæ. Куы рацыдис, уæд секретарæн æнæ дзургæйæ йæ къух алхъывта æмæ тагъд къахдзæфтæй фæраст и. Уы- нæр никæцæйуал хъуыст. Хъахъхъæнджытæй чидæр къæли- доры рухс ахуыссын кодта. Агъуыст уайтагъд фæталынг- хуыз æмæ, цыма бынтон æдзæрæг у, ахæм æнгас лæвæрдта. Былтыл уади зæронд гæххæттыты, лавр бæласы сыфты æмæ мыстыты тæф. Залы дуар сындæггай байгом, æмæ дзы фæзынди Ленин. — Гъы, куыд? — бафарста Владимир Ильич. — Æрбацыди,— дзуапп ын радта секретарь, стæй уæд фæстæмæ йæхи уатмæ баздæхт æмæ Софья Марковнæмæ йæ къухæй фæсидти. Залыл бахызтысты. Секретарь каби- неты дуар бакодта æмæ Софья Марковнæйæн уырдæм фæн- даг радта. Уаты сыгъди стыр цырагъ. Цыппæрдигъон егъау стъолы уæлхъус бадти Ленин. Софья Марковнæ йæ куы ауыдта, уæд фæсырх æмæ, æвæццæгæн, уый бамынæг кæныны тых- хæй саламы ныхас зæгъыны бæсты æваст срæцыгъта: — Цæмæн дæ бахъуыдтæн æвиппайды? Ленин бахудти. — Дистæ кæныс, и? — зæгъгæ сдзырдта, афтæмæй сы- стад æмæ йын йæ къух райста.— Бахъуыдтæ мæ, бахъуыд- тæ. Сбад. Ус сæракæй астæрд къæлæтджыны куы æрбадтис, уæд Ленин уаты рацу-бацу кæнын систа, стæй та фæстæмæ стъолы раз æрбадт. Цырагъы рухс цыди уæле дæлæмæ æмæ Ленины цæсгомыл не ’мбæлд, фæлæ Софья Марковнæ уæддæр бафиппайдта, Ленинæн йæ цæсгом кæй уыд фæлурс æмæ фæлмæцыдхуыз. Сцæй-йæм-дзырдта, цæй фыдхуыз дæ, зæгъгæ, фæлæ йæхиуыл фæхæцыд æмæ ницыуал загъта. 86
Уый нæ, фæлæ ма йæхи дæр фæхъуынтъыз кодта, цыма афтæ зæгъынмæ хъавыд, бар уæхи, мæн уыдæттæм æппын- дæр ницы кæсы, зæгъгæ, уыйау. Уыцы рæстæг Ленин бандоныл йæхи фæстæдзæг ауагъ- та, Софья Марковнæмæ комкоммæ бакаст æмæ йæ ба- фарста: — Софья Марковнæ, Юлий кæм ис, уый нæ зоныс? Ахæм æнæнхъæлæджы бафарстмæ усæн йæ цæстытæ фæдзагъыр сты, æмæ тæргайхуызæй скъæр-къæр кодта, уæрдон уирагдуртыл згъоргæйæ куыд фæкæны, афтæ: — Уымæй мæн цæмæн фæрсыс, Владимир Ильич! Ау, æз ныр большевик кæй дæн, уый нæ зоныс? Меньшевиктимæ мæнæн æппындæр иумæйагæй куы ницыуал ис? Æз меныне- визм рæдыдыл куы нымайын, кусджыты змæлды дæр æмæ мæхи царды мидæг дæр! Истæмæй мыл гуырысхо кæныс æви дæ куыд хъуамæ æмбарон? — Æппындæр дыл ницæмæй гуырысхо кæнын,— фæл- мæн хъæлæсы уагæй йын загъта Ленин.— Дæ хорзæхæй, æппындæр дæм ахæм хъуыдытæ ма уæд. Æз дын иу хъуыд- даг бафæдзæхсынмæ хъавын. Юлий кæм ис, уый базон, фен æй æмæ йын мæ номæй зæгъ... нæ, нæ, фысгæ мацы ныккæн. Афтæйæдæ зæрдыл бадар. Сусæг куыстыл ахуыр куы дæ. Æмæ дын æз цы фæдзæхсын, уый сусæггаг хъуыддаг у... Гъемæ дæ зæрдыл бадар. Майрæмбоны, изæрæй иуæндæс сахатыл Балтикон вагзалы фыццаг платформæйæ араст уы- дзæн фæстаг — ма дæ ферох уæд, фæстаг — пассажирон поезд Минск æмæ Варшавæйырдæм. Фæстаг поезд уымæн уыдзæн, æмæ, æвæццæгæн, а дыууæ боны райдайдзæнис Польшæимæ хæст. Ай-гъай, поляктæ абон-райсом хæст рай- дайдзысты. Хорз хабар бæргæ нæу, фæлæ цы хос и! Æцæг, ды уый макæмæн ской кæ, нырма уал ын дзурæн нæй... Фæ- лæ хъуыддаг уæвгæ афтæ у. Нæ баулæфты рæстæг фæцис. Гъе афтæ, гъе, Софья Марковнæ.— Ленин иуцъусдуг фæ- хъус и, стæй уæд, цыма уыцы тыхст хъуыдытæ йæхицæй аиу- варс кæнынмæ хъавыд, уыйау йæ къух ауыгъта æмæ дард- дæр дзырдта: — Гъемæ кæд Юлийы фæнды, уæд уыцы 87
поезды сбадæд... æхсæзæм вагон, фынддæсæм бынат... Ха- бар уым, вагоны, зондзысты. Кæд æй нæ бафæнда, уæд бар йæхи, цæрæд æмбæхстæй... Меньшевиктæ — ды уый, æвæц- цæгæн, зондзынæ — гъæйттæй архайынц Советон хицаудзи- нады ныхмæ сусæг куыст райдайыныл. Юлий сæ раздзог у, æмæ уал уый бамбæхстой... Махæн та нæ хæдзарад хæлд æмæзаууат, стæй ма ноджы хæстрайдайдзæнис, гъемæ уы- цы уавæрты, Советон хицаудзинады ныхмæ сусæгæй чи тох кæна, уыдонæн мах куыд хъуамæ ныббарæм? Нæй нын уый гæнæн. Уæрæсейы ныр кæнæ пролетариаты диктатурæ уы- дзæн, кæнæ та капиталистты æмæ помещикты диктатурæ паддзахимæ; науæд та æнæ паддзахæй дæр. Æмæ ныр про- летариаты диктатурæйы ныхмæ чи лæууа, уый иннæ дикта- турæйы фарс у. Мартов знаг у, уымæн æмæ тох кæны пролетариаты диктатурæйы ныхмæ. Уыдæттæ йын дзурын нæ хъæуы... Ницы дзы рауайдзæн. Зæгъ-иу ын æрмæст по- езды хабар. Софья Марковнæ ныхъхъус æмæ æдзæмæй бадти. Ленин йæ ныхас куы фæцис, уæд ус йæ уæрджытæй йæ сау шляпæ систа æмæ йæ йæ сæрыл æркодта, дæргъæй-дæргъмæ сæр- дзæвæнæй йæ йæ дзыккутæм бафидар кодта, стæй уый фæ- стæ йæ бадæнæй сыстад. — Дыууæ фарсты,— загъта ус цыбырæй.— Фыццаг. Ацы хъуыддаг Дзержинскийæн цæуылнæ бабар кæныс? — Уымæн æмæ Дзержинскийы дзæвгар рæстæг бахъæ- уид, поезд та иннæбон цæуы. Дыккаг фарст. — Дыккаг та ахæм. Æз мæ зæрдæ дарын, мæнæн хæс- гонд кæй нæ цæуы кæмæнфæндыдаер фехъусын кæнын... Ленин йæ къухтæ стылдта. — Нæ, нæ, цытæ дзурыс! — загъта Владимир Ильич.— Ууыл ныхас дæр нæй. Юлийы æмбæхсæн бынат ды нæдæр мæнæн хъуамæ зæгъай, нæдæр æндæр искæмæн... Цыфæн- ды куы феста, уæддæр дæ ууыл ничи бадомдзæн. Æппын- дæр мын-иу ахæмæй мацы фехъусын кæ. Æз æмæ дæу æх- сæн цы ныхас уыд, уый Адæмон Комиссарты Совет дæр нæ зондзæни... Хъуыддаг дын куыд бамбарын кæнон, нæ зо- 88
нын... Цæвиттон, адæмон комиссарты æхсæн ис, Ленинæн йæхицæй хъæддыхдæр ленинон чи у, ахæмтæ дæр. — Хорз,— сдзырдта ус æмæ дуарырдæм ленкгæнæгау цыдæй араст. йæ цæрдæг сау цæстытыл бæрæг уыд, хъуы- дыты кæй аныгъуылдис, уый, æмæ уымæ гæсгæ бирæ дæр нал дзырдта. Фæлæ къæсæрмæ куы ахæццæ, уæдта Ленины- рдæм фæзылд: — Владимир Ильич, баулæфын дын æмбæ- лы. Ды тынг бафæлладтæ. — Ау, зыны мыл? — бафарста Ленин, цыма йын цавæр- дæр æнахуыр хабар фехъусын чындæуыд, афтæ цымыдис- хуызæй. — Зыны дыл, о, бæгуыдæр,— фидарæй загъта Софья Марковнæ.— Æмæ дæ ма ферох уæд. — Хорз, нæ йæ ферох кæндзынæн. — Ноджыдæр ма иу хъуыддаг,— сдзырдта Софья Мар- ковнæ, дуары хæцæнмæ куы бавнæлдта, уæд.— Æз поляк- ты æвзаг дзæбæх зонын, æмæ мæ бон бауид не ’фсадæн фех- хуыс кæнын. Ныр. Ног уавæрты. И? Уый тыххæй Хæстон- Денджызон хъуыддæгты комиссарадмæ бацæуын хъæуы?— Æмæ дзуапмæ нал банхъæлмæ каст, афтæмæй раивгъуыдта. Софья Марковнæ тынг раджы райхъал ис. Иæ хуыссæ- ны ма цъындæй лæууыд, афтæмæй йæ æваст бандæвта ца- вæрдæр стыр æхсызгондзинад. Бамбæрста, йæ царды ми- дæг кæй æрцыдис иттæг ахъаззаг цау, ног тыхтæ дзы чи ба- уагъта, дзыхъхъынног æй чи фестын кодта, ахæм стыр цау. Фæстæдæр, бон йæ барты куы бацыд, æмæ йæ, Ленины фæ- дзæхст сæххæст кæныны тыххæй, æнцадгай бæстон ахъуы- ды кæнын æмæ арæхстгай бацархайын куы хъуыдис, уæд дæр уыцы æхсызгондзинад йæ зæрдæйæ не ’сцух и. Ус аныгъуылди, Ленины фæдзæхст сæххæст кæнынæн цы амал ссарон, зæгъгæ, хъуыдыты, æмæ дзы ферох сты йе ’рвылбоны æххормаг царды хъуыддæгтæ, йæ уазал æмæ æдзæллаг уаты уавæртæ. Æниу йæ уаты, зæгъæн ис, цæргæ дæр нæ кодта, уымæн æмæ æхсæвæй-бонæй бадти йæ куы- сты бынаты, кæнæ та-иу зылдис, инвалидтæн лæдзджытæ, протезтæ æмæ каляскæтæ аразæн чысыл фабриктæ æмæ 89
заводтыл. Хæстæг-æввахсæй йын ничи уыд. йæ мой йæ ныууагъта революцийы райдайæны. Уый уыд сабыр адæй- маг, дохтыр, каст фæцис Цюрихы университет; революци- йы сæуæхсидты тæмæнтæкалæг рухсмæ лæг æваст бафип- пайдта, йæ алыварс кæй ис йæ усæй бирæ дзæбæхдæр æмæ зæрдæмæдзæугæдæр сылгоймæгтæ. Софья Марковнæ бинон- ты цардмæ æнцойад æмæ фидауц хæссынмæ, йæхимæ зи- лынтæм-йедтæм никуы арæхстис. Йæ рæстæг иууылдæр лæ- вæрдта, Швейцарийы цы уæрæсейаг эмигранттæ царди, уы- доны хъуыддæгтæ аразынæн. Фæкæсинаг чидæриддæр уыдис, уыцы адæмæн æххуыс кодта, чи цавæр партийæ кæ- нæ фракцийæ у, уыдæттæм нæ касти. Кæмæн-иу ссардта куыст, кæмæн фатер, кæмæн та-иу æнæуи исты хъуыддагæй фæахъаз, цы зындзинады бахаудаид, уымæй йæ фервæзын кæнгæйæ. Швейцари Софья Марковнæйæн йæхи хæдзары хуызæн уыд, æмæ «швейцариаг» æвзæгтæ — францусаг, не- мыцаг æмæ итальяйнаг æвзæгтæ — тынг хорз зыдта. Софья Марковнæ йæ гæрстæ куы скодта æмæ йæм нæ- дæр суг кæй ис, нæдæр къæбæр, уый куы федта, уæд йæ куы- сты бынатмæ араст. Уым бауадис адæмон комиссар Алек- сандр Николаевич Винокуровмæ æмæ йын загъта, абоны бонмæ цы бирæ æмбырдтæ нысангонд æрцыд, уыдоны фæ- бадын мæ бон нæ бауыдзæн, зæгъгæ. Нæфæразгæйы æфсон ын скодта, æмæ уыцы минут йæ цæрдæг сау цæстытæ фен- къардхуыз сты. Ус рахызти уалдзыгон уынгмæ. Мит тадис, æмæ тротуа- ры фарсмæ згъордтой лакъон дæттæ. Бульварты азæлыди цъиахты хъæр. Бæлæсты къалиутыл фæзынд, æххæст кæр- дæгхуыз-цъæх чи нæма сси, ахæм пакъуы. Софья Марков- нæ цыди зæрдаивæй, кæдæм цæуы, уымæн йæхæдæг дæр ницы зыдта, афтæмæй. йе ’уæнгтæ стонгæй æмæ дысоны ныхæстæй рог уыдысты. Ленинимæ фæныхасы фæстæ йæм афтæ касти, цыма, уалдзæджы комытæфæй дуне æмыз- мæлд байдыдта æмæ йедзаг у алы диссæгтæй. Мæнæ ныр, фыццагдæр цы адæймæгтыл сæмбæлдис, уый йæ куы ба- урæдтаид æмæ йæ куы афарстаид, «Мартовы агурыс? Цом, 90
æз дæ бахæццæ кæндзынæн», зæгъгæ, уæд уый Софья Мар- ковнæмæ ницы диссаг фæкастаид. Уыцы сахат йæ зæрдæ, иуæй, куыддæр æнахуыр знæт уыдис, иннæмæй та йæ ца- вæрдæр стыр амонд æндæвта. Ус цыди, хъуыдытæ, тæрхæт- тæ, джискъустæгæнгæ. Уалынмæ цъиæхты ахстæттæм фæ- комкоммæ æмæ йæхинымæр афтæ зæгъы: «Ныр цы разил- базил кæнын?! Меньшевиктæн се стырдæр ахстон Адæмон Хæдзарады Уæлдæр Советы куы ис!» Æмæ уæд араст Вар- варкæйы районмæ, Адæмон Хæдзарады Уæлдæр Совет кæм уыдис, уыцы агъуыстмæ. Бахæццæ. Агъуысты къæлидортæ уыдысты чъизи. Адæм дыууæрдæм кодтой, хъуысыди сæ дзолгъо-молгъо. Лифты- тæ хæлд. Софья Марковнæйæн йæ лæф-лæф ссыд, йæ уæр- джытæ йæ быны нал цыдысты, афтæмæй тыххæйты схæццæ -уæллаг уæладзыгмæ. Уым кæйдæрты афарста йæ иу зонгæ- йæ. Уыцы лæг раздæр меньшевикты ЦК-йы уæнг уыд, ныр та куыста Советон хицаудзинады оргæнты æмæ фехъусын кодта, меньшевиктæй ахицæн дæн, зæгъгæ, фæлæ йыл Софья Марковнæ тынг не ’ууæндыд. Бацыдис æм стыр кабинетмæ. Лæг стъолы уæлхъус бад- ти æмæ, йæ кæсæнцæстытæ йæ разы гæххæттыл æвæрд, аф- тæмæй цыдæр фыста. Дуары хъыррыстмæ йæ сæрыл уæлæ- мæ схæцыд, кæсæнцæстытæ йæ цæстытæм схаста, бадис кодта, фæлæ дзургæ ницы, æрмæст ын бандонмæ аца- мыдта. — Юлийы мæ фенын хъæуы,— зæгъгæ, сдзырдта Софья Марковнæ. Лæгæн йæ цæстытæ ферттывтой: — Æмæ уый тыххæй мæн цæмæн фæрсыс? — Кæм и, уый ды зоныс, æмæ уымæн. — Чи дын загъта, æз æй зонын, зæгъгæ? — Ма тæрс, Дзержинский мын нæ загъта. Уыцы хъуы- ды мæхимæ æрцыд. — Гъемæ йæ, зæгъæм, æз зонын. Уæд цы? — Уæд мын ды хъуамæ уый фенынæн феххуыс кæнай. — Уый ныр æмбæхст у. 91
— Æмбæхст куы нæ уаид, уæд æй мæхæдæг дæр ссардтаин. Лæг ныхъхъуыды кодта. Уæд æй фæрсын байдыдта Со- фья Марковнæ. — Ды мæн зоныс æви нæ? — Бæгуы дæ зонын. — Хорз мæ зоныс? — Хорз дæ зонын. — Ды мæныл æууæндыс? — Æууæндын дыл. Фæлæ... — О, бæгуыдæр, æз ныр большевик дæн. Фæлæ ды мæ- нæн мæ дзырдыл æууæндыс æви нæ? — Зæгъæм, æууæндын. — Гъемæ дын уæдæ æз дзырд дæттын, мæ фæдыл æм кæй ничи смидæг уыдзæн, уый тыххæй. Цы загътон, уый фе- хъуыстай? Дзырд дын дæттын уый тыххæй. — Цæмæн дæ хъæуы? — бафарста лæг æмæ йæ чысыл сау боцъо раиваз-баиваз систа. — Чидæр æм ныстуан кæны, æмæ йын æй зæгъон. — Чи йæм ныстуан кæны? — Уый зæгъын мæ бон нæу. йæхицæн йедтæмæ йæ ни- кæмæн зæгъдзынæн. — Тынг стыр хъуыддаг у? — бафарста лæг æмæ йæм æдзынæг ныккасти. — Куыд дæм кæсы, ницæй тыххæй æз фæндзæм уæла- дзыгмæ фистæгæй хилыныл сбæндæн уыдаин?.. — Ам мæм банхъæлмæ кæс. Лæг сыстад æмæ кабинетæй ацыди. Софья Марковнæ йæм, арф къæлæтджыны бадгæйæ, æнхъæлмæ фæкасти иу сахатырдæджы бæрц. Йæ шляпæ систа, йæ уæрджытыл æй æрæвæрдта æмæ шляпæ фидаргæ- нæн сæрдзæвæны кæрдæгхуыз къоболайæ йæ шляпæ къуырцц-къуырцц кодта. Æппынфæстаг дуар байгом, æмæ кабинеты хицау æрбацыди Сухановимæ. Суханов Софья Марковнæйæн «бонхорз» дæр нæ загъта,
æдзынæг æм бакаст æмæ йын æлхыскъ ныхасæн афтæ зæгъы: — Бæрæг дыл у, иупартион системæйы уавæрты дын æвзæр цард нæй. Тынг хæрзхуыз дæ. Женевæйы швейцариаг цыхт æмæ æхсыр куы хордтай, уыцы рæстæгæй ныр Цола- дæр нæ зыныс. — Æндæр партитæй чи рацыд,— бахудгæйæ йын дзуапп радта Софья Марковнæ,— уыдонæн большевиктæ бонæн карк дæттынц. Кæд дæ схæрзхуыз фæнды, уæд большевик ныллæуу. Уæвгæ ды кæддæриддæр цола уыдзынæ, уымæн æмæ дæхæдæг дæхи хæрыс. — Мæхæдæг мæхи хъæлæкк нæ хæрын, фæлæ мæ иупар- тион системæ хæры,— загъта зæрдиагæй Суханов. —■ Куыннæ стæй, æхсызгон æй хъæуыс,— ныххудтис Софья Марковнæ.— Уый дæуæй æфсæдæндæр хæринаг агу- ры: Деникин, Колчак, кæнæ Юденичы... — Уе ’лхыскъ ныхæстæ ныууадзут,— тарæрфыгæй- сдзырдта кабинеты хицау. — Уæдæ дæ Юлийы фенын фæнды, зæгъыс? — иуцас- дæр æдзæмæй алæууыны фæстæ та сдзырдта Суханов.— Тынг æхсызгон дæ хъæуы? — Тынг æхсызгон. — Æз афтæ æнхъæл дæн, æмæ йæ дæхæдæг дæр æмбарыс... — О, æмбарын æй. Мæн чи рарвыста, уый фидар дзырд радта, Юлийы æмбæхсæн бынат базоныны тыххæй мæ æп- пындæр кæй ничи фæрсдзæн... — Дæу чи рарвыста, уый! — бахудтис Суханов.— Цыма бæгуы стыр лæг у, афтæ йæ загътай. Софья Марковнæ дзургæ ницы, фæлæ йæм, йæ цыбыр къæхтæ пъолмæ дæр кæмæй нæ хæццæ кодтой, ахæм къæ- лæтджыны бадгæйæ, æмбарæн кастæй бакасти. — Гъемæ уæм цы уынаффæ ис? — бафарста ус æппын- фæстаг. — ЦК Мартовæн дæтты дæуимæ фембæлыны бар. Изæрæй аст сахатыл Софья Марковнæ лæууыди, Плев- 93
нæйы хæсты хъæбатыртæн Ильинскæй кулдуары уынджы цы цыртдзæвæн ис, уый раз. Уырдæм æм комкоммæ бацыди иу лæг, йæ къухы æргъæу хæцæнджын зонтыкк, æмæ уæд сылгоймаг уыцы лæджы фæдыл æнæдзургæйæ араст. Софья Марковнæ афтæ æнхъæл уыд, æмæ йæ уыцы зон- тыкджыны фæдыл цæуын бахъæудзæн дард искуыдæм, Мæ- скуыйы горæтгæронмæ. Фæлæ хъуыддаг афтæ нæ рауад. Лæг фæраст и Лубянкæмæ, комкоммæ Чекайы агъуыстмæ. Уым рахизырдæм фæзылд æмæ бацыд иу стыр кæртмæ, Мясницкæй уынджы хæдрайдайæны. Æмбæхсæн фатер Чекайы тæккæ фарсмæ кæй ис, уый бамбаргæйæ, Софья Марковнæ куыд нæ бадис кодтаид! Ныр ацы хабар Ленинæн радзур, уæд цы зæгъид, зæгъгæ, йæхинымæр бахудти. Зонтыкджын лæг чи уыд, уый кæрты ныллæууыдис, ау- уон ран афæстиат, Софья Марковнæйæн комкоммæ йæ цæ- стытæм ныккаст æмæ йæ фæсус хъæлæсæй афарста: — Нæ фæдыл ничи цæуы? — Дæуæн нæ зонын, фæлæ мæ фæдыл æппындæр ни- чи,— цæхгæр загъта Софья Марковнæ. Ссыдысты æппæты уæллаг, æстæм уæладзыгмæ, стæй та уæд хуымæтæджы хъæдын асинтыл ноджы уæлдæр, цармæ. Уымæн сæ тынг бирæ рæстæг бахъуыд. Софья Марковнæ цыди сындæггай. Иу уæладзыг уæлдæр-иу куы схызт, уæд-иу йæ фæллад уадзын райдыдта, æмæ йæ лæф-лæф цыди. Зон- тыкджын лæг та-иу уæлдæр ссыд æмæ йæм уырдыгмæ ка- сти тыхстхуызæй, уайдзæфгæнæгау. Цары дæр фатертæ арæзт уыд. Дæргъæй-дæргъмæ къæ- лидорæн йæ дыууæ фарсырдыгæй дæр уыдис уæттæ, дуæрт- ты æхсæн къултыл та плакаттæ ныхæст: «Пролетари, бæ- хыл саргъ сæвæр!», «Сырх Æфсады дæхи барвæндонæй ныффыстай?», «Æмхуызонæй дæр Петроград бахъахъхъæ- нынмæ!» æмæ æндæр ахæмтæ. Зонтыкджын лæг æрлæууыдис иу дуары раз æмæ йæ дыууæ хатты бахоста. Дуар байгом, æмæ лæг мидæмæ ба- хызт. Аивгъуыдтаид иу æртæ минуты, афтæ фæстæмæ ра- 94
цыд æмæ Софья Марковнæйæн уатмæ фæндаг радта, йæ- хæдæг къæлидоры баззад. Софья Марковнæ уыцы уаты Мартовæн йæхи баййафын æнхъæл нæ уыд; уый зæрдæйæ уал æй раздæр æндæр искæ- мæ бакæндзысты зынгæ меныневиктæй, æмæ уый, ома, йе- мæ куы аныхас кæна, уæд æй Мартовмæ ахондзæн. Гъемæ ныр ахæм къаннæг уатгонды, боны рухс æрмæст гæзæмæтæ кæцæй цыдис, ахæм чысыл рудзынгджын агъуысты Мар- товæн йæхи куы федта, уæд дисы бафтыд. Уаты уыди æр- мæст хуымæтæджы æфсæйнаг сынтæг, рынчындонæй рафт- гæ бур хъæццулæй æмбæрзт, стæй табуреткæ. Табуреткæ- йыл сыгъди примус. Мартов бадти сынтæджы æмæ приму- сы сæрмæ ныггуыбыр, афтæмæй хъæдын уидыгæй кастрюль- кæйы цыдæр астау-астау кодта. Мартов уыдис къæсхуыр, фыдхуыз, йæ цæстыты уæл- тъыфалтæ æмæ дæлтъыфалтæ ныррæсыдысты. йæ нарæг цæсгом, нарæг боцъо, нарæг гуыр арæзт уыдысты, каст- рюлькæйы цы хъæрмхуыпп фыхти, уымæ, раст цыма а ду- нейыл йæ хъус æндæр ницæмæ дардта, уыйау. Фæлæ уа- лынмæ уидыг табуреткæйыл æрæвæрдта, йæ чысыл къух- тæ йæ ихсыд фуфайкæйы къуындæг дысты атъыста æмæ Софья.Марковнæмæ скасти. Иу минуты бæрц сæ ничи ницы сдзырдта, æрмæст сæ кæрæдзимæ æдзынæг кастысты. — Дзур,— загъта æппынфæстаг Мартов.— Уый дæ æр- барвыста? — О,— дзуапп ын радта Софья Марковнæ. Мартовы цæсгомыл фæзынд хæрамдзинад æмæ æнæбон- дзинады æнгас. — Цы йæ хъæуы? Софья Марковнæ йын хабар радзырдта. Мартов хъуы- ста æнæ исты дзургæйæ. Йæ цæсгомыл сырх тæппытæ ахъазыд. Уидыгæй та кастрюлькæ астыдта, стæй уæд, йæ мидбылхудтæй йæ цæсгом фæзылын, афтæмæй афарста: — Тæригъæд мын кæны? — Чи зоны. 95
— Нæ, тæригъæд мын нæ кæны,— загъта уæд Мартов.— Цæмæй йын йæхимæ фау æрхæссæн ма уа, ууыл архайы. Мæ тугæй йæ йæ къухтæ сахорын нæ фæнды. — Æвæццæгæн,— æнцад-æнцойхуызæй сразы ис Софья Марковнæ æмæ йæ уыцы æнцойхуызæй бафарста:—Æмæ уый æвзæр у? Ау, дæ тугæй йæ йæ къухтæ сахорын куы фæндид, уæд хуыздæр уаид? Мартов фæджихау, йæ цæстытæ тъæбæртт-тъæбæртт кæ- нын райдыдтой; лæг йæ къух ауыгъта æмæ иннæрдæм азылд. Йæ фæсонтæ куыд фæгуыбыр сты æмæ уат алцæмæй дæр куыд æдзæллагхуыз уыдис, уыдæттæм кæсгæйæ йын Софья Марковнæ фæтæригъæд кодта. Йæ зæрдыл æрлæу- уыдысты Мартов æмæ Ленины хæлардзинад æмæ знагдзи- нады хабæрттæ кæрæй-кæронмæ. Хатгай-иу Ленинмæ тынг хæстæг бацыд, фæлæ-иу алкæддæр ныллæууыд, æрмæст ма-иу æй иунæг къахдзæф бакæнын куы хъуыдис, уæд. Цы- иу æй урæдта? Йæ хъуыдытæ иудадзыгдæр мæнг фæндагыл арæзт уыдысты, æви йæм хардзау касти, æмæ йæ рæдыдыл, йе ’ппæт царды рæдыдыл басæттын йæ сæрмæ нæ хаста? Æви сомбоны тымыгътæй тарсти? Кæнæ та, йæ политикон фæлмæнваддзинады тыххæй йæ цæстытыл цы æвирхъау тæссаг нывтæ уадис, уыдон арвы дуар гомæй феныныл нымадта? Уыцы хъуыдыты рæстæджы Софья Марковнæйæн æвип- пайды йæ цæстытыл иттæг бæлвырд-бæрæгæй ахъазыди ин- нæйы цæсгом, дысон-изæр йемæ Кремлы чи ныхас кодта, уыцы адæймаджы цæсгом. Цавæрдæр æбæрæг стыр цинæй йæ зæрдæ айдзаг, æмæ æваст сдзырдта: — Уымæн тынг зын у. — Æмæ мæнæн æнцон у? — мæстæй рафыхти Мартов æмæ йæ цæсгом Софья Марковнæйырдæм разылдта. Фæлæ уайтагъд æрсабыр æмæ чысыл лæппуйау цымыдисæй афар- ста: — Фыдхуыз у, æви?.. Уыцы хуымæтæджы бафарсты тыххæй Софья Марков- 96
нæйæн йæ зæрдæйы стыр цины ахаст нæ фехæлд. Æмæ та ус йæ зæрдиаг ныхас сдзырдта: — Уымæн зындæр у. Мартов йæ бадæнæй фестад æмæ фæтъæнг ласта: — Зындæр ын у? Афтæ дæм кæсы? Чи зоны! Фæлæ йын кæй аххос у?.. Уыцы стыр уаргъ йæхæдæг куы баргъæвта йе ’ккойы! Æгæр ныфсхаст цæмæн у? Цæмæн ахæм рог ми бакодта? Ау, йæхицæн уыцы бынаты баззайын æнхъæл у? Кæм? Уæрæсейы? Æртæ азы дæр нæма рацæудзæн, афтæ Уæрæсейы дæр, Китайы хуызæн, гæбазгай ныккæндзысты, уыдзæнис дзы æрмæст провинцитæ, æндæр паддзахæдтæн дæлбаргонд облæсттæ... Æртæ азы фæстæ Уæрæсейы æп- пæты хуыздæр машинæ уыдзæн цъайы донисæн! Софья Марковнæ та йын дзурын райдыдта фыццаджы хуызæн зæрдæбынæй: — Юлий. Ды рæдигæ кæныс. Кусджыты къласмæ куыд бирæ тыхтæ ис, ды уый не ’мбарыс, нæ фæразыс уый бам- барын... Ды фæрæдыдтæ. Хъуыддæгтæ уый дæуæй хуыйдæр зоны. Ды йæ нæ бамбæрстай. Никуы йæ æмбæрстай. Бау- уæнд мын мæ ныхасыл. Æз дæр æй не ’мбæрстон. Мах æм, хуымæтæг адæймагмæ цы миниуджытæ вæййы, уыдоны цæ- стæй кастыстæм. Мах æрмæст уыдтам, уый кæй у зонд- джын, ахуыргонд, зæрдæмæдзæугæ лæг, йæ цард бæлвырд бæрæг хъуыддагæн чи снывонд кодта, ахæм, нæ хорз зонгæ чи у æмæ афтæмæй кæддæриддæр нæ ныхмаеГчи дзуры, ахæм лæг. Фæлæ уый дзыллæты куыд хорз æмбары, дзыллæтæ йæм куыд тынг хъусынц, дзыллæтимæ иудзинад ын куыд бирæ тых дæтты, уыдæттæ мах нæ уыдтам... Мартов æгомыгæй бирæ фæбадт, стæй уæд примус ахуыссын кодта æмæ, æппындæр уынæр куы никуыцæйуал хъуысти, уæд дзурын райдыдта хъæрасæст хъæлæсæй, фæ- лæ иттæг карз æмæ зæрдæбынæй: — Тæригъæд мын кæна, мæн уый нæ фæнды. Кæддæр æй уарзгæ цæй бæрц кодтон, уый бæрц дзы ныр та ме ’сæф- ты хай уынын. Æнад мын сты йæ цæсгом, йæ къухтæ, йæ митæ, ды мын дзы ныртæккæ цы дзырдтай, уыдон æппæт 7 Дзыллæты уарзон æг 97
дæр, йæ зондахаст дæр, йæ хæдæфсармдзинад дæр, ардæм дæ кæй æрбарвыста, уый дæр, цытæ фæзæгъы æмæ дзы адæм цытæ фæдзурынц, уыдæттæ иууылдæр... Мах знæгтæ стæм. Æмæ æз ардыгæй куы ацæуон, уæд дæр йе ’знаг уыдзынæн... Лæг хуыфын байдыдта, бирæ фæхуыфыд, стæй уæд йæ къухмæрзæнмæ туг-хæппæр рату кодта, ныссабыр æмæ, Софья Марковнæмæ йе ’рфгуыты бынæй бакæсгæйæ, уыцы хъуынтъызæй сдзырдта: — Ма йын-иу æй зæгъ, мæнæ цы федтай, уый... — Хорз. — Дзуапп кæдмæ хъæуы? — Дзуапп нæ хъæуы. Кæд дæ фæнды, уæд-иу ацу. На- уæд дæр бар дæхи. Софья Марковнæ йæм йæ къух бадаргъ кодта. Мартов уайтагъд нæ, фæлæ йæм уæддæр радта йæ къух — мæтъæл æмæ хидæйдзаг къух — æмæ йын «хæрзбон» загъта. — Ницы йæм ныстуан кæныс? — бафарста ус, иучысыл афæстиат уæвгæйæ. Лæг ма иуцасдæр æдзæмæй алæууыд, стæй йын уæд дзуапп радта: — Ницы. * * * Рацыдис иу афæдзы бæрц. Ленин бадти Адæмон Комис- сарты Советы æмбырды. Йæ разы йын æрæвæрдтой, мень- шевиктæн Берлины цы ног журнал цæуын байдыдта, уымæн йæ фыццаг номыр. Журнал хуындис «Социалистический вестник», йæ редактор Мартов. Ленин ныххудтис æмæ аф- тæ куы бакæнид: — Кæсут-ма, Мартов та фæзынд!.. — Ау, æмæ фæсарæнмæ куыд аирвæзти? — бадис код- та адæмон комиссартæй иу.— Уый Чекайы хæлиудзыхдзи- нады тыххæй афтæ рауад. Ленин цъынддзастæй, хинæйдзаг худæнбылæй, йæ цæс- гом Дзержинскийырдæм разылдта: — Цы уæ зæгъынц, уый фехъуыстай? 98
— Цы бакæнæм, мах дæр бынтон æнаипп не ’стæм,— загъта Дзержинский, æндæр йæ цæсгомыл ницы фæ- бæрæг ис. — Уæвгæ,— сдзырдта уæд адæмон комиссартæй иу æн- дæр,— чекисттæ хæлиудзыхдзинад кæй равдыстой, уый, чи зоны æмæ, хуыздæрæн рауад. Берлины ма не ’знæгтыл иу адæймаг кæй бафтыд, уымæй нын уыйас тынг тас нæу; фæ- лæ дзы, советон ахæстоны рæстæй хъизæмар кæны, зæгъ- гæ, ахæм кой куы айхъуыстаид, уæд, чи зоны, æвзæрдæр уыдаид. Уыцы ныхæстæм Ленинæн йæ зæрдыл æрбалæууыд Софья Марковнæ. Æмбырд куы ахицæн, уæд æй æвæстиа- тæй цæуын хъуыдис Мæскуыйы Советы пленуммæ. Хъуамæ дзы доклад скодтаид. Цæугæ-цæуын йæ секретары афарста: — Софья Марковнæйы ма хъуыды кæныс? Уыцы изæ- ры фæстæ йыл никуыуал сæмбæлдтæ? Кæд ын, миййаг, истæмæй баххуыс хъæуы? Секретарь æнкъард худт бакодта: — Нæ, уый ныр æххуыс хъуаг нал у. Демæ фембæлдæй чысыл фæстæдæр фронтмæ ацыд. Æмæ уым тифæй амарди. Ленин исдугмæ сагъдауæй аззад, стæй уæд æнæдзур- гæйæ йæ палто кæнынмæ фæци.
ЧИНЫДЖЫ ИС: Фæрстæ Размæ. Л. Радащев 3 Славæ. С. Виноградская 14 Къæдзæхдурыл арæзт хæдзар. 3. Воскресенская 41 Адæмон комиссары секретарь. Л. Радащев 68 Цæстытæ сæрттывтой. С. Ваноградская 80 Зæнгтæ. Эм. Казакевач 83 Любимый народом Редактор Муртазов Б. А. Художник Матвеев Л. Д. Худож. редактор Кануков У. К. Техн. редактор Д з г о е в А. А. Корректоры Г у т и е в а С. X., ДзодзиковаВ. Т. Сдано в набор 1-УН-1964 г. Подписано к печ. 5-Х1-1964г. Форм. бум. 70х^11%. Печ. л. 7,31. Уч.-изд. л. 4,77. Зак. № 833. Изд. № 65. Тираж 1000. Цена 29 коп. Северо-Осетинское книжное издательство, г. Орджоникидзе, ул. Димитрова, 2. Республиканская книжная типография, г. Орджоникидзе, ул. Джанаева, 20.